Text
                    с^ЗязГ’^З^Е^
РАДЗЫРДТЛ
ГУЫРДЗИАГ ФЫСДЖЫТЫ РАДЗЫРДТЫ
ÆМБЫРДГОНД СКЪОЛАЙЫ АСТÆУЫККАГ
КАР СЫВÆЛЛÆТТÆН
ХИРРАУАГТэДАД
СТАЛИИИР
1954


РАССКАЗЫ ДЛЯ ДЕТЕЙ СБОРНИК РАССКАЗОВ- ГРУЗИНСКИХ ПИСАТЕЛЕЙ ДЛЯ СРЕДНЕГО ШКОЛЬНОГО ВОЗРАСТА • (на осетинском языке) ГОСИЗДАТ ЮГО-ОСЕТИИ СТАЛИНИР » 1954
НИНО АГЪНИАШВИЛИ ОМАНЫ БÆЛУÆТТÆ Уасджытæ дыккаг уаст ныккодтой. Оман куы райхъалис, уæддæр ма уыди талынг. Рагæпп кодта хуыссæнæй æмæ йæ дарæс скодта. Абон дæр та <|)æраздæр йæ фыды фыдГеоргийæ. Лæппу йын ду- рыны дон раскъæфта, Георги йæхи ныхсадта æмæ зенгуыртæ цæттæкæнынмæ бавнæлдта, иугæр фыц- цаг бон Оманæн ныфс бавæрдта кæсаг ахсынмæ акæнын, уæд. Оман хоры нæмгуытæ къусы æр- калдта, уынгмæ рауад, Лбæлондоны ’рдæм базгъорд- та æмæ йæ урс хæлæрттæн дуар бакодта. —Дой... дой;.. узæлыди лæппу базырджынтыл æмæ -сын хоры нæмгуытæ калдта. Бæлуæттæ пæр-пæр- гæнгæ æрбатымбыл сты Оманыл, чи йын йæ уæхс- чытыл æрбадт, чи йын йæ къæбæлдзыг сæры- хъуынтыл йæ бырынкъ сыгъдæг кодта, иуæй-иутæ 3
та йын йæ армытъæпæныл æрбадтысты, уымæн æмæ дзы æнхъæлдтой хæринаг. — Сабыр ут, мæ дзæбæх бæлуæттæ, дард ма . атæхут, æз æмæ мæ фыды фыд кæсагахсынмæ цæ- уæм æмæ тагъд æрбаздæхдзыстæм,—дыбал-дыбул кодта лæппу. Базырджынтæ, цыма сæ хицауы ны- хас æмбæрстой, уыйау разыйы хъуыр-хъуыр кодтой æнæрынцой. Уайтагъд фыды фыд æмæ Оман араст сты цадырдæм. Чысыл рæсуг цад, алгъуызон дидинæгæй фæ- лыст, йæ мидбыл худгæйæ касти уыдонмæ, змæ- лыди сабыргай, цыма йæ хъеллаугæнæны схуыс- сын чындæуыд, уыйау. Фæззыгон сыгъзæрин сыфтæртæй гауызау сфидыдта йæ ленкгæнæн уæл- цъар. Æрмæст гуыбыр хæрис бæлас лæууыди, кæ- уæг усау, пыхцыл дзыккуйæ. Фыды фыд æнгуыртæ айтыгъта, Оман та сьтл уаллæттæ акодта, стæй сæ донбыл ныффидар код- той. Оман хæрисы бын æрбынат кодта улæфынæн. Георги та сабыр къахдзæфтæй арастис уæлæмæ, къуылдымырдæм, къæйдурæй арæзт кувæндоны хæлд кæм зынди, уырдæм. Рагон кæй уыди, уый аххосæй æви искæй фыдкъухæй стыр дурын къул къæртгай райхæлди æмæ апырх, хъæддаг кæрдæг фæхæцыд чысыл фæзуатыл, згъæлыдысты дуры къæрттытæ. Кувæндоны фарсыл аныхæстгонд хатæ- ны артдзæсты кæрдæг сзади. Фидар къабузджын зæронд тулдз, рыны бардуагау, кæсы гуырдзиæгты уарзон дидинæгæй конд авдæнмæ, цы ран, чи нæ зоны, цал æмæ цал курдиатджын гуырдзиаджы байрæзти æмæ слæги, зонады цал чиныджы ныф- фыбтой йæ ацы чысыл уаты... 4
Стæй æрцыдысты туркаг ордæтæ: басыгътой æмæ бахсæстой, бынтон ныппырх кодтой кувæндон. Чизоны уый æнæаскъуыйгæйæ сусу-бусу кæны зæ- ронд тулдз, кæнæ уын хъуамæ зæгъон, хъæутæй стæхгæ цъиутæ цы загътой гуырдзиæгты хъæуты зæххытæ æмæ хæдзæрттæ куыд пырх æрцыдысты, уый тыххæй. Æгæрыстæмæй, дуры фæрчытæ дæр бафæлла- дысты æнусон æмырдзинадæй æмæ хæмпæлджын кæрдæгæн дæр ракодтой сæ хабæрттæ. Кувæндонæй къæдз-мæдзы нарæг фæндаг удуæл- дайæ згъоры дæлæмæ, стæй йæ астæуыл дих кæ- ны: иу къабуз дзы’ хъæуы ’рдæм здæхы, иннæ-та чысыл цады ’рдæм, гуыбыр хæрис, кæуæг усау, пыхцыл сæрæй донмæ кæм кæсы, уыцы ’рдæм. Кувæндоны кæрты чи хъазыди, уыцы чызджытæ æмæ лæппутæ хъæлæба кæнгæйæ сымбæлдысты зæ- ронд лæг Георгийыл. Чысыл фæстæдæр бæрзонд урс боцъо зæронд йæ алыварс æрбадгæ сывæллæт- тæн уæззау, фæлæ æрхæндæг хъæлæсæй касти скъуыддзæгтæ Гогебашвилийы „Мадæлон æвзагæй": „Райгуырæн бæстæ мады дзидзи у, Нæй дын абарæн ’ндæртыл, нæ, мæ хур"... Сывæллæттæ гуыв-гуывгæнгæйæ фæлхатт кодтой фехъусгæ дзырдтæ æмæ бызгъуыр гæххæттыты гæппæлтыл мондагæй ныв кодтой гуырдзиаг дам- гъæтæ. Зæронд Георгийæн бинонтæ нæ уыди, нæ йын уы- .ди сывæллæттæ, фæлæ туркæгтæй æфхæрд алы гуырдзиаг дæр уымæн уыдис йæ хъæбулы хуызæн. 5
Уæлдайдæр та сывæллæттæ. Уыдонæн зæронд лæг„ æхсæвы гæлæбуйау, сæ алыварс зылди, фыды рæв- дыд сæ кодта, архайдта уыдон æцæг гуырдзиæгтæй схъомыл кæныныл. Сусæгæй-иу æрымбырд кодта сывæллæтты зæронд Георги, семæ-иу ныхас кодта амондджын бæстæйыл, стыр райгуырæныл, амонд- джын сабитыл æмæ гуырдзиаг зынгæ адæймæгтыл Стыр фендтаг уыди зæронд лæг ацы рæстæджы,. йæ цæстытæ æвзонг цæрдæгдзинадæй æрттывтой^ йæ цæсгом рухс кодта, йе ставд гуыримæ-иу рас^ тад æмæ йæхæдæг дæр уыди, кувæндоны кæрты чи уыд,— бирæ фæндæгты фæстиуæг, уыцы тулдзьг хуызæн. Хур нæма аныгуылди, афтæ сывæллæттæ иугæйт- тæй нарæг фæндагыл куы ’рцыдысты хъæуырдæм^ уæд архайдтой, цæмæй сыл хъæуыхицауы цæст- ма схæцыдаид, кæннод туркаг дыкъахыг сырд хора бон не ’руагътаид Георгийыл, æнæуый дæр æм ал- цæуыл мæсты кодта, алы ’æгъдауæй йæ æфхæрдта^ ницæмæ йæ дардта. „Зиаребайы шайтан, дам, дæ" — чысыл æфсон дæр фаг уыд, цæмæй сырдау йæ- хи ныццавтаид зæронд лæгыл. Георги æнкъардæй баввахсис Оманмæ. Оман йæ уæрджытыл йæ къухтæ æрбатыхта, афтæмæй/бадтн æмæ касти цадмæ. Цæсты сыджы цад! Цы æнахуыр ном ьтл ис, цæ- мæннæ йæ искуы æрымысыд, бафарстаид Георгийы, уый йæ æнæмæнг зондзæн... Оман ауыдта, æнгуыр куыд нынкъуыст, уый æмæ азгъордта. — 0, мæнæ цæйас кæсаг æрцаста,—хъæлдзæгæй. 6
схъæр кодта Оман. Георги кæсагахсæнмæ бацыд, æнгуыр кæсагæй рахицæн кодта æмæ кæсаг кæрдæ- джыты стæлфыд. Оман чысыл къæртайы донæй бай- дзаг кодта æмæ дзы кæсаг ныппæрста. Уайтагъд иннæ æнгуыр дæр базмæлыд... Æртыккаг дæр... Цып- пæрæ^ дæр. Кæсæгты куы бафснайдтой ’ æмæ та æнгуырты дыккаг хатт куы нывæрдтой, уæд Оман рæстæгйей спайда кодта æмæ бафарста Георгийы, цæмæн \хуыйны цæсты сыджы цад, зæгъгæ^ — 0,1 о, уый рагон хабар у, мæ лæппу. — Д^ хорзæхæй, дада, радзур мын æй,—балæгъз- тæ йый кодта Оман. —Хо|рз, мæ хъæбул, хорз. Цæй хъус мæм. Æз дын цы хабар дзурын, уый æрцыд, æлгъыс- таг туркæгтæ Гуырдзыстонмæ фыццаг хатт куы æр- бабырстой, уыцы рæстæджы. Æз дын раздæр хъуа- мæ радзурон куыд ныггæндон кодтой уыдон нæ рæсугъд Гуырдзыстоны. Фæйнæрдыгæй туг лæууы- дис цадау. Адæм хъарæг кодтой, сыгъдысты æмæ пырхгонд цыдысты гуырдзиæгты цæрæн бынæттæ, хæдзæрттæ. Æд уидæгтæ ныццагътой æмæ скалд- той сæнæфсиры къутæрты, фосы цагътой æмæ скъæрдтой Турчы ’рдæм. Адæймæгты, гуырдзиæг- ты та йъæддаг, æнæмбаргæ туркæгтæ цагъартæ скодтой. Скъæфтой рæсугъд чызджыты, сывæллæтты... Кодтой сæ сæхи бæстæм, цæмæй сæ туркаг скодтаик- кой, ферох сын кæнын кодтаиккой’ сæ райгуырæн бæстæ, сæ фыдæлты. 0, æмæ... Иу хатт кæмдæр, цагъайраг сылгоймæг- ты стыр къорд куы фæцæй кодтой Турчы ’рдæм, уæд сæ мæдты æрдиаг дардмæ хъуысти, фæлæ тур- 7
кæгты риуты зæрдæты бæсты дуртæ уыд, сæ хъус- ты нæ хызти мæдты æрдиаг, скъæрдтой, сæ ма- дæлты риутæй кæй фæхицæн кодтой, уыцы чысыл адæймæгты караван. Уыдон æхсæн уыдис иу идæдз усы лæппу—Отар. Мад нæ ныууагъта йæ с^крты, теуайыл бадæг караваны хисдæрмæ бацы!, фæ- лæгъзтæ йын кодта, мæн дæр, зæгъы, акæнут, лæг- кад дын кæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ йæ асхуыстой, æввахс æй нæ бауагътой, æмæ йæ хъæбулы уар- зондзинадæй æрхæндæг мад цыди караваны (фæдыл Дæрддзæф хъæдты æмæадгуыты стонг æмæ!дойны- йæ, цæмæй ма иу хатт уæддæр йæ цæст схæцы- даид йæ ахсджиаг хъæбулыл. Караван бæхтцл æмæ теуатыл цыди, уый та фистæгæй. Йæ бызгъуыр да- рæсы мидæг, хъæдты цæугæйæ йын сындзытæ æмæ къутæртæ йæ цæсгом нытыдтой, йæ дзабыртæ ныскъуыдтæ сты, йæ къæхтæ ныррæсыдысты, ныс- къудтæ сты, фæлæ сын сæ рис не ’нкъардта, размæ тырныдта, афтæмæй йæ æхсæв хъæддаг сырдтимæ бон кодта. Æппындæр ницæмæй тарст, æмæ йын сырдтæ дæр, афтæ æнхъæлут, исты кодтой?. Суанг ма хъæддаг сырдтæ дæр зыдтой уый мад кæй уыди. Æмæ уыдонæн нæ уыди лæппынтæ? Æрмæст æрбабырсæг туркæгтæ не ’мбæрстой, цы уыди мад! Уый та цыди, æрдиаг кодта йæ фыртыл, йæ иунæгыл. Сындæггай æдых кодта æххормагæй, мæстæй æмæ фыр фæлладæй. Æхсæв ын уазал уд- дзæф æмæ улæфт хæлар кодта, стъалытæ архайД- той йæ фæндаг срухс кæныныл, æрттиваг хъæндилтæм худинаг касти, уæлдай рухс % радтын сæ бон кæй нæ уыдис, уый. Хъуынтъыз уыг дæр-иу ферттивын кодта йæ цæстытæ, цæмæй мадæн фæндаг фенын 8
9
кодтаид, сыл бирæгъы цæстытæ дæр ын дæрддзæфæй рухс кодтой,. æввахс æм нæ цыд, цæмæй ма фæ- тæрса... Уый дæр мад уыди, лæппынтыхицау—мадГ Фæлæ туркæгтæ кæм бамбæрстаиккой, цы у ма- ды зæрдæ?! Цыдысты æмæ фосау скъæрдтой æнæ- бон чысыл сабиты... Афтæ рацыдысты уыдон/мæнæ ныртæккæ цад кæм ис, уый уонг æмæ адарддæр кодтой, сæ фæндаг Турчы ’рдæм. Ус сындæггай æдых кодта, йæ хъару сæфти, фæ- лæ дзы уæддæр мады тых уыди. Хæцыдис къу- тæртыл æмæ хылдис хæхтыл, хъæдты нæрыдис йæ хъæр:—мæ хъæбул, Отар! Мæ хъæбул... Мæ хъæ... бул... Æрмæст ма цæсты сыгтæ згъæлдысты, æнæ- аскъуыйгæ къадайау, цæсты сыгтæ цыдысты æмæ чысыл дзыхъхъы æмбырд кодтой. Уддзæф та дар- дæй хаста каравани хъадаманты дзыгъал-мыгъул... Ус хуыссыди зæххыл... Мæнæ йын йæ чысыл .хъæ- бул, йæ Отарыхъо, пъатæй ссур кæндзæн йæ цæсты- тæ, йæ риуыл нынныхæсдзæн йæ рæсугъд лæппу... Мæлæг сылгоймаг æдыхæй йæ къухтæ тылдта уæлдæфы, цыма йæ лæппуйы йæ риумæ нылхъи- вынмæ хъавыд, уыйау. Йæ былтæ та æнæаскъуый- гæнæ, фæлхатт кодтой;—мæ хъæбул, мæ Отар!— стæй ма иу хатт йæхи айвæзта æмеё æнамонд мад амарди... Раст ацы ран... Æмæ дзы аззади, кæуæг усау пыхцыл сæр хæрис... Гуырдзиаг мæдты цæс- сыгтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой, æмæ фæзынди ацы чысыл цад, кæцыйы уый фæстæ схуыдтой цæс- сыджы цад... ^ Зæронд лæг йæ таурæгъ фæци. Лæппу донæйдзаг цæстытæй касти цадмæ, хæрисмæ... Уын дæр си- ю
дзæр куы уыд, мады иунæг хъæбул!.. 0, ацы туг- дзых туркæгтæ!.. — Мæ бон куы бауид, дада, уæд иу бон мæ маст райсин ацы... ацы хъæдтæгтæй фыддæрты... — 0, байрæзай, мæ хъæбул, æнæхъæн адæм цы ракодтой? Афтæ æнхъæлыс . туркаг зæхкусджытæ махау æнамонд не сты? Уыдон дæр æ.фхæрд не ’ййафынц æлдæрттæй? Мах, гуырдзиæгтæ, та ды- вæр æфхæрд æййафæм... Тас сæ бацыд, мæ хъæ- бул, фæззыгон бындзытау хæцынц: зæгъынц, зæгъ- гæ, дам, Туырдзыстоны дзурынц—нæ зæхх, нæ уар- зон æфсымæртæ нæхи хъуамæ уой, чизоны нын рæх- джы исты феххуыс кæной?—ацы дзырдты фæстæ Георги слæууыди... — Азгъор, Х)ман! Уæртæ, æнхъæл дæн, æнгуыр- тæ базмæлыдысты. Уыди декабры хъарм райсом. Хъæуы чызджытæ æмæ лæппутæ фæзы æрымбырдысты, хъæрццыгъатæй хъазыдысты. Къуырдтон карк—лæппу йæ цъиуты хъахъхъæдтй, лæбурæг хъæрццыгъайæ, хъæрццыгъа зæрдиагæй архайдта къуырдтон каркæй цъиу ас- къæфыныл. Сывæллæтты хъæлæба хъал кодта сабыр хъæуы. Скъолайы раз цалдæр стыр лæппуйы фембыр- дысты æмæ сабыргай ныхас кодтой. — Лæппутæ! Шукрийы фыды æфсымæр дысон ссыди Стамбулæй, стыр хабæрттæ, дам, дзы ис. Æнæхъæн дуне йæхи цæттæ кæны Сталины рай- гуырды бонмæ. п
— Шукри, ноджы ма цы загъта Къенан, радзур ма нын сæ,—балæгъзтæ йын кодта Оман. — Радзур нын сæ,— æмхъæлæсæй йæм бахаты- дысты лæппутæ. — Эхх, æфсымæртæ,—сабыргай загъта Шукри,— Къенан дзурын куы байдайа, уæд раст аргъауы хуызæн у. Сымах хъуамæ зонат, Гуырдзыстоны адæм иуылдæр сæрибар кæй сты, уый. Нæ дзы æл- дæрттæ ис, нæ бегаратæ, нæ дæр хъæуыхицæут- тæ, иуь1лдæр æмхуызон сты, ахуыр кæнын, дам, ал- кæмæн дæр йæ хæс у. —Кæсыс, мæн та горæды скъоламæ нæ айстой,— зæрдæрыстæй загъта Оман, — гурджи, дам, дæ, æмæ цы сахуыр кодтай, уый дæр, дам, дын æгæр у. —Гуырдзиаг хуытæ æмæ гуырдзиаг хуытæ, афтæ нæ фæхоны ,нæ молла, куы смæсты вæййы, уæд. —Брр... Мæ цæстытæй мынцæхæртæ ракæлын кæны, афтæ мын ныххафы. мæ сæр,—загъта, чысыл, къæс- хуыр Алим, æмæ тарстгъуызæй алырдæм аракæс-ба- кæс кодта, цæмæй макæцæй фæзындаид йе ’фхæрæг. — Ноджы ма цы загъта Къенан, Шукри?—ба- ’фарста йæ Оман. — Цы загъта, цы, не ’фсымæртæн, дам, амон- джын цард стыр Сталин сарæзта. — Цымæ цал аздзыд у, лæппутæ, Сталин, кæнæ цы хуызæн у? Иу хатт дæр ын нæма федтон йæ ныв,—зæрдæрисгæйæ загъта Оман. —Æз ын æй федтон,—буцдзинад хатгæйæ, загъта Шукри. — Федтай? Кæм, кæмæ?—лæппутæ ноджы æн- 12
гомдæр æрбалæууыдысты амондж^шы алыварс. Шукри фестъæлфыд ,æмæ фæтыхсти. — Зæгъ, Шукри, кæм федтай ныв, махæн дæр æй фенын кæн,—ризгæ хъæлæсæй йæм бахатыд|Оман... Шукри йе ’мбæлттæм радгай бакаст, цым^ йæ фæндыд сбæлвырд кæнын, æууæнкджын уыдысты, æви нæ, æмæ сусæгæй загъта: — Æз ын федтон йæ ныв. Тынг балæгъзтæ кодтон мæ фыды æфсымæрæн æмæ мын æй фенын кодта. Зонут?! Сталины æз стыр, тызмæг уæиджы хуызæн æнхъæлдтон, зæронд Георги нын аргъæутты кæй фæдзуры, раст ахæм, кæфхъуындартыл чи тых код- та... Зæрдæ ризгæйæ кастæн мæ фыды æфсымæры къухтæм, цалынмæ ныв йе тарæй иста, уæд- мæ. Куы йæм æркастæн, лæппутæ, уæд мæ зæрдæ барухсис: хион, гуырдзиаг цæсгом нæм кастис ны- вæй, фыдау йæ мидбылты адджын худт кодта, цы- ма нæм сдзурынмæ хъавыд. 0, æмæ уыцы нывыл йæ райгуырæн бон дæр ис фыст, Къенан банымад- та, зæгъгæ, 21 декабры Сталиныл æххæст кæньг 70 азы. Мæ "ф.ыды æфсымæр загъта: æнæхъæн дуне- бæрæгбон кæндзæн ацы бон, уый, дам, у æппæт æфхæрд адæмы сæрибаргæнæг. Цæхæрцæст лæгшутæ зæрдиагæй хъуыстой, се ’мбал цы дзырдта, уымæ, — Æмæ мах, гуырдзиæгтæ, уæлдай хæсджын стæм Сталинæн раарфæ кæнын, — знæтæй загъта Оман. Кæрты дуарæй рацыд скъолайы хицау æмæ уый фендæй лæппутæ ныппырхысты алырдæм, цыма сæ хъæрццыгъа ныццавта. 13
Сбонис. 21 д^кабр. Оман райсомæй йæ урс бæл- уæттимæ дыгьал-дыгъул кодта. Сыхаг ус Суатайæ <зырх джиппæйфыст хъуымацы гæппæл ракуырдта’ чысыл цыппар къуымоныл æй ныллыгтæ кодта шт стæй лæппуты ’рдæм арастис. Æмбисбон уыдаид, кувæндоны чи æрбамбырди, уыцы лæппутæн Оман хъуыр-хъуыргæнаг бæлуæт- тæ куы байуæрста, уæд. — Амæй уæддæр раарфæ кæнæм . нæхи фыд Сталинæн йæ райгуырдыл 70 азы бон! — Эхх, лæппутæ, æммыст æз дæр бæлон куы фес- тин?—загъта Шукри,—уæд атæхин, ныццæуин не ’фсымæртæм, Гуырдзыстонмæ, æмæ сьш радзурин иæ зындзинæдтæ. — Цæй ныр афон у, бæлвырд,—загъта Оман. Сывæллæттæ ^бæлуæттыл хæрдмæ схæцыдысты æмæ авд бæлоны, æвдай азы нысан кæныны тыххæй, иæрпæргæнгæ сфардæгсты арвмæ. Сæ.уæздан къæх- ты цур чысыл сырх тырысатæ змæлыдысты. Лæп- путæ нарæг фæндагыл уырдыгмæ æрцыдысты хъæ- уырдæм, цы ранæй райхъуысти æхсты хъæр... — Адон иуылдæр дæ митæ сты, зæронд хуы! Аф- тæ амыдтай, æвæццæгæн, кувæндоны чызджытæ æмæ лйеппутæн?—богъ-богъ кодтахъæуыхицау, уый жандармтимæ иумæ бабырста Георгийы кæртмæ.— Кæм ис дæ хъомылгонд куыдзы хъæвдын? Уый бæлуæттæ сты. Йæ уд ын сылвасдзынæн, мæхи къу- хæй йæ ныххурх кæндзынæн. Коммунистон æгъдау уæ &рхъуыди? ы
15
Æнæхъæн хæуы цæрджытæ иуылдæр уыдысты уынгты æмæ кастысты бæрзæндты тæхæг урс-урсид бæлуæттæм, кæцытæм топпы нæмыг æмгæрон дæр нæ цыд, цыма сæ тых сæ бонæй узæлыдысты æф- хæрд гуырдзиæгтыл. . Хъæддаг жандармтæ бакалдысты зæрондмæ æмæ йæ нæмын байдыдтой. Надтой йæ топпы хъæдæй, тымбыл къухæй, ехсæй. Георгийæн йæ урс бо- цъотæ тугæй сырх адардтой, фæлæ иу хъæрзт дæр не скодта. • „Æндæр цы уæ бон у, сырдтæ"!—æрмæст уый дзырдтой æлгъæй семыдзаг зæронды цæстытæ. Адæм кауырдæм бакалдысты. — Зæгъ, кæм йс уыцы дзæгъæлхæтæг калмы лæппын, æндæра дын дæ сæр йæ астæуыл афаддзы- нæн!—фырмæстæй ссырдгонд хъæуыхицау куыд- дæр сцæйиста топп зæронд лæджы сæр цæвынмæ, афтæ кауæй ратæррæст кодта тугисæг Оман æмæ йæ дæндæгтæй ныххæцыди хъæуыхицауы цонгыл. Рыстытæй зæрдæцъæх хъæуыхицауæн ницы амалæй йæ бон у лæппуйы аиуварс кæнын! Оман афтæ фидар^ныссагъта йæ дæндæгтæ хъæуы- хицауы цонджы, æмæ дыууæ лæджы бон дæр нæ бацис уый аиуварскæнын. Уæд туркаджы галиу къухæй ферттывта хъама æмæ чысыл гуырдзиаджы фарсы фæныхст. Сывæллон ныцух-мухтæ кодта. Оманмæ бауад йæ фыды фыд. — Ай цы бакодтат, тугцъиртæ, нæма бафсæстыс- тут нæ туг æмæ нæ фыдæй, куыйтæ?!— нырдиаг 16
кодта мæстæйдзаг зæронд лæг, æвзонджы цæрдæг- дзинадæй йæ къухмæ фелвæста мæлæтдзаг цæф гуырды, йæ риумæ йæ нылхъывта, кæддæр æй йæ риумæ æлхъывдæй куыд ракодта йæ фыды заууат хæдзарæй, афтæ. Стæй йæ арæхстгай æрхуыссын кодта, рæвдыдта йæ, алгъуызон нæмттæй йæм дзырдта—сдзур, дам, мæм, æмæ-иу уыимæ йæ уа- дултыл цыдысты туг хæццæ цæссыгтæ. Лæппу æрчъицыдта... Ракаст йæ цæстытæй. — Дада! Æз уынын Сталины! Уый йын æз, æз раарфæ кодтон йæ райгуырæн бон... Дада, ардæм куы æрцæуа, уæд-иу ын мæн тыххæй ^адзурут.— Лæппу йæ мидбылты’ бахудти, йæхиуыл рах^ецыд,— Мæ бæлуæттæ,: хъуыр-хъургæнджытæ. ^Сталин...— æмæ æрхауд зæххыл... фырмæстæй бауадзыг уæвæг зæронд лæг нал базыдта куыд ыл æрбамбьтрд сты йæ сыхæгтæ, куыд атте сты хъæуы хицау æмæ жандармтæ... Сæ сæрты та пæрпæргæнгæ, сынд&г тахтысты ныфсджынæй фæзынгæ урс бæлуæттæ, хæрз чысыл сырх тырысатимæ. 2. Радзырдтæ. 1-7
МАРИКЪА МИКЕЛАДЗЕ ЗИЛГÆ ТЫРЫСА 1. Æхсæвы хабар Пионерты лагеры техникон æмкусæг Матикъо (сывæллæттæ ма йæ Тъехтан дæр хуыдтой), цин- гæнгæ фæмидæгис радгæс педагогы уаты æмæ æнæсæрфат хъæр кодта фæсус хъæлæсæй: — Ахуыргæнæг, рацу! Ахуыргæнæг, рацу! Фæстаг хатт ма куы бæрæг кодтон, уæд æппæт дæр уыдис нывыл, рухс никуыцæй калди, лагер уыд бынтон сабыр, пионертæ æнцад хуыссыдысты сæ хуыссæн- ты, „иу æрдæг сахаты бæрц æрхуысдзынæн, фы- нæй нæ бауыдзынæн",—ахъуыды кодта Матикъойы бацыдмæ æвзонг ахуыргæнæг æмæ йæ дарæсы мидæг бафæлдæхтис радгæсы тæрхæгыл. Ахуыргæнæг, цыма Матикъойы хъæрмæ рагæй æнхъæлмæ касти, уыйау. цæрдæг фæгæпп кодта. Йæ сæрыл йæ къух æрхаста æмæ йæ сæры хъуынтæ 18
алæгъз кодта, уый фæстæ йæ халаты сæхджытыл дæр йæ къух ахаста, ома æфтыд сты, æви нæ, уый базоныны тыххæй æмæ дуармæ рацыд.. Фæндагыл Матикъойы афарста: — Цы ’рцыдис, Матикъо? Матикъо йæ фæстæ цыдис æмæ тыхстгъуызæй дзырдта: — Æртыккаг къордæй знæт сусу-бусу хъуысти, лæппутæ кæрæдзи надтой... Рухс ссудзын мын нæ бауагътой... Чи кæй надта, уымæн ницы бæрæг уыди. Куыд æнхъæл нæ уыдысты, афтæ сабырæй бай- яæфтой æртыккаг къорды цатыр. Уыдонæй алчи дæр, уасæгойау, нынныгъуылдис уаты. Раздæрау ныр дæр уыд талынг. Кæттаджы чы- •сыл фæрссæгтæй цы рухс калди, уымæ дзæбæх зындысты хæрзæхсад хуыссæнты дыууæ фæлтæры яемæ се ’хсæн уыди стол, йæ алы фарс бандæттæ æвæрд, афтæмæй. Цатыр уыдис æнцад, æнæунæр Кæттаджы бын æмбæхст цъырцъыраг дæргъвæтинæй ахæм уаст кодта, æмæ ахуыргæнæг ахъуыды кодта; „Матикъо æвæццæгæн фыны федта пионерты знæт сусу-бусу". Фæлæ уалынмæ йæ хъустыл ауад ца- тыры иу къуымæй кæйдæр сусæг кæуын, æмæ йæм уайтагъд хæстæг бацыди. Чидæр куыдта йæ хъæц- цулы бынæй. — Уый ды дæ, Шавгулидзе? Дзуапп нæ райхъуыст, фæлæ кæуын фенцад. — Шавгулидзе, ме ’рдæм-ма ракæс! Хъæццул не змæлы. Шавгулидзе сыбыртт нæ кæны. 19
— Рамаз!—йæ номæй йæм бадзырдта ахуыргæнæг. Хъæццулыл фæхæцыдис æмæ сабийы сæр райгом кодта. Рамаз Шавгулидзе фынæй æфсон скодта, йæ цæстытæ тых цъынд ныккодта, фæлæ йын ахæм æфсонæй ницы рауади. Дардæй зынæг электры рухсмæ ахуыргæнæг дзæбæх рахатыдта, лæппуйы цæсгом кæй змæлыдис æмæ йгæ цæсты бынтæ цæссыгтæй хуылыдз кæй уыдысты, уый. —Рухс!—уайтагд фæхъæр кодта ахуыргæнæг æмæ фæджих уæвгæйæ, техникон кусæг фæзылдта элек- тры судзæн. Столы сæрмæ ауыгъд стыр электры цьтрагъ ферттывта æмæ цатыр ныррухси. Рамаз та фæстазмæ йæ цæсгом хъæццулы бын фæкодта. Ахуыргæнæг иннæ хуыссæнтыл дæр йæ цæст ахаста. Алкæмæн дæр йæ цæстытæ цъынд уыдысты (рухсмæ дæр сæ ничи райхъали), алчи дæр сæ æнæзмæлгæйæ хуыс- сыдис. Фæлæ сæ алчи дæр цæйдæр тыххæй хуыссыд уæлгоммæ, сæ къæхтæ æмрастæй, цыма иу хаххыл лæууынц, уыйау., Ахуыргæнæг фæфиппайдта, уы- донæй иу дæр фынæй кæй нæ уыдис, уый. — Рамаз, ныртæккæ скæс дæ цæстытæй! Рамаз бамбæрста æндæр гæнæн кæй нал уыдис,. уый, ахуыргæнæджы бæзджын хъæлæсы айзæлдмæ сирд кодта цæссыгæй семыдзаг цæстытæ æмæ ахуыргæнæгмæ фемдзастис. — Рабад! Рамаз æвæндонæй аппæрста йæ хъæццул æмæ йæ сынтæгыл рабадти. Лæппутæ дæр арæхст- гай сæ цæстытæй ракастысты æмæ иугæр ахуыр- 20
гæнæг уыдонмæ чъылдымыздæхтæй лæууыд, уæд сæ сæртыл дæр хæрдмæ схæцыдысты. — А, дæ ц&стытæ асæрф!—æмæ ахуыргæнæг хи- сæрфæн балæвæрдта Рамазмæ.—Ныр мын зæгъ, цæ- уыл кæуыс? Шавгулидзе æнæдзургæйæ йæ цæссыгтæ сæрфта. — Цы ’рцыдис ам ? Шавгулидзе ноджы æнæдзургæйæ йæ цæсгом хисæрфæнæй афтæ тых хафт кодта, æмæ йæ цæсгом цæхæрайау ныссырхис. -- Æгъгъæд у, дæхи ма уал æфхæр,—загъта та ахуыргæнæг,—æрбакæс ма мæм!—йæ роцъойыл ын схæцыдис æмæ йын йæ цæстытæм нымдзастис,— зæгъ, цы ’рцыдис? — А... Ницы, ахуыргæнæг. — фæуæндондæр Ра- маз. — Мæнг ныхас ма зæгъ, дæ зæрдыл дар, пионер кæй дæ, уый. Шавгулидзе та йæ сæр уырдыгмæ ауагъта. — Нæ йæ зæгъдзынæ? Уæдæ дын æй зæгъдзы- нæн. Фæнадтой дæ, афтæ нæу? — Афтæ у,—сдыгъалдыгъул кодта Шавгулидзе. — Чи дæ фФнадта? — Нæ йæ зонын... — Куыд æй нæ зоныс, де '’мбæлтты нæ зоныс? — Нæ йæ зонын... Ахуыргæнæг, зонгæ йæ кæнын, фæлæ дын æй нæ зæгъдзынæн, ма мæ фæрс! — Æвиппайды сдзырдта лазппу æмæ, йæ уæндон ныхасыл фæсмонгæнгæйæ, йæ сæр базы нытъыста, Ахуыргæнæг цатырыл йæ цæст ахаста. Лæппутæ сæ цæстытæ тых цъынд бакодтой æмæ æнæзмæлгæ- йæ хуыссыдысты. 21
„Фынæй нæ кæнынц!Фæлæ ацы æнафоны хъуыд- даг бæлвырд кæныныл не схæцдзыстæм."—ахъу- ды кодта ахуыргæнæг. * —Хорз,—загъта уый,—ууыл райсом æрдзурдзыс- тæм, ныр уæ бон у фынæй кæнат. Ахуыргæнæг рухс ахуыссын кодта æмæ Матикъо- имæ иумæ цатырæй рахызтысты. Ахуыргæнæг æнæ- хъæн æхсæв бонмæ цатыры алыварс зылди. Æртык- каг къорд уыдис сабыр. 2. Рамаз æмæ йæ уацар Ацы хабар цатыры куы ’рцыди, уый размæ та уыди ахæм цау: Рамаз Шавгулидзе, кæнæ фæсномы- гæй „Чъинкъа", уыдис тынг фыдуаг. Чъинкъа йæ уымæн схуыдтой, æмæ нæ уыдис ахæм хæйрæгдзи- над, уый кæй нæ сарæзтаид. Фыд ын нæ уыдие æмæ йæ йæ мæллæг мад йæхи фæндыл ауагъта. Иæ хæстæджытæ-иу ын куы дзырдтой, уыцы лæппуйæн йæ ных цæуылнæ бакъуырыс, зæгъгæ, уæд-иу мад скуыдта: -— Цы кæнон, ацьт иунæг лæппуйы еттæмæ ни- цы цæуы мæ уæзæгыл, æмæ йæ куыд фехсойон. Азтæ йыл куыд ацæуа, афтæ йæхæдæг фембаргæ уыдзæнис. Фæлæ Рамазмæ „æмбаргæдзинадæй" ницы зынди. Горæды-иу уыдис æмæ дзы сыхæгтæ фæлмæцы- дысты. Кæмæн-иу йæ фæрссаджы æвгтæ ныцъæл код- та, кæуыл-иу дыккаг уæладзыгæй дон æркалдта, ома æнæбары, кæмæн та-иу стыр пурти йæ къæхты бынмæ баппæрста æмæ-иу æй фæтæрсын кодта, кæд- 22
иу ын исчи бауайдзæф кодта, уæд-иу хатыр раку- рыны бæсты æнæгъдау ныхæстæ дзырдта. Иу хатт æй милицимæ дæр баскъæрдтой, трамвайыл кæй æр- цауындзæгис, уый тыххæй. Ничи зоны, Рамаз пионерты лагермæ куыд ба- хаудис, уый. Æрмæст бæлвырд у Рамаз серйозон ахуыргæнинæгты ’хсæн кæй ис æмæ йæ хæйрæг- дзинæдтæ ам дæр кæй нæ уадзы, уый. Хисдæртæ-иу ын бон фондз хатты уæддæр бауай- дзæф кодтой, æгъдау кæй хæлдта, уый тыххæй, куы-иу йæхи найынмæ ацыдис æнæ бар ракургæйæ, куы-иу хъæдмæ афардæгис, куы-иу йæхи хæслæ- вæрд ныууагъта æмæ-иу искæй хъуыддаджы йæхи. тъыста. Сæрибар рæстæджы-иу нæ дæр йæхæдæг улæфыдис, нæ дæр æндæртæн лæвæрдта улæфыны фадат. " • Лагермæуыдис зилгæтырыса—„Раззагон къордæнл, æмæ уый райсыны тыххæй удуæлдай тох кодтой пионертæ. Ацы тырысайæн искæцы къорды къухты бафтæн уыдис æрмæстдæр уæд, кæд æмæ пионер- ты къорд æгас къуырийы дæргъы иу хатт дæр нæ фехæлдтаид боны фæтк, кæд уый алы хæслæвæрд æнæ- зивæг æмæ цæсгомджынæй æххæст кодтаид, уæд. Пионерты хисдæр раздзог Шота ахæм фæтк æры- вæрдта: алы изæр дæр къордæн фыст куыд цыдаид плюс кæнæ минус. Цæвиттон, кæд æмæ нионерты къорд æнæхъæн боны дæргъы куыд æм- бæлы, афтæ уыдис, уæд уымæн изæры фыст æрцы- даид плюс. Фæлæ кæд къорды уæнгтæй исчи боны фæтк фехæлдтаид, кæнæ-иу исты галиудзинад са- 23
рæзтаид, уæд-иу æнæхъæн къордæн фыст цыдис минус. Иу къуырийы фæстæ-иу къорды совет, ба- хыгъта плюстæ æмæ минусты ньг^æц æмæ-иуплюс- тæ фылдæр кæцы къордæн уыдис, зилгæ тырыса- иу уый райста стыр цинимæ. Ционертæн сæ зæрдæмæ тынг цыдис ацы фæтк. Ам исты рæдыддзина д æруадзæн нал уыдис æмæ-иу уæд тырыса дæр цыди иу кг>ордæй цннæ Шэордмæ. йыртæккæ уыцы тырса фидауын кодта чызджыты’ къорды. Æртыккаг къордь! лæппутæ аскъуыддзаг- кодтой, цыдæриддæр уа, уыцы тырыса нæ цатырьт сæрмæ хъуамæ сфæйлауын кæнæм, зæгъгæ. Уыцы тырыса къухты бафтынæн ныртæккæ уыдис стыр нысаниуæг, уымæн æмæ лагер æхгæд цыдис. Æмæ уыцы тырысайы ныр йæ къухты чи райстаид, горæдмæ дæр æй уый ахастаид. ^Æмæ куьтд хорз уыдаид, куыд цин кодтаиккой сьтвæллæтты зæрдæ- тæ, уыдон машинæ æд тырьтса сæрсæргæнгæйæ куьт згъордтаид Тбилисийы ’рдæм, уæд. • Уыцы бон радгæс уыди æртыккаг къорд. Къордьт хисдæр алкæмæн дæр йæ бьтнат бацамыдта: фондз лæипуйы хæринагаразæндонмæ ацыдысты хæрйнаг аразæгæн баххуыс кæнынмæ, дыууæ лæппуйы кул- дуары хъахъхт>æнæг æрлæууыдысты, æртæ дзьт баст- дзинады кусджытæй æрцыдис нысангонд, фондз та лагеры сыгъдæгдзинадмæ хъусдарæгæй, фондз— хæрæндоны, фондзæй та æд фæрæттæ хъæдма^ ацыдысты пыхсытæ æрхæссынмæ. Ацы фондзьт ’хсæн уыдис Рамаз Шавгулидзе дæр. Лæппутæ куыддæр хъæдмæ бацыдысты, афтæ Ра- 24
маз иу стыр тулдзы аууон бафæлдæхтис æмæ рай- дыдта йæ диссаджы „проекттæ" аразьтн. — Лæппутæ, зонут цы уын зæгъон? Ацьт бæндæн- тæ кæрæдзийыл бабæттæм æмæ сæ хъеллаугæнæн саразæм. Мæнæ ацы тулдзæй цы хорз цонг рацыдис! Æцæг дæр’ тулдзæй, цыма адæнмаг йæ цонг ра- даргъ кодта æттæма^, уыйау ракъабуз кодта иу стыр цонг æмæ йыл хъеллаугæнæн дæр хорз сырæзтаид, фæлæ лæпнутæ нæ тырныдтой уыцы проектмæ. — Хъеллаугæнæн!.. Æндæр нæ ницы ’ндавьт?— фæхудти йыл фондзьт хисдæрæй æрвыст чи уыдис, уыцы пионер Нодар Цибадзе.—Рæхджы дыл боцъо- тæ æдæ рихитæ разайдзæнис, • афтæмæй ма хъел- лаугæнæныл хъуыды кæныс! Рамаз йæ фындзы бын асгæрста. — Рихитæ нырма дард сты!—ацы ныхæстæ дзур- гæйæ ахæм хуыз равдыста æмæ йæ худæг ничи уал баурæдта, — хъеллаугæнæн цы не ’ввæрсинаг хъуыддаг у? — Æнæввæрсинаг уьтмæй у, æмæ нæм хæринаг ара- зæндон цъыхырытæм æнхъæлмæ кæсы!—ныр æмНо- дар дæр фæхъыг пс,- -аходæн афон хæрæндонмæ негасæй раздæр дт»т куьт фæцæйзгъорыс. — Уый раст у,—сабырæй сразы ис Рамаз,—раст зæгъын хъæуы!—æмæ иугæр йе ’мбæлттæ куьт рай- дыдтой цъыхырытæ æмбырд кæнын, уæд уый дæр йæ бынатæй уæззаугай растадис æмæ рывнæлдта кусынмæ. Дыууæ-æртæ хус къæцæлы куыддæр æрбам- бырд кодта, афтæ, йæ синтьтл нæ къухтæ авæргæйæ, уæззау ныуулæфьтдис: 25
— Цыдæр мын мæ астæумагъз сæтты, уыцы дзæгъæлзад! Æвæццæгæн æвзæр бон скæндзæнис!— зæронд лæджы хъæлæсæй загъта уый. Æвиппайды йе ’нгас афтæ фендæргъуызон кодта, цыма хæринаг- гæнæг хæларзæрдæ зæронд дада Уасо уыди. Лæп- путæ фыр худæгæй афæлдæхтысты. — Ма нæ фæстиат кæн, сæфтдзаг!—бадзырдта йæм Нодар, йæ худæг ма тыххæй урæдта, афтæмæй. — Лæппутæ, зонут цы уын зæгъон?—фæуæндон- дæр ис Рамаз. Ацы пыхсытæ нын никуыдæм аир- вæздзысты: дада Уасо дæр уал фæлæудзæнис. Донмæ нæхи айсæм. Уым дзæбæх нæхи фæнайæм æмæ ст&й уæд хуыздæр бакусдзыстæм. Йе ’мбæлтты зæрдæмæ та нæ фæцыд ацы „проект" дæр. Бæзæрхыг, саулагъз лæппу Джондо йæм йæхй афтæ тынг фæтызмæг кодта, æмæ Рамаз хорзау нал фæцис. —<А'м æрлæу, æндæра дæ æз фæнайын кæндзы- нæн. Фондз минусы нын иумæ райсын кæнай, уый дæ фæнды? Рдьмаз банцадис, иугæр ын йæ ныхас куы нæ суагъ- той, уæд. Джондо ма йæм иу хатт йæ цæстытæ фæ- хъулæттæ кодта æмæ хъуыр-хъуыргæнгæ сдзырдта: — Тырыса нын ма фесафын кæн, æндæра дын æз бацамондзынæн!—уый фæстæ йæм йæ чъылдым фез- дæхта æмæ пыхсытæ агурынмæ ацыдис. Рамаз иунæгæй фæхицæнис. Тынг фæхъыгис йæ хæ- лар Джемалмæ. Уый нæ дæр йæ фарс фæхæцыдис* нæ дæр æй хъуыды æркодта, Джондо йыл афтæ тынг куы абырыдис, уæд. ?в
Рамаз нарæг фæндагыл цæугæдоны онг ныххæц- цæис, фæлæ найыны фæнд нæ кодта. Йæ хъустыл уадыстыДжондойы æртхъирæнтæ: „Æз дæныннайын кæндзынæн дзæбæх" æмæ Джондо йæ ныхасы хицау кæй уыдис, уый та алчи дæр зыдта. Рамаз, хъуыдыты ацæугæйæ, цæуылдæр фæллæу- уыди æмæ æвиппайды фесхъиудта, уырдыгмæ æркастис æмæ хæфс ауыдта. Рамаз хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй хæфс йæ къухмæ систа. —Дæ цæстытæ цæмæн цъынд кæныс, мæ хæ- лар?—дзырдтаРамаз хæфсæнæмæ йæ йæхæдоны фæд- джийы тыхта.—Ма тæрс, хæргæ дæ нæ бакæндзынæн. 27
Хæфс францæгтæ хæрынц, уый дæр æрмæст йæ къæхтæ. Æз францаг нæ дæн, æз гуырдзиаг дæн, Рамаз Шавгулидзс! Бамбæрстай, мæ хæлар? Иу къухæй йæ хæдоны фæдджийыл хæцыдис, иннæ къухæй йæ дзыпп сгæрста, хисæрфæн дзы агуырдта, фæлæ ницы ссардта, хæдзары йын баззад- ис. Рамаз фæтыхстис, нырма цыхъуамæ кæна?фæлæ бираз нал фæхъуыды кодта. Иæ урсурсид кæт- таг худ систа йæ сæрæй æмæ дзы хæфсы нывæрдта, стæй йæ дзæбæх батыхта, цæмæй йæ уацар ма сгæпн кодтаид. Хæфс Рамазы цæмæн хъуыдис, урлй йæ- хæдат^дæр нæ зьтдта, фæлæ йыл арæхстгай хæцы- дис æмæ йæ хъахтэхъæдта. Нодары хъæр æм æрбайхъуысти. Иæ тыхтон зæх- хыл авæрдта æмæ тагъд- тагъд райдыдта цъыхырытæ æмбырд кæнын. Уый-иу йæ урс тыхтоныл йæ цæст ахаста,, хæфс тæлфыдис æмæ зыр-зыр кодта. — Цæуылнæ улæфыс?—Рамаз та дарддæр кодта йæ ныхас хæфсимæ,—эх, цæй дзæгъæлы фыдæбон кæныс? Ды дæр Рамаз Шавгулидзе дæ мийаг? ■—Рамаз! А-у-у-у!—дыккагхаттта ньтэхъæр-кодта Нодар. — Фæцæуын! Фæцæуын!—ахъæр æм кодта Рамаз, æвиппайд абаста цъыхырытæ æмæ сæ йе ’ккой акодта... цъыхырыйы баст тынг хус разындис. „Цъус сты"—ахъуды кодта Рамаз, фæлæ ууыл дæр тынг рыстис йæ зæрдæ. Йæ чысыл тыхтон йæ къухмæ систа æмæ йе ’мбæлтты ’рдæм ацыдис. Лæппутæ йæм хъæдгæрон æнхъæлмæ кастысты. 28
— Лæппу, ацы иу армы дзаг цъыхырыты тыххæй фесæфтай дæ сæр уæдæй нырмæ?—худтысты йыл йе ’мбæлттæ. Рамаз сын дзуапп нæ радта. Се’ппæты дæр разæй ауагъта æмæ йæхæдæг сабыр къахдзæф- тæй цыд сæ фæстæ. Нодар æм æрлæууыдис. — Дæ худьт та цы стыхтай?—бафарстайæ Нодар. —Пицы... Згъæр дуртæ æмбырд кодтон,—сайдта йæ Рамаз. —Æмæ дын худ уый тыххæй у, цæмæй дзы дуртæ æмбырд кæнай?—бауайдзæф ын кодтаПодар. —Цæй, æгъгъæд у, дæ уайдзæфтæй мæ хъустæ фæ- хуынчъытæ сты!—мæстыйæ йын загъта Рамаз æмæ аразæй ис. Лагеры онг лæппутæ дзæбæх фæцыдысты. Дада Уасойæн лæппуты ’рцыдмæ æнхъæлмæ кæсын йæ бон нал уыдис. Иыр дæс хатты афарста радгæс пионерты: — Иæма зынынц уе ’мбæлттæ ? Уыцы скъуыинæгтæ кæм фесæфтысты? Уыцы хъæлæбайы Рамаз сусæг- æй йæ дæларм акодта йæ тыхтон æмæ хæринаг- аразæн уатæй фæаууонис. 3. Фæтыхсты сахат Аходæн афон ссис. — Ру-тъу-тъу-тъу, ру-тъу-тъу-тъу, ру-тъу-тъу- тъу, ру-тъу-тъу-у!—райхъусти аходæн хæрынмæ си- дæнуадындзы хъæр. Хурмæ сыгъд сыгъдæг, сæрфаст æмæ хæрз æхсад&й къордгæйттæй цыдысты пионер- тæ аходæнхæрæн залмæ. 29
Аходæн хæрыны рæстæджы-иу алы къордæн дæр уыдис йæхи сæрмагонд бынат. Æртыккаг къорды фынг уыдис рудзынджы цур. Уырдыгæй лæппутæ кастысты пионерты лагермæ æмæ дард цъæх-цъæ- хидæй æрттивгæ хъæдмæ. Радгæс пионертæ уай- тагъд райуæрстой хæринагæй йедзаг къустæ. Фын- дзыл æмбæлдис хæринады адджын тæф. Нырма бай- уæрстой харчо*—сырх дидинæг æмæ цывзыйæ хорз хъацæнгондæй, уый фæстæ тъолма**, фæстæдæр та—десерт***. Буцтæгæнæг дада Уасо хорз хæринæг- тæ, сцæттæ кодта. Æртыккаг къорды ныхмæ бадтысты чызджытæ. Рамазы комкоммæ бадтис Лали Давлианидзе. Уый уыдис даргъкъах, даргъдзыкку æмæ кæддæриддæр худæндзаст. Рамаз ам дæр сабыр нæ лæууыди, йе •’мбæлттимæ быцæу кодта. Столы бын йæ къæхтæ кæ- рæдзийыл хоста, куы та-иу дзулы фæлмæн йæ къу- хы стымбыл кодта æмæ-иу куыддæр радгæс разамы- надгæнæг иннæрдæм фæзылдис,- афтæ сæ чызджы- тыл æхста. Фæстагмæ галиу митæ кæнынæй дæр сфæлмæцыдис. Тæвды тыхстис, йæ худ систа æмæ йæ йæ цæсгомыл тылдта. Æвиппайды Лалийы йæ худæг нал баурæдта. Йе ’мбæлтты ’рдæм адзой кодта æмæ сын цыдæр адзырдта. Чызджытæ сæ сусу-бусу æмæ сæ чыр-чырæй нал æнцадысты. Лæппутæ не ’мбæрстой, чызджытæ цæуыл худты- сты, уый æмæ дис кодтой. Цы хуызæн сты ацы чызджытæ! Дæ фыдгулмæ уыдон фæкомкоммæ уæнт! *Харчо—хæринаг, арæзт вæййы дзидзайæ. ** Тъолма 1 » *** Десерт ) УЫД°Н ДæР хæринæгтæ. ЪГ
Цымæ ныр цы худинаг федтой?!—фæлæ тагъд ра- бæрæг ис хъуыддаг. — Рамаз, дæ худ дын уыйбæрц цыбаууылдта?— Йæ худæг тыхæй уромгæйæ, йæ афарста Лали, æмæ та чызджытæн чыр-чыр бацайдагъ. Лæппутæ æркастысты Рамазы худмæ æмæ уыдон дæр ныххудтысты. Æцæг дæр диссаджы фендтаг уыдис ацы худ. Ахæм чъизи æмæ æнцълдтытæ уыди, цыма йæ æнæхъæн са^ат рæуæд æууылдта. Рамаз мæстыйы каст бакодта Лалимæ. Йæ десерт æнæхæрдæй ныууагъта æмæ сыстадис. Куыддæр дуармæ фæцæйхызтис, афтæ йыл радгæс ахуыр- гæнæг хæрхæмбæлд фæцис. — Кæдæм, Шавгулидзе, кæдæм? — Тынг ахсджиаг хъуыддаг мæ ис, ахуыргæнæг!— Рамаз уый хуызæн фæлывд ныхæстæ акодта, æмæ йæ ахуыргæнæг нал баурæдта. — Фæлæууæд мынуыцы гæдыеыл Лали, æз уый бахудын кæндзынæн, куыд æмбæлы, афтæ. Æвæц- цæгæн кафын зоны æмæ уымæй буц у,—хъуыды кодта мæстæй судзгæйæ, Рамаз. . Аходæн хæрд куы фесты, уæд пионертæ уынгмæ рахызтысты. *Уыцы рæстæджы райхъуыстис улæфты сахат æвдисæг уадындзы хъæр, цыма сабитæн фы- нæйы зарæг кодта, уыйау. Алчи сæ йæ бынатмæ арастис. Лæппутæ, ас лæгтау, цардысты цатыры, октябр- онты æмæ чызджыты къорд та фæтæн фæрссаджджын дурын хæдзары цардысты. Хæдзар æттийæ уыд уардигъуыз ахорæнæй сæрст æмæ йæ уый тыххæй уардигъуыз корпус хуыдтой. Фæныкгъуыз корпусы та уыдысты хæрæндон, кæсæндон æмæ кабинæтæ. 3}
Куыддæр улæфты сахат æвдисæг уадындзы хъæр фехъуыстис, афтæ уардигъуыз хæдзармæ бакал- дысты чызджытæ. Лали æмæ йе ’ртæ æмбалы Мзиа, Тина æмæ Сули- къо цардысты иу уаты. Лали-иу хуыссыди рудзунг- гæрон. Хуыссæны фарсмæ чысыл скапы сæр æвæрд уыдис, дидинæг1 кæм уыд, ахæм къопп. Къоппыл та æнцой кодта Лалийы мад æмæ фыды хуызист. — Куы зониккат, чызджытæ, хуыссæг мæ куыд ахсы,—дзырдта Лали,—абон диссаджы бирæ бакуыс тон. Лали бирæ уарзта, дзырд „диссаджы"-йæ пай- дакæнын, зæгъгæ, диссаджы стонджы мын у! Дис- саджы хур бон у! Диссаджы хорз хæринаг у! — Лали, тырыса нæ ,къухты куы бафта, уæд арты фарсмæ нæ акафдзынæ?—фарста йæ Мзиа. — Куыд нæ акафдзынæн! Диссаджы бирæ уарзын кафын! Ахæм ныхæстæ кæнгæйæ, бацыдис Лали йæ хуыс- сæнмæ. Дзæбæх тыгъд хъæццулыл иуæрдæм ахæцы- дис æмæ... Æбуалгъ хабар! Хъæццулæй ^ъоппæгцæст хæфс рагæпн кодта æмæ Лалийы риуыл бахаудта, йæ фарсмæ чысыл скъаппыл багæпп кодта, къопп рахаудис æмæ лыстæг згъæ- лæнтæ ныццис. Уый фæстæ Мзиайы хуыссæнтæм багæпп кодта, стæй полыл йæ, тъæпп фæцыдис. Ла- лийы буарыл йæ умæл рагъ аныдзæвд æмæ никуы уал фæзындис. — А-а-а!!!—райхъуысти Лалийы зæрдæхалæн цъæх- ахст. Лалршыл ма бахуд, - ме ’взонг чиныгкæсæг! Ды дæхæдæг ахъуыды кæн, хуыссæг дæ куы ахса, дæ »2
сыгъдæг хуыссæнтæм куы баввахс уай, дæ хъæц- дулыл куы рахæцай, æрттивгæ гобанæмбæрзæн æмæ æлгъаг, фыдуынд, æнæзæрдæмæдзæугæ хæфс куы бахауа дæ уæлæ, уæд нæ ньщъæхахст кæндзынæ? Æз зонын, ды кæй ныцъæхахст кæндзынæ æмæ стæй цы хуызæн?! Хæфс Мзиайы хуыссæнтæм куы багæппкодта, уæд уый ноджы тынгдæр нырдиаг кодта. Тина æмæ Суликъо хабар дзæбæх нæ бамбæрстой, фæлæ уыдон дæр се ’рдйагæй уат сæ сæрыл систой. Ацы цып- пар чызджы тыхст хъæрмæ æгас корпусы уæвджы- тæ "сæ къæхтыл слæууыдысты. Цæй корпус! Алы ’рдыгæй æмбырд кодтой пионертæ, сæ дарæс æрдæг ласт, афтæмæй. Радгæс ахуыргæнæг æмæ æмбал Шота дæр æрбалыгъдысты. Лагеры хисдæр ас æмæ нард ’ сылгоймаг хъомылгæнæг Нино дæр уым фæ- мидæгис. Хохы хуызæн ус маргъау æртахтис асин- тыл. — Цы хабар у? Цы намонддзинад æрцыдис, мæ хъæбултæ? Ис^и уæ’ басыгъдис?—нырма дуарæй хъæр кодта, тыргъы чи бамбырдис, уыцы сывæл- лæттæм. Хъуыддаг куы бамбæрста, уæд йæ уæрджытæ базыр-зыр кодтой, иу чысыл дуармæ даргъ бандоныл абадтис, фæлæ куыддæр йæ зæрдæ йе муд æрцы- дис, афтæбæзджын хъæлæсæй радзырдта: — Цьг рымбырдыстут, базар у æви? Цæугæут ал- чидæр йæ бынатмæ. Фæлæ цалынмæ алчи æрсабы- рис, алчи æрчъицыдта, цалынмæ пионертæ сæ бы- нæттæм цыдысты, уæдмæ улæфт сахат дæр фæцис. Афтæмæй улæфты сахат рауадис фæтыхсты сахат. 3. Радзырдтæ. 33
4. Чи.фенад кодта улæфты сахат? Чи ’рбахаста хæфс уардигъуыз корпусмæ? Ацы фарст æвзæрыдис алкæмæ дæр. Хйсдæртæ зыдтой октябронтæ кæнæ чызджытæ уый кæй нæ сарæзтаик- кой. Уый тыххæй сæ зæрдæ æхсайдта лæппутæм. Стæй чи хъуамæ уа лæппуты ’хсæн сегасæй æнæгъдау æмæ æнæуагдæр?Кæйзæгъынæй хъæуы, Шавгудидзе. Хисдæртæ дæр уымæ хастой аххрс. Фæлæ æрмæст зæрдæ фехсайгæйæ адæймагæн нæй бафхæрæн. Суанг æхсæвæрмæ дæр пионертæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, Лали тæсæй фæрынчынис. Ие ’мбæлттæ зæрдæрыстæй кастысты Лалийы аф- тид бандонмæ. Лалийы алчидæр уарзта, уæлдай- дæр уый хъæлдзæг, æнæхъыг кæй уыдис, уый тых- хæй. Уый йæ „давлури" кафтæй алкæйы æфтыдта дисы. Чызджытæ йæ уарзтой сæхи удау. Æмæ лæп- иутæ дæр уый хуызæн никæмæн лæгкад кодтой æмæ никæмæ дардтой хæлар цæстæнгас. Лалийыл сегасæй зæрдийæ дæр уыдис Джондо. Джондо Лалийæн уыдис йæ сыхаг. Лагермæ куы цыдысты, уæд дæр ын æй йæ мад фæдзæхста. Лали- пы мад дохтыр уыдис. Уый иу æмæ дыууæ сыха- джы мийаг нæ фервæзын кодта мæлæтæй. — Курæг дæ дæн, мæ хъæбул Джондо, Лалимæ- иу мын дæхъус куыд фæдарай,—дзырдта йын уый,— мæллæг у, уыимæ тынг æнæхъыг, фæлæ тæрсын, исчи мын æй куы фæхъыгдара. Мæ Лалийæн æф- сымæр нæй, æмæ мæн ныфс ис, ды йын æфсымæры лæгкад кæй бакæндзынæ. 34
Ацй ныхæс^ы фæстæ куыд гæнæн ис æмæ Джондо Лалийы хъусдарæг æмæ сæ^ылхæцæг ма уыдаид. Фæлæ Лалийы ньтрма ничи ницæмæй фæхъыг код- та. Джондо Лалийыл кæй ауды, уый-иу æвдыста чысыл хъуыддагæй, зæгъæм, кæд-иу уазалдæр изæр .уыдис, æмæ-иу Лалийы æнæ иалтойæ федта, уæд-иу ын аивæй загъта: —Дæ палто цæуылнæ скæныс ? Уазал дæ бацæудзæн. Æмæ-иу Лали дæр, цыма йæ хисдæр æфсымæры коммæ кастис, уыйау-иу бацыд уатмæ йæ палто хæс- сынмæ. Мæнæ рынчьтн у ныр Лали иу цахæмдæр фыдуаджы аххосæй. — Чи сарæзтаид ахæм нæуаг хъуътддаг?—фарстой €æ кæрæдзи пионертæ. — Уый саразæг хъуамæ лагерæй сырд æрцæуа,— зæрдæ рыстæй дзырдтой чызджьттæ. — Чи уыди, уьтй æрмæстзонгæ бакæнæм, уый ет- тæмæ...—æртхъирæн кодтой лæппутæ. Фæсахсæвæр уыдис сæрдыгон тæрк къæвда. Уын- джы ничи уал хъазьтд. Алкæмæн дæр сæ уыдис æнкъард зæрдæ æмæ сæ æхсæвæр бахæрды фæстæ алчи йæ уатмæ цыдис. Æртыккаг къорд сæ цатырьт уыдысты æмбырдæй. Лæппутæ æнкъардгъуьтзæй бадтысты даргъ бандоныл. Уæддæр фæнд кодтой æгас лагерьт уарзон кафт „Географион викторина" куьт райдыдтаиккой, фæлæ сын нæ бантыстис. Раст уьтцы рæстæдж1>т цатьтры фæтджи байгомис æмæ ла-геры хисдæр хъомылгæнæг Нино æнæдзургæйæ сыхæлдта йæ плас, ацагъта йæ æмæ Гтæ дуаргæрон зæгæлыл æрцау1>тгъта. Стæй столмæ бацьтд хазстæг. ТТино сывæллæттæм худгæ æмæ чырчыр никуы 5з»
кодта, фæлæ йæ цæстæнгас дæр уыдис аудæг æмæ рæвдауæг хуыз. Ныр- уый æлхынцъ æрфыг æмæ мæстыйæ кастис, сывæллæттæн „сбадут" дæр нал загъта иннæ хæттытау. Столы алфæмблай лæууæг сабитыл йæ цæст ахаста æмæ загъта: — Лæппутæ! Ам уе ’хсæн ис иу пионер, кæцы , сарæзта дыууæ æнæуагдзинад. Фенад кодта улæфты сахат æмæ уымæй фехæлдта боны фæтк—уый иу.. Дыккаг уый, æмæ фæрынчын кодта уе ’мбалы æнæ аххосæй. Чи у уыцы пионер? — Нæ йæ зонæм, цытджын Нино, нæхæдæг æй нæ зонæм,—сдзырдтой лæппутæ. — Иу æй зонгæ куы бакæнин, уый еттæмæ...— бæзджын хъæлæсæй дзырдта Джондо. Уый ныхæсты ахæм æртхъирæн зынд æмæ йе ’мбæлттæй алчи дæр барызтис. * Хъомылгæнæг Нино гæзæмæ фæсабырдæр. — Æз хатын, ацы æнæуаг хъуыддаг сымахæн дæр тынг хъыг кæй у, уый,—дзырдта дарддæр уый,— уымæн æмæ уый хуымæтæджы галиудзинад мийаг нæу. Уый у, -развæлгъау кæуыл ахъуыдычындæуыд, ахæм фыдгæнддзинад, æмæ уый хъуамæ мах сса- рæм. Бамбæрстат? — Æмбæрстгонд у!—загъта сегасы бæсты дæр Нодар Цибадзе. — Уæдæ уæ æз курæг дæн, æмæ уын хæс кæнын, аххосджыны куыд ссарат. Нино йæ цæстæнгас ахаста пиоперты мæстæйдзаг цæсгæмттыл æмæ фидарæй загъта: 36
— Сымахæн ацы хъуддаг саразын уæ бон у æмæ йæ аразгæ дæр хъуамæ скæнат. Аххосджын чи у, уый райсоммæ æз хъуамæ зонон. Лæппутæ сæ сæртæ ауагътой уырдыгмæ. —Æмæ ма ноджы уый,—загъта карздæрæй хъо- мылгæнæгНино,—райсом фæсаходæнмæ æз сымахæй бæлвырд дзуапп куы нæ райсон, уæд уæ къорд райс- дзæнис дыууын фондз минусы, ома алчи дæр фæй- нæ минусы. Гъе, уый у мæ фæстаг ныхас. Ацы ныхæсты фæстæ хъомылгæнæг Нино дуары ’рдæм разылди. Йæ плас йæ къухы райста æмæ цатырæи рахызтис. ’Пионертæ сæ бынæтты сагъдæй баззадысты. — Лæппутæ, хъазæн хъуыддаг мийаг нæу дыу: уын фондз минусы!—æнкъардæй сдзырдта сегасæй чысылдæр, бурсæрыхъуын лæппу Резо. * — Афтæ нын хъæуы,— загъта карзæй ’Джондо,— ноджы нын фылдæртæ хъæуы ахæм хъуыддæгты -фæстæ. —Эх, къухтæй куыд аивгъуыдта зилгæ тырыса, нæ фыны дæр æй нал фендзыстæм,—арф ныуулæф- гæйæ, загъта Джемал. Нодар Цибадзе ницы дзырдта. Уый Рамазмæ чзындæггай кастис. Рамаз архайдта ууыл, цæмæй а,хæм æнгас райстаид æмæ алкæмæн куыд бауырнын кодтаид, цыма ацы хъуыддаджы аххосджын нæу. Лæппутæ хъуыддагыл бирæ фæныхас кодтой. Уыцы ныхасы Рамазмæ дæр бахæццæсты. Дæуы еттæмæ, зæгъгæ, уыцы хъуыддаг ничи сарæзтаид, фæлæ Рамаз фæлывд ныхæстæй йæхи раст кодта. Æз, дам, æнæхъæн бон пыхсытæ хæссынмæ уыдтæн, 37
Лалийы хуызæн сæлхæртæм мæн кæм æвдæлди^ зæгъгæ. Фæстагмæ алчи йæ хъуыддаджы уæлхъус æрлæууыдис. Чи чиныг рафæлдæхта, чи та фыстæг фыста. Рамаз мæстыгъуызæй кастис, æвæццæгæн, фæсмон кодта йæ хъуыддагыл. Фæстæдæр йæ зæрдæ куы фæфидардæр, уæд Джемалимæ иумæ доминотæй райдыдта хъазын. Фæстагмæ сæ хъазт афтæ скарз- ис æмæ доминоты хъæр дардмæ хъуыстис. Нодар цатырмæ æрбахизæны лæууыдис æмæ, ца- тыры фæтджиыл иуырдæм ахæцгæйæ, уынгмæ кас- тис. Фæскъæвда арв сирдис æмæ æхсад бæлæстæ электры рухсмæ брилиантау æрттывтой. Нодар æваст фæзылдис æмæ Рамазмæ фæхъæр кодта. — Рамаз, ардæм-ма рауай! — Цы дæ хъæуы!—йæ сæрыл хæрдмæ не’схæцгæ- йæ, сдзырдта Рамаз æмæ ма йæм цы фæстаг доми- но уыдис, уый столыл нытъæгш кодта. — Ардæм рацу, хъуыддаг мæ ис! — Цафон хъуыддаг у, мæнæ мыл арт ирвæзы. Æмбылды кæнын. Нодар столмæ хæстæг балæууыдис æмæ карзæй сдзырдта: — Рамаз!—Рамаз йæ хъазын фæуагъта æмæ Но- дармæ скастис. — Æз дыууадæс азы дæргъы хуыйнын Рамазг цы дæ хъæуы? — Ардæм рауай, дын, зæгъын! — Нодар йæ маст тыхæй урæдта. Рамаз уæззау- гай сыстадис. 38
\ — Цы кæныс, цы фыд дыл æрцыдис, уыцы хъуыд- даг фæстæдæр уым нал уыдаид? . Шодар ын æнæдзургæйæ йæ цонгыл ныххæцыдис æмæ йæ цатыры арф къуыммæ бакодта. 4-Раст зæгъ, уыцы хъуыддаг дæ арæзт нæу?— ты^ худæндзаст æвдисгæйæ, йын загъта Нодар. Цы сарæзтон, æрра фæдæ? Суадз мæ. Æрлæуу-ма, дæ худы цы уыдис тыхт. Цы уыдис? Цы дзы хъуамæ уыдаид? Мæ фарстæн мын фарстæй куы дæттыс дзуапп. Ф^лывд митæ йыууадз! ^— Цы дæ хъæуы мæнæй, цы мæ дæ ныхтæ ныс- сагътай? ;)—Дæ худы хæфс нæ уыд? — Дæ дзыхыл хæц, æнæхъуаджы ныхæстæ ма мыс ? — Ныртæккæ фыстæг ныффысс цытджын Ни- номæ. Ныффысс, куыд ацы хъуыддаг аразæг æр- мæст дæр ды уыдтæ. Науæд мах негас æдзæсгом кæнæм, бамбæрстай? Фыстæг хæсгæ æз акæндзынæн, кæд цæуынмæ зивæг кæныс, уæд. — Фыстæг ныффыссон зæгъыс?—бахудтис Рамаз. — Дæ сæры тæвд ис, æвæццæгæн! Лагерæй мæ фæсурой, уый дæ фæнды, мæ мадæн . йæ зæрдæ куыд аскъуыйа. — Ууыл раздæр хъуамæ ахъуыды кодтаис. Ныр та фысгæ ныккæн. Хатыр ракур æгас лагеры но- мæй, куыд æндæр хатт ахæм æнæуагдзинад нал сараздзынæ. Бамбæрстай? ^ — Бынтон æрра... Цы мыл æрзаддæ? — смæсты ис Рамаз. 39
— Уымæн дыл æрзадтæн æмæ нæ алкæйы сæр дæй лыг кæныс: æз дын куыд зæгъын, афтæ кæд нæ аразыс, уæд мæхæдæг зонын. / — Уæд кæмæн цы ракæндзынæ?—худæгау 4ей афарста Рамаз,—Баныйудздзынæ мæ? / , — Нæ, нымудзгæ дæ нæ бакæндзынæн, æрмæст ^иах- нæхирдыгрнау сраст уыдзыстæм, демæ, дзæгъæлзад цыдæр! / Рамаз тæссæй бакастис ацы ныхæстæ дзурæг]мæ, уый уыдис Джондо.,Джондо сæм афтæ сабырЬш æрбаввахсис æмæ йæ ничи базыдта. ( — Нæ, демæ бафидаудзынæн мæхæдæг!—загъта та Джондо, маёстæй йæ цæсгомыл арт ирвæзгæйæ... — Цы уæ хъæуы мæнæй; цæуыл нæ мæ ныууа- дзут?—загъта Рамаз кæуын хъæлæсæй. Фæлæ ’уыцы рæстæджы радгæс ахуыргæнæг цы- ма Рамазæн æххуысмæ4 æрбауадис, уыйау фæми- дæгис цатыры, тагъд уадындзы хъæр уыдзæни^ æмæ фынæй кæнынмæ уæхи æрцæттæ кæнут, зæгъгæ. Пионерты къорд рæгъыл æрлæууыдысты æмæ сæ- хи æхсынмæ ацыдысты, фынæйы тыххæй уадындзы хъæр уаты æрыййæфта лæппуты. Уыцы бон рад- гæс Резо уыдис. Уый рухс ахуыссын кодта æмæ цатыр ныттальтнгис. Радгæс ахуыргæнæг æрбацы- дис, сеппæтыл йæ цæст ахаста æмæ иугæр æнцад куы фынæй кодтой, уæд фæстæмæ аздæхтис. Раст ацы хабар уыдис уыцы æхсæв æрцæугæ цауы размæ. 5. Æз мæхи мæхæдæг фæнадтон Дыккаг райсом хур куыддæр йæ был сдардта, афтæ уæлдæфы айхъуыстис уæлæмæ стыны тых- 40
хæй уадындзы хъæр. Райдыдта, цатыры алы хатт куыд вæййы, ахæм райсом. Фыццаг вæййы райсомы фæлтæрæн, хи ’хсьтн, палататæ æфснайын, уый фæс- тæ та рæнхъы лæууын, кæцыйæн ис иуыл стыр- дæр нысаниуæг лагеры царды мидæг. Цымыдисæй æн^ъæлмæ кастысты къорды лæппутæ, сæ раздзог æмæ къордты советы сæрдары рапорты фæстæ æм- бал Вахтъанг рапорт куьтд радтаид хъомылгæнæг Нйнойæн, уьтмæ, цы ран уый дзырдтаид, зæгъгæ, лагер цæттæ у райсомы фæтк æххæст кæнынмæ.— „Цы уыдзæнис?—хъуьтды кодтой лæппутæ,—махæй цы зæгъдзæнис хъомылгæнæг Нино, мийаг нын рæнхъы слæугæйæ уайдзæф куы радта æмæ адæмы ’хсæн куы фæхудинаг уæм". Фæлæ хъомылгæнæг Нино æрмæст загъта: афтæ: — Аходæны фæстæ æртьтккаг къорд æрымбырд уыдзысты мæ къабинетмæ. Лæппутæ цъус æнæзæрдæхсайгæйæ сулæфыдыс- ты. Фæлæ хъомылгæнæджы кабинетмæ хуьтнд кæйг уыдысты, уый уæддæр хорз хъуыддаг нæ уыдис. Бæрæг уыдис хылгæнджытæн æмæ змæнтджвттæн уым пъатæ кæй нæ кодтаиккой. Лагеры тьтрыса чысьтлгай сбырыдис бæрзонд хъи льт цъуппмæ æмæ буцæй сфæйлыдта æнæ мигъ ар- вы. Аходæнмæ хоныньт тьтххæй уадындзы цагъд дæр уыдис, къордтæ араст стьт хæрæндоны ’рдæм. Куьт фæтарстис, уьтй фæстæ нырма фыццаг хатт федтой лæппутæ Лалийьт. Уый чызджыты къорды дьтккаг рæнхъьт фидар къахдзæфæй цыдис размæ. Алы хатт-иу куыд уьтдис, афтæ худæндзаст æмæ хъæлдзæг уьтдис ньтр дæр. 41
— Лали, Лали, цы хуызæттæ дæ?—дзырдтой йæм алы ’рдыгæй. ’ — Дзæбæх!—худгæйæ дзырдта Лали,—знон саби- йы тарст куыд фæкодтон! Мæнæ кæйас чызг дæн, æмæ мæ иу чысыл хæфс фæтæрсын кодта. Дйссаджы хæфс уыдис... Хъоппæг цæстытæ!.. Лали æнæмæтæй худтис. Уымæн йæ хъуыды- йы дæр нæ уыдис „чысыл" хæфс кæй хуыдта, уый тыххæй лагеры стыр хæццæдзинад кæй æрцыдис, уый. Аходæны фæстæ æртыккаг къорд хъомылгæнæг Нинойы кабинетмæ бацыдысты. Абон кабинеты радгæс уыдис Лали. Йæ цæстæнгас цахæмдæр тыхст- гъуыз æвдыста. „Æвæццæгæн æй бамбæрста. — Ахъуыды кодта Джондо,—куыд хæлар зæрдæ у! Ноджы мах тых- хæй маст кæны". — Бахизут,—сабырæй сын загъта Лали,—цы уыл æрцыдис, цы хылы сæр уæ хъуыд? Диссаджы адæм стут. Лæппутæ къæмдзæстыгæй бахызтысты кабинет- мæ. Уым ма хъомылгæнæг Ниноимæ уыдис Вах- тъанг æмæ къорды советы сæрдар Гулнара Къи- къабадзе дæр. Пионертæ къулмæ æввахс рæгъыл æрлæууыдысты. Хъомылгæнæг Нино уаты æлхынцъ æрфыгæй рацу-бацу кодта æмæ иу минут Рамазы раз æрлæууыдис. — Бæдæйнаг!—загъта уый æрæджиау.—Тынг мын скад кодтат, сгуыхт хъайтартæ! — „Хъайтартæ" æнæдзургæйæ лæууыдысты. Уы- 42
цы сахат зæхх куы аскъуыдаид æмæ уым куы ныххаудаиккой, уый дæр сæ фæндыд. — Иу æнæуагдзинад кæй сарæзтат, уый уæм фаг нæ фæкастис, æмæ ма йæм дыккаг дæр бафтыдтат^ нæ?—карзæй дзырдта Нино!—зæгъут ма уый цы ’гъдау у? Лæппутæ сæ сæртæ уырдыгмæ ауагътой, хъо- мылгæнæг Нино та ноджы рацу-бацу кодта дыу- уæ ’рдæм. — Хыл пионерты лагеры, мах лагеры! Фæхуди- наг нæ кодтой æмæ нын нæ сæртæ ралыг кодтой! Лæппутæ йæ сæхæдæг дæр бæргæ зыдтой, уый стыр худиналжы хъуыддаг кæй у, уый, фæлæ бай- рæджы ис. Уый тыххæй афтæ тынг рыстысты сæ зæрдæтæ. Уыцы сахат уыдон ахæм уæззау уавæры уыдысты æмæ цыфæнды зындзинæдтæй дæр нæ фæтарстаик- кой ацы фыдракæндæй сæхи сраст кæныны сæрап- пон. Рамаз дæр, уыцы галиу Рамаз, ныр тасы хиды мидæг æвдылдис æмæ тыхстгъуызæй ракæс-бакæс кодта алы :рдæм. Хъомылгæнæг Нино та йæ рацу-бацу фæуагъта æмæ пионерты къорды раз æрлæууыдис. — Чи фæнадта Шавгулидзейы? Лæппутæ сыбыртт нæ кæнынц. — Цибадзе!—бадзырдта хъомылгæнæг Нино Но- дармæ. Уый уыд сегасæй серезондæр æмæ æгъдау- джындæр пионер. — Ды дæр æй нæ зæгъдзынæ? 43
— Мæ бон нæу йæ зæгъьтн, цытджын Нино!—йæ сæрыл не схæцгæйæ загъта Нодар. Лагеры хисдæрæн æхсызгон уыдис Нодар „нæ зонын-"ы бæсты афтæ кæй загъта „мæ бон нæу йæ зæгъьтн?" Кæннод ын мæнг ныхас рауадаид. — Ай мæнг ныхас нæ зæгъдзæн,—разыйæ хъуы- ды кодта уый. —Сымахмæ ис иу æвзæр миниуæг,—дзырдта дард- дæр Нино,—сьтмах хъуыды кæнут, ома æмбалы баны- мудзын æдзæсгомдзинад у. Фæлæ афтæ æнхъæлут, сымахæн уæ къорды худинаджы бын чи фæкодта, уый уæ намысджын æмбал у? Джондо чысыл базмæлыдис, йе ’мбæлттæм зæр- дæ рыстæй афæлгæсыдис æмæ та йæ дзабыртæм нымдзастис. — Уæдæ хорз, сымах æй нæ зæгъут, фæлæ аххос- джын чи у, уымæн кæм ис йæ лæгдзинад, йæ рæ- дыдыл цæуылнæ басæтты. Аххосджын иу къахдзæф размæ ралæууæд. Уæдæ уыцы пионер æцæг тæппуд у!—худæгау зап^та лагеры хисдæр Нино. Ахæм æгаддзинад сфæразын йæ бон нал бацис чысьтл лæппуйæн. Дягондо йæ сæрыл хæрдмæ схæ- цыдис æмæ уæндонæй размæ иу къахдзæф ракодта. Уыцы рæстæдлш Шавгулидзе дæр иу къахдзæф размæ æмæ Нинойы раз слæууыд. — Алчидæр джихауæй аззадис. — Уып та куьтд, Шавгулидзе, ды дæхæдæг дæр фæнадтай дæхи?—дисгæнгæйæ йæ афарста лагеры хисдæр. 44
— Æз мæхи мæхæдæг фæнадтон, цытджын Ни- но, æндæр ничи. — Рамаз къæхты бынæй ахæм улæфт ныккодта, цыма йæ зæрдæ сыппæрста йæ риуæй.— Æз Лалийы хуыссæнты хæфс куы нæ нып- пæрстаин, уæд мæ нæмгæ дæр ничи фæкодтаид. Æмæ уæдæ уый уый нысан кæны, æмæ æз мæхи мæхæдæг фæнадтон. ШавгулидЗе ацы ныхæстæ афтæ фидарæй дзырд- да, йæ цæхæр калгæ цæстытæ афтæ ныкъуылдта, йæ былтæ дæр афтæ счъилтæ кодта, æмæ Гулнара Къакъабадзе йæ худæг нал урæдта.- Йæ кæрæттæ хъулон кæмæн уыдысты, ахæм хисæрфæн йæ цæс- гомыл бамбæрзта æмæ Вахтъанджы фæсчъылдым бамбæхстис. Лагеры хисдæр Нинойы дæр йæ худæг нал баурæдта, æмæ ма лæппуты дæр æндæр цы хъуыдис. Кабинеты ахæм тыхджын хутт бацайдагъ æмæ рудзгуытæ змæлыдысты. Хисдæры кабинеты дуармæ йæ постыл лæууæг Лали тыхстгъуызæц хъуыста, рæстмæ чи нæ хъуыс- тысты, уыцы ныхæстæм. Иугæр зæрдиаг худт куы фехъуыста, уæд ноджы смæсты ис. „Лæппутæ худынц! Цымæ сæ цы худын кæны? Æвæццæгæн, фырмæстæй сырра сты".—Хъуыды код- та чызг æмæ кабинеты дуар сабыргай бакодта. Нæ, æррайы хуыз сæ никæмæн уыдис. Астæуккаг хатæ- ны Нинойы раз фæрсæй-фæрстæм лæууыдысты Ра- маз æмæ Джондо, иннæ лæппутæ та къулгæрон лæууыдысты рæгъыл æмæ худæгæй мардысты. Лагеры хисдæр Нино йæ къухыл хæрдмæ схæ- цыдис æмæ лæппутæй алчидæр фæсабырис. 45
— Лали, ардæм ма рацу!—загъта Нино,—мæнæ дыууæ „хъайтары". — Рамаз, дæуæн дæ зæрдæ фæцæй скъуыдта, Джон- до та Рамазьт фæнадта. Ды та цы тæрхон рахас- таис адон тыххæй? — Ницьт, цытджын Нино,—худгæйæ, сдзырдта Лали, иугæр аххосджынты амонд йæ къухты ис, уый куы базыдта, уæд.—Рамаз æрмæст хъазгæ кедта, уый диссаджы худæг у! Джондо та...—Ла-, ли, æфсæрмгæнгæ, бакастис Джондомæ,—Джондо мæ хæлар у... 0, æмæ ме ’вварс рахæцыдис... Ку- рæг уæ дæн сæ дыууæйæн дæр куыд ныххатыр кæ- нат. — 0, куыд хорз тæрхонгæнæг уаис. Ды цыфæн- ды аххосджыны дæр сраст кодтаис,—худæндзаст æв- дисгæйæ, загъта Нино, йæхимидæг та хъуыды код- та: „0, куыд хорз стут уе ’ппæт дæр, мæ уарзон чзабитæ!" Лали йæ постмæ раздæхтис. Лагеры хисдæр Ни- ■но æмю Вахтъаиг та аххосджынтæн ахæм тæрхон рахастой: æртæ боиы дæргъы хæрæндоны хибарæй хъуамæ бадой æмæ афтæмæй хæрой хæринаг. — Афтæ, иунæгæй бадгæйæ уын фылдæр рæстæг уыдзашпс, цæмæй уæ уагахастæн саргъ кæнат,—нæ ныхазстæм ма бафтыдта Иино,—æрмæст кæд ацы æртæ боны дæргы иунæг уайдзæф дæр нæ райсат, уæд уын бар уьтдзæн уе ’мбæлтты фынгмæ раздæ- хъшæн. Ацы тæрхон дæр, лæг йæхæдæг куьтд æнхъæлы, афтæ æнцон сыххæстгæнæн нæу. Æгас лагеры раз 4К
уыдон чьтсыл фынджы фарсмæ куы бацъуппой, уæд уый; кæй зæгъын æй хъæуьт, ницы рæстæг æрвыст у! Фæлæ лагеры хисдæр Нинойы ньтхас фидар у æмæ ма лæппутæн дæр æндæр цы зæгъæн уьтдис. Кæронбæттæн Æртæ боны фæстæ уыд зилгæ тырыса дæттæн бон. Раст зæгъгæйæ, дзы дæттыны хабарæй ницы уыд. Тырыса фæстæмæ чызджытæн баззадис. Æр- тыккаг къорд тьтрыса нæ райста, фæлæ уæддæр ра- зы уыдысты, ахæм змæстдзинадæй афтæ æнцонæй кæй фервæзтысты, уьтмæй. Æмæ пионерты арты рухсмæ йе ’рвгъуыз къабаимæ Лали куьт кафтадис, се ’мдзæгъд æмæ сæ урайьт хъæрæй бæстæ сæ сæрьтл куьт истой, уæд сæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Джондо æмæ Рамаз, фæрсæй-фæрстæм лæугæйæ, ахæм тыхæмдзæгъд кодтой, æмæ Нодар йæ хъустыл ныххæцыдис. Лагеры хисдæр Нинойьт тæрхоны рахаст хорзы ’рдæм фæцис дьтууæ лæппуйæн. Уыдон уыцы иу- миаг æфхæрд бафидауын кодта, схæлæрттæ сæ код- та. Уый тьтнг феххуысис сæ дыууæйæн дæр. Хæрз- зонд æмæ уæзбьтн ’Джондойы фæзмгæйæ, Рамаз ра- растис. Джондо та-иу Рамазы худæг ныхæстæй хъæлдзæг кодта. Уыдон афтæ схæлар сты æмæ æнæ ■сæ кæрæдзи сæ бон нал уыдис. Ныр Лалийæн уы- дис дыууæ ног хæлары. Бирæ фæкафыдис уыцы изæр Лали. Кафыдис „давлури", „Итиулури", „сим- га", ноджы „данлури" æмæ ма йæ йе ’мбæлттæ 47
ноджыдæр фæкафын кодтой, фæлæсæфынæйы тых- хæй уасæны хъæр æрыйæфта æмæ пионертæй ал- чи йæ бынатмæ ацыдис. Фæрнæй, фынæй кæнут, амондджын сабитæ!
РОДИОН КОРКИА УРС ХÆДЗАР 1. Мах цыдыстæм ног зæххыл, мин азты адæйма- джы къах кæм нæ ма ’ æрлæууыд, ахæм зæххыл,- æнусты цъыфдзаст æнæкæрон тыгъд быдыртыл. Ныр Колхидайы цæрджытæ басур кодтой уыцы цъыфдзæстытæ æмæ ног зæххыл райдыдтой ног цард кæнын. Мах уыдыотæм æртæйæ: колхозы сæрдар Архип, кблхозы агроном Параскева æмæ цыдыстæм цитрус- ты таладон аразынмæ. Уыцы таладоны агроном æмæ сæрдар фæнд кодтой Украинæйæн цитрусы талатæ схъомыл кæнынмæ. —Цымæ Украинæйы дæр араздзысты цитрустæ?— джихæй афарстон æз агрономы. Агроном у бæрзонд, гуырвидыц чызг, йæ хур- сыгъд цæсгом бронзæгъуыз. Куыд бæрзонд дары йæ сæр, куыд мидбыл худт кæны, куыд’ зыдæй кæ- 4. Радзырдтæ. 49
сы ног зæххы цъæх дыргъдæттæм. Химæ скъæфаг уыд йæ бакаст, йæ фердæхт. Æмæ диссагдæр нæу. Уый цъус нæ бакуыста, цæмæй ам ацы дыргъдæт- тæ дидинæг æфтауой. —Цæуылнæ?--дзуапп радта Параскева,—фыццаг мын зæгъ мичуринон зонад, дыккаг та—куыст. Ирд арвæй фæлгæсыд хур æмæ йæ зæрин тынты бын фæкодта Колхидайы. Хуры тынтæ гæрстой уæлдæф, æрттывтытæ кодтой цъæх хуымтыл, дыргъ- дæттыл, нырма бынт.он æнæсаст джунглиты. Бæстæ бынтон ныхъхъус. Ахæм æгуыппæг сабыр- дзинад вæййы æрмæст Колхидайы зæххыл, цыма дзы хъуысы куыд фезмæлыд бæласы къалиу чысыл чъырттымы уæзæй дæр. Куыд сыбар-сыбур кæнынц æввахс тæхгæ гæлæбуйы базыртæ æмæ къæхты бын кæрдæг. Хъæугæрон, доны был, æз æваст ауыдтон чысыл урс хæдзар, украинаг хуызæгмæ гæсгæ арæзт. Кол- хидайы цъæх быдыры—украинаг урс къæс. Цыма уа уымæй диссагдæр! Колхидайы фендæуыдзæн æр- мæст урс дидинæг æмæ ма мит дæр сæдæ аз иу хатт асгары Колхидайы. —Кæцæй фæзындаид хæдзар?—афарстон æз Ар- хипы. —Мах æй сарæзтам,—дзуагш радта Архип. —Цæмæн, ам кæй хъæуы украинаг къæс?—бадис кодтон æз. —Ацы къæсæн ис диссаджы истори,—дзуаппнын радта Архипы бæсты Параскева. Æмæ мын мæнæ цы радзырдта Параскева. Уый уыдис стыр хæсты азты. Хъæуы айхъуыст хабар: æрбакодтой, дам, эвакуиргæндты. 60
Æгас хъæу æрымбырд хъæусоветы кæрты, эва- куиргæндтæ кæм æрбынат кодтой, уырдæм. Уыдон уыдысты 35 хæдзары. Колхозы сæрдар Архип раныхас кодта колхозонтæн: —Хъуыды ма кæндзыстут, цъыфдзастыты феса- •фыныл куыд тох кодтам, уый,—загъта колхозон- тæн; æвæццæгæн ма хъуыды кæндзыстут,' цы стыр хъуыддагмæ бавнæлдтам дæс азы размæ, уый. Сы- мах зонут, ног зæххы тыххæй тох куы сцырын, уæд Колхидамæ æрбацыд æмбал Сталин йæхæдæг, яеркаст нæ куыстытæм æмæнын радта амындтытæ... Колхидайы цъыфдзастытæ басуркæнынæн стыр ны- •саниуæг уыд, канд нæхи Колхидайæгтæн нæ, фæлæ ^æгас бæстæйæн дæр. Раст уый фæдыл мах не’ппæт дæр: фронтмæ чи ацыд æмæ ма ам чи баззад, уы- дон куыстам æнæрынцойæ, фæлæ, мæ хæлæрттæ, >стыр хъуыддагмæ бавналгæйæ, стыр куыст райдай- гæйæ, мах цух уыдыстæм кусæг тыхæй, æмæ нын чи баххуыс кодта махæн уæд? Мах не ’ппæт дæр х:ъуыды кæнæм, стыр æххуыс нын чи бакодта, уый— Микъола Дзюбайы. Ахæм номы ской æмбырдыл айзæлыд: —Зонæм! Куыннæ йæ зонæм! Нæхи Микъола!.. — 0, нæхи Микъола! Уый у Колхида арæзтады кусæг, нæ куысты зындзинæдтæ нын куы федта, уæд нын баныфсæвæрдта кусджытæ æркæнынæй. Уый у Хасаны хæсты хайадисæг, взводы раздæры командир, нæ куысты фронты згъуыд куы федта, уæд сфæнд кодта, цæмæй нын баххуыс кодтаид. Уы- мæн йæ хорз зæрдæ нæ фæлæууыд, ацыд Украина- мæ æмæ уырдыгæй æркодта дыууæ сæдæ лæджы. 51
Уый уьтди æцæг хæлардзинад, ме ’фсымæртæ æмæ мæ хотæ!.. Æмæ кусгæ та куыд кодтой уыдон? Райсæм нæ колхоз: мах тауæм æмæ кусæм 250 гек- тары зæхх-нæмыгон културæтæ. Уыцы зæххæй æр- мæст 9 гектары ис зæронд зæхх, иннæ зæхх у, мах,, Микъола Дзюбаимæ цы цъыфдзастытæ ссур кодтам„ уый... 0, афтæ дæр уæд... Мах цæуæм ныр сур соса фæндагыл. Уый тыххæй дæр хъуамæ бузныг уæм Микъола Дзюбайæ æмæ йæ сыхæгтæй. Ныр та нæ рад у, ме ’фсымæртæ æмæ мæ хотæ. Ныр та сын мах хъуамæ баххуыс кæнæм! Мæнгард знаг бабырста Микъола Дзюбайы райгуырæн бæстæм æмæ йæ райдыдта гæныстон кæнын. Ацы сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ эвакуиргонд сты Украинæйæ. Нæ советон æфсад рæхджы фæтæрдзæн знаджы, фæлæ уал уæдмæ хъуамæ бавæрæм нæ зынаргъ уазджыты. Бакæнæм сын нæ хæдзæртты æмæ нæ зæрдæйы дуæрттæ. Уыдон хъуамæ æнусмæ мысой мах, кол- хидæгты уазæгуарзондзинад. Эвакуиргæндты байуæрстой хæдзæрттыл, мæ мад дæр дзы райста иу бинонты. Уыцы бинонтæ уыдыс- ты: Маря Вережелникова æмæ йæ дыууæ сывæл- лоны. Сывæллæттæй сæ иуыл цыд æхсæз азы, ин- нæуыл та—цыппар. Маря райдыдта кусын колхозы. Сывæллæтты та бакодта мæ мады æвджид. Куыннæ сæ рæвдыдта мæ мад, лæвæрдта сын фæткъуытæ, атъамитæ, неситæ, фыхта сын нартхор. Сывæллæт- тæ-иу исдуг ахъуызыдысты. Куыдтой æмæ лæхстæ кодтой сæ мадæн: ацæуæм, дам, хъæмæ, нæхи урс къæсмæ! —Цом нæхимæ, нæхи урс хæдзармæ! 52
Уыцы рæстæджы, хæсты бонты, мах не’ппæтдæр €тырæй-чысылæй куыстам æнæрынцойæ. Æз рай- <юмæй изæрмæ рахау-бахау кодтон быдырты, дыргъ- дæтты æмæ цæхæрадæтты. Фадат-иу мын куы фæци, уæд-иу аирхæфстон Маряйы сабиты, уыдон та иугæндзон: —Мах хъæмæ фæнды, хъæмæ?Нæхи урс хæдзармæ! Тæригъæд сын кодтон æмæ радзырдтон Архипæн куыд мысынц сывæллæттæ сæ урс хæдзар æмæ йæ фарстон цы сын бачындæуа? Архип мæ акодта хъæусоветы сæрдармæ, Бежанмæ. Зонут Бежаны? 0, уый? Бакастæй цыма уæзбын у, сыгъзæрин!, Каст фæцис институт æмæ æрыздæхт кусынмæ нæ чысыл хъæумæ. Уый у стыр фердæхтджын, сарæзта алгъуызон къордтæ махмæ, рахицæн кодта фæзуат „Лелойæн", бæхы спортæн, хъазæн бынæттæ. Гъемæ уымæн радзырдтам сабиты хабар. Бежан нæм байхъуыста лæмбынæг, стæй йæ фондз <æнгуылдзæй афаста уæлæдарæн нымæты хуызæн йæ <зау сæры хилтæ æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Æз уымæ кæсгæйæ мæхиуыл æрхудтæн æмæ хъуыдыйы ’фæдæн: —Дзæгъæлы фæстиат кæнын лæджы,—загътон мæхинымæр.—Мах иумæ ахуыр кодтам, уый каст «фæци экономикон институт, æз та—хъæууон хæ- дзарадон. Мах стæм æмбæйттæ. Æз уымæй цæмæй зевзæрдæр дæн? Мæнæн мæ бон дыууæ саби баса- <5ыркæнын нæу?,Цы хуыздæр хъуамæ бакæна уый? Кæд сын балхæнын кæна хъазæнтæ. Æмæ сын мæ- хæдæг нæ балхæндзынæн хъазæнтæ? Стæй дæр бынтон æнæвдæлон у, хæсты дуг у, æмæ йæм бирæ 53
хъуыддæгтæ кæсы. Æз та йæм цæйдæр урс хæдзары тыххæй ныйиттæг дæн. Æдылыдзинад, æндæр- ницы! Æмæ Бежан афарста: —Цымæ нæм ис, Украинæйы чи уыд, ахæмтæ? —Куыннæ, куыннæ, фæлæ ацыдысты фронтмæ,— дзуапп ын радта Архип.—Ис ма дзы мæнæ зæронд лæгтæ Гиду, Биту, Сикъо. —Уæдæ уыдон баххуыс кæндзысты. —Цæмæй?—нал баурæдтон мæхи. Фæлæ мын Бежан куы радзырдта йæ фæнд, уæд бацин кодтон. Бауырнæд уæ, афтæ ма бацин кодтон мæ цæргæцæрæнбонты æрмæст дыууæ, хатты: фыц- цаг хатт, фæскомцæдисон куы сдæн, уæд, дыккаг хатт та институт каст фæуыны диплом куы райс- тон, уæд. 3 Дыууæ къуырийы фæстæ Архип æмæ Бежан æрбацыдысты йахмæ. Уыдис æнцад сабыр райсом, æрмæст махмæ, Колхидайы цы хуызæн райсом вæй- йы, ахæм. —Рамбырд кæн дæ дзаумæттæ, Маря?—загъта Бежан Маряйæн,—ног фатермæ дæ арвитæм. —Ног фатермæ?!—бадис кодта Маря,—æз мæхи ам дæр хорз æнкъарын. Æз цæрын хорз адæмимæ. Фæлæ кæд хъæуы?.. Æмæ фæцæуæм уынджы, æз хæссын мæ хъæбысы гыццыл чызджьт, Ма]эя та кæны лæипуйы, йæ къу- хыл’ ын хæцгæйæ. Бежан æмæ Архип хæссынц Ма- 54
ряйы дзаумæттæ, сылгоймаг æд æргъом цæуа, нæл- гоймаг та афтид армæй,—уый Колхидайы худи- наг у. : Æз скъоламæ кæуылты згъордтон, малты сæрты гæппгæнгæ, цыдыстæм раст уыцы фæндагыл. Хорз у уыцы фæндаг. Уыцы цъыфдзæстытæ ныр схус сты, схус ис уынг дæр. Ныр дзы цæуынц автомобилтæ. Цыдтæк æз фæндагыл æмæ хъуыды кодтон: куыд фæкæсдзæн Марямæ ног хæдзармæ бацыд, цы зæгъ- дзысты йæ сабитæ? Маря æнцад уьтдис фæндагыл, ницы дзырдтой сабитæ дæр, ницы дзырдтам мах дæр. Уымæн æмæ мах фæндыди Маряйы æмæ йæ сывæллæтты бахъæлдзæг кæнын. Уымæн æмæ зарæг хорз вæййы репетицийыл нæ, фæлæ йæхæдæг йæхи гъæдæй куы зæлы, уæд. —Æрбахæццæ стæм!—загъта Бежан, цъæх сæрджын чысыл урс хæдзармæ куы бахæццæ стæм, уæд. —Гыцци! Мæнæ урс хæдзар! Нæхи урс хæдзар!— фæхъæр кодтой сывæллæттæ, æмæ сæхи баппæрстой хæдзары цъæх ахуырст фæрссæгтæм. —Æз ма хъуьтды кæньтн, куыд фæджих Маря. Исдуг йæ бон ницы уал зæгъьты бацис фырдисæй, стæй бацыд къæсæрмæ, бакодта дуар æмæ бакасти мидæмæ. Æз æй уый размæ дæр зыдтон, хæдзары къультл ауьтгъд уьтди æмбал Сталины портрет. Къулгæрон уыди сынтæг, хæдзары къуымы урс— пец: къæразьтл хæрзæфснайдæй рæсугъд дардтой тæбæгътæ, фæрссагыл хъуырауы уыдис дидинджы- тæ. Уыдæттæ знон æрцæттæ кодтам мах—æз æмæ Архип. 55
Маряйæн йæ цæссыгтæ æрызгъæлдысты, йæ бон ма баци æрмæст афтæ зæгъын: —0, мæ хæлæрттæ, мæ зынаргъ хæлæрттæ!' Мæнмæ тьшг бахъардта урс къæсы истори æмæ афарстон Параскевайы: —Хорз, уæдæ, хæсты фæстæ Маря куы ацыд, уæд уæм ницы уал æрбабæрæг кодта? —Мах фыссæм кæрæдзимæ,—дзуапп радта Парас- кева.—Æрæджы нæ куырдта цитрусы талатæ, мах дæр ын ныфс бавæрдтам, йæ куырдиат ын кæй сыххæст кæндзыстæм. 4 Æрæджы æз уыдтæн Колхидайы. Мæн бафæндыд, уыцы урс хæдзар цы фæци, уый базонын. Урс хæ- дзар ныр дæр лæууы йæ бынаты. Уым ныр ис та- ладоны кантора. Таладон та дидинæг æфтауы. Уы- дон цитрус бæлæсты талатæй дзæвгар арвыстой Украинæмæ. Талатæ арвыстой Маряйæн дæр, уыцы урс хæ- дзары фыццаг æфсинæн.
К. ГОГИАШВИЛИ ДАТОЙЫ РАДЗЫРД Нæ кæрты, æнгуз бæласы бын, сывæллæттæ æрым- бырд сты æмæ се ’ппæт дæр сæ цæстæнгас аздæхтой Датойы ’рдæм. Дада Георги дæр уыдис уым. —Райдай, райдай!—дзырдтой алы ’рдыгæй са- битæ. —Нæ, фæлæу уал, Дато, æз дæр фæцæуын,—хæ- дзары балконæй бахъæр кодта Мераб, йæхæдæг цырд æрызгъордта асинтыл æмæ Георглйы хъæбысы сбадтис. - Дато йæ къухмæ систа даргъгомау лæдзæг, æрынцой йыл кодта æмæ райдыдта дзурын: —Аивгъуыйгæ хуьщаубоны мæ мæ фыд акодта Самгор фенынмæ. Авчъалайы ’рдæм фæндагыл араст стæм. Машинæйы немæ бадтис мæ фыды хæлар инженер Шалва, Самгоры чи куыста, ахæм. Шалва 57
нын алцы дæр æмбарын кодта. Бахæццæ стæм, йæ? алыварс бæрзонд хæхтæ кæмæн уыдис, ахæм ата- гъамæ. Уыцы атагъайы дардыл чи айвæзтис, ахæм уырдыгмæ хауд зæххы уыдзæнис Тбилисы -дон~ æмбырдгæнæн цад. Ацы бынатæн ис ахæм æвæрд,— загъта Дато æмæ змисы стыр уæрм скъахта. —Мæнæ ам уыдзæнис Тбилисы „денджыз". —Цы хорз у!~дзырдтой сабитæ.—Ацы денджыз- мæ^ цæудзæн Иоры дон канауыл. Йæ мидæг цæудзысты лодкæтæ, афæдз æмæ æр- дæджы дæргъы хъуамæ цæуа канауыл Иоры дон^ цæмæй денджыз байдзаг уа донæй, денджызы алы- варс ма улæфæн бынæттæ æмæ ^дыргъдæттæдæр сырæздзæнис. — Мæнæ ма цы диссæгтæ æрыййæфтон, цы ми кæнынц ацы адæм, денджыз Тбилисы онг дæр æрбакодтой!—загъта дада Георги. — Денджызы кæсæгтæ дæр уыдзæнис ?—афарста Нугзар. — Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзæнис! — Куыд хорз уыдзæни кæсагахсын!—загъта Нуг- зар æмæ Мерабы ’рдæм фæзылд. — Мераб, ме ’нгуыртæ мын кæд мийаг нæ фе- сæфтай? — Фæлæу ^та, нырма цафон æнгуырты кой кæ- ньтс. Датомæ байхъусæм!—фæурæдта йæ Никъо. — Махмæ хæстæг куыстой кусджытæ,—йæ ныхас дарддæр кодта Дато,—фидар кодтой денджызы был- гæрæттæ. Уыцы денджыз донæй куы байдзаг уа, уæд йæ былтæй нæ кæлдзæн?—афарста Мераб. 58
— Нæ, уыцы денджызæй канауты цæудзæни дон. æмæ донхæр цæудзысты æнæкæрон быдыртæ!—бам- барын кодта Дато æмæ дзырдта дарддæр: — Уырдыджы ныццыдыстæм, фидæны денджыз кæм уыдзæн, ууылты згъордта нæ машинæ. Æвип- иайды мæ хъустыл ауад цæйдæр унæр. Акастæн: æмæ цавæрдæр диссаджы машинæйыл мæ цæст схæцыд. Уый бæрц бирæ цæлхытæ йыл уыди æмæ ахæм никуы ма федтон. Уый уьтдис скерепер, зæхх чи къахта æмæ йæ дæрддзæф чи калдта, ахæм ма- шцнæ. Уыцы машинæ донмарæны сыджыт ныккалд- та, æмвæз æй кодта, æрнадта йæ йæ цæлхытæй æмæ фæстæмæ аздæхт. Уый фæстæ нæ фæндаг дарддæр кодтам канауы былтæм æввахс рæтты. Ацы канауæн йæ дæргъ, Тбилисы денджызæй йæ райдианмæ, тынг даргъ. у, æмæ ма Самгоры донхæрæгæнæн дæтты куы- ба- иу кæнай, уæд уый та уыдзæни иуыл стырдæр. — Ох! —бадис кодта Маринæ. — Фæндагыл федтам хæхтыл ауыгъд канау. Фед- там гидроэлектростанцты арæзтад, уыдон аразьтнц Самгоры арæзтады аразджытæ фидæньт Самгори- йæн. Ам ис иуыл рæсугъддæр æмæ аив арæзт хæ- дзæрттæ. Сæ мидæг цæрынц Самгоры стьтр арæз- тад аразæг кусджытæ. Бирæ рæстæджы цыдьтстæм. Фæндагæй æрбазын- дысты Уджармайы фидары хæлддзæгтæ; уыцы фи- дар, дам, раджьт рæстæджы паддзах Вахтъанг Горгасал сарæзта. Уый фенгæйæ, нын бирæ диссæгтæ радзырдта Шалва. 59
Тагъд рæстæджы Самгоры райдианмæ бахæццæ стæм, уым стыр к’уыст æхсыст цæджджинагау. — Доны раидианæй канауыл рацæудзæн Иоры дон æмæ уый фæстæ тоннелы бацæудзæн,—загъта инженер æмæ нæ бакодта, электроны рухс кæм кал- .ди, уыцы хохы бын тоннелы хуылфмæ. Тоннелæй куы рахызтыстæм, уæд Къахеты фæн- дагыл Тбилисы ’рдæм фæбалц стæм. Иу цасдæр рæстæджы фæстæ быдыры мидæг суыдтон æртæ стыр обауы. — Самгорæй зæгъыс ?—афарста йæ Марине. — Фæлæу ма! Зæгъдзынæн дын æй!—загъта %&- то æмæ райдыдта дарддæр: —Рахызтыстæм машинæйæ æмæ тынг стыр обауы цурмæ бацыдыстæм. Ацы æртæ стыр обауы адæм арæхстджынæй сарæзтой; уыдон хуызæн обаутæ, дам, раздæры заманы æфсады раздзæуджыты ин- гæнтыл арæзтой. Зæронд заманы иртасæг ахуыр- гæндтæ, архиологтæ кæй хонынц, уыдон скъахтой иу ахæм обау æмæ дзы ссардтой номдзыд бинонты мыггаджы ингæн—хъæдын хæдзар, æлыгæй конд мигæнæнтæ йæмидæг, афтæмæй. Уыцы ингæныл, ,дам, цыппар мин азы цæуы, зæгъгæ,—афтæ нын бамбарый кодта Шалва; — Цыппар мин азы?—фæдисау сты сабитæ. — Эх, æз æй уæддæр хорз нæ радзырдтон, æн- дæра ныртæккæ Самгоры ахæм арæзтад ис, æмæ ууыл афтæ æххæстæй радзурын тынг зын у!—йæ ныхас балхынцъ кодта Дато. Дада Георги сыстади æмæ Датойы уæхск æрг ’хоста: 60
* — Бæдæйнаг, Дато!—æппæт дæр хорз бахъуыды кодтай. Ех, сабитæ; сымах карæн ма уæддæр куы уаин, бирæ диссæгтæ ма æрыййæфтаин: Самгоры дыргъдæттæ, Тбилисы денджызы ленкгæнгæ нау- тæ æмæ Иоры донæй донхæр чи цæудзæн, уыцы æнæкæрон быдыртæ,—загъта зæронд Георги æмæ сабитыл рæвдаугæйæ ахаста йæ цæстæнгас. — Ды дæр æй æрыййафдзынæ, дада, æрййаф- дзынæ,—зæрдæ хъæлдзæгæй загътой сабитæ æмæ уарзон зæронды алварс æрбамбырд сты.
ДОНБЫЛГÆРОН Уыдис изæрмилтæ. Пионертæй æмæ ахуыргæнджытæй емыдзаг ма- шинæ, уынгæг комы фæцæйцæугæйæ, æвиппайды дзыхъ лæуд фæкодта, цыдæр дзы фехæлд. — Тагъд сцæттæ уыдзæн?—афарста Тедо шо- феры. — Ныртæккæ,—райхъуысти дзуапп. Фæлæ æрбадымдта дымгæ, мигътæ арвыл æрба- чымбыл сты æмæ райдыдта уарын. — Цы ми ма бакæнæм?—бафарста хæринагаразæг Разден. — Цы гæнæн ис, зынаргъ Тедо. — Бæлæсты бын уал нæхи уæддæр бааууон кæ- нæм,—дзырцтой сабитæ. Тедо бардзырд радта æмæ цæсты фæныкъуылд- мæ машинæ раафтид. Сабитæ сæ фæндаггæгтæ æмæ сæ дзаумæттæ бахастой доны был стыр æнгуз бæ- ласы бынмæ. ’ Къæртайæ калæгау уарын райдыдта, 62
Сабитæ цæрдæг февнæлдтой æмæ сæ цатыртæ айтыгътой, æхсæвæр бахордтой æмæ сæ алчи дæр йæ хъуыддаджы сæр æрлæууыди: фæндаггæрон цы- рагъы рухсмæ чи шахматтæй хъазыдц, чи къулы газет цæттæ кодта. Æрмæст Разден æрхуыссыдис аемæ зæрдиагæй хуыррытт фынæй кодта, фæлæ æнæнхъæлæджы се ’ипæт дæр фергъуыйау сты, цæй- дæр унæр сабиты аздæхта йæхи ’рдæм. Сабитæ ха- лагъудæй æттæмæ ракалдысты. — Фехъуыстай, Тедо? — Цыма чидæр кæуы. — Фæлæуут-ма,—загъта сын Тедо æмæ сабитæ айхъуыстой. — Ацырдæм, ацырдæм, Джотиа, ацырдæм... Оу, цы ми ма бакæнон?—дардæй æрбайхъуыст кæйдæр уынгæг хъæлæс. Æмæ фæстагмæ кæуыны ’рдæм аздæхт. — Чидæр кæуы,—загъта Тедо æмæ доны ’рдæм йæхи байста. Арв ныннæрыд, ферттывта æмæ дард кæмдæр ныццавта. Къæвдайы сæх-сæхæй æмæ Арагвийы доны гыбар-гыбурæй ницы уал хъуыстис. Тедо электроны чысыл цырагъ ссыгъта æмæ дзы доны фаллаг фарсмæ барухс кодта, фæлæ дзы ницы ра- зынд. Сабитæ дзырдтой Тедойæн, цæмæй сын до- ны бахизыны бар радтаид, фæлæ сын Тедо бар нæ радта. — Чи хъуамæ уа?—фæдисауис шофер. — М-м-у-у-у!—хъуыстис цæйдæр æнахуыр уаст. — Уыцы цырагъ æмæ мын бæндæн цырддæр 63
авæрут,— ныфсджынæй-, бар куырдта пионерты раз- дзог Гиви, тынг хорз ленк кæнын кæй зыдта, уьь мæй буц уæвгæйæ. ^—Æмæ дæ цæмæн бахъуыдысты? — Радтут мын сæ, æз æй хорз зонын цы у, уый. -г- Рахæссут ын бæндæн,—фæдзырдта, Тедо саби- тæм. Тенгиз цæрдæг ауад халагъудмæ æмæ бæндæн æрбахаста. ■'.— М-м-у-у-у!—ногæй та æрбайхъуыст цæйдæр^ унæр. , Гиви цæрдæг йæ дзабыртæ аппæрста, йæ хæлаф- сысчъил кодта, бæндæн й& астæуыл æрбаста æмæ йьш йæ кæрон радта Тедойы къухмæ, уый фæстæ дзы цырагъ райста æмæ ма йæм фæстæмæ æрба- дзырдта: — Тедо, бæндæн-иу дæ къухæй м’а суадз, тыхс-: гæ ма кæнут, тæссагæй дзы ницы ис, дон хæра чысыл у/,—загъта Гиви, æмæ бахызти доны мидæг. — Кæдæм цæуыс, лæппу? Нæ уыныс хабххон дон куыд тыхджын у?—дзырдта ма йæм Тедо, фæлæ уæдмæ Гиви, цырагъæй йæ развæд рухс кæнгæиæ,. дарддæр кодта йæ фæндаг. , — Фæстæмæ раздæх, ма ацу!—хъæр кодта фæс- тийæ Тедо Гивимæ1 æмæ бæндæны фæстæмæ рал- хъывта. — Бæндæн рауадз, æндæра фæкæлдзынæн!—æр- бахъæр кодта Гйви æмæ дарддæр йæ фæндаг кодта. — Ссард-тон-æй!—йæ хъадлæсы дзаг ныхъхъæр> кодта Гиви æмæ цырагъ æруагъта уырдыгмæ. Къæвда фæсабырдæрис. 64
■"— Цырагъь^ рухбмæ Гиви хора уыдтадоны астæу хæххон æрра’ доны ньтхмæ тохгæнæг хъуджы. — Дæ рын бахæрОн, баххуьлс мын кæн!—æрбай- хъуысти кæйдæр хъæлæс. Гиви фæлæууыди, галиу- ьтрдæм фæкаст, цырагъыл хæрдмæ схæцыд æмæ фсдта дуры цъуппыл цы лæипу .лæууыдис,; уый. Уымæн йæ цæсты сыгтæ калдысты, йæ къухæй уи- сьтл хæцыдис, афтæмæй лæппу* нæхи ивæзта хъу- джы ’рдæм, уымæн тынг зын уьтдис æрра доны ных- «.♦ . * ■ . .» мæ тох кæнын. Иæ къæхтæ бырыдысты дурыл лæу- гæйæ æмæ афтæмæй йæ астæуы онг схæццæис. — Гъе-е-ей!—доны былæй хъуысти хъæр. — Мæнæ дæн, мæнæ! ’Тагъд ацæудзынаан!—йæ хъæр ивазгæйæ, хъуыстис Гивийы дзуапп. . Гиви хъуджы хъусьтл фæхæстис, йæ сыкъатыл ьтн бæн- дæн бакодта, йæхæдæг дæр бæндæнæй йæхи æрбас- та æмæ æрбахъæр кодта, доны был чи лæууыдис^ уыдонмæ: / — Бæндæныл ахæцут... бæн... дæныл! Тедо æмæ сабитæ бæндæн райвæзтой сæхи ’рдæм* Гиви хъуджы, дой тæнæгдæр кæм уыдис, ахæм’ ран æрурæдта æмæ аздæхтис фæстæмæ. —Куьтд зæрдæджын у Гиви, нæ йæм кæсут. Ленк кæныны ерьтсты фьтццаг бьтнат бацахста æмæ уьтй ацы чьтсьтл донæй нæ фæтæрсдзæнис. — Ленк кæнын кæй зыдта Гиви, Тедо дæр ын бар уымæн радта, æндæра йæ донмæ æмгæрон дæр. нæ бауагътаид?! • —Уаз^ал дзы* куы ба’цæуа æмæ мийаг фæндагыл куы фæрынчын уа, уæд та? ~ Цытæ дзурьГс! Ацы сæрдыгон хъарм рæстæ- джы дзы цæй уазал хъуамæ б&цйуа. — Уæдæ цæмæй х^уамæ сфидар уæм> кæд æмæ 5. Радзырдтæ. 6& >
ахæм фæлтæрæнты мидæг нæ фæуæм!—ныхас код- той сабитæ. Гивн баввахсис доны астæу дурыл бадæг лæп- пумæ. — Фийау дæ мийаг? — Ай, ай, фийау! , — Ацы фарсмæ х^уамæ рахизай? — 0! — Цом, дæ хъуг æндæр ран ис, иумæ ахизæм, доньт иннæ фарс нæхиуæттæ стьт,—загъта йьтн Ги- ви æмæ йæм- йæ къух бадаргъ кодта. — Бæндæныл ахæцут, бæндæныл!—ныхъхъæр та кодта Гиви. —Сабитæ базмæлыдысты, бæндæн сæхи ’рдæм ивæзтой, иу цъус рæстæджы фæстæ астæумæ доны хуылыдз Гиви, х^зæууон лæппу æмæ хъуг февзæр- дысты доны былыл. Къæвда банцадис. Дымгæ фæсырдта мпгъты, ра-^ зындысты бæрзонд хæхтæ, арвыл фæзындысты иугай <зтъалытæ æмæ мæй йæ цæлхыдзагæй барухс код- та бæстæ. , — Чи дæ, лæппу?—бафарста Тедо хт>æууон са- <5ийы. — Мæ Джотиа хъуг хъæды фесæфтис. Уьтй агур- гæйæ мыл æрталынгис. Джотиайы, чысыл ма бахъæ- уа, дон аласа, нал æй равзæрстон. — Ардыгон дæ? — 0. — Ацæуæм, сабитæ,—загъта Тедо æмæ сабитæ се ’ппæт дæр бацыдысты халагъудмæ. Халагъудмæ бацæуæны сыгъдис стыр арт æмæ йе стъæлфæнтæ фæйнæрдæм хаудтой. 66
— Цæй, цырд раласут уæ дарæс, æгасæй куы ныххуылыдзыстут. Ссур уын сæ кæйæм,—загъта 1?е- до, æнæзонгæ лæппуйы ’рдæм йе ’ргом раздах- гæйæ. I. Дуарæй æрбайхъуысти хъуджы уасын. —Бузныг, æз нæхимæ ацæудзынæн,—загъта хъæу- уон лæппу æмæ æрхъавыд ацæуынмæ. — Фæлæу, дæхи батав, ссур кæн дæ дарæс, суа- .зал уыдаис,—фæурæдта йæ Тедо. — Нæ, мæ фыды хай, хъуамæ ацæуон, хæрз æв- Бахс цæрæм. — Дæ ном цы хуыйны, лæппу? — Елгуджа. — Ахуыр кæныс? ’. — 0, ахуыр кæнын æхсæзæм классы. — Сабитæ, уæ дарæс раивут, къæвдамæ сымах дæр ныххуылыдз стут,—загъта дохтыр. — Цырд раивут уæ дарæс æмæ уый фæстæ уæ- хæдæг зонут,—дохтырæй ныхас йæхимæ райсгæйæ, .загъта Тедо æмæ сывæллæттæн аивæй ацамыдта. .Пионертæ базмæлыдысты, уазæджы раз адджи- нæгтæ æрывæрдтой æмæ йын чингуытæ дæр балæ- вар кодтой. — Ацы радзырд зонын, айразмæ йæ радиойæ фехъуыстон,—загъта Елгуджа, чиныджы сыфтæ фæл- дахгæйæ. Хуызджын нывты журнал дæр ма йын радтой. Куырдтой дзы, цæмæй ма сæм фæлæууы- даид, фæлæ Елгуджа тагъд кодта сæхимæ, хæдза- ры мæм æнхъæлмæ кæсдзысты, зæгъгæ. Лæппу Тедо æмæ сабитæн раарфæ кодта æмæ æт- тæмæ рацыди. — Ацæуæм, Джотиа,—-рæвдаугæ хъæлæсæй загъта 67
лæппу халагъуды цур лæууат хгьугæн æмæ ,йа> акодта йæ разæй. Хæрдьт йæхинымæр, заргæпæ, сæхимæ фæцæй- цыдис Елгуджа. Иæхицæн дæр ницы уыд, нæ хъуг дæр æнæфыд- былызæй рахызтис æмæ ма. ноджы сабитимæ дæр базонгæис. Куыд хорз рæстæджы йыл сымбæлдысты ацы горæдтаг пионертæ. Ацы аз ногбоны йæ фыди- мæ æнæмæнгæй ацæудзæн горæдмæ æмæ йæ ,хæ- лæртты фендзæнис. Иæхæдæг дæр уый фæстæ горæды хъуамæ ахуыр кæна, — хъуыды кодта уый æмæ га- къон-макъон фæндагыл хъæлдзæгæй цыдис сæхимæ. Сæуæхсиды скастмæ анæрыдис уадындзы хъæлæс æмæ сабитæ æрбамбырд сты доны был. Райсомæй, лæвар чингуытæ нæ дæлармы, афтæ- мæй йæ хоимаз фæндаджы былыл лæууыдис Елгуджа æмæ йæ къух тылдта машинæйыл фæцæйцæуæг■• иионертæм. Хæхтыл сныдзæвдис хуры тын æмæ хъæдæй мæр- гътæ уасыдысты зæрдиагæй.
ЕЛИЗБАР ЗЕДГИНИДЗЕ ХÆЛÆРТТÆ Дзæнгæрæг ныццæгъдыны агъоммæ скъолайы кæр- тæй хъуыстис стыр хъæлæба. Сывæллæтты худын, <зæ къæл-къæл, сæ зарын æмæ хъæр сымтъер сты, фæлæ куддæр хъуытазы хъæр фæцыд, афтæ хъæ- лæба фенцад, хъуыстис ма æрмæст кт^æхты хъæр. Ахуыргæнинæгтæ згъордтой клæссты ’рдæм. Скъо/ха- йы тыргъ адмæ кæрт уайтагъддæр афтидæй азза- дысты. .Ахуыргæнинæгты фылдæр хайæн зонгæ уыд хъуы- тазы зæллангхъæр, фæлæ фыццаг клæсстæ æрмæст абон фе^ъуыстой уыцы зæлланг хъæр. Сабыр, нымд- гæнгæйæ уыдон бацыдысты классы уатмæ æмæ ■сабырæй æрбадтысты партатыл. Сæ уæлвæд уыцы минут æрбацыд ахуыргæнæг дæр. Бæрзонд, бурдза- лыг, уарзæгой цæстæнгас сылгоймаджы мидбыл худт йæхимæ скъæфта æмæ æргом æвдыста адæй- 69
маджьг зæрдæ. Сывæллæттæ, цахæмдæр ног истьг æвæтджиаг* æнхъæл, æвиппайд фæцырддæр сты ахуыргæнæджы мидбыл, рæвдаугæ худтмæ, æмæ та райстой сæ" раздæры хъæлдзæг цардæфсæст хуыз. — Уæ бон хорз,. сывæллæтæ!—загъта сын ахуыр- гæнæг. Ахуыргæнæджы хъæлæс дæр барæвдыдта сывæл- лæтты зæрдæтæ. Сывæллæттæ йын кæд хæццæ дзуапгг радтой „бузныг", . зæгъгæ, уæддæр сывæллæтты: ахæм дзуапп æргом æвдыста уыдонæн се стыр цин.. 'Ахуыргæнæг. сындæг азылдис партаты ’хсæнты.. Сывæллæттæй кæмæн йæ сæрыл рæвдаугæ Ггæ къух æрсæрфта, кæй та йæ номæй бафарста. Иуæн дзы йæ уæгъд хъуырæгънæг бафтыдта, иннæтæм тайæ* урс хæдоны æфцæгтотыл дæлдæр æрхæцыд. Ахуыр- гæнæг уыдон æхсæн афтæ азылд, куыд рæсугъд. дидинджыты раз. Уæртæ саулагъз саби Шалва. Сатæг-сау хил, æр- фыгджын лæппу, йæ мæнæугъуыз сыгъдæг цæсгом зындис ирд арвы хуызæнæй. Науæд йæ фарсмæ чи бады, уымæ бакæсут: уый та бурдзалыг æмæ дзьг- гъыр у, фæлæ уымæн йæ цгьæх цæстытæ стъалытау рухс кæнынц йæ цæсгом. Уый хуыйны Тамаз. Шалва, Тамаз æмæ иннæтæн дæр чизоны æмæ ал- гъуызон ахаст уа, фæлæ сыгъдæг зæрдæйæ иуыл- дæр сты æмхуызон. Ахуыргæнæг сын сфарста сæ мыггæгтæ, загъта? сын, цæмæй уой æнæзивæг æмæ хорз ахуыр кæной^ фæныхас сын кодтой æмæ уалынмæ улæфты дзæн- гæрæджы хъæр дæр фæцыдис. 70
Фыццаг урокы фæстæ сабиты нæма фæндыд клас- сæи рацæуын, уыдон та æнхъæлмæ кастысты дзæн- гæрæджы цæгъдынмæ. Шалва йæ дзыппæй систа дзыхъхъын ног каран* даш æмæ хæрынкъа. Райдыдта карандаш цыргъ кæ- иын. Хаттæй-хатт аив каст бакæны йæ фарсмæ бадæг сырхцъар саби Тамазмæ. Шалвайы фæндыди, Тамаз ын куы федтаид уыцы рæсугъд цæппузырау æрттивгæ, хæрынкъа, æмæ, æцæгдæр, Тамазæй æнæ- рхъуыды куыд баззадаид ахæм диссаджы хæрынкъа. — Алæ-ма, лæппу, дæ.хæрынкъа!—загъта Тамаз Шалвайæн. Шалва йæм æнæзивæг авæрдта хæрын- къа. Тамаз æй бирæ рауын-бауын фазкодта. Куы йæ райхалы, куы та йæ бахгæны. Стæй йын йæ ка- рандаш дæр райста æмæ йын æй ацыргъ кодта. — Æлхæнгæ йæ бакодтай?—-афарста пæ Тамаз. — Чидæр мын æй балæвар кодта. — Хорз у, хорз!—тынг йæ зæрдæмæ фæцьтди Та- мазийæн. Ныццагътой та дзæнгæрæг. Æрбацыд ахуыргæнæг дæр. Мидбылхудтæй та ^бахъæлдзæг кодта сывæл- лæтты. Ныр та ахуыргæнæг уагъта гуырдзиаг æв- заджы урок. Сывæллæттæ цинæй хъуыстой ахуыр- гæнæджы ныхасмæ. Дыккаг улæфты Тамаз бафарста Шалвайы: — Æмбæлътæ дын ис? — Нæй!—уайтагъд ын дзуапп радта Шалва, фæ- лæ дзуаппимæ хъуыдыйыл фæци. Уый зонгæ дæр нæ кодта, уыдис ын æмбæлттæ, æви нæ. 71
Абоны онг никуыдæхМ ацыд æнæ йæ мад. Сыхйзг- тæм ис йæ. карæн сывæллæттæ. Уыдонимæ уый пуртийæ дæр æмæ куырмæмОæхстытæй дæр хъазыд, фæлæ уыдон йе ’мбæлттæ уыдысты æви нæ, уый нæ зыдта. — Дæуæн та?—афарста йæ Шалва пæхæдæг дæр. — Мæнæн дæр нæй! — Афтæ базонгæ æмæ схæлар сты дыууæ сабийы. Ахуыры фæстæ иумæ ацыдысты сæ хæдзæрттæм. Фæндагыл, ныхас кодтой, сæ цæстæй цы уыдтой, уыдоныл: тæхгæ мæргътыл, сæразæй цы чъырттым цъиу стахт, ууыл, ленкгæнæныл, хидтыл хизгæйæ, Къуарыл, Тбилисы футболисттыл. Ахæм ныхасы сæ дыууæ дæр* бæлвырд кодтой, цыма зонынц, чи цæй бæрц бæрзонд тæхы, цыма сты хорз ленкгæнджытæ, цыма Тбилисы футбол- исттæ алы хъазты дæр рамбуликкой, тæрхонгæн- джытæ сæ ныхмæлæуджыты фарс куы нæ хæцик- кой, уæд. Дыккаг бон дæр сæхимæ ацыдысты иумæ. Фæстаг- мæ фæцайдагъысты иумæ цæуыныл. Улæфты рæстæ- джы дæр хъазыдыеты иумæ. Ахуыры фæуды фæстæ- иу æнхъæлмæ кастысты кæрæдзимæ. Сæ дæларм- иу бакодтой сæ чингуытæ æмæ-иу хъæлдзæгæй тындзыдтой сæхимæ. Афтæ цыди рæстæг. Хæлæрттæ ахызтысты æртык- каг классмæ. Хорз базыдтой кæсын, фыссын æмæ нымайын. Иу хатт Шалва масты бахаудта. Ахуыргæнæг æй ракодта фыссæн фæйнæгмæ æмæ йын радта 72
рард аразынмæ. Уый рард аразын нæ зыдта. Ахуыр гæнæг бадтис стольт фарсмæ æмæ йæм каст, рæс- тæг æмае йын фадат лæвæрдта, кæд æй базонид, зæгьгæ, фæлæ йьтн уæддæр ницы бантыст. Шалва æнхъæлмæ каст йæ иузæрдыг æмбалмæ—Тамазмæ . æххуыс æнхъæлмæ. Куьт йæ кт^ухтæй, куы та йæ цæстытæп æмбарын кодта Тамазæн, баххуыс мын кæн, зæгъгæ. Тамаз бадти йæ хæд цур, фьтццаг партайыл, æмæ- æцæгдæр йæ бои уыд пе ’мбалæн баххуыс кæньтн, ахуыргæнæг æн куьшнæ бафип- пайдтаид, афтæ. Фæлæ ма бакæсæд исчи уый дур- :зæрдæмæ, ныггуыбыр кодта йæ сæр, афтæмæй йæхи мидæг багуым-гуым кодта; — Нæ дын баххуыс кæндзынæн, нæ, нæ!.. Щалва тынг смæсты ис. Иæ чысыл тымбыл къу- хæй дæр æм бавзызта. Иу минуты дæргъы цы хъуьтды не ’рцыд Шалвамæ: „Уый фæнды, цæмæй æз райсон мæгуыра’у нысан"... „Уый мын æмбалæн нæ бæззы!" Акæса, цæй бæрц „æнæгъдау" æмбал разындиТа- маз, йæ сæрьтл уæлæмæ дæр нал хæцьт, йæхи хизьт мæ цæстæнгасæй. х—Уæдæ нæ зоныс, куыд æй саразай?—ахуыргæ- 'Нæгрæвдаугæ хъæлæсæй бафарста Шалвайы æмæ фестад йæ бынатæй, æввахсдæр бацыд лæнпумæ,— зьтны дыл, нæ йæ сахутлр кодтай, нæ!—йæ сæр бан- къуыста æмæ ма ноджы бафтыдта фæстагмæ йæ уайдзæфтæм,—худинаг, худинаг! Ацу сбад! Ныр та ды рацу, Тамаз, сымах хæлæрттаз куьт стут. Фенæм, кæддæра уæ дыууæ дæр æмхуызон ницæйаг . магу- сатæ стут, æви нæ?!. 73
Тамаз сырдтон цъиуау рагæпп кодта фыссæн фæй~ нæгмæ, фелвæста йæ къухмæ мел æмæ уайтагъд ацарæзта фыст рард. Фыста фарстытæ, æндæр æмæ æндæр цифратæ, йæ зылланг хъæлæсæй æмбарын кодта йæхи фыстытæ. — Бæдæйнаг дæ!—ахуыргæнæг раппæлыд Тама- зæй, Урок куы фæци, уæд Шалва фыр мæстæй балæ- бурдта Тамазмæ æмæ йын дзуры загъдæмхасæн: — Ды мæнмæ сыбыртт дæр куыд никуы уал скæ- най! — Цæуылнæ ? — Уымæн æмæ æмбалæн нæ бæззыс, нæ мын бах- хуыс кодтай! — Цæмæн дын хъуамæ баххуыс кодтаин, дæхæдæг æй цæуылнæ сахуыр кодтай?.. — Æз дæу æмбал æнхъæлдтон. — Знон мын куы загътаис, 7æД Дьш баххуыс кодтаин. Мæ фыд мын загъта, диктант кæнын, дам,. æвзæр у. Урочы, дам, ахуыр хъæуы. Уый тыххæй дын никуы кæндзынæн диктант. — ахæм дзуапп ын радта Тамаз, цыма стыр адæймаг уыди, уыйау. Ие ’рттивгæ æрвгъуыз цæстытæ базыядта Шалвайы ’рдæм. Шалва сыбыртт дæр нал скодта. Исдуг æнæдзур- гæйæ фæкаст, дзуапп • радтын йæ бон нал баци„ фæзылд æмæ классмæ базгъордта. . Урок райдайынмæ зæхмæ кæсгæйæ бадти. Йæ чы- сыл зæрдæ йын цахæмдæр æнкъарæн æнцой нæ уагъта. Хардзау æм каст йæхи уарзондзинад фæху- 74
динаг кæнын. „Нал æм сдзурдзынæн, нал, нал.... Цы хуызæн æмбал у, мæ тыхсты сахат мæм нæ фæкаст, нæ мын баххуыс кодта!"—хъуыды кодта йæхинымæр, цы ми хъуамæ кæна, дарддæр куыд йæхи дара. „Ахуыр кæндзынæн афтæ, æмæ куыннæ уал рæдион, нæ æмдзæвгæйы, нæ фыссыны, нæ нымайыны". Ахæм æнкъард хъуыдыты ацыд фонда минуты бæрц. Радон урочы хъуытаз ныццагътой. Тамаз йæ фарсмæ куы ’рбадти, уæд Шалва нал бакаят уый ’рдæм, чгьылдым здæхтæй бадт. Дыккаг бон та Шалвайы ракодта ахуыргæнæг. Æнæкæсгæйæ сахуыргонд æмдзæвгæ йын радзурын кодта. Шалва афтæ рæсугъд, афтæ зæрдиаг æмæ хъуыдыгæнгæ радзырдта Сталиныл æмдзæвгæ æмæ дзы тынг рапиæлыди ахуыргæнæг. Ахуыргæнинæг- тæ йæм тынг цымыдисæй хъуыстой. Тамаз-иу кæддæриддæр йæ дзыхыл хæцыд, фæлæ ныр йæхи нал баурæдта æмæ фырцинæй фæхъæр кодта!—„ох, цы рæсугъд æй радзырдта, цы!" Æхсызгон ын уыдис Шалвайы æнтыст. Иæ æрвгъуыз цæстытæ цины цæ- хæртæй æрттывтой. Шалва сбадтис ,йæ бынаты. Йæ ныхыл йæ къух асæрфта, цыма стыр адæймаг уыд, æмæ исты тынг зьтн фарст ахицæн кодта, уыйау. Уый сабыр ным- дзаст ахуыргæнæгмæ. Уыцы бон ын скъолайы журна- лы ныффыстой фондз. Цалдæр боны фæстæ та йæ рард аразынмæ дæр ракодтой æмæ уыцы предметæй дæр райста фондз. Никуы уал фæхудинаг Шалва.. Алы хатт цæттæ кодта йæ% уроктæ æмæ-иу æй ахуыргæнджытæ куы бафарстой, уæд-иу дзы разьь йæ баззадысты. 75-
Шалва уæддæр нæ бафидыдта Тамазимæ. Хаттæй- хатт-иу æм бакаст мидбыл худгæйæ. Афтæ цыдие рæстæг дыууæ къуырийы дæргъы. Сæ зулдзых- дзиад сын ничи бафиппайдтаид, иу стæм ахуыр- гæнинæгтæн дарддæр. Ахуыргæнæг дæр æй нæ фе- хт>уыста. Иу бон Тамаз скъоламæ не ’рбацыд. Шалва, цыма цыдæр хт.уаг уыдис, - афтæ æнкъардта йæхи. И.æ фарсмæ куы бадти, уæд ницæмæ дардта сæ хъау- гъа. Уæд ма йæ зæрдæйы кæцыдæр къуымы æн- къардта рухсы цъыртт, уыдта йæ, хъуыста йын йæ/хъæлæс, йæ улæфт. Абон та, иугæр Тамаз классмæ’ не ’рбацыд, уæд æм тынг бахъардта, уым кæй нæ уыдис, уый. „Ницы кæны, райсом æрбацæудзæн,—йæхинымæр хъуды кодта Шалва,—райсом æрбацæудзæнис æмæ йæм мæхæдæг сдзурдзынæн. Афтæ хæлар зæрдæ у Тамаз, æмæ уайтагъд бафидаудзæн мемæ, нæ дæр мæ хъаст ракæндзæн". Уыцы бон Ацыди куыддæртæй. Фæлæ дыккаг ■бон дæр не ’рбацыди Тамаз. Ахуыргæнæг куы бафарста сывæллæтты, цæй æфсон не ’рцыд Тамаз, .зæгъгæ, уæд чидæртæ загътой, рынчын, дам, у Тамаз. Иу ахуыргæнинаг дзы афтæ дæр æрымысы- ди—йе стыр мадмæ йæ акодтой хъæумæ, зæгъгæ, цалдæр боны æмгъуыдмæ. Фæ:дæ атæппæт ныхæстæ сывæллæттæ мысыдысты сæхи хъуыдымæ гæсгæ, бæлвырдæй ничи зыдта æцæг æфсон. Уыцы бон Шалвайæн уыд тынг зын. Уыи тых- джындæр мастдзинад æвзæрста. Тамазы кæй нæ 76
уыдта, уый тыххæй æнæхъæн бон арвыста æнкъар- дæй. Классæй нæ цыдис. Бадти йæ бынатьт, фæл- дæхта чиныдзкы сыфтæ, фæлæ уæддæр, ччиныг сгар- гæйæ, Тамазыл хт^уыды кодта. Иу хатт бакасти,.. Тамаз кæм бадти, уыцы партамæ æмæ дзы ауьтдта дыгъуыз карандаш—сырх æмæ цъæх хуыз карандаш. Шалва карандаш райста æмæ йæм мидбылхудгæйæ касти, æхсызгои æм каст ууыл - хæцын» пæ къухæн. Сгæрста йæ, бæстон рæсугъд цыргъ уыдис, æви нее-. „Куыд сыгъдæг цыргъгонд у. Куыд рæсугъд амад сты йæ дыууæ кæроны дæр, сырх дæр- æмæ цъæх дæр, раст æмдымбыл ,амади,—хъуыды кодта Шалва. Уыцы рæстæджы йæм исчи куы бакастаид, уæд ; фенхъæлдтаид, карандаш^ рæвдауы, зæгъгæ. Хъуытазы хъæр стыр гуым-гуымы хуызæнæп бахъардта Шалвайы æмбарынадмæ... Карандаш ны- вæрдта йæ хызыны æмæ йæ сфæнд кодтатæккæ уы- цыбон Тамазмæ *бахæссын. Урокты фæуды фæстæ араст Тамазмæ. Хæдзарьг дуары ныхæст хъуытазы æгънæг йæ æнгулдзæн балхъывта адмæ, дуар байгомимæ æнхъæлмæгæсгæ- йæ, сагъдау аззад._ Тамазы мад дуар бакодта. Бæрзонд бурдзалыг сылгоймаг рæвдаугæйæ сымбæлдис Шалваньтл. — Мæ мады хай, гæнæн ис æмæ фенон Тамазы?" Æз йе ’мбал Шалва дæн! — 0, дæ нывонд фæуон, мæ чысыл лæпну, ды; дæ Шалва? Рацу, рацу, иудадзыг Тамаз дæ кой фæкæньт. Тæссагæй дзы ницы ис, хъазгæ-хъазын йæ къах фæриссын кодта æмæ йæ бон цæуын нал: 77:
..у,—рæвдаугæйæ йын радзырдта Тамазы мад æмæ æрбахъæбыс кодта Шалвайы, Дыма йæ уæлдæфы стæхын кодта, афтæ йæ скъæфæгау бакодта уатмæ, Тамаз кæм хуыссыд, уырдæм. Шалва зулмæ каст уаты къуымы хуыссæн бынат- мæ. Ууыл бадгæйæ федта Тамазы. Уый æнхъæлмæ касрг дзæнгæрæг цæгъдæджы базонынмæ. Шалвайы "78
•фендмæ йæ зæрдæ скафыд фырцпнæй. Фыццаг афæ- -лурс, стæй ныссырх. Иу-дыууæ минуты фæстæ та йæхи хуыз йæ бынатмæ æрцыд. Шалва дæр æфсæр- мы кодта Тамазæй, йæ къух æм бадаргъ кодта, фæрсгæ дæр æй бакодта, фæлæ комкоммæ йæ цæс- тытæм бакæсын йæ бон нæ баци. Ничи зыдта уыдон сусæгдзинад. Нæ, сæ дыууæмæ дæр цинæй чи каст, уыцы мад, нæ дæр Тамазы чысыл хо, уазæджы фендмæ тыргъæй чи ’рбазгъорд- та, уыцы Лали. Шалва систа йæ хызынæй карандаш, цырд æй балæвæрдта Тамазмæ æмæйын дзуры къæмдзæстыг- æй: — Мæнæ дын æрбахастон дæ карандаш, партайы мидæг дын баззадис! — Тамаз радаргъ кодта йæ къух карандашмæ. Йæ къухмæ нæ, фæлæ уый касти Шалвайæн йæхимæ, цинтæ йыл кодта. — Кæдæй-уæдæй еныр бахъæлдзæг мæ чысыл хъæбул,—загъта Тамазы мад æмæ бахызт иннæ ха- тæнмæ. Сабитæ баззадысты иунæгæй æмæ сæрибарæй банкъардтои сæхи. Шалва акаст фæйнæрдæм, æмæ куы федта, Лали сæм кæй нæ хъусы, уый, уæд яедæрсгæ хъæрæй дзурын райдыдтой: — Тамаз, ныппар мын, ныббар! Æз дæу афтæ бирæ уарзын, афтæ æмæ... Шалвайæн йæ бон нал баци, куыд æй уарзы, уый зæгъын, йæ цæсгом сырх адардта, хæлардзи- нады æнкъарæн схæццæ хъуырмæ. — Тамаз дæр суынгæг, Шалвайы хъынцъымгъуыз цæсгоммæ гæсгæ. 79
— Æнæ дæу мæ бон нал уыд... Никуы уал фæ- хыл уыдзынæн демæ, Ноджы ма зоныс цы? Никуы- уал дæ æрдомдзынæн, ахургæнæг мæ куы фæрса, уæд мын амонай; уый. Мæ уроктæ цæттæ кæндзы- нæн, æмæ мæ уый сæр нал бахъæудзæн. Уалынмæ Тамазы мад дæр æрбацыд æмæ авджын’ кт>усы æрбахаста фæтшэуытæ æмæ мандаринтæ. Къус æрывæрдта столыл. Сабитæ сæ ныхас фæуагътойу сæ сусæгдзинад сын цæмæй мачи базыдтаид, уый тыххæй. „Никуы уал рахъ^ст кæндзынæн, нæ дæр дæ днк- тант кæнын æркурдзынæн".—Хъудьт кодта Шалвги йæхимидæг, мандарин стигъгæйæ. Тамаз дæр уарзон цæстæнгасæй æнцад каст Шал- вамæ æмæ йæхинымæр ныхас кодта:—„Цæй хорз æмбал мын ис, цæ... Алы хатт дæр æй уарздзы- пæн!..4' Мандаринтæ хæргæ нæ кодтоп, афтæмæй сæ æвæрдтон тæбæгъыл. Сæ кæрæдзййыл хт.уы- дыйыл фесты æмæ сæ хæрын дæр æрбаирох. Дыккаг бон ахуыргæнæг куыддæржлассмæ бацыд^ афтæ Тамазы бынатмæ бакаст æмæ йæ афтпдæй куы федта, уæд сабырæй, уайдзæф æмхасзбнæй загъта с-ывæллæттæн: —Ныр æртыккаг бон уе ’мбал нал цæуы скъоламæ. Цы фæци, кæнæ йыл цы ’рцыд, уый сымахæй пу дæр нæфæрсы.Стæй Шалвамæ бакæсы æмæ дзуры:— æз Шалвайæн хъуамæ бауайдзæф кæнон. Та.ма.ч уымæн йæ хæлар æмбал у, йæ хæд фарсмæ’ бады, афтæмæй афонмæ хъуамæ ма базыдтаид йæ хæлары хабар?! Шалва йæ цæстытæ доны азылдта, фенкъард 80
æнæнхъæл уайдзæфтæм æмæ йæ цæсты тъыфыл- тæ базмæлыдысты. Зæрдæ дæр нал лæууыд йæ бына- ты, æнæрынцойæ æнхъæлмæ каст ахуыргæнæгмæ,. кæд фæуыдзæн йæ ныхас, зæгъгæ. Фæндыди йæ тагъддæр радзурын Тамазы хабæрттæ. Афтæмæй, йе ’нгуылдз хæрдмæ даргæйæ, каст ахуыргæнæгмæ. — Цы зæгъдзынæ, ныр фенæм, Шалва?—загъта ахуыргæнæг сабитæн. — Ахуыргæнæг, знон æз уыдтæн Тамазимæ. Хъаз- гæ-хъазын йа^ къах ныццавта æмæ йыл нал лæу- уы, йæ. бон нæу цæуын, æз ын бæстон радзырдтон^ цы хъуамæ бацæттæ кæна, уыдон, æмæ фæстийæ нæ баззайдзæн!—загъта Шалва æмæ арф ныуулæфыд, цыма йæ уæззау æргъомæй фервæзг, уыйау. Æмæ, æцæг дæр, уæззау æргъомæй фыддæр у> исчи дын дæ цæстмæ куы бадара, æмбалы нæ уарзыс,. зæгъгæ. Шалва та раст разынд йæ хæлар æмбалы раз.. Уый ахуыргæнæг йæхæдæг дæр загъта. 6. Радзырл._. 81-
РОСТЪОМ ЕЛАНИДЗЕ ~ УРС ХÆХТÆ ФЫЦЦАГ СÆР Цуанон Хъæды мидæг сæуæхсид куыд фæстагмæ æрбай: гæрста, о æхсæвы талынджьт фæсырдта æмæ æрба- рухси. Иæ талынджы аууæттæ ма кæмтты æмæ бæ- лæсты бынты ранæй-рæтты зындысты. Æппæты фыццаг йæ фынæйæ райхъал хпуа*. Зæр- диагæй йæ ком айвæзта, йæ уæхсджытыл хæрдмæ схæцыд æмæ загъта: —Ехх, ахæм даргъ æхсæвы хус бæласы цонгыл фынæй кæнын бæллйцаг бæргæ нæу, æнæкъахау мын мæ мыггаг бар куы радтид хъуынайыл хуыссынæн, уæд стыр амондджын уаин. Уый дыв-дывмæ уыцы ран, бæласы бын, йæ фы- * Хиуа—маргъы мыггаг. 82
иæйæ райхъали сæгуыт, æвиппайд фестади æмæ :хиуа кæуыл бадти, уыцы бæласы цонгыл йæ сæр чщавта. Хиуайæн фыр тæсæй йæ уд ауади, атæхын- мæ йæхи срæвдз кодта, фæлæ уыцы рæстæджы сыф- тæрты ’хсæнæй сæгуыты хъустæ сзындыстьт, æмæ уæд æрсабырис, йæ бынмæ ныккасти æмæ йæм лыдздзырдта: — О-о! Уый ды куыд дæ, хъæды æхсин, уæд мæ куыд фæтæрсын кодтай, дысон ды дæр, æвæц- цæгæн, ацы бæласы бын бинаг уæладзыджы хуыс- сыдтæ, ^ез фынæй куы уыдтæн, æвæццæгæн, уæд æрбацыдтæ; тынг æвзæр æгъдау мæм ис—бон изæр- мæ мын æрынцой нæй, ратæх-батæх кæнын, уасын, æрдиаг кæнын, тынг фæллайын æмæ мæ уый тых- хæй хуыссæг раджы æрцахсы. Уыдон ныхасыл куы уыдысты, уæд дымгæ кæцæй- дæр æрбаулæфыдис, бæласыцæнгтæ базмæлын кодта, хиуа йæ разы уæвæг сыфтæр аиуварс кодта: чы- -сыл æттæдæр хиуа ауыдта, цуанон кæй ныхъхъа- выди, æрвдзæфау æвиппайды спæр-пæр кодта æмæ райдыдта хъæр кæнын: — Хъæды æхсин, тагъд лидзгæ, дæ сæр бафс- иай цуанонæй. Сæгуыт æвиппайды топпы нæмыгау йæ бынатæй атæррæтт кодта! Хиуа, фæдис хъæргæнгæ, йæ тых йæ бонæй уасыди: уæ сæртæ бафснайут, хъæды фæ- ^зындис цуанон! — Эхх! Цæй æнамонд цæст ис ацы æнаккагæн, мæхи дзы кæддæриддæр хизын, цуаны куы вæййын, уæд, фæлæ ацы фыдбылыз уæддæр мæ разы фев- 83
зæры,—мæстæй загъта Лего-баба,—афтæмæн куыд^ æнæгъдау æрдиаг æмæ тгьæхахст зоньт, æгае хъæд. сызмæлып кæны, тынгдæр та куы фæтæрсы, уæд. Цуанон æндæрырдæм фæраст — Мухатцихуры комы фездæхти. Уым арсы фæдыл бафтыд,. фæстæ- дæр’ сæгуыт йæ разæй фæгæпп кодта, фæлæ дыу- уæйæи дæр уайтагъд сæ фæд æрбайсæфти æмæ сæ* уæд фæуагъта. Æмбисбон сычъийыл фембæлд Велнары комы æмæ ныр та уый фæдыл бафтыд. Пыфс æй нæ уы- ди, йæ къухы кæй æрыфтдзæни, уьтй. Топпæхстмæ- не ййæфта уыцы æнæрынцой сырдьт, цыма йын дымгæ кæнæ сыфтæрты æмæ кæрдæджыты сыф- сыф хъусын кодтой; цуанон фæзынд, зæгъгæ, æвиппайд-иу фæлæууыдис, ныхсидт-иу кодта„ æмæ-иу къуылдымæй-къуылдыммæ, къæдзæхæй- къæдзæхмæ æнцонæй гæпп кодта. Æрзилын æй кодта Кохтийы æмæ Андаразнийы кæмтты, къуыл- дымтыл, уыцы рæстæджы талынг дæр кодта, уыи тыххæй йæ хъуамæ ныууагътаид, фæлæ рауади аф-: тæ: Цъопийы хъæды къуылдымыл нæ разы февзæр- ди æмæ йæ иу æхстæй раипæрста. Сырды мардмæ куы бацыди, уæд уын цуры фед- та æрвдзæф тæрс бæлас; уый размæ бонттл уыди стыр къæвда* æмæ йæ арв ныццавта, уый хуызæн стыр бæласы, йæ цъуппæй райдайгæйæ пæ тæккæ бынмæ дыууæ дихы фæкодта, йæ иу æрдæг ын æд уидæгтæ æмæ æд сыджыт дæлæмæ рафæлдæхта. Цы ранæй рахаудта, уыцы лæбырдтæй рухс æрт-. тывта. Цуанон цæуылдæр бирæ ахъуыды кодта^ 84
«стæй, рухс кæцæй æрттывта, уырдæм хæстæг куы бацыди, уæд джихæй баззади — лæбырды къар- диуæй, митау, урс-урсид къæдзæхы кæрон састæй федта. Уьш æрттывта æмæ диссаджы цæхæртæ калдта. Лего-баба уый фыццаг хуымæтæджы къæдзæх •фенхъæлдта, фæлæ йæ дзæбæх куы æрысгæрста, кардæй йæ куы ахафта, куы йæ сæрттивын кодта, уæд цингæнгæ загъта: гъе, гъе, уый дын амондджын фембæлд—мрамор ссардтон! Къæдзæхæн йæ сыджыт *æмæ рыгтæ асæрфта, йæ кæрæттæ йын федта æмæ йыл зæрдиагæй ныттыхсти, йæ урс зачъетæ йын мраморы рухс ноджы тынгдæр сæрттивын кодта. Ацы Шэæдзæхы ссард, зæронды афтæ схъæлдзæг кодта, æмæ дзы сырды мард æрбайрохи, уый æрт- тывдмæ кæсынæй нал æфсæсти. Алы хатт цуаны ’рæстæджы йæ разы хæс æвæрдта, цæмæй йæ хъус дардтаид хъæдтæ, кæмттæ æмæ лæбырдтæм, зæйтæ кæй рахафтой, уьтцы рæттæм-иу зæрдиагæй касти æмæ сæ бæрæг кодта, чизоны искуы маданыл фем- <бæлон æмæ адæмæн амонд æрхæссон, зæгъгæ. Иæ хæдзары-иу -тæрхæг едз^аг уыди минералон æмæ ^лгъуызон хуызджын дуртæй; цы нæ хъæуы, ахæм- тæ дæр æрымбырд кодта, фæлæ сæм уæддæр* зæр- диагæй йæ хъус дардта, чизоны, истæмæн фæбæз- ^ой, зæгъгæ. Цы минералон дуртæ æрымбырд код- та, уыдонæн сæ бына^ттæ иуылдæр зыдта. Ныр дзы мраморæй стыр ныфс бацыд æмæ хъуыды кодтм: чизоны дзы уьт бæрц æрмæг разына, æмæ алы мæ- гуыр дæр йæ сыджытын хæдзары бæсты ацы мрамо- ,рæй сараза стыр галуантæ... 85
ДЫККАГ СÆР Йæ ныфс фæмæнг Дыккаг бон хъæуьтл айхъуыстис: Лего-баба, дам^. Лопоты доны сæры цавæрдæр урс къæдзæх ссард- та æмæ, дам, уымæй иу къæртт хæссы горæдмæ^ цæмæй базоной, цæй къæртт у, уый. Иуæй-иутæм хъазæгау касти, фæлæ Лего-бабайы фæндон адæ- мæн уыди хорз царды амæлттæ саразыи. Уый хъуьь ды кодта: цæмæй адæм кæрæдзи бамбарой æмæ- хъуьтддаг сæ къухмæ райсой, хæдзарæн лæгæй ра- цæуой Лопоты коммæ æмæ мраморы къæдзæхмæ уæрæх фæндаг айгæрдой, мраморæй сисамайæн дур- тæ саразой, æмæ сыджытсæр хæдзæртты бæсты самайой стыр галуантæ; цы амондджын уьтдзæн уæд, Лего-баба, адæмы цинæй йæ зæрдæ схъæлдзæг уаид. Горæдмæ цæуын дæр йæ зæрды уьтди 5æрондæн_ — Цæй æмæ йæ хицæутты хъусты бацæгъдон,, чизоны сæ хъус æрдарой æмæ мæ фæндон æцæг- сыххæст уа,—дзырдта Лего-баба. Йæ зæрдæйы фæндон хъæуы хисдæртæн загъта.. Иуæй-иуты зæрдæмæ фæцыди, фæлæ йын иннæтæ лзырдоой: дæу фæнды адæмæн хорздзинад саразын,.. фæлæ нæ паддзахы хицауад уыцы хъуыддагмæ йæ- хъус не ’рдардзæни, дзæгъæлы фæфыдæбон кæн- дзынæ, зæгъгæ. Лего-бабапæн йæ зæрдæпы цы фæндтæ уыди, уый æххæст кæныныл ныллæууыди. Амонд бафæл- варын хъæуы, зæгъгæ, æмæ ацыди Тбилисмæ, уы- ц’ы мраморы къæртт дæр пемæ ахаста.. 80
Лего-бабайæн Тбилисы уыдм ну зонгæ, бахсæви- уат æм кодта, йе ’рцыдьт хабар ьтн загъта æмæ дзы æххуыс æркуырдта. Фьтсьтм уьтди æфсæнвæндадлсы кусæг, æппæт зо- нæг, цы дзуапп райстанд, уый дæр зыдта, фæлæ ницьт загъта уазæгæн, уадз æмæ æттпæт дæр йæхн цæстæй фена, йæхн хъустæн фехъуса æмæ йæ уæд. бауырндзæн, зæгъгæ, æмæ пæ акодта, Давæрдæр згъæр къахæн кондады хисдæрмæ æр- тыккæгæм ботт æнхъæлмæ кæсыны фæстæ сын. бан- тыст йæ фенын. Уыцы хисдæр фындзкы цур бадти ахæм хуьтзьт, цыма дзьт тæрс бæласы къодах уыдис æвæрд, къодахы цъуппыл сæры бæсты сывæрдæуы- дис бур нас æмæ йьтн йæ уæлæ мундир скодтотъ Иæ цъæх цæстытæ дардæй уазал каст кодтбй. Тæлмацгæнæг бамбарын кодта се ’рцыды хабар. Лего-баба йе тарæн систа мраморы къæртт æмæ йын æй йæ разы столыл æрывæрдта. Хисдæр лæм- бынæг æркасти мраморы къæрттмæ, стæй бакаст йе ’рбахæссæгмæ дæр; тынг -диссаг азм кастысты уый уæлæдарæс: куырæты уæлæ сау Цъухъхъа, фьтсы цармæй хъу1>тнджын худ, йæ гæрз роныл ауьтгъд стыр хъама, сау цъындатыл иæуæг гæрзытæй баст4 хус къоходзтттаз. Чиновник дисгæнгæйæ касти хæ- донмæ æмæ хъуыдыты ацьтд: цымæ ацы æнахуыр,. æнæхсад хъæууонмæ уый бæрц зонд ис, цæмæй бам- бæрстаид ацы уазал дурьт нысаниуа^г æмæ йæ фæн- дьтди уьтй сдзурын кæнын. Фæлæ уьтй не ’мбæрста, Лего-бабайы зæрдæйы фæндон цæджджинагау кæй фыхти, дардмæ кæй фæлгæсыд æмæ адæмьт - хорз- дзинадыл кæй хъуьтды кодта, уьтй. 87
Фæстагмæ, кæй зæгъын æй хъæуы/ „тæрс къо- дах" базмæлыдис. Систа йæ къухмæ мраморы къæртт, йæ уæздан æнгуылдзтæй йæ æрысгæрс- та, стæй картайы Кавказы хæхтæм æркасти, Ло- поты доны райдиан бахахх кодта йæ хæрдзтæ, цас рæстæг ыл бахардз уыдзæни, цал всрсты йæм уыдзæни, цас пайда ратдзæнис, гъе, уыдоныл тынг зæрдиагæй ахъуыды кодта. Ноджы ма йæ арф хъуыдыйы уыди фæсарæнмæ ауæйы хъуыд- даг Дæр. Стæй йе ’рфгуытыл уæлæмæ схæцыди, йæ былтæ фæзылын кодта, мраморы къæртт фæс- тæмæ радта æмйз йæхинымæр цыдæртæ загъта... — Йæ бæрзонддзинад загъта, зæгъгæ, ацы урс къæ- дзæхы тыххæй нæ сæртæ риссын кæнæм, уый ак- каг нæу,—тæлмацгæнæг фехъуысын кодта Пшава- гæн. Лего-бабайы зæрдæйыл, цыма ихдон бакалдæ- уыд, афтæ фæцис, стæй та йын, цыма цæджджи- нагау рафыхтис, згыйау мæстæй зылди. Фæйнæр- дæм æнæууæнк каст акодта, мраморы къæртт йе тары бавæрдта æмæ æнæссыбырттæй раздæхт. Æм- æхсæвæд^кы ацыди Къахеты поездыл, вагоны дуа- ры цур æнкъардæй бадти, йæ худ йæ цæстытыл æркодта æмæ хъуыдыты аныгъуылди... Ие тары æвæрд мраморы къæртты уазал æрæджп- ау банкъардта, барызти, йе тары йæ къух акодта, уазал дуры аппарынмæ рахъавыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцьтд æмæ йæ нæ ауæлдай кодта. 38
Æ’РТЫККАГ СÆР Ардбахæрд Цасдæр рæстæг рацыдис. Мрамор алкæмæй дæр ферохис. Æрмæст ма Лего-бабайæн лæууыд йæ зæр- дыл, уæддæр æй ньтфс уыди фидæны фæсивæдæй. Сывæллæттæн-иу аргъæуттæ куы кодта, уæд-иу Лопоты донгуырæнРз1 йæ цуаны æмæ мрамор ссары- ны тыххæй дæр радзырдта. Мрамор кæм ссардта, уыцы хæхты тушæгты фос- дарæнтæм иу сæрд Лего-баба ссыд æмæ сæм рæс- тæгмæ ныллæууыд фийауæй. Уыцы ран фембæлди иу сидзæр лæппуйыл. Раст ыл дыууадæс азы уæд «зххæст кодта. Йæхи зæндджын æмæ хорз кæй дард- та, уымæ гæсгæ йьтл зæронд стыр дис кодта, бирæ йæ уарзта æмæ йæ йæхицæй нæ хицæн кодта, иу фосы дзугмæ зылдысты. Лего-баба сфæнд кодта, цæмæй сабийы сахуыр кодтаид кæсын-фыссын, фæлæ йæм чиныг, гæххæтт æмæ карандаш нæ уыди. Уый фæстагмæ райста, йæ фыдазлтæ йæ куыд ахуыр кодтой, ахæм æгъдау. Бæхæй цы цæфхад ахаудта, уый зæгæл сласта, ду- рыл æй сцыргъ æмæ сраст кодта, цъæх къæйыл уымæй рæсугъд æмæ раст дамгъæтæ æрцарæзта æмæ яевзонг фийауæн загъта: — Мæ хъæбул, абетæ сахуыр кæн, уьтй дын чи- ныджы царды дуар бакæндзæн, æмæ уæд æппæт- дæр æргомæп фендзынæ, де знаджьт æмæ дæ хæ- лары хуыздæр раиртасдзынæ, дæ зонд мин хатты ’фæхуыздæр уыдзæни. 89
ш Саби уарзон цæстæнгасæй ны’мдзастис зæрондмæ^ йæ уынаффæмæ йын стыр зæрдиагæй байхъуыста„ дамгъæтæй хъулон кгьæй арæхстгай райста, йæ риумæ йæ нылхъывта æмæ бузныг загъта зæрон- дæн. Уазал къæй йæ чысыл къухты бахъарми, цыма дзы уд бацыди, йæ æгомыгдзинад фесæфти æмæ райдыдта ныхас кæнын... Саби уайтагтэддæр фæхибари, фосы дзуджы кæ- рæтты сабыр къахдзæфтæй фæрасти æмæ абетæй удмидæг къæимæ ныхас кæнын райдыдта. Дыууæ мæйы фæстæ Лего-баба уæтæры фаллаг фарс, чысыл суадоны был, къæйыл ссардта ахæм фыст: „Æгас цæуай, рæсугъд дон! Æз дæн Тенга лæппу—чысьтл фийау, цъæх хæхтьтл хизьтн миты хуьтзæн урс фос. Знаг æмæ сæм æвзæрдзинад хæс- тæг нæ уадзын. Куьтд цин кæнын, нæ уæтæрмæ Ле- го-баба кæй æрбацыди, ууыл, уый мын бирæ цы- дæртæ бацамыдта, бамбарын мьтн кодта, кæсын-фыс- сын мæ сахуыр кодта, ныртæккæ мæ бон у, цы за- рæг фехъусон, уый айнæгыл ныффыссын. Мæ цин фыстæй бамбарын кæнон хъæддаг цъиутæн, ме ’мгæрттæй алкæмæн дæр. Фæстæдæр чингуытæ са- мал кæндзынæн æмæ уæд бирæ цыдæртæ бакæсдзы- нæн... Рæсугъд суадои, мæ бæсты ды раарфæ кæн Лего-бабайæн"... Зæронд лæг къæйдур стьтр уарзонæй уæтæрмæ бахаста. Изæры фийæуттæ куьт ’рцыдысты æмæ йæ куьт бакастысты, уæд сын уьтди тынг æхсызгон; Тенга лæппуйы æрцагуырдтой, фæндьтди сæ уьтмæн 90
арфæ ракæнын, цæмæй дзы раппæлыдаиккой, фæлæ йæ уым нал ссардтой. Саби бамбæрста, уый тых... хæй кæй ныхас кодтой æмæ уымæ гæсгæ йæхи бааууон кодта. Уæдæй фæстæмæ Лего-баба зæрдиагæй бауарзта йæ чысыл хæлары, тыхджын ыл райдыдта узæлын— дзырдта йын-иу зæронд. хабæрттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, аргъæуттæ, ахуыр æй кодта Иляйы, Акъакъийы, Важайы æмдзæвгæтæ æнæкæсгæйæ дзу- •рын, амыдта йын кæрдæджыты, дидинджыты æмæ фосы нæмттæ. Æвзонг фийау ноджы фæцырддæр æмæ фæхъæл- дзæгдæр ис. Хуыздæр зилын райдыдта фосмæ дæр; хисдæртæ йыл уый бæрц æууæндыдысты, æмæ нын- иу йæ бæрны бакодтой мингай фыстæ. Сæрд фæцис, фæззæг хæхтæм бацыди æмæ алы ран бур хуыз бафтыдта. Фийæуттæ быдырмæ -ацæуынмæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой. Лего-баба дæр фийæуттæй фæ- хицæн æмæ хъæумæ аздæхын сфæнд кодта. Иæ ацыды размæ бон фосы дзуг аскъæрдта мраморы хохы ’рдæм. Куы бахæццæ сты уырдæм æМæ фос хохы цъæх хъæбысы куы апырхысты, урс мигъьг гæппæлтау, уæд зæронд лæг æвзонг фийауы ба- кодта урс къæдзæхмæ æмæ йын загъта: — Рагæй фæстæмæ хъуыстам, зæгъгæ, дам, Кав- казы ис фараст хохы ахæмтæ, кæцытæм иннæ хæх- ты хуызæнæй ницы ис: сæ иу у алмазæй, дыккаг— пррфирæй, æртыккаг — дзæнхгьайæ, цыппæрæм — ягундæй, фæндзæм—сыгъзæринæй, æхсæзæм—æв- 91'
^зистæй, æвдæм—æрхуыйæ, æстæм—æфсæйнагæй, фа- растæм та мраморæй. Гуырдзиæгтæ рагæй фæстæ- мæ згъæр кусыны дæснытæ уыдысты æмæ ацы таурæгъ æрмæст уыдон зыдтой; уымæ гæсгæ нæ зæронд фыдыбæстæй ардæм æрбалыгъдысты, ацы бынæттæ уыдысты æдзæрæг, сæ зæрдæмæ фæцы- дыстьт, хох рæбын ныккалдтой сæ хæдзæртты бын- .дуртæ æмæ дзы æрцардысты. Уыцы хæхтæй абоны онг кæм цы ссардтон æмæ дзы цы згъæр ссардæуыд, уый зæгъын дын мæ бон нæу. Æрмæст мраморы хох у,- æз æмæ ды кæм лæууæм, уый. Скæс ма ацы урс къæдзæхмæ, æз æй дæс азы размæ цуаны рæстæджы ссардтон; мæнæ ацы къæдзæхы къæртт дæр дæс азы ме тары хæс- сын, фæндыди мæ ацы къæдзæхтимæ хъæбысæй хæ- цын, фæуæлахиз сыл уыдаин, ныппырх сæ кодтаин. Дуртæ, дур фæйнæджытæ æмæ дурын сыфтæ сæ фестын кодтаин, быдырмæ’ сæ нылластаин, сыджыт- сæр хæдзæртты бæсты дзы стыр галуантæ æрца- рæзтаин, бирæ фæцархайдтон, фæлæ мæ бон ницы баци. Ныр мыл зæронддзинад дæр тых кæнын бай- дыдта, фийау æмæ цуаны цæуын дæр хъуамæ ныууадзон, райсомæй фæстæмæ æз æмæ ды кæрæ- дзийæ хицæн кæнæм. Æз цæуын хъæумæ, чизоны яемæ кæрæдзпйыл нал фембæлæм. Æрмæст дæ ку- рын, мæнæ, гъе, мраморы къæртт, ныр та йæ ды хæсс, нырма зæронды бонтаз дæумæ дард лæууынц, ног фидæн дæу у, бацархай мæ фæндон сыххæст кæныныл. Ард бахæр мæнæ ацы сæдæазыккон тулдзыты æмæ тæрс бæлæсты раз; кæд дæуæн дæ *)2
бон нæ бауа, уæд ацы къæдзæхты искæмæн баца- мон, ацы къæртт дæр æм-иу ратт æмæ йын зæгъ мæ зæрдæйы фæндон дæр: æрцæудзæни рæстæг, æфхæрд адæмæн сæ амонд фæзындзæн æмæ ацы урс къæдзæхтæм дæр .æркæсдзæн. Тенга лæппу зæронды раныхасыл фырцинæй хъуа- мæ арвмæ фæхаудтаид, уадындз бæрзонд систаид,. хъæдты æмæ алы ран цæрæгойтæм фæсидтаид цин- дзинадмæ, урс къæдзæхтыл давлурийы кафт сцы- рьтн цодтаид, фæлæ йын Лего^-бабайæ фæхицæны хабар йæ зæрдæ фæриссын кодта, мæстæй тынг тьтх- сти, дзурын йæ бон нал уыди, мраморы къæртт дæр æнæбары райста, Ард хæрыны тыххæц дæр йæ был- тæ æвæндонæй базмæлын кодта... Дыккаг бон чысыл фийауæн йæ цæстытыл зынди цæссыгтæ, куы йæм бакастаиккам, уæд уыдон уы- дысты кæрдæгыл калд æртæхы хуызæн, фæлæ уы- донау мидбылты нæ худти—йæ хуылфы уыди стыр маст æмæ рухс дæр йæхимæ нал уагъта, Фæндыр æмæ уадындз дæр байгомыгысты... Уыцы райсомæй суадоны бьтлыл цъæх кт^æйыл фæзынди ахæм фыст: „мæ суадон, абонæй фæстæмæ ды дæр мæнау мастимæ зар. Ацьтди Лего-баба, ацы- ди æмæ мæ хъæлдзæгдзинад дæр йемæ ахаста..." Ц Ы П П Æ Р Æ М С Æ Р АДÆМЫ СÆУÆХСР1Д Лего-бабайы ацыды фæстæ Тенга лæпттуйæн йæ мидбылты худт фесæфти, йæ зæрдæмæ хъусгæйæ, æнкъардæй цыди фосы дзуджы фæстæ. Зæрондæн цы дзьтрд радта, уый йæ зæрдьтл лæууыди. 93;.
Мæ чысыл къухтæй ацы къæдзæхтыл куыд фæтых уыдзынæн, мæ ардбахæрд куыд сыххæст кæндзы- нæн,—хьуыды кодта чысыл фийау-. Æвзонг фийауы маст алкæмæ дæр бахъардта: дй- динджытæм, кæрдæджытæм, дур-кьæдзæхтæм, цæу- гæдонмæ, æхсæрдзæнмæ, цыма йæм æххуысы цæс- тæнгас дардтой æмæ йын ныфс æвæрдтой, уыйау. —Ма тæрс, Тенга лæппу! Байрæздзынæ, слæг уы- дзынæ, ахæм цæрдæгдзинад дæм æрцæудзæни, æмæ тæхгæ цæргæс дæр æрцахсдзынæ,_ахæм тых дæм •æрцæудзæни, æмæ къæдзæхты дæр ныппырх кæн- дзынæ,—дзырдтой йын уыдон. Цыди рæстæг, æвзонг фийау маст еттæмæ ни- цы хатыд, фæлæ мастæн дæр щ кæрон. Иу зымæджы, фос ма быдыры куы уьтдысты, уæд сæ уæтæрмæ æнахуыр цины хабар фехъуыЪти: адæм сæ рæхысты ныппырх кодтой, æввонгхорты фæтард- той, фæуæлахизысты, абонæй фæстæмæ сæ царды амонды рохтæ сæ къухмæрайстой, адæмы стыр фæ- тæгтæ сты Ленин æмæ Сталин. Ацы уæлахиздзинад нын уыдон æрхастой, сæ зонд æмæ сæ амындæй ахуыр дзыллæйы разы ницы фæлæудзæн, кæмдæ- риддæр ис цæссыджы цад, уыдон хъуамæ басур уой, æдзæрæг бæстæ хъуамæ феста дыргъдон, сы- джытсæр хæдзæрттæ—галуантæ, мæгуыртæн æмæ сидзæртæн хъуамæ скъолайы дуæрттæ байгом уой. Ацы хабар фехъусгæйæ, æвзонг фийау фырци- нæй барызти, адæмы фæтæгты нæмттæй йæ зæрдæ- йы ныфс бацыди; уæд æрбаймысыди, Лего-Бабайæн . дæр паддзах йæ удхæссæг кæй уыди, алы хатт дæр ’ дзыллæйы амондмæ бæллыди, адæмы фæуæлахизмæ г94
тæхуды кодта, йе ссаргæ мраморы къæдзæхтæ дæр æй хæдзæрттæ саразынæн адæмæн хъуыдысты... Ныр адæм фæуæлахиз сты, йæ бæллиц сыххæстис уы- цы зæрондæн дæр, Тенга лæпиуйæн, фийæуттæн, уыдон хуызæн ’мингæйттæн, æнæнымæц , милуан- тæн... Адæмы сæуæхсид Тенга лæппуйы мидбылты худтимæ æрбарухси æмæ та ногæй нæрыдысты йæ зарджытæ. Цас фылдæр хæстæг цыдис, уый бæрц Тенга лæп- пуйæн йаз зæрдæйы маст къатдæр кодта, æмæ йæм ахуырмæ бæллынад та бонæй-бон фылдæр кодта. Иу уалдзæджы сæ фосы дзуг хохы ’рдæм фæцæй чжъæрдтцй иу хъæууынджы. Хъæуæй куы фæцæй хицæн кодтой, уæд уыцы рæстæджы уым хæстæг иу кæртæй дзæнгæрæджы зæлланг фæцыди, дзæнгæрæ- джы хъæры фæстæ райхъуысти сывæллæтты хъæл- дзæг хъæртæ, сывæллæттæ къордгай рацыдысты агъуыстæй дуармæ. Тенга лæппу бамбæрста, уый скъола кæй уыди, æмæ фийæуттæн балæгъзтæ кодта, цæмæй йæ уыр- .дыгæй кæсын бауадзой. Æрбадти " къодахыл æмæ зæрдиагæй фæлгæсын райдыдта, алкæмæ дæр уар- зон цæстæй акасти, фæндыди йæ, цæмæй алцы- ппæт дæр дардæй базыдтаид. Сабитæ иу ран хъазы- дысты æнгузтæй, иннæ ран та дуртæй. Иу къорд дзы рæттæй хъазыди, дыккаг та—хъæбысæй хæцыди. Иу чысыл чызг сырх дарæсьг мидæг бадти бæласы «бын, чиныг байгом кодта æмæ, йе ’нгуылдзтæй амон- 95
гæйæ, касти. Ацы чызджы цур лæууæг лæппутæй сæ иу фесхуыста иниæйы æмæ чиныг. йæ кьухæп ахаудта. Чиныг рыджыныххауди, йæ сыфтæ рахауд- той æмæ ныппырхсты. Чысыл фийаумæ уый хора нæ фæкасти, йæхимидæг мæсты змæлд бакодта æмæ бæллыди ахæм чиныг æм куы уаид. У’алынмæ дзæнгæрæг дыккаг хатт ныззæлланг кодта æмæ сы- вæллæттæ дæр скъолайы агъуыстмæ батындзыдтой, уайтагъд кæрт раафтидис, фæсабыр сты сывæл- лæтты хъæртæ дæр. Чысыл фийауæн йæ зæрдæ фæрьтсти, дзæнгæ- рæджы фыццаг цагъдæй дыккагмæ цы рæстæг ра- цыди, уый йæм фæкастй: ц’ьус, иуæц-иу зивæггæш:г ахуыргæнинагмæ куыд фæкæсы, афтæ. Уымæн æмæ ма йæ фæндыди бирæ куы фæкастаид уыдонмæ æмæ сæ йæ зæрдæ куы хъæлдзæг кодтаид. Тенга лæппу æнæбары растади, амондджын стут, зæгъгæ, загъта йæхинымæр æмæ та фосы дзуджы фæстæ арасти. ФÆИДЗÆМ СÆР Дбилисы ’рдæм 'Чысыл фийауæн йæ рагон бæллиц сыххæсти — хохмæ, уыдон уæтæрмæ Тбилисæй уазæгуаты фæ- зындис, зайæгойтæ чи æмбырд кæны, ахæм экспо- дици. Фийæуттæ зонадон экспедицийæн фæндага- монæгæй арвыстой Тенга лæппуйы. Уымæн йæ цин- дзинад дæр уый уыди. Уазджыты дзаумæттимæ бирæ уыди чингуытæ, фыссыны гæххæтт æмæ ма »0
æндæр æнахуыр, кæй нæ зыдта, йхæм дзауматæ. Æппæт зонынмæ тырнындзинад ын æнцой нæ лæ- вæрдта, фæндыди йæ, цæмæй сæм æввахсдæр уыда- ид, æппæт чингуытæ цæмæй бакастаид, урс, дзæн- хъайы хуызæн гæххæтты æнæ рынцойæ куы фыс- таид йæ зæрдæйы фæндтæ. Хъуьтды кодта, æвæц- цæгæн, гæххæттыл фыст дамгъæтæ рæсугъддæр цæуьтнц, къæй æмæ бæласыл фыст дамгъæтæй. Фыццаг бон æнкъардæй, æнæссыбырттæй цыди зайæгойтæ иртасджыты разæй; дзырдта сын, амыд- та сын къæдзæхтыл, къуылдымтыл нарæг фæндæг- тæ, æрхæй-æрхмæ, хохæй-хохмæ, комæй-коммæ сæ арæхстгай хизын кодта, уыдон куыстмæ тынг зæр- диагæй æмæ лæмбынæгæй йæ хъус дардта, сæ уы- наффæтæм сын хъуыста. Диссаг æм касти, алы зайæ- гойæн дæр кæй лæвæрдтой цахæмдæр æнахуыр нæм- ттæ, уый. Иæха_\дæг сын йæхинымæры се цæг гуыр- дзиаг нæмттæ нымадта. Цалдæр боны фæстæ фембæлди, экспедици зайæ- гойты цæй тыххæй æмбырд кодтой, ууыл, уазджы- тыл фæцахуырис, хæстæг сæм балæууыди, куысты сын æххуыс райдьтдта. Схъæлдзæги, дзæнгæда цæгъ- дын райдыдта, кæрдæгæй-кæрдæгмæ гæпп кодта æмæ хъæртæ дæр кодта. * —Фæрдыг цæст, хуырзæрдæ къæдзæх æрфыг, къæдзæх цæстытæ, схизут уæлæмæ уæ уидæгтимæ, сыйяшты дзы иунæг æрду дæр ма ныууадзут, иу- нæг сыф дæр ма аппарут, уæ рыгæй мацы акалут. Слæсут, æрымбьтрдут: къæдзæхæй, æрхытæй, къуьтл- дымтæй, хуыртæн... 7. Радзырдтæ 97
Уазджытæ фийæуттæм дыууæ мæйы баззадысты. Уыцы мæйты Тенга лæппу уыдонæй нæ фæхицæнис— семæ цыди. Афтæ йæ бауарзтой æмæ йæ сæхицæй никуыдæм уал уагътой. Куысты фæстæ алы изæр дæр Тенга лæппу фæнды- рæй, уадындзæй цæгъдгæйæ, рæсугъд кæфтытæй æмæ зарджытæй хъæлдзæг кодта æнæхъæн экспе- дицийы. Фæндыры цæгъдынæй, кафынæй,. зарынæй- иу куы схШ1гысты, уæд-иу Акакийы, Иляйы, Важа- йы æмæ адæмон æмдзæвгæтæ дзурын райдыта. Сæр-иу æй куы бахъуыди, уæд та-иу аргъæутты дзæкъулæн йæ ком байгом кодта. Алчи дæр дис код- та уый цыргъ зондыл. Иу хатт кæнæ дыууæ хатты цы æмдзæвгæ фехъуыстаид, уый иу уайтагъд базыдта æмæ-иу æй фæндырыл дæр зарыди. Аргъауйæ зæр- дыл бадарынæн-иу æй таурæгъты, .кæнæ æмбисæнд- ты æнæбын дзæкъулы смидæг кодта, æмæ-иу æй сæр куы бахъуыди, уæд сæ-иу хурмæ ракалдта. >■• Куы йæ базыдтой уазджытæ, сидзæр у, зæгъгæ, æппындæр ын кæй ничи ис, уый, уæд ын тынг тæригъæд кæньтн райдыдтой æмæ йæ фылдæр бауарз- той. Алкæмæ дæр дзы æрцыдис уымæн баххуыс кæ- ныны хъуыды. Аскъуыддзаг кодтой, цæмæй фийæут- тæй ракурой Тенга лæппуйы, кæд сразы уой, уæд æй Тбилисмæ акæндзысты ахуыр кæнынмæ. Фыццаг уал Тенга лæппуйæн загътой сæ фæндон. Кавказы хæхтæй Гомборы хæхты ’хсæн Тбилисы ’рдæм ын æнгуылдзæй ацамыдтой æмæ йын ахуыры тых- хæй загътой: ; —Чингуыты хæхтæм дæ фæкæндзыстæм, чернила- 98
йæ цады былыл дæ æрцæрын кæндзыстæм, æмдзæв- гæтæ, аргъæуттæ æмæ радзырдтæ æмбырд кæнын уым базондзынæ. Дæ зæрдæйы цы . бæллицаг сыв- зæрдис, уый денджыз фестдзæнис. Тенга лæппу фыр цынæй уæларвмæ фæхаудта/' жнæссыбырттæй сразы ис. Уыцы ’хсæв нæ бафынæй ис цинæй, куы-иу райдыдта фынæй кæнын, уæд-иу уайтагъддæр фынтæ уыныныл фæци. Цыма-иу кæм- дæр æнахуыр бæстæты рацу-бацу кодта, æнахуыр агъуысттæ æмæ фæндæгтæ уыдта. Æцæгд’æр чины- джыхæхтæ йæразы фестадысты, чернилайы цъæх цад лæууыди йæ разы, йæ алыварс сывæллæттæ Еъордгæйттæй æрхъула кодтон, райтыгътой стыр урс гæххæттытæ, стæй чингуытæ кастысты... Уазджыты фæндон фийæуттæн сæ зæрдæмæ фæ- цыди, иу чысыл сæм фæсмон дæр æрцыди, рахъа- выдысты уазджытæн „нæ" зæгъынмæ. —Нæ, Тенга лæппуйы куыд хъуамæ ауæлдай кæ- нæм, афтæ дард бæстæм æй куыд ауадзæм. Фæлæ Тенга лæппуйы фæндоны раз ницы фæлæу- уыди. —Арæх уæм цæудзынæн уазæгуаты^ фыстæджытæ уæм фысдзынæн,—ныфс сын лæвæрдта Тенга лæп- пу. Фосæй, уæтæрæй æмæ æмбæлттæй рахицæн йæ- химæ дæр стыр зын кастис, фæлæ йæ ахуырмæ тыр- ныны сæраппон алцыдæр ферох кодта, Фийæуттæ йæ æнæ хъусдардæй нæ ныууагътой— йемæ йын арвыстой фийæутты хисдæры- Тенга лæппу ацæуыны агъоммæ фæзылди алы ран дæр, хæрзбон кодта бæлæстæн, дуртæн, æх- 99
^æрдзæнтæн, суадæттæн, хæхтæн, дидинджытæн æмæ æппæтæн. Алкæуыл дæр парахатæй хаста йæ цæо тæнгас, алкæмæй дæр æнкъардта стыр тых, кæцы йæм сидти йæхимæ, зын ын уыди уыдонæй фæхи- ’цæн. —Цæуын, хæхтæ, суадæттæ, æхсæрдзæнтæ, рæ- сугъд цъиутæ, цæуын уæ,—ныллæг хъæлæсæй бæм дзырдта, уарзонæй сыл’ уаæлыди. Зын æм кастис хицæн кæнын йæ фийауы дзау: мæттæй, йæ уæлæдарæсæй дæр; бирæ сыл фæхъуы- ч ды кодта, цы сæ фæкодтаид, ууыл, æмæ фæстагмæ ахицæн кодта: фийауы къадзони лæдзæг сывæрдта цæджындзы сæрмæ цары. Фæндырыл кардьт бырын- къæй ныффыста: „Тенга лæппуйы дæн, мысынæн ныууадзгæ". Йæ хызын та балæвар кодта æвзонг фийауæн æмæ йын хъазгæйæ загъта: —Цæхх æмæ кæрдзынæй алæбон дæр едзаг уæд. ацы хызын, бæркадæй макуы фæцух уæд.Æмæ кæм уон, уым æфсæст уыдзыцæн кæддæриддæр. Тенга лæппу йæ худ æмæ йæ нымæт радта фи- йæуттæм, уадындз йæ* зæнгойы нытъыста æмæ йæ йемæ æмбалæн ахаста; фосы дзуджы алыварс æр- зылд, цæутæ æмæ фырытæн сæ сыкъатыл йæ къух- тæ асæрфта; Бролиа, Джавриа æмæ Аптарайæн хæрз- боны нысанæн сæ раззаг къæхтыл ныххæцыди^ фийæуттæй алкæмæн дæр ныпъа кодта. Фæндыди йæ^ цæмæй Лего-баба дæр ам уыдаид, йæ урс зачъетæн дæр ын ныпъа кодтаид æмæ йын ноджы уыцы мраморы къæдзæхы тыххæй загътаид... фæстагмæ йæ цæст ахаста алцæуыл дæр æмæ арастис фæндаг- гæттимæ. 100
Уыцы рæстæджы уый цыди æнкъардæй æмæ хъуы- ды кодта: „Ай кæдæм цæуын, нæ мæм мæ мад æнхъæлмæ кæсы, нæ мæ фыд, н’æ дæр мæ хæдзар". Фæлæ æнкъардта, цыма йæ цавæрдæр тых размæ тæры æмæ йын йæ хъусы дзуры: „Цæугæ, размæ цу." Уый уыди ахуырмæ бæллицы тых, Лего-баба йын къæйыл цы абетæ ныффыста, уыдон æмæ ар- гъæутты тых. Йæ цæстытыл ауадысты, цыма бæласы цæнгтæ дæлæмæ æртасыдысты, йæ фæндаг ын æхгæдтой, кæрдæг ын йæ цыд къуылымпы кодта, дидинджы- тæ фæндаджырдæм æркъулысты æмæ йæ хæлар цæст- -æнгасæй фарстой: —Тенга лæппу, кæдæм цæуыс? Дæ дзугтæм дын чи зилдзæн, дæ фæндырыл дын чи зардзæн, кæнæ ма махæн дæ хуызæн чи зардзæни бонырдæм æмæ *фыццаг фынæй афон? Фæндаггæттæ ахызтысты Сахъорне æмæ Анда- разнайы æфцæджы сæрты. Ныффардæгысты Къохтийы * къуылдымтыл, цæхгæр алыпкодтой мидæггаг Къа- хеты, Гомборы хæхты æмæ æртыккаг бон бахæццæ -сты Тбилисмæ. Горæд стыр диссаг фæкастис хæхтæй æрцæуæг чысыл уазæгмæ. Нырма еныр фæфиппайдта, дуне афтæ стыр кæй у, уый. Йæ зæрдæ фæфæлдæхти, йæ -зæрдæмæ нæ цыдысты, йæ алыварс кæй уыдта, уы- дон, мысыди хæхтьт, æхсæрдзæнты æмæ суадæтты чзæр-сæр, цъæх нæууы фæтæнтыл пырхæйхизгæ фо- >сы д^угтæ йæ цæстытыл уадысты... 101
ÆХОÆЗÆМ СÆР Скъолайы :■ Горæдмæ куы ныццыд, уæдæй иу къуырийы фæс- тæ айстой кусджыты факултеты цæттæгæнæн кур- сытæм. Ахыры райдианы фыццаг боны йæ скъоламæ- куы фæраст кодтои, уæд æм ахæмæнкъарæнфевзæр- дис, цыма йыл базыртæ разадис æмæ тæхгæ код- та. Фæндагыл æрттивгæ цæстытæй парахатæй ал- цыппæтмæ дæр кастис. Уыцы бон банысан кæньтны: тыххæй алы ныв дæр йае зæрдæйы æвæрдта, цæ~ мæй йæ ма ферох уой. Цæугæ адæмæй йæхинымæр^ домдта: —Сымах дæр базонут æмæ уæ "ма ферох уæд, æа абон фыццаг хатт кæй цæуын скъоламæ. Абон мьш фыццаг хатт æххæст кæны мæ рагон бæллиц, чин- гуыты хæхтыл, чернилайы цады был æрбаддзынæн^ фысдзынæн æмæ кæсдзынæн чингуытæ, цас мæ фæн- да, уый бæрц, ма уæ ферох уæд,—йæхинымæр лсы- бар-сыбур кОдта Тенга лæппу æмæ хæлиу къахдзæф- тæй фæцæйцыди. Стыр зæрдиагæй тырныдта скъо-ч ламæ æмæ ахуыргæнджыты фенынмæ. Хъуыды код- та: цымæ мæм æцæг æнхъæлмæ кæсы чингуыты хох, кæнæ чернилайы цъæх цад, цымæ æцæг баф- сæддзынæн фыссын æмæ кæсынæй. Рæсугъд бæстыхай-иу æм куы фæзынд, уæд-иу загъта: —Чизоны ацы бæстыхай у ме скъола. Тенга лæп- пуйы фæндыди, цæмæй се скъола уыдаид уыцы агъуыстытæй сеппæтæй рæсугъддæр. Бирæ фæцы- дысты. Къуарыл ахызтысты, йæ галиу фарсырдæм 102
цы уынг ацыди, уыцы уынгыл ацыдысты æмæ стыр цыппаруæладзыгон бæстыхайы раз æрлæууыдысты., —Мæнæ, гъе, де скъола,—загъта йын йемæ цæу- æг. Тенга лæппу джихæй аззади, ахæм агъуысты никуы у’ыди æмæ дзы ныр хъуамæ арвита цалдæр’ азы. Тынг йæ зæрдæмæ фæцыдис, уæлдайдæр та агъуысты къулыл цы нывæфтыдтæ уыди, уыдон. Агъуысты бæрзондыл дис кодта, хохы йас æм фæ- касти. Иæ уæлхæдзармæ йын куы скасти, уæд йæ тушаг худ зæхмæ æрхаудта. Дуар æмæ тыргъыл тынг æфсæрмыкæнгæйæ бацы- ди; æрттивгæ мраморæй асинтыл йæ къах хъавгæ æвæрдта. Дыккаг уæладзыгмæ схызтысты æмæ уым æрлæууыдысты. Кæимæ æрбацыд, уый иу чысыл фæстæдæр кæдæмдæр ацыд æмæ йæм иу лæджы æрбакодта. Уый йæ къух æрывæрдта Тенга лæппу- йы уæхскыл, скъолайы уатмæ йæ бакодта æмæ йын загъта: —Мæнæ ам ахуыр кæндзынæ. Цæп, нырдæхæдæг зоны’с, ма нæ фæхудинаг кæн. Тенга лæппумæ ам дæр алцы зындп æнахуырæй: не ’мбæлди, цæй тыххæй ауыгъд у сау ахуырст уæ- рæх цыппæртигъон фæйнæг къулыл, кæцыйæн йæ кæрон æвæрд ис сæрфæн æмæ чъыры къæрттытæ,1 кæнæ уыцы алгъуызон хъулон га^ххæттытæ; йæ ас- тæу сæмæн тъыст, ахæм пурти. Уалынмæ иннæ ахуыргæнинæгтæ дæр райдыдтой æмбырд кæнын. Сæ уæлæдарæс æмæ сæ митæм гæс- гæ зынди уыдон дæр Тенга лæппуйау фыццаг хатт кæй æрбацыдысты скъоламæ. Скъоладзаутæ куыд- фæстагмæ фылдæрæй-фылдæр кодтой, ахуыргæнæг 103
нæма æрбацыди. Раззаг столыл уыди ног чингуы- ты æмæ тетрæдты рæдзагъд. Карандаштæ, ручкæтæ æмæ черниладонтæ æрбахастой; уыцы рæстæджы Дзæнгæрæджы хт>æр дæр фехъуысти. Райдыдта фыц- цаг урок. Скъоладзаутæ партатыл арæгъысты. Тенга лæипу æппæты фæстийæ æрбадти æмæ æдзух æн- хъæлмæ касти зæрдæризгæйа^ Сыххæст, рагæй кæ- мæ бæллыди, уыцы бæллиц! Æрымысыд, цы тæ- худиаг уыдысты, цалдæр.азы размæ ацы минуттæ уымæн. Ныр та йын æцæг æрцыдысты. Цыма фыны ис, афтæ æнкъардта йæхи. Иæ цæстытыл ауадыс- ты хæхтæ æмæ, митау урс, фосы дзугтæ. Цыма йæм æхсæрдзæнты æмæ уадындзы хъæртæ дæр хъуысти... Æрбацыдис ахуыргæнæг. Ахуыргæнинæгтæ иуыл дæр сыстадысты æмæ йын уæздан салам радтой. Тенга лæппу дзы йæ цæстытæ нал иста. Куыд зынди, афтæмæй æнкъардта æнæразыдзинад дæр, æмæ ахуыргæнæджы æнхъæлдта цавæрдæр тынг , стыр, æмбал кæмæн нæй, ахæм адæймаг... Æнхъæлд- та йæ карз, тызмæг адæймаг. Уый та худæндзас- тæй кастис алкæмæ дæр. Ахуыргæнæг журнал райгом кодта æмæ мыггæг- тæ кæсын райдыдта. Тенга лæппу та тыхсын рай- дыдта йæ мыггаг бакæсынмæ æнхъæлмæ ’кæсгæйæ. Тарстгъуызæй æнхъæлмæ касти, ома фыст куы нæ разынон, мийаг, фæлæ йын йæ мыггаг тагъд загъ- той æмæ уæд æрсабыри. 1 НомхыпэД бакæсыны фæстæ сын байуæрстой чин- 104
гуытæ æмæ ахуыргæнæн æндæр дзаумæттæ. Тенга лæппу фыццаг чиныджы асгæрста, йæ сыфтæ йын рафæлдæхта, уым цалдæр æмдзæвгæйы ссардта, кæцыты фехъуыста Лего-бабайæ, диссаг æм фæкас- ти, цымæ ацы æмдзæвгæтæ ам кæцæй фæзындысты, зæгтэгæ. Ахуыргæнæг Тенга лæппуйы мыггаг дыккаг хатт сфæлхатт кодтй, размæ, йæ акодта, чиныг байгом к’одта æмæ йын æнгуылдзæй бацамыдта, кæцæй хъуамæ райдыдтаид кæсьтн, уый. Тенга лæппу фыц- цаг рæгъы райдиан тыххæй райдыдта кæсын. Касти тынг æвзæр, дамгъæты иугай нымайгæйæ, цы каст, уымæн йæ хт^уыды не ^мбæрста. Сыфсæрмы ис, йæ цæсгом фæсырхис æмæ схиди. Æнцон хъуыддаг, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ уыди, чиныгыл нæ фæ- тых фæлмас зæрдæйы хицау, адджын ныхасгæнаг рагæй кæмæ бæллыди, уыимæ йæм цыппар скъола- ,дзауы комкоммæ кастысты, ахуыргæнæг йæ уæл- хъус лæууыди æмæ зæрдиагæй хъуыста, Тенга лæп- пу чиныджы дамгъæтæ хæццæ кæнгæйæ, куыд кас- ти, уымйе. Чиныг кæсын ын фæуадзын кодта, Ахуыргæнæг мел райста æмæ дзы фьтссæн фæйнæгыл цалдæр дамгъæйы ныффыста. Уый фæстæ йæ Тенга лæппу- мæ радта æмæ йын запэта: —Цæй ма ныр, кæддæра фыссьтн та куыд зоныс. 'Тенга л&ппумæ классы фæйнæг фавзындис цъæх къæйы хуызæн, цыргъ зæгæл дæр йæ зæрдыл æрба- .лæууыди, æрымысыди-иу, цалдæргай зæгæлтæ-иу йæ .дзыппы куьтд хаста, уый. Мелы дæр уымæн æрбал- гъывта йæ къух, фæлæйын ныппырхи;йæмуртæ алы 105
рдæм акалдысты. Скъоладзаутæ фефсæрмы сты, кæ- рæдзимæ мидбыл худгæйæ бакастысты. Ахуыр- гæнæг æм æндæр мелы къæртт радта; ныр ыл хъав- гæ ныххæцыди йе *ш<уылдзтæй. Райдыдта чины- гæй хъуыдыуат фыссын, фыццаг дамгъæ „А" æрхахх кодта рæсугъд, уый фæстæ иннæты дæр ноджы рæсугъддæр ныффыста, Ахуыргæнæгæн йæ цæсгомыл фæзынди разьтдзи- нады нысан, йæ уæхскыл ын нæ къух æрывæрдта, йæхи ’рдæм æй разылдта æмæ йæ бафарста: —Чиныг тыххæй кæсыс, хæххон лæппу, æмæ уæ- дæ афтæ рæсыгъд фыссын кæм базыдтай? Раздæры фийау фыр æфсæрмæй йæ сæр æруагъ- та æмæ сабыр загъта: —Фыссын хæххон цъæх къæйтыл ахуыр кодтон,. чиныг та мæм æппындæр никуы уыди. ÆВДÆМ СÆР Профессормæ Универеитеты геологийы. профессор, Кавказы хæхты мидæг цы хъæзныгдзинад ис, уый тыххæй лекци касти фæндзæм курсы студенттæн. Уымæн йæ разы, столыл, уыди хæхтæй æрхаст згъæртырæ- дзагъд. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу систа зп^æртæй куы сæ иуы куы та се ’ннæйы æмæ сынсæ миниуæг лæмбынæг дзырдта. Афтæ амыдта, цыма Кавказы хæхтæ йæ разы чиныгау гом уыдысты, къæдзæхты тæгтьт, цыма, чиныджы сыфтау, нымадта æмæ сæ касти. Уый арф зонынад æмæ бæстон æмбарындзинад.- 106
уый бæрц тарф хъуыдыты ацæуын кодта студентты æмæ сæ ферохис æппæт дæр, уæлдайдæр та раз- дæры фийауы. Уый профессоры алы ныхасæй дæр ныгъуылди арф хъуыдыты. Кавказы хæхтæ, цыма уымæн йæ разы, диссажы чиныгау, лæууынц гомæй æмæ йæ мидæг хæххон мыггæгтæ чиныджы сыф- тау, æвæрд уыдысты, æмæ зындысты: игæргъуз, фæныкгъуыз, цъæх, кæрдæггъуыз, бур æмæ æндæр æмæ æндæр хуызтæ хъулæттæй. Уыдон æхсæнæй Лопоты мраморы таг дæр æрттывта, æнæбын, æнæ зынгæ, хохы цъæх хъæбæр цъары хуылфы æмбæхс- тæй. Зæххы уæлцъарæй уымæ æрмæстдæр иу тæп-: пы йас кæрон каст æрвдзæф тæрс бæласы уидæгты æхсæнæй æмæ æхсыры хуызæн урс тæмæнтæ калд- та. Æгас дунейыл уый æрмæст Тенга лæппу æмæ Лего-баба уынынц, æмæ мæсты кодта раздæры. фийау, .уыцы æнæбары, æнæпайда тæгтыл, дуртыл уый бæрц чингуытæ ис фыст æмæ Лопоты мрамо- рыл та æппьшдæр фыст ницы ис. Стыр ахуыргæнд- тæ ацы мраморы тыххæй абоны онг дæр ницы-ма зыдтой. Профессор уыцы лекцийы Лопоты^доны тыххæй дæр дзырдта. Нывæцыл банысан кодта Сахъорне,, Къохта æмæ Андаразнаны хæхтæ. Банысангонд. хæхты зг^.æрты тыххæй, сæ тæгты æвæрдыл æмæ цы пайда ратдзысты, уый алыварс райдыдта уы- наффæ кæнын. Тенга лæппу куы фехъуыста зонгæ бынæтты. нæмттæ, уæд йæ зæрдæйæн æрынцой нал уыди, иу минуты бæрц- хъуыдыты ацыди. Профессор цы ^07"
:хæхтæ ранымадта, уыдоныл тарф хъуыды кодта. Йæ цæстытыл ауадис уæтæр, фийæуттæ, горæдмæ балц æмæ фийæуттæн куыд хæрзбон кодта, Цъопи- йы къуылдымтыл урс мигъы къоритау, пырхæй фосы дзуг æмæ мраморы къæдзæхыл лæууæг Лего-баба. Афтæ йæм фæзынд, лдама йын йæ хъусы дзуры: чидæриддæр, дам, Ц7>æх хæхтæ фæтджийау бынæй разынын кæна, фехала сæ, быдырмæ сæ ахæсса, уый, дам, сыджытæй æмбæрзт хæдзæртты бынæтты ’фестын кæндзæн галуантæ. Раздæры фийау йæ тарф хъуыдытæй куы рай- хъал, раст уыцы рæстæджы профессор картайыл, Сау денджызæй райдайгæйæ, Гуырдзыстоны бахахх кодта æмæ загъта: — Гуырдзыстон дыууæ денджызы астæу рæсугъд дыргъдон у, цыбæл кæмæ кæной, ахæм дыргъдон. Цыдæриддæр хъæздыгдзинад ис дунейы, уыдонæй дзы алцы дæр ис. Æрмæстдæр Кавказы хæхты цы хъæздыгдзинад ис, уый дæр фаг у, фæлæ, дам, абоны онг æнæиртæст-æбæрæг æмæ æнæпайда бирæ ис... Дыккаг бон раздæры фийау профессормæ бацыд, мраморы къæртт æм æфсæрмдзæстыгæй бадардта ^æмæ йын загъта*. — Цытджын профессор, ды нын дзырдтай Лопоты хохы райдианы тæгты тыххæй. Ацы къæртт иу -зæронд лæг дæс азы фæхаста йе тары. Фыццаг хатт æй ссардта цуан кæныны рæстæджы. Фæнды- дис æй, цæмæй йæ хуры рухсмæ рахастаид, сы- джытын хæдзæрттæ раивтаид галуантæй, фæлæ 108
йæм ивгъуыд рæстæджы йæ хъус ничи æрдардта.. Куы базæронди, уæд мæм ацы къæртт радта æмæ мын бафæдзæх.ста: „Кæд дын искуы гæнæн æмæ амал фæуа, уæд дæ зæрдыл бадар ацы къæдзæхтæ". Хъуамæ йын сыххæсткæнон йæ бæллиц. Ацы къæртт ныр мæнмæ ис æвæрд дыууадæс азы; абоны онг дын уымæн ницы загътон, æмæ уал мæхи фæндыдис- йæ тæгты æвæрды сусæгдзинад. Иу афæдзы размæ уыдтæн Лопоты хохы сæры. Иу хатт ма сбæрæг кодтон уыцы бынæттæ, мраморы къæдзæхьт æмæ ныртæккæ мæ зæрдæ нал фæлæууыди æмæ... Профессор стыр æхсызгонæй раййта мраморы. къæртт, й& къухы йæ æрзылдтытæ кодта, æркасти йæм æмæ лæппуйæн бауайдзæф кодта: —Абоны онг мын æй цæуылнæ искуы загътай., Мраморы къæртт ноджы лашбынæг басгæрста, йæ- хæдæг картайьтл Лопоты доны сæрмæ йе ’нгуылдз. схаста, мраморьт къæдзæх кæм ис, уый сырх ка- - рандашæй баньтсан кодта æмæ хъæлдзæгæй загъта: —Кавказы диссаджы чиныджы ттт>тры онг кæп нæ- зыдтой, ахæм сьтф дæр фæзынди. Тенга лæппу йьтн раарфæ кодта æмæ дзьт куырдта,. абон изæры мæнмæ рацу, зæгъгæ. ÆСТÆМ СÆР Хохмæ та фæстæмæ Июлы фæудьт, иу æмбисбон, Лапанхъурийы хъæу- мæ дыууæ уæззау æмæ дыууæ та адæмы чи ласьт, ахæм автомобильт бацыдыстьт; хгьæусоветы кæртмæ 109'
•баздæхтысты æмæ уым баурæдтой. Автомобилтæй рахызтнс фынддæс лæджы бæрц. Уыдон фенгæйæ, хъæууон адæм æрымбырдысты. Уазджыты æрцыд хъæусоветæн фехъусын кодтой. Адæмæй фенынмæ чи цыди, уыдон фылдæрæй-фылдæр кодтой, уæл- дайдæр та æрымбырдысты цымыдис сабитæ. Уазджытæ Лего-бабайы æрфарстой æмæ куырд- той, цæмæй йæ æрбакæной. Чысыл фæстæдæр æр- базынди митау урс зачъе, гуыбыр астæу зæронд лæг. Уый йæ лæдзæджы æнцæйтты, сабыргай хъуы- ды кæнгæйæ, къахдзæфтæ кодта: „чи хъуамæ уой, кæнæ сæ мæнмæ цы хъуыддаг ис?" Куы бахæццæ ис адæммæ, уæд ын фæндаг^рад- той. Зæронд лæг астæуæй слæууыди æмæ сын йæ сæрæй ныллæг акуывта. Чысыл æнæдзургæйæ æр- лæууыны фæстæ йæм бацыди бæлццæттæй иу, цъæх кастюмджын, фæтæн онгджын рæсугъд лæпиу. Иæ къух ын йæ уæхскыл æрывæрдта, мидбылты худгæ Гæм бакасти æмæ’йын загъта: —Нал мæ базыдтай, зæронд лæг?! Тенгалæппу дæн, Лего-баба, Тенга лæппу,—æмæ йæ иннæ къу- хæй дæр фидар нылхъывта. Зæронд лæг фыр ци- нæй ноджы тыхджындæр ныррызти, йæ фæлурс къухтæй йыл уый дæр ныххæцыди æмæ кæрæдзи- йыл атыхстысты. Тенга лæппу йын йæ риуыл тыгъд зачъетæн цалдæр хатты апъа кодта, Зæронды йе ’мбæлттæм бакодта æмæ сын загъта: —Мæнæай у мæ Лего-баба, арæх уын кæй кой кодтон, уый,| Лопоты мраморы фыццаг чи раргом- кодта, уый—мæ фыццаг ахуыргæнæг! 110
111
—Базæронд дæн, мæ хъæбул, - цæстæй хорз ная уынын, нал дæ базыдтон, мæ сæры баззади, ды фийау куы уьтдтæ, уыцы фæлгондз, фæлæ ныр бьтн- тон æндæргъуызон сдæ,*дæхи аххос у, никуы уал нæм æрбацыдтæ, — бауайдзæф ын кодта зæронд лæг. '’—Уьш ницы кæны, Лего-баб’а, фæлæ > дын ныр стыр æхсызгон хъуыддаг ^сараздзыстæм, дæ разы цы’ард бахордтон, уый сыххæст кæнынмæ цæуæм. Мæнæ уьтй мæ ахуыргæнæг у—профессор, æппæт дунейьт зæххы цъарыл цы-миниуджытæ/ис, уьтдон йæ фондз æнгуылдзау зоны; адон та сты ме’мбæлт- тæ—хæххон инженертæ. Лопота донгуырæнмæхъуа- мæ ссæуæм, ды цы мраморы кæдзæх ссардтай, уый хъуамæ дæлзæхæй хурьт рухсмæ сыппарæм. Лопоты комы дзæнхъайы рухс бауадздзыстæм, дзæнхъайæ дзы галуантæ сараздзыстæмГ Хъæу ныр ,стырæй-чысылæй % æрбацæуæг иртас- джытæ æмæ мрамолыл ныхас кодтои. Профессор æмæ Тенга’ лæппумæ *сæ иу иннæмæн сусæгæй амьтдта. Дьтккаг бон фынддæс бæхы караван арастнс Ло- поты донбылгæрæтты. Цыдысты зын цæуæн комы, стыр дурты ’хсæн, къæдзтæ-мæдзтæ нарæг фæндагыл. ’Уым уыдис тар хъæд, йæ бæлæсты цъуппытæ арвмæ схæццæсты æмæ цъæх арв се ’хсæнты гæппæдгай æрттывта.. Урс фынккалгæ цæугæдон гæппытæ æмæчыр-чыр- гæнгæ калди, æнахуыр хъæртæ хъуысти рæсугъд комæй, зылланг кодта Тенга лæппуйы уадындз. 112
Мрамор кæмуыди, уырдæм схæццæсты изæрмшь ты. Æхсæвы бынат бацагуырдтой æмæ дзы цатыртæ айтыдтой. Мраморы тæгты уайтагъд федтой æмæ сæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. , •» Дыккаг райсом раджы райдыдтой кусын. Æрцаг рæзтой быдырон лаборатори. Маданы адих кодтой сгарæн фадгуытыл, иумæ скуыстой сæрибар, дом^ бай цæнгтæ, цыргъ æйдон æмæ ахуыр лæджы цæст. Райгом кодтой, хохы.хъæбысы рагæй æмбæхст цы мрамор уыди, уый æмæ хурмæ сæрттывтой, цæст сæм нал лæууы—сурс сты хæхтæ!.. т " Æрбахастой рабæрæг кæныны тыххæй фыццаг дург тæ. Райдыдтой кусын химикон тадтæгтæ, лыггæ- нæн цæлхытæ, лæгъзгæнæн духъытæ, хафæн кæрд- тæ, зыкъуыритæ дурæн йæ цæсгом раивта, сæрт- тывта, срæсугъди. Йæ урс фарсыл æрттывтой ал- гъуызон хуызтæ: цъæх гæбынагъуыз, сау стæлфæн- тæ, фæныкгъуыз тæппытæ, донгъуыз хæххытæ, здыхтытæ, ахæм зæрдæмæдзæуæг хуызтæ æвдыс- та, цыма æнæуд дуры хуылфы цард цæджджинагау фыхти. Профессоргиу куы иу къæртт систа, куы иннæйы. Иæ цæсты разæй-иу æй ахаста дард ранмæ, куы та-иу æй хæстæг æрбакодта. Алырдыгæй сæм касти, афтæмæй-иу сæ лæмбынæгæй сбæрæг кодта. Уый фæстæ цалдæры иумæ хъен сывæрдта, дардæй сæм бакасти æмæ стыр цинимæ загъта: —Тынг хорз сты, æнæаипп, уыимæ ма сæм ис диссаджы миниуæг дæр—Кавказы æфцæг нывгонд у йæ хуылфы, æрбакæсут’ ма, мæнæ уыцы рæсугъд да- 8. Радзырдтæ. 113
дзинтæ, уыцы хæхтæ, хæххытæ, æндæр æмæ æндæр- гъузæттæй куыд æрттивынц. Уыдон фæлындзынц растдæр ацы рæсугъд нывы. Цы диссаджы нывгонд сты, дон кæй хицæн кæны, уыцы къуылдымтæ, хохы цъуппытæ, кæмттæ. —Уæдæ, нæ бон бауыдзæни, нæ рæсугъд хæхтæ æнæнывгондæй ахæссæм, цы галуантæ амайæм, уы- дон систам,—æхсызгонæй загъта Тенга лæппу. —Ай, ай, раст афтæ у,—дзуапп ын радта профес- сор æмæ мраморы фæйнæгыл бахахх кодта æфцæ- джы ныв. Профессор уый фæстæ сбæрæг кодта химион сгæрс- ты фæстиуджытæ æмæ электры тыхы ахадындзинад. Æрымных æй кодта, абоны онг Гуырдзыстоны зынд- гонд цы мрамортæ сты, уыдон гъæдтимæ: Салиет, Сванет æмæ Шрошаимæ. Уыдонæй уыди сæ иуæй- иуты æмсæр, иннæтæй та хуыздæр разынд. Дунейыл цы зынгæ мрамортæ уыди, уыдон та фæстийæ фæ- уагъта. Тæгты æвæрд æмæ здæхт кæцырдæм сты, уый ра- бæрæг кæныны тыххæй бакуыстой, разынди дзы ден- джызы йас фæсауæрц, Кавказы æфцæг Сахъорнейы хохæй Андаразмы хохмæ разындис мраморы æфцæг. Фæуæлахизис Тенга лæппу—сыххæст кодта Лего- бабайы фæдзæхст,— афæлдæхта Лопоты мраморыл фыст чиныджы фыццаг сыфтæ. ФАРАСТÆМ СÆР Фыццаг караван Профессор æмæ Тенга лæппуйы фæстæ Лопоты крмы сабырад фæлыгъди: райхъуысти джир- 114
къаты æмæ дзæггорты гуыппытæ, хырхыты хъæр, лæгъзгæн^нты сыр-сыр, фезмæлыдысты змис æмæ нæудзармыл лæсæнтæ, урс къæдзæхтæн сæ цъæх цъар гæппæлгай фæхаудта, хæхтæ урс фестадысты; талынг кæмттæ дзæнхъа æмæ сыгъзæрин рухсæй сæрттывтой. Кусджытæ дæр урс хæхты урс горæ- дæн бындур æрывæрдтой, урс цатыртæ сарæзтой, ■байгæрстой фæндæгтæ, шахтæтæ æмæ райдыдтой мрамор къахын. Тенга лæппу нæуæг тæгтæ кæй ссардта, уый тых- хæй фылдæр цин кодта, хæххон дымгæйау ратæх- <5атæх кодтаиу ранæйиннæ ранмæ; бæлвырд сæкод- та, агуырдта сæ, лæмбынæгæй сæ иртæста, сæр-иу кæм бахъуыди, уым зонад æмæ тыхæй дæр æххуыс кодта, кусджытæн-иу хатт хъазæн ныхас дæр код- та. Алкæмæн дæр йæ зæрдæйы уаг уыди йæхи фæн- доныл арæзт æмæ йын уымæ гæсгæ лæвæрдта амынд, уый тыххæй алчидæр уарзта инженеры, хуыдтой йæ сыгъзæрин зæрдæджын, арæх-иу райста кусæн дзаумæттæ, кусджытæн æххуыс кодта æмæ-иу сын загъта: —Ерысæй спырх кæнæм, фæсивæд, ерысæй, уæрæх риуæмбæрцæй размæ бырсынæй къæдзæхты нып- пырх кæндзыстæм, æгъгъæд сын фæуæд ныронг зæххы бын хуыссынæн, ныр та мах хъæуынц уыдон; Кавказы урс нуæрттæ мах нæ галуанты уæрæх риу- ты хъуамæ сывæрæм, цæмæй йæ бæрзондæй арвы «фæдих кæна; дур дурыл æрывæрæм, ныр тагъд фæ- 7 зындзæнр1 уæйгуыты караван, сæ чъылдымтыл ам- бартæ æвæрд, афтæмæй цæхæркал æфсургътæ æрба- 115
кæлдзысты, кæд хорз лæппутæ стут, уæд сын сæ асрæутæ дурæй фæтасын кæнут. Уый хъазыны хъуыд- даг нæу, мийаг, фыццаг лæвар хъуамæ арвитæм нæ фыдыбæстæн! Æцæгдæр, цасдæр рæстæджы фæстæ æрбацыдыс- ты.стыр автомобилты караван æмæ сæ чъылдымтæ бадардтой урс къæдзæхтæм. Цалынмæ машинæты караван йедзаг кодтой, уæд- мæ урссæр хæхты фæсивæд машинæты сфæлыстой •цъæх бæласы къалиутæй æмæ дидинджытæй. Цъиу- тæ сæ чысыл бырынчъытæй суадонæй дзæнхъайы хуызæн æртæхтæ систой, хурырдæм атахтысты, ху- ры рухс уыцы æртæхты фæныкгъуыз мигъ фестын- кодта, йæ уæлæ йын авд хуызон, авд „арвырон" сныв кодта æмæ йæ мраморы комы караваны ацæуæн фæндагыл, æрдынау, сныв кодта. Урс хæхтæ уаритæм, цъиусуртæм, цæргæстæм фæ- сидтысты æмæ сын бафæдзæхстой: караван чердæм цæуа, сымах дæр уыцырдæм хъуамæ тæхат, хæх- тыл кæд хизой, уæд сымах дæр хизут, доныл кæд хизой, сымах дæр ахизут, кæмтты, быдырты кæд згъо- рой, сымах дæр дзы тæхут, бахæццæ сæ кæнут, кæ- дæм цæуой, уырдæм, базонут мах урс къæдзæхтыл цы æрцæудзæни æмæ нын хабар фехъусын кæнут. Размæлыди тыхджын автомашинæты стыр къорд^ йæ астæу тасгæйæ, хъыррыстгæнгæйæ, æмæ семæ ахастой урс хæхты урс рухс. Уыцы рæстæджы куы акастаис, уæд фенхъæлдтаис, цыма Кавказы хæхты У]зс къæдзæхты здыхтаг стыдтой, уæйгуытæ йæ сæ уæхсджытыл сывæрдтой æмæ йæ фæхæссынц, 116
Караван дыккаг бон бахæццæис Тбилисмæ. Мра- моры фæхсыты, нæуæг хæдзарæн бындур кæм къах- той, уырдæм баластой. Уæларвмæ цы агъуыст хъуа- мæ схæццæ уыдаид, уый сисы куыддæр æвæрдæр- цыдысты цъæх къæдзæхы дуртæ, агуыритæ, цæн- гæт æмæ æндон, афтæ рухс цæсгом мрамор дæр йæ уæхсчытæ. бадардта уæладзгуытæм. Кавказы тых фæфылдæрис; йæ хъæбысы æрбакодта дуæртты, рудз- гуыты, тыргъы, агъуысты æрдынты. Куыддæр агъ- уыст ихын хохау уæларвмæ схæццæ æмæ йыл æн- дон худ ныккодтой, афтæ йыл мраморы рухс æмæ рæсугъддзинад тынгдæр бафтыди. Алчи дæр цин кодта, хæххон мрамор хохы йас агъуысты мидæг кæй ныффидарис, ууыл, райгаси æмæ сдзырдта. Агъуыс- ты къултæй йæ рухс дардмæ кæлы, æнæнымæц адæм уынынмæ цыдысты уымæ; стырæй-чысылæй æрмæст ууыл ныхас кодтой, цæхæрадæттæ æмæ æхсæрдзæн- тæ дæр уый тыххæй хъус-хъус кодтой, уый рухс æмæ тыхмæ тæхуды кодтой, тагъд иу цæхæрадон- мæ дæр балæгæрста урс рухс—специалистытæ урс мрамор уырдæм дæр бахастой, ныллыгтæ йæ кодтой, йæ алыварс -ын нывæфтыд ронæй æрбабастой, йæ уæлæ йын сæнæфсиры бæлæсты здыхтытæ сныв код- той, уазийыл харистуала сæнæфсиры цупæлттæ æр- цауыгътой, дыргъдоны астæу урс къæдзæхтæ æр- царæзтой, Кавказы хæхтæ дзы сныв кодтой æмæ сыл зехсæрдзæнтæ рауагътой. Уыцы рæстæджы урс хæхты æрвыст уари уыцы цæхæрадоны сæдæ азыккон тулдзбæласыл бадти яемæ касти, дуры дæснытæ сисы мидæг куыд удæ- гас кодтой урс хæхты дурты, уымæ. 117
Æрмдæснытæ сæ куыст куы фесты æмæ куы ацы- дысты, уæд уари дæлæмæ æртахти, здыхт сæнæф- сиры бæласыл цы нæмгуытæ уыди, уыдонмæ хæ- рынмæ февнæлдта, афтæ æнхъæлдта, цыма æцæг ’сæнæфсиртæ сты, афтæ æнкъардта, цыма сæнæфсиры сыфтæ уазийыл змæлыдысты; стæй урс æхсæрдзæ- ны донæй банызта, ныфс дзы тынгдæр бацыдис^ схъæлдзæгис, ныззарыди, йæ урс базыртæ тилгæйæ атахти урс хæхты ’рдæм æмæ уыдон урс къæдзæх- ты райгасы хабар йемæ ахаста. ДÆСÆМ СÆР Уазджытæ Фыццаг караваны ацыды фæстæ ноджы бирæ æн- дæр каравантæ байдзагысты урс къæдзæхтæй, урс хо- хы рухс бирæ галуанты, цæхæрадæтты æмæ суа- дæтты срæсугъд кодта, стыр æмæ йын аккаг кад скодтой. Фæуæлахиз ис Тенга лæппу. Фæуæлахиз ис, фæ- лæ йын уæддæр Лего-бабайы ныстуан æрынцой нæ лæвæрдта, дзырдта-иу æм: Кавказы бæрзонд æфцæ- гыл... ис хæхтæ: алмазæй, порфирæй, дзæнхъайæ^ яхонтæй... Иæхи дæр уырныдта, куыд арвы ныц- цæвгæ хохы цъуппытæй æмæ стыр кæмттæй дих цьг зæхх у, уыцы стыр къуылдымты мидæг уыдзæни бирæ хъæзныгдзинад æмбæхстæй æмæ уымæ гæсгæ алы сæрибар боны цыдис згъæр агур. Ацы бондæр уый æмæ дыууæ кусæджы згъæр агурынæй æрыз- дæхтысты, Мухатцихурайы комæй дæлæмæ цыдыс- тй агурæг. Мраморы ’рдæм цы фæндаг цæуы, уымæ- 118
куы æрбахæццæсты, уæд инженер иу бæласыл ба- фиппайдта зæронд фыст, кардæй фысты кæрæтты цъар равæрдта æмæ дамгъæты бамбæрзта, иуæй-иу кæройнаг дамгъæтæ æмбæрзт уыдысты цъарæй, ба- зыдта йæ фыст; мин фараст сæдæ фынддæсæм азы фыст кæй уыди, уый. Стыр диссаг æм фæкастис... Æмбæхст дамгъæтæн сæ цъар рахицæн кодта, разы-' нын сæ кодта æмæ сæ бакасти. Фæстаг рæнхъы уы- дис фыст: „Æгас цæуай, бакæсæг, Тенга лæппуйы фыст дæн". Инженерæн йæ зæрдæ сынкъуысти, æры- мысыди, ивгъуыд бонты ацы хæхты æвзонгæй кæй арвыста, уыцы рæстæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый уæд ницы зыдта, æмæ-иу йæхи арæх фарста, цы дзы хъуамæ уа ацы хæхты фалийæ, кæдæм цæуынц ацы мигътæ, кæнæ ацы дæттæ, суадæттæ кæдæм згъорынц æнæаскъуыйгæйæ? Инженер йæ фыст дыккаг хатт куы бакасти, уы-. цы рæстæджы дæлийæ кæйдæр хъæр фæцыди, фыц- цаг æй нæ бафиппайдтой, фæлæ фæстагмæ уыцы хъæлæба хæстæгæй цалдæр хатты фехъуысти. Уый уыди пионерты уадындзы хъæр, цæмæй фæндагыл сæ къæхтæ æмист кодтаиккой. Уыимæ фехъуысти хъæлдзæг хъæлæба. Чысыл фæстæдæр сабиты æнæ- хъæн æфсад разынди; фæндаджы былтыл цыдысты худгæ æмæ заргæ. Фиалкæтæм æмæ сауцъиутæм хъæр кодтой: —Ей, хъæды дидинтæ! Бакæнут дуар, айтындзут уæ цæнгтæ, хъуынайæ гауызыл рабадут, хуызджын тæбæгъты байдзаг кæнут адджын тæфæй, урс хæх- ты уазджытæ уæм фæцæуынц. 119
* Афтæ хорз фендтаг уыдысты æмæ фенхъæлдтаис, цыма, дидинджыты къорд рахæлиу ис æмæ уыдон æрцæуьшц, сæ къухтæ едзаг уыдысты дидинджы- тæй, алгъуызон зойъотæй, рæсугъд чысыл дуртæйк иуæй-иуты сæртыл дзы уыди кæрдæгæй худтæ, ин- нæтыл—дидинджытæй худтæ, аннæтæн та сæ сæр- тыл æмбæрзт уыдис бур сыфтæ. Уыдон хъæлдзæгæй, цыма æрдз дæр цин кодта, ком дæр æнахуыр хъæлæба кодта, хъæд сыбар-сы- бур кодта, зарыди, уымы цæрæгойтæ уазджыты раз- мæ згъордтой; сау цъиутæ къутæрæй-къутæрмæ пæрпæр кодтой уасгæ, тыртынатæ сæ къæдзилтæ тилгæ, гæппытæ кодтой бæласæй-бæласмæ, доны кæ- сæгтæ хæрдмæ хаудтой. Куыддæр раздзæуæг бафиппайдта æцæгæлон бæлц- цæтты, афтæ йе ’мбæлттæм фæдзырдта уадындзæй, æвзестиатæй æвиппайд æрбамбырдысты æмæ рæгъæй рацыдысты. Бæлццæттæн пионертæ салам радтой æмæ мрамор кæм къахтой, уыцы бынат бафарстой. —Мах дæр уыцы ’рдæм цæуæм,—дзуапп сын рад- той æнæзонгæтæ æмæ уыдонимæ иумæ ацыдысты мраморы къахæн бынатмæ. Дард ма уыди уырдыгæй маданмæ фæндаг, фæндагыл бирæ фæныхас кодтой, фылдæр сæ ныхас уыди урс хæхты тыххæй, уыдон фыццаг чи раргом кодта, уыцы Лего-бабайыл. Мраморы урс горæдмæ куы бахæццæ стьт, уæд æр- Цагуырдтой кондады хисдæры. —Мæнæ, йе, уый у уе ’мфæндаггон, кондады хис- дæр æмæ сæйраг инженер,—бацамыдтой Тенга лæп- пуйы. Уыдон фефсæрмы сты æмæ фæсмон дæр код- 120
*гой, фæндагыл æй кæй нæ бафарстой, чи уыди, кæ- нæ цы кусæг уыди, уый тыххæй. Инженер бамбæрста уыдон мæт æмæ сагъæс, æмæ сын, æнæ исты дзургæйæ, райдыдта фысымиуæг кæ- нын, Изæрмæ мраморы къахæны сыхы æрзылдысты, йнженер дæр семæ, афтæмæй, æмæ сын амыдта, куыд æй ссардтой, куыд æй раргом кодтой æмæ йын цы нысаниуæг ис, уый. Изæрц уазджытæн кад скæныны тыххæй урс горæды кæрон скодтой стыр арт. Чысылæй стырæй уырдæм æртымбылысты. Ныццагътой доли, чонгури, уадындз. Зард æмæ кафт ивтой кæрæдзийы, кæрæ- дзимæ ерыс кæнгæйæ, æмдзæвгæдзурджытæ урс хæх- тыл скæнгæ зарджытæ кæрæдзи дзыхæй истой. Фæстагмæ пионертæ арты алварс æрымбырд сты, хъуамæ ныззарыдаиккой, фæлæ уыцы рæстæджы инженерæн фехъусын кодтой, ноджы та, дам, иу æнахуыр уазæг фæзындис, зæгъгæ. Инженер уыцы уазæджы дæр уайтагъд артмæ æрбакодта æмæ пионертæн загъта: —Амондджын къах нæм æрбавæрдтат, мæ чысыл ххуртæ, базонгæут Иван Михаилы фыртимæ, уый дæр сымахау урс хæхты уазæг у, æрмæст дард бæстаг, тынг дард районæй у—нæ бæстæйы сæйраг горæдæй нæм æрбацыди, Мæскуыйæ. Сабитæ кæрæ- дзийы хъусты сусу-бусу кодтой æмæ сегасæн дæр - сæ цæстытыл зынди цины хуыз. —Иæ мраморы хабар дардмæ айхъуысти,—загъта инженер,—Мæскуыйы зæххьт бын, метройы цы æф- •сæнвæндаг аразынц, уыцы арæзтадтæй æрвыст у 121
Иван Михаилы фырт. Уымæн бахæс кодтой Лопотьг мраморæн Мæскуымæ æрласын æмæ дзы метройы срæсугъд кæнын. Ацы хабарыл адæм сымбæлдысты стыр цинимæ. Сæ хъæлдзæг бæрæгбон арты фарсмæ ахаста æм- бисæхсæвмæ. Дыккаг бон пионертæ мæскуыйаг уа- зæгимæ мрамор кæм къахтой, уый уынынмæ ацыдыс- ты, байхъуыстой урс хæхты æмбисæндтæм дæр, Пионерты ацæуыны размæ кусджытæ равзæрстой се ’ппæтæй рæсугъддæр мраморы къæртт, чысыл хъазæнтæ дзы сарæзтой, урс хæхты мысыны тых- хæй сыл ныффыстой æмæ сын сæ байуæрстой. ИУÆНДÆСÆМ СÆР Бæрæгбонмæ Тенга лæппуйæн йæ бæллицыл базыртæ базади— фыстæг райста Мæскуыйæ; Иван Михаилы фырт хъусын кодта: —Уæ урс хæхты мрамор иттæг рæсугъдæй æрт- тивь! æмæ рухс кæны метройы. Дæс боны фæстæ уыдзæни нæуæг фадыджы арæзтады бащомы бæ-< рæгбон. Мах арæзтады кусджытæ дæу тыххæй ал- цы дæр зонынц, æнхъæлмæ дæм кæсынц. Ныфс нæ ис, дæ дзырд кæй сыххæст кæндзынæ æмæ нæм кæй æрцæудзынæ. Ацы ныхæстæ бакæсгæйæ, Тенга лæпп^ фыццаг - ахъуыды кодта: „Цымæ нæ фæтæджы фендзынæн æви нæ"... Арф хъуыдыйы ацыди, ахæм зæрдиаг хъуыдыйы, кæцыйыл тагъд хъуыддаджы ницы .тых 122
кæны, æмæ алцыппæт дæр йæ цæстыты раз феста- ди... Æнахуыр цавд кодта йæ зæрдæ раздæры фи- йауæн, кæй тыхст, уый’æттийæ ма дзы бацыд тас дæр, уымæн æмæ ма фондз боны баззад бæрæгбон- мæ. Фондз боны æгъгъæд уыДи урс хæхтæй Мæс- куымæ фæндагæн, фæлæ йын уый бæрц куыстытæ ис, æмæ йын ацæуын уыцы рæстæджы зын уыди,, кæннод ын ирвæзы метройы нæуæг фадыджы арæз- тады бæрæгбон. Стыр зæрдиагæй йæ фæндыди урс- хæхты рухс фенын, уыимæ ма ноджы Мæскуыйы кондады тыххæй уыди зæрдиаг хъуыддæстæ ара- зинаг. Ныфс ма йæ уыдис уæлдæфон фæндагæй. Цу бон банысан кодта уый тыххæй, иннæ рæстæг- та ныууагъта, цæмæй йæ куыстытæ фæуа рæстæ- гыл. Æртæ боны афтæ тагъд аивгъуыдтой куысты ми- дæг, æмæ инженермæ æртæ минутæй фылдæр нæ фæ- кастысты. Дыууæ боны майын баззади. Уыдондæр ын Лопоты комьт куы аивгъуыдтаиккой, уæд йæ* рагон бæллиц фæздæгау атадаид, мæстæй æртху- тæг фестадаид. Фæлæ куыста æхсæв дæр бонау, хъуыддæгтæ хорз рацарæзта, стæй æппæт кондад ныфсджын къухы бафæдзæхста. Куыстытæ цалынмæ фæци æмæ сæхимæ раст код- та, уæдмæ рæстæг фæсæмбисæхсæвæй ахызти. Æн- дæр рæстæджьт раздæры фийау æхсæвыгæтты цæ- уын не сфæнд кодтаид ацы зынвадат хæхты, фæлæ йæ ныртæккæ ацы хабары тыххæй хъуыдыйы æп- пындæр ницæмæ æрдардта. Автомашинæ, дымгæйау, нытахти Лопоты доны 123
былты æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ Тбилисы ае-. родроммæ фездæхти. Бонырдæм схъæлæба кодтой хæдтæхджытæ. Арвыл, цæргæстау, схæццæсты. Мæс- куымæ цæуæг фæндаггонтæ дæр рæстæгыл æрба- цыдысты. Бар радтыны фæстæ алчидæр хæдтæхæ- джы йæ бынат æрцахста. Тенга лæппу сбадти дык- каг рады. Уыдон хæдтæхæг дæр скуыста, йæ бына- тæй фезмæлыди, зæххæй фæхицæни, цалдæр зылды æркодта æмæ мигъты сæрмæ февзæрдис. Тенга лæппу хуры скаст ахæм бæрзондæй фыц- цаг хатт федта æмæ уæд æрбаймысыди: фынддæс азы размæ-иу парахатæй тæхгæ федта уарийы æмæ иу бæллыд: уыцы уарийы базырты хсæн куы бадин, æмæ, дам, дунейыл куы æрзилин, цыма йын уыцы бæллиц дæр сыххæст нырт&ккæ. Уарийы бæсты зынгæй зæрдæджын стыр æндон маргъыл бад- ти æмæ йæ хæссы, тæхуды кæмæ фæкæны, уыцы бæстæм, цы ран уый урс хæхты рухс дæр тæмæн- тæ’ калы. Хæдтæхæг афтæ бæрзæндты тахти æмæ агъуыс- тытæ тæппытау зындысты, хæхтæ та—чысыл къуыл- дымты йас, цымæ иу цæсты фæныкъуылдмæ фæ- хицæнис Кавказы хæхты бæрзæндтæй æмæ Уæрæсе- йы, цæст кæуыл не ’ххæссы, уыцы быдырты сæр- ты тахти. Хæдтæхæг ра.змæ тырныдта, йæ риуæй гæрста уæлдæф, цалдæр сахаты ма æмæ йæ бæлли- цы базыртæ ноджы фæтынгдæр уыдзысты, рухсау ссудздзæн æмæ йын æцæг рауайдзæни... Мæнæ иу циндзинад ныггуыпп кодта, разынди Мæскуы. Нæ фыдыбæстæйы æнæкæрон ахсджиаг 124
•зæрдæ. Цы амондджын минуттæ йын æрлæууыди Тенга лæппуйæн, ныртæккæ ма сæ иу чысыл фæн- даг хицæн кæны, нестыр фæтæг кæм цæрьт, уыцы горæд Мæскуыйæ. Æрдæг сахаты фæстæ Горкийы уынджы, иу агъ- уысты тыргъы фехъуысти дзæнгæрæджы хъæр. Фысьтм уайтагъд дуар бакодта. Æрбацæуæджы фьтц- цаг бакастæй нæ базыдта, фæлæ уазæг йæ мидбьтл- ты куьт бахудти, уæд цинæй фæхъæр кодта: —Тенгиз Василы фырт, æхсызгон мын у, æхсыз- гон! Дæ ныхас урс хохæй дæр фидардæр у. Раст- дæр йæ тæккæ хорз афоны æрхæццæ дæ, сом фен-. дзыстæм уæ мраморы рухсæрттывд. Дыккаг бон уазæг æмæ фысым рагацау ацыдьтс- ты. Метройы цыппæрæм фадыджы арæзтады кус- джытæ æмæ æндæр куыстуæтты минæвæрттæ сьтн- дæггай æмбырдтæ кодтой. Иван Михаилы фырт уазæджы хъусы бадзырдта: куыд кæсын, афтæмæй Кремлæй æрбацыдысты æмæ бæрæгбон тагъд. райдайдзæни. Нысангонд рæстæгыл бакодта дуар. Райдыдтой кусын змæлгæ асинтæ, асины къæпхæнтæ адæмæй байдзагысты æмæ сæ зæх- хы бынмæ нылластой. Куыддæр ныххæццæсты, аф- тæ алчидæр йæ амынд бынат бацахста. Æнхъæлмæ- кæсæн зал цæхæртæ калдта. Алы хай дæр уьтди арæзт стыр дæсныйадæй, джиппы уагъд, амад ныв- æфтыд, сæрибардзинады куысты æмæ тохы скулп- туратæ, уыцы нывтæ æнахуыр рæсугъддзинад лæ- вæрдтой агъуыстæн, æппæт дæр стыр зонды рухсæй æрттывтытæ калдтой. Тенга лæппу куыддæр- бахызти, афтæ уайтагъд- 125*
,дæр базыдта къулты æмæ æрдынты фисынты æвæрд, Лопотаг мрамор, уыцы цыты бæрæгбоны рухс- мæ мраморы рæсугъддзинады æрттывд зæрдæйы йæхимæ скъæфта, урс хохы æвæрд куы уыди, уы- мæй тынгдæр. Уæдмæ Тенга лæппу уый æнхъæл нæ уыдис, уыцы уазал дуртæ афтæ тынг кæй срæ- юугъд уыдаиккой æмæ ныр йæ зæрдæ цинæй бай- .дзаги. ^ Раныхæсты æмæ арфæты агъоммæ æппæт нæ бæс- тæйы разамонджытæ æнæхъæн арæзтады зæрдиагæй . басгæрстой. Лопоты мраморы цурты куы бацыдыс- ты, уæд дзы се гасæй фылдæр фæлæууыдысты дыу- уæйæ, гуырдзиагау цалдæр ныхасы загътой, Кав- казы хæхты кой ракодтой, къухæй æрысгæрстой мраморы æмæ кæрæдзимæ бахудтысты... Иван Ми- хаилы фырт бафиппайдта., уазæг фырцинæй кæй ютыхст, уый, йæ къух ын райста æмæ йын раарфæ кодта йæ уæлахиздзинады тыххæй. Чысыл фæстæдæр метройы æфсæнвæндæгтæ азæлы- дысты, ^электровозты улæфт, цæлхыты гуыпп-гуыпп, дымгæйæ змæст денджызы улæнтау,' бакалдысты æнхъæлмæкæсæн залмæ. Раздæр уал йæ зынг цæс- тытæ æрбарухс кодтой, фæстæдæр æфсургъ йæхæ- дæг æрбазынди æмæ ныхъхъæр кодта. Алыг кодтой фæндаджы уæлæ цæхгæрмæ баст сырх быд æмæ электровоз æмдзæгъды хъæрмæ æр- балæгæрста ног фæндагыл. 126
Электровозы ныв Лопоты мраморы цæсгомыл сæрттывта. Урс хохы арæзт дуртæ ноджы тынгдæр Быррæсугъдысты. Тенга лæппу йæхимидæг ахъуыды кодта: тæхуды .æмæ ма Лего-баба гас куы уаид, уæд ацы бæ- рæгбон уый дæр федтаид.
К. ЕЛИСАБЕДАШВИЛИ ДОЛИС-ПЪУРИ Уæдæ ма Кетеванæн йде фырты зæнæджы фен- дæй тынгдæр йæ зæрдæ цы барухс кодтаид? ’ Кетеван лæууы æнхъизгæ пух. хыссæйæ йедзаг арынджы фарсмæ æмæ цыдæртæ архайы. Æвиппай- ды йæ хъустыл ауади машинæйы >хъæр æмæ дуар- æрдæм бауад. Кулдуар æрбайгом хъæлдзæг унæрмæ æмæ цы- бæл Гигла кæртмæ æрбахызт. Саби йæ дзауматæ зæххы авæрдта æмæ. йæ фыды мады ’рдæм баз- гъордта. — Нана дæ нывонд фæуа, ныр дæм кæдæй ныр- мæ æнхъæлмæ кæсьтн,—зæрдиагæй йын ахъæбыс кодта æмæ йын апъа кодта. Гигла ауыдта сæны ныккæнды раз фæцæйцæу- гæйæ дада æмæ йæ фыды æфсымæры. — Кæдæм цæунц?—афарста хъæлдзæгæй Гигла. — Хуым кæрдынмæ фæнд кæнынц, мæ хъæбул. Гиглайы ауынгæйæ, баба джихæй аззад. •— Чи дæ æрбакодта, лæппу?—загъта зæронд 128
æмæ та йын апъа кодта, йæ мидбылты худгæйæ^ — МТС-ы машинæйыл мæ рарвыста гыцци. — Куыдтæ стут? Куьтд цæрут уæхимæ ?—афарста зæронд. . ■ " . , — Гигла нын ныр тынг бахъомыл! } — Нырыонг цæуылнæ цыдтæ?—фарстой Гиглайы хисдæртæ. Кетеван рæдау цæстæнгасæй касти Гиг- ламæ æмæ йæ уындæй не ’фсæсти. . , — Æз дæ райсом мемæ хъуамæ хуым кæрдынмæ акæнон, мæ хъæбул,—загъта баба æмæ Гиглайы сау сæры хъуынты йæ къух ауагъта. Уый фæстæ, æртыкъухыг йæ уæхскмæ баппаргæйæ, цæуынмæ ахъавыд. Кетеванæн раст цыма йæ зæрдыл исты æрбалæууыд, уыйау æвиппайды фæстæмæ фездæх- ти, йæ цæнгтæ афистæг кодта æмæ хæринагара- зæндонмæ фæрасти. — Мæнæ диссаг! Уый цы уынын мæ цæстытæй!— фæхъæр кодта ус, хæринагаразæны къæсæрыл фæ- лæугæйæ, æмæ йæ уæрджытæ атъæппытæ кодта. ’ Дзæргъ хыссæйæ йедзаг арынг тæрхæгæй рап- пæрста, йæ цыппар къахæй балæгæрста а^рынджы æмæ гыбындзеллайæ æфтъæрдта. . Кетеван фырмæстæй фæмидæг хæринагаразæн- доны, дур фелвæста æмæ дзы æнæхонгæ уазæджы фæрстæ ахъаззаг фæцæф кодта. ’ — Уæууаг куыд фæцис мæ сæр, хуым кæрдæн нын уæддæр куы нæ уаид! Кæд ма мын сынхъиз-. дзæн ног хыссæ,—хъаст кодта Кетеван, дуары цур чи æрбалæууыд, уыцы хиуæттæн, кæцытæн дзæргъ, къох-къохгæнгæ, сæ къæхты бынты агæпп кодта^ 9. Радзырдтæ. 12а
æмæ Гиглайы фыды хо Матикъойы ног марзт кæр- ты фæдгæнгæ афардæг. •’ —Нана, афтæ ’нхъæлыс, æмæ уымæн йæ гуыбын фæрисдзæн долис-пъурийы ссадæй конд пух хыс- сæйæ!—худгæйæ дзырдтой Гиглайы мады æфсы- мæртæ. у " — Ницы кæны, Матикъо нын хуыммæ нартхоры кас æмæ ахуыйæн рахæсдзæн,— сабыр æй кодта Ке- теваны йæ лæг, къухаууонæй уæллаг хуымты ком- баин куыд фæцæйцыд, уымæ кæсгæйæ. Матикъо брон калæн фæйнæгæй хафын райдыдта хæринагаразæндоны пол, Кетеван æлгъыста, афтæ- мæй архафæнæй сыгъдæг кодта арынг. Гигла йæхи аххосджыныл нымадта, хæринаг ара- зæны дуары цур лæугæйæ, æнæкæрдзынæй кæй базза- дысты, уый тыххæй. Устытæ йæ куыннæ бафип- пайдтаиккой, афтæмæй лæппу ахызт кæртмæ. Уый размæ кæрты кулдуары цур цы дзаума фæуагъта, уый схаста рæсугъд бæлонгъуыз хæдзары тыргъ- мæ, æмæ сæ тæрхæгыл æрæвæрдта. Фæстæ- мæ кæртмæ æрыздæхти. Сæны ныккæнды ’рдæм азгъордта, дуар бакодта æмæ ссадæй емыдзаг хор- доны дуарыл схæцыд. — А, а, гыцци,—загъта Гигла æмæ Кетеваны раз ёерывæрдта мæрты дзаг ссад. 1 — Ногæй та скæнæм хыссæ, ногæй, мæ хъæбул, сихор афонмæ сцæттæ уыдзæн,—йæ мидбылты ба ■• худгæйæ йын загъта йæ фыды мад. 130
— Кæд не сцæттæ уа, уæд уымæй дæр ницы фе- «сæфдзæн,—загъта Гигла. Матикъо, тароиæ æриста къаннæг хъуырау æмæ йæ Кетеванмæ радта. — Уый цы у?—хъуыраумæ ныккасти Гигла, йæ галстукыл абадгæ рыгтæ ацæгъдгæйæ. Æнхъизæн у, мæ хъæбул, хыссæйы уый хъуамæ •сынхъизын’ кæна,—загъта Кетеван, къулæй сасир райсгæйæ. Матикъо тохонайы арт сцырын кодта, Гиглайы дон хæссынмæ арвыста æмæ йын хуыммæ ахæссы- нæн къалатийы нывæрдта хæринæгтæ. Цалынмæ* хыссæ æнхъызти, уæдмæ уал Кетеван «вмæ Гигла бадтысты тыргъы æмæ щдхæстæ кодтой. Гигла йæ фыды мадæн æрхаста кæсæнцæстытæ æмæ Гуры консервон заводы йæхи мады арæзт му- раба. Йæ фыды мад ын фысым фæцис ногдзыд джитъритæ æмæ хъайлайæ. Хур куы акъул, уæд Кетеван Гиглайæн кæрты иу кæронæй æрбаласын кодта пыхсы къонатæ, тор- рейы арт скодтой æмæ хæринагаразæндоны ’рдæм арастысты. Кетеван, хыссæйы уæлæ цы хъарм æмбæрзæнтæ уыдис, уыдон систа, йæ армы тъæпæнтæ ссадæй ацахуырста æмæ хыссæйæ тулатæ аразын ’ райдыд- та. Гигла йын кастис йæ къухтæм, йæ æнгуылдзæй хыссæ асгæрста æмæ фыды мадæн лæгъстæ кодта, — Иу тула дзы мæнæн дæр сараздзынæ, гыцци? — Æмæ куыд ис гæнæн æмæ хыссæйæ хъазай, дæ нывонд фæуон,—дзырдта Кетеван Гиглайæн. Тæбæ- 131
гъыл цырд арæзта хыссæйæ тулатæ æмæ сæ дыгæйттæй даргъ фæйнæгыл æвæрдта. ° > — Ныр мын баххуыс кæн,—загъта Кетеван æмæ фийагæн йæ иу кæрон ныххæцыд. Гигла æмæ Кетеван хыссæйы тулатæй арæхстгай йедзаг фæйнæг торнейы ’рдæм ахастой. — Дзæбæх сæ баныхас, мæ фыды мад,—загъта* Гигла æмæ, йæ цæстытæ тъæбæртгæнгæйæ, нык- каст тæвд торнемæ. ’ Кетеван ын ницы дзуапп радта, ныхас кæнынмæ йæ не ’вдæлы, йæ цæсгом æрбамбæрзта джиппæй-' фыст кæлмæрзæнæй. Къæцийы хъæдæй зынджытæ æрбамбырд кодта, торн’ёйь!' был æрбадти, тулатыл йæ къухтæ дзуарæвæрд акодта, йæ иу фарс ын атъæпæн кодтаæмæ, фæгуыбыр кæнгæйæ, торнейыл кæрдзынтæ æрбарæгъ кодта. Гигла-иу хаттæй-хатт йæ цæст ахаста торнейы кæрдзынты рæгъыл. ;:■ Фæцис Кетеван йæ кæрдзынтæ ныхæст, йæ хи- дæйдзаг цæсгом кæлмæрзæнæй асæрфта, зæронд чъеурийы фæйнæджытæ торнейыл амбæрзта æмæ Гиглайы хæринагаразæндонмæ арвыста уазал дон хæссьгамæ. Чысыл фæстæдæр Кетеваны сыгъдæг кæрты ног фых дзулты тæф скалдис. . Куыддæриддæр ын йæ фыды мад бацамыдта, афта& Гигла дæр хъæуы дыууæ кауы астæуæй ахызт- комы хуымтæм. - Гуры дзуармæ куы ахæццæис, уæд ын хур ком- 132
коммæ бакаст йæ цæстытæм. Сабийæн йæ сау бе- цыкк хурмæ стæвд. Тæвд кæрдзынты баст Гигда иннæ къухмæ айста. Кæрдинаг хуымтæн сæ фæрс- ты комкоммæ араст стыр тулдз бæласырдæм. Стыр сау гæлæбу стахтис йæ тæккæ фындзы разæй. Гиг- ла йæм кæсгæйæ баззад. — Цы хорз у коллекцийæн!—йæ зæрдьцг æрба-' лæууыд ахуыргæнæг Вленайы хæслæвæрд, йæ урс хæлафыл цъырцъырæгтæ куы ацауындзæг сты, уæд. — Уый дæр хорз у,—цъырцъыраг ауынгæйæ зæр- дæрхæндæгæй сдзырдта лæппу, кæцы та йæ ба- зыртæ айтыгъта æмæ зад хуымы аныгъуылд. Æцæгдæр, цас рæсугъд æмæ диссаджы уырын- гонтæ бахъуыды кæнын уыд йæ бон Гиглайæн: урс яемæ бур гæлæбутæ æнæрынцой тахтысты дидин- джыты сæрмæ, чысыл цъиамара стахтис сыгъзæ- рингъуыз æфсирæй. Гигла ауыдта сау згъæр хæ- дон, даргъ хæтæл фындз галбындз, кæцы йæхи баау- уон кодта кæрдæджы бын. ■ ’ ’ . ,, Фæлæ Гиглайы ныртæккæ уыдонмæ не ’вдæлдис. Уый тагъд кодта стыр тулдз бæласы бын кæрдæг комбайны ’рдæм, кæцыйы алварс сусу-бусугæнæг фыды фыд æмæ фыды æфсымæрæн Гигла бахаста хъарм кæрдзынтæ. — Уæртæ баба,—базыдта саби йæ зæронд фыды фыды. Йæ къахдзæфтæ фæцырддæр кодта. Зын уы- дис конд хуымты цæуын, фæлæ Гигла тулдзы бын- мæ тагъд бахæццæис. 133
134
— Мæ фыды хо, кæрдзын æрбахастон!—хъæлдзæ* гæй ахъæр кодта сырхуадул саби Матикъомæ,, кæцыйæн йæ хæринаг уыд цæттæ æмæ ма гъоми- йæн дон- рафыцыныл архайдта. — 0, байрæзай Гигла, мæн чи фервæзын кодта гъоми змæнтынæй. Матикъо сабийы ’рдæм рараст.. Хъулон фынгæмбæрзæны тыхт кæрдзынтæ йын йæ къухæй райста. Бацыд кæрдæгыл фынгæвæрдмæ. æмæ кæрдзынтæ æрывæрдта астæуæй. — Цæугæ, байрæзай, æмæ сæм фæсид кæрдзын хæрынмæ!—загъта Матикъо Гиглайæн. Гигла февнæлдта хъарм кæрдзынмæ, йæ фæлмæн ын рацъæл кодта æмæ,. адджын æууылдтытæгæн- гæйæ, хуымы азгъордта. Стыр комбайн сындæг цъæл кодта сыгъзæрин-: гъуыз æфсиртæ. Бабайæн йæ къухы æртыкъухыг сагой, афтæмæй комбайны фæрсты цæуы, йæ цæст ахæссы комбайны æрттивгæ дæндæгтæм бахаугæ! æфсиртыл. Комбайны хъæрæй сыл хъуысти æфсир- ты сур сыбар-сыбур. , Ацы машинæ Гигла фарон федта, баба ма йæ ма- шинæйыл дæр сбадын кодта, ныр та Гигла йæ цæст дары йæ мады кæсдæр æфсымæрмæ, кæцы комбай- ны æрурæдта хуымы кæрон. .. — Рацæут, сихор цæттæ у!—фæхъæр кодта Гиг- ла æмæ йæхæдæг бабайы ’рдæм адугъ кодта. — 0, байрæзай, Гигла, хорз уацхæссæг дæ!—йæ мидбылты йæм бахудт баба, æртыкъухыг машинæ- йы æнцой æрывæрдта, йæ ронæй райхæлдта æфсир- ты баст æмæ йæ сабимæ радта. 135
/ — Уый цу у?—бафарста Гигла æмæ зæронд лæ- джы къухæй райста æфсирты дзуарбаст. . — Долис-пъури у, мæ хъæбул. — Мæнæу нæ, фæлæ æфсиртæ сты,—бахудт æм Гигла æмæ ма йæ къухы цы къæбæр уыд, уый ад- джынæн аныхъуырдта. ( Баба, æнæдзургæйæ^ иу фарс рацыд, комбаинæй дæс къахдзæфы бæрц куы акодта, уæд фæстæмæ фæзылд Гигламæ. — Ды хъæуккон дзул кæй хоныс æмæ бирæ кæй уарзыз, уыцы дзул у, ацы мæнæуæй, йæ ном та хуыйны долис-пъури,—загъта зæронд лæг æмæ Гиглайæн фенын кодта хъисджын æфсиртæ. — Æмæ мæнæутæн иуыл иугъуызон нæмыг нæй?— бафарста саби. , — Нæ, мæ хъæбул, мæнæутæ æндæр æмæ æндæр хуызæттæ сты, фæлæ дзы адæм тауынц долис-пъу- ри,—мидбылты худгæйæ, дзуапп радта сабийæн. — Цæмæн?—бафарста саби æмæ йæ даргъгъуыз цæстытæй^срухс кодта зæронды зæрдæхæлар ахаст- джын цæсгом. • — Долис-пъури мах зæххыл конд æрцыд. Уыцы мæнæуы мыггаг алы ран дæр зайы, бæрзонд хох- бæсты, æнæдон бынæтты дæр иннæтæй хуыздæр зайы. — Æйæ уымæн цы нысаниуæг ис? — Уымæн уый нысаниуæг ис, мæ хъæбул, æмæ нæ бæстæ у хохбæстæ,—баба йæм сабыргай ба- зылдйс. — Акæс ма, адæм кæмыты тауынц, адæм, мæнæу! 136
Триалеты хæхтæм ын ацамыдта йæ фыды фыд. Гигла къухы аууонæй акастис. — Æмæ уым та цæмæн тауынц? — Долис-пъури уым дæр зайы æмæ уымæн. Адæ- мæн зæхх уæгъды лæууынмæ кæм æнтысы æнæ- пайдайæ?—загъта баба æмæ тулдзы бын аууоны ба- дæг колхозонтæм акаст! — Æмæ цъус быдыртæ ис? Цæмæн сæ бахъуыд хæхтыл тауын?—загъта, хъуыдыты аныгъуылды >фæстæ, лæппу! Зæронд йæ мидбылты бахудт сабимæ, æвæццæ- гæн дзы æнхъæл нæ уыд ахæм фарст радтынæй. —Махмæ адæм хохы дæр. цæрынц æмæ быдыры дæр. Раздæр нæм, мæ хъæбул, бырстой алы тæтæй- раг хантæ, лекъаг хантæ æмæ нæ царæфтыд код- той. Адæм куы хæхтæм цыдысты, куы та фæстæ- мæ быдыртæм, æмæ сæ хортакæддæриддæр хъуыд. Хъуамæ ахæм мæнæуы мыггаг æрымбырд кодтаик- кой, хохы дæр æмæ быдыры дæр чи задаид. Зæхх <алы ран æмхуызон нæу, мæ хъæбул. —Уæдæ цыхуызæн у? — Иуæй-иуран мæгуырбын у, чъылыхдон. Зилын ^ем хъæуы. Æмæ цы хæрын кæнынц æххормаг зæххæн,—зæр- диагæй бахудти Гигла. —Ныр зæхх сгаргæ кæнынц, мæ хъæбул. Цы цух у, уый йыл байтауæм. Хаттæй-хатт чъыр дæр до- мы. Раздæр та-иу æрмæст фаджыс кодтам. —Æмæ?—сирвæзт Гиглайæ. —Долис-пъури дæр иуыл иугъуызон нæу, мæ 137
хъæбул. Бæрзонд бынæтты, раджы кæм рауазал вæййы> уым тауæм сырх мæнæу. Уазал æмæ мæгуыр бынæттæн уый тынгдæр фæразы. —Сырх мæнæуы нæмыг æз.нæ федтон? —Уый йæ хонгæ афтæ кæнынц,^мæ хъæбул, уый еттæмæ афтæ æнхъæл дæ, дзæгъдзæгъаджы хуы- зæн сырх у. Нæмыг зына-нæзына сырх дары йæхи. Уый тауæм фæззæг. Зымæджы æрцыдмæ хуымтæ- цъæх адарынц, зымæджы фыццаг уазæлттæ йыл куы сымбæлынц, уæд ахус вæййы æмæ рагуал,-> дзæджы, цин дын фенон, йæ хуыз куыд скалы. Гигла ницæмæй уал бафарста, фæлæ, сабийьг зондахастæй райгонд зæронд дарддæр кодта йæ ныхас. — Мæнæ ацырдыгæй ацы фæзы тауæм урс долис- пьури, мæ хъæбул,—ацамыдта Гиглайæн йæ уарзон; хъæуы алыфарс быдыртæм,—урс доли æнæдон бы-< нæтты дæр зайы. Дон æм куы хæццæ кæны, уæд та ноджы дæр хуыздæр,—загъта баба æмæ Гигла- йы æфсирты дзуарбастæй фелвæста иу æфсир, Ау- уæрста йæ æмæ йын йæ нæмгуытæ Гиглайы армы æркодта. —Уый урс мæнæу у, мæ хъæбул, æркæс ма сæм> куыд едзаг сты. Уымæн йе ссад дæр нуарджын у. Сæ зыгуым дæр фосæн æнцонæй тайы, уый æт- тийæ ма зæлдагау фæлмæн у. Зæронд лæг уарзон цæстæнгасæй касти сабимæ, æхсæрдæс нæмыджы банымадта йæ армы æмæ сæм лыстæг æркасти. —Ды цы дзул уарзыс, уый ацы бæркадджын æмæ нуарджын мæнæуæй у. 138
—Баба Гиглайы сæры хилыл йæ къух ауагъта æмæ йæ аууонырдæм акодта. —Гигла бадти Матикъо æмæ бабайы ’хсæн, бæ- ласы бын, нæууыл, сихор кæм хордтой, уым. Сыг- джын æфсиры дзуарбаст æрывæрдта йæ разьь Хъуыста хисдæрты ныхасмæ æмæ зæрдиагæй хорд- та долис-пъурийæ конд хъарм дзул ахуыйæнимæ. Хур аныгуылди. Райдыд<га уазал дымгæ æмæ сыгъзæрингъуыз зыгуым карст хуымтыл апырх ’кодта. Гигла æмæ Матикъо хуымы кæрон бадтысты бабайы къандзо- лыл æмæ кастысты, комбайны цурмæ машинæтæ æмæ уæрдæттæ куыд æмбьтрд кодтой, уымæ. Чи хаста едзаг голлаг, чи та машинæтæм æмæ уæрдæттæм хаста долис-пьурийæ едзаг голджытæ. ÆрталынгГ Тедзмийы ’рдыгæй Дымдта дымгæ æмæ хуымты зад æфсирты змæлын кодта, Баба Гиг- лайы сывæрдта уæрдоныл, йæхæдæг йæ къандзол скодта, æртыкъухыг сагой йæ уæхскыл баппæрста æмæ уæрдонвæндаджы иуфæрсты арастис. Гиглайæн йæ бабайы лæвар æфсирты дзуарбаст æвæрд уыдис йæ уæрджытыл. Галты лæгау скъæрд- та æмæ зæрдæрайгæйæ фæлгæсыд хъæуырдæм, уым алырдыгæй æрттывтой электроны цырæгътæ. 139-
* * ■& Гигла хъæуы мидæг æрвыста йæ бонтæ хъæл- дзæг æмæ зæрдæрухсæй. Хуымкæрдын æмæ най- кæныны бонтæ адаргъысты. Гигла куы бабаимæ цыд хуымкæрдынмæ, куы та, хъæуы сывæллæттæй йе ^мкарæнтæ чи уыд, уыдонимæ хъазыд цъынаты алы фарс. Дыргътæ срæгъæдысты. Гиглайы Кетеван арæх кодта дыргъдæттæм, йæ къухы къалати, афтæмæй. Æмæ-иу æрбахаста фæткъуытæ, атъамитæ æмæ сау члауитæ. Гыцци дыргътæй арæзта хæлттæ æмæ сæ каубыд- тыл хурмæ æвæрдта хус кæнынмæ. Гигла* се ’ппæт- æй тынгдæр уарзы атъамийы æмæ члауийы хустæ. Арæх сæм бакæсы, фæлæ сæ хæргæ нæ кæны. Уыдон схъарм сты хурмæ, раст цыма æнхъизгæ кæнынц. Гигла хаттæй-хатт йе ’мбæлттимæ Тедзам- мæ цыди кæсагахсынмæ. Бирæ хæттыты-иу Мати- яъойæн æрбахаста æнгуырæй ахст кæсæгтæ. Лæп- путæ-иу æй родтæ хизынмæ дæр акодтой семæ. Æмæ, æцæгдæр, бирæ æхсызгондзинад федта Гигла. Фæлæ уæддæр Гигла æнкъардæй цыди хъæуæй. €æнæфсирæн рæгъæд кæнын нæма бантыст, æмæ стæй Гигла куыд бирæ уарзы рæгъæд сæнæфсиры цупæлтты адджын хус нæмгуытæм зилын, науæд сæнæфсиры адджын дон, кæцы згъоры, суадонау, сæндуцæны уынгæг хъуыры æмæ чысылгай едзаг йæны стыр быркуытæ. Бындзытæ æмбырд вæййынц сæнæфсиры цъæрттыл. Гигла æмæ Кетеван бадынц сæнæфсиры адджын донæй едзаг аджы раз. Гигла зæрдиагæй æнхъæл- ;140
мæ кæсы аджы рахсидынмæ. Гыцци чурчхелатæ атулы адджын касы — татарайы. Даргъ хъил- ыл сæ бакæндзæн æмæ цалынмæ асур уой, уæдмæ. тæдзын байдайынц. Гигла сæ быны рауай-бауай кæны, йæ къухы сæ æмбырд кæны æмæ сæ уырдыг- æй сдæры. Каурæбыны къомси дæр нæма сбæззыд, нæма зымæгон фæткъуытæ дæр тынд не сты, адон иуылдæр фæстийæ зайынц Гиглайæн. . Ахуыры райдиан у, ахуыры! Æмæ Гигла йе ’мкарæнтимæ тагъд кæны. Кæй бон у Гиглайы ба- урома! к —Гыцци, æнгузтæ, чурчхелатæ æмæ мын сырх’ балы хустæ мæнæн хицæнæй рарвит,—фæдзæхсы. саби Кетеваны æмæ йын йæ фæлмæн русæн пъатæ кæны. Йæ фыды хо Матикъоимæ лæууынц уынджы,. Гурмæ цæуæг машинæмæ æнхъæлмæ кæсынц. Стыр, уæрæх æмæ рухс классы сывæллæтты хъæ- лæ’ба фæсабыр, дзæнгæрæджы хъæр фехъусгæйæ. Ахуь!ргæнæг Елена, йæ къухы бонæг, афтæмæй æрхызт классмæ, сывæллæттæн салам радта, бафæрс- тытæ сæ кодта æмæ урок райдайыны агъоммæ басгæрста ахуыргæнинæгты сæрдыгон хæслæвæрд- тæ. Сосойы коллекцийы Гиглайы цæстытæ баззадыс- ты. Уымæн йæ коллекцийы уыдис алгъуызон уы- рынгонтæ: урс гæлæбутæ, галбындзытæ æмæ æн- дæртæ. 14Г
Ахуыргæнæг Елена сæ ахуыргæнйнæгтæй алкæ- мæн дæр фенын кодта. Раппæлыд Заликъойы кол- лекцийæ дæр. —Ды та нын цы сарæзтай, Гйгла?—ахуыргæнæг Елена бафарста сабийы, кæцы стыр зыдæй каст йе ’мбæлтты æмбырдгонд коллекЦимæ. Гигла сыстад, æвиппайды асырх æмæйæ сæр æруагъта. Ахуыргæнæг Елена йæм сабыр бацыд. —Уый та циу?—загъта ахуыргæнæг æмæ фев- нæлдта Гиглайы раз партайыл цы тыхт уыдис, уымæ. —Уый нæ хъæуæй æрхастон, ахуырггенæг,—загъ- та æнæуæндонæй саби. Ахуыргæнæг арæхстгай рай- хæлдта тыхтон æмæ сырхрус сабимæ райгондæй бахудт. —Сахъ лæппу дæ, Гигла, ды се ’ппæтæй зынаргъ- дæр фендтаг æрхастай!—загъта ахуыргæнæг Елена æмæ столы фарсмæ æрлæууыди, бæрзонд систа йæ къух, цæмæй се ’ппæт дæр федтаиккой, I цы фыст дзы уыд, уый. Гиглайы тыхтоны астæу конд уыдис бабайы лæвар—æфсирты дзуарбаст, уымæн* йæ иу фарсыл уыд фыст: „Нæ хъæуы зайы долис-пъури"; Фыццаг сæрыл уыд фыст: „Уый у урс долис- пъури", кæцыйы фарсмæ уыд цыпиæрдæс нæмыджы. „Уый—сырх долис-пури"—фыст уыди иннæ ’рды- гæй æфсирты бын æмæ æхсæрдæс нæмыджы ныхæст уыди йæ цуры. —Сабитæ, сымах зонут, „долис-пъури" рагон мæнæуы мыггаг кæй у, уый. Уый зайы хæхбæсты 142
дæр. Мæнæ адон сты долис-пъурийы æфсиртæ,—ба- цамыдта ахуыргæнæг, стæй бакаст æфсиртæм æмæ Гиглайы ’рдæм. —Сахъ дæ, Гйгла, дæ коллекци бынат бацахс- дзæн. Гигла йæ мидбылты бахудт ахуыргæнæгмæ Æмæ бабайы лæвар сыгъзæрингъуыз æфсиртæм ба- каст.
АННА ХАХУТЪАШВИЛИ ИЛОЙЫ ФÆСМОН Гурам æрбацæуы хъæлдзæгæй, гæппытæгæнгæ. Йæ зæрдæ едзаг у уарзондзинадæй. Гурам уыцы уысмы уарзта алкæй дæр, алцыппæт дæр: æрттиваг хур, арвы цъæх мигътæ, фæлæ æппæтæй тынгдæр уарзы йæ мады æмæ амонддлшн у. —0, гьтцци, ис мæм дæуæн, кæуыл бацин кæнай,. ахæм лæвар. Æртæ фондзы мын кæй ныффыстой,. уымæй афтæ æнхъæлын, цыма дæ уарзондзинады фæрцы уыд.—Йæхимидæг хъуыды кодта Гурам, йæ къæхты унæр ссыд æмæ хæдзары ’рдæм æрба- тындзыдта. —Цы фæдæ, Гурам, тагъддæр!..—Гураммæ бал- конæй райхъуысти чысыл чызджы хъæлæс. Чысыл 144
чызг йæхæдæг нæ зынди, уый решоткæмæ нырма не ’ххæсти, фæлæ иу чысыл,хуынкъæй йæ къух радардта, дыккаг хуынкъæй та йæ цæстытæ æмæ Гураммæ йæ къух тилгæ хъæр кодта:( .—Гурам, зоныс, гыцци дын цы сцæт’тæ кодта, ал- цыæппæт дæр стыр айдæны цур æвæрд сты... Рацу, рацу!—йæ къух тилы чысыл чызг йæ уар- зон æфсымæрмæ æмæ фырцинæй маргъау цЪыбар- цъыбур кæны. • -: —У, æнæрынцой,—мад фатерæй рауади чысыл чызгмæ,—афтæ дын нæ загътон нырма йын мацы зæгъ. Æнхгьæл дæн, дæ зæрдæ нал { фæллæууыд, къæбæда цыдæр!—мад худгæйæ бауайдзæф кодта чызгæн, стæй йын йæ къухыл ныххæцыд æмæ йæ решоткæйæ æриста. —0, Гурам, æцæг дын дзурын... Фен ма йæ, афтæ рæсугъд худ у, æмæ йæ уæлæ цыдæр æрттиваг дæр ис...—цæугæ-цæуын æм хъæр кодта чысыл чызг, гæппытæ æмæ чыр-чыр кодта, афтæмæй. Стæй, йæ мады къухыл хæцгæйæ, йæ фæстæ ацыд. Гурамы зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта, асиныл дыу- уæ-æртæ къахæвæрæны иумæ скъахдзæф кодта æмæ иу уысммæ фатеры февзæрд. Гурам йæ нæфæразондзинад фæфиппайдта, йæ цæсгом ныссырх, хызын йæ бынаты æрывæрдта, палто зæгæлыл æрцауыгъта, фæлæ йын йæ къухтæ æхсын нал бантыст, æнæрынцой чызг Гурамæн йæ ног гербджын худ кæй ныккодта æмæ чыр-чыр- гæнгæ Гураммæ дыккаг уатмæ кæй базгъордта, уый тыххæй. 10. Радзырдтæ. 145
,'пЬН11;1 % ч 140
—Куыд дын загътон.... Æркæс-ма, гыцци дын ;цы балхæдта? Фен ма, фен, ноджы дæр уым, цытæ .дын балхæдта!.. Гурам фæхудти, чызгæн йæ сæрæй йæ худ систа ,æмæ йе скъолайы нысан худы уæлæ куы федта фщаргондæй, уæд фырцинæй иннæ фатермæ ба^угъ кодта. —Мæ хъæбул, адон сты дæ формайы дарæс, .яенæниз æмæ сæ амондджынæй батон, мæ чысыл фырт... Хорз æмæ коммæгæс хъæбул кæй дæ, æз _дæр дын уый тыххæй сыххæст кодтон дæ бæллиц. Рауай, дæ нывонд фæуон, рауай, скæн сæ æмæ мын чж фенын кæн, æндæра дыл куыд фидауынц! Цалынмæ Гурам йæ ног дарæс кодта, уæдмæ хæдзары бинонтæ иуылдæр æртымбыл’ сты. Дада .дæр уым уыд, Гурамы уарзон дада. Уый дæр ин- нæтимæ- иумæ айдæнмæ йæ мидбылхудгæ каст хæрз арæзт фырты фыртмæ. Гурам йæхи дæр нал зыдта, афтæ сфидыцджынис æмæ йæ цæсго^м уæз- бын хуыз равдыста. Чысыл ма бахъæуа фырцинæй ныхъхъыллист кæна, фæлæ дыууадæсаздзыд лæг у, ^йæ сæрыл хъайтарау схæцыд, уæзбынæй каст æмæ ацы циндзинадæй йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой. Мад ма йæ ноджы иу хатт айдæньт акæсын кодта. Гурам йæ мады æнæкæрон уарзондзинады цинæй йедзаг рæвдаугæ дæстытæ куы федта, уæд йæхи нал баурæдта æмæ бузныджы нысанæн йæ мады риуыл цингæнгæ ныттыхсти. 147
* * # Ох, цы амондджьш бон баизæр. Гурамыл. Йе? ’мгъуыддзæгтæ куы сцæттæ кодта, уæд циндзинадæй фæллад лæппу уыцы ’хсæв уæлдай тарффынæй ба- ци. Гурам æнахуыр фын фёдта: цыма, йæ формайы: æд худ æмæ æд рон йæ фатеры, хорз лæппу-лæгау,. къахдзæфтæ кодта. Цыдис размæ, фæстæмæ, раст афтæ, куыд сæ цытджын класстæс, фæлæ нæ зын~ дысты нæ дæр йæ къухтæ, нæ дæр йæ цæсгом; Чысыл рæстæджы фæстæ уыцы æнахуыр адæймаг йæ цыд фæсабыр кодта, Гурамьт хуыссæнты цур æрлæууыд æмæ сдзырдта: „Федтай, Гурам, ацы дарæсы куыд фидыдтон?4 Хъуьтды ма кæныс, куьтд сзæрдæджын дæ, айдæны куы акастæ, уæд? Цьтма стыр фестадтæ, афтæ нф уыди, Гурам?! Йемæ, уæдæ, дæхæдæг зоньтс, куьтд, мæ сабыр кодтай, уый... Бакæс рон æмæ æрттиваг гербмæ! Йæ уæлæ дæ ахуыргæнæндоны номьт нысан æмæ йæ зон, Гурам... стæй уьтцы æнахуыр адæй- маг йæ къухьтл уæлæмæ схæцыд, йе ’нгуылдз ба- тылдта, æмæ йæ ныхас дарддæр кодта, „Афтæ, æгъдауджын ахуыргæнинаг, де скъолайы ном ма фегад кæн. Ды хæсджын дæ, цæмæйцæвит- тойнаг уай, канд дæхи классы æмбæлтты æхсæн нæ^ фæлæ ма æнæхъæн скъолайы дæр, дæ бон кæй у,. уымæ гæсгæ æмæ"... Гурам дис кодта, зæгъгæ, цæмæн бахъуыд ацы æнахуыр адæймаджы ахæм ныхæстæ, кæд æмæ уый альт хатт дæр æгъдауджын æмæ уæздан у,. уæд... 148
„Гыццийы уæддæр бафæрсæд, кæд мæ йæхæ- .дæг нал зоны, уæд"... маст кодта Гурам, фæлæ, цы- ма, ацы æнахуыр зондамонæг Гурамы зæрдæйы ^æнд бамбæрста, уыйау ын дзырды бар нæ радта. „Гурам, мæсты ма кæн! Æндæрæбоны хабар уæд- дæр æрхъуыды кæн, фæллад, дам, дæн куы загътай .дæхи срасткæныны тыххæй æмæ хæлаф къуымы тым- былтæй куы баппæрстай, хъуыды кæныс, дыккаг бон æнæрхъуыдыйæ æнцъылдтытæ хæлаф куы скод- *тай? Гурамы уд æрцыди, æвиппайды йæхиуыл уæлæмæ схæцыд, фæндыд æй дзуапп куы радтаид, фæлæ :зондамонæг уайтагъд фæтары... уый бæсты ног /дарæсджын лæппу йæхи уыны стыр айдæны. Гурам зæрдиаг худт ныккодта, æвиппайд æрхъуыды код- та, ног дарæсы фæлындзыдгонд æмæ абон фыц- ш;аг хатт айдæны куы акаст, уыдон се ’ппæт дæр йæ зæрдæйы ахызтысты æмæ æхсæв та æнахуыр ^фыны хуызы йæ цæстытыл уадысты. Иу дзырдæй, Гурам фын фыны хæлдта æмæ тынг худти. Афтæ тынг худти лæгшу æмæ фыр худтæй йæ цæстытæй /дæр ракасти. Уый уыд, хур куы скаст, уæд æмæ уый .дæр худæндзастæй æрбакаст Гураммæ. Гурам сыстад, йæхи ныхсадта, ног дарæс скодта :æмæ айдæны куы акаст, уæд фыныл. ахъуыды кодта :æмæ та ноджы ныххудти. —Гурам, Гурам!... — æрбайхъуысти уыцы рæс- тæджы, тынг галиу æмæ æнæрынцой чи уыд, уыцы сæмбал Илойы хъæлæс. 149
Гурам тарст, Илойы хъазæн митæй та кæй нал’ фервæздзæни æмæ фæдызæрдыгис. Фæлæ æндæр- гæнæн нал уьтд, ньтр фараст сахаты æрдæг у æмæг* ферæджыгæнæн нæ уьтд, уæлдайдæр та Гурам классгæс уыд. , — 0, о, о, ай иуылдæр ды дæ, лæппу!—Илойы цæст ыл куыддæр схæцыд, афтæ йæм дардæй фæ- дзырдта æмæ æвиппайдæй асинмæ базгъордта. Иæ- рахиз къух къæмисæнмæ бахаста æмæ худæндзаст цæстытæй зулмæ касти," хатт. та йæ былтæ’ æхсьтд- та, ц’æмæй йæ цæсгомæн уæлдай сериозондæр хуыз^ радтаид, фæлæ лæппуйы цæсгом ахæм диссаджы хуыз равдыста, æмæ Гурам худынмæ фæци,, уымæй^ уæлдай æнæрхъуыдыйæ йæ уадултæ асырхсты. Ило- йæ фæрсты суади æмæ æнæсдзургæйæ фæразæй.. Ило ныхасгæнгæ йæ фæстæ цыди... — Хъа^зын ныууадз, лæппу, фæлæ зоныс, уьтцыг формæ дыл куьтд фидауы?! Еныр дын ахæм хуыз: ис, цыма, стыр тыхджын дæ. Кæй бон ма бауыдзæн, æфсымæр, уьтнджы дæ тæссæй сунæр кæнын. Ацы ныхæсты фæстæ сывæллæттæ уьшгæй фæ- хибар сты æмæ проспекты куьт рацæйцыдысты,. уæд ноджы фылдæр хъæлдзæгдзинад æнкъардтой: Дыууæ æвзонджы зæрдæтæ дæр циндзинадæй уы- дысты æмхуызон едзаг. Ахуыргæнинæгты хъæлдзæг- дзинады змæлд æмæ хъæлæбайæ едзаг уыд скъола- йы тыргъ. Иу рæнхъ дзы дæлейæ уыд, иннæтæ та уæлæрдыгæй, тагъд кодтой æмæ уыцы рæсугъд: райсом мæргътæ куьтд цъыбар-цъыбур кодтой, афтæ- хъæлдзæг ныхасгæнгæ цыдысты. 150
Сæ фылдæртыл уыд формæ конд æмæ сæхи æв- дыстой се скъолайы иатриоттæп, цæмæй æгъдау хæлд ма ’рцæуа. Гурам æмæ Ило проспектæйуьшджы ’рдæм фæзыл- дысты æмæ скъоламæ фæцæнæввахс кодтой. Уыцы. рæстæджы галнуфарсырдыгæй тротуарыл чысыл урс æмæ тынг рæсугъд куыдзыл Илойы цæст схæ- цыд. Пыхцыл ктэæдзилджын куыдз йæ дзыхы цы- дæр рацæйхаста æмæ худæджьт цыд кодта.- Иæ хицауæн та чингуытæ йæ къухы, афтæмæй куыдзы фæстæ хъæбатырæй цыд. Ило цæсты фæныкъуылдмæ куыдзы цур февзæр- ди, æргуыбыр æм кодта æмæ йæ ахсынмæ кæй хъавыд, уый тыххæй куыдзæы йæ раззаг дзæмбы- йыл фæхæцыди. Куыдз фæтарст æмæ пыхцыл къæдзилæй фæрсырдæм агæппкодта. Смæсты уæвæг хицау куы ’рбаввахс, уæд куьтдзы зæрдæ фæныфс- джындæр, тæссаг рæйд райдыдта æмæ Илойы къæх- тæм æвиппайд йæхи рауагъта. — Гъей, уый кæцы дæ, мæ куыдзмæ дæ цы хъуыд- даг Р1с!—фæхъæр кодта хпцау Илойьтл, стач'1 хыл- гæнæг уасæгау йæхи фæх1>унт7>т>тз кодта æмæ йæ бынаты дзыхълæуд фæкодта. — 0, куыдзьт, дам, адас æмæ т’тын хицау разына, уый ды дæ,лæппу?!—хъæлдзæг хъæлæсæй бафарста Ило æмæ мæсты лæппуйы цæстытæм худæндзастæй бакаст. Сывæллон ноджы тынгдæр смæстьт, йæ къухы æнгуылдзтæ фæтымбыл кодта æмæ гуымттры хт>æ- лæсæй загъта: 151
. — Æз чи дæн, уый дын базонын кæндзынæн, ныртæккæ дæ фæндагыл куы нæ ацæуай...—æмæ, йæхи фæтызмæггæнгæ, ноджы размæ иу къахдзæф акодта. Куыдзыл йæ цæст куы схæцыд, уæд хицау загъдмæ фæци,—куыдз дæр уыцы уысмы лæппуйы къæхтыл йæхи ныццавта æмæ хæлафы къахыл дæн- дагæй ныххæцыд. Ило йæ къахæй куыдзы ныццавта æмæ тротуар- ыл дуры цæндыл сæрбйхъуырæйттæгæнгæ куыдз атылд. Уайтагъд лæппутæ кæрæдзийыл сæхи ныццавтой. Ацы хыл, чи йæ зоны, цæуыл фæуыдаид, Гурам сæ рæстæгыл куы нæ баиргъæвтаид æмæ буцтæгæн- гæ лæппуты астæу куы нæ февзæрдаид, уæд. — Цы аразыс, Ило! Худинаг дæм нæ кæсы? Ды аххосджын дæ æмæ ноджы уынджы тымбыл къух- æй тох амайыс, нæ? Ацы ныхæстæгæнгæ Гурам къухæй бавнæлдта æмæ ныхмæлæууæджы раиуварс кодта. Илойы аир- вæзын фæндыд æмæ иуырдæм æнцад, фæлæ Гурам фидар кæй хæцыд, уый тыххæй мæстджын лæппу Гураммæ тызмæг хт>æлæсæй бадзырдта: — Ауадз мæ дын зæгъын, цы дæ хъæуы? Кæд скъоламæ тагъд кæныс,—уæд дын мæнæ фæндаг! — Бузньтг, æг’ьдæуттæ хъахъхъæнæг пионер. — Ауадз мæ, æндæра нæ зонын цы дын сараз- дзынæн!—тынгдæр смæстьт Ило æмæ йæхиуыл тынг- дæр анцад. Дцы кæрæдзи тонын ахаста дыууæ минуты бæрц., 152
Æндæр ’скъолайаг саби куы федта, зæгъгæ, ныр адон не ’вдæлы, уæд зæхмæ æппæрст хызынмæ къухæй фæлæбурдта æмæ йæ куыдзимæ афардæг. Илойы цæстытæ лидзæг лæппуйыл куы схæцыд- ысты, уæд Гурамыл йæ маст ныккалдта: фыццаг ш\ тынг ныууыгъта, стæй йæ къухæй нытъæпп тсодта æмæ сæрибарæй скъолайы ’рдæм араст. Гурам •фергъуыйау, фефсæрм, йæхи фæкъул кодта, стæй йын йæ къух рæстæгыл баххуыс кодта æмæ йæ уыр- дыгмæ не ’руагъта. Фæлæ зæххыл æппæрст лыстæг æмæ хъæбæр телы скъуыддзагыл йæ къух æрцавта æмæ тел судзинау къухы зæрдæйы аныхст... Гурам сыстади, тел сыфтыдта æмæ йæ къухы туг фындз- сæрфæнæй баурæдта. Ило чысыл куы ауади, уæд йæ зæрдæ нал фæлæууыд æмæ фæстæмæ фæкаст. Гурам йæ къух куы баста, уæд, цыма фефсæрм, <афтæ стыхст, фæлæ йæ намыс æрсабыр кодта: „цы мæ аххос у, мæ къухыл мын цы хæцыд, исты йæ кæсдæр уыдтæн". Гурам йæ къухы риссын ницæмæ æрдардта, туг ныссыгъдæг кодта, йæ дарæс асæрфтытæ кодта æмæ скъолайы ’рдæм афардæг. Гурам классгæс кæй уыди, уый тыххæй лæ дзæнгæрæг ныццæгъдынмæ хъуыдис дæс минуты раздæр бацæуын, фæлæ аст минуты ферæджы кодта. Гурам уыд мæсты, фæлæ ►скъолайы уынджы афтæ сабыр бацыди, цыма дзы бындз дæр нæ атахт. Ног дарæсы фендыл сывæллæттæ уымæн афтæ ^схъæлæба кодтой, фæлæ Гурам йе ’рфгуытæ дæр нæ ■фелхынцъ кодта, уайтагъд азгъордта тыргъы æмæ 153
классмæ бацыд. Чингуытæ партайы бавæрдта æмæ^ тыргъы дуары цур æрлæууыд. Дзæнгæрæг тынг тагъд ныццагътой. Скъоламæ бацæуæг сывæллæттьт хъæлæба сындæггай æрсабыр, клæсстæм та’ иу- гæйттæй æмæ къордтæй сывæллæттæ сабырæй цы- дысты. Ило классмæ афтæ бацыд æмæ йæ Гурамæн æм- барын дæр нæ бакодта, йæхи аххосджыныл кæй ны~ мадта, уый тыххæй. Иæ зæрдæйы та фæсмондзинад^ къуыдыркалмау, хæлбурцъ кодта æмæ сабыр, мæст- джынæй бадти. . Классмæ æппæты фæстæдæр бацыд Гурам. Радгæс фæрссæгтæ сыхгæдта æмæ æпиæт дæр уыд сабыр. Æрмæст фæйнæрдыгæй хъуысти чингуыты . сыфты; сыбар-сыбур. Скъолайы агъуыст йæ уæрæх уынгимæ æмæ цæ- хæрадонимæ, алы фæрссаг, балконæмæ уый алфæм- блайы дæр сывæллæтты цæсты афтæ хуыз æвдыста/ цыма уый алварс уыдаид иуыл рæсугъддæр фæнд- тæ æмæ уыдон сæххæст кæнынмæ тырнындзинад. Кæс-ма, кæс, уыцы уарзондзинады равзæрынмæ; уый сывæллæтты зæрдæты афтæ бирæ ис æмæ у раст ног р&сугъд дидинæджы хуызæн. Уыдонæн иу- ыл арф уырнындзрнад уыд ацы скъолайы кад. Уды- гæстæ алы ран, кæмдæриддæр цæуой æмæ цыфæнды бирæ æндæр хуыздæрдзинæдтæ феной, уæддæр скъо- лайы хуьтз алы хатт тынг рæсугъдæй баззайдзæн^ уыдон æндæр бирæ æрхъуыдыдзинæдтимæ. Мæнæ^ гъе, кæд дæ хъæуы Илойы абоны фæндтæ, уæд. Ило Гурамы зоны æртæ азьт, уый æмбæлтты се- 154
’ппæты дæр уарзы, фæлæ Гурамы уæлдай ,уарзт кæны, уæлдай хæлар гуырд æмæ уæздан лæппу кæй у, уый тыххæй. Уыимæ ма у ноджы уæндон, комкоммæ æмæ-раст. Ило кæсы галиу ’рдыгæд фарс партайыл бадæг Гураммæ æмæ йæ фæфиппайдта, лæппу æдзынæг кæй бадтис, уый. Хатт-иу баст къухыл хæрдмæ схæцыд æмæ ахуыргæнæгæй йæ цæстæнгас иу ми- нут дæр нæ иста. „ Ох, кæд ын риссы, чизоны æвзæр æрхауд,— тарстгъуызæй хъуыды кодта Ило, фæлæ иуыл тынг- дæр тыхсти, Гурамы дзырдтæ йæ хъустыл куы ’рцыдысты, уæд:—фæкалдтæн æмæ тел мæ къухы фæныхст. Уыйне схъæр кодта, йæ фæкалды аххосаг æз кæй уыдтæн, уый, цæмæн æй фæхъыг кодтон ахæм хорз æмбалы! Ило тынг тыхст æмæ-иу хатт йе мбалмæ бакаст. Афтæ æнæхъæн бон Илойыл фæсмонæй баизæр. Дыккаг бон Гурам классмæ не’рцыдис. Æртыккаг бон æвзæр хабар æрцыди Илойы хъустыл. Гурамы къух, дам, ныррæсыд, стæвд ис æмæ, дам, дзы туджы хъæстæйы нысæнттæ разынд. Ацы хабар Илойы зæрдæйæн уыд карды рæхуыс- тау... Тынг фæтарст. Ахæм æнæхъыг æмæ уарзон æмгары уый æнæрхъуыды уагахаст ахæм уавæры кæй ныппæрста. Урокты фæстæ цалдæр ахуыргæ- нинаджы Гурамы уынынмæ ацыдысты. Æрхæндæг Ило сæ фæстæ цыд, куыд ничи йæ фæфиппайдтаид, афтæ." —0, уый низтæ мæ хай куы фæуиккой æмæ уый 155
куы сдзæбæх уаид. Цы саразон, кæмæн зæгъон, кæмæн басæттон, æз цы хабар сарæзтон, ууыл...— гуым-гуым кодта мæстджын Ило æмæ Гурамы хæдза- ры алварс дзæвгар рæстæджы дыууæрдæм кодта, куы æввæхсты, куы та дæрдты. Æввахс-иу æм куы уыди, йæ фæрссагмæ-иу ьтн куы скаст, уæд-иу йæхи фæхатыд афтæ, цыма-иу йæ зæрдæйæн фенцондæри. Æнæхъæн æхсæв æмæ бон Ило арвыста æнæрын- цойæ. Цыппæрæм бон мæстæйдзаг сывæллон клас- смæ куы бацыд, уæд æй алчидæр фæфиппайдта, галиу Ило мæстджынæй кæй бадти æмæ йæ дзыхæй иу дзырд дæр кæй нæ хауд, уый. Улæфты рæс- тæджы Ило йæ цæстæнгас кæдæмдæр ныццавта æмæ урокмæ йæ цæстытæ сырхæй кæй æрбацыд, уый дæр • фæфиппайдтой. „Цæйдæр æнæфæразондзинад, дам, æнкъарын мæ сæрыл"—æмбæлтты фарстайæн дзуапп лæвæрдта Ило, Йæ зæрдæ та афтæ тыппыр уыд, ахæм фæндтæ кодта, æмæ цæттæ уыд йæ хъæлæсы дзаг% фæхъæр кæнынмæ: „ай æппæтдæр æз уыдтæн, мæ аххос сты æмæ алчидæр цæмæннæ зоны ацы хабар". Фæндзæм бон классы тæссагдæр хабар айхъуыст: Гурам тыхджын рынчын у æмæ, дам, æй абон дыу- уæ сахатыл хъуамæ акæной рынчындонмæ операци, кæнынмæ. Сахаттæ куыд ацыдысты, уроктæ куыд фесты . уый Ило зонгæ дæр нæ бакодта. Урокты фæстæ лæп- пу хæдзармæ æрцыд æмæ йæ мадæн загъта: — Мæ рынчын æмбалы уынынмæ цæуын æмæ кæд ’ чысыл ферæджы кæнон, уæд-иу дæ зæрдæ ма ’хса- 156
йæд. Чингуытæ ныууагъта. Хæринагмæ дæр нæ февнæлдта. —Тагъд кæнын æмæ куы рыздæхон, уæд бааходæн кæндзынæн,—загъта Ило æмæ Гурамы цы рынчын- донмæ хъуамæ æрбакæной, уырдæм азгъордта. Рынчындоны раз иу æмгары дæр нæ федта Ило • æмæ бынтон фефсæрм. Уый хирургион хайады ба- фарста æмæ дуары бацæуæны хæстæг æрлæууыд. Ило йæхæдæг дæр нæ зыдта, ардæм цæмæ æрбацыд,. уый, кæнæ уырдæм бацæуынæй цы баххуыс кодта- ид, уый. Тыхст сывæллон æнхъæлдта, зæгъгæ, йæ куы фенон, уæд мæ зæрдæйæн æнцондæр уыдзæн. Æфсæрмдзæстыг лæппу йæхæдæг дæр нæ зыдта цы сарæзтаид æмæкуыд баурæдтаид йæхи тарст зæрдæ. Æппæтæй уæззаудæр уый уыд, æмæ сывæллон йæ зæрдæйы сусæг ныхас кæй никæмæн загъта, нæ дæр мадæн басаст, ома мийаг йæ зæрдæ куы фæ- ;рисса. Æвæццæгæн æй чысыл ныфс уыд, чизоны сдзæбæх уа æмæ уый фæстæ алцыппæтыл дæр басæтдзæнис æмæ уыимæ сомы ракæндзæн куыд уый хуызæн хабар никуы уал сараздзæнис. Сдзæбæх уæнт, уый еттæмæ мæн æппындæр ницы уал хъæуы... Лæппу лæууы рынчындоны чысыл цæхæрадоны,, куы иуырдæм раздæхы, куы иннæрдæм. Алы авто- машинæйы унæр ын уæлдай йæ зæрдæйы тæрсын кодта. Иæ хуыз фæцыд, афтæмæй æнхъæлмæ каст, 157'
фæлæ иичн зынди. Æрмæст чидæр сылгоймæгтæй рацыд хирургион хайады дуарæй. Аст сылгоймаджы цæстыты уыд æнæкæрон маст. — Ох, хъæбул, дæ мад æрбамæлæт! Афтæ дын цы ратых кодта, дæ нывонд фæуон, цыми ма бакæнон!— къухæй йæ риу хоста иу къæсхуыр сылгоймаг. Иу æвзонг сылгоймаг йæ иувæрсты цыд æмæ йæ сабыр кодта. — Ма тæрс, Саломе, дохтыртæ дын куы загътой абон, дам, æнцойдæр у, уæд дæхи цæуыл марыс? Дыууæ сахаты куы сыххæст уа, уæд æй дæхи цæс- тæй фендзынæ! Уыцы сылгоймаджы кæуынмæ Илойы зæрдæ артау ■ссыгъд. Æвæццæгæн, Гурамы мад дæр афтæ тыхст уы дзæн...цæмæн, цæйтыххæй бакодтон ацы хъуыддаг. Цæмæн сдæн ме ’мбалы æнамонддзинады аххосаг!— йæ зæрдæмæ ныхъуыста Ило æмæ уæлдай тыхстдзи- над хатыд. Лæппу куы иуырдæм аппары йæхи, куы иннæрдæм. Фæстагмæ куы нæ уал фæрæзта, уæд рынчындоны уынгæй рацыди æмæ Гурамы хæдзары* ’рдæм алыгъди^ Изæрмæ уыдон дуары рацæуæны фæрацу-бацу кодта, бæлæсты аууæтты-иу слæууыд, мачи, дам? мæ фена, зæгъгæ. Илойы куы бауырныдта, . рынчыны никуыдæм акодтой, уый, уæд æй цыдæр ныфс бацыд, лæппу æд?ух фæрссагмæ каст, уыдта, хатт адæмы æндæрг- 158
тгæ мидæгæй æнæрынцой кæй змæлыдысты, уый. Уыцы фæрссаджы ныр уæртæ кæцыдæр сылгоймаг æрлæууыд. Ило йæ æвипдайды базыдта, уый Гурамы мад кæй уыд, уый, фæлæ йæ фæлтау куынæ федтаид, сылгоймаг къухсæрфæн йæ цæстытыл бамбæрзта >æмæ фæстæмæ цырд фездæхти. —Уæуу, кæуы!—сунæргъыдта Ило æмæ фыр тыхс- тæй йæ дзых асурис. Ило ныр нал фæлæууыд, хъуамæ исты сараза, искæй хъуамæ бафæрса, æндæра йæ зæрдæ атон- дзæн, ныртæккæ æцæгдинад куы нæ базона, уæд. Куыддæр æрталынгис, афтæ хурскæсæнæй едзаг мæй стылди æмæ Тбилисы сæрмæ сыгъзæрин къу- сау разынди. Асиныл къахы унæр ссыд. Мæй иу сылгоймаджы урс къаба æвзистгъуыз сахуырста, уый æрцæйцыд асиныл. — Ай бафæрсон, æндæра сырра уыдзынæн!—хъуы- ды кодта Ило, асинмæ баввахс æмæ æвиппайд фæ- лæууыд, базыдта йæ, чи уыд, уый. ’. — Цытжын Нино!—ныфсхаст хъæлæсæй радзырдта Ило, стæй уырдыгмæ æрхизгæ сылгоймаджы раз фæ- лæууыд æмæ йæм тарст цæстæнгасæй бакаст. — Ды дæ, Ило!—уайтагъд бамбæрста ахуыргæнæг ♦сывæллоны зæрдæйы хатт, йæ цæстытæм ын куы КЗакаст, уæд, æмæ æвиппайд хорз хабар худгæбылæй радзырдта. , 159
— Арфæ дын кæнын, де ’мбал ныр æнцой у! Рын- чындонмæ дæр æй нал акодтой, райсомæй йæ тæвд кæй æрхауд æмæ - йæхи æмбарын кæй райдыдта, уый тыххæй. Ило фæджихау. Уый фыр цинæй иу къахдзæф раз- мæ акодта, ахургæнæгыл зæрдиагæй нытыхсти æмæ скуыдта.
КЛАВДЯ ДЕВДАРИАНИ БОНÆДЖЫ СЫФТÆЙ Къуырисæр, 27 январ. Абон фыццаг хатт ферæ- джы кодтон скъоламæ æмæ уый дæр уырыссаг æв- заджы урокмæ. Æвзæр райдыдтон къуырийы фыц- цаг бон. Скъоламæ бацæуæн уынджьт мыл хæрхæм- бæлд фæцис ахуыры хайады сæргълæууæг. Бауан- дзæф мын кодта. Мæхи ма бæргæ урæдтон, ’ фæлæ мæ цæсгомыл æрызгъордтой хъарм цæссыгтæ. Иуыл дйер уыцы дзæгъæлзады раздарæны аххос уыдис, цас æй фæцагуырдтон райсом. Манана мыйаг куы фехъуса ацы хабар, уæд кæс уымæ, йæ зæрдæ мыл фæхуддзæи. Æртыццæг, 29 январ. Абон нын- уыдис пионерты 11. Радзырдтæ. 161
162
пжджы æмбырд. Майа кæй барæджы кодта, уый тыххæй йын , бауайдзæф /кæндзыстæм. Мæ зæрдыл æрбалæууыд, мæхæдæг дæр знон кæй ферæджы код- ’йш, уыцы хабар æмæ фефсæрмы дæн: цæджы хие- дæр уæддæр куы нæ уаин! Диссаджы адæймаг у Майа, æз кæй ферæджы кодтон, уый тыххæй мур- дæр ницы загъта. Мананайæн ног форма балхæдтой æмæ йæ зæронд дарæс та мæныл скодтой. Уæд та кæсдæр ’ куы нæ уыдаин. Цымæ кæдмæ афтæ кæсдæр уыдзынæн? Баба мын ныфс бавæрдта, ног формæ мын балхæ- нынæй. Дыццæг, 4 феврал. Нæ хæдзары иу уат у тынг змæстытæ, æмæ мæ дарæс дæр æрвыл райсом уымæн нæ фæарын. Манана бон изæрмæ фæцæгъды пианинойæ, кæн- нод та фæкæсы чингуытæ. Истьт йын куы зæгъай, уæд йæ дзырд уый фæвæййы:. — Рæстæг мын нæй, нæ мæ ’вдæлы. Ома „фондз- тыл" ахуыр.кæнын, зæгъгæ. уЕма^ ц[>т, æз дæр ,,фондз- тьтл" ахуыр кæнын бæргæ, фæлæ кæсдæр кæй дæн уый тыххæй уат æз хъуамæ æфснайон. Цыппæрæм, 6 феврал. Пионерты цæджы æмбырды Русудан бахаста ахæм фæндон: —Скъолайы хæринагаразæндоны сцæттæ кæнæм сихор, æрбахонæм ахуьтргæнджыты æмæ пионерты раздзæуджыты. Мери йа^ ныхмæ рацыди: — Уый дын ног хъуыддаг, цы иудзинад ис пио- 163
нерты æмбьтрд æмæ нæ снхормæ ахуыргæнджыты æрбахоныны хъуыддагæн. — Айразмæ Тинайы мад рынчын куы уыди, Тина сихор куы нæ сцæттæ кодта æмæ бинонтыæнæ сихор- æй куы ныууагъта, уæд уьтй раст уьтди ? — смæсты ис Русудан. Русуданы фæнд алкæйы зæрдæмæ дæр фæцыди. Майрæмбон, 14 феврал. Мæ мад мын радта, сихор сцæттæ кæнынæн цы хъæуы, уьтдон. Манана мæ иу ран нал уагъта, æдзух мæ афæрс-афæрс кодта: —Цæмæн дæ хъæуынц? Куьтд сæрхъæн уьтддæн, дз,уапп ьтн кæй нæ рад- тон, уыьтй тьтххæй! Иæ бьтлтæ асчъилтæ кодта æмæ мæ бафарста: — Хæринагаразæг хъуамæ рацæуай?! Нана йын бауайдзæф кодта: — Адæймаг хъуамæ æппæт дæр зона. Сабат, 15 феврал. Куыд хорз ацыдис нæ сихор, хуынды гæххæттыты æз нынныв кодтон æмæ сæ тынг рæсугтэд ныффыстон. Пионерты раздзæуджытæ ньтн æрбахастой дидин- джыты тыгуыр губакк. Сихорæй се ’ппæт дæр райрондæй баззадысты. Æрмæст картофæй арæзт катлеттæ æдзæхх разын- дысты. Классьт разамынадгæнæг ма нын зæрдæ авæрд- та: — Ахæм хабар хорз æмæ фæлтæрд æфсиныл дæр æрцæудзæни. Хуыцаубон, 6 апрел. Мæ бонæг рагæй нал рай- 164
етон мæ къухмæ. Кæй фæрынчын дæн, уыцьт хъуыд- даг мын мæ.зымæджы фæстаг бонтæ фегад кодта. Ныр æрбалæууыд уалдзæг. Нæ рудзынджы размæ йæ цъæх къаба скодта миндалы бæлас. Къæлæсъттæ- гæнгæйæ’ мьтн йæхи уарзын кæны. Куыд зын у бирæ рæстæджы рынчын уæвын. Кæд мыл мæт кæниккой æмæ мæ рæвдауиккой, зæгъгæ. Уый тыххæй-иу раздæр рынчын кæнынмæ куьГ бæл- лыдтæн, уæд куыд æдылы уыдтæн. Ныр мæ бæргæ рæвдауынц, фæлæ мæ нал фæнды рынчын уæвын. Æгæрстæмæй ма мын абон райсом Мднана мæ дза- быртæ дæр ныссæрфта. Мæгуырсар, æдзух кæугæ кбдта, мæнмæ йæ куы нæ уагътой, уæд. Куыд æй æрбауагътаиккой, ууыл дæр дъуырниз бахæцыдаид. Райсом цæуьш скъоламæ; мæ бон куыд бауы- дзæн уыцы циндзинад бауромын! Цымæ куьтд сты скъолайы чызджытæ, кæнæ мæ пионерты цæг куыд кусы? Æвæццæгæн цæгæн Нана разамынад кæны. Куыд мьтл сымбæлдзысты. Чизоны уыдонæй алкæ- мæй дæр ферох дæн. Нæ, Нанайæ нæ ферох уыдаин. Манана мын мæ раздарæн æмæ пионерты галстук ныйиту кодта, райсом дæ бахъæудзысты, зæгъгæ. Куыд хорз ссис Манана. Æппындæр нал хыл кæнæм. Галстук бакодтон, кæсæны акастæн, нырма йæ еньтр фембæрстон, мæ дзыккутæ мæ уæлæ кæй нал стьт, уый. Куыд æнæзæрдæмæдзæугæ сдæн. Мыйаг мыл скъолайы чызджытæкуы худой, уæд куыд кæндзы- 165
прн. Мæхи ма бæргæ уромын, фæлæ уæддæр мæ цæ- сты сьтгтæ згъæлынц. Манана мæ фæрсьт: — Цы дьтл æрцьтд? . Æз ын шщы дзурын. Фæлæ мæ уæддæр нал уа- дзьт. Æз дæр ын раргом кодтон мæ зæрдæйы рис. Мананапы пыхæстæм гæсгæ, цыма æиæдзыккуйæ тынг фидауын. Ньтфе мын æвæрьт: —Зоя Космодемянскаяйы хуызæн дæ, зæгъгæ. Уыцы абарст мæнæн тынг æхсызгон уыдн. Къуырисæр, 7 апрел. ’Æнæхъæн æхсæв æрынцой нæ фсдтон, раисом мæ скъоламæ цæуьтн кæй хъуьтд- ис, уыцы хъуыды мыл циндзинад æфтыдта. Æнæхъæн æхсæв фыны уыдтон Зояйьт... цыма мæхæдæг уьтдтæн Зоя... Скъоламæ ацæуыиы агъом- мæ 1сæсчсны акастæп, зæгъын, æцæг Зояайы хуызæн дæн! Се ’ппæтæндæр тынг æхсызгон уыдис, скъоламæ кæй бæцьтдтæн, уьтп. Пгьатæ æмæ мьтн арфæтæ код- топ ]сазп фервæзтæтг, уьтй тыххæй. Ничи мьтл ба- худт. Æвæццæгæн лгын тæрйгьæд кодтой. Æртыццæг, 9 апрел. Ахуырьт фæстийæ зайьтн, Пана мьтн æххуьтс кæньт. Пæ уроктæ ахуыр кæнæм пумæ. Бахъуыды рæстæджы нын Манана дæр тьтнг зазрдпагазй æхху1>тс кæны, ме ’вастæй пианинойыл дæр нал фæцæгъды, фæлæ йæ æз дæр нæ бахъьтг- дарьтн. Цьт кæна, тьтнг уарзьт музикæ. Манана мæ Зоя Космодемянскаяйы хуьтзæн ка^п схуыдта, уьтй радзырдтон Нанайæн... Тынг æхсызгон ьщ уыдис, бирæ фæхудти, фæдис кодта, нырыонг æй 166
кæй никуы фæфиппайгаз’ фæдæн уыцы æнгæсдзинад, æцæг, дам, Зояйы хуызæн дæ. Иырæй фæстæмæ дæ Зоя хондзыстæм. Æцæгæп дæр уый хуьтзæн дæ. Уый куы зонин, Зояйы хуызæн уыдзынæн, уæд æрбалвынин ныртæккæ дæр мæ дзыккутæ. Æмбырд кæнын, цыдæриддæр Зояйы тыххæй мыхуыры æр- цыд, "уыцы æрмæджытæ. Мæ бæллиц у, цæмæй суон Зояйы хуызæн.* Майрæмбон 18 апрел. Фæлварæнтæ рæхджы рай- дайдзысты. Бирæ бакусын мæ хъæуы. Тайрсын, мпйаг фæлварæнты иттæг хорз бæрæггæнæнтæ куы. нæ уал райсон. Рæстæгмæ уал мæ бонæджы аиуварс кæнон, кæд æмæ мæ цардьт ницы уадиссаг цау æрцыд, уæд. Хуыцаубон, 20 апрел. Знон пионсрты отряды æмбырды иæ отрядалт радтой Зоя Космодемянскаяйы ном. Иттæг æхсызгон мын уыднс. Мах хъуамæ саргъ кæнæм уыцы помæн.
СÆЙРÆГТÆ Фарс Нино Агъниашвили Оманы бæлуæттæ (Мамиты Г. тæлмац) . .... . 3 Марикъа Микеладзе Зилгæ тырыса (Нартыхты М. тæлмац) 18. Родион Коркиа . Урс хæдзар (Хæныкъаты Н. тæлмац) . * 49 К. Гогиашвили Датойьградзырд (Цæбиты 3. тæлмац) ... . . . .57 Донбылгæрон (Цæбиты 3. тæлмац) 62 Елизбар Зедгинидзе Хæлæрттæ (Хæныкъаты Н. тæлмац) 69 Ростъом Еланидзе Урс хæхтæ (Дзæхаты И. тæлмац) ........ 82 К. Елисабедашвили Долис-иъури (Цæбиты 3. тæлмац) ....... 128 Анна Хахутъашвили Илойы фæсмон (Цхуырбаты В. тæлмац) 144 Клавдя Девдариани Бонæджы сыфтæй ..... ’ 161 Тæлмацы редактор Козаты Д. Нывгæнæг Дыгъуызты Г. Техредактор Сиукъаты Н. Корректортæ Куымæридтаты Д., Зæгъойты К. ■ ■ ■ ■ -*—• Сдано в набор7. VII. 1954. Подписано к печати 16. X. 1954. Заказ изд. № 42. Заказ типографии № 886. Формат набора 6x9 кв. Формат бу- магибО х92 см. Учет. изд. листов 5,9. Печатных листов 10,5. ЭТ00Ю1. Тираж 1000 экз. Цена2 руб. 80иоп. Сталинирская типография Грузглавиздата, Сталинир, Исака, 2.