Text
                    /1 ^, ^


ОСТЪАТЫ АЛАН РАДЗЫРДТÆ ÆМÆ УАЦАУ Цхинвал Мыхуыры хæдзар 2012
84 (Осет.) 73 О 76 О 76 Остаев А. Б. Рассказы и повесть. — Цхинвал, Дом пе- чати, 2012. Чиньггмæ хаст æрцыдьгсты куыд нырыккон дуджьг, афтæ 20-æм æнусьг 90-æм азты цардивæнты цаутæ æвдисæг уацмьгстæ дæр. Остаев Алан Бидирович РАССКАЗЫ И ПОВЕСТЬ Книга издана по рсшсиию издатсльской комиссии Госкомитсга ипформации, связи и массовых коммупикаций РЮО Рслактор Р.Ф. Азагоева Художиик ИЛ. Ажуссоев Худож. редактор Т.ВЦховреоова Техп. редактор ВЛ. Тедеева Корректоры В.С. Вестаева, В. Л. Кудзиева Всрс! ка Т.В.Цховреоова Подписано в псча’тъ 27.12.2012. Формат 84x108/32. Бумага офсстная. Псчагь офссшая. Уч.-изд. л. .8,2. Усл. псч. л. 9,87. Тираж 300 экз. Заказ типогр. №. Дом печати. 100001, г. Цхиивал, ул. Московская, 7. Полиграфичсскос произволстепиос объсдинснис РТОО. 100001, г. Цхипвал, ул. Московская, 5. 15ВЫ - Издательский №2 © Остаев А.Б., 2012 ©Аомпечати, 2012
РАЗНЫХАС Адæймаг йæ фыццаг къахдзæфтæ цы уæзæгыл акæны, сабибонты цы зæххы цъарыл фæдугъ кæны, фæстæдæр йæ удварн цы къуымы бахсысы, уый цæрæнбонтæм йæ зæрдæйы рæбыны сæрмагонд бынат бацахсы æмæ уыцы уарзонд- зинад бирæ азты сæрты дæр судзгæ цырагъау фæхæссы. Райгуырæн къуымимæ, æвæццæгæн, алы адæймаг дæр уды тæгтæй баст æрцæуы, йæ цинаг æй кæддæриддæр уæларвмæ сисы, йæ зындзинад та йын хисæрмагонд рисыл нымад фæцæуы. Хуссар Ирыстоны рæсугъддæр къуымтæй иу — Къуыдаргом дæр ацы чиныджы автор Остъаты Аланимæ раст ахæм тæгтæй баст у. Аланы сабибонты ацы комбæсты цард цæджджинагау фыхти, йæ æнтыстытæ та дардыл хъуыстгонд уыдысты. Алы уæзæг, алы артдзæсты къона дæр æнæфæцудгæ æмæ цæсгомджынæй хаста сæ иумиаг райгуырæн къуымы хъæздыг историйы, ирон фарн æмæ на- мысы кадджын хæс ног фæлтæртæм... Дугивæнтæ цыбыр æмгъуыдмæ рафæлдæхтой комбæсты æнæфæцудгæ цар- дыуаг æмæ тридицитæ. Цардивæн цæстыфæныкъуылдмæ æркодта Къуыдаргомы кæддæры нæргæ уæзгуытæ раууатмæ. Скæрдæг, схæмпæл сты удæн афтæ æввахс æмæ адджын цы къуымтæ уыдысты, уыдон. Раивылдысты адæм сæ фы- дæлты уæзгуытæй, рагуылф кодтой горæтмæ хуыздæр цар- дагур. Кæддæры хæрзæбонæй ма абон баззадысты афтид цæрæнуæттæ æмæ ивгъуыд дуджы мысинæгтæ. Гъе, æмæ ма æрмæстдæр комбæсты диссаджы æрдз архайы ацы зæрдæриссæн нывтæ йæ рæсугъддзинады пæлæзы бын æр- нуæрдыныл. Фæлæ дымгæ зилы дзæгъæл уæзгуыты, æхситт кæны, æбарвæндонæй æнæхицауы ном кæуыл сбадт, уыцы къуымты. Сæдзæрæг Къуыдаргомы фылдæр хай, сафтид.
Иæ фыдæлты уæзæг дуджы æндæвдады фæстиуæгæн чи ныууагъта, уыдонæй иу у ацы чиныгмæ хаст уацаутæй иуы сæйраг архайæг Агуыбе. Иу зымæджы къæсæрыл ныууагъ- та йæ фыды хæдзар, йæ бинойнагимæ рафардæг æвæлмаст æмæ æнæмæт цардæнхъæл. Зæрдæрисгæйæ, æвæндонæй уагъта уды тæгтæй баст кæимæ уыд, уыцы къуым, фæлæ зындзинæдты раз фæлæууынмæ йæ ныфс нал бахаста. Уымæй размæ йæ сыхæгтæ иууылдæр равзæрстой ахæм фæндаг. Кæд ма дзы сæрд исчи бацæуы, уымæй дарддæр даргъ зымæджы хъæуы къуымты куыйты йедтæмæ удгас змæлæг нал вæййы. Мидхъуырдухæнты, уды сагъæсты гуылфæнты бахауд Агуыбе, не ссардта удæнцой цард горæты, нæ ныббарста йæхицæн, фыдæлты уæлмæрдтæ дзæгъæлæй кæй ныууагъта, уæйгæнæджы цæстæй ракаст йæхимæ. Уалдзæджы къæсæрыл йæ сагъæс бынтон сцырын æмæ иу райсом раджы афардæг сæхимæ, къуыдаргоммæ, ныр — фидар уырнындзинадимæ, ахæм æнæсæрмæхæссинаг лæмæгъдзинад кæй нал æруадздзæнис йæхимæ æмгæрон... Агуыбейы æнгæс фæлгæндзтæ ацы чиныджы автор но- джы цалдæр сфæлындзыдта. Райгуырæн зæхмæ æгæрон уарзондзинады æнкъарæнтæй уæлдайджынтæй схорзæхджын кодта Остьаты Алан йæ уацмысты хъайтарты. Æгæрыстæмæй, чиныгмæ цы юмористон радзырдтæ æмæ уацау хаст æрцыд, уым дæр сæрмагонд бынат ахсынц фыдыуæзæгмæ уарзон- дзинады æнкъарæнтæ. Уацмысты хъайтарты æнкъарæнтæ, сæ удты бæллицтæ æмæ сагъæстæ хæрз æввахс сты авторы миддунеимæ. Остъаты Бидыры фырт Алан райгуырд æмæ схъомыл Къуыдаргомы рæсугъддæр къуымтæй иу — Сох- ты хъæуы. Зæрдæйы фæндиаг нæ уыдысты йæ сабибонтæ — хæрзчысылæй баззад сидзæрæй. Царды зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ чысыл лæппу стыр æвзыгъддзинад æвдыста ахуырмæ, Къуайсайы скъолайы ахуыр гæнгæйæ, уый фæцайдагъ ирон литературæйы уацмыстæ кæсыныл. Ацы зонындзинæдтæ йын фæстæдæр, Хуссар Ирыстоны паддза- хадон педагогон институты ирон факультеты студент куы ссис, уæд стыр ахъаз фесты. Студент уæвгæйæ йæхæдæг дæр райста йæ’къухмæ фыссæн сис, йæ уацмыстæ фæд-фæдыл мыхуыры цæуын райдыдтой бынæттон периодикон мых-
Радзырдтæ уыры фæрстыл. Авторы фыццаг чиныг «Цардивæн» мыху- ыры рацыд 2003 азы, йæ дыккаг чиныг «Уæззлау мысинæгтæ» та мыхуыры фæзынд 2011 азы. Алан бирæ азты дæргъы кусы журналистикæйы къабазы. Ие сфæлдыстадон архайд райдыдта районон газет «Дзау»-ы уацхæссæгæй, уыд Хус- сар Ирыстоны Паддзахадон телеуынынады уацхæссæг, фæстæдæр та — хистæр редактор. Ныртæккæ милицийы майор Остъаты Алан кусы мидхъуыддæгты министра- ды пресс-службæйы. Ацы чиныг та у Аланы радон хуын ирон чиныгкæсæгæн. Автор ам æрæмбырд кодта, хицæн рæстæджы цы уацмыстæ ныффыста, уыдон. Кæй зæгъын æй хъæуы, уацмысты ис хицæн къуыхцыдзинæдтæ дæр, фæлæ иумиаг фоныл уыдонæн чиныгкæсæг, æвæццæгæн, уадиссаг нысаниуæг нæ ратдзæн. Авторæн нæ бафæнддзæн ноджы фылдæр сфæлдыстадон æнтыстытæ. Зæгъойтъг Рада
РАДЗЫРДТÆ ^С^^Чв/
ХÆХТЫ ХЪÆБУЛ Изæрмилты бæзджын фæлм хъуызæгау кодта Стыр- хъæуы алфæмблай. Арв дондыппыр сатæг-сау мигътæй нал зынд, дымдта уазал фæззьггон дымгæ. Адæймаджы уæнгты иннæрдæм хызт. Хъæд уыди бæгънæг, æрмæст ма стæм бæлæстыл иугай сыфтæртæ дзедзыкка кодтой. Стырхъæуы цæхæрадæттæн сæ тыллæг раджы бафснайдтой, фæлæ иннæ азтау бæстон æфснайд нæ уыдысты. Кæмæн дзы йæ кæрæтты хъæдуры хъилтæ æмæ нартхоры хъæллæгътæ уыд, кæмæн та йæ дыргъбæласмæ асин æвæрдæй баззад. Сопийы цæхæрадоны та зæхх фæйлыдта Кудзаны хъулон дзæргъ. Хъæуы астæу фæзы тъæпæн къæйдуртыл æвæрд уыдысты картофы голджытæ, хуыссæнтæ æмæ цыдæр мигæнæнтæ. Сæ сæрыл æмбæрзт целлофанæн кæд йæ кæрæтты дуртæ æвæрд уыд, уæддæр-иу æй чысыл дымгæ дæр сфæйлыдта. Цъус фалдæр лæууыдысты, Стырхъæуы ма чи баззад æмæ ныр горæтмæ æнцонвадатдæр бынæттæм цæрынмæ чи цæуы, уыдон: Росе, Тембол, Хъазбег, Сопи æмæ Кудзан. Арвыл-иу сæ цæст ахастой, райхъуыст-иу сæ тыхст ныхас: «куыд æрæгмæ цæуынц, къæвда ныккалынæввонг у», — æмæ- иу сæ кæрæдзимæ дзуаппæнхъæл бакастысты. Фæстагмæ чидæр кæмæндæр уайдзæфтæ кæныныл схæцыд: — Ныр дæм кæдæйнырмæ хатæм, Кудзан, сывæллон нал дæ, не ’гасæй хистæр дæ æмæ цы хъуыды кæныс - нæ зонæм, иунæгæй ма æгас хъæуы цы ми хъуамæ кæнай. Нæ хъусыс, куыд фæдзæхсынц, стыр мит, дам, æруардзæн ацы аз, рацу немæ æмæ цæр. — Уæ рынтæ бахæрон, Кудзан никуыдæм цæуинаг у. Æз ацы хæхты ’хсæн райгуырдтæн. Ацы хæхтæн æз сæ хъæбул дæн, мæхи куы базыдтон, уæдæй фæстæмæ, гомзæвæттæй цы зæххы риу фæхостон, уырдыгæй мæ мæ къах никуыдæм хæссы. Фыдыуæзæг адджын у.
С^^О^^СК.^4^ °стьаты Алан — Мах дæр ацы хæхты ’хсæн райгуырдыстæм, Кудзан... — Росейы ма цыдæр зæгъын фæндыд, фæлæ йын йæ ныхас айста Кудзан. — Ам райгуырдтæ, Росе, раст у, фæлæ уый рæстæгмæ гу- ырд у. Ам не ’нусон бынæттæ нæ фыдæлты дæлфæдтæм куы уой, уæд райгуырдзыстæм. — Хорз, Кудзан, зæгъæм, ам баззадыстæм æмæ азымæджы æнæнхъæлæджы æрбамардтæн, уæд чи уыдзысты мæ та- бæтхæсджытæ, чи мæм æрцæудзæн? Сымах цыппарæй? — æмæ фæуæлахизуæвæджы каст бакодта Росе Кудзанмæ. Кудзан, æнцæнттæй чи басастаид, уыдонæй нæ уыд. — Хуыцау дын бирæ цæрæнбон радтæд, Росе, фæлæ уæд та а-зымæджы дæлæ горæты фæзиан дæ, уæд дæ ам бавæр- дзысты? Чысыл куы рагæбына кæны, уæд нæм цъиу дæр куынæуал фæтæхы. Нæй, Росе, æндæр уæлмæрды, æнæ- зонгæ мæрдты ’хсæн дыл æцæгæлон сыджыт узæлгæ дæр нæ бакæндзæн. Æз, Росе, куы амæлон, уæд-иу мæ уæртæ дымгæджын къахыры аппарут æмæ мæ сырдтæ се стонг суадзой. — Ныр та йæм Хъазбег бауырдыг. — Раст зæгъыс, Кудзан, фæлæ адæймаг рынчын дæр зоны, рацу, уым дæр хорз у, уæдæ иунæгæй цы ми кæндзынæ, адæмы фæдзæхсынц, стыр мит, дам, æруардзæн, газеты дæр æй фыстой. — Хъазбег, мæ хур, чысыл мит та нæм кæд æруарыд, æви нæ зоныс Къостайы ныхæстæ «Лæджы æмбæрц ныууары мит». Стæй адæмы фæдзæхсгæ кæнынц, зымæгмæ уæхи ’рцæттæ кæнут, уыцы газет мын кастæ æмæ дзы, мæнмæ гæсгæ, афтæ фыст нæ уыд «Сыстут æмæ уæ сæртæ искуы бафснайут», сæ фыды зæххæй никæй арвитдзысты, фæлæ сæ фæдзæхсгæ кæнынц. Сымах та сыстадыстут æмæ лидзут, фæлæ мын ацы къæйдуртæ æвдисæн уæнт, æрымысдзыстут Стырхъæуы, уæ уæзгуыты. Дæуæн ма цы зæгъон, Хъазбег, ды дæхæдæг институт фæдæ, фæлæ... Росе дæр ахуыр кæнынмæ цæуы, кæнæ Тембол заводы «диликторæй» кусдзæн. Кæнæ Сопи скъолайы ахуыргæнæгæй? Ныр мæм мачиу- ал хатæд, загътон æз мæ зæгъинæгтæ, уартæ уæ машинæтæ дæр æрбацæуынц, — загъта Кудзан æмæ æрбадт голлагыл. Уæдмæ дзыхъхъынног цъæхахуырст машинæ дзыхълæуд
Радзырдтæ ч ^ ^ч^рОо^,/^ ’у фæкодта сæ цуры, йæ сæртæг хъыллист айхъуыст. Æргæпп дзы кодта сæвджынтæ лæппу-лæг, джинс хæлаф æмæ ве- люр костюмы. Дуар багуыпп кодта: — Уæдæ сымах дæр лидзут, нæ? Раст кæнут, хæхты дæр ницы ис. — Лæппу, кæд ма исты зонын, уæд Тутийы фырт Джабе дæ? Афтæ дзурынц ирон адæм, фыды фарн, дам, мæрдтæм нæ цæуы, фæлæ Тути йемæ ахаста йæ фарн, стæй ирон лæг дæ æмæ уал салам ратт адæмæн, — бауайдзæф ын кодта Ку- дзан. Уæдмæ æрбазынд æндæр машинæ дæр. Ныгьуылдты- тæгæнгæ, æрбалæууыд Джабейы машинæйы фæстæ. Ра- хызт дзы мæллæг, бæрзонд, сатæг-сау лæппу. Иууылдæр базыдтой Гæмсийы фырт Гозары. Салам сын ратта. — Сы- мах та кæдæм лидзут, исчи ма фыды уæзæгыл зæрыбонты йæ къух исы, дæлæ нæхи зæронд (уый Гæмсийæ дзуры) алы бон йæхи фæсмонæй мары, кæдæм, дам, цыдтæп. — Гозар йæ машинæ ласинæгты ’рдæм базылдта, йæ сау лæзæрд костюм раласта æмæ Хъазбегимæ машинæйыл æвæрдтой дзаумæттæ. Иу фæтæнтæ, нард, хæрзхуыз сылгоймаг бадт Джабейы машинæйы æмæ, хæрзхаст бæлонау, хъуыр-хъуыр код- та. Æвæццæгæн æй ничи ’рхъуыды кодтаид, йæхæдæг авг тымбылкъухæй куыннæ ныххостаид, уæд. — Мæрдырох мыл куыд бафтыд, — фæзылд Джабе. — Надеждæ мидæгæй баззад, мæ дуар мидæгæрдыгæй нæ кæ- ны — дуар фегом кодта. Кудзанитæ бадис кодтой, зæгьгæ, чи уыдзæн Надеждæ æмæ йæм се ’ргом азылдтой. Исдуг ма ахъуыр-хъуыр кодта Надеждæ, стæй, табу уæ фарнæн, фæлæ фыццаг йæ фæстаг æрдæг разынд, стæй Джабейы æххуысæй иффытæ æмæ оффытæгæнгæ йæхæдæг дæр фед- де. Йæ дзабыртæн сæ лыстæг зæвæттæ зæххы ныхстысты, нарæг тынд æрфгуытæ, сынты базыртау, сæхи фæйнæрдæм айвæзтой, кæсæнцæстыты ’хсæнæй фындз ныхысæрыйас зынд, хъустыл, растдæр боцкъайы тæлыйыйас сыгъзæрин хъусцæджытæ зæу-зæу кодтой, къухы ’нгуылдзтæй сыгьзæ- рин къухдарæнтæ ’рттывтой. Галиу цонджы хъулыл сыгъ- зæрин сахаты хуымæтæг бос иттæг аив нæ фидыдта. Рогæй сулæфыд, йе уæнгтæ айвæзта:
— Мæнæ ма мæ чызг Надиккæйы уынын! — кæугæ-худгæ бакодта Росе æмæ йæ чызгыл йæхи баппæрста. Росейы ру- сыл Надиккæйы былты ахуырст сырхæй аззад... Иннæтæн дæр сæ къухтæ райста. Цæут уæдæ сымах дæр, и? — афтæ, гъе, æмæ цардæй исты фенат, стæй хохы цъассы бабырут, — Надиккæйы ныхæстæм Кудзан зынджытыл лæууæгау код- та. — Хуыцау мæ иу бон æнæ телевизор æмæ æнæ магнито- фон ма фæцæрын кæнæд. — Уæдæ, Надиккæ, горæты та цард куыд у? — афарста йæ Сопи. — Алæ, базары алцы туджы аргъæй æлхæн, стæй бæз- дзысты кæнæ нæ, æцæг дзы хиирхæфсæн бынæттæ хорз ис, иу къахдзæф дæ къахæй цæуын нæ бахъæудзæн. — Кусгæ та кæм кæныс? — ныр та йæ Кудзан афарста. — Рестораны афицианткæ, минас кæнынмæ чи æрба- цæуы, уыдон размæ хæринæгтæ фæхæссын, — загъта Надик- кæ æмæ йæ гуыбыныл йæ къухтæ æруагъта. — Дис кæнын, нæрдæй тъæпп цæмæн хауыс, — ахъуыды кодта Тембол, æргом та йæ афарста: — Дæ бинонтæн хъæ- уы зæхх нæй? — Ис сын, фæлæ сын дзы уыйас ницы зайы, æцæг сын дзы стыр тутатæ ис, ме ’фсин сæ арахъхъ рауадзы, уымæй сæм иу-дыууæ къапеччы æрбафты. — Фæлæуу-ма, Надиккæ, нозт уадзыны бар нал ис, уый мах авдæфцæгæн æддæмæ куы фехъуыстам, уæд æй де ’фсин нæ зоны? — бадис кодта Сопи æмæ йæ сæрбæттæн бадзæбæхтæ кодта. — Ме ’фсин дæр æй куыннæ зоны, Сопи, стæй йæ æлхынцъæрфыгæй фадыгон милиционер дæр абæрæг кæны, йæхиуæттæ атона кæны æмæ мидбылхудгæ ацæуы, мæ хур, иуæй-иу æдзæсгом адæймæгтæн гæртам закъоны хуызæн у, сæхи дзыхæй фæкурынц. — Мах дæр саууынгæджы фестæм уыцы милицийæ, — æмдзыхæй сдзырдтой Джабе æмæ Гозар. — Гъе, мæ дзы иу раст адæймаг нал ис, се ’хсæн? Рæст- дзинадыл чи цæуы, уыдон та иуран куыд бадынц? — бака- тай кодта Сопи. — Гъæй, мæ хур акæнай, Сопи, дæс адæймагæй ма кæд
Радзырдтæ ^ ^\^\^^^^В^^^^^ ^^^ æцæг рæстылдзу разына фондз, — фидарæй загъта На- диккæ. — Надиккæ, ды æмæ дæ лæг дæр партионтæ куы стут, кæцы фондзмæ дзы хаут? — машинæйы гуыффæйæ радзырдта Гозар. Надиккæ дзургæ ницы скодта, фæлæ Гозармæ йæ цæстытæ ахæм хъулæттæ скодта, æмæ мæгуыр лæг ноджы фæсаудæр, стæй фæныфсджын. — Æз, кæцы гаражы кусын, Сопи, уый директор дæр партион у, партскъолайы дæр ма ахуыр кодта. Искуы дард рейсæй куыддæр æрхæццæ вæййын, афтæ йын йæ сæдæ сомы йæ разы хъуамæ æрæвæрай, ды, дам, цыдæр спайда кодтай. Мæнæ ацы зæронд хæррæгъыл ныр цалдæр азы кусын — йæ машинæйы гуыффæ къахæй æрхоста, — ног машинæмæ рады лæууын, дæ дыууæ мины, дам, æрбахæсс, æндæра, дам, дæ цæсты зулæй дæр ницы федтай, уыцы хъинц-хъинцгæнагæй, дам, дæ пенсийы арвитдзынæн. Мæнæ Джабе радта æхца æмæ куклайы хуызæн машинæ райста. — Гъемæ ды дæр ратт уыцы къапеччытæ æмæ райс ног машинæ, — йæ былтæ арассив-бассив кодта Джабе. — Мæнмæ гæсгæ сæ уæхæдæг сафут, лæппу, ды куы нæ радтаис, уæд уæлæ, уыцы лæппуйæ дæр ничи курид, — æлхынцъæрфыгæй загъта Кудзан. — Мæ уд дæ фæхъхъау, Кудзан, мæнæй афтæ-ма закъон бирæгътæ бахордтой. — Закъон хорз у, иуæй-иу нъаммар адæймæгтæ ма йæ ны- выл куы ’ххæст кæниккой, — гуыффæйæ радзырдта Хъазбег. — Æртæхтæ хауы æмæ фæтагъддæр кæнут! Стыр хъæуы пленум нæу, стæй тæрхон кæнут гæртамхортыл, — тагъд- тагъд адзырдта Надиккæ. — Мæ хур акæн, дæ лæг дзы не ссивы, облбазарады кусæг, — йæхимид хъуамæ загътаид Гозар, фæлæ йын æгæр хъæрæй дзырд фæцис. — Цы загътай, Гозар, мæ лæгæй мæ фæрсыс? — Гъо, гъо, Надиккæ, зæгъын ма йæхи бынаты кусы, — йæ сурхид акалд Гозарæн. — Иæхи бынаты, пайдайы куыст, — æмæ йæ цæст æрны- къуылдта Надиккæ.
^*^с^Ъс</"4 ■4 ты — Бирæ нæ фæхиздзæни уыцы зад хуымы, йæ фарсæй фæуыдзысты, — йæ былты ’хсæнты ралæмæрста Гозар. Сæвæрдтой машинæйыл сæ дзаумæттæ, целлофанæй сæ бамбæрзтой, Джабейы машинæйы къуымы ма дзы сæхицæн бынат ныууагътой. Кудзаны къухтæ зæрдиагæй æлхъывтой, тыхстысты йыл. Надиккæ сæм ницымбарæджы каст кодта. — Цавæр цин у, æви уый нæ цæуы? — дисгъуызæй сæ афарста. — Нæ цæуы, нæ, мæ чызг, ацы хæхтæн, дам, æз сæ хъæбул дæн, — загъта Росе æмæ гуыффæмæ уæззаугай схызт. Джабе йæ машинæйы цур лæууыди æмæ дзыхыдзаг ных- худт: — Хæхты хъæбул! Ха-ха-ха! — йæ сæр фæстæмæ фæтьæгш кодта æмæ йын, кæсæн цы æфсæйнагмæ фидаргонд уыди, ууыл æнæнхъæлæджы йæ гуыгш фæцыд, оххытæ æмæ аххытæгæнгæ, кабинкæмæ бахызт, дуар йæ фæстæ мæсты тъугш бакодта. — Кудзан, æцæг нæ цæуыс? — ногæй йæ афарста Надиккæ. — Нæ цæуын, Надиккæ, мæ къах мæ нæ хæссы мæ уарзон хъæуæй, ам зæрдæйæн æнцондæр у, хуыцау мæ иу бон дæр ма фæцæрын кæнæд, райсом Гæмæх хохмæ куыннæ скæсон æмæ уæртæ уыцы сатæг суадонæй мæхи куынæ цæхсон, уæд. — Мæнæ царциаты диссæгтæ, уæдæ иунæгæй куыд уыдзынæ? Хъæды халон куынæ дæ? — æмæ та, оффытæ æмæ иффытæгæнгæ, схызт машинæмæ. — Æрдæбон куы загътай, базары, дам, алцы — туджы- аргъ. Уæхи аххос у, ссæдзаздзыд лæппу фыййау цæуын йæ сæрмæ нæ бахæсдзæн, дæуæн дæхицæн зынаргъ лæвæрттæ куы фæкæнай, Надиккæ, уæддæр хъуджы фæдджитæм нæ бавналдзынæ. — Уæдта лæуу æмæ дзы дæ дæндаг рафтау, — радзырдта йæм Надиккæ æмæ та хæрзхаст бæлоны хъуыр-хъуыр бакодта. Анкъуыстысты машинæтæ. —Хæрзбон, Кудзан! —рахъæр æм кодта Росе,—уалдзæджы дæ абæрæг кæндзыстæм! Росе ма йын цыдæр фæдзæхста, фæлæ йæ Кудзан нал фехъуыста. — Рæствæндаг уæ хуыцау фæкæнæд! — йæ худ систа Кудзан, цыдæр зæгьын ма йæ фæндыд, фæлæ йæ хурхуа-
Радэырдтæ ч ^Ч^0О0аг/-%'^ дындзты, цыма исты иыццæхгæрмæ, уыйау дзурыы нал сфæрæзта. Раджы фæаууон сты бæлццæттæ, уæддæр ма Кудзан лæууыд æмæ каст сæ фæстæ: йæ цæсгом ныммæстæг, ныхы æнцъылдтæ сбæр сты, йæ былтæ ма сыбар-сыбур кодтой, цалдæр хатты сфæлхатт кодта «Æдзæрæг хъæр>. Иудзæвгар ма алæууыд, къæйдуртæм фæкомкоммæ Росейы лæдзæгмæ, систа йæ, æдзынæг æм фæкаст: «Цал цинмæ, цал хъыгмæ- иу æй хаста йемæ», — æмæ мæсыгы ’рдæм азылди. Кудзан æрбадт тъæпæн дурыл æмæ Стырхъæуыл йæ цæст ахаста. Фыццаг йæ цæст схæцыд хъæугæрон фæзы клубы хæлд къултыл. Цалдæр азы размæ дзы арæзтой клуб, фæлæ йæ æрдæгарæзтæй фæуагътой æмæ фæлыгъдысты кусджытæ. Уырдыгæй йæ цæст ахаста суары дæллаг фарс фермæйы скъæтмæ. Æвæццæгæн æй исчи куы фенид, уæд йæ хъуы- дыйы кæронмæ дæр не ’рцæуид, кæддæр дзы æхсæнады фосæн скъæт арæзт кæй уыди, уый, кæддæр дзы парахатæй кæй зылди ногдыгъд æхсыры тæф, хъустæ дзы куыд ахстой æхсыры сæх-сæх, лæжы зæрдæ-иу куыд ради, сылгоймаджы уырзтæ-иу куыд уæздан хæцыдысты хъуджы фæдджитыл. Зæгьид: «мæсыг дзы уыдис æмæ карз тохы ныппырх». Æрмæст дурты, гъс та хæмпæлты бынмæ куы фæкомком- мæ уа, хъомвос-иу зымæджы дон цы бæлæгътæй нуæзтой, уыдонмæ, уæд æй базондзæн: мæсыг нæ, фæлæ дзы уыди фермæ. Фермæйы фæстæ цы силосы уæрм уыди, уымæй та хъæуы цæрджытæ сарæзтой брондон, æцæг сын кæронмæ нæма байдзаг, йæ аххосаг та, хъæу кæй федзæрæг, уый у. Стырхъæуы электроны рухс дæр сыгъд, æрмæст фæстаг цыппар азы нал ссыгъд, хъаст кодтой цæрджытæ, фæлæ сын дзы ницы рауад. Куы-иу æй цæй æфсон фæкодтой районы электрохызæджы кусджытæ, куы та — цæй. Æмæ сæ ныхъхъуыдты уагътой, нæ фыдæлтæн, дам, электроны рухс нæ, фæтæгены рухс дæр нæ уыд, фæлæ, дам, кæмæй æвзæрдæр уыдысты? ... Къæвда, къæртайæ калæгау, ныккалдта. Кудзаны хъулон дзæргъ Сопиты хуымы йæ «кусинаг» фæуагъта æмæ хуыдоны смидæг. Кудзан уæззау къахдзæфтæй фæцæйцыд йæ хæдзармæ, ныллæг, фæлæ фидар хъæлæсæй базарыд «Додой».
^^^у^з^^НРИ^^^**5^^18^ > Остъаты Алан * * * Кудзан зымæгмæ цæттæ уыд, алцы - ссад, холлаг, сут... Цъериты хæдзары цурмæ æрласта Мит ставд тъыфылтæй уарыд æмæ уарыд, æрæнцой йын нал уыд. Бæстæ урс- урсидæй разынд. — Хæйрæг фæуа нæ хицауад, кæд æй кæцæй базыдтой, стыр мит æруардзæн, уый. Æстай азмæ феввахс дæн æмæ ахæм стыр митуард нæ федтон мæ царды. Уалдзæджы ма кæд батайдзæнис? — хъуыды кодта Кудзан. Мит уарыд æмæ уарыд, йæ уæзæй ныккалдысты Росе æмæ Темболы хæдзæрттæ, ныккалдысты æндæр хæдзæрттæ дæр. Иæ зæрдæ рыст Кудзанæн сæ уындæй, стæй та-иу ын фæхъæбæр: «Афтæ сын хъæуы, сæхи сæртæ бафснайдтой, сæ къуымтæ та æвæгæсæгæй ныууагътой. Азмæджы ацы хæдзæртты тæригъæдæй зæрдæскъуыд фæуыдзынæн...» Кудзан хатыд, арвæй фыдбылыз кæй æрхаудта. Хатыд уый дæр царды фых зæронд лæг, æмæ стырдæр фыд- былызтæ уалдзæджы кæй уыдзысты, æмæ йæ зæрдæйыл бæзджын фæлм бадт. Залты мит ныууарыд, азмæлæнтæ нал уыд. Æниу Кудзан кæдæм цыд? Иæ фæндаг скъæтæй хæдзармæ, хæдзарæй — скъæтмæ. Суадон æм æввахс уыди, мæсыгы дæллаг фарс, иу-фынддæс метры бæрц хæдзарæй уырдæм, фæлæ уæддæр зын цæуæн уыд æртæ метр миты. Иæ фосæн дзы хæсгæ кодта. Мит фенцад йæ уарынæй, æхсызгон уыд Кудзанæн, раст цыма уалдзæг ралæууыд, уыйау. Сопиты дыууæуæладзыг хæдзарæн ма йæ уæллаг балкъон зынд. — Ай царциаты диссæгтæ, бæсты сæфт æрцыд? — тагъд- тагъд адзырдта Кудзан æмæ скъæтмæ йæхи баппæрста. Арф миты астæумæ аныхст. Иæ цæстытыл ауади: скъæты æгомыг фос — мардæй. Дыууæ къахдзæфы ма æмæ скъæты дæн, — йæхицæн ныфсытæ авæрдта Кудзан. Скъæты дуар фегом кодта, йæхæдæг дуаргæрон лæууы, йæ цæстытæ бацъынд код- та, цыма йын ныртæккæ йæ фосы уавæр исчи зæгъдзæн, уыйау лæууы. Дуар куы байгом æмæ дзы дзæбæх уæлдæф куы бакалд мидæмæ, уæд фос базмæлыдысты. Иæ уæлвæд
та райхъуыст нопуырд роды уасын, фæлæ Кудзаны уьшæ не ’вдæлд. Фæтæн фыййаг айста, ссæдзаздзыд лæппуйау, скъæты сæрмæ рог сгæпп кодта æмæ мит калдта, «Тагъддæр!» — дзуры йæм зæрдæ — йæ бон у æмæ ныртæккæ дæр ныт- тона, уæд дæ фос доны къусы сæфт кæнынц, — ныццав- та сæры магъз. Калы мит. Исдуг йæ цæст ахаста хъæдыл, æфцгуытыл: — Табу хуыцауæн, нырма зæй никуы рацыд. Мит — дуне. Цыма зæххыл мæн йедтæмæ цъиузмæлæг нæй, афтæ мæм кæсы, — йæ мидбылты бахудт Кудзан, фæлæ уыцы мидбылхудт уыди кæнгæ æмæ иæ цæсгомыл уыйас нæ разынд. Ракалдта мит йе скъæты сæрæй. Улæфгæ дæр не ’ркодта, афтæмæй та хæдзары сæрмæ схызт æмæ калд- та мит... ракалдта хæдзары мит дæр, зынтæй ма æрхызт. Цæсгомыл хид лæсæнтæ кодта. Фæндыд æй иучысыл уа- ты йæхи æруадзын, фæндыд æй, чысыл йе уæнгтæ куы ’рулæфиккой, фæлæ кусинæгтæ нырма бирæ ис, скъæт æмæ хæдзары сæртæй цы мит фæкалдта, уый сæ фæрстæй асыгъдæг кæнинаг уыд. Стæй Сопиты агъуысты мит дæр калинаг у. Иæ хъуыдыйы февзæрд: Стырхъæуы ма бирæ фæсивæд куы уыд, — асыгъдæг-иу кодтой фæндæгтæ, фæ- кастысты-иу кæрæдзимæ. Фæлæ уыдон уыдысты тыхст уды бæллицтæ. Кудзан йæ фосæн холлаг нывæрдта, рæуæд йæ мады фæдджытыл бафтыдта æмæ Сопиты хæдзары сæр мит калынмæ фæцæйцыд. Цалдæр къахдзæфы дæр нæма ауад, афтæ Сопиты хæдзар ныкъæс-къæс кодта, ныррызт æмæ, къæлуайæ кондау, зæхмæ ’рызгъæлд. Иæ рагъхъæдтæ ма миты бынæй схъил сты, цыма Кудзанмæ афтæ дзырд- той «Мах мæнæ стæм», уыйау. Уыцы ньгв ауынгæйæ, Кудзан фæкуыддæр, цыдæргъуызон уæззау æмæ уазал хъæлæсæй ныррыхыд. Уæлæ дымæгджын къахыры хъæдыл зæй ра- цыд, йæ разæй рахаста бæласæй, æндæрæй. Кудзан ма иу хатт йæ фос абæрæг кодта, стæй бацыд хæ- дзармæ, æртдзых бакодта, йæ хуылыдз дарæс пецы фарсмæ бандоныл байтыгъта, сынтæгыл æрхуыссыд æмæ уай- тагьд йæ хуыр-хуыр райхъуыст. Фæлладæй афынæй. Цас фæхуыссыдаид, хæйрæг йæ зонæг, фæлæ фехъал цавæрдæр гуыр-гуырмæ. Иæ кæрц æрбауæлæфтау кодта æмæ рахызт æддæмæ. Арвы тыгъдады йæхи бæрзонд систа иу вертолст *2
^Ч^æ^О^^*4^ ОапъатыАшн æмæ быдыры ’рдæм ауырдыг кодта, йæ уынæр мынæгæй- мынæгдæр кодта, фæстагмæ бынтондæр байсыст. Кудзан фæстæмæ рацæйхызт хæдзармæ, фæлæ фæкомкоммæ хæ- дзары фале куыйтæ цавæрдæр тыхтонмæ ’нæууæнкæй кæй смудынц, уымæ. Бацыд. Куыйтæ ацыдысты фалдæр. Куд- зан сæ бахаста хæдзармæ: дыууæ дзы ссады голджытæ уыди, фыдызгъæл, тымбыл фæлмæн кæрдзынтæ, иу голладжы та дзы цыдæр сау цыппæрдигьон уыди, иу къардон къоппы — тамако, йæ сæрыл та Сопи æмæ йæ фырт Хъазбегы ныв. Кудзан бацин кодта, раст сын цыма сæхи федта, уыйау, базыдта йæ, уыдон лæвар кæй сты, æмæ нæ фæрæдыд, къам та дзы уымæн нывæрдтой, æмæ Кудзан фæрсын нæ зыдта, æндæра дзы фыстæг дæр уыдаид. — Уæ цæрæнбонтæ бирæ, уæддæр мæ райсом хыссæ ра- нæмын хъуыди, — схæцыд сын арфæтыл æмæ фæлмæн дзулæй адджынæн акомдзаг кодта, — Кудзан цыппæрдигъонмæ фæ- ракæс-бакæс кодта, ома цы уа? — Иууылдæр уыди сау, æрмæст дзы цæсгомырдыгæй сау бызычъитæ уыди, се ’хсæн иу сырх бызычъи касти Кудзанмæ. — Агъæца, ай цы уæлдай сырх у, дæсны дохтырау æй уырзтæй фесгæрста. Æнæнхъæлæджы йе ’нгуылдзы бын сырх кнопкæ ’ркъæрцц кодта. Кудзан цы цæры, уымæй фыццаг хатт гъеныр фæтарст, йæ дзулы къæбæр йæ къухæй ’рхауди, мæгуыр. Иæ уд атахт йæ къæхты бынæй. «Цып- пæрдигьон»-æй райхъуыст уырыссаг адæмон зарджытæ, гъо- гьо, уырыссаг зарджытæ, раст цыма Кудзаны æввахс хиуæтгæ уыдысты æмæ йæм цæлы фынгыл бадынц, уыйау сæ хъæлдзæг зарæг хæдзары къуымты парахатæй зылд. Æгæр хъæрæй иф- тьггьд уыд, йæ фæныллæгдæр кæнын ын нæ зыдта æмæ та сырх кнопкæ ’ркъæрцц кодта. Зарæг фескъуыд. — Уæ цæрæнбонтæ бирæ, мæ уырыссаг æфсымæртæ, иунæг нал æнкъарын мæхи, фæсырдтат мын ме ’рхæндæг- дзинад. Ныр та Кудзан адджынæн сдымдта «Астра», тамако- йы фæздæг йæ сæрмæ, уалдзыгон мигьау, сбадт... Мит уарыд æмæ уарыд. Пæлæхсарцонг бæлæстæ нал урæдтой миты уæз æмæ ’хсæвæй-бонæй сæ къæс-къæс цыд. Гæмæх хохæй зæй раскъуыд, суары цурты ’руад æмæ ма фермæйы цы пырх къултæ баззад, уыдон сæ амæттаг æрбаисты. Иæ
Радзырдтæ у^^^у^^0^^^^9 уазал хъæбысы сæ анорста. Зымæгон бонтæ, сыфцæй ла- сæгау, бырыдысты. Мит тад. Зæйты нымæц фылдæр кодта. Мит куыд тад, афтæ æргомдæрæй зынын райдыдтой зы- мæджы армы фæдтæ. * * * Ралæууыд уалдзæг. Сулæфыд зæхх. Хъæуы сæр, хъуго- мы сæ сæртæ сдардтой алыгъуызон дидинджытæ. Уалдзы- гон хурмæ сæхи рæвдыдтой, мидбылты худтысты, рады- сты сæхимид. Раирхæфста йæхи Кудзан ракæсæн зæнгмæ. Хъæуы ’рдæм йе ’ргом разылдта, йæ цæсты ныхсæгау фæкодтой калд æмæ æрдæгкалд хæдзæрттæ. Цыма Стыр- хъæуыл æнæнхъæлæджы знаг йæхи ныццавта, уый хуызæн зынд. Ноджы дзы цъиузмæлæг нæ уыд æмæ хасты хуызæн зынд. Уый Кудзаны зæрдæйыл уæлдай тас æфтыдта. Ку- дзан йæ цæст ахаста хъæуы сæрты, йæ фос сындæг хыз- тысты Гуыдзиахойы фæзы, сæгътæ æмæ фыстæ, фæзы астæу цы кæрдобæлас ис, уый бын ныккалдысты, кæд афтæ ’нтæф бон нæ уыди, уæддæр. Кудзаны лæгуынсæр уасæг тыхджын хъæлæсæй ныууасыд. Дзуаппдæтгæг ын куынæ фæци, уæд каугæрон кæрчытæ сæхи кæм бæгъдулæг кодтой, уыцырдæм йæхи айста. Кудзан йæ фосæй йæ цæстæнгас раскъуыдта æмæ йæ скодта, æвæрд хъæдыл зæй кæм рацыд, уырдæм æмæ... хорзау нал фæци. Аджих. Иæ цæстыты фæлм асæрфта йæ дæрзæг армæй æмæ лыстæгдæр акаст. Æвæрд хъæдыл зæй куы рацыд, уæд йæ разæй раха- ста бæласæй, æндæрæй, зæйы бынаты хæснагæн иу къутæр нæ, иу хиталæг дæр не ссардтаис. Ныццæнд сты Нарæг комы, доны развæд æрæхгæдтой. Æмæ дзы дæ зæрде чы- сыл бæлæстæ уыди? Ахæмтæ дзы уыди, æмæ дзы иу зæнгыл æртæ лæджы къухтæ не ’рбаххæссыдаиккой. Уæдæ ма йæ Æвæрд хъæд цæмæн хуыдтой? Хæсты размæ дзы ныссагъ- той талатæ Стырхъæуы фæсивæд. Тугкалæн хæст уыцы фæсивæдæй бирæты аныхъхъуырдта. Нал федтой сæ та- латы хъомылæй цæрынхъуаг лæппутæ. Хæстæй бирæ азтæ рацыд, фæлæ дзы цыфæнды сугцух адæймаг дæр иу хус
къæцæл никуы ’рбахаста. Рыстзæрдæ ныййарджытæ-иу бацыдысты æмæ-иу сæхи судзаг цæссыгæй æхсадтой. Цад кæйонг бацыд, уый Кудзан нæ уыдта, фæлæ йæ уырныдта, лшдæггаг коммæ кæй бахæццæ, уый. Иæ галиу дзидзийы бын афæстаг рæстæджы цыдæр фыдбылыз бабырыд, ныр дæр та йæ фæрæхуыста. Зæнгæй Кудзаны хæдзармæ уадис- саг бирæ дæрддзæг нæ уыд, фæлæ цалдæр хатты æрулæфыд, бахызт хæдзармæ æмæ сынтæгыл йæхи уæззау æруагъта. * * * Хъæугæронæй æрбазынд дзыхъхъынног «Виллис». Хуыр- вæндагыл, гæппытæгæнгæ, тахт хъæуы ’рдæм. Кудзаны хæдзары раз дзыхъхълæуд фæкодта, рахызт дзы сау кос- тюмты кондæй Хъазбег æмæ тагъд къахдзæфтæй бацыд хæдзармæ. Машинæйы уынæрмæ куыйтæ мæсыгы бынæй слыгъдысты æмæ фæдисы рæйд систой. Хъазбег уадидæгæн фæстæмæ фездæхт. Куыйтæм сæ нæмттæй сдзырдта æмæ уы- дон дæр фæстæмæ бынмæ ныллыгъдысты. «Виллисы» фæстаг дуар æрбайгом æмæ дзы рахызт астæуккаг кары лæг - рихп- джын, бæрзонд, сæвджынтæ кæсæнцæстытæ тарбын æрттывд фæкодтой. Рогæй сулæфыд æмæ Хъазбеджы афарста: — Куыд у? — Фынæй кæны, — цыбыр дзуапп радта Хъазбег æмæ Гæ- мæх хохмæ скаст, кæсæнцæстджын дæр хъæуыл йæ цæст ахаста. «Виллисы» шофыр, æвзонг бурдзалыг лæппу дæр рахызт сæ цурмæ æмæ уый та Нарæг коммæ каст. — Дæлæ уыцы цад нæ районы картæйыл цæуылнæ ис? — дисгъуызæй сæ афарста шофыр. Хъазбег дæр йæ рады шофырмæ бакаст дисгъуызæй, ома ай цавæр цады кой кæны. Шофыр æй фембæрста: — Дæлæ, цъæх-цъæхидæй чи зыны, уымæй дæ фæрсын, цад нæу? — Гъо-гъо, æвæрд хъæдæн йæ кой, йæ хъæр никуыуал ис, донæн йæ развæндаг ныхгæдта æмæ дзы сарæзта цад. -Уæдæ, Хъазбег, доны развæндаг бæлæстæ æрыхгæдтой? — афарста йæ кæсæнцæстджын.
— Арæхмæт Барисы фырт, зæй кæм рацыд, уым Æвæрд хъæд уыд, цалдæр азы йæм æвнæлд нæ уыд... — Мæ зæрдæ къæпп кæны, мыййаг фидар æхгæд куынæ уа развæндаг, донивылды рæстæджы куы ратона, — катай- гъуызæй загъта Арæхмæт. Хæдзарæй фыццаг Кудзаны хуыфын райхъуыст, стæй та ирон музыкæйы зæлтæ. Хъазбегæн æхсызгон уыди, кæй базыдта йемæ архайын уый, æмæ йæ мидбылты бахудт. Уæззаугай рахызт Кудзан, кæдæй-уæдæй ма адæймаджы уынын, зæгъгæ. — Уагæр афтæ, мæ фыдыхай, Робинзон Крузойæ куы уыдаис, уый цалдæр азы куыннæ федта адæймаг, стæй лæг- хортæй дæр уынгæджы куы фæцис, — загъта шофыр. — Гъæй-гъæй, кæстæр, æгæр уæлæнгай хъуыды кæныс, уалæма скæс мæсыгы дурты ’хсæн хъуаримæ, уыйонг уыд мит (иууылдæр бадис кодтой), стæй цæй лæгхорты кой кæныс, бахиз-ма хæдзармæ æмæ æз та цы лæгхортæй фæ- А^^ уынгæджы, уыдон дын фенын кæнон, æрмæст-иу сæ ма фæтæрс — загъта Кудзан æмæ ма йæ фæстæ адзырдта: «Мæ лæвар дын фæуæнт». Шофыр бацыд æмæ хæдзарæй цыппар бирæгъы цармы рахаста, «Виллисы» капотыл сæ ’рывæрдта. Арæхмæт æмæ Хъазбег ныддис кодтой. Шофыр та ногæй куы рахаста æртæ бирæгъы цармы æмæ дыууæ та рувасы цæрмттæ, уæд сæ дисæн кæрон дæр нал уыди. — Уæллæй, мæ фыдыхай, сырды мыггаг нал ныууагътай? — раппæлыд дзы Арæхмæт. Шофыр — æвзонг, цардбæллон лæппу, æвæццæгæн, ахæм лæвар æнхъæл нæ уыд, æмæ «бузныг-бузныг» куыд арæуæг, уый хатгæ дæр нал фæкодта, сæ цурæй нал хызт, цымыдисæй сæм каст. — Базонгæ у. Кудзан, райкомы фыццаг секретарь Арæх- мæт Барисы фырт, уæртæ уыцы къæбæда лæппу та — йæ шофыр. Кудзан Арæхмæты сæрæй къæхтæм æрбарста, стæй баф- сæрмгъуыз. — Дæхæдæг та кæм кусыс, Хъазбег? — Мæхæдæг фæскомцæдисы райкомы фыццаг секре- тарæй, Сопи та - скъолайы сæрфæгæй. — Æмæ горæттæгтæ та куыдтæ сты? Фæстæмæ лидзынвæнд
,22 Остьаты Алан нæма кæнынц? — афарста йæ Кудзан. — «Горæттæггæ» — уый Росеитæй зæгъын. Хъазбег æрæгмæ куы лæвæрдта дзуапп, уæд æй Кудзан фæхатыд, цыдæр бæллæх кæй æрцыд. — Цы байгомыг дæ, лæппу?! Мыййаг исты?.. — тыхст- гъуызæй та йæ ногæй афарста Кудзан, афæлурс, фæлæ йе ’нæдаст цæсгомыл уадиссаг нæ разынд. — Росе... Азмæджы... — загьта Хъазбег æмæ зæхмæ нык- каст. — Куыд? Æмæ рынчын куынæ уыд? — йæ рустыл æртылди хъыджы ставд цæссыгтæ. — Надиккæтæм-иу уыдис, райсом раджы æхсыр æлхæ- нынмæ рацæйцыд æмæ йæ машинæ ныццавта. Иу æртæ сахаты бæрц ма ацард. Тынг мын фæдзæхста: «Зонын æй, ам мæ баныгæндзысты, фæлæ-иу мын мæ фыдæлты зæх- хæй сыджыт æрхæссут, мæ ингæныл-иу æй байзæрут». Фæдзæхста ма мын йæ лæдзæг дæр, къæйдуртыл, дам, мын айрох, куы, дам, цыдыстæм, уæд. Уалдзæджы, дам, ам нал ныллæууыдаин, фæстæмæ, дам, бацыдаин цæрынмæ, фæлæ... Кудзан, дам, раст дзырдта — фыды уæзæг адджын у. «Охх, æмæ ма, дам, нæхи суарæй куы аназин... Афтæ йæ уд систа мæ хъæбысы Росе. — Ау, æмæ йæ цæвгæ та цавæр лæг ныккодта, цæстытæ йыл нæ уыд? — Цæвгæ дæр æй æддагон нæ ныккодта, уæлæ Тутийы лæппу Джабе. — Æвæццæгæн нозтджын уыди? — Нозтджын уыди, фæлæ цæмæй?Æхцанизæй нозтджын уыди, æндæр. Зынаргь кæсаг «осетрина» фæцæйласта, чидæр æй банымыгъта, милици йæ фæстейæ асырдтой. Уыцы рæстæджы Росе рацæйхызт æмæ... Джабе Надиккæйæн бирæ ’хца радта, ма, дам, мыл ба- хъаст кæн, фæлæ рæстдзинад тыхджын у. Сбæрæг ма йыл æндæр цыдæртæ дæр. Стæй йæм анаша дæр ссардтой. (Ку- дзан «анаша» цы у, уый нæ зыдта, фæлæ йæ хатыд, уый цыдæр фыдбылыз кæй у). Аст азы йын радтой, йæ ус йæ бынтæ ныууæй кодта æмæ цавæрдæр лæгимæ фæфардæг кæдæмдæр. Папело уынджы къæйыл аззад, лæгмар, дам,
схъомыл кодтон, Тутийы амæлæты фæстæ, дам, Джабейы номыл фæбадтæн æмæ, дам, мын хорз фиды мæ лæггад. Бацæуин, дам, фæстæмæ Стырхъæумæ, фæлæ, дам, æгæр фæзæронд дæн, фæкæсæг, дам, мæ хъæуы. — Æмæ уæдæ цы фæцис? — афарста йæ Кудзан. — Зæрæдты хæдзармæ бацыд. — Гъе, уæуу-уай-гъе! — ныуулæфыд Кудзан. Зæхмæ æдзынæг ныккаст. Исдуг æнæдзургæйæ алæууыд, стæй Арæхмæтмæ баздæхт. — Арæхмæт, акæсут-ма хъæумæ, цы хуызæн ныцци. Ацы хъæу раджы раззагон колхозыл нымад уыд, цард дзы цæджджинагау фыхт. Хъæуы ном Стырхъæу хуый- ны, йæ номмæ гæсгæ дзы цæрджытæ дæр бирæ хъуамæ уа, фæлæ ма дзы æз дæн иунæг цæрæг, æгас хъæуы. Куы ма дзы уаид цæрджытæ, уæд Папело цæмæн цыди зæрæдты хæдзармæ, ам æм уыдаид фæкæсæг. Раджы цæмæн лыгъ- дысты адæм хъæутæй, уый тыххæй сымах азымаг не стут, фæлæ фæстаг рæстæджы азым сымахмæ хауы. Уæртæ уым фæсивæдæн клуб арæзтой, æрдæгарæзтытæй йæ фæуагьтой æмæ фæлыгъдысты йæ кусджытæ. Цæмæн æй ныууагътой æрдæгарæзтытæй, паддзахадмæ калинаг фæллой ис? Дæлæ уым та фермæйы скъæт уыд, æз дзы мæхæдæг хъомгæс уы- дтæн. Мæрдты рухсаг уæд Росе, уый та дзы æхсæвьггæс уыд. Зæрæдты хæдзармæ чи ’рхаудта, уыцы Папело та дзы раз- загон хъугдуцæг уыд. Раджы уыд уый, фос акодтой æндæр хъæумæ, ардæм, дам, фæндаг нæй, зынвадат, дам, у. Ау, уæр- тæ уыцы клубыл цы бахардз, уымæй авджы хуызæн фæпдаг нæ сарæзтаиккой? Æртиссæдз хæдзарæй ма райсом иуæй скæлы фæздæг. Æххормагæй ацæудзыстут, мæ хуртæ, афтæ нæ зæгъын, æмæ кæрдзын хæрынмæ æрбацыдыстут, фæлæ худинаг у: хъæуы мидæг у æмæ дын мидæмæ рацу мачи зæгъæд. Ныр та Росейы куырдиат æххæстгæнгæ у. Кудзан сыджыт схаста. Галиу дзидзийы бын та йæ цыдæр фæрæхуыста, уатмæ йæхи баппæрста æмæ уæззау схъæрзыдта. Æрбацыдысты иннæтæ дæр. Афтæ тыхстæй йæ куы федтой, уæд хорзау нал фесты, сæхи йыл бап- пæрстой. ХъазбегÆхсармæ фæдзырдта. Кудзан сын сæ ныхæстæй
бамбæрста стæмтæ. Дохтыры... мæ мадмæ... Тембол... Ле- нины уынг... Тагъд. — Цæй дохтыр ма мæ хъуыди, мæ хуртæ, базæронд дæн, сфæлахс, ау, адæймаг хуызæй куы зæронд кæны, царм куы ’мпылы, уæд туг æмæ зæрдæ нæ зæронд кæнынц? — хъæрзгæйæ дзырдта Кудзан. Исдуг фæсабыр, стæй та ногæй райдыдта: — Уæртæ ма мæм хъæдын чырын рахæссут. — Хъазбег æм асыкк æрбахаста, йæ сынтæджы раз ын æй бандоныл æрæвæрдта, Кудзан къопп бакодта, уыди дзы ’хцатæ. — Фыццаг уæ курын, удисæг лæджы куырдиат сæххæст кæнын удыбæстæ у. — Фæхъыг дæм уыдзынæн, Кудзан, цæй мæлæты кой кæныс, ды нырма не ’хсæн хъуамæ цæрай, — бауайдзæф ын кодта Арæхмæт. — Нæй, æз уе ’хсæн бирæ рацардтæн, Арæхмæт, — Кудзаны ма цыдæртæ зæгъын фæндыд, фæлæ хæхты хъæбул хатыд, йæ цард тæрæзтыл æвæрд кæй у, мыййаг та йæ зæрдæниз куы ’рцахса, куынæуал зæгъа йæ зæгъинæгтæ, мæрдтæм сæ йемæ куы ахæсса — æмæ батагъд кодта дзурыныл. — Ацы ’хцатæ ссæдз минæй къаддæр нæ уыдзысты, стурты, карто- фы мурты аргъæй сæ фембырд кодтон. Мæ хистыл дзы кæд бахардз уа дыууæ мины, саразут-иу дзы суары цур цырт, нæ хъæуы фæсивæдæй хæсты чи бабын, уыдонæн, сæнусон-иу сын кæнут сæ ном, кæд ма дзы исты баззайа, уæд-иу уыдон та раттут, зымæджы чи фæтыхст, уыцы адæмæн. — Кудзан зынтæй улæфын райдыдта, йæ галиу дзидзимæ арæхæй- арæхдæр æвнæлдта. — Хъазбег, суар-ма æрбадав. Хъазбег цæрдæг фестад. — Арæхмæт, зонын æй, ардæм цæрынмæ ничиуал æр- бацæудзæн, фæлæ йæ афтæ рохуаты дæр ма ныууадзут. Ахæм кæрдæг дзы зайы, æмæ-иу хъуджы æхсыр сыгъдæг сой уыд. Сæрд-иу дзы искæцы колхозы хъомтæ куы уаик- кой, уый мæ фæнды. Ноджы ма ам цæрджытæ куы уыди, уæд-иу сæм сæрды арæх улæфыдысты сæ горæттаг хиуæтты сывæллæттæ, сæ хуыз-иу скалдтой, уæлдæф дзы сыгъдæг у, суæрттæ — бирæ, алцыдæр дзы зайы: мæнæргъы, æхсæр, уагьылы, уырыскъæф, саунæмыг, къабузæг, — фæнды
мæ сывæллæтгæн дзы улæфæн бынат куы уаид. Чизоны, зæгъай, цы дзы ис хорзæй, дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр иу суар. Нæ, мæ хур, хорз суæрттæ фæсвæддæр рæтты сты. Сынтæджы бынæй-ма мæм суар авæр. — Ныртæккæ Хъазбег ног суар æрбадавдзæн. «Æй, мæ хур акæнай, æмбал секретарь, царды дæ æз фæлтæрд адæймаг æнхъæлдтон, бæргæ дæу дæр куы арвы- стаин истæй æфсон, фæлæ...» — йæхицæн ахъуыды кодта Кудзан... * * * Хур арвыл дзæвгар суад, йæ фæлмæн тынтæ къуырриц- цытæ кодтой, парахатæй рæвдыдтой Кудзаны ингæн. Гæ- мæх хохы фахсыл фыййæуттæ хъом сыздæхтой æмæ сой- джын кæрдæг мерс кодтой. Фыййæуттæ бæхтæн истой сæ уæргьтæ æмæ сæ хастой Кудзаны хæдзармæ. Суары фалейæ фæзы хуры тынтæм æрттывтой урс кæттаг палаткæтæ. Сопи кусæн урс халаты сывæллæттæн дзырдта цыдæртæ, куы-иу йæ къух Æвæрд хъæдмæ адардта, куы та бынмæ, цадмæ. Уыдон æм хъуыстой лæмбынæг...
РÆСТДЗИНАДЫ МÆЦЪИС Райæфсæддон къамисариаты кæртмæ бахызт астæуккаг кары, сырхцъар, ныллæг, фæлæ фæтæнтæ, лæгуынсæр лæг. Æдзæстхизæй, барджынæй бацыд къамисариаты, агъуы- стмæ. Иæ сау тæппытæ галстук ын фæйлыдта сатæг дымгæ æмæ йе стыр гуыбыныл, удисæг калмау, тæлфыди. Мраморæй конд асины æртæ къæпхæныл фынддæсаз- дзыд лæппуйау, рогæй суад, фæлæ цыппæрæм къæбæлыл куыддæр йæ къах æрбавæрдта, афтæ фæстæмæ фæдзой кодта, куыддæртæй ма фæцарæхст æмæ йæ галиу къахы бырынкъ фæндзæм къæбæлыл фæхæст, стæй йын йе стыр гуыбын дæр бирæ баххуыс кодта, размæ йæ фесхуыста æмæ фæндзæм къæбæлыл дыууæ къахæй алæууыд. Уырдыгæй уæлæмæ цыд, къæбæлтæ нымайæгау, сындæг. Дзæвгар рæстæг бахардз кодта асинтыл хизгæйæ, æмæ ныр тыргъмæ куы схæццæ, уæд рогæй сулæфыд, раст æй цыма милмæ ’хстой æмæ нæмьгг фæивгъуыдта, уыйау. Иæ велюр костюмы риуы дзыппæй систа дыдæгътæ къухмæрзæн, йæ лæгуын сæрыл æй арауадз-бауадз кодта, йæ нарст хæбуздзыхъ бæрзæйыл дæр æй æруагъта æмæ райгондæй бахæцыд нывæфтыд дуарыл. Уый уыдис дыргъисæн пункты гæс Æлхасаты Дули... Дулийы фыд Хиха цæрæг лæг уыд, йæ цæрæнбонты дзидзауæйгæнæгæй фæкуыста. Иу амондджын изæр та йæ бинойнагмæ радта æхцаты къона. Абоны халтурæ, зæгъгæ. Æмæ райгондæй схуыссыд йæ хъæздыг, дзадж- джын хæдзары, фæлмæн гобан æмæ пух хъæццулы бын бухъзæрдæйæ... гъе, фæлæ йыл райсом хур нал скаст, æниу хур та куыд нæ скаст, фæлæ йæ нал федтой Хихайы зыд. æмæ кæрæф цæстытæ. Дули ма бæргæ адугъ кодта дохтыртæм, дохтыртæ дæр æвæстиатæй æрбахæццæ сты, фæлæ дзæгъæлы. Фæратил-батил ма йæ кодтой, фæлæ лæг нал æрцыд йæхимæ. Амард. Фырнæрдæй йæ зæрдæйыл
Радзырдтæ у ^^,^^^^ фиутæ стыхст æмæ дæ балгъитæг дæр уыйау, афардæг йе ’нусон бынатмæ. Дули кæд æвзонг уыд, уæддæр æмбæрста царды сойратæдзæнтæ йæхирдыгонау, гъе, стæй йæ йæ фыды хæлæрттæ дæр рохуаты нæ ныууагьтой, раттой йын сæлдæг уæйгæнæджы бынат, кæд дуканигæсы курсытæ æххæстæй каст нæ фæцис, уæддæр. Афтæ райдыдта Дулийы цардвæндаг. Фыццаг куыста сæлдæгуæйгæнæгæй, стæй йæ фыд дзидзауæйгæнæгæй кæм куыста, уым, уый фæстæ йын базарады фæзынд адджын хæлæрттæ æмæ сбырыд ресторан «Нуазæн»-ы буфетгæсы бынатмæ. Ам йæ «прибыл» фæфылдæр, фæлæ йæ иу хур- бон арв ныццавта, цалдæр мины фæхæсджын, фæлæ мæн- гард лæг йæхи фæтылиф кодта, стæй йæ мад дæр иу мæйы размæ фæзиан æмæ йын уыцы зиан дæр бирæ баххуыс кодта. Цæвиттон: Дулийы мад куы амард, уæд иу мæйы æм- гъуыдмæ улæфт райста, йæ бæсты куыста иу сабыр, цæс- гомджын лæг. Æмæ Дули йæ хæлæрттимæ хъуыддаг уый аххос фæкодтой, уыцы лæг та автоаварийы фæмард æмæ сæ ныхмæ цæлхдур нал уыд. Дули сурæй аззад, æниу уыцы бынаты нал ныллæууыд. Иæхимидæг йæ царды хабæрттæ нывæста: «фаг дзы фæхордтон, афоныл мæхи айсон» — æргом та-иу дзырдта: — Мæ бон нал у, фæзæронд дæн, гъе- ныр та дзы æвзæнгтæ бакусæд, æз та искуы донуæйгæнæгæй бакусдзынæн, — æмæ афардæг йæ куыстæй. Æниу дзургæ афтæ кодта, зæгъгæ, искуы донуæйгæнæгæй бакусдзынæн, фæлæ сси дыргъисæн пункты гæс, ам йæ «прибыл» йæ хъуырæй акалд, æхца йæм, фæззыгон сыфтæртау, згъæлд. Мæ хур акæнут, йæ сырх «Жигули» сау «Волга»-йæ раив- та, ноджы Нæзыджыны хъæуы ахæм дачæ ныззылдта, æмæ дзуарбадæны хуызæн. Цæй ахуырмæ ма мæ кодта мæ фыд, æнæахуырæй дæр сойбылæй куы цæрын, — хъуыды кодта Дули æмæ хордта, давта, стыгъта æмæ бухъцард кодтой йæ сомихаг æмкъай æмæ йæ иунæг фырт Ватанимæ. Дулийы ма иу хъуыды уæгъд нæ уагъта: —Дзæвгар фæллой мæм ис, мæ цоты цот цæмæй фæцæрой, уый. Мæ иунæг та æнæахуырæй тæригъæд у, цæй æмæ... Æмæ йæ хъуыды кæронмæ сæххæст кодта, гæртамы
фæрцы, пединституты лектортæ Дзыбыртт æмæ Езетханы фæрцы йæ лæппу сси ирон æмæ фæсарæйнаг æвзæгты фа- культеты студент. Дулийы ма бафæндыд иу хъуыддаг саразын, æниу — йæ фырты фæндонмæ гæсгæйæ. Мусыхъыбылы хуызæн фырты не сфæндыд æфсадмæ ацæуын. Дулийы бæргæ фæндыд йæ ацыд — зæгъгæ, æфсады рæнхъыты фæстæ, уæлдæр ахуыримæ, милицимæ бацæудзæн кусынмæ æмæ уæд æдасдæр уыдзыстæм. Дулимæ-иу искæцы милицио- нер комкоммæ куы ’рбакаст, уæд-иу йæхимидæг барызт, йæ сурхид-иу акалд, йæ уд-иу йæ зæвæттæм æрхæццæ. Иæ фыр- ты ацыд дæр æй уымæн фæндыд, ома милицийы кусын куы райдайа, уæд нæ цард бынтон нæхи фæндиаг ацæудзæн, фæлæ йæ фырт йæ къæхтæ ныццавта, кæд ын ныфсытæ æвæрдта, зæгъгæ, фæсарæнтæм ма ахау, уый йедтæмæ дæм алы къуыри дæр уынынмæ цæудзынæн, уæддæр. Дулийы лæппу-иу йæхи кæуынæй мардта, æртхъирæн- иу кодта, мæхи, дам, амардзынæн, æмæ уæд йæ мад дæр йе ’вварс рахæцыд. Уаих фæуай, иунæг нын у, уæд та нын ыл исты æрцыд... æмæ Дули дæр абон уый тыххæй æрмидæг йæ адджын хæлар æфсæддон къамисар Гæдзойты Мыртазмæ. Дули Дуарæй куы бахызт, уæд йæ ных сарæзта, йæ акомкоммæ цы сау дерматинæй тыхт дуар уыд, уымæ. Дуары размæ, фæлмæн бандæттыл, бадтысты цалдæр адæймаджы. Дули сæ рæзты барджыны цыд бакодта æмæ а-ныр дуары нывæфтыд хæцæнмæ бавнала, афтæ йыл, бадджытæй ацæргæдæр чи уыд, уый йæ ныхас, топпы нæ- мыгау, ныххуырста: — Фæлæу-ма, дæ хорзæхæй, мах дæр фос не стæм, нæ фарс- мæ æрбад æмæ дæ рад куы ’рхæццæ уа, уæд — табуафси! — Бирæ куыннæ дыв-дыв кæнис, — йе уæхсчы сæрты ра- дзырдта Дули æмæ къухæй дæр нал, фæлæ къахæй багуымс кодта дуар æмæ мидбылхудгæ фæмидæгæй, фæлæ хорзау нал фæци, йæ мидбылхудт йæ цæсгомыл асалд, раст цыма цъæх æхсынцъы ахордта, афтæ фæцис, йæ хытъынджын хæлары бынаты бадгæ куы ауыдта, иу-æртын фондз азы кæуыл цыд, ахæм æлвæст лæппуйы, майоры чины. Бадтис ма дзы иудзонгон, халассæр зæронд лæг, йæ хорзæхтæ йæ
Радзырдтæ . ^^ ^^ ^в-^Ол. ^**~* >«^?9 риуæи тæмæнтæ калдтои æмæ маиоримæ хъуыддагон ны- хас кодтой. Æмæ ныр, Дули æнæнхъæлæджы куы фæмидæг, уæд сæ ныхас фескъуыд æмæ йæм джихæй кæсгæйæ аззады- сты. Ам дæр та йæ уайдзæфы хай айста иудзонгонæй: — Хъомдонмæ не ’рбахызтæ, цавæр гуымс ныккодтай дуар! — æмæ йæм æлгъгæнæджы цæстæй,бакасти. Уыцы уайдзæфæй Дулийæ иу нуар дæр нæ фезмæлыд, æрмæст æй уазал хъæлæсæй афарста: — Хистæр кæм ис? — Иу хистæр у æмæ мæнæ ис! — иудзонгон ын ацамыд- та майормæ æмæ йæ разы цы мыхуырæвæрд гæххæт уыд, уый йæ рахис къухæй адыдæгьтæ кодта æмæ йæ йæ риуы дзыппы нывæргæйæ, сыстад. Ницыуал сдзырдта Дули, мæстæйдзагæй æддæмæ ахызт. Мидæмæ хизгæйæ йын цы халассæр лæг бауайдзæф кодта, уый та ныр дæр фæстæ нæ фæлæууыд: — Нал кусы, рæстдзинады мæцъис ын йæ развæндаг ныхгæдта, йæ бæр- зæй йын ныссаста. Агъæца, ды дæр йе ’мдзæхдон ма уай? — фелхыскъ æй кодта халассæр. Ницыуал сдзырдта Дули, æрмæст фæрсæрдæм бакаст æмæ, кæддæр йæ адджын хæлары ном æмæ мыггаг цы тра- фареты фыст уыдысты, уымæн ныр йæ кой дæр нал уыд, æрмæст ма цыппæрдигъонæй йæ фæд зынд. Раст цыма дурæвзалыкъахæн шахты куыста, æмæ фæсрад уæлæмæ схызт, уыйау бынтон ныссау Дули æмæ йæ фæстæ йæ къæхтæ тыхласæгау акодта. Мæстæйдзаг зæрдæимæ бабадт йæ сау «Волгæ»-йы æмæ здæхт сæхимæ, фæлæ фæндаджы былыл суадоны цурмæ куы ’рбахæццæ, уæд йæ машинæ дзыхълæуд фæкодта, йæ цæлхыты хъыррыст фехæлдта алфæмблайы сабырдзи- над æмæ сæ фæд сау уаццæттау разынд асфальтыл. Сонт зылд ракодта йæ машинæ æмæ ныр та фæстæмæ районы ’рдæм тахт. Иæ сæры фæмидæг иу хъуыды: Райрынчындо- ны сæйраг дохтыр Дзопойты Пируз мæ хæлар у, чизоны мын радта ахæм документ, куыд мæ лæппу рынчын у, уый мын саразæд, уый йеддæмæ йын ног «Жигули» йæ кæртмæ багулдзынæн. Афтæ хъуыдытæгæнгæ, ныр та рынчып- доны раз фæурæдта йе «’фсургъы». Хъуамæ йæ мидæмæ
баскъæрдтаид, фæлæ, дуары цур цы зæронд лæг лæууыд, уый йæ кой дæр не суагъта. — Сæйраг дохтыр мидæмæ йе ’мкусджыты машинæты нæ уадзы æмæ æз дæу куыд бауадзон, - загъта дуаргæс æмæ, йæ къухы цы лæдзæг уыд, уымæй ацамыдта, цъус фалдæр рæнхъæй цы машинæтæ лæууыд, уыдонмæ, зæгъгæ, йæ уы- дон нур бауром. Сæйраг дохтыры коймæ Дулийы цæсгом фæрухс, æмæ дзы йæ царды фыццаг хатт схаудта дыууæ фæлмæн ныха- сы: — Мæ фыдыхай, æз мæхæдæг «главврач» Пируз Павло- вичы кæнынмæ æрбацыдтæн, — афæлывта Дули. — Бахатыр кæн, хорз лæг, ацы агъуыст рынчындон у, ды та йæ ахæстон æнхъæлыс, — загъта дуаргæс æмæ цы тагъд æххуысы машинæ фæзынд, уымæн урсахуырст æфсæн дуæрттæ уæрæх æрбайтыгъта. Дули хорзау нал фæцис ахæс- тоны коймæ, рахызт машинæйæ æмæ афарста зæронды: — Цæй ахæстоны кой кæныс, цæ, ацы лæг? — Цæй ахæстоны кой кæнын, цæ, лæппу, æмæ Пируз Пъаулейы фырт ахст у, фондз азы йын радтой æмæ дæ кæд зæрдиагæй хъæуы, уæд æм Цъулукидземæ фæцу. —Æмæ йæ цæмæ ’рцахстой? — зынтæй ма сфæрæзта Дули æмæ къапотыл бахауæгау кодта. — Нæ хордта æмæ уымæн, — хъазгæйæ загъта дуаргæс, стæй йæхи фæтызмæг кодта. — Ахæмтæн афтæ хъæуы. Рæстдзинады мæцъис ын йæ развæндаг æрæхгæдта, йæ бæрзæйыл дæр ма дзы аныдзæвд фондз азы, гъеныр дæр- иу операцигæнæггаг гæртам исæт Цъулукидзейы ахæстоны. Æниу нырма ахæмтæ не ’хсæн бирæ ис, фæлæ мæ уд раца- рæзты фæхъхъау, цадæггай сæ уидзы, кæй ахæстонмæ, кæй йæ бынатæй цъипп кæны, кæмæн та — карз æфхæрд. Æнæхин зæронд дуаргæсы ныхæстæ Дулимæ нал хъардтой. Уый лæууыд раздæрау къапотыл хаудæй æмæ дзагъырдзастæй каст, рынчындоны дыккаг уæладзыджы раздæры сæйраг дохтыр Дзопойты Пирузы къабинеты дыу- уæ стыр рудзынгмæ. Хæйрæг йæ зонæг, цас ма фæуыдаид уæнгтæхъилæй, дуаргæсы ныхас æй йæхимæ куынæ ’рцæуын кодтаид, уæд: — Уæртæ астæуæй цы даргъдзыкку чызг цæуы, уый рынчындоны сæйраг дохтыр Фатимæ у.
Радзырдтæ ^ ^^Ч.^^^^^О^^у^^,^^^ Цыма арв æркъуырдта Дулийы, афтæ фæци. Йæ уæр- джытæ фæтасыдысты... Авд азы размæ ма, магазины куы куыста, уæд уыцы магазины ацы сидзæр чызг Фатимæ та сæрфæгæй куыста. Ныр, акæса, кæд сси сæйраг дохтыр! - ныррыхыд Дули æмæ йæ машинæйы смидæг. Нынниудта, ныхъхъæрзыдта «Волгæ»-йы матор æмæ йæ бынатæй асæррæтт кодта. Зæронд дуаргæс исдуг йæ фæстæ кæсгæйæ аззад. Дули йæ ных сарæзта, Нæзыджыны хъæуы йын цы дачæ уыд, уырдæм. Иæхи фырмæстæй хордта: — Царды бирæ ивындзинæдтæ æрцыд, мæ адджындæр хæлæртты мын сæ бынæттæй фæсырдтой. Диссагу, æвæдза, ирон æмбисонд: «Цард тæбæгъы донæй хъауджыдæр нæу», зæгъгæ. Хæйрæг йæ зонæг, кæцырдæм фæкъул уыдзæн, уымæн. Гъо, гъо, цард диссаг у, хохæн ракæлын æнхъæл уыдтæн, фæлæ Пирузæн æрцахсын æнхъæл — нæ. Ныр абон уыцы зæронд хъембырмæ хъуыстай: Цъулукидземæ, дам, æм фæцу. Нæй, цæйнæфæлтау æз ахæстоны сбадон, уый фæлтау мæ бынтæ искæй хъæлæсы аирвæзæнт. Мæн ницæй рацарæзт бахъуыд. Ныууадзæнт мæ мæхи адыл, гъенырмæ дæр искæй зондæй нæ архайдтон. Рæстдзинады мæцъис! Зилы, зилы æмæ æхгæны æдзæсгом адæймæгтæн сæ развæндæгтæ. Ехх! — фæкодта ма Дули æмæ йæ цæстытæ атарытæ сты, куыддæртæй ма дуар фегом кодта æмæ, æрдæгфых хуычъыйау, æддæмæ æрдыдагъ. Асфальтмæ рахауд. Иæ сау «æфсургъ» ма иу фондз метры æмраст ауад, стæй фæдæлбыл æмæ дæлиауæй, цъалайæ, райхъу- ыст тыхджын срæмыгъд, стæй бæрзонд фæцыд сатæг-сау, бæзджын фæздæг. Дули срæмыгъдмæ йæхимæ ’рцыд, йæ цæстытæй æнæбары ракаст, фыццаг нæ бамбæрста, цы ’рцыд, уый, йæ къæхтыл тыххæйты слæууыд æмæ йæ алы- варс æрдæгцъынд цæстытæй акаст, йæ сау «Волгæ» куыннæ федта, стæй фæздæгмæ куы фæкомкоммæ, уæд æй ныббогъ кæнынмæ бирæ нал бахъуыд, йæ дзых хæлиу дæр скод- та, фæлæ йæ фæурæдтой цавæрдæр ныхæстæ. «Дымгæйы æрбахæссæггаг фæстæмæ дымгæ ахæссы», — раст ын сæ цыма исчи йæ хъусы. æрбадзырдта, афтæ фæцис, нал ныббогь кодта, æрмæст йæхи аппæрста фæндаджы иннæ
фарс æхсæр къутæрты фæстæмæ. Йæ фарсмæ къæдзæхы сæрæй цы урсбарц æхсæрдзæн схъиудта, уым йæхи сæхсадта. Æвæццæгæн, машинæйæ куы рахауд, уæд йæ уа- дул ацъæррæмыхст æмæ тугæфсæст буарæй туг згъордта, йæ дзыппæй æнцъылдтытæ къухмæрзæн систа, йæ цæфыл æй сæвæрдта æмæ йæ балхъывта. Исдуг ма алæууыд, стæй фæсфæдты иу къахвæндагыл йæ дачæйы ’рдæм араст. * * * Тынг фæллад уыдис Дули, йæ бинонтæй дачæйы ничи разынд æмæ йын æхсызгон уыд. Кæрты, йæ бассейны бы- лыл æрбадт æмæ-иу донæй цы кæсаг сгæпп-фæныгъуылд кодта, уымæ хæлæгæй мард. Бафæндыд æй, уый дæр кæсаг куы фестадаид, куы нынныгъуылдаид искуы доны бын малы, фæлæ уыдон уыдысты лыскъ уды бæллицтæ. Дули йæ хъуыдыты малы куыд ленчытæ кодта, афтæ æрбайхъуыст машинæйы уынæр, сæнт гæпп фæкодта, зæгъгæ, кæд милици машинæйы тыххæй... хъуамæ æмбæхсынмæ алыгъдаид, фæлæ йын нал бантыст. Кæрты дуар æрбайгом æмæ дзы æрбахызт, æрбатулæгау кодта даргъдзыкку, сыппа хæлафджын, иу стæс азы кæуыл цыдаид, ахæм лæппу. Уый уыд Дулийы студент фырт Ватан. Иæ фыды цурмæ куы бацыд, уæд йæ фуртт-фуртт райхъуыст æмæ йæ армы- тъæпæнтæй, фондзаздзыд сывæллонау, йæ цæстытæ схъау- ын райдыдта. Иæ уæхсчытæ хæрдмæ фесхъиу-фесхъиу рай- дыдтой æмæ йыл Дули куы фæхъæр кодта, цæуыл тъизыс, æнаккаг, зæгъгæ, уæд ын се схъиуынæй фæлæууыдысты, фæлæ уыйхыгъд йæ кæуын даргъ айвæзта æмæ дзы аркъа- уæйласæгау райхъуыст: — Инсти-ти-тутæй мæ рацух код- той, рарвыстой мæ. Бын...ат...ат, дам, дзæгъæлы ахсыс... - Уый та куыд! Æмæ дунейы æхца куы раттон Дзыбыртт æмæ Езетханæн! Стæй уый æддейæ рестораны минас, алы бæрæгбонмæ зынаргъ лæвæрттæ! Алы хуыцаубоны сæ Эр- цъойы цад, Бæгъиаты суармæ ластон, куыд тагъд сæ ферох кодтой, — ныхъхъæр кодта Дули. — Мæскуыйæ нæм къамис уыд æмæ Дзыбыртт æмæ Езетханы та тæрхондонмæ раттой, канд æз нæ сыстудент
дæн æхцайы фæрцы. Разынд ма дзы ахæмтæ, æмæ уыдо- ны дæр федде кодтой, уæлдайдæр ирон факультетæй... Стыр змæстытæ дзы уыдис, уæлдайдæр ирон æвзагæп табугæнджытæ, сомбон, дам, нын нæ сывæллæттæн цы зонындзинæдтæ раттаиккат, ахуыргæнджытæ уæвгæйæ, уæхæдæг, дам, иронау иу ныхас куынæ зонут, уæд... — Ирон æвзаг! Ирон æвзаг! Кæдæм мæ бауъуыд, ды мын æхца зæгъ, уый йеддæмæ хатиаг æвзагыл даф дзурдзынæн, — загъта Дули æмæ хæдзармæ фæцæйхызт. — Баба, баба, абон мыл дæ пункты бригадир Харзен фембæлд æмæ мæм мæнæ ацы фыстæг радта. Дули Ватаны къухæй айста фыстæг, айхæлдта йæ æмæ фæрсын райдыдта хинымæры. «Дули, нæ хъуыддаг сау у, бахаудтам къæппæджы. Абон райсом нæм милицийы кусджытæ фæмидæг сты. Дуæрттыл пломбæтæ сæвæрдтой. Сæфæм! Сæфæм! Тагъддæр фæзын, уæлдай фæткъуы нæм бирæ ис. Ноджы вагæтты бынаг рæнхъыты, асыччыты цы æмбыд фæткъуытæ ньгвæрдтам, уыдон мын мæхи цур ра- калдтой. Ахъавыдтæн, зæгъын, нæ къанторæйыл арт баф- тауон, документтæ цъыбыртты сыгъд куыд бауыдаиккой, фæлæ сæ скалдтой æмæ сæ змæнтынц, агурынц факттæ. Вагæтты æмæ пунктты агъуыст хъахъхъæнынц милици. Тагъддæр фæзын, кæд ма гæртамы фæрцы фервæзæм, уый йедтæмæ амы дон нал баназдзыстæм цалдæр азы. Тагъддæр фæзын. Харзен». Зондиппæрдау аирд-акъæлæттæ сты Дулийы цæстытæ, тарст фысау фесхъиудта æмæ хæдзары смидæг. Райхъу- ыст йе ’рдиаг: — Сæфын! Сæфын, мæ бон бакæла! Цæмæй тарстæн, уый мæ баййæфта! — Оу! — дзидзийы бын та йæ цыдæр фæрæхуыста æмæ схъæрзыдта, рудзынджы цур цы къæлæтджын уыд, ууыл йæхи хъуамæ ’руагътаид, фæлæ нал æрбадт. Хæйрæг йæ зонæг, цы фæхъуыды кодта, дуармæ ассæррæтг кодта æмæ цъус фæстæдæр стырком фæрæтимæ уым æрбалæууыд. — Уæддæр сæфын, уæддæр мæ ахсынц, цæйнæфæлтау ахæстонмæ бацæуон, уый фæлтау мæ фæллой аирвæзæд искæй хъуыры. Нæй! Хордзеныхъо, дзæгъæлы дæхи ма ’рлæгъз кæн, — мæнæй къаддæр æхца дæм нæй, дæхи слас *3
ахæстонæй, мæ лымæн, æндæра Дули тæригъæд нæ зоны, иу сау къаппек дæ фæдыл нæ бахардз кæндзынæн, мæхи сæр уынгæджы куы фæцис. Мæ хæзнадон, сæр дæ бахъу- ыд. Выручай! — йæ хъæлæсыдзаг ныббогъ кодта Дули, стæй фæрæт ныззылдта, æмæ дзы а-ныр къул ныффæртт кæна, афтæ йæ къæхтæ фæтасыдысты æмæ йæ уæлхъ, æмбыд къо- дахау, паркет астæрдыл фæцыд. Хæйрæг йæ зонæг, йæ сæр фæрæты цыргъ тигъмæ куыд ахаста, уый, фæлæ сæры кæхц фегом æмæ сатæгсау туг къæмисæны цурæй фемæхст, пъолыл алеуахи. Иæ тæппуз былтæ ма иу змæлд фæкодтой, æвæццæгæн æй фæндыд йæ иунæг бындармæ фæхъæр кæнын, фæлæ былтæ цы агæлиртæ сты, уый йедтæмæ дзы æндæр ницы райхъуыст. Цæстытæ аирвæзтысты... Дули йæ туджы малы куы мæцыд, раст гъеуæд мили- цийы кусджытæ Харзены къухтæбастæй бахизын кодтой машинæмæ... Раст уыцы рæстæджы йæ иунæг бындар та бадт дачæйы фарсмæ, нæзы бæласы бын, цъæх нæууыл, æмæ хуыппытæ кодта, сæ сервантæй цы коньячы авг райста, уый. * * * Æмбисбонмæ æввахс раймилицийы хайады радгæсы хатæны телефон ныззæлланг кодта. Радгæс милиционер, хистæр лейтенант, бæзæрхыг лæппу-лæг хæтæл систа. Хъуамæ уагæвæрдмæ гæсгæ загътаид йæ чин, йæ ном æмæ мыггаг, фæлæ йын телефоны дзурæг уый бар нæ радта, æрмæст нæмыгзгъалау акъæр-къæр кодта: — Фæдис! Фæдис! Тагьддæр фæзынут, ногдзауты лагерь «Хæлардзинад»-ы агъуысты къулхалгæйæ, йе ’хсæнæй ракалд тынг бирæ æхца æмæ сыгъзæрин лыстæг дзаумæттæ, — дзурæг уыд районы арæзтадон бригадæйы бригадир æмæ куырдта, цæмæй æвæстиатæй хæццæ кæна оперативон къорд. Хъуыддаг та рауад афтæ: лагеры дыууæ хатæнæй хъуамæ сар’æзтаиккой иу æмæ, астæуккаг къул халгæйæ, йе ’хсæнæй кæлын куы райдыдтой æхцаты къонатæ, уæд хорзау нал фе- сты, раст сæ цыма исчи ныттипноз кодта, уыйау дзы кæмæн
Радзырдтæ А^^/УУ35 йæ къух æд дзæбуг уæлдæфы ауыгъдæй аззад, кæмæн йæ дзых - къæппæй, се ’гасы разæй йе муд æрцыд сæ бригадир æмæ йæхи телефонмæ баппæрста... Нæзыджыны хъæуы иу уæлвонг ран, нæзыты къохмæ хæстæг, растдæр къæдзæхы скъуыдæй цы сатæг суадон абузы, уымæн йæ галиу фарс бæрзонд фæцыд дыууæуæладзьгг капи- талон бæстыхай. Уый у ногдзауты лагерь «Хæлардзинад». Иæ дуармæ дзыхълæуд фæкодта милицийы «Виллис», ра- хызтис дзы фондз милиционеры^мæ цырд къахдзæфтæй сæзгъордтой мраморæйконд асинтыл. Арæзтадон брига- дæйы уæнгтæ бадтысты раздæрау дурдзавдæй æмæ ныр ор- ганты кусджытæ куы бахызтысты, уæд уыдон дæр базмæ- лыдысты, чидæртæ дзы стгæ дæр скодта. Милицийы хистæр, майор Калоты Гоги зонгæ хатæныл йæ цæст ахаста æмæ йын банцадысты астæрдыл, кæйдæр «тугвæллойыл». Иæ цæстытыл ауад, цыппар азы размæ, ацы æхцайы къонатæ æмæ сыгъзæринæй дзаумæттæ пырх кæм сты, уым мардæй кæй хуыссыд Æлхасаты Дули. Уæд æндах æгæр ныссуйтæ æмæ йын йæ райхалынæн ницы бафæрæзтой. Гъеуæд дæр бирæ фæхъуыды кодтой Дулийы мæлæтыл. Зæгъгæ, кæд, Дули фæрæтæй йæхи амардта, уæд, зæгъ, йæ зæрдæ скъуыд цæмæн уыди? Кæд йæ зæрдæ гъеуæд аскъуыд, уæд, зæгъ уыцы рæстæджы йæ къу- хы цы арæзта фæрæт. Æмæ хъуыддаг æнæхæлдæй баззад. Фæлæ ныр фæлтæрд фæдагурæг хъуыддаг бамбæрста: Дули цыппар азы размæ кæй хъавыд къул ныппырх кæнынмæ, кæй йæ фæндыд йæ хæзнадон фæкъæртт кæнын, фæлæ йын нал бантыст. Зæрдæниз ын уый фадат нал радта... Дули цы бон амард, уыцы бон ын йæ сомихаг æмкъайы стыр уæргътимæ æрурæдтой мидхъуыддæгты органты кусджытæ. Разынд æм дзæвгар товар, цалдæргай фæлыстытæ... Бирæ аныхъу- ырдтой кæфхъуындартæ. Æмæ сæ хицауад дæр рохуаты нæ ныууагъта, байста сын сæ ис, сæ бон... Дулийы горæттаг хæдзармæ ма цалдæр уаты бафтыдтой æмæ дзы бакодтой изæры скъола. Нæзыджыны хъæуы дачæйы та ногдзауты лагерь «Хæлардзинад»... Рæстдзинады мæцъис сын сæ развæндæгтæ æрæхгæдта.
ФÆЛТÆРÆЙ-ФÆЛТÆРМÆ ...Æмæ хæхты куы ныууарыд заяты мит> уæд Ирыстоныя быдырæрдыгæй раскъуыд туджы зæй. Автор Сур уазал уæнпы иннæрдæм хизы. Фæллад Борсæ къахдзæф размæ куы акæны, уæд фæстæмæ фæдзой кæны, митхъæпæныл æрбадæгау кæны, стæй та уæззаугай расты æмæ... Уазал хидмæцъæл уæнгтæм раджы бахъуызыд, буар ихæнриз рагæй кæны, фæлæ йæ ницæмæ дары зæронд лæг. Лæгæрды астæумæ миты, иукъахвæндагыл, цæгатырдæм. Иæ къухы йæ фæндаггон хызын, — æниу æй хæсгæ дæр нæ ракодтаид уæд, фæлæ ма хæсты цæхæрæй аирвæзыны охыл рахаста йæ фырты фырт цыппараздзыд Асланы дæр. Иæ рагъмæ йæ дзæкъулбаст бакодта, афтæмæй лæгæрды астæумæ миты. Саби йæ сæр æруагьта лæджы уæхскыл. Иу сыбыртт дзы нæ хауы. «Æвæццæгæн фынæй кæны, — ахъуыды кодта Борсæ. — Райхъал æй кæнон, æндæра бастайдзæнис æххормагæй». — Аслан, райхъал у, мæ хъæбул, къæбæр ахæрæм æмæ та стæй дарддæр кæндзыстæм нæ фæндаджы кой. Æз дын фенын кæндзынæн рæсугъд сахар, бакæндзынæн дæ сырддонмæ. Уым хæст нæ цæуы, уым дæ цахъхъæн сы- вæллæттæ хъазгæ кæнынц. Райхъал у, Дадайы хур. — Дада, æмæ æз фынæй куынæ кæнын, стæй мын стон- джы дæр нæу, чысыл раздæр мын иу зæронд æна ногконд дзултæ æмæ цыхт куы авæрдта, ферох дæ? — Нæ, рох мæ нæ фæцис, фæлæ, зæгъын, кæд сыстонг дæ, — йæхи нал басаста Борсæ, кæд æй айрохис, чысыл раздæр сын Уанелы йæ хæстон хæлары æмкъай Дусинæ ногконд кæрдзынтæ кæй авæрдта, уый, уæддæр. — Дада, скæс-ма хæхтæ куыд рæсугьд сты. Дада, æмæ пæ
ткыртæ ч ^УР^О^^У гуырдзиæгтæ та цæмæн марынц, ирæттæ сæ исты радавтой? Дада, Инал æмæ нанайы та цæй тыххæй амардтой, ныр ма кæимæ хъаздзынæн? — бакæуынбыл саби. Саби домы дзуапп. Цыппараздзыд сывæллоны фæнды базонын, куыд æмæ цы ’гъдауæй, кæй аххосæй æрцыдысты ацы æбуалгъ хъуыддæгтæ. Чи рауагъта Иры дзыхъхъыл туджы зæйтæ. Æнхъæлмæ кæсы саби... — Нæ, Дадайы уæрыкк, ирæттæ гуырдзиæгтæй ницы ра- давтой, сæхæдæг нын хъавынц исынмæ нæ фыдæлты зæхх, фæлæ сын æй нæ ратдзæнис Иры дзыллæ. Мæнæ фæстæмæ тагъд ныздæхдзыстæм æмæ та... — Дада, æмæ та нын æй искуы куы исой? Андзыг йæ мидбынаты Борсæ. Иæ цæстытыл ауадысты йæхи хабæрттæ. Уый раджы уыд. Уæд Борсæйыл дæр йæ хъæбулы хъæ- булау цыппар азы цыд, уæд ацы хохы сæрты Борсæйы дæр йæ Дада хаста Цæгатырдæм. Уæд дæр хæст цыд Ирыстоны, уæд дæр «сгуыхтдзинæдтæ» æвдыстой гуырдзиаг меныпевиктæ. Уый раджы уыд, цып- параздзыд сывæллоны зæрдæ уæд фæхъæдгом... Æмæ та йын абон ногæй сдудыдта. Абон та йæм бавнæлдта йæ фырты фырт. Раджы йæ йæ фыды фыд куы хаста ацы хохы сæрты, уæд Борсæ йæ Дадайы афтæ фарста: гуырдзиæгтæ та нæ цæй тыххæй марынц, мыййаг та нын искуы куы исой нæ зæхх... Æмæ йын абон уыцы фарст йæхимæ дæтты йæ хъæбулы хъæбул Аслан. — Байрæз уал, мæ хъæбул, æмæ уæд æппæт дæр базон- дзынæ. Рæстдзинад сбæлвырд уыдзæн, - ныфсытæ æвæрдта Борсæ сабийæн æмæ та атындзыдта размæ. — Мыййаг та искуы... Аслан дæр фыды фыд уæвгæйæ куы хæсса йе ’ккой йæ хъæбулы хъæбулы. Мыййаг ацы хъуыд- даг куы анхъæвза фæлтæрæй-фæлтæрмæ... - хъуыдытæ код- та зæронд лæг. — Тобæ! Тобæ, хуыцау! Ахæм хъысмæтæй нæ бахиз!» Иæ мидбынаты дзыхълæуд фæкодта Борсæ, йæ хъуы- дыйæ йæхæдæг дæр фæтарст, фестъæлфыд, буар сдудыдта, ныррызт. Йæ куыствæллад уырзтæй сабийы æрбалхъывта йæхимæ æмæ та акъахдзæф кодта æвæд миты зæронд лæг.
.38 ^ Остьаты Алан * * * Æрыздæхт Борсæ фæстæмæ, æрыздæхт йæ уæзæгмæ, Рагъы хъæумæ. Æниу нырма æрыздæхинаг нæ уыд, фæлæ йæм йæ удрæбынæй фæдисы дзæнгæрæджы зæлланг хъуыст. Масты хуыдымы цы зæрдæ ныддæнгæл, уый йæм сидтис мастисынмæ. Иæ раттæг зæххæй кæй тыххæй фæхауæггаг, уыдонæй йæ маст исынмæ. Æмæ æрыздæхт, йæ зæрдæйы уидаг, йæ бындар Асланы фæсхох куы бабæстон кодта, уæд... Ныр бады сæ кæрты фæхсбандоныл æмæ хъуыды кæны, аразы хатдзæгтæ æбуалгъ хъуыддæгты тыххæй... Рагъы хъæуы рагæй фæстæмæ ирон адæм цардысты. Ацьг хъæуы райгуырд Борсæ, ам райгуырдысты йæ фыдæлтæ дæр. Хъæуыл къæлæтау æртыхстысты фыдæлтыккон тулдз бæлæстæ æмæ йын дардæй ракæсгæйæ рæсугъддзинад лæвæрдтой. Ацы хъæуæй дзæвгар дæлæуæздæр, цъыфдзаст атагъайы æрбынат кодта гуырдзиаг хъæу. Дыууæ хъæуы дæр цард цæджджинагау æхсыст. Хъæуты арæнтæ дихгонд цыдысты быдыры астæу дыууæ рæнхъæй сагъд æнгуз бæлæстæй. Иу рæнхъ дзы Рагъы хъæуы колхозы уыд, иннæ та - гуырдзиаг хъæуы... Быдыры-иу куыст йæ тæмæны уыд, сихорхæрæн бы- нат та - æнгузбæлæсты бын. Борсæ уæд, колхозы сæрдар уæвгæйæ, не ’мбæрста, гуырдзиæгтæ-иу хъазгæйæ куы дзырд- той, зæгъгæ, сымахмæ цы ис, уый дæр мах у. Хъазынмæ-иу сын айстой Рагъы цæрджытæ уыцы ныхæстæ. Мæстæй дæр ма-иу сæ мардтой, зæгъгæ, нæ хъæуы сахъат чызджытæ куы нал гуыры, уæд ма, дам, уын махмæ цы ис? Иу къуылых чызг сæм райгуырд, Ненуца, зæгъгæ, æмæ сын уый дæр чизоны æвгъау уыд, фæлæ сын æй уæддæр радтой... • О, уæд уыцы хабæрттæн ницы нысаниуæг лæвæрдтой Борсæ æмæ хъæуы цæрджытæ, хъазынмæ-иу сæ айстой. Фæлæ фæстæдæр... Фæстæдæр та «мицъацхъали», ту- джы пырхæнтæ, тугæйдзаг цыппурс, туджы зæйтæ, иу-
уыл æвирхъаудæр та, Ненуцайы йæ гуырдзиаг фырттæ мæлæтдзаг нады фæстæ куы расырдтой, уый уьгд. Иæ аххо- саг - ирон кæй у, йæ риуы ирон зæрдæ кæй хаста... — Борсæ, о, Борсæ! — кæрты дуарæй счиу-счиугæнгæ æр- бахызт Ненуца, æмæ хæдзарырдæм ныдздзынæзта. Ненуцайы æрдиагмæ Борсæ йæ хъуыдытæй фæиртæст, æмæ фæхсбандонæй фестад. — Цы хабар у, Ненуца? Цы ’рцыдис? — Цы ма ’рцæуа, гуырдзиæгтæ та æрбацæуынц! Æппын æхстытæ дæр нæ хъусыс?! Нæхи бааууон кæнæм. Хъæуы бын æхсæруистæм ныууадтæн... Бирæ сты, тынг бирæ, иууылдæр — хотыхджын. Сылгоймæгтæ сывæллæттимæ æхсæрхъæдырдæм алыгъдысты. — Лидзгæйæ мын нал у, мæ хорз сыхаг, æмбæхстытæй нал хъазы Борсæ. Фыдæлты зæххы уырыйау нæ бамбæхсдзæн! Уый фæлтау дæхи фæсфæд бааууон кæн, æз та сыл хъуамæ фембæлон цæхх æмæ кæрдзынимæ, уазæгуарзон нын фыдæлтæй баззад. Фембæлын сыл хъæуы рæдауæй, рагæй цæмæ бæллыдтæн, уый мæ къухты бафтыд, — загъта Борсæ æмæ хæдзары смидæг. — Дæ зонд фæцыд, лæппу, цæй цæхх æмæ цæй кæрдзын! Цæмæ бæллыдтæ, цы бафтыдис дæ къухы? — йæ фæдыл ма ахъæр кодта Ненуца, фæлæ йын йæ ныхæстæ нал фехъуы- ста Борсæ. А-ныр Борсæ хæдзарæй æд хæдæхс рахиза, афтæ йæ хъустыл ауад æнæуаг чыр-чыр æмæ гуырдзиагау æнæхъола ныхæстæ: «Мæнæ ма ирæттæн сæ чындздзон чызг фæстейæ куыд баззад... Æмæ цæуылнæ амæрддыхай дæ, æви та ды дæр ацы зæхх дæ фыдæлты зæхх хондзынæ, и, зæронд хæрæг?» — йæ цæстытæ рацæйлиуырдтой, йе ’нæдаст цæсгомæй йæ фындз уарийы бырынкъау къæдзæй цы тæнджын лæппу- лæгæн зынд, уымæн. «Æвæццæгæн сæ раздзог у, — ахъуыды кодта Борсæ. — Ехх Ненуца, дæхи цæуылнæ бааууон кодтай, гормон! Дыууадæс уал дзы мæ кæрты, маст райсыны фаг стьг, фæлæ цьг чындæуа?!»
С^>ФСЙЗС*',,'%>-/ ты Алан — Æмæ мæнг зæгъдзынæн, мæ фыдæлты зæхх æй куы ра- хонон, уæд? — загъта Ненуца, фæлæ йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта: цæй цæхх æмæ кæрдзыны кой кодта Борсæ, мыййаг уæйгæнæг ма разына, ма банымудза, Æхсæрыхъæдмæ цы сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ алыгъдысты, уыдон. Сухты цагъд сæ ныккæндзысты! — Кæс-ма йæм, кæс, куыд ныфсджынæй дзуры! Гъе, зæронд хæрæг, дæ фæстаг минуттæ æрхæццæ сты, — йæ сæт ракалд иу-ссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм лæппуйæн æмæ йæ ныхас адарддæр кодта. — Æз самачаблойаг нæ дæн, Тбилисæй æрбацыдтæн хæцынмæ, мæ чысыл фырты сом- бон хъæудзæн зæхх. Мæнæ уый, ирон уæвгæйæ, рахæцыд Гуырдзыстоны ныры демократон хицауады ’вварс, йæхи снывонд кодта махæн, — йæ фарсмæ цы тъæнтъихæг лæппу лæууыд, уый рус бацъыччытæ кодта тбилисаг йæхи чи ра- хуыдта, уый... «Ирон уæвгæйæ... Чи уа цымæ? Цы мад æй ныййард- та? Чи фæнды уæд, йæ адæмыл гадзрахатæй чи рацыд, уый у уæйгæнæг. Фыццаг уый хъæуы æрфæлдахын, мæсыг хи дурæй хæлы, афтæ амоны нæ рухсыбадинаг фыдæлты æмбисонд. Иуварс алæуу, Ненуца, ратт мын маст райсы- ны фадат», — хæдæхс йæ риумæ нылхъивгæйæ, ныммæстæг Борсæ. Ауыдта ма, уарифындз гуырдзиагæн йæ тæнты хъама сагъдæй, афтæмæй зæххыл куыд сæмбæлд. Федта ма Борсæ, ирон уæйгæнæгæн йæ хурхыл куыд нындæгъдысты Ненуцайы къухтæ... Гуырдзиæгтæй ничи батыхст сæ хъузон ирон уæйгæнæджы Ненуцайы къухтæй суæгъд кæныныл. Райгæ зæрдæйæ кастысты дыууæ ироны, иу сылгоймаг, зæронд, стæгдары хуызæн сылгоймаг, иннæ та нæлгоймаг — ирон уæйгæнæг куыд хъуырдухæн кодтой, уымæ. Нал сæ хъуыд сæ хъузон дæр, сæ къух ыл систой. Æниу сæ цæмæн хъуыд? Спайда дзы кодтаиккой, стæй йын балæвар кодта- иккой тæвд нæмыг. Гадзрахатæй рацæуæг удисгæ хыр-хыр кодта, фæлæ йын нæ разынд иу æххуысгæнæг, йæ сæр кæуыл бафтыдта æмæ кæй дымæджы бын балæст, уыцы гу ыр д з иæгтæй. Æгæр-æгæр куы стыхст, уæд ма иронау сдзырдта, бах- хуыс мын кæнут, зæгъгæ, фæлæ раст уыцы рæстæджы рай-
Радзырдтæ у ^я^ ч-*^ ^з-^О^. ^^ ^^1 хъуыст хæдæхсы къæр-къæр æмæ сæ дыууæ дæр зæххыл æрхаудтой. — Хъусут, хорз адæм, Сланты Борсæ йе ’нæхуынд адæ- мыл æмбæлы цæхх æмæ кæрдзынимæ. Хъуамæ райсон мæ хъæбулы хъæбул Иналы маст, Ненуцайы маст. Æппæт ирон адæмы маст, мæ тугхъулон, мæ фыдæлты зæххы маст. Айсут, тугхортæ, ирон мастæфхæрд лæджы лæвар! Мæ ах- хос нæу, хонæг уæм нæ арвыстон... Мæнгвæдæгыл æрбахæцыд... Борсæйы æнæхуынд уаз- джытæ фарастæй æрызгъæлдысты... стæй йæхæдæг дæр ни- цьгуал бамбæрста... Къæсæрыл æрфæлдæхт. * * * Борсæ йе муд æрцыд топпы гæрæхтæм. Базмæлыд, сду- дыдтой та цæфтæ, бафæлвæрдта рабадыныл, фæлæ дзæ- гъæлы... Акаст, чысыл раздæр ын йæ сыхаг Ненуцайы кæм амар- дтой, уыцы бынатмæ. Ие ’нæхуынд уазджытæй ма чи баз- зад, уыдон хæдзары рæзты, кæрæдзи сæрты схъиугæйæ, лыгъдысты хъæды рдæм. «Цыдæр бæллæх сыл сæмбæлд» — ахъуыды кодта Борсæ æмæ лæмбынæгдæр акаст. Уартæ ралидзы, Рагъы хъæуы йæ лæппуйæн сомбонмæ зæхх чи агуырдта, уыцы тбилисаг лæппу. Иæ къухы Бор- сæйы зæрдæйы уидаг Иналы хъазæн магпинæ. Ралидзы... Иæ мидбынаты цъилау ныззылд, йæ фыртæвдæй ма Бор- сæйы цурмæ æрбалыгъд æмæ йæ разы дæлгоммæ ахауд. Сдудыдта та Борсæйы нæмыгдзæф буар, сындæггай йæ сæр разылдта лæппуйы ’рдæм æмæ базмæлыдысты йæ чъырццæ былтæ. — Дæу та цы нæ уагъта? Куы йæ зыдтай, кæй цæуыс фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл... Æз ма рацардтæн... мæ уд исын чысылæй фæстæмæ гом къахæй цы зæххыл цыдтæн, уыцы уæзæгыл, хæстæгмæму мæ фыдæлты уæлмæрд, ныдзæвы мыл фыдызæххы комулæфт, ме уæнгтæн мын дæтты хъару æмæ ныфс, фæлæ ды та цæрынхъуагæй, æнæцæстылхæцæгæй дæ
ь.42 ^8^. ч.^я*. ^^О^и^ ^а^ ^рыь^ > Остъаты Алач мæлæт кæдæм æрбахастай? Кæм дыл фембæлд, лæппу, мæ хонæг, æниу æнæхуынд уазджытæн дæр Иры зæххыл рагæй фæстæмæ хорз кад нæ уыд? Афтæ домдтой нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ, афтæ амыдта хъæубæсты фарн. Фæлæ сымах та æрбахастат сау мæлæт æмæ дзы басыгъдис уæхи сæр дæр. Æркæс-ма, лæппу, æрдæбон куы дзырдтай, чысыл лæппу, дам, мын ис... Æвæццæгæн, чысыл Иналы машинæ дæр уымæн хастай? Раттаин дын æй, мæ хур, æнæхæцæнгарзæй куы фæзындаис, уæд. Уæддæр уыцы машинæйæ цы рæзинаг уд хъазыдис, уый нал ис. Згъудеры къуылдымæй де ’мтуг адæм Чъребамæ куы ’хстой, æниу, чизоны, ды дæр се ’хсæн уыдтæ, уæд аскъуыд йæ рæзгæ цард. Науæд, гормон, ардæм тугкалынмæ куы цыдтæ, уæд дæ ныййарæг йæ сæрбæттæн дæ разы цæуылнæ айтыгъта, уыцы фæзминаг æгъдау дæр махæй куы айстат, уæд дзы цæуылнæ спайда кодта, нæмыгдзæф куы фæдæ, уæд ма фæстаджы хъæр цы «дедамæ» фæкодтай, уый? Æви ирон адæмæй уæ удты уæнгæл куыд федтат, афтæ уын сæнæуынон сты, ирæттæй цы рæсугъд æгъдæуттæ айстат, уыдон дæр? Искуы дæ фырт куы слæг уа, уæд-иу дын дæ марæджы уæхирдыгæй агурæд, дæу ацы фæндагыл чи сардыдта, уый у дæ сафæг. Лæмæгъæй-лæмæгьдæр кодта Борсæ. Хатыд, тохы быдырæй кæй адардта йæ фæндаг йæ фыдæлты уæлмæрдмæ фæстаджы балцы. Хъустæ ахстой ирон дзырд, уарзон ныхас, чидæр ын йæ былтæм дон схаста, былтæ куы бахуылыдз сты, уæд цæстытæ дæр цадæггай байгом сты. Иæ уæлхъус лæууыд йæ фырт Чермен иу цалдæр æнæзонгæ лæппуимæ. —Уыдон та чи сты, лæппу? — сьшдæггай сдзырдта Черменмæ. — Ацы лæппутæ, баба, Цæгат Ирыстонæй æрцыдысты æххуыс кæнынмæ. — Æххуыс кæнынмæ... О, Стыр Хуыцау, сæфтæй нæ ба- хиз!!! — дыууæ ставд цæссыджы рахъуызыд Борсæйы цæс- тытæй, фæлæ уадидæгæн зачъеты амбæхстысты. — Дæ ном куыд хуыйны, мæ лæппу? — уæззаугай сдзырд- та Чермены фарсмæ цы саджыфисынтыл амад лæппу лæу- уыд, уымæ.
— Тыхсгæ ма кæн, мæ фыдыхай, мæ ном Батрадз хуый- ны, дзæуджыхъæуккаг. Бирæ стæм, тынг бирæ. Иумæ стæм æмæ фидар фæлæуу, ды дæр сын хорз фæдæ... — йæ ныхас æрдæгыл фескъуыдта Батрадз, хатыд, йæ хæлар Чермены фыдæн бирæ цæрæнбон кæй нал ис, цыдæр зæгъынмæ ма кæй хъавы æмæ, йæ цæстытæ доны разилгæйæ, иуварс алæууыд. — Иумæ стут? Æгайтма иумæ стут, кæрæдзимæ æнгомдæр æрбалæуут, нæ уæ уынын! Кæрæдзимæ æнгомдæр æрбалæууыдысты лæппутæ. — Афтæ гъе, мæ хуртæ, кæрæдзийыл абон хъуамæ фæхæ- цат, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут... уæйгæнджытæй хизут уæхи, æддагон знагæй мидæггагон знаг тæссагдæр у... Аргъ кæнут кæрæдзийæн, уый уын мæ фæдзæхст. Мæ цæгаттаг туг æмæ стæг, абон мæм æххуысмæ фæзындтæ, абон мæ тыхст рæстæджы мæ уæлхъус æрбалæууыдтæ, фæлæ-иу мæм сом та чындзæхсæвтæм фæзын. Абон бацархайут ууыл, цæмæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ арты ма судза нæ фыдæлты зæхх. Æнгомдæр æрбалæуут. Афтæ, афтæ! Иумæ куы уат, - тыхгæнæг уын тых не ссардзæн. Уæхи хизут мидæггагон знæгтæй... — ацы дзырдтæ сæппаргæйæ ма, схыр-схыр кодта Борсæ, æмæ йæ уд систа.
СТЫР БЫНАТЫХСÆВ Цы ’рцыдис, цы кодта, цы схъомпал ис Дымгæджыны хъæу? Цы арв æй æркъуырдта, цы хох ыл рафæлдæхт, цавæр фыдбылызы дымгæ йыл æрбаныдзæвд фæсногазы Стыр бынатыхсæвы? Хъæуы цæрджытæ сæ фæрнæйдзаг бынæтты бын, сæ бы- наты ном ссарыны охыл, сыкъа сæ къухмæ куынæма рай- стой, уæд удаистæй цæмæн тындзынц хъæуы бынæттон ад- министрацийы агъуысты кæртмæ? Чысыл фалдæр æнæрынцойæ цæмæн уасы милицийы хъуымызгъуыз виллис? Зианы, гъе та цины хъуыддаджы тыххæй сабæттаг, кæнæ та зæрдæлхæнæн лæвар уæлæсыхаг зæронд сылгоймаг Пусине æрвитгæ куы ’ркæны, уæд уый дæр ма йæ дыууæ лæдзæджы ’нцæйтты, йæ сыхаг, хъæуы библиотекæйы кусæг, абадгæ чызг-ус Дусаимæ ам куы ’рба- лæууыд, ацы судзгæ уазал, мæйдар æхсæвы. Бынæттон администрацийы . сæргълæууæг Магрезы кусгæ бон йæ куысты цырагъы рухсæй куынæ ссардæуыдзæн, уæд ныртæккæ æхсæвы иуæндæс сахатыл уый дæр ма тыр- гъы хъуыддагон ныхас куы кæны, фадыгон милиционер Дзоццæ æмæ цалдæр лæгимæ. — Омæ уын куы фæдзурын Дунейы кæрон æрхæццæ кæны, уæд уæ нæ фæуырны.Хуыцауы чиныг Библийы цы- дæриддæр фыст ис, уыдон та раст сты. Хуыцауы дзырдæн та æнæрцæугæ нæй. Хæйрæг дæр ис æмæ алцыдæр ис... — уый та тъæпæн дойнаг дуры сæр лæугæйæ, тарспъуыз сылгоймæгты къордæн дзуры къæсхуыртæконд уырнæг сылгоймаг хуы- цауы æвдисæндар Чилæхсиан. —Æ, уас дæлæмæ æрхауа, цас мæнæн хуыцау нæй! Адæмæн сæ бирæтæй иу дæр нæ фæхъуыд, мæнæн та мæ иунæг, мæ хæдзардарæг æмбойны æдзæмсæфт æрбаци. Мæ фæндæй мæ дæ хуыцау дæр абырджыты хуыцау у, æмæ уый зæгъ, æндæра мын иучысыл уæддæр батæригъæд кодтаид æмæ
Радзырдтæ у ^щ. ч^аа^ ^О^ ^^ ^*^^ мæ дарæгæй афтид нæ аззадаин! - уый та Чилæхсианмæ ахъаззæгтæ уæлæсыхаг Пусине балæвæрдта. Æвæццæгæн, ма сæ хыл дзæвгар ахастаид, фæлæ мили- цийы «Виллис» скуыста, стæй ма цалдæр хисæрмагонд ав- томашинæйы æмæ уасгæ араст сты, хъæуысæр къулвахсыл, тæссармæ фæндагыл, уæлмæрдырдæм, æхсæвы талынджы. Сылгоймæгтæ фæсыпп сты, фыццаг сæ цæстытæ азыл- дысты, стæй та сæ къубæлттæ дæр айвæзтой машинæты фæдыл. Уымы уæвджытæ сæ бынæттæй змæлгæ дæр нæ фæ- кодтой, тарстгъуызæй кастысты уæлмæрдырдæм. Арвыл цы иунæг стъалытæ дзедзыкка кодта, уыдон дæр уæнгты цавæрдæр тасы æнкъарæтæ æфтыдтой. Диссæгтæ. Царциаты диссæгтæ фæсногаз, Стыр бы- натыхсæв, Дымгæджыны хъæуы... — Мауал мæ арвит уыцы æлгъыстаджы хъæумæ, науæд ацы цыбыр зымæгон бон скаст æмæ ныккаст куы у, уæд æм цæугæ та цæуыл фæкæндзынæн. Мæ машинæ мæ быны куынæ ис, мыййаг? Мæ къах дæр æм нал бавæрдзынæн. Куыдзæмгадæй здæхинаг дзы фæвæййын алыхатт-алыхатт. Фæлтау мæ мæ куыстæй ссæрибар кæн, — кæугæ-лæгъстæ кодта райветамбулаторийы хистæрæн фосы дохтыр Гизан. — Ацы хатт ма сæм бацу, Гизан, ацы хатт ма мæ феф- сæрмы у, бæстон бæрæг базон, цæмæй сыскъуыдысты сæ кæрчытæ, низау у, æви æндæр исты аххосаг, хъæудзагъд суой! Судзинтæ куы фæаразæм ставдкъах фосæн, хуытæн, кæрчытæн, уæд сæ къапеччытæ сæ цæст нæ фæуарзы æмæ мах дæр уыцы хос æлхæнгæ куы кæнæм, стæй низ куы фæзыны, уæд та сæ дзолонкъатæ махыл фæзолочъи кæ- нынц. Бæрæг базон, бæстон бæрæг, æмæ сæм стæй а-лæппу ног къуырийы милицæимæ хъуамæ бамидæг уон. Кæннод ныл æгæр цъыфтæ калынц... — Ацы хатт ма сæм ацу, Гизан, — хъарæгæмхæццæ къад- дæр нæ лæгъстæ кодта хистæр дохтыр Гизанæн. Нæ фæндыд Гизаны Гуыдды хъæумæ ацæуын. Нæ йæ
фæндыд, нæ йæ хаста йæ къах, уæлдайдæр та абон. Йæ амонд а-изæр хъуамæ ссардтаид æхсай азмæ ’ввахс фосы дохтыр. Ахсæв Стыр бынатыхсæв йæ царды хъуамæ фыц- цаг хатт бавзæрстаид сылгоймаджы ад. Нæ, афтæ ма ахъ- уыды кæнут, гуырдзæй нæлгоймаджы миниуджытæй æмæ æнкъарæнтæй сахъат рахаста, нæ, фæлæ Гизан хæтаг лæг нæ уыд, æмæ стæй иу кæнæ дыууæ, мыййаг куы нæ аз- зайы амонды кæрты æддейæ. Сразы йын ис Дымгæджыны хъæуккаг, абадгæ чызг-ус Дуса. Нæ, чындзæхсæв, мыййаг, нæ кодтой. Ахсæв, дам, хъуызгæцыдæй рацу, æмæ, дам, иу уатмæ æрцæуæм. Æрдæг æнусæй хызт дыууæ уды чъизи- дзинады охыл, мыййаг, нæ тырныдтой кæрæдзимæ. Хъуамæ иумæ бацардаиккой уыцы сыгъдыйы, æви амондджын æхсæвы, фосы дохтыр Гизан æмæ библиотекæйы кусæг Дуса... Афтæ егъау санчъехтæгæнгæ тындзыдта Гизан Гу- ыдды хъæумæ, йæ уд та тахтис Дымгæджынмæ, Дусамæ. — Мысты хос кæнæ сæм æндæр исты нæ фæхæццæ, низæй мард сты — фарастæм мард карчы хуылфыдзаумæттæ иу- варс æрæвæргæйæ, загъта Гизан. — А-уалдзæджы, гъе, та фæззæджы судзинтæ аразыны тыххæй ам уыдыстæм, ничи уæ сразы ис. Цагъды уын куы райдайынц, уæд та уын, мах, фосы дохтыртæ, вæййæм зылынджын. — Мысты хос у, мысты хос, йæ хъæбулы фыдтæ дæндагæй фæхæра! Уæдæ дзы уымæн иу цæуылнæ амардис? Амæй размæ та нын нæ хуыгисты ’рбамардтой, бындзагьд æмæ быныскъуыд суой! — ныййилæлæй кодта мард кæрчыты хи- цау, къæсхуыртæконд сылгоймаг Чысион æмæ йæ лыстæг цæнгтæ ныттылдта сæ акомкоммæ егъау, фæйнæгæйконд къулдуарырдæм. — Бирæ куынæ рæис мæ куыдзау, æндæра æз фосы тæ- ригъæды никуы бацыдтæн, фæлæ дын дæ лыстæг хурхы марг ныннæмдзынæн! — уый та Чысионмæ йæ къадзони сыхаг ус, сæны дурыны хуызæн нарст сылгоймаг Танделон батылдта. — Басабыр ут! Кæрæдзимæ туджджыны цæстæй цæмæн кæсут, низы аххосæй аскъуыдысты, Чысион, дæ кæрчытæ æмæ тæригъæд ма дзур, — сæ сабыр кæныныл архайдта Гизан. — Æмæ уыцы сыгъдыйы низæй уыдонæн цæуылнæ ныц-
цагъды сты? — Æви низ уыдонмæ нæ бауæндыд?! Иæ кæрт карк æмæ гогызæй бæз-бæз куы кæны, уæд? — сыхæгтæй дæр дзы уыд чидæртæ. Гизан сыл æххуысæнхъæл йæ цæст, бæргæ ахаста, ома, сымах дæр иу-дыууæ ныхасы бахардз кæнут сæ басабыркæныныл, фæлæ уыдонæй читт дæр ничи фæкодта. Æрмæст сæ мидбылты хъуызгæ худтæй худтысты, цыма сыл стыр хæрзиуæг æрбаныдзæвд, уыйау. — Байхъус ма, хорз ус, низ дæу у, мæн у нæ зоны, чи- зоны, ахсæв та уымæн ныццагъды уой. Низ алы ацафон дæр фæзыны, ныр дæр та фæзынд, уартæ Тъбеты хъæуы, Икъоты Русланæн æртæ галыйас хуы амард, æмæ уый дæр кардæлвæст æмæ топпæргъæвдæй лæбуры йæ хъæубæс- тæм? — сабыр сæ кодта Гизан, фæлæ марадз зæгъ. Дзырд дардыл у, фæлæ Гизан Чысионы уасæджы мард, хызыны ньгвæрдта, зæгъгæ, ма йæ бынаты басгардзыстæм, æмæ уæм ног къуыри зындзæнис хистæр фосы дохтыр йæхæдæг. Рарастæввонг уыд, афтæ ма йæм дыууæ синæй къуылых сылгоймаг иу гогызы мардимæ йæ уæлхъус æрбалæууыд. — Дæ нывонд фон, нæ йæ зонын, цы кодта, уый, фæлæ лæгæн знæгтæ бирæ ис, мæ зæрдæ кæмæдæрты ’хсайы. Ацы мысты хос.дзæбæх æй басгар, дæ нывонд фон, мæыæн дæр мæ зæрдæ мæ сыхагмæ... — уæззау дын уыдзæнис, фæлæ сымахæн дæр уæ куыст уый у, æмæ... — цæст дзæбæх нал æвзæрста, афтæ Гизан æд «хуын» рараст Гуыдды хъæуæй. Горæтмæ, йæ хæдзармæ бирæ нæ уыд, æгасæй æхсæз ки- лометры, фæлæ та стæй Дымгæджынмæ, Дусамæ здæхинаг уыд æмæ... Райста Гуыдды хъæуы коммерцион будкæйы къафетты къопп, шампайнаг сæны авг æмæ фæраст цыбыр фæндæгтыл уæлмæрды уылты йæ амондагур Дымгæджыны хъæумæ. Гизан хъуамæ мæргъты мæрдтæ аппæрстаид, фæлæ зæгъ, ацы æлгъыст, æнамонд адæм лæгæн исты сфыдбы- лыз кæндзысты æмæ, зæгъ, хъæуæй дзæвгар куы аивгъу- ыйон, афтæ сæ арæцугъдзынæн... æцæгæй дæр дзы гуыд- ды адæм цæры, иу лæгау лæгыл дзы мæ цæст не ’рхæцыд. Кæрæдзийы фæндиаг куы фæуиккой, уæд дзы райсом иу хæдзарæй дæр фæздæг нал скæлид. Бирæ мæ нал хъæуы, уæлмæрдæн йе ’мбис раивгъуыдтон иу-дыууæ километры
æмæ Дуса... — æвиппайды цыма зæхх йæ быны аскъуыд, афтæ фæцис, афардæг кæдæмдæр, дæлейау æмæ цы бацис мæгуыр фосы дохтыр, хæйрæг йæ зонæг. Æрмæст ма арвы астæуæй иу цæхæркалгæ стъалы фесхъиуæгау кодта æмæ йæхи фехста скæсæнырдæм... * * * Нæ та скуыста ацы хатт дæр Дзоццæйы машинæ. Æниу ма цæй машинæйыл нымад у фондз æмæ ссæдзаздзыд «Мо- сквич»? Фæлæ уæддæр фадыгон милиционеры хъуыддаг ацаразы, фистæгæй цæуын æй никуы бауагъта. Æцæг, ацы фæстаг аз иу цалдæр хатт ныоцани ис. Ног машинæ «Жи- гули» ’лхæнынмæ бæргæ рахъавыд, фæлæ йæ бакъуылым- пы кодта мидхъуыддæгты районон хайады хицау. Хайадæн зæгъы, афæдзы кæронмæ министрад æртæ «Виллис»-ы хъуамæ рахицæн кæна, æмæ дзы, зæгъ, иу æнæмæнгæй дæумæ ’рхаудзæн. Иуæй органты рагæй кусыс, иннæмæй та дæ фадыджы хъæутæ районмæ дæрддзæф сты æмæ дзы, зæгъ, иу «Виллис» йæ цæст дæумæ ныкъулы. Байхъуыста йæм Дзоццæ, æмæ «Жигули» цы æхцайæ æлхæнинаг уыд, уыдонæй иууатон фатер балхæдта горæты. Афæдзы кæрон æрхæццæ, адæм ног æнусы къæсæрæй дæр бахызтысты, фæлæ мидхъуыддæгты хайад æртæ «Вил- лис» нæ, иу хæрæгуæрдон дæр нæ райста. Нæ та скуыста ацы хатт дæр Дзоццæйы машинæ, æмæ ма йæ хæдзары дуармæ, гъе, хайады кæрты æнæскусгæйæ куы фæуыдаид, уæд та цы тыхсинаг уаид, фæлæ йæ фа- дыджы дæрддзæфдæр хъæутæй сæ иуы клубы дуармæ ны- оцани ис æмæ... Æниу цы мæрддагæн хаудта ацы цыбыр бон ардæм, фæлæ клубы разамынад цавæрдæр дискотекæ бацæттæ кодта æмæ уый дæр фæхуыдтой, зæгъгæ, дæ дæлбар хъæутæй сæ иу у æмæ фæсивæдмæ дæ хъус хъуамæ фæдарай. Дис-котекæ дзæбæх бæргæ ацыд, фæсивæд дæр ницы галиудзи-над сарæзтой, фæлæ Дзоццæ фæстæмæ фистæгæй цæуинаг фæцис Дымгæджынмæ. Æниу æй хуыцауысконд адæм бæргæ урæдтой, цы уынгæджы де
Радзырдтæ знаг фæцис æмæ айхуызæны фистæгæй цæуыс. Не сразы ацы хъæуы бахсæвиуат кæныныл, нæ йæ сфæндыд Стыр бынатыхсæв искæйы бахъыгдарын. Иæхи^бынаты бын æм йæ бинойнаг æмæ йæ цъиудзых сывæлл&ттæ дзаджджын фынджы уæлхъус æнхъæлмæ куы кæсдзысты æмæ сæм ра- тагъд кодта сæ хæдзардарæг. Ацы хъæуы рог автомашинæтæ иу цалдæрæн уыдис, фæу^æ дзы кæмæн хæлд разынд, чи та дзы бынаты нæ уыд. Æндæра цас диссаг уыд зонгæ лæппу, органты кусæтæ машинæ авæрын, кæнæ йæ бынатыл сæмбæлын кæнын? Æмæ Дзоццæ егъау санчъехтæгæнгæ ратындзыдта сæхимæ, Дымгæджынмæ. — О-гъо-о. А, а, а — æрбахæссы йæм дымгæ хъæлæбайы уынæр. Цавæрдæр цъæл хъæртæ, æлгъыстытæ ауайынц йæ хъустыл. Дымгæ та йæм æрбахæццæ кодта цавæрдæр сырды ниуын, стæй та зарæджы мелоди. Цы уа ацафон уæлмæрды? Чизоны та искæйы марды æмбондæй æрхуы æмæ алюмин давджытæ сты, анцъыхтой ацы уазалы æмæ уыдоны абухын у. — Кæцытæ стут уый! — кæд никæй уыдта талынджы, уæд- дæр схъæр кодта органты кусæг æмæ дамбацайы хуымпыр размæ æрбассыдта. — Æз бæргæ дæн, фæлæ ды чи дæ, мæ ирвæзынгæ- нæг? — сыхъуыст æм йæ хæндцурæй мæллæг роды уастау адæймаджы хъæлæс. — Цы дæ, цавæр дæ, куы нæ дæ уынын? — Кæддæр лæг бæргæ уыдтæн, кæд ма истæмæн сбæззон, уæд. Дзæбæх æркæс дæ размæ, кæнæ фæстæмæ, æз дæр дæ нæ уынын, кæм лæууыс, уый. Дæ къах дæ ма фæсайæд, æндæра мæнау авд дæлзæхх æрмидæг уыдзынæ æмæ иумæ дзыназдзыстæм бонрухсмæ, кæд ма нын ацы уазал уæрмы Стыр Хуыцауæй цæрæнбон нывгонд уа, уæд. Цæй, уаза- лы мæ мауал дар, кæд зæххон лæг дæ, уæд, иу бæндæн, кæнæ исты фен æмæ йæ æруадз, куы фæуæлбыл уон, уæд дын сæрæй кæронмæ фæкæндзынæн мæ хабæрттæ. Дæхи хъахъхъæн, дæлæмæ æрхауын æнцон у, фæлæ нын уæлæмæ схизын фæзын уыдзæн æмæ Барастырмæ — фæндараст. Уа- залы ныхъхъæмп уыдзыстæм райсоммæ. Дзоццæйы сывæллонæй дæр нæ уырныдтой æнæзæгъи- *4
^■^Ч,^^^^/^^/ ОстьатыАлсш нæгтæ æмæ ныр адæймаджы хъæлæс куы фехъуыста, уæд зæрдиагæй тел агурыныл схæцыд. — Ставдгонд у, фæлæ йæ дæ астæуыл истыгъуызы æр- батух. Æххæссы, æви ма йæм исты афтауæн кæнон? -Æххæсгæ бæргæ ’ркодта, фæлæ уазалы мæ къухтæ бан- дæвтой, мæ хæссинæгтæ уал де ’вджид. Сæ рарвитæджы фæйнæ мад æмæ фыдæн... Схæц! Хызын уал фæуæлбыл. Дзоццæ сæ æрысгæрста, мæргъты мæрдтæ разындысты. Æвæццæгæн, ын хаугæ-хауын, кæнæ та уазалы ныммардысты. — Дæхи дзæбæх æрбабæтт, — тел уадзгæйæ та йæм ныдз- дзырдта Дзоццæ. Иу дæс минуты фæстæ йæм бынæй схъæрчындæуыд. Сæнцай!, зæгъгæ. Дзоццæйæн цы йæ бон уыд, уымæй телыл сæнцадис. — Дæ къух æрис, æфсымæр, — æмæ уæрмæй цы сау æн- дæрг сбырæгау кодта, уымæ бавнæлдта, лыстæгдæр æм ныккаст... сæрыхъуынтæ хъен слæууыдысты, туг уæнгты асæлæгау кодта. Тел феуæгьд кодта, йæ кæрон хызыныл фæхæцыд æмæ та уæрмы ныммидæг сты. Цавæрдæр «мехъ» ма фехъуыста Дзоццæ æмæ лидзынмæ фæцис. — Тел сæтгæ акодта, æнæбары ма хæрдмæ суынæргъæгау кодта Гизан æмæ сæрдиаг кодта. - Мæхи мæхæдæг фесæф- тон! Куыд нæ афæдзæхстон мæ ирвæзынгæнæджы, цæмæй ма фæтæрса, уый тыххæй. Иу-дыууæ хъæры ма скодта, стæй йæхи хъысмæты бар бакодта. Гизан йæхи амондджы- ныл нымадта, хъуыддаг афтæ дæр кæй рауад, уый тыххæй, ома мæм бонæй уæддæр зындзæн мæ ирвæзынгæнæг, йæ цымыдис æй, зæгъгæ, уæддæр æрбатæрдзæн райсом рад- жы уæлмæрдмæ бæрæг базоныны тыххæй. Æрмæст хъæуы бафæразын ацы уазалы, æрбайста шампайнаг авджы, ба- кодта йæ, зæгъгæ, кæд иучысыл ахъарм уаин... * * * Дзоццæ иу сæдæ метры бæрц куы алыгъд уыцы æлгъыст бынатæй, уæд иучысыл йе ’муд æрцыд. Буар йæ ризынæй фæлæууыд. Йæ зæрдæ дæр фæфидар æмæ хъуызæгау бы- рын райдыдта уæрмы былмæ, фæстæмæ.
— Цы уыдаид, цымæ? Цæй, цы уа, уый уæд. Иухатт ма йæм ныдздзурон. Цæмæй/тæрсын? Æхсæнгарз мæм куы ис. Адæймаджы хъæлæсæй мæм куы сдзырдта. Кæд уыдис æмæ фыдбылыз зæххон лæгæй æххуыс куры? — ахæм ныф- сы хъуыдытимæ йæ сæр байвазæгау кодта уæрмырдæм, ны- дздзурыны охыл йæ дзых куыд схæлиу кодта, афтæ цæстытæ атарытæ сты. Ныхыл сæмбæлд хъæбæр цыдæр. Уæрмæй сыхъуыст цыдæр шыф-шыф, йæ уæлвæд та цавæрдæр мехъхъытæ. Æмæ Дзоццæ къуыпп-дзыхъхъ нал æвзар- гæйæ, йæхи аппæрста размæ, пистолетæй гæрæхтæгæнгæ Дымгæджыны хъæумæ. Ницы базыдта ацы хъуыддагæн Гизан. Бæргæ куы зыдтаид йæ Уастырджыйы хай та йæм æххуыс кæнынмæ æрбаздæхт, уæд шампайнаг сæны авгмæ æвналгæ нæ, фæлæ улæфгæ дæр нал скодтаид. Дзоццæйы ныхыл сæмбæлд шампайнаг сæны къæрмæг. Раст гъеуæд Гизанимæ уæрмы «ахæсты» цы сæгъ уыдис, уый дæр за- йын æрымысыд æмæ айхъуыстысты йæ зæрдæхалæн мехъ- хъытæ... * * * Сабыр дуг ма уыд. Кусæг лæг ма йæ мыздæй цæрын фæрæзта. Хæццæ, æмтъеры рæстæджытæн сæ дымгæ дæр никуыцæй зынд. Ахæм сабыр дуджы, иу сæрдыгон бон нæ археологтæ Дымгæджыны хъæуы уæлмæрды кæрон къа- хын райдыдтой иу фыдæлтыккон зæппадз. Ссардæуыд дзы уæлион дунейыл уæйгуытæконд, бæрзонд, фæтæнуæхск чи уыдаид, ахæм нæлгоймаджы стæгдар. Иæ хæстон фæлыст — цирхъæй, уартæй, арцæй — йæ фарсмæ æвæрд. Сыгъзæрин æмæ æлыгæй конд мигæнæнтæ. Уыдис ма дзы цавæрдæр æнахуыр дуры мыггагæй мыхуыртæ дæр. Стæгдары фарсмæ разынд бæхы стæгдар дæр, йæ фæлыстимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы скъахæггæгтыл азтæ сæ фæд ныууагътой. Чи дзы згæхæрд уыд, чи æрдæгæмбыд. Ахуыргæндтæ сбæрæг кодтой, зæгъгæ, ацы зæппадзы æнустæм улæфыд ирон адæмы фыдæл — алайнаг æфсадхон. Къахты бынат æлыг- бын кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ фæрстæ лæбыргæ не ’ркод-
^^чх^^д^^к^-ч, / 0стъаты Ал"" той, æмæ афтæ арфæй баззад. Уалдзæджы райдианæй-иу суанг æрæгвæззæгмæ донæй æмбисмæ ’ввахсæй лæууыд. Уæлмæрдмæ дон хæстæг никуы уыд æмæ-иу исчи йæ мардæн æмбонд куы кодта, уæд-иу бетонон куыстытæн дон ардыгæй иста. Гизан дæр Гуыдды хъæуæй йæ амондмæ тындзгæйæ, ацы уæрмы ныммидæг. Кæд афтæ тыхджын хъæбæрмæ йæхи не ’рхаста, уæддæр фæсурау. Иæхимæ куы ’рцыд, уæд Дзоццæйæ къаддæр нæ фæтарст, сæгъ æм куы бауасыд, уæд. Нырæй тынгдæр никуы ’рфæсмон кодта, тамакодымæг кæй нæ уыд, уый тыххæй, спичкæ, уæддæр фæцадаид мæ дзыппы, зæгъгæ. Бирæ фæцархайдта уæрмæй сирвæзыныл, фæлæ дзæгъæлы. Æмæ сæгъы фарсмæ уазалы гæв-гæв- гæнгæйæ æнхъæлмæ каст йæ Уастырджыйы хаймæ. Куы- иу хъæр ныккодта, куы — заргæ, куы та-иу сырдау нын- ниудта. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу ахъаззæгтæ ныссидтис Гуыдды хъæуы цæрджытæ æмæ хистæр фосы дохтыры ныййарджытæн дæр... * * * Цы зонын ма йæ хъæуы, Стыр бынатыхсæвы Дымгæджы- ны хъæуы Дзоццæ кæй базмæлын кодта, мидхъуыддæгты хайады дæр ма бамидæг. Дзырд дардыл у, фæлæ сæгъ та разынд Пусинейы «хæдзардарæг». Ацы хъæуы фос кæд уæлмæрдмæ афтæ хæстæг нæ фæхизынц, уæддæр мадæл за- инаг сæгъ адзæгъæл æмæ ацы зæппадзуаты ныххауд, сæгъы амондæн та дзы Гизан ныммидæг... Бирæ фæхудтысты ацы цаутыл хъæубæстæ. Стæй алчи йæ кувинæгтæм йæ фæрнæйдзаг бынаты бынмæ атагьд кодта. — Адæмы æвастæй аразæн ницы хъуыддагæн ис, мæ зы- наргъ, сусæгæй бацæринаг уыдыстæм æмæ нæ æмбисæхсæв æнæхъæн хъæу базыдтой, — егъау тасы мидæг, тæвд доны мадард бæгънæгæй бадгæйæ, Дусамæ дзырдта Гизан.
ÆНÆФÆКÆУГÆ, ÆНÆФÆХУДГÆ... Горæты кæрон цард Реуаз. Цæргæ дзы бæргæ кодта, фæлæ адæймаг йæ хæдзармæ боныгон æдæрсгæ цæуын, кæнæ йæ хæдзарæй рахизын куынæ уæнда, рудзынг бакæн æмæ зæрдæйы фæндиаг рог уæлдæф сулæфыны фадат дын куынæ уа, уæд уый цæй цард у? Ахæм уавæры канд Реуаз нæ уыд, ахæм мæгуыры бонтæ æрвыстой горæты цæрджытæ се ’ппæт дæр. Иры дзыхъхъы туг лæсæнтæ кодта уыцы азты, æмæ... ... Æмхуызон уавæры уыдысты, горæты ма чи баззад, уыцы адæм, уæлдайдæр, куыйдзыхтæ кæм æрбынæттæ код- той, уырдæм худæвæрдау цы хисæрмагонд æмæ бирæуæла- дзыгон цæрæн хæдзæрттæ зынд, уыдоны цæрджытæ. Изæрыгон сын рухс ссудзæн бынтон нæ уыд, æниу цæй рухс уыд, ахицæн æй кодтой, сæхи чырыстон, Хуыцау- ыл æууæндаг чи хуыдта, аргъуаны сæ иу къухы цырагъ чи дардта, иннæ къухы та марæн кард, уыцы «цивилизаци- гонд» адæм. Гæнæн уæвгæйæ, уæлдæфы дæр ’рыхгæдтаиккой, фæлæ, æвæццæгæн, ирон адæмы сомбоны уавæр зонгæйæ, Дунесфæлдисæг алцæмæ сау, мæнгард лæджы къух æххæссын нæ бауагъта... Цæй рухс уыд горæты, фæлæ-иу искæцы хæдза- ры рудзынгæй фæтæгены лалшæйы æнæбары рухсы цъыртт куы ферттывта, уæд та-иу уыцы хæдзары рудзгуытыл æмæ къултыл нæмгуытæ ихуарæгау ныккалдтой... Нал цыд йæ хæдзармæ Реуаз дæр. Кусгæ хицауады цыдæр бæрнон бынаты кодта æмæ рæстæгмæ цард го- рæты ныгуылæн хайы йе ’мсиахсмæ. Æрвылхатт дæр-иу æнафонмæ баззад йæ куысты, фæлæ абон рагацау ацыд хæдзармæ. Абон фыццаг хатт зæрдæрухсæй ацыд йæ куыстæй. Мæскуыйæ хорз хабар æрцыд æмæ йын æхсызгон уыд. Ахæм хорз хабары тыххæй акувын дæр æвзæр нæ уаид, æниу кувгæ дæр куыд нæ акæндзысты йе ’мсиахс æмæ сæ сыхаг лæг Домеимæ... Кæд ныр чысыл сулæфиккой адæм. Кæд æнæвгъау нал
кæлид æнаххос ирон адæмы тут. Кæд ын йæхи хæдзармæ ацæуыны фадат дæр фæуаид, бæрæг дæр æй рагæй нал акодтой. Цыфæнды уавæры дæр хи къуым адджындæр у. Ахæм хъуыдытимæ Реуаз бахæццæ, йæ фысымтæ цы уын- джы цардысты, уый фæзилæнмæ. Хæдзармæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ йæ хъустыл ауад хъарæг: — Цыдæр сау хабар та ныл сæмбæлд, абон иу рæстæджы æгæр сæрра сты уыцы куыйтæ. Æвæццæгæн, Мæскуыйæ хабар æрыхъуыстой æмæ ма сæ пырх калынц. Адæм нæ, фæлæ хъæддаг сырдтæ! Чъребайы уынгты бындз ратæхгæ куы фенынц, уæддæр æй милмæ сисынц, ирон бындз, дам, у. —Мæ хæдзардарæг, мæ хæдзардарæг! Куыд ма цæрдзынæн дæ фæстæ. Хæдзарыдзаг бинонтæй не скаст дæумæ куы уыд æмæ нæ афтидæй куы ныууагътай! — хъуыст хъарæггæнæджы хъæлæс. — Доме, Доме цыдæр кодта, йе ’фсин Нартыхон хъарæг кæны. Æвæццæгæн, ыл дзæгъæл нæмыг сæмбæлд. Нырма цæй мæлыны лæг уыд. Гъех, Доме, æз та дæм цины хабар куы ’рхастон. — Мæ хæдзардарæг, мæ хæдзардарæг! Дæ фæстæ ма куыд цæрдзынæн. Мæ комдзæгтæ дын дæ дзыхы куы тъыстон, зылд, рæвдыдцух дæ куы никуы ньгууагътон. Æхсæв-иу дæ цалдæр хатты куы абæрæг кодтон, уæд мын цæмæн амардтæ, цæмæн! — хъарæг кодта Нартыхон. — Ехх, Доме, æвгъау уыдтæ мæлынæн, бæргæ. Æниу нæ мæлынмæ та чи ’нтыстис, фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн! Алчи дæр сæ æвгъау бæргæ уыд. Никозы ’рбахизæны-иу æхсæв посты куы лæууыдыстæм, Нартыхон-иу Домейы цалдæр хатты абæрæг кодта, йæ хъарæджы дæр æй дзуры, мæгуыр, фæлæ зылд, рæвдыдцух... сылгоймагта афтæ куыд хъуамæ бахъарæг кæна йæ лæджы мардыл. Алы сылгоймаг дæр хæсджын у, цæмæй йæ цардæмбалмæ кæса, зила йæм, рæвдаугæ дæр, фæлæ сæ нæмæнгæй хъуамæ дæ хъарæджы кæнай. — Нартыхоныл бахудт Реуазы зæрдæ. , — Куы-иу ныффæстиат дæ, æхсæв дæр-иу мын æддæ куы баззадтæ, мæ цæстыл-иу хуыссæг не ’рхæцыд, кæд æй, зæгъын, быдыргæс æрцахста! — æмæ та Нартыхоны гъе-гъе райхъуыст.
— Æвæццæгæн-иу, мæгуыр, Доме Тъбеты быдырмæ дыргътæ давынмæ арæх цыд, куыд хъарæг кæны, кæд, дам, дæ быдыргæс æрцахста. Æвæдза, æмбисæндтæ раст сты, адæймаг куы амæлы, уæд раргом вæййынц йæ хæрзтæ æмæ йæ хъæнтæ дæр, — ахъуыды кодта Реуаз æмæ та цалдæр къахдзæфы размæ акодта. — Бирæ хæттыты-иу демæ скъæты дæр куы баззадтæн, мæ сæр-иу дыл бакъул кодтон, æмæ... — Æй, ’нæрай макуы фæу, кæд цавæр дæ, гъеуæд, гъе. Науæд-иу уæ хæдзары чи хъыг дардта? Æй, кæд ды сылгой- маг нæ дæ, — зæххыл нытту кодта Реуаз. — Куы-иу дæ аныхтон, астæрдтай иу мæ, дæ къахыл-иу схæцыдтæ... — Пуй дæ цæсгом дыл æрлæбырæд, æуый дын гъе, кæд сылгоймаджы фарн дæ къæхты бынмæ цы æппарыс! — зæххыл та нытту кодта Реуаз æмæ йе ’мсиахсы хæдзармæ лидзæгау бакодта. Ие ’мсиахс Зарбег диваныл бадт æмæ цыдæр газет каст. Ныр Реуаз куы бахызт, уæд фестад: — Куыд тагъд æрцыдтæ абон? Куыд сты хъуыддæгтæ, цы дзуры Мæскуы? Бирæ ма ахæсдзæн ацы рæстæг? — куыд æрвылхатт, афтæ та ^гæ абон дæр фарстыты бын фæкодта. — Алцы дæр хорз уыдзæн, фæлæ мын Домейы хабар хъыг уыд. — Дзырдтон ын, ма ацу, бафæраз ма иу-дыууæ боны, нæ мæм байхъуыста æмæ федта... Цæй, сфæраздзысты йæ, бирæтæ фыддæртæ куы бавзæрстой. — Æмæ ам цы ми кæныс, уым цæуылнæ дæ? — Уым уыдыстæм не фсинимæ, фæлæ нæм Нартыхон кæм хъусы, йæхи мары æмæ æргæвды. Дзурæм ын, зæгъын, мæнæ рæстæг фæсабыр уыдзæн æмæ та дзы ссардзынæ, ноджы хуыздæр, æнæуый дæр ын æгæр зæронд уыд. — Зæрондæй дæр мæлынæн æвгъау уыд. Фæлæ ма дзы Нартыхон кæцæй ссардзæн? — цыдæр дисгъуызæй Реуаз бакаст йе ’мсиахсмæ. — Ссардзæн та дзы, Реуаз, Нартыхон ахæмтæм рæвдз у. Не фсин! Рахæсс-ма сæ, мæнæ Реуаз дæр æрцыд. Зарбеджы æмкъай рахаста уæливыхтæ, фынгыл сæ нæма æрæвæрдта, афтæмæй та уый дæр Реуазы фарстыты бын фæ-
кодта: — Цы хабæртгæ ис, Реуаз. Уырыс цы дзурынц, уырыс? — Алцыдæр дзæбæх уыдзæн, фæлæ уæ сыхæгтæ... — Иæ тæригъæд ын фæхæссæд йæ амарджытæ, Доме ма гъо, фæлæ Нартыхон йæхи бахордта, мæгуыр. Мæн дæр ма-иу куы арæвдыдта. Æгæр ахуыр ыл уыд... — Куы сæм бауаин æз дæр, худинаг сæ у... — Цæй, афтæ дæр æй ма ныддиссаг кæнут... — Уый та цы ныхæстæ кæныс, де знаг уыд? — загъта Реуаз æмæ йæ бынатæй сыстад. — Къæбæр уал куы ахордтаис, æнæуый дæр фылдæр æх- хормаг баззайыс, — бакатай кодта Реуазы бинойнаджы хо. — Ныртæккæ фездæхдзыстæм, ды уал нын исты ацæттæ кæн. Чизоны, Нартыхон Реуазæй уæддæр фефсæрмы кæ- на æмæ басабыр уа, кæннод йæ хъарæг Эргнетмæ, куый- ты штабмæ хъуысы æмæ та афонмæ цинæй мæлынц, сæ хуыздæртæй та, дам, сын иуы сфæлдæхтам, — æнæбары ба- кодта Зарбег æмæ дуармæ фæцæуæг. — Нырма мæлынмæ бæргæ не ’нтыст, — загъта Реуаз æмæ уый дæр рахызт. — Искæй та амардтой? - адзырдта ма йæм йæ усы хо, фæлæ йæ Реуаз нал фехъуыста. Реуаз Дометы нъæхахуырст æфсæн дуæртгæм кæсгæйæ хъуы- ды кодта: — Цы бон ныл æркодта, æвæдза, зианджын хæдзар-иу фæткмæ гæсгæ сæ дуæртгæ уæрæх байтыгътой, ныр та ацы хæсты йæ дуар базыхъхъыр кæнын дæр ничиуал уæнды. — Мæ хæдзардарæг, мæ хæдзардарæг, заинаг мын уæд- дæр куы нæ уыдаис æмæ мын афтæмæй куы амардаис, — хæдзарæй бахизгæйæ та йæ хъустæ ацахстой Нартыхоны хъарæг. Фæлæ суыдта Нартыхонæн йæхи дæр. Нартыхон бадтис ныллæг бандоныл, йæ разы хъугдуцæн бедра æмæ цыхтахсæн къус, афтæмæй хъарæгау кодта. Иннæрдæм акæсгæйæ Реуаз цы федта, уый та ноджы диссагдæр уыд. Доме сынтæгыл хуыссыд æмæ тамако дымдта, æмæ ныр Реуаз куы бахызт, уæд фестад æмæ Нартыхонмæ бадзыр- дта: — Мæнæ дæм хицауадæй дæр мæсæллæй кæнынмæ æр- цыдысты! ... Реуаз йæхимæ куы ’рцыд, уæд уæлгоммæ хуыссыд, До- ме тамако цы сынтæджы дымдта, уым. Остъаты Алан
— Бон сау изæрмæ йæ дзыхмæ къæбæр нæ сисы, цы уынгæджы бон дыл вæййы æмæ райсомæй изæрмæ дæхи æххормагæй марай! Æруай-иу æмæ-иу къæбæр ахæр, фы- рæххормагæй дæ сæр зилын райдыдта, — тардзæгъдæн код- та Реуазы усы хо, Зарбеджы æмкъай. Реуаз уатыл фæбадæг æмæ хъæрæй худьга райдыдта. Афтæ æнахуыр худтæй худтис, æмæ йæ фарсмæ лæуджытæ сды- гъуырццæг сты. Æрæджиау йæ усы хо фæцьæхахст кодта: — Сау бонтæ мыл! Нартыхон, рæвдздæр-ма тæвдбарæн раскъæф... Иуныхасæй, цæмæй радзырдкæсæг ма сфæлмæца, уый тыххæй хъуыддаг фæцыбыр кæндзынæн: Реуаз, йе ’мсиах- сы хæдзармæ цæугæйæ, Нартыхоны хъарæг куы фехъуы- ста «Мæ хæдзардарæг, мæ хæдзардарæг» — уæд афтæ фен- хъæлдта Доме цыдæр кодта. Ноджы сылгоймаг йæ хъарæджы ахæм цæйдæр кæйттæ кодта æмæ сæ уæдæ адæймаг æндæр куыд бамбæрстаид? Ноджы йе ’мсиахсы хæдзары хъуыддаг нæ рафæлгъуыдта æмæ... æмæ Дометæм мæрддзыгой бацæугæйæ, Домейы ахæм уавæры куы федта, уæд йæ зæрдæ бавзæр. Дометæн та амард сæ хъуг. Хызтой сæ Гудзабары сæрмæ бæлæсты аууæтты, фæлæ сæ гуырдзиæгтæ æхсын райдыд- той æмæ фæмард Дометы хъуг. Нартыхон йæ хъуджы ху- ыдта йæ хæдзардарæг. Доме-иу посты куы лæууыд, уæд-иу нæмгуыты къæр-къæр æмæ ракетæты гуыппытæм хъусгæйæ, Нартыхон скъæты йæ хъугыл йæ сæр бакъулкæнгæйæ, æрбабонмæ æнхъæлмæ каст. Сабыр хъуг сын уыд, куы-иу æй аныхта, уæд-иу хъуг йæ къахыл схæцыд. Зылд, рæвдыд цух æй нæ уагъта æмæ... Иæ хъарæджы ацы ныхæстæ Реу- аз Домемæ æмбæрста, гъе уый тыххæй-иу рамæсты Нар- тыхонмæ, зæгъгæ, уый цыхуызæн ныхæстæ кæны йæ хъа- рæджы. Ныр хабар куы раргом, Реуаз сын хъуыддаг куы бамбарын кодта, уæд се ’ппæт дæр бирæ фæхудтысты. — Уæдмæ мын йæ сæры хъæбæрæй хъæрзæд, цалынмæ Домейыл афтæ нæ хъарджытæ кæнон! — худтис Нартыхон, - заинаг мын уæддæр куы нæ уыдаид. Худтысты се ’ппæт дæр. Цыфæнды зын уавæры æнæ фæ- кæугæ куыд нæ вæййы, афтæ æнæфæхудгæ дæр нæ вæййы...
Уо^Ч»^^^^^^/ УАЦАУ Г*>^М&С&
ЦАРДИВÆН Уæ, Хуыцау! Цæмæннæ мыл æркæлыс?! Рæсутъд сом- бон цы чысыл къуымæн æнхъæл уыдтæн, уый мæ цæстыты раз мæнæ уæзæгуат куыд кæны! Цардивæны рæстæг! Æ, Дунескæнæг, рæстырдæм æй фæкæн! Нæ мæ хæссы мæ къах, нæ мæ тæры мæ зæрдæ... Цалдæр сахат, бæрцæй ма цалдæр сахат улæфыс Агуы- бе, чысылæй фæстæмæ рæуджытæн рог æмæ адджын цы уæлдæф ссис, уымæй. Нымадæй ма цалдæр сахаты бæрц дæ, ныййарæг мадау дын адджын цы уæзæг уыд, уым. Стæй бондзир-дзуртыл ацæудзынæ ды дæр цардагур. Тæр- гайгæнæджы лыгъд фæкæндзынæ дæ къонайæ. Тæхуды, чи амæлы... - æмбисæхсæв дыккаг уæладзыджы балкъонæй кæсæг, уæйгуытæконд лæджы зæрдæйы æхсыдта судзгæ мæт сау калмау... Уадултыл æрхъуызыд дыууæ ставд цæссыджы. Сæ иу урс кæттаг базы цъармæ æртагъд, иннæ та рихиты амбæхст. Гом рудзынгæй, хуысгæуатмæ æмбискарæй хызт халассæр лæгмæ, Къуыдары хохы сæрмæ арвы астæу цы цæлхыдзаг мæй æрцауындзæг, уый цыма йæ мидбылты фæхудт, афтæ фæкаст лæгмæ. Цыма йыл былысчъилæй æлгъгæнæджы худт бакодта, цыма йын афтæ зæгъынмæ хъавыд: - Уаих фæуай, лæг куы дæ, къуыдайраг лæппу, уæд цæуыл тъизыс? Мæймæ кæстæйæ фефсæрмы нæлгоймаг æмæ йæ дæрзæг уæзæгæвæрд армæй йæ цæстытæ асæрфта. Иæ акомкоммæ хъæдын нывæфтыд сынтæджы, йæ цонгыл йæ сæр æвæрдæй æнæсымæй фынæй кодта сылгоймаг. Ие ’взонджы бонты рæсугъд чи уыд, ахæм сылгоймаг, ууыл дзурæг уыдысты йæ цæсгомæвæрд æмæ йæ бæзджын дзыккутæ. Нæлгоймаг сылгоймагмæ æдзынæг кæсгæйæ, йæ мидбылты бахудт æмæ уæззау ныуулæфгæйæ, растад сынтæгæй. Фæкомкоммæ къулыл хуымæтæг фæлгæты нæлгоймаг æмæ сылгойма- джы нывмæ. Бæзæрхыг рихиджын нæлгоймаг бухар худы,
^^^^^.^^^^Ои*^^^^^^ > Остъаты Алан сылгоймаг кæрдæггъуыз кæлмæрзæны - уатæй растæгмæ цавæрдæр æнкъард, мæсты каст кодтой. Диссаг? Иннæ хæттыты-иу адæймагмæ цыдæр хъæлдзæггъуызæй кастысты. Ахъуыды кодта лæг. Сахаты фатæг амыдта æмбисæхсæв... * * * Хъæдынкъул хæдзарæй хъуыст сылгоймаджы кæуын- хъæлæс: — Мæхи дæр амардзынæн дæ разы, уæддæр дæ уыцы куыстмæ нæ ауадздзынæн. Нæ дæ ауадздзынæн зæххы сау хъæлæсмæ! Ныр ма мын цæй кусыны лæппу дæ? Уæдæ-ма дæ къах дæр авæр! Æфсадæй нырма иу мæйы размæ куы ’рцыдтæ, баулæф уал иучысыл. Ныййарæг мад дæн æмæ мæнæн дæр мæ хъæбулыл мæ бар цæуы! — Цы та кæныс, Хъæцмæзон? Дæ тардзæгъдæнмæ дын мыггаджы хистæртæ æрыхъуыстой æмæ худинаг у. — Арс! Арс! Ныййарæг фыд нæ, фæлæ. Æуыцы иунæг нын ис æмæ... дæ цæст та куыд уарзы, дæ зæрдæ дæ куыд тæры æмæ дæ иунæг шахты куса? — Æмæ шахтер фидиссаг у, не сфсин? Стæй ма цæй сывæллон у, - æмæ фыды уарзæгой, рæвдаугæ цæстæнгас æрхаста рудзынггæрон лæугæйæ, дыууæ хылгæнæгмæ мид- был худгæйæ, цы саджыфисынтыл амад лæппу каст, ууыл. — Æ, ме ’рхауæн бон басудза уæ мыггагмæ, ме ’рхауæн бон, маст сæм бынтон нæ хъары, зæрдæтæ сын æппындæр нæй. Æрмæст сæ бауадз зарынмæ, — йæ кæлмæрзæны къа- бузæй йæ цæстытæ сæрфта сылгоймаг. — О, уый нын фыдæлтæй баззад. Нæ фыдæл Хуыга дæр, дам, кафаг æмæ зараг лæг уыд, æмæ уый рæсугъд кæцæй уыдзæн æмæ йæ байзæддаг хъарджытæ кæной æмæ кафы- ны охыл сæ къах айсын ма зоной. Зарын хъæуы, зарып, не ’фсин! Нæ фырт ралæг. Райсом адæмы ’хсæнмæ хизы, царды гуылфæнмæ. Уый бæсты дæ цæстытæ асæрф æмæ исты ацæттæ кæн. Дæ фыды мардыл дæр уыййас нæ фæ- куыдтай. Æнæуый дæр афтæ рæсугъд нæ дæ, кæугæйæ та бынтон фыдуынд. Хъарæггæнджытæн, дам, мæзæрды Ны-
&к & гуылæн Гуырдзыстоны æхца фидынц, фæцу уырдæм æмæ иу-дыууæ къапеччы бакусай, махыл ма хъарæг кæн, нæ уæзæг кæуинаг нæма фæцис æмæ ныл ма тъиз... — Æ, уæ мыггагмæ ме ’рхауæн бон басудза, ме ’рхауæн бон, — бахъуыр-хъуыр ма кодта сылгоймаг æмæ уый дæр мидбылхудгæ лæппумæ бакаст. — Алыхатт, Хъæцмæзон, де ’рхауæн бон цы фелгъитыс, цыма дæ нæ фæндыд? — Мæ фыдæн æмæ мыггаджы хистæртæн цы зæгъон, уастæн. Уæларвмæ уын систой уæ мыггаджы. Хуыгатæй уæз- дандæр, дам, мыггаг нæй къуыдаргомы. Дæуæй хуыздæр та сæм лæппу нæ хуыдтой. Мæрдты рухс дзæнæты бадæт, рæстытæ дзырдтой. Мæн та мæ фыд æмæ мæ мыггаг маргæ кодтой, ацы бур хæй- рæджы, дам, кæм æрцахстай, нæ мыггаджы хуыз, дам, нын фыдуынд кæндзæн. — Бур хæйрæджы хуызæн кæд уыдтæн, уæд мæм дæл- фадихсыд нæ бауыдаис. Æрвылкъуыри уырдæм цыдтæ. — Цуанон лæппу уыдтæн æмæ-иу Хъеуселты ’рдæм азылдтæн, æмæ... —Æмæ, æвæццæгæн, мæ фыдÆфсати уыд æмæ-иу сырд- тæ нæ фæсхæдзар суадоны цур æмбисыхсæв ривæд кодтой? Дæндагæфтыд-иу дзы куы фæдæ, зæрдæмæдзæугæ сылгой- маг сæрыстырæй бакаст лæгмæ. — Уыргæфтыд дæр-иу дзы фæуыдаин, фæлæ-иу мæ де ’фсымæртæй бамбæхстай. Стæй-иу æз æмбисæхсæв уæ фæс- хæдзар уыдтæн, уый кæцæй зыдтай, кæд-иу мæ фарсмæ нæ лæууыдтæ, уæд. И, Хъæцмæзты рæсугъд? — Дæ цæсгом дыл æрлæбырæд, кæд сывæллоны цур цытæ дзурыс, уæд? - фефсæрмау сылгоймаг. — Кæсыс, мæ лæппу, дæ мады ’рвадæлтæ сæгътæ бирæ дардтой æмæ-иу сын дзы сыкъатæ кæуыл нæ зад, уымæ дзы- гыты цæстæй кастысты. Дæ мадæн дæр нырма сывæллон дæ. Хъæцмæзон, дæ дзыгыйыл æртæ æмæ ссæдз азы кæй цæуы, уый зоныс? Стæй сывæллон кæй хоныс, уый цыма Теблойты хъæуы ’рдæм арæх фæкæсы. Цыма изæрыгæтты цуаны дæр азилы уыцырдæм, æз-иу Хъеуселты ’рдæм куыд ацуан кодтон, афтæ.
^^>ос1Ьс<^ - ’ ты Фыды ацы ныхæстæм лæппу фæсырх æмæ феддæдуар. Фыд дæр мидбылхудгæ акаст йæ фæстæ. — Æ, йæ ныбонд фæуон, йæ нывонд, мæ хъæбулæн. Афон дæр ын у, афон. Слæг ис, слæг, мæ иунæг. — Чысыл раздæр ма дын сывæллон куы уыд. Æви кусы- нæн сывæллон у æмæ ус курынæн та — лæг? — Нывонд ын фест. Кæуылты мын алæг. Уæдæ Теблой- ты хъæуы ’рдæм фæкæсы, и? Æз дæр æй рахатыдтон, нæ лæг. Фарстон-иу æй, зæгъын, уыцырдæм афтæ арæх цæмæн фæкæсыс хъæбул, æмæ, дам, æрдзы рæсугъддзинадмæ. Æмæ, зæгъын, æмбисонды рæсугъд æрдз дæлæ Мыртгæджыны куы ис, уæд, зæгъын, уыцырдæм цæмæннæ кæсыс? Къулбадæг, къулбадæг. Теблойты хъæуы ’рдыгæй, дам, рæсугъддæр у. Мæнæн та, зæгъын, хъæбул, уæлæ нæ сæрмæ, Къуыдары хох цыдис мæ зæрдæмæ. Афтæ, дам, вæййы, гыцци, чи, дам, чердыгæй уарзы, уыцырдæм, дам, фæкæсы. Къулбадæг, мæ сæр æй куы никуы ’рцахста. Чи у, чи, нæ лæг, кæй чызг у? — Цыдæр ныфсхаст чызг. Дæхуызæн æфсинимæ цæрын- мæ йæ ныфс чи хæссы, уый хуымæтæджы чызг нæ уыдзæн. — Нывонд сын фест. Æмæ мæ хуызæн æфсин кæмæн уыдзæн къуыдаргомы? Мад æмæ чызджы цардæй цæр- дзыстæм. Чи у, чи, кæй чызг у Теблойтæй? — Дзæгъæлдзых сылгоймаг дæ æмæ йæ кæмдæр хорз чызг хонынц, искæй цур æй срæдидзынæ нæ лæппуимæ æмдзырд сты, уый æмæ йæ исчи аскъæфдзæн. Ма мæм хат, нæ дын æй зæгъдзынæн. — Мæ мард фен, нæ лæг, ды мын æй куынæ зæгъай, ды мын æй куы басусæг кæнай, — йæхи лæджырдæм лæгъстæ- гъуызæй бакъултæ кодта сылгоймаг. — Де ’вæрд арахъхъæй сдав, арынджы уæлхъус балæуу æмæ дын æй сусæгæй зæгъдзынæн. Уайтагъд къæсхуыртæ сылгоймаг лæджы уæлхъус æрба- лæууыд, йæ къухы фæтæнхъуыр гуыбынджын дурын, йæ дæларм та тæбæгъы, куыройы фыдæй чысыл къаннæгдæр ногахст цыхт. Къуымгæрон сæ чысыл стьолыл авæрдта æмæ та лæджы цурмæ йæхи байста. — Чи у, чи, нæ лæг? Лæг каст рудзынгæй, сылгоймагмæ мидбылхудгæ разылд.
1^. ^^ЧУо^^с^"4^ — Чи у, чи, æмæ дæлæ нæхи Кужи куыстмæ фæцæуы. — Дæ мард дын фенæд Кужи нæ, фæлæ Хуыгаты лæгтæ се ’ппæт дæр. Кæд дæ Кужийæ нæ фæрсын, уæд. Чи у нæ чындзаг? — Никæмæн æй зæгъдзынæ? — Мæ мард фен, дуры хуылфмæ дæр æй нæ баулæф- дзынæн. — Теблойты... — сылгоймаджы цæстытæ ауæрæх сты, — Теблойты... — сылгоймаг хъустæ фестад, — Теблойты... — Кæуынмæ дæм фæцæуæд дæ уды мæрдæй Теблойтæ! Кæй чызг сæ у?! — Теблойты Пæсæйы чызг. — Мæнæ нæхи Сæлимæт?! - фырцинæй сылгоймаджы цæстытæ цæхæртæ скалдтой. — Цыма нæ къæсæрæй æрбахызт, уый загъд æй нæ код- тай, мæнæ нæхи Сæлимæт! Дæ чындз уал бауа, дæ къуымты уал разила æмæ йæ уæд рахон дæхи. — Омæ уыцы чызджы алчидæр бирæ уарзы æмæ йæ уый тыххæй рахуыдтон нæхи. Уый хуызæн чызг къуыдаргомы йæхицæй мачи раппæлæд! Æрæджы ахуыргæнæгæй рай- дыдта кусын, йæ нывонд фæуон, йæ нывонд. — Омæ дын дæ фыртæн йæ цæстмæ бадардта, æфса- дæй, дам, æрцыдтæ æмæ, дам, дæ бур мад Хъæцмæзоны раздарæны бын кæдмæ баддзынæ. Лæппуты фарсмæ, дам, дыстæсчъилæй æрбалæуу. — Тынг раст ын загъта. Зонды къуыбар у, зонды къуы- бар, йæ нывонд фæуон. Фæлæ мæ уæддæр бур нæ рахуыд- таид, уый дæхи æрбаймысгæ у. — Бур дæ нæ рахуыдта, фæлæ дзы раздарæны кой цыма уыд, афтæ руад мæ хъустыл. — Дис кæнын, куы мыл амбæлы, уæд мæм ахæм æф- сæрмыгæнгæ цæмæн фæкæсы? - бæрæг уыд, сылгоймаджы зæрдæйы равг цæхгæр кæй фæивта. — Кæд дæм, мыййаг, тарстгъуызæй фæкæсы, — хъазыд лæг. — Удхæссæг дæ фæхæссæд, кæд, æцæгæйдæр, афтæ фыд- уынд нæ дæн, уæд. — Афтæ фыдуынд дæр нæ дæ, æндæра мæ хуызæн лæппу
^О^ЬС<^> ОстьатыАлш Хъеуселтмæ нæ, фæлæ Начърепайæ мидæглæр нæ бакаста- ид. О, фæлæ, дам, цыма Теблойты нæ фæндыгонд. — Æмæ нæ хæдзарвæндаг цæмæй фауинаг у? Мæ лæппу искæмæй æгуыдзæгдæр у? Уæдæ кафынмæ, уæдæ зарынмæ, уæдæ... — Хæдзарвæндаджы нæ фауынц, лæппу дæр, дам, зæр- дæмæдзæугæ у. О, фæлæ, дам, сæм иу хъæбæрсæрст сылгой- маг ис æмæ уымæй сæ ныфс нæ хæссынц. — Хъуыддаг мæн тыххæй нæ бакъуылымпы уыдзæн, æдыхст у. Æз сæм бауайон, истæмæ мæм фæкæса. — Сылгой- маг феддæдуар. — Кæдæм сæм цæуыс, дæ зонд фæцыд? — лæг сылгойма- джы фæстæ тагъд-тагъд рауад. — Ды мæ, æцæгæйдæр, æрра ’нхъæл куы дæ. Сæрра дæ кæнæд абоны бардуаг, кæд Теблойты Пæсæтæм нæ уайын, уæд. Мæнæ нæхиуæттæм бауайон, Зассион мæм истæмæ фæкæса. Суг асæттут... * * * Фæрсæй-фæрстæм цардысты Къуыдары хохы бынмæ Цалхы доны тæккæ цур Часавалы хъæуы дыууæ æфсымæры Хуыгаты Дзебо æмæ Хыдыр. Адджын уыдысты сæ бинонтæ — файнустытæ Зассион æмæ Хъæцмæзон дæр. Сæ иутæм-иу исты куы уыд, уæд-иу дзы иннæтæм тæвдæй фæцæйскъæфта. Хорздзинад æмæ фæлмæн ныхасæй дарддæр кæрæдзийæ ницы æвзæр зыдтой. Æфсымæртæй-иу исчи йе ’мкъаймæ тызмæг ныхас куы скодта, æмæ-иу ахæм цау та стæм хатт уыд, уæд-иу æй иннæ уайдзæфты бын фæкодта, зæгъгæ, нæ фыд, нæ мадыл хъæр дæр никуы скодта æмæ ды цы сæрра дæ? Файнустытæй-иу искæцы йæ лæгмæ куы сдзырдта, ацы хъуыддаг та арæхдæр уыд, уæд-иу иннæ æргом йæ ныхмæ рацыд, уыцы лæджы бахордтай, зæгъгæ. Ацы хъуыддаджы тыххæй кæрæдзийыл ноджы æнувыд- дæр уыдысты. Æмæ ныр, иу сæрдыгон райсом, Дзебойы хъæдынкъул хæдзарæй хъæлæба ныхас æмæ Хъæцмæзоны кæуынхъæлæс куы райхъуыст, уæд Хыдыр æмæ Зассион
сæхи баввахс кодтой, зæгъгæ, цы хабар у? Æрбадтысты æмбонды æддейæ, фæсхæдзар уæрдоны рæтæнагъдыл æмæ сæ хъус дардтой хæдзарырдæм. Æмæ ныр, Хъæцмæзон уыдонырдæм куы фæцæйуад, уæд æм Зассион ахъæр код- та, мæнæ стæм, мæнæ, зæгъгæ. ’ — О, æгайтма ам стут, æз та ма сымахмæ фæцæйцыдтæн. Дæлæмæ рахизут, уым цы бадут. Хорз у æмæ мæ цæуын нал бахъуыд, — бангæстæ Хъæцмæзон. — Афтæ дард куынæ цæрæм, чындз, уæд цавæр зивæг бакодтай? - уæрдоны рæтæнагъдæй растгæйæ, радзырдта Хыдыр. — Ныхæстыл та фæуыдаин, æндæр та цæй зивæг бакод- тон. Бынтондæр мæ не ’вдæлы. Лæппу райсом куыстмæ хизы æмæ йын акувын хъæуы. Стæй йын чындзæхсæв дæр кæндзыстæм, йæ нывонд фæуон мæ иунæгæн. Кæд æй Хуы- цау нæ хай бакæна, уæд махæй амондджындæр зæххыл нæ уыдзæн, зæххыл. Хорз чызг у, хорз чызг, — йæ цæстытæ фырцинæй æрттывтой, афтæмæй дзырдта Хъæцмæзон. — Комы аргъ чызг, комы. Уæртæ Теб... — ам Хъæцмæзон ферхæцыд, фæсæццæ. Æцæгæйдæр, фæтарст, куы айхъ- уыса, сæ фырт Сæлимæтыл дзуры, уæд æй уæдта исчи аскъæфта. Мæгуыры дур хæрдмæ суры. Хыдыр æмæ Зас- сион сæхиуæттæ сты, никæмæн ницы зæгъдзысты, фæлæ уæддæр... дæ къухтæ арты ма тьысс æмæ дын ма басудзой. — Цыдæр зæгъынмæ хъавыдтæ, мæ файнуст, æмæ йæ кæронмæ нал загътай, — уарзæгой цæстæй йæм бакаст Зас- сион. — О, о, зæгъын мæм тебæ авæрай, æмæ мæм истæмæ фæкæс. — Тебæ дæр дæм авæрдзынæн æмæ дæм кæсгæ дæр фæ- кæндзынæн, уæдмæ Теблойты рæсугъды куы ’рчындз кæ- нæм, уæд нæ дыууæтæн дæр фенцондæр уыдзæн, — æмæ Зассион æрбахъæбысау кодта Хъæцмæзоны. Хъæцмæзон Зассионмæ хæлиудзыхæй кæсгæйæ баззад, стæй йæ æрæджиау афарста. — Кæцæй йæ рыхъуыстай, мæ судзгæ мæрдтыстæн? — Рыхъуыстон æй, — цæмæй зыдта Хъæцмæзон æмæ хъуыддаг цырынгæнæг йæ файнуст кæй уыд. — Æз дын тебæ рахæссон. *5
— Цæй тебæ мæ хъæуы, дæ нывонд, мæхимæ цыппар тебæйы куы ис. Фæлæ йæ макæмæн уал зæгъ, уæдта йæ исчи аскъæфта. Царды цы нæ вæййы? * * * Дзаджджын фынджы уæлхъус бадтысты Часавалы хъæуккæгтæ, Дзебойы дыккагхæдзæрттæ Хуыгаты Шакро, Миха æмæ Разден, Шеубаны хъæуы цæрæг Хуыгаты Беть- ро, Æхсæрджынаг Хуыгаты Тебæ, Мыртгæджынаг Хуыгаты Илар, фысымтæ Дзебо æмæ Хыдыр. Дзаджджын фынгæн кувæг, æгъдаудæттæг уыд дзырддзæугæ лæг Шакро... Ныффæдзæхстой мыггаджы куырыхонтæ сæ кæстæры хохы зæдтыл, тæхгæ-нæргæ Уастырджыйыл æмæ Дзебойы иунæг бындары афæндараст кодтой царды гуылфæнмæ... Фæстæдæр чындзæхсæв... æртæ фырты... Цардивæн... * * * Райгуырæн уæзæгимæ зæрдæйы тæгтæй баст чи у, уы- мæн адджын вæййынц йæ раттæг къуымы алы дур æмæ бæлас дæр. Чысылæй фæстæмæ гом зæвæттæй адæймаг цы зæххыл ауайы, уыцы зæхх ын ныййарæг мады хъарм хъæбысау адджын свæййы. Зын вæййы ахæм адæймагæн фыдыуæзæгыл къух сисын, хæдзарыл гуыдыр сæвæрын æмæ искуыдæм цардагур фæцæуын. Зын вæййы. Уæлдайдæр кардзыд адæймагæн. Къæсæр хох у, фæзæгъынц. Зын уыд Агуыбейæн дæр, уæлдайдæр ын йæ фырттæ, Къуыдары Рагъыдзуары бон куы ’ркой кодтой, зæгъгæ, уæ цуры нæ ничи ис æмæ махæн дæр зын у ацы фыдвæндæгтыл уæ бæрæггæнæг дыууæрдæм рацу-бацу кæнын. Теблуенимæ фыццаг хатт, йæ царды æцæг хыл гъеуæд фæцис, ды сæ сардыдтай, зæгъгæ. — Омæ цы саразон, Гуыбе? (афтæ йæ хуыдта). Мад А^и^ ныййарæг мад æмæ ныййарæгæн та йæ хъæбултæ йæ цуры куынæ уой, сæ алы къахдзæф сын куынæ уына, уæд ын зын вæййы, тынг зын. Бамбар мæ. Мæн дæр нæ фæнды, нæ мæ
хæссы мæ къах, фæлæ цы саразон? Бæргæ куы ма уаид Къу- айса — раздæры Къуайса, фæлæ дæхæдæг алцы дæр уыныс... Лидзынц адæм, Гуыбе... Бæргæ мæ хъæбултæ мæ фарсмæ куы уаиккой, уæд ацæуыны кой никуы скодтаин... Фæлæ цы араздзысты уыдон дæр ам? Мæнæ ма дзы фæсивæдæй чи баззад, уыдон дæр æгуыстæй бон-сауизæрмæ уынгты сæхи дыууæрдæм куы раппар-баппар кæнынц. Мæ зæрдæйы тугтæ куы ныттæдзы сæ уындæй. Уæлдайдæр сæ нозтджынæй куы фенын, уæд. Ноджы сæ иуæй-иутæ а-фæстаг рæстæджы цавæрдæр фыдбылызы хосыл бафтыдысты, æмæ... Зын мын у, мæ раздæры ахуыргæнинæгты ахæм уавæры уынын, фæлæ цы саразон? Нал ис Къуайса, Гуыбе, банымæг, раууатмæ æрцыд, — скуыдта сылгоймаг. Ницыуал сдзырдта Агуыбе. Æнæсымæй азылд æмæ рудзынгæй кæсæг йæхи скодта. Фыццаг йæ цæст скъуырд- та: кæддæры улæфæн парчы зæхх фæйлыдтой кæйдæр хуытæ. Чысыл дæлдæр, Джоджорайы цæугæдоны былыл, тъæпæн дойнаг дуртыл бадтысты фæсивæдæй чидæртæ æмæ хъазыдысты къамтæй, бæрæг уыд, абон дæр та нозтæй сæхимæ дзæбæх кæй фæкастысты. Хидыхъусæй æрбазынд сæ сыхаг идæдз сылгоймаг Тута. Уæззау къахдзæфтæй, йæ хызынтимæ цыд хæдзарырдæм. Æртæ бон цæуы Тута Чъребамæ. Ничи та йæ аласта абон дæр. Ницы машинæ та ацыд Къуайсайæ абон дæр горæтмæ. Фæстæмæ та æрбахæссы йæ цыхты муртæ идæдз сылгой- маг. Иæ иу хъугæй сæ бамбырд кæны, уæдæ цæмæй цæра? Иæ лæг шахты фæмард, шахттæ йыл æркалдысты. Хуыцауы цæст та сын зæнæг нæ бауарзта. Цардæн амæлттæ хъæуы, цы гæнæн ис! Æмæ амæлттæ кæны Тута дæр. Бæргæ кусы скъолайы мæрзæгæй, фæлæ ма фæстаг хатт мызд кæцы мæйæн райста, уый дæр дзы байрох, нал лæууы йæ зæрдыл. Æниу цас мызд у — къапеччытæ... Ис ма Къуайсайы Тутайы хуызæн иунæг, æвæгæсæг адæймæгтæ. Ис. Къуыри иу хатт автобус уæддæр куы цæуид горæтмæ. Бæргæ. Адæмæн бирæ фенцондæр уаид. Цы хи- сæрмагонд машинæтæ дзы фæцæуы, уыдон дæр туджы аргъ исынц. Цы бакæной уыдон дæр? Цардæн амæлттæ хъæуы. Ныртæккæ тонайы рæстæг у. Дугивæн. Цардивæн. Æмæ
ахæм рæстæджы иу иннæйы мæт нал кæны. Ахæм рæстæг та чердæм раивдзæн, уымæн Дунескæнæг йæ зонæг... Дæлæ уæззау къахдзæфтæй фæцæуы Танделаты Уарден. Иунæг лæг. Иунæг бæргæ нæ уыд. Уыдис ын бинонтæ — æмкъай, чызг æмæ лæппу. Чызг смой кодта, цæры Цæгат Иры — Æрыдоны. Лæппу та... лæппу та фæмард гуырдзыйы хæсты фондз æмæ ссæдз аздзыдæй. Ныййарæг мады зæрдæ не сфæрæзта йæ иунæджы фæхъуыд æмæ йæм атагъд кодта сау мæрмæ... Баззад иунæгæй Уарден... Кæны йæ йæ чызг. Рагæй йыл архайы, фæлæ нæ разы кодта: - Хорз адæмы фæрцы цæрдзынæн-иу загъта. Ныр æвæццæгæн ацæудзæн ис. Ацæудзæн ис зæр дæрисгæйæ, æвæндонæй. Æндæр гæнæн нал ис. Фæстаг рæстæджы цард нал æрхæцыд Уарденыл. Размæ ницæмæй уал рацыд къуыдайраг фæллойгæнæг. Иу æхсæв ын йæ кæртæй адавтой йæ галы. Бахаста милицимæ хъаст, — агурæм къæрныхы йын, загътой. Æмæ та къуырийы фæстæ æрбайсæфтис йæ уæныг. Нал ын æрцыд сæрвæтæй... æмæ цал стуры фесæфт Къуайсайы?.. Бирæ! Иунæг, идæдз лæг Багаты Зауырæн дæр йæ галы скъæтæй адавдæуыд. Нал дзы ис фæцæрæн, — загъта сæриттатаг лæппу æмæ афардæг Цæгат Ирмæ Зауыр дæр. Ацæудзæн ис Уарден дæр. Сиахсимæ цæрын зын у, фæлæ цы сараза? Ие онг амард, асастис йæ ныфс æмæ ар- выста йæ чызгмæ: — Æрцу æмæ мæ акæн... Фæцæуы уæззау къахдзæфтæй Уарден, уæлмæрдмæ фæцæуы. Ие мкъай æмæ йæ хъæбулы риумæ фæцæуы. Зæгъа сын хæрзбон æмæ... Райсом та Къуайса иу хæдзар фæкъахыр уыдзæн... ... Чи зоны йæ мард дæр йæ уæзæгыл мауал сæмбæла Уарденæн. Æнæмгъуыд мæлæт нæй. Уæд та зымæджы фæзиан, уæд нæм сæрдыгон ацы æххæл-мæххæл фæндæгтыл машинæ рæстмæ куы нæ тулы, уæд зымæджы... Æмæ уæдта мæхæдæг... Æнæзонгæ мæрдтимæ... Æцæгæлон сыджыт... - барызт къæдзæхыйас лæг Хуыгаты Агуыбе æмæ фæлурсæй, уазал, мæцъæл хъæлæсæй йе ’фсинмæ бадзырдта: 1 — Теблуен, уæдта ма æвзæрстытæм фæлæууиккам, бан- хъæлмæ ма кæсиккам? — Цæмæ ма æнхъæлмæ кæсыс, Гуыбе, цы дзы фæивдзæн?
Цы нын æрхæсдзысты хорзæй. Куыд уыд, афтæ та уыдзæн. Ноджы, чизоны, æмæ фыддæр фæуа. — Не ’фсин, чизоны дзы иу лæгау-лæджы хуызæн разы- на. Уæдæ арвы дуар гомæй мах федтам? — Лæгау-лæджы, Гуыбе, уырдæм нæ бауадздзысты. Сæхи та куыд бафæнда, афтæ та сараздзысты æвзæрстыты фæс- тиуджыты. Стæй бирæгътæ иууылдæр къуыбырхъустæ. Фелгъæд сты адæм ныфсытæй. Дæу куы сæвзарой, Гу- ыбе, Президентæй, уæддæр дыл нал баууæнддзынæн. — Дæлæ нæм Хицауад куы ’рбацæуы, уæддæр се ’мбырдтæм æмæ сæ фембæлдтытæм адæймаг йæ зæрдæйы риссаг æмæ дудаг зæгъинæгтæ скалыны тыххæй бацæуы, æндæр дзы цæмæн фæхауæм, куы йæ фæзонæм, былдауæн ныхæс- тæй дарддæр дзы кæй ницы вæййы, уый. Æххормаг лæ- гæн, кæрдзын-кæрдзын куы кæнай, уæд дзы куыд нæ баф- сæддзæн, афтæ махæн дæр уыдзæн-уыдзæн фæкæнынц, фæлæ нын дзы цы вæййы? Ницы! Адæмы ма æмбырд та цæмæн æркæнынц, роды фыд хæрынмæ æрбацæуынц æмæ ма адæмы нуæрттыл цы фæхъазынц? Бахæрæд, баназæд æмæ-иу аздæхæт. Фæрнæй иу фæминас кæнæд, сæ рæстæг у æмæ сæ куыд фæнды афтæ йæ æрвитæд, æрмæст мæгуыр адæмы сывæллонау ма сайæд! Адæм хом дæр зонынц æмæ фых дæр. Сау дæр æвзарынц æмæ урс дæр. Науæд-иу сын æуыцы род æмæ нозт сæ хъузæттæ Чъребамæ фæхæццæ кæнæд. Цы ма фæфыдæбон кæнынц ацы фыдвæндæгтыл нæ хицæуттæ, афтæ нæ районы бодзтæ дæр. Æнæуый нæ дзы бæрæг куы ничи акæны, уæд ахæм рæстæджы кæрæдзи фæдыл хорз æрбалæууынц. Ацæуæм, Гуыбе, бæргæ зын у, фæлæ дзы хорзæй адæймаг ницы уыны. Цæст нæма хæцы Ирыстоны Сæуæхсидыл. Хорздзинад аразын мæгуыр лæджы бар нæу, кæй бар у, уыцы бынæтты кусджытæ та сæхи уды хæрзæбонæн архайынц, сæхи гуылы бын æндзарынц æмæ иумиаг гуыл та хомæй зайы. Нал ис Къуайса, Гуы- бе, йæ ном ма цы баззад, æндæр. Ацæуæм. Нал у мæ бон адæмы тæригъæдмæ кæсын... — Куыд æнцон зæгъæн у — ацæуæм, куыд зын у æцæгæй та ацæуын. Æвæццæгæн, нæ хъысмæт афтæ у. Ацæуæм, не ’фсин, ацæуæм, иууылдæр фæлидзæм æмæ ма чи уыдзæн
Остъаты Алан ам та, чи? ’Нæхъæн Къуыдаргомы кæддæры нæргæ хъæутæ бонæй-бонмæ ихсийынц, æдзæрæг кæнынц. Уæртæ Мыртгæджын, федзæрæг, цард цæджджинагау кæм æхсыст, уыцы нæргæ хъæу. Уæлæ Фæсрагъ, Везури, Хъеуселт, афтæ Хæмпæлгом, Сæриттатæ, Машхара, æдзæрæг кæны Чеселт- гом дæр. Афтæ æндæр хъæутæ дæр, цы кадавар адæм ма сæ цæры, уыдон дæр цæуынхъус. Фæлæ кæдæм? Кæм нæм æнхъæлмæ кæсынц? Куыд фæразон æмæ быхсаг у зæрдæ?! Гъе, мардзæ, тæхуды, иу лæгау лæг, иу рæстмæ хицау Иры дзыхъхъæн! Адæмы сæ уæзгуытæм чи ныббæтта, иу ахæм лæгау-лæг! Уый тыххæй та уавæртæ хъæуы, фæндæгтæ, рухс, куысты бынæттæ, фæсивæдæн хиæрхæфсæнтæ. Фæлæ сыл чи тыхсы? Ничи! ... Куыд зын у райгуырæн уæзæгæй фæхауын, — сы- вæллонау куыдта къæдзæхыйас лæг Агуыбе. Куыдта йе ’мкъай Теблуен дæр. * * * Дунесфæлдисæг, мæхи та дыл фæдзæхсын. Нæ мæгуыр адæм де уазæг, сæ мæгуырдзинæдтæ сын æгъгъæд сты æмæ сæ фыдбылызтæй бахиз. Не ’хсæв нын нæхи фæндиаг уадз, — йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта къæсхуыртæ, ацæргæ халассæр сылгоймаг æмæ хъæццулæй йæхи æрæмбæрзта... ... Фæндзæм уæладзыджы иухатæнон фатеры цæры Бæз- заты Тута. Адджынæй фæцардысты йе ’мкъай Гæджиты Ясонимæ. Ясон шахты куыста, разагътайы шахтерыл ны- мад цыд. Адæмы уарзта æмæ йын йæхи дæр уарзтой. Фæлæ... Шахты-иу исты фыдбылыз куы ’рцыд, уæд-иу поселочы айхъуыст хæххон ирвæзынгæнджыты машинæйы фæдисы уаст. Æмбисæхсæв дæр-иу Къуайса æмæ æввахс хъæуты цæрджытæ фæдисы уадысты поселочы рынчындонмæ. Æгæрыстæмæй-иу йæ бинонтæй шахтты кæмæн ничи куы- ста, уыдон дæр. Ахæм фæтк уыд Къуайсайы: сæ цин дæр иу уыд æмæ сæ хъыг дæр. Иу ахæм фæдисы фæстæ Тута скод- та саутæ æмæ сæ нал систа. Шахты фæмард Ясон. Бирæ цы куыст уарзта, йæхи цы куыстæн снывонд кодта, уыцы куы- сты æрцыд йæ мæлæт. Баззад иунæгæй, идæдзæй Бæззаты
Л2™ ч.^ч^О^ОС^^^ Тута. Адæмы, сыхæгты æххуыс æмæ аудгæ ахасты руаджы йæ зындзинад айрох. Фæлæ цæмæй тарст, уый йæ баййæфта. Баззад иунæгæй, бынтон иунæгæй фондзуæладзыгон цæрæн хæдзары фæндзæм уæладзыджы. Фæлыгъдысты фыццаг уæладзыгæй фæндзæм уæладзыгмæ йæ сыхæгтæ — цыппæрдæс фатеры цæрджытæ. Фæстаг хатт ма йын хæрзбон загьтой дыккаг уæладзыджы æртæхатæнон фате- ры цæрджытæ Хуыгаты Агуыбе æмæ йе ’мкъай Теблойты Сæлимæт æмæ афардæг сты уыдон дæр зæрондырдæм цар- дагур. Уыдон дæр ын иннæтау лæвæрдтой сæ фатер, зæгъгæ, дын зын у фæндзæм уæладзыгмæ рахиз-бахиз æмæ æрхиз дæлæмæ, махонмæ. Не сразы уыдонæн дæр. Ясонимæ ам фæцардтæн, йæ хиды ’ртæхтæй цы къуым райста, уый мын адджындæр у, — уыд йæ ныхас уыдонæн дæр. Рагæй кусы Тута скъолайы æфснайæгæй, Мадымайрæм æй нæ бахъæбулджын кодта, фæлæ скъоладзаутæм хи хъæбулы цæстæй кæсы. Уыдон дæр ын цы сæ бон у, уымæй æххуыс кæнынц: куы йын суг асæттынц, куы йын дон сда- вынц. Æниу ма цæй скъоладзаутæ ис скъолайы дæр. Дыууæ сæдæ дæр нал сты. Дыууæ мины бæрц дзы скъоладзаутæ уыд, абон та?.. Лидзынц адæм. Лидзынц хуыздæр цардагур алырæттæм... Сау калмау сау маст æхсыны Тутайы зæрдæйы, фæлæ цы йæ бон у? Ницы. Судзаг цæссыгтæ æркалы æмæ та афтæмæй йæ зæрдæйы тыппыртæ суадзы. Дæлæмæ хиза, æви уæлæмæ, азымы дары йæ сыхæгты: — Уаих фæуат, уаих, кæд кæдæм фæлыгъдыстут, кæд уæм куыд æнцон фæкаст уæ уæзгуытæй искуыдæм фæхауын. Стæй та зæронд ус лæмбынæг куы ахъуыды кæны, уæд та сразы вæййы семæ: - Раст бакодтат, уæ ньгеонд, раст, Тута уын амæлæд, кæд уæ куыд аххосджын кæнын, алчи дæр цæрынæн райгуыры, цардæн та амæлттæ хъæуы. Фæлæ мæнæн дæр иунæгæй зын у, тынг зын. Æмæ та хъæрæй нымайын райдайы: — Али- хан, Виктор, Бурдым, Зарбег, Хазби, Федыр... Уыдон йæ сыхæгты фæнымайы Тута. Фæнымайы сæ, чи сæ куыд раздæр ацыд Къуайсайæ, афтæ. Тута зоны, йæ сыхæгтæй чи кæдæм фæцыд цæрынмæ, уыцы бынæтты дæр. Бахъуыды сæ кодта æмæ уыдон дæр фæнымайы: - Алихан æрцард Алагиры, Виктор фæцыд
У^>0<^ЬС<Л ь’ ОстъапгыАлан Мæздæгмæ, Бурдым æрбынат кодта Ногиры, Зарбег йæ кæстæр фыртмæ æрцард Дзæуджыхъæуы, фæлæ дзы нæ бафæрæзта æмæ чысыл самандур хæдзар балхæдта Заман- хъулы, Уарлам фæхауд Уырысмæ, йе ’мгсъай уырыссаг уыд æмæ йыл ахæцыд сæхирдæм. Хазби та Элхоттаг бацис, Федыр дæр бæргæ æрбынат кодта Стъараполы йæ фыртмæ, фæлæ дзы не сфæрæзта, афæдз дæр нæ рацыд йæ алыгъдæй, афтæ цавæрдæр уы- рыссаг хъæуы уæлмæрды йе ’нусон бынат ссардта. Мæ зæрде, дам, йæ зианы иу ирон лæг дæр нæ уыд. Иæ дыу- уиссæдзæмбонмæ йын йæ фарсмæ бавæрдтой йе ’фсин Æлбороны дæр. Бирæ цы чысыл къуым уарзтой, уыцы уæзæгыл нал сæмбæлдысты, нал удæгасæй - нал сæ мæрдон буæрттæ. Фæцыдысты Агуыбе æмæ Теблуен дæр сæ фырт- тæм. Дыууæ сын дзы цыдæр стыр горæтты цæрынц, иннæ та æввахсдæр, Хъалмыхъхъы-иу дзырдтой, цæры, зæгъгæ. Æвæццæгæн уымæ æрбынат кæндзысты, кæстæр фырт сын уый у. Ирон фæтк æмæ æгъдаумæ гæсгæ та мад æмæ фыд кæстæримæ баззайынц... Афтæ йæхиимæ фæныхас кæны Тута, хæдзары уа æви æмбисæхсæвтæм хæдзары раз фæхсбандоныл бада... ... Æрзылд йæ фарсыл идæдз сылгоймаг. Иæ фындзы- хуынчъытыл цавæрдæр хъыхъхъаг тæф сæмбæлд. Иæ сынтæгыл фæбадæг, арв уыдис сырх-сырхид. Рудзынджы акомкоммæ арвыл æмбæлд сатæг-сау бæзджын фæздæг. Тагъдгомау рудзынгмæ бауад æмæ сæрæй къæхтæм ныр- рызт. Æмбисæхсæв сыгъдис Къуайсайы скъола. — Фесæфтыстæм! — нырдиаг кодта сылгоймаг æмæ дуармæ йæхи раппæрста. Не скъола басыгъдис, хорз адæм! Цы фестут, ма йæ бауадзут судзын! Хорзæй ма цы уыд Къу- айсайы, уый дæр нын сау æвзалы куы кæны! Цы фестут, хорз адæм, цы фестут! — фæндзæм уæладзыгæй бынмæ талынджы лидзæгау кодта уæрагдыхæй цух, зæрдæнизджын идæдз сыл- гоймаг. — Уæд уын Тута амæлæд, Тута, судзын æй куы бау- адзат. Кæм ма ахуыр кæндзысты нæ сывæллæттæ! Нæ уæзæг бынтондæр федзæрæг уыдзæн. Цы дын кодтам Дунескæнæг, ахæм фыдæвзарæнтæ нын цæмæн æвзарын кæныс?!. Æрхæццæ Тута зæхмæ. Бæргæ йæ фæндыд фæдисы
ч^^^чз ^О^у^^^^73, ацæуын, фæлæ къæхтæ коммæ нал кастысты. Æрбадт фæхсбандоныл, йæ сыхæгтимæ-иу фæсахсæвæртæм адджын бадтæй цы фæхсбандоныл бадтысты, уым... Арты æвзæгтæ къуыбылæйттæгæнгæ хылдысты скъолайы агъуыстыл... — Тута уын нывонд, Тута, ма йæ бауадзут судзын. Федзæрæг уыдзæн нæ уæзæг бынтондæр. — Былтæ ма цы змæлыдысты, æндæр сыбыртт нал хауд сылгоймаджы дзыхæй. Афтæмæй каст судзгæ скъоламæ æмбисæхсæв фæдисы лидзджытæм. ... Не сфæрæзта идæдз сылгоймаг æмбисæхсæв ахæм уæззау ныв æмæ зæрдæскъуыд фæцис... ... Рухсагу,Тута... Рухсагу, къуыдаргоймагидæдз сылгой- маг... Бирæ цы къуым уарзтай, уый сыджыт дын ныййарæг мады хъарм хъæбысау фæлмæн уæд... Рухс дзæнæты бад! * * * Иæ цардæй нæ хъаст кодта Агуыбе. Æрцардысты йе ’фсинимæ сæ кæстæр фыртмæ Хъалмыхъхъы зæххыл. Иæ фырт æмæ йæ чындз кусгæ кодтой. Сæ хæдзары цып- пæркъахыгæй хæмхудджын куыдзæй дарддæр ницы уыдис. Ацы хъуыддаг хъыг уыд Агуыбейæн æмæ дыууæ къуыримæ балхæдта дуцгæ хъуг, хæдзары фæзынд кæрчытæ, дыууæ хъыбылы. Нæ хъаст кодта Агуыбе йæ цардæй. Иæхи ир- хæфста цæхæрадоны куыстытыл. Зымæджы дæр æдыхст уыд. Каст телевизормæ, фарста газеттæ, фæлмæн цъæх хъæдабæ цъар диванæй фæлмæцгæ дæр ма скодта. Фæлæ зæрдæ... зæрдæ та скъуыд. Тыхст йæхимидæг: — цымæ, Къу- айсайы, нæхимæ та, адæм куыд цæрынц? Æмæ-иу ахæм улæфт скодта, раст цыма Часавалы хидыхъус лæууы æмæ, Джоджорайы пырхæндæг уылæнтæм кæсгæйæ, къуыдар- гоймаг рог уæлдæф сулæфыд, афтæ. Цыдæр рæуæттомау æлхысчъытæгæнаг уæлдæф-иу ыл æрбакалд, фæлæ-иу ын æхцондзинады бæсты йæ зæрдæ бауæззау кодта. Уымæн æмæ Агуыбе цы уæлдæф мысыд, уый дард уыд, фæсхох, Къуыдаргомы. Æмæ та-иу, уæззау ныууынæргъгæйæ, йæхи цыдæр куыстыл бафтыдта... ... Иу фæззыгон райсом йе скъæты куыстытæ акодта.
Æххæст ма хуытæн хойраг аудайон, зæгъгæ, фæцæйцыд фæсхæдзар мæнгагъуыстмæ. Райхъуысттелефоны зæлланг. — Чи уа5 уараджы, кæй бахъуыдыстæм сæумæцъæхæй? Агуыбе телефоны хæтæл исаг нæ уыд, уыцы «уæззау» куыст-иу хæдзары бинонтæ кодтой, уæлдайдæр та сы- вæллæттæ, фæлæ бинонтæй хæдзары ничи уыд. Агуыбе- йы уырыссаг чындзы æфсымæрæн кодтой уырыссаг чын- дзæхсæв æмæ уым уыдысты. Теблуен та Мæздæджы уыд йе ’мхæрæфырты афæдзы кæнды. Агуыбе баздæхт хæдзармæ æмæ хæтæл систа. — Чи дæ? Хъусын дæм. — Уырыссагау дæр базыдтай часавайлаг саухъус? Æх- сызгон хабар дын уырыссагау зæгъон, æви иронау? Цæй, æз ме ’взагыл уæлæхох нæ дæн æмæ дын æй нæхи æвзагыл рахабар кæндзынæн... — Æцæг зæгъыс, æви хынджылæг кæныс? — Æвæццæгæн мæ хынджылæггæнагæй зоныс. Дæхи барæвдз кæн æмæ нæхимæ рацу, не ’фсин арынджы уæлхъус лæууы, ахæм хъуыддаджы тыххæй акувын æмбæлы, — хъу- ыст телефонæй дзурæджы ныхас. — Раст зæгъгæйæ, ницы дын бамбæрстон... нæ мæ уыр- ны. Æнæуи-иу сæ фæнд кæронмæ куы акодтой, уæд ныр... Сайгæ кæныс æвæццæгæн? — Хæрæджы тъæнгтæ бахæр! Сæумæцъæхæй дæ куы фæсайон, уæд æвæццæгæн нарддæр фæуыдзынæн, æви Къуайсайы шахттæ скусдзысты. Нæ дæ уырны, æмæ дæ ма бауырнæд, кæй уырны уыдонæн æхсызгон уыд. Фæлæ ды æппын телевизормæ дæр нæ фæкæсыс? Чъребайæ мын æй нæхи Уардан фехъусын кодта. —Æнхъæл нæ уыдтæн, раст зæгъгæйæ, æнхъæл нæ уыдтæн. — Хæрæджы тъæнгтæ бахæрай æмæ æнхъæл та чи уыд, æнхъæл, — худтис телефонæй дзурæг. — Кæй равзæрстой, чи у, кæмæй у? — рызт Агуыбейы хъæлæс. — Нæ телефон дæ тъæнг-тъæнгæй стæвд, рамæрддаг у нæхимæ æмæ дын сæ радзурон. Мæнæ Багиан дæр фыццаг уæлибых райста. Агуыбемæ телефонæй дзырдта Стыр мæсыгæй алидзæг Джусойты Гæбил, цардис сæм дыууæ уынджы уæлдæр... Остъаты Алан
* * * Адæймаг фынтæй фылдæр цы уыны, фæлæ йæ царды нырмæ ахæм фын никуы федта Агуыбе. Бирæ рацард, фæлæ айхуызæн фын нæ хъуыды кæны. Иæ мад æмæ йæ фыды се ’цæг дунемæ куы афæндараст кодта, уæдæй абонмæ сæ фыны æгъдауæй никуы федта. Никуы дæр хорзæй, ни- куы дæр æвзæрæй. Ныр... ..Æрхæндæг æмæ мæстыйæ, æрфыгæлхынцъæй йæ уæл- хъус æрбалæууыдысты Дзебо æмæ Хъæцмæзон: — Гайт-ма дæ æппын фæстагмæ ссардтам! Нæ удтæ нæ иунæг бындары агурæг разил-базил кæнынц, ацы ницæйаг æмæ æлгъыстаг та æнцад-æнцойæ хъарм уаты сæйы кæйдæр уæзæгыл! — Баба, Нана! Цы хур, цы къæвда, кæцæй фестут?! — са- биау ныццин кодта Агуыбе æмæ сæм йæ цæнгтæ байвæзта. — Афтæ нæ ма хон, ма нæм дзур уыцы нæмттæй! — Ау, уæдæ ма ныййарджытæм æндæр цы нæмттæй фæ- дзырдæуы? — цыдæр ныхкъуырдæй сдзырдта Агуыбе æмæ йæ мадмæ дисгъуызæй бакаст, ома ацы хатт мæ сæрыл куыд нæ рахæцгæ у. — Нæй дын бар æмæ нæм уыцы уаз нæмттæй дзурай, — йæ цæсгомыл иу нуар дæр нæ фезмæлыд мадæн æмæ та йæ ныхас адарддæр кодта: — адæймагæн бар æрмæст йæ райгуырæн, ныййарæг зæххыл ис мад æмæ фыдмæ — Нана æмæ Баба бадзурын. Æцæгæлон уæзæгыл уыцы уаз нæмттæн ницы тых ис. Цæй фæллад бакодтон, мæ бо- ныл, мæ уд æрдуйæ нарæгдæр ссис. Бирæ удтæ агурынц сæ уæзгуытæй хуыздæр цардагур сæхи удты хæрзæбонæн алырдæм чи фæлыгъд, сæ райгуырæн уæзæгыл чи нытту кодта æмæ фыдæлты уæлмæрдыл сындзгæрдæг зайын чи бауагьта, уыцы хи туг, хи стæджы. —Æмæ мард куы... — цыдæр зæгъын ма фæндыд Агуыбейы, фæлæ фыды судзгæ æхсидавау цæстæнгасмæ андзьггау. — Мæрдтыбæсты мардыл нымад æрмæст уый вæййы, æцæгæлон сыджыт, æнæзонгæ уæлмæрды кæуыл бакæлы. Мардыл ахæм лæджы нымайынц махмæ мæрдтыбæсты! Не ’цæг дунейы. Фæлæ райгуырæн уæзæгыл, йæ фыдæлты
дæлфæдтæм йе ’нусон бынат чи ссары, уый удæгæстæй удæгасдæр у. Афтæ у æрдзы чиныджы фидаргонд. — Æмæ уæдæ уартæ Фыдыбæстæйон хæсты йæ туг чи ныккалдта, кæйдæр зæххыл ныгæд чи ’рцыд, дæхицæн дзы æртæ æфсымæр куы баззад, уыцы тохы быдыры æбæрæг сæфт куы фесты, уæд уыдон та? - ныхмæ фæлæууыд Агуы- бе, фæлæ та фыды ныхасмæ андзыгау. — Уыдон райгуырæн зæххы сæрвæлтау æрхастой сæ цард ньгвондæн! Уыдон дæу æмæ дæ хуызæттау сæ лыскъ удтæ хъарм бынæтты æмбæхсынмæ нæ фæцыдысты. Фыды уæзæгæй тæргайы лыгъд нæ фæкодтой! Æмæ адæймаг та фыдызнагæй райгуырæн зæхх хъахъхъæнгæйæ йæ мæлæт искуы куы ссары, уæд ахæм адæймаг райгуырæн къонайы зæрдæйы арф æвæрд æрцæуы. Мадымайрæмы фæндæй. — Цæй фæллад бакодтон, мæ бонььч,—скæуæгау та кодта мад. — Нæ уæзæджы тæригъæд йæ фæстæ æфтыд фæуæд, æмæ йæ къонайы фарн басудзæд, нæ удтæ кæй тыххæй схъел- лауаг сты, уыцы æнæрæгъыдзыд бындарæн! Куыдз! Дыкъа- хыг куыдз, мæ фыдæлты уаз къона мын сындзæхгæд цæмæн фæкодтай? Куыдз, никуы ахъуыды кодтай, фыдæлты уæзæджы, удæгасæй уæ арты чи физонæг кодта æмæ нын цæрæнбонты разæй худгæ — фæстейæ нæ къæхты счъилтæ чи лыг кодта, уыцы куыйдзых сыхæгты фæндиаг кæй кæнуг?! Цæрæнбонты нын нæ куынæг кæныныл куы нæ ауæрдынц, сай-майты нæ сæ рувас æвзæгтæй сæ цъыфдзаст бынæттæм куы фæсайдтой Къахетырдæм æмæ, сæхæдæг ницæйаг уæвгæйæ, сæ сæрмæ цы бынæттæ нæ хастой, ахæм рæттæм. Куы нæ байтыдтой се ’хсæн фæззыгон сыфтæртау, цæмæй сын æнцондæр аныхъуырæн уыдаиккам. Нæ фыдæлты мыггæгты нын къæдзилджынтæй сæхи куы ба- кодтой. Дыууынæм азты нæ, меныневикты ном хæсгæйæ, бындзагъд кæнынмæ куы ’рхъавыдысты, æртын æвдæм азы нын нæ хуыздæрты куы скуынæг кодтой, ирон сабийæн авдæнмæ цалдæр хатты йе ’взаг æрдузынмæ куы ’рхъавыды- сты, мадæлон æвзаджы тыххæй-иу сæ ныхмæ чи сдзырдта, уыдон-иу сау Сыбыры хай куы бакодтой, æмæ цардивæны рæстæг куы ралæууыд, уæд та нын нæ фыдæлты зæххыл æдзæсгомау дау куы ’ркодтой, хъæудзагъд æмæ нæ цъыбырт-
Уацау *ъ^<~,^4 ты сыгъд куы кодтой, ирон лæгмæ кусæрттаджы цæстæй куы кастысты, удæгасæй нæ арты куы физонæг кодтой, нæ фыдæлты уæлмæрдты нын хуытау куы сфæйлыдтой, куыд тагъд уæ ферох сты уыцы дудгæбонтæ æмæ хъыцъыдæттæ! Куыдз... — Баба, куыдз мæ ма хон, ахæм номæй мæм никуы дзырд- тай, — суынæргъæгау кодта Агуыбе. — Раст дæ, уыцы ном дæр дын æвгъау у! Куыдз дæр ма уæзæджы фарнæй фæрнджын вæййы. Куыдзы дæр йæ куы- дзы зæрдæ йæ къонайыл сивын нæ фæтæры. Куыдзæн дæр ма йæ куыдзы зæрдæ йæ раттæг къуымимæ куыдзы уарзтæй баст вæййы. Ды та?! Куыд тагъд дæ æрбайрох, æлгъыст цы зæххы фарнæй баййæфтай, уыцы зæххæй сæумæцъæхæй куы лыгъдтæ, уæд дæ куыдз Силæмы хабар? Демæ йæ куы ластай Уырысы зæхмæ. Куыд тагъд дæ ферох, Эрцъойы хæрды машинæйы куы сниуæгау кодта æмæ йæхи æддæмæ куы рахста. Дæ куыдз Силæм дæр ма, къæбылайæ цы зæххыл ауад, цæстæй куы скаст æмæ рухсимæ цы уæзæгыл базонгæ, уыцы уæзæгыл уыцы къонайыл йæ куыдзон зæрдæ сивын нæ бантыст. Гъе, уый тыххæй рахста йæхи машинæйæ. Бахудт дыл йæ куыдзы зæрдæ дæр, уымæн дæм каст фыдæх, æлгъгæнæджы цæстæй. Сайдтай йæ дæхимæ, фæлæ дын сайын нæ бакуымдта. Сайды ды фæдæ! Йæ фыды зæххæй чи фæлидзы, чи йыл суæлæхох вæййы, сай- ды уый фæвæййы. Дæ куыдз дæр ма куы ’мбæрста хи къо- найы хъарм, уæд ды æмæ дæ хуызæттæ та уæ уæзгуыты хъа- мыл æмæ сындзгæрдæгæн балæвар кодтат! Цыма дзы кæмæн фыддæрадæн аразут? Никæмæн. Æрмæстдæр уæхицæн, уæ сомбонæн, уæ кæстæртæн. Æндæр адæмты ’хсæн куы батай- ат, куы ныйиугæйттæ уат, уæд ма сымах цæй ирæттæ, цæй Аланты байзæддаг уыдзыстут? — Адæмы аххос нæу, мæ фыд, — фæныфсджын Агуы- бе æмæ йæм кæд «баба» дзурын нæ бауæндыд, уæддæр æм бадзырдта «мæ фыд». — Адæмы аххос нæу, нæ уæзгуытæ кæй æдзæрæг кæнынц, уыцы хъуыддаг. Нæ хицæуттæм ахæм тых, ахæм хъару нæй, цæмæй адæмы фыдæлты зæхмæ ныббæттой. Цæрынæн та мæ фыд, райгуырæн уæзæгмæ æрмæст уарзондзинад фаг нæу. Фæхъæуы ма уавæртæ дæр,
æмæ уавæртæ аразыныл та иу тыхсæг нæма фæзынд, ахæм рæстæджы та адæймаг йæ кæстæрты сомбоныл фæхъуыды кæны. - Нæ та дæн демæ разы, лæппу! Кæстæрты сомбоныл хъуыды Райгуырæн уæзæгимæ баст хъуамæ уа. Рæсугъд сомбон æмæ фидæнхуыздæрмæ Райгуырæн къуымы фæ- тырнынц. Цард хи уæзæгыл аразгæ вæййы. Хицæуттæ иу- гæйттæ вæййынц, адæм та — бирæ! Адæмы бон та бирæ вæййы, сæ тых — ивылд фурдау æнæкæрон. Ныртæккæ, Цардивæны рæстæджы та кæрæдзийы фарсмæ æнгомдæр æрбалæууын æнæмæнгæй хъæуы. Ахæм Цардивæны рæстæг та фыццаг хатт мыййаг нæу, арæх-иу уыд æмæ ахæм царды зилгæдымгæйы ныхмæ та фидар куы нæ фæлæууой, уæд сæ ныккæндзæн къабазгай, бирæ хæттыты ныл æруадысты йе ’гъатыр цæфтæ. Аккаг нын фæцис! Байтыдта нæ алы- рæтты, суанг фæсарæнты дæр. Æмæ, дам, мах - ирон адæм, чысылнымæц адæм стæм! Не стæм, лæппу, фæлæ иу ран, иу доныл куы нæ цæрæм, уæд цас фæнды ма уæм — кæрæдзимæ дард стæм, кæрæдзийæн æцæгæлон. Иры дзыхъхъы цы- фыддæр знæгтæ цæрæнбонты нæ тæнæг кæныныл архайд- той, цæмæй нын мауал уыдаид фидар паддзахад. Кæддæр æмризæджы кæмæй рызтысты, ахæм паддзахад! Уый тых- хæй нæ фæсайдтой алырдæмыты. Сайдвæстаг, фыддæр, нæхицæй знагæн хъузæттæ чи балæууыд, уыдон аххосæй фестæм! Стамбулы сырх мæнæу æфсон нын не ’мбисы денджызы фалейæ фæкодтой. Афтæмæй та, лæппу, Турчы мæгуыртæн сырх мæнæу нæ, фæлæ сау кæрдзын дæр нæ уыд бахæрынæн. Чи фæлыгъд хуыздæр цардагур - ныццагъ- дис сæ фылдæр. Фæстæдæр та ныл нæ сыхæгтæ фæзæрде сты æмæ нæ асайдтой сæхирдæм, сæ цъыфдзæстытæм. Иæ хорзы кæй ничи никæмæн ратдзæн, махæй уый бай- рох. Æууæндаг уыдыстæм æмæ-иу не ’ууæнкæй сæфтмæ дæр æрхаудтам. Нæхи уæйгæнджытæ, уыцы Цардивæны рæстæджы туркаг пашатæн æмæ гуырдзиаг æлдæрттæн сæ зæвæттæ чи стъæрдта, уыдон Иры фарныл никуы хъуыды кодтой. Абон дæр нæхиуæттæй ис ахæмтæ, кæцытæ адæмы кæнынц æддæхъус æмæ Иры уæзæг фæтæнæг. Хи уæзæг, хи къонайæ адджындæр та ницы ис ныййарæг мады фæстæ,
æмæ дзы тæргайы лыгъд нæ хъæуы. Тыхст рæстæджы хъæбул ныййарæгыл йæхи куыд баппары, афтæ абоны Цар- дивæны дæр адæймаг фыды зæххыл йæхи тынгдæр хъуамæ æндадза. Райгуырæн уæзæгмæ та дæм цыфæнды фыдгул- знаг тых куы хæсса, — ницы хъом дын уыдзæн. Уымæн æмæ ахæм рæстæджы Мадымайрæм æмæ Уæзæджы фарн дæ фарс, дæ хъахъхъæнæг уыдзысты! Фæскъæвда та хур бонæн æнæскæнгæ нæй, æмæ дæ уæзæг бацагур, хъæбул. * * * ...Сæрдыгон æхсæв. Гуфтайы хъæуы, Къуыдаргоммæ фездæхæны, фæндаджы бæстастæу йæ къухтæ йæ синтыл сæвæргæйæ, стъалытæй йемыдзаг арвыл йæ цæсгæнгас хæсгæйæ, дыууæрдæм сындæг къахдзæфтæй рацу-бацу кодта æмбискарæй хызт, халассæр, бæзæрхыг нæлгоймаг. Уæлдæф ахæм зыдæй, адджынæй сулæфы æмæ йæ, зæгъгæ, исчи федта, уæд æнæмæнгæй ахъуыды кæндзæн, ацы лæг рæуджыты низæй рынчын у. — Мидæмæ уал рахиз, мæ фыды хай, изæрсарæй къа- хыл лæууыс æмæ уал æрулæф. Уæддæр райсоммæ ницы машинæ уыдзæн. — Цалдæр хатты бахатыдысты Гуфтайы хъæуы фæндаттæрон чи æрбынат кодта автоинспекцийы уыцы кусджытæ хæлассæр лæгмæ, фæлæ сын не сразы. — Бузньгг лæппутæ, афтæ мын æнцондæр у, — загъта та сын ацы хатт дæр. Трассæйыл æрбазынд «Виллис» æмæ постылæууæг лæп- путы пур фæурæдта. Халассæр дæр сæм йæхи æввахс байста. — Мæ фыдыхай, Уастырджи дын хæрзгæнджытæ рарвы- ста, Къуыдаргоммæ цæуынц ацы дзæбæх лæппутæ æмæ дæ фæхæццæ кæндзысты. — Æ, Хуыцау уын балæггад кæна, — сывæллонау бацин кодта бæлццон æмæ машинæйы фæстаг дуар бакодта. — Разæй, разæй, мæ фыдыхай. Махмæ хистæрæн ныр- ма кад кæнынц. — Æмæ разæй бадæг лæппу йæ бынатæй рагæпп кодта. Бабуц бæлццон. Барухс йæ зæрдæ. Æхсызгон ын уыд кæстæрты ахæм аудгæ, уæздан ахаст.
,80 Остъаты Алан Диссаджы æмбæлццæттæ йын разындысты се цыппар дæр. Цыдысты Начърепамæ се ’мбал лæппумæ хос кæр- дынмæ фæкæсынмæ. Цыма, мæ фыдыхай, нæхи чысыл Ирыстонæй рæсугъд- дæр бынат искуы уыдзæн? Бирæ рæтты уыдтæн мæнæ ме ’мбæлттимæ, фæлæ дзы нæхи къуымæй рæсугъддæр æмæ адджындæрыл никуы бамбæлдтæн. Дунейы хъæздыгдзи- нæдтыл дæр æй нæ баивин. — Уый шофыр фæрсы бæлц- цоны. Не схъæр кодта бæлццон, цалдæр азы дæргъы ацыр- дыгон дон кæй нал банызта, уый. Нæ бахъæцыд йæ цæсгом. Дьгууын — дыууын фондз аздзыд лæппутæ зæрДæйы тæгтæй афтæ æнгом баст кæй сты райгуырæн къуыммæ, уый æгад æркаст лæгмæ. Бахæлæг сæм кодта. Иæхæдæг æмбискарæй хызт уæвгæйæ, цалдæр азы размæ тæргайгæнæджы лыгъд кæй фæкодта йæ къонайæ, уыцы хъуыддаг ын йæ зæрдæ бакъуырдта æмæ йæ бынаты цыдæргъуызон ныррыгъд, ныргъæвстгонд. Æхсызгон ын уыд, ахæм цардбæллон фæ- сивæд цы зæххыл цæры, уыцы уæзæгæн федзæрæгæй тас кæй никуы у. Æмæ барухс бæлццоны зæрдæ... Бон дзир-дзуртыл æрбахæццæ сты Часавалы хидыхъус- мæ. Дæ фысымтыл дæ æххæст сæмбæлын кæнæм, дзырдтой йын лæппутæ, фæлæ сын не сразы. Афтæ раджы сæ куыд бахъыгдарон, зæгъгæ... Къуыдары хохыл, айнæг къæдзæхы сæр ирон тырыса сæумæйы рæууддзæф кæм фæйлауы, уый бынмæ лæууы бæзæрхыг, фæтæнтæконд, халассæр нæлгоймаг æмæ кæсы дæлæмæ, Къуайсайы поселокмæ. Сæумæрайсом æм Джоджорайы цæутæдон дæлæмæ кæс- гæйæ æвзист æндæхтау æрттивы. - Куыд адджын дæ, фыдыуæзæг! Цалдæр азы размæ дæ сæумæцъæхæй тæргайгæнæджы лыгъд фæкодтон æмæ дæм фæстæмæ сæумæцъæхæй æрцыдтæн. Ныббар мын, хъæбулы хатыр мын ныккæн. Иæ зонгуытыл æрхауд, зæххæн адджын ба ныккодта æмæ сывæллонау скуыдта Хуыгаты Агуыбе...
^ ЮМОРИСТОН РАДЗЫРДТÆ гч^
ФÆТКÆВÆРДЖЫТÆ Автоинспекцийы хистæр лейтенант Бырнацты Хиуайæн йæ куыст раджы фæцис, фæлæ нырма цæуынвæнд нæ кодта. Радгæсы уаты цъæх хъæдабæ цъар диваныл, йæхи фæстæуæз ауадзгæйæ, æнхъæлмæ каст кæмæдæр. Æризæрмилтæ. Хиуа сыстад æмæ йæ фарсмæ бадæг радгæс милиционеры афар- ста: — Уæдæ, Ног аз æрцæуы, и? Радгæс бæзджынцъар тетрады цыдæртæ фыста æмæ йæ нæ фехъуыста. Ницыуал сдзырдта Хиуа, æддæмæ ахызт, тыргъы йæ цæст ахаста, фæлæ дзы ничи уыд, æрмæст тыр- гъы кæрон рудзынджы æвгтæ хуылыдз хæцъилæй сæрфта милицийы хайады æфснайæг Пъела. Хиуа хъуамæ йæхи кабинетмæ бахызтаид, фæлæ фæ- лæууыд æмæ Пъеламæ адзырдта. — Дзибулы нæ федтай? — Иу æрдæг сахаты размæ, йæ машинæйыл тыхстхуызæй рынчындонырдæм фæцæйуад, — радзырдта йæм Пъела. Ахæм дзуапп фехъусгæйæ, Хиуайы цæстытæ цæхæртæ акалдтой, йæ сахатмæ ’ркаст æмæ райхъуыст йæ хъуыр- хъуыр: — Мах æхсæз сахатмæ бадзырдтам, æмæ ныр авды срдæг у. Уæвгæ ахæм адæймагыл куыд баууæндыдтæн, куыд ын раргом кодтон мæ фæнд? Зæгъын Ногазон фынг шофыр- ты хардзæй саразæм. Уæдæ... Ногазон фынг цæмæн хъуамæ саразон мæхи дзыппæй. Шофыртæй та «ралвындзыпæн» æхца. Мæ фæнд раргом кодтон хистæр сержант Мыкагъа- ты Дзибулæн, фæлæ, акæса, нæ зыны. Цæй, мæхæдæг уал ацæуон нысапгонд бынатмæ, стæй кæд уыйдæр зынид. Æниу йæ цæрæнбонты дæр макуы рацæуæд. Кæдæм мæ бахъуыд. Æцæг мæ хистæртæй макæуыл банымудзæд. Уæд æнæпъагонæй аззайдзынæн. Æнæуый дæр мæм мæлæты хорз цæстæй нæ кæсынц, цыма ахæм хъуыддæгтæ мæн йеддæмæ ничи аразы...
Юмористон радзырдтæ \^<^^ъ*^^С1^<+*+^*^*Ъ Ссæдз минуты фæстæ Хиуа лæууыд горæтæй фондз километры æддæдæр, фæндаджы уæлхъус æмæ æвæрдта «фæтк». Цыбырдзырдæй, йæ хъуыддаг тылд. Иу «жигулийы» уæз- тæвæрæны уал ссардта дыууæ назы талайы æмæ шофырæй райста йæхиуæттæ. Иæ дыккаг амæттаг уыд уæзласæн авто- машинæ, йæ гуыффæйы дурæвзалы. Шофырмæ дурæвзалыйы тыххæй ницы документ уыд, æмæ та йæ йæхирдыгонау фæивар кодта. Шофырæн ма зæрдæлхæнæгау бакодта: — Æгæр фæлмæнзæрдæ дæн, æн- дæра дын æй мæ бынаты æндæр исчи мидхъуыддæгты кæрты балæууын кодтаид. «Цæй Дзибулæн ма дзырдтон, æнæуый дæр мæ хъуыддаг хорз куы тулы». Уыцы рæстæджы æндæр маст æхсыдта Дзибулы. «Афон- мæ Хиуа æхца ссивы æмæ сæ хъæр дæр не скæндзæн. Æгъæ- дзар фæуæд мæ сыхаг, кæд йæ рынчын нырмæ цы ’рхаста?» Хъуыддаг та рауад афтæ: Дзибул хъуамæ нысангонд бынатмæ рæстæгыл ацыдаид, фæлæ куыддæр машинæйы бабадт, афтæ йæ уæлхъус æрбалæууыд тыхстхуызæй сыхаг зæронд ус. — Дзибул, дæ нывонд фæуон, чизоны цы бæрнон хæс æххæст кæнынмæ цæуыс, фæлæ нæ зæронд тынг тыхст у, æмæ йæ рынчындонмæ куы бадавис... Бæргæ нæ фæндыд Дзибулы усæн бакоммæ кæсын, фæлæ сыхаг — сыхаг у. Зæронд та уыд хæсты инвалид, сылгоймаджы сæры хи- цау. Дзибулы машинæ нæмыгау атахт рынчындонмæ. Раст уыцы рæстæджы милицийы æфснайæг Пъела фæцæйцыд йæ куыстмæ æмæ йæ федта... Рыычыны дохтыры къухтæм радта, афæдзæхста йæ, æр- дугъ кодта асинтыл, бабадт йæ машинæйы, фæлæ уый дæр фыдæнæнгæнæгау нал куыста. Куыддæртæй йæ сæ кæртмæ батылдта, райста йæ сыхаджы «москвич» æмæ атагъд код- та Хиуамæ. Сæры зылд æрмæстдæр иу хъуыды — афонмæ Хиуа дзæвгар æхца æрæмбырд кодта. Аст сахатæй ахызт, уæддæр ма хъуыст Хиуайы къуыззитт. Мæнæ та ныр дæр фæзилæнæй иу «москвич» стыр тагъдадæй куы рацъыввытт кодта, уæд та айзæлыд йæ къуыззитт.
Остьаты Алан Уæдæ..Æхца та йæ хъуыд Ног азмæ! «Москвич» йæ цуры дзыхълæуд фæкодта, ихвæндагыл ныззылд, йæ сынæгæй ари- уыгъта Хиуайы дæлвæндагмæ. Фæдæлбыл машинæ дæр... ... Хиуайы бахæццæ кодтой рынчындонмæ... Онгсæстытæ фæцис. «Москвич»-ы шофырыл дæр хуыздæр бон нæ акод- та. Чи уыдис фæрсут? Хистæр сержант Мыкагъаты Дзибул, йе ’мкусæг - хистæр лейтенант Бырнацты Хиуамæ тагъд кодта æхца кусынмæ, фæлæ нæ фæрæстмæ сæ хъуыддаг... Кæрæдзимæ мадзурайæ рынчындоны, иу палатæйы, дыууæ мæйы дæргъы хуыссыдысты нæ «фæткæвæрджытæ» — Хиуа æмæ Дзибул. Мæйы фæстæ та фидаугæ бакодтой, къулсæрдджытæй кусын куы райдыдтой, уæд ÆУУÆНКДЖЫН ДЕПУТАТ Хъæуæххæсткомы кæртмæ æрæмбырд дзæвгар адæм. Чи дзы лæутæ кодта, чи та — бадгæ. Алы къуымæй хъуыст хæццæ хъæлæба, худын. Кæртмæ бахизæны, сырх кæттаг хъуымацыл, урс хъæрнывтæй фыст уыд — «НОЗТЫ НЫХ- МÆ ТОХ!» Бирæ нал ахаста адæмы хъæлæба. Тыргъмæ рахызты- сты хъæусоветы сæрдар Елиоз, секретарь Исмел, райсо- веты депутат Дунетхан æмæ фадыгон милиционер Хазби. Адæмыл сæ цæст ахастой, стæй Исмел радзырдта, нозт адæймагадæн фыдбылызхæссæг кæй у, уый тьгххæй. Дзырд куы фæцис, уæд ма загъта: — Ныхасы бар лæвæрд цæуы райсоветы депутат Газзаццаты Дунетханæн. Размæ ралæууыд рæстæмбис, астæуккаг кары сыл- гоймаг. Зына-нæзына йæ мидбылты фæхудт, фæлæ куы фæкомкоммæ сырх хъуымацыл фыстмæ, уæд йæ мидбыл- худт йæ цæсгомыл асæлæгау кодта æмæ тадзгæ-баргæ дзу- рын райдыдта: — Хорз адæм, Советон хицауад хорз закъон рауагъ- та’ нозты тыххæй. Бирæ рæстæг рацыд уыцы закъон йæ тыхы куы бацыд, уæдæй ардæм, фæлæ не ’хсæн нырма бирæ ис ахæмтæ, кæцытæ сæ кæнон нæ ныууагътой. Ахæм
æдзæсгæмттæн та хъæуы карз æфхæрд хæссын! — Дунетхан цæуылдæр ахъуыды кодта, стæй йæ хъæлæс фæбæрзонддæр кодта. — Æз куыд депутат, афтæ мæ къух систон карз нозт аразыныл. Сымах дæр хъуамæ бафæзмат мæн... Дунетхан нырма дзырд нæ фæцис, афтæ адæмы цурмæ хъæргæнгæ æрбалыгъд иу чысыл чызг: — Дунетхан! Дунетхан! Уæ хуытæ цыдæр кæнынц, æвæццæгæн фæрынчын сты? — тагъд-тагъд адзырдта чызг æмæ фездæхт фæстæмæ. Дунетхан хъæусоветмæ æввахс цард, йæ кæртхудæвæрдау зынд. Диссаг уыд, æцæгæйдæр, уырдæм бакæсын. Хуыйæ, каркæй, гогызæй зæххыл ныккалдысты, сæ къæхтæ ма удисæджы тылд кодтой. Дунетхан фыццаг йæ сæрыхъуынтæм фæлæбурдта, стæй милиционер Хазбимæ баздæхт: — Гъеныр ахæм хъæубæсты !хсæн фæцæрæн ис? Чидæр мысты хос акалдта æмæ ма акæс... Рæстдзинадыл кæй дзурын, уый тыххæй мын цас зонгæтæ ис... Адæм дæр хорзау нал уыдысты. Ахæм цау фыццаг хатт федтой сæ хъæуы. — Курæг уæ дæн æмæ аххосджын сбæрæг кæнат! Кæннод æз, куыд депутат, афтæ дарддæр облæххæсткоммæ бахъаст кæндзынæн. Ау, гормæттæ, æууæнкджын депутат уын куы дæн, æхсæв мыл сымах тыххæй хуыссæг куынæ хæцы, уæд мын фæсвæдæй ахæм знаджы ми цæмæн бакодтат?! — йæ хæмгтус цæнгтæ тилгæйæ хъæр кодта Дунетхан. Хъæубæсты ахæм цау фыццаг хатт æрцыд æмæ адæм дæр скæрæдзимидæг сты. Кæрæдзимæ цыдæр æнæууæнчы цæстæй ракæс-бакæс кодтой. —Ма тыхс Дунетхан, аххосджын дæр сбæрæг кæндзыстæм æмæ ма аккаг æфхæрд дæр баййафдзæн, — сабыр æй кодта милиционер Хазби. Уалынмæ сæ уæлхъус æрбалæууыд Ду- нетханы чысыл лæппу Хъази. — Гыцци! Хуытæ дын дæ арахъхъæгтæ афæлдæхтой, хæргæ сæ баййæфтам. Цъындæмбæхстытæй хъазыдыстæм æмæ нын мæнгагъуысты дуар гомæй баззад. Дунетханы цæстытæ цæхæртæ акалдтой, хъуамæ пырх къухæй Хъазийæн иу ныдздзæхст кодтаид, фæлæ уый иу-
Остъаты Алан варс агæпп кодта æмæ цæф хъæусоветы сæрдар Елиозы гуыбыныл сæмбæлд... Бынаты федтой алцы дæр. Хъуыддаг æцæгæйдæр уыд афтæ. — Хорз адæм! Аххосджын хъуамæ баййафа аккаг æф- хæрд. Афтæ фæнды уе ’ппæты дæр. Афтæ домдта Дунет- хан дæр, фæлæ ма йын афæрсæм йæхи дæр: — ды та цы зæгъдзынæ, «æууæнкджын» депутат? Ссардтам аххосджы- ны, курæг дæ стæм æмæ дарддæр мауал бахъаст кæн, — æмæ райдыдта акт фыссын Хазби. Дунетханмæ æппæт ацы хъуыддæгтæ фыныфенæгау ка- стысты, фæлæ куы фæкомкоммæ «АКТ» - фыстмæ, уæд йæ расьгг, фынæй дзæргъыл æрфæлдæхт. ФЫДÆНХЪÆЛ Къутæрты Духуна горæтæй сæхимæ Нæзыджыны хъæумæ тындзыдта. Иæ зæрдæ цины малы аныгъуылд. Цæсгомыл дæр цины улæнтæ хъазыдысты, фæлæ йын сæ адæймаг йæ фыдуынд æнцъылд цæсгомыл уадиссаг нæ ха- тыд. Æрмæст раздæр, йæ цыргъ, гуыбыр фындзы фæйнæ фарсæй, цы æрдæг цъынд цъæх цæстытæ каст, уыдон ныр бæрæгбæрцæй ауæрæх сты, цавæрдæр цины стъæлфæнтæ сæ æрттывта... Духуна сæ кæрты дуарæй бахауæгау кодта. Иæ акомкоммæ кæрдобæласы бын йæ кæстæр хо Чызнал къаннæг ведрамæ æрцъыртт-æрцъыртт кодта сæ хуыскъæй дуцгæ хъуджы. Æмæ ныр Духуна куы бахызт, уæд фестад. — Пуй мæ фыдбылызтæ дæ хай, кæд дæ сургæ ничи ’рба- кодта, уæд. — Цины хабар æрбахастон Чыза, цины хабар, — загъта Духуна æмæ йæ мидбынаты цъилау ныззылд. — Дæхицæн æвæццæгæн мойаг ссардтай? — тæхудиаджы хуызæй йæ афарста Чызнал, æмæ йæ былтæ хæлæджы стæрд акодта. — Æнæрай фæу, кæд ма мæ цафон чындзы æрвитыс, ме ’хсай азы мæхирдыгæй æндæрæбон куы фесты, уæд. Амæн
Юморыстон радзырдтæ ^ ^ч.^^^0^^г^^ та йæ зæрдæ иууыл лæгтимæ дзуры. Æндæр цыдæр, æидæр! — Чызналы йæ фæстæ хæдзармæ баласæгау кодта. Духуна горæтæй йæ зæрдæйы цы стыр циндзинад æрбахаста, уый зæлдæгтæ уафæгау ньгвæзта. — Хицауад алкæмæн дæр кооператив бакæныны бар радта... Чызнал не ’мбæрста кооператив цы у уый, æмæ хорз скъоладзау йæ ахуыргæнæгмæ куыд лæмбынæг фехъусы, афтæ æнæсымæй хъуыста йæ хомæ. Бирæ фæныхас кодтой уыцы æхсæв абадгæ хотæ æмæ сын кæддæр хъæусовет æмæ раймилици зынтæй кæй ферох кæнын кодтой, уыцы хъу- ыддаг та сын сæ зæрдæты бакъуырдта. — Æвæдза, нæ хæрæджы уæй кæнын нæ хъуыд, арахъ- хъæгтæ фыцынæн-иу ыл сугтæ ластаиккам, — зæгъы тыхс- тæй Чызнал. — Тыхсгæ ма кæн, мæ хо, куыд дзурынц, афтæмæй ацы кооперативтæ æхца цъирæнтæ сты, æмæ мæнæ ед, цы ху- ыйны, мах дæр иу-дыууæ азмæ даргъ сау машинæ, мæнæ йыл нæ райкомы хистæры куы фæласынц, о, о, «Волга» — балхæндзыстæм. Æниу нын æй скъæргæ та чи кæны, фæлæ адæмы, сыхæгты фыддæрадæн. — Æмæ та нæ милици куы бафхæра, æнæуый дæр мæ зæрдæ цъæх у, дыууæ хатты мын мæ сæр ныддастой, — ба- катай кодта Чызнал. — Дæ зæрдæмæ цынæ бахæссыс, ацы чызг, хицауад йæхæдæг радта бар, стæй уал нæ разæй дæс къапеччы аргъ резина чъиу, иу соммæ чи уæй кæны, уыдоны бафхæрæд. Ды тæрсгæ ма кæн, дзуапдæттæг æз дæн. Æртыккаг бон сæ хæдзары астæрд скалдтой æмæ сын фæндаджы был цы чысыл цæхæрадон уыд, уым сарæзтой сæ пъолы фæйнæджытæй зулагъуыст будкæ. Духуна нырæй тынгдæр никуы ’рфæсмон кодта, аху- ырдзинад æм кæй нæй, уый тыххæй. Кæсын æмæ фыссьгн рæстмæ нæ зыдта æмæ хъæбæр гæххæттыл, рæдыдтытимæ ирон æмæ уырыссагхæццæ ныффыста хъусинаг. «Къабе- ратиф Водкъуля работайтт кæны къажди бон дæр, кроме воскресенья æмæ сабат йеддæмæ. Продайттæй дзы кæнæм двайтго, самани æмæ арахъхъ. Табуафси захадиттæйШ»
Ацы фыст ныххаста æмæ йæ бакодта зынæн ран. Чи-иу æй федта, уыдон-иу худæгæй сæхи схастой. Хъусинаджы федтой хъæусоветы кусджытæ æмæ сæ зæрдæ фæкъæпп кодта, зæгъгæ, Къутæрты абадгæ чызджытæн алцы дæр бантысдзæн. Дыккаг бон сæ уæлхъус куы ’рбалæууыдысты, уæд Ду- хуна æмæ Чызнал, æцæгæйдæр, уæй кодтой арахъхъ. Сæ арахъуадзæн мигæнæнтæ сын гуыффæмæ куы скалдтой, æмæ сын сæхи та милицийы машинæйы куы бадын код- той, уæд ма Чызнал æнæбары бакодта. — Мæн куы уадзиккат, дæттæ «Волга» æлхæнинаг чи уыд, уый акæнут, уæддæр йæхи къабератифы диликтор хуыдта... Нæ сæндидзыдта сæ кооператив Къутæрты абадгæ чыз- джытæн. Фыдæнхъæл фесты. КООПЕРАТИВЫ Иу зымæгон бон куыстæй рацæйцыдтæн нæхимæ. Уын- джы мæ хъустыл ауадысты фæсарæйнаг музыкæйы зæлтæ. Акастæн æмæ мæ акомкоммæ, фæндаджы иннæ фарс, иу хæдзары ныккæнды дуарыл стыр хъæрнывтæй фыст уыд — кооперативон кафе «ДЛЯ ВАС». Раст зæгъгæйæ, нырма ахæм ран никуы уыдтæн, сфæнд кодтон уырдæм бацæуын. Мæ дзыппытæ асгæрстон, ра- зынд мæм æхсæз сомы. Бахæцыдтæн нывæфтыд дуарыл æмæ мидæмæ бахызтæн. Мæ зæрдæ барухс. Мæ цæстытæ андæгъдысты хæрзаив къултыл. Къултыл конд уыд «Зикъа- райы хох», «Эрцъойы цад» æмæ бирæ æндæр нывтæ. Фæлæ мын зын уыд, ахæм аив ньгвты цур фæсарæйнаг музыкæ кæй зæлыд, уый. Ирон фæндыры зæлтæ дзы аивдæр сфидыд- таиккой. Æрбадтæн къуымы, афтид стъолы фарсмæ. Мæ уæлхъус алæууыд иу æвзонг сылгоймаг æмæ мæ, йæ сырхахуырст былтæ фæцъупгæнгæйæ, афарста: — Уæ зæрдæ цы зæгъы? — Цы уæм ис хæринаг? — афарстон æй æз дæр. Остьаты Алан
— Купати, кебаб, остри, хаш — нæмыгзгъалау акъæр- къæр кодта уый. — Дæ хорзæхæй, иу хаш, иу физонæг, кæд уæм ис уæд, æмæ исты дон иу авг. Чысыл фæстæдæр стъолыл февзæрдысты хæринæгтæ. Фыццаг хаш адæлæмæ кодтон, фæлæ уадиссаг мæ зæрдæмæ нæ фæцыд, нанайы арæзт хашмæ йæ къахдзæфтæ хъуыд. Стæй та райстон физонæг æмæ хорзау нал фæдæн... Æцæг уæхст дзæбæх даргъ уыд, лæг ыл Эрцъойы фæтæны иу дзæбæх цъынайы хос самадтаид, фæлæ уæхсты уæлæ та... æртæ чысыл кæрдихы. Физонæгæй иу кæрдих бахордтон, уыд хъæбæргонд, æнæад. Дыккаг кæрдих мæ дзыхы куы акодтон, уæд мæ Ц2сс- тытæ цæхæртæ акалдтой: дзидзайы кæрдих афтæ хъæбæр уыд, æмæ мын уый размæ бон дохтыры дæндагисæн аркъа- уæн æфтауын цы дæндаг не скуымдта, уый мæ дзыхы базгъæлæн. Мæ къухмæрзæнмæ раппæрстон дæндаджы цъæлтæ, адджын донæй ахуыпп кодтон æмæ сыстадтæн. Мæ уæлхъус та февзæрд ахуырстбыл сылгоймаг. — Цас уæ хъæуы? — афарстон æй æмæ мæ хæлафы дзып- пмæ нывнæлдтон. Уый йæ мидбылты фæхудт æмæ аргъ загъта. Раттон æм цы ’ркуырдта, уый — æртæ сомы æмæ ссæдз къапеччы. Мæ зæрдæ бахудт, уый размæ-иу афтæ чи дзырдта, зæгъгæ, кооперативты алцы зынаргъ у, уыдоныл. Кæд сæ хæринæгтæ уадиссаг хорз не сты, уæддæр сæ аргъ дæр æндæр нæу. Рацæйцыдтæн, фæлæ мæ ахуырстбыл сыл- гоймаг ме ’фцæгготæй ацахста: — Де ’хца бафид æмæ стæй фæндараст! — Бахатыр кæн, уырыссагау загътай «три двадцать» — æмæ дæм сæ радтон, — скарз дæн æз дæр. — Три двадцать нæ загътон, фæлæ - тринадцать! Æртын- дæс сол!ы! — йæ былтæ та арассив-бассив кодта ахуырстбыл. Атæвд дæн. Мæ сурхид акалд. — Фæлæу-ма, хорз чызг, æрнымайæм ма! æртындæс сомы аргъ мын мæ размæ цы ’рхастай?! — Иу шашликк семь рублей, хаш пять рублей, пепси- кола æмæ дзулы аргъ та иу сом! - нæмыгзгъалау та акъæр- къæр кодта ахуырстбыл.
— Дæ хорзæхæй, меню ма мын фенын кæн! Мæ алфæ- мблай акастæн, зæгъын, кæд иу сæрылхæцæг разынид, фæлæ уымы уæвджытæй чи худгæ кодта, чи та — рæнтъузæн ныхæстæ æрбазгъæлста «Дæ дзыпп дæ нæ амоны æмæ цæй кооперативмæ хауыс». Зæхх куы аскъуыдаид æмæ дзы куы ныххаудаин. — Бахатыр кæн, ам мæм æртæ сом йеддæмæ нал ис, мæ- нæ дæм мæ паспорт уадзын, иннæты дын райсом æрбахæс- дзынæн. — Мæхи бакъултæ кодтон сылгоймагыл. — Æмæ изæры боны æфтиаджы бæсты шефмæ дæ па- спорт ратдзынæн?! - ныббогъ мыл кодта уый, æмæ мын мæ хъуырæй зынаргъ хъуыртухæн фелвæста, мæ сæрæй та спортивон худ. — Гъе ныр æй кæн! — æвæццгæн æм уыдон фаг нæ фæкастысты æмæ ма мын мæ риуы дзыппæй ме ’фсины лæвар авторучкæ фелвæста. Мæстæй тъæппытæ хаугæ рараст дæн нæхимæ. Иу каст ма скодтон «ДЛЯ ВАС» фыст кæм уыд, уырдæм æмæ мæхимидæг ахъуыды кодтон: — Уыцы бынаты хуыздæр сфидауит «СТИГЪÆНДОН». Хæ- дзары къæсæрæй куы бахызтæн, æмæ мæ ме ’фсин афтæ фæлурсæй куы ауыдта, уæд хорзау нал фæцис. — Цы кодтай, цы, ацы лæг? Хуызы пъыртг дæ куы нæуал ис? — Бастыгътой мæ! Ралвыдтой мæ!.. — Чи дæ бастыгъта, чи дæ ралвыдта?! Саубонтæ, тæвд дæм ма уа! — æмæ тæвдбарæныл йæхи ныццавта. ХЪÆДЫ РÆМПÆГ Ног азы хæдразмæ та пырыккрихи цъæхдзаст хъæдгæс Тъатъейыл фырцинæй базыртæ базад. Афæдзы ацы рæстæджы ралæудмæ зæрдиагæй фæбæллы, кæд иннæ рæстæджыты дæр къаддæр æхца нæ кусы, уæддæр. Хъæды рæмпæг æй дзæгъæлы нæ рахуыдтой. Назы тала æрбачъепп кæн æмæ йæ æрбауæй кæн. Бирæ æхца сарæзта афтæмæй Тъатъе. Мæйрухс æхсæвты дæр-иу йæ дыстæ басчъил код- та, сугæн бæлæстæ фæлдæхта. Бирæ æхсæвты-иу хъæдæй сæхимæ не ссыд, æниу дзы кæ-
дæм хауд, бинонтæ йын нæ уыд. Хъæды халонау иунæгæй цард Тъатъе, æцæг, куыйтæ æнæхъæн дзуг дардта. Дыууадæс куыдзы-иу хъæды куы ныррæйдтой, уæд-иу адæймаг банхъæлдта: цавæрдæр къняз йæ цуанæттимæ æрсдзуаны рацыдысты, зæгъгæ. Иу мæйрухс æхсæв та кæйдæр заказ æххæст кодта Тъа- тъе: калдта тулдз бæлас, бирæ йыл фæфыдæбон кодта. Бæ- ласы къæс-къæс куы ссыд, уæд æм фырфæлладæй кæсгæ дæр нал скодта, кæцырдæм акъул, зæгъгæ. Æрмæст йæ чъи- зи къухмæрзæнæй йæ ныхы хид сæрфта. А-ныр бæласмæ скæса, афтæ йыл рафæлдæхт, йæ быны йæ анорста, хъæры бон дæр æй нал фæцис мæгуыр. Амард, бецау! Æвæццæгæн æй æввахс рæстæджы ничи бацагуырдтаид, уыцы бон æм хъæды хæдзарадæй куы не ’рбарвыстаиккой, æмбырдмæ рацу, зæгъгæ, уæд... Хъæубæстæ йын кодтой æхсæны хист. Цы бон æй хъуамæ бавæрдтаиккой, уыцы бон сихормæ ввахс, бын- тон æнæзонгæ адæм, чи фистæгæй, чи машинæйыл ба- лæууыдысты Тъатъейы хисты. Сæ фыццаг фарст иу уыд «Сабæттаг чи тымбыл кæндзæн?» Стæй-иу сæхи амыдтой: Чи-иу дзы йæхи Тъатъейæн йæ мады фыды ’фсымæры чызджы лæпггу хуыдта. Чи та-иу æм фыдыфыртæй раз- ынд æввахс. Кæмæн та-иу йе стыр мады ’фсымæр разынд, кæмæн йæ «хъулон» хæрæфырт. Æмæ сыхæгтæ дис кодтой, зæгъгæ, Тъатье не ’хсæн уал азы дæргъы иунæгæй, æнæ- мæнузæгъæгæй куы фæцард, уæд, зæгъ, ын нырмæ кæм уыдысты, ацы разагътайы хиуæттæ? Иу дзы йæ къæсæрæй Тъатъейы абæрæг кæныны охыл, йæ къах куы никуы æрбавæрдта. Сæхи Тъатъейы хиуæттæ чи хуыдта, уыдон къуымты зылдысты æмæ дзы хæссынæн бæзгæ цы уыд, уыдон сæ хы- зынты æфснайдтой. Хатт-иу бахъæлæба сты, райхъуыст- иу се ’хсæнæй: — Цавæр тъыссæнтæ у, йæ фæллой иууыл хъуамæ дæ хъуыры аирвæзой?! Фæстагмæ йæ «хиуæттæ» тæрхон райдыдтой, хæдзарæн чи схицау уыдзæн, зæгъгæ. Иутæ дзырдтой, ауæй йæ кæнæм æмæ æхца кæрæдзийыл байуарæм. Иннæтæ дзырдтой, зæгъгæ, дзы алчи дæр фæйнæ хатæны айсæд, дачайæн хорз
бынат у. Сæ дзырд кæрæдзийыл нæ бадт æмæ сын фæстагмæ хылмæ ахызт. Мардæн фæстаг хæрзбон кæнынмæ чи ’рцыд, уыдонæй бирæтæ фæстæмæ хъуыр-хъуыргæнгæ аздæхтысты. Сыхæгтæ дæр смæсты сты æмæ фæтæргай сты. Ирон æгъдаумæ гæсгæ мард хæссын афонæй раджы ахызт, фæлæ йыл хъуыдыгæнæг дæр нæ уыд. Æнæуый хист хæрынмæ чи ’рцыд, уыдон цæуыл хæст кодтой, хæрд уыд, æви нозт, скъæфтой сæ фæсвæд æмæ минас кодтой зæрдæхъæлдзæгæй. Æрмæст ма иу астæуккаг кары лæг Тъатъейы марды уæлхъус йæ зонгуытыл лæууыд æмæ йæ сæр тымбыл къухæй хоста. Иу расыг зылынбæрзæй лæппу йæм хæстæг бацыд. — Дæ хорзæхæй, цы йыл дæхи марыс, дæ цардаразæг уыд? Марой чи кодта, уый слæууыд, æмæ афтæ зæгъы: — Ацы хъæды рæмпæг хъæдгæсæй куыста, развæлгъау æм æхца радтон, зæгъын, мын æмбондæн æрмæг самал кæн, æмæ акæс, нал мæ хъæдæрмæг фæцис, нал ме ’хца, æмæ та ныккæрзыдта «оу ме ’хца, ме хца!» Бирæ фæхостой Тъатъейы хиуæттæ тымбылкъухæй кæрæдзи. Хæйрæг йæ зонæг, цас ма ахастаид сæ тох, фæлæ чидæр милицимæ фæхабар кодта æмæ сæ апырх кодтой... Изæры цыппар расыг лæджы рахастой марды чырыны, ничи рацыд йæ фæстæ, æрмæст Тъатъейы куыйтæ сæ къæ- дзилтæ тилгæ ныххал сты йæ фæдыл. Фæдæлсыджыт код- той марды чырын. Æрвонгæй йæхи Тъатъейы тугхæстæг чи хуыдта, уый ныр йе ’мбæлтты афарста: — Кæмæй уыд, кæй баныгæдтам уыцы лæг? — Иæ мыггаг ын нæ зонын, фæлæ мын æй иу лæг хъæды рæмпæг рахуыдта — загъта зылынбæрзæй лæппу æмæ зарæг ныццæлхъ кодта. Иннæтæ дæр ын бахъырныдтой. ОХ, АЦЫ 8-ÆМ МАРТ! Фæскуыст уайтагъд нæхимæ атындзыдтон. Уынгты уæй кодтой алыгъуызон рæсугъд дидинджытæ. Уæдæ... Сом æс- тæм Март у æмæ сæ хастой. Æз дæр мæ дзыппытæ бæргæ
Юмористон радзырдтæ . ^^ ч-е*. >^*0<*^ ^^ ^3^ 93 асгæрстон, фæлæ мæм иу сау къапекк дæр нæ разынд. Мæхи фæсмонæй хордтон, цы ’нцъылд иу сом мæм уыд, уымæй бæгæнытæ цæмæн нуæзтон? Мæхимæ куы баззадаид, уæд дзы ме ’фсинæн дидинджытæ балхæдтаин. Бахæццæ дæн хæдзармæ. Дуары цур мыл хæрхæмбæлд фæцис ме ’фсин, йæ къухы иу стыр хызын, афтæмæй. — Алæма, нæ лæг, цы мын балхæдтай, райсом сылгой- мæгты бæрæгбон у? Æз фæсырх дæн, цы хъуамæ загътаин. — Ницы кæны, Пируз, дæ лæвар дын фæстæдæр баком- дзынæн. Ныр та уайгæ æмæ искуы иу-цыппар килограммы дзидза æмæ æндæр истытæ алхæн. Хызын æмæ мын æртæ сырх туманы мæ къухты фæсагъта. Бæргæ мæ нæ фæндыд дуканитыл зилын, фæлæ ме ’фсины куыд фæхъыг кодтаин йæ бæрæгбоны размæ. Æнæуый дæр ын зæрдæлхæнынæн ницы алхæдтон, æмæ... Бахызтæн иу дуканимæ, бацин кодтон дзидза дзы кæй баййæфтон, уый тыххæй. Уæлдай æхсызгон мын уый уыд, æмæ дзидзауæйгæнæг мæ хорз хæлар Кимыц кæй разынд. Бамбарын ын кодтон ме ’рбацыды сæр, уый дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ фындз фенцъылдта. Æввахсдæр æм ба- лæууыдтæн. — Дзидза тæф кæны, уæлæ цыппæрæм дуканимæ хорз фы- дызгъæл æрбаластой, — мæ хъусы мын асыбар-сыбур кодта. Мæхи аппæрстон цыппæрæм дуканимæ, фæлæ байрæ- джы кодтон, фæцис уæйгонд. Рацæйхызтæн, фæлæ мæ цæст андæгъд къуымы асыччы æвæрд бæгæнытыл. Дыууæйы бынæй дзы рухс суагътон. Басгæрстон цалдæр дуканийы, фæлæ никуы ис фыдызгъæл. Иу ран мын баныфсæвæрдтой фондз сахатмæ. Мæ ахсæн мæ сæлхысчъытæ кодта. Мæхицæн загътон, цæй, ме ’хцатæй æртæ сомы бахардз кæнон, ме ’фсин кæд ницы зæгъид. Бахызтæн хæрæндонмæ. Райстон иу харчо æмæ къалбасы кæрстытæ. А-ныр æрбадон, афтæ мæм къуы- мæй чидæр рахъæр кодта. — Пируз, ацырдæм рацу! Бацыдтæн сæм, зонгæ лæппутæ, æз цы заводы кусын, уы- дон дæр уым куыстой, фæлæ сæ рарвыстой, нозтмæ æгæр
æмхиц кæй уыдысты, уый тыххæй. Сæ разы физонæг æмæ дæттæ. Бадис кодтон, зæгъын, ацы хатт æнæ нозтæй куыд лæууынц. Уалынмæ мын лæппутæй сæ иу мæ агуьгвзæ ми- нералон донæй айдзаг кодта. Агуьгвзæ мæ дзыхыл сдард- тон æмæ... Æмæ дзы кæд уыдис арахъхъ. — Фæлæуут-ма, лæппутæ, Дзауы суаруадзæн завод арахъхъ уадзын райдыдта? — Дæ дзыхыл хæц! Ам нозт кæныны бар нæй æмæ сæ суары æвгты барæй ныккодтам. Адæлæмæ сæ кодтам æмæ рацыдыстæм. Рæстæгæй кæйдæр афарстон. Æхсæз сахат мын загъта. О, о, — бакæрзыдта мæ зæрдæ. Æртæ сахат дзæ-гъæлы лекка кæнын, нырма иу хъуыддаг нæ сарæзтон, афтæмæй. Ме ’фсин та мын лекци фæрсдзæнис. Фæмидæг дæн цы дуканийы мын баныфсæвæрдтой, уым, фæлæ дуарæй бахизгæйæ, цавддурау баззадтæн: дзидза та уæйгонд фæцис. Мæхи та базары ’рдæм аппæрстон... — Пируз! Дæ къах мацæуыл скъуыр! - фæкастæн, æмæ рестораны размæ лæууыд нæ заводы æфтауцдоны раздæры гæс Хъæбатыр. Фездæхтæн æм, базонгæ дæн йемæ цы лæппутæ уыд, уыдонимæ: сæ иу — Морис, кæцыдæр хæ- рæндоны буфетгæс. Иннæ Димо, - арæзтады прораб. Мæ хур акæнут, æфтиагджын бынæтты кусджытæ: сæ гуыбынтæ се ’вдисæн. Хъæбатыр мæ раппæлыд йе ’мбæлттæн, Пирузы цур, дам, лæг куы амарай, ма, дам дзы фæтæрс. Тыхæй мæ баласæгау кодтой мидæмæ. Бæргæ мæ нæ фæндыд, фæлæ ирон æфсарм, цы бакодтаин? Фынгыл февзæрд физонджытæ, фыдызгъæл къуыдыр- фыхæй, сæнтæ, арахъхъ æмæ æндæр хæринæгтæ, мæ фыны дæр сæ никуы федтон, ахæмтæ. Бадт бацайдагь. Сылгоймæгтæн куывтой æмæ æз дæр разы уыдтæн семæ. Бынтон срасыг дæн. Хъуыды ма кæнын, мæ дзыппæй систон æхца, радтон сæ официанткæмæ, иу пъа дæр ма йын акодтон, загътон ма йын, цæмæй сæнтæ æрхæсса фынгмæ... ...Райхъал А^а æхсæвы. Талынг. Мæ зæрдæ дон æрца- гуырдта. — О, не ’фсин! — мæ хъæрæн мын дзуапп ничи радта.
Юмористон радзырдтæ Ч ц ^.у^^О^^^/Ы^ Зивæггæнгæ растадтæн. Бацыдтæн мæ бакомкоммæ, ме ’фсины сынтæгмæ: — Æнæрай хуыр-хуыр фæкæн, кæд дын хуыргæвдæн кард дæ хурхы ничи нытътъыста, — бауыгътон æй, — стæй мæ зæрдæ фæфæлмæн, цæй, зæгъын ын иу пъа акæнон. Мæ былтæ йæм æрхастон æмæ... О, дунескæнæг! Туг сæрæй къæхтыбынмæ ныццавта. Сæрыхъуынтæ барц алæууыдысты. Мæ былтæ кæд аныдзæвдысты ме ’фсины былты бæсты... нæлгоймаджы рихитыл. — Ох, мæ худинаг куыд ныхъхъæр, гъе! Мæ сæр мын ралыг кодта! Дæ лæг дæ фарсмæ æмæ ды та æндæримæ! ...Ныббогъ кодтон мæ хъæлæсы дзаг æмæ сыл дыууæ къухæй ралæууыдтæн хæфт-хæфт. — Чидæр мæ йæ къæхтæй асхуыста. Мæ сæр сынтæджы гопмæ ахастон. Цæстытæ цæхæртæ акалдтой, русыл цыдæр хъарм æруад. — Утт! Фидиссæгтæ! Лидзгæ нæ кæнынц, фæлæ кæд но- джы лæууынц ныхмæ! — нырдиаг та сыл кодтон æз æмæ сыл сынтæгмæ мæхи ныппæрстон. — Фæлæу-ма, цæуыл мæ марыс?! Æз Хъæбатыр дæн, ды та чи дæ? — мæ бынæй сыхъуыст кæйдæр хыр-хыр. — Хъæбатыр нæ, фæлæ Советон Цæдисы Хъайтар куы фестай, уæддæр дын æнæмаргæ нал ис! Кæй фæхудинаг кодтай, куыдзы гуыбынæйдзыд! Кæм ис, кæм, уыцы къах- бай та, мæ къух ыл куы нæ хæст кæны, уæд... Уалынмæ дуар байгом, рухс ссыгъд æмæ нæ уæлхъус алæууыдысты дыууæ милиционеры. — Цæуыл кæрæдзи хæрут?! Знон дæр ма кæрæдзийæн ад- джын пъатæ æмæ хъæбыстæ куы кодтат. — Стай-тай ныл кодтой уыдон. Акастæн мæ алыварс, æмæ дзы уыд цалдæр «хъæбаты- ры». Æрхымпырдтон, хæдзары нæ, фæлæ кæй дæн æрвонг- гæнæндоны. Мæ фарсмæ уæлгоммæ хуыссыд нæ заводы æфтауцдоны раздæры гæс Хъæбатыр. Иæ фындзы туг калд, æвæццæгæн ыл мæ цæфтæ сæмбæлдысты... — Ох, ацы 8-æм Март! - утæппæт фыдбылызтæ мыл дæу тыххæй æрцыдысты!
^^^^^^о^^ «МÆРДТÆЙДЗÆУÆГ» Рагæй кусы Бæппынаты Кæлимæт Хускъададжы хъæуы фарастазон скъолайы ахуыргæнæгæй. Горæттаг чызг уæв- гæйæ, бирæ бауарзта Хуыскъададжы хъæуы æмæ алы сæрд дæр баззайы уым. Сæрды райдианты иу къуырийы бæрц ауайы горæтмæ, фены йæ мад æмæ йæ фыды æмæ та йæ тъæпп хъæуы фæцæуы. Æмæ, афтæ æнхъæл стут, æнæхъæн мæй дзæгъæлы фæбады, куыннæ стæй! Дары фос. Кусы колхозонтимæ, стæй фæсивæдæн сарæзта драмон къорд æмæ колхозонтæн февдисынц спектакльтæ. Фыццаг хатт скъолайы агъуысты йæ разамындæй Брытъ- иаты Елбыздыхъойы «Дыууæ хойы» куы равдыстой, уæд хъæубæсты кадджын æмæ æгъдауджын сылгоймаг Дзаппа йе ’нгуылдзæй рафтыдта сыгъзæрин къухдарæн æмæ йæ балæвар кодта Кæлимæтæн.. Нæ йæ куымдта, фæлæ йæм хъæубæстæ куы ’рхатыдысты, уæд сразы. Мæнæ та ралæууыд сæрд. Кæлимæт цæуы горæтмæ. Ма- шинæвæндагмæ куы ’рхæццæ сты, уæд фæстæмæ раздæхта йæ фæндарастгæнæг дыууæ лæппуйы æмæ йæхæдæг йæхи ’руагъта фæндаджы былыл, суадоны цур хъæды лыгга- гыл. Иу дзæвгар алæууыны фæстæ фæзилæнæй æрбазынд автомашинæ. Хуырвæндагыл гæппытæгæнгæ цыд Кæ- лимæты ’рдæм. Иæ цурмæ куы ’рбахæццæ, уæд фæурæдта æмæ йæм шофыр рахъæр кодта: «Гуыффæмæ схиз, мæ хо- йы хай, кабинæйы бынат нæй». К^елимæт бакасг кабинæмæ æмæ, æцæгæйдæр, шофыры фар- смæ бадтис дыууæ лæджы. Сæ цæсгæмтгæ æрхæндæггъуыз. Кæлимæт схызт гуыффæмæ, æмæ фыртасæй базырзыр код- та. Гуыффæйы уыд марды чырын. Гуыффæйы иу кæронæй иннæ кæронмæ цы æфсæн рæхыс уыд, ууыл ныззезелæг. Æвиппайды арв сау мигътæй æрбацасæста, сдымд- та æнахуыр дымгæ æмæ къæвда ныккалдта. Кæлимæты сæры фæзынд диссаджы фæнд: - ардыгæй мыл горæтмæ куы фæуара, дымгæ мыл куы фæдыма, уæд фæнизджын
Юмористон радзырдтæ у^^^^^^^О^^^^^9^ уыдзынæн, цæи æмæ марды чырыны ныххизон. Тæрсгæ-ризгæ, зивæггæнгæ ныххызт чырыны æмæ хъар- мы афынæй. Машинæ цалдæр раны баурæдта. Схызт ма цалдæр бæлццоны. Иуран машинæ дурыл сгæпп кодта, та- бæты сæр иуварс абырыд æмæ Кæлимæты цæсгом разынд. Ацы ныв фенгæйæ иу ацæргæ ус бахъарæг кодта. «Дудгæ фæбадай, цæрынхъуагæй чи ацыд...» Разынд ма йын «гъе-гъе»-гæнджытæ дæр. Кæлимæт кæ- уынмæ райхъал, фыццаг йæ иу цæстæй скаст, стæй йæ ком айвæзта æмæ тарстгьуызæй растад. Ацы ньгв ауынгæйæ, гуыффæйы уæвджытæй чи куыд сæрæндæр уыд, афтæ гæпп кодта. Иу мызыхъхъарæзт лæп- пу та кабинкæйы сæр æрхоста æмæ ныхъхъæр кодта: — Бауромут! Уæ мард рабадт! — æмæ гуыффæйы сæрты йæхи фехста. Шофыр дæр фæурæдта, зæгъгæ, цы хабар у? Рагæпп кодта, æмæ хорзау нал уыд уый дæр, зæххыл хаудæй куы федта йæ бæлццæтты, уæд. Кæмæн дзы йæ сæры туг калд, кæмæн йæ фындзы. Хъарæггæнæг ус йæ зонгуытыл лæууыд æмæ йæхиуыл дзуæрттæ æфтыдта. Иæ аразгæ дæндæгтæ та йæ разы хаудæй лæууыдысты. Бæлцæттæ фесты рог цæфтæ. Фыццаг фæхъуыр-хъуыр кодтой, стæй фæхудтысты æмæ сæ алчи йæ фæрныг хæ- дзармæ афардæг. ДИДИНÆДЖЫ ХАБАР Астæунарæг, хъуымбылдзыкку, гуырвидыц, сауæрфыг чызг Цуцунаты Дидинæг стыр хъулон хызын йæ къухы ай- ста æмæ, йæ сæр мæлхъау бæрзæндты хæсгæйæ, тасгæ-уасгæ араст базармæ. Куыддæр базары асинтыл фыццаг къæпхæнмæ ных- хызт, афтæ йын йæ цонгмæ бавнæлдта иу сырхуадул, бу- рахуырст, тæппузбыл сылгоймаг æмæ, йе стыр былтæ фæ- цъуппгæнгæйæ, Дидинæджы хъусы бадзырдта: — Ацы къукъла чызг, дæ аккаг кофтæ мæм уæййаг ис. Дидинæджы рагæй хъуыд кофтæ æмæ бацин кодта: *7
У^О^ЬС^^^ ОстьатыАмт — Гъе, хуыцау дæ сараза, цас æй кæныс? Бирæ нæ, æхсæз туманы, Румыны уагьд у, — загьта тæппузбыл æмæ йæ дæндæгтæ ноггыхт фиуау бурæй фæзындысты. — Го, гъо, мæ мызды æрдæг дæуæн куы радтон, уæд ма ин- нæ мыздафонмæ хæргæ та цы кæндзынæн? — бадиссæгтæ кодта Цуцунаты чызг. — Фæсмон нæ фæкæндзынæ, рауай-ма, фен æй. Уыцы ныхæстæм йæ къух Дидинæджы дæларм, рагон зонгæйау, фæтъыста æмæ йæ машинæты фæстæмæ баскъæфæгау код- та. Газеты тыхтон айхæлдта æмæ æрвгъуыз кофтæ авæрдта Дидинæгмæ. Æцæг, диссаджы кофтæ уыд, йæ зæрдæмæ фæцыд чызгæн. Фæлæ кофтæ фæстæмæ стыхта æмæ йæ тæппуз былмæ радта. — Мæ мадыхай, ам мæм фондз туманы æмæ фондз сомы йедтæмæ нæй æмæ... — Ницы кæны мæ чызг, ахæсс æй уыцы аргъыл, ирон адæм не стæм? — Иæ хъуыры фæбадт тæппузбыл. Дидинæджы зæрдæ хурварс абадт æмæ æхца радта усмæ. А-ныр тыхтон райса, афтæ та тæппузбыл калмау ныссыф-сыф кодта: — Сырххудджын, сырххудджын! — æмæ тыхтон фæстæмæ хызыны ныррæцыгъта. Акаст Дидинæг æмæ дзы сырх ху- димæ суыдта иу сылгоймаджы. —Уыцы сырххудджын зындгонд артисткæ Цæгæраты Пепе- на у, — æмæ цыдæр дызæрдыджы каст бакодта сылгоймагмæ. — Уый нæ, мæнæ ам дæлæмæ иу милиционер ахызт æмæ... мах сæ сырххудджынтæ хонæм. Æмæ йын хызыны цы къух тæлфыд уый ноджы схæлбурцъ кодта, тыхтон систа æмæ йæ Дидинæгмæ радта, йæхæдæг адæмы ’хсæн дæлимонау фæтары. Дидинæг цингæнгæ, йæ тыхтон йæ риумæ нылхъывта æмæ, йæ хъулон хызын тилгæ фæстæмæ тасгæ-уасгæ ра- раст. Сæ хæдзармæ куы схæццæ, уæд йæ тыхтон йæ фæстæ амбæхста, стæй йæ сæр иуырдæм фæкъулкæнгæйæ йæ мады раз алæууыд: — Базон-базон гыцци, цы балхæдтон? — йæ мадмæ дæр нал фæлæууыд, тыхтон айхæлдта æмæ хорзау нал фæцис. — О, æнæрай макуы фæуай, дыууæйæ хуыйæн фабри- кæйы куы кусæм, уырдьггæй не ’рбахастаиккам хъуымацы
Юмористон радвырдтш ^ ^^^ф^^ыЗ гæппæлтæРÆлхæнгæ ма сæ цæмæн кодтай?Æниу сæ чи рауæй кодта, уымæн цæсгом нæ уыд? — фæджихау мад дæр. — Фæсайдта мæ! Фæсайдта мæ! Мæ тыхтон мын фæив- та! — ныббогъ-богъ кодта Дидинæг. — Цы кодтай, чи дæ фæсайдта?! — хорзау нал фæцис мад дæр æмæ йæ уæрджытæ æрхоста. Сæ цъæхахстмæ сыхæгты сылгоймæгтæ æрбамбырд сты æмæ чи мадмæ фæцис, чи та чызгмæ. — Фæсайдта мæ, гыцци, фæсайдта! — хъуыст Дидинæджы æрдиаг. Дам-думуарзаг сылгоймæгтæн рæстæг æрвитæн фæзынд æмæ се ’взæгтæ ныхтой. «Дæ разы йæ кæцыдæр лæппу фæрæдийын кодта, нæ хъусут, куыд æрдиаг кæны, - фæ- сайдта, дам, мæ. Чызгыл афтæ нæй æууæнк, гъе, ныр дæр- иу дзы йæ мад йæ сæр бæрзæндты хæссæА- Чъребайы йæ чызгæй хуыздæр æнхъæл нæ уыд. Уæдæ арвы дуар æрмæст æз федтон гомæй», — йæ цæстытæ фырцинæй æрттывтой, афтæмæй дзырдта, йæ чызгæн æнæлæгæй цыппар сывæллон кæмæн уыд, сыхæгты уыцы ус. Бирæ рæстæджы фæстæ Дидинæг куы басабыр, уæд радзырдта хабар. Кофтатæ уæйгæнæджы æддаг бакаст куы афыста, уæд сыхæггы устытæй иу йе ’рттæ кæрæдзийыл ныххоста æмæ афтæ зæгъы: — Амæй размæ та мын мæ лæгæн джинс хæлафы фсон шортик рауæй кодта! Æвзæр фæлитой, къахбай цыдæр! — Æтт æмæ ууыл рахæст у! Ахæмты адæмы раз хъуамæ фехсай! — сæ дæндæгты къæс-къæс цыд сыхæгтæн. Фыддæр та Дидинæджы мад Сабедойæн. Иу хур бон та Дидинæг базары цурты фæцæйцыд æмæ йæ хъустыл ауад сылгоймаджы цъæхахст. Кæсы æмæ дыууæ сылгоймаджы тымбылкъухæй хойынц тæппузбылы. Хъуы- сы сæ хъæр... — Æвзæр фæлитой, айразмæ мын къабайы æфсон гол- лаг цæмæн рауæй кодтай?! — æмæ та тæппузбылæн хафт. Хæйрæг йæ зонæг, сæ хыл ма цас ахастаид, кæцæйдæр фæ- зынд милицийы машинæ æмæ сæ аластой. — Ныр кæд зонд бамбарис, цъаммар, — йæ фæстæ адзыр- дта Дидинæг æмæ та тасгæ-уасгæ араст йæ фæндагыл.
^О^^^^аб^^ц^С^^^^а^^8^ > Остьаты Алан САСИНКЪА ÆМÆ ЛАДИКЪО Къуыдаргомы рæсугъддæр бынæттæй иу — Кеды комы Къозы цады былгæрæтты иу къахвæндагыл, йе ’ккой дыууæ стыр хьгзыны, афтæмæй тындзы къæсхуыртæгонд халассæр, ацæргæ сылгоймаг. Хызынтæ кæд афтæ стыртæ не сты, уæддæр, дардæй ракæсæгмæ афтæ фæзындзæн, цьгма цады былтыл хызынтæ сæхæдæг фезгъорынц: хызынты бын сылгоймаг ницы ахады. Æвæдза, Дунескæнæг арвы дуарæй йе сфæлдыст цæрæгойты бæрæггæнæг дæ-лæмæ æркаст, уæд уый дæр æнæмæнг фæдызæрдыг уыдаид: мæ армы бынæй ахæм куы ницы рацыд, уæд дæлæ уый цавæр маргъы мыггаг у? О, фæлæ куы фæкомкоммæ уа, иукъахвæндагыл тындзæджы хихуыд ирон дзабыртæм, уæд æй базондзæн: «Уый Сасинкъа куы у, Къозы хъæуы чъиригæнæг. Бæлцуаты уыд, æвæццæгæн, рагæй нал скалд уыцы хъæуæй хусысмаг, рагæй дзы нал сыхъуыст кувæджы бæзджын хъæлæс, стæй дзы нал райхъуыст тардзæгъдæнхъæлæба дæр. Уæдæ та сæм митæ уыдзæн, митæ, йæ сыхаг - хъæубæсты чъирикувæг Ладикъоимæ!» — Дæ уд ауайæд, уый дын, гъе, кæд дæ цæмæй фæтарстæн! - уый Сасинкъа дзуры, уæлбыл, бæрзонд назбæласæй цы æнахуыр маргъ ныхъхъыллист кодта, уымæ. — Мæ хъуы- дытæй мæ фæиппæрд кодтай, ныр ма мын кæд æрбамбырд уыдзысты? - хъæдырдæм йæ сæр æвзидæджы тылд бакодта æмæ та сиргæцыдæй атындзыдта хохаг сылгоймаг. - Цьгмæ куьгд у, куьгд уьгцьг лæг? Рынчынæй йæ ньгу- уагьтон, фæстаг рæстæджы йæ туджьг æлхъьгвдад бьгнмæ- уæлæмæ кæньг. Æгæр дзьг афæстиат дæн, æгæр. Мæ аххос дæр нæ уьгд, мæ аххос. Мæ хъуг! Хъуг ма, гъо, фæлæ мæ дыгæрдыг фыццагзæддон у æмæ йьтн, мæ нымадмæ гæсгæ, майьг фьтццаг æмбисмæ курьг, æниу ма ныр уыдæттæм чи кæсьг? Дæлæ Къолатæ чындз æрхастой æмæ йьтн цыппар мæйьг фæстæ фаззæттæ куьт райгуырд. Æмæ уæлæ нæхи Апъалонтæ хъуг куьт балхæдтой, заинаг æфсон, уартæ
Юмористон радзырдтæ ^ ^^^^^^^^^^1 чеселттаг Филуцайæ! Заинаг нæ, фæлæ сæм цыппар азы дæргъы иу зад дæр куы нæ ныккодта, иу зад. Искæмæн дæ тæнхъæнджын пуси хъуджы ауæй кæн, дæ пуси хъу- джы, заинаг æфсон. Ахæм сайд фæкæн искæй! Мæ хъут, мæ хъуг... Ладикъо мын мæ фосыл зæфцы фыдæй ницы зиан æруадздзæн, фæлæ ма йын йæхи удымидæг куы бай- йафин. Ох-ох-ох, æгæр афæстиат дæн Чъребайы, æгæр! — катайгæнгæ йæхиимæ хылгæнæгау тындзы сылгоймаг... — Омæ мæ аххос дæр нæ уыд, уыййас хабæрттæ дзы фехъуыстон, уыййас хъуыддæгтæ дзы базыдтон æмæ дис- саг! Куы ницы мæ дзы ферох уаид. Кæд сæ сындæггай хъуыды кæнин, уæдæ сæ Ладикъойæн дæр иу дзырд кæцæй ракæндзынæн. Æрмæст ма йæ дзæбæхæй куы баййафин... Гъеныр æз адæймаг а^^? Ахæм дзæбæх бон æмæ æз та цыхуызæн зæрдæмарæн, ныфссæттæн хъуыдытæ кæнын? Удæгас уыдзæн, уæдæ цы уыдзæн? Дурты бын æй куы бакæнай, уæддæр ын мæлæт нæй! Дурты бын конд æрцæуа! Сау фæлмæст дзы бакодтон, сау быны фæлмæст: — Са- синкъа, мæ дзаумæттæ ма мын ахс. Сасинкъа, ссад дæм æрбадавон æмæ мæ фаг дæр хыссæ ранæм. Цыма мæхи ссадæй куы сфыцын дзултæ, уæд ын дзы нæ бадæттын. Марг бахæра! Исты дзы куы сриссы, уæд та мæ дуармæ ’рбалæууы, Сасинкъа, исты мын аххуыс кæн, мæлын мæ ма бауадз! Цыма æз Чъребайы судзинаразджыты скъола каст фæдæн, кæнæ Барастыры хæдивæг дæн? Дæ рæстæг куы ’рцæуа, уæд афтæ ныммæлдзынæ æмæ хур нырма уæлейау уыдзæн. Кæд æхсæв мæла, уæддæр арвæй стъалытæ нæ расхъиудзысты, Ладикъойыл фыдох кæнгæйæ. Мæлынæй та афтæ тæрсы æмæ дзы цыма агургæ æмæ æнæссаргæ уд хаудзæн! Цыма мæрдтæм фæндаг уый гæрддзæн. Кæд ын мæлæт хъысмæт не сныв кодта, уæддæр мæлæты тæсæй мæлдзæнис. Мæлынæй та куыд хъуамæ тæрсай, уæлдайдæр уый цахъхъæн лæг! Адон та цы сты?Æ, сау бонтæ, мачи мæ фехса, нырма цы рацардтæн?! — сылгоймаджы раз, къахвæндаджы уæллаг фарс рæнхт>æвæрд уыдис цалдæр хæдæхсы. Бандзыгау йæ мидбынаты Сасин- къа. Барызт йæхимидæг æмæ æнæуыйдæр къæсхуыртæ конд сылгоймаг ноджы æрбампылæгау кодта. — Цымæ кæй уой? Кæцæй æрхаудтой ардæм? — лæм-
^>Ч ^^Д^^У^ > Остъаты Апан бынæгдæр айхъуыста, дæлæуæзæй йæм сыхъуыст фæрæты къупп-къупп, йæ уæлвæд та хырхы хъæлæба. — Чидæртæ та хъæдмæ баирвæзтысты. Æдзæсгæмттæ! Фæстаг рæстæджы йæ æгæр ныхъуырын райдыдтой. Ахæм бирæгъы лæбурд æм кæнынц, æмæ диссаг! Мæнæй-ма, уæлæ, дам, Тотырты сиахс Майрæмададжы æмæ Дзæуджыхъæуы танчы цур ахæм хæдзæрттæ балхæдта, ахæм, æмæ, дам, Бетьырбухы Никъа- ла паддзах кæм бадтис, уыцы галуан сæ цуры рыг дæр нал калы, рыг! Иу раст, фадынæн бæзгæ бæлас нал ныууагъ- та ацы комы. Дæлейæ йыл цыдæр хицæуттæй фæхæцæг уыд æмæ фæуæй кодта дунейы хъæдæрмæг. Æрæджы та, дам, æруад, цыдæр стыр бынат куырдта йæхицæн, фæлæ, дам, æй тæфтыл нал æруагътой, тæфтыл. Фæхæцæг ыл кæмæй уыд, уыдоныл дæр, дам, йæхи баппæрста, фæлæ йæ ницæмæуал ’рдардтой: — ьгвласт, дам, фæивта ывласт æмæ, дам, нæхæдæг мæнæ кæвдæсы æддейæ аззадыстæм æмæ ма, дам, нæ ды ’ндавыс! — мæ фыдбылызтæ, дам, аха- ста, мæзæрдейæ йæ фыд Пикъуыны зианмæ дæр не ’рцыд. Цæугæ, чизоны, æркодтаид, такс æххуырсын æй нæ хъуыд, фæлæ, дам, ын Чъребайы прокурортæ йæ хæрдтытыл æмæ йæ паплæйттыл папкæйы дзаг гæххæттытæ бакодтой æмæ ахсынæй фæтарст. Уый дæр хъæд цæгъдынæй райдыдта йæ æхцакусæн бизнес. Адон та цымæ чи сты? Гуырдзиæгтæ айонг не суæндыдаиккой, фæлæ та нæхи мæлинæгтæ уы- дзысты æнæмæнгæй. Амæйразмæ дзы иутæн хорз фæдæн, сæ машинæйы донкæнæны сын дыууæ къиломæ ’ввахс цæхх аскъæрдтон, мæ чындз мын æй бацамыдта, йæ нывонд мæ зæронд сæр фæуа! Искуы, дам-иу, Мушкъел расыгæй машинæйыл цæуынвæнд куы скæна, уæд, дам-иу, афтæ сараз æмæ, дам, машинæ йæ бынатæй нал аккуырсдзæн. Адонæн та цы маст скæнон, машинæ дæр дзы куынæ уынын? — ис- дуг хæцæнгæрзтæм æвналын нæ уæндыд, стæй, цæй, цы уа, уый уæд, зæгъгæ, хызынты зæххыл авæрдта, йæ алыварс ма ахъахъхъæдта, стæй автоматтæй дыууæ йе уæхсчытыл ацауыгъта, æртæ та дзы йæ цæнгтыл сугамад акодта æмæ фыдæлтыккон назхъæды фæаууон. Уæлоз сæ иудзæвгар схаста, назбæласы бын сæ æрæвæрдта æмæ йæхæдæг дæр сæ фарсмæ æрбадт...
Юмористон радзырдтæ — Уæ рымысæгæн та цы загъдæуа? Дунейы адæмы æмбис фæкодтат! — хæцæнгæрзтæм æлгъгæнæджы кастæй кæсгæйæ, загьта Сасинкъа æмæ æвиппайды фестад: — Сау бонтæ! Мæхæдæг ам æфсæйнæгты цур бадын, мæ хæссинæгтæ та бынæй баззадысты, — æмæ та ауырдыг кодта сылгоймаг... — Кæд ма исты зонын, уæд мын мæнæ ам уыдысты. Уæртæ уагъылыйы къутæр — йæ уæлæ цъиуахстон. Дæлæ уыцы хъилдур — мæлдзыджыты губакк дæр йæ фарсмæ. Уæргæ уанцьылытæ — сæ быны къодах. Уæдае ацы бæлæсгæ дæр ам уыдысты æмæ ма кæм зæххы скъуыды ныххаудтой! — сдыууæрдæм сылгоймаг. Чизоны сæ искуы ацауыгьтон, зæгьгæ, бæлæстыл йæ цæст ахаста æмæ йæ фæуадзыгмæ бирæ нал бахъуыд. Сылгоймагмæ, пæлæхсар тæрсбæласы цонгыл бадгæйæ, кастис, лыстæг хъулон дарæс кæуыл уыд, ахæм зачъеджын æвзонг, саулагьз лæппу. — Цы цæртты кæсыс? — æрдзырдта йæм лæппу. — Мæгуыр, тарст сылгоймаг йæхи бауигьæгау код- та, ирон ныхас куы фехъуыста, уæд, æмæ йæхи бакъултæ кæнгæйæ, ралæмæрста: — Мæ хызынты агурын, дæ нывонд. — Æмæ дæ хызынтыл къæхтæ уыд, дзæгьæл дын раисты? Æви дын базыртимæ уыдысты æмæ уалдзæджы хъазтау тæхгæ ракодтой, и? — Саубонтæ, чизоны, Чъребайы ахæстонæй чи алыгьд, уыдонæй у, ахæстоны къул, дам, уидыгæй акъахтой æмæ, дам, цалдæрæй афардæг сты, базары устытæ дзырдтой, фæлæ ай æнæмæнгæй Къуайсайы лæппутæй уыдзæн. Иæ хъæбæр ныхасæй бæрæг у, — фæныфсджын ис Сасинкъа æмæ, хæрдмæ йæ цæстытæ сдзагьултæ кæнгæйæ, сдзырдта: — Тæхгæ ракодтой, æви дзæгьæл раисты, уый дæ хъуыд- даг нæу, фæлæ мын мæ хæссинæгты сæ бынаты куыд æрæ- вæрай. Авдмæ нымайын, науæд дæ диссаг Кеды комы баззайдзæн! Ахæм лæгуын дæ ныккæндзынæн, æмæ дын Къу- айсайы дохтыртæ Мития æмæ Улиана дæр ницыуал бахху- ыс кæндзысты! Уæлæ цы ис, уæлæ, хæлынбытгыр царыл йæ лыстæг къæхтæй йæхи куыд æрцауындзы, раст æуый хуызæн! — Исты мæм уыныс? Цæй хызынты кой кæныс? — Уынын дæм, æви нæ, уый мæнмæ нæ хауы, фæлæ мæ
^О^^^^^^^^в^^^^^в^ у Остьаты Алан хызынтæ! Нымайын райдыдтон... Науæд уым та цы кусыс? Æнæсыкъа хæйрæджы хуызæн! — Мæнæ чъиутæ кæнын, — мидбылхудгæ й^м æрдзырдта лæппу. —Æмæ дын цалынмæ дæ чъиуæууилæнтæ дæ мад сырхæй нæ федта, уæдмæ мын мæ хызынты сæ бынаты æрæвæр! Æмæ дæ кæдмæ фæнды, уæдмæ тæрсбæласыл чъиутæ кæн! — «Цьгдæр зонгæйы æнгæстæ мæм кæсы», — ахъуыды кодта Сасинкъа. — Æрхизæн мын нæй, æнæхъæн къуыдаргом мæм куы ныххатой, уæддæр, — æрдзырдта йæм лæппу æмæ йæхи æн- дæрæрдæм кæсæг скодта. — Писийæ дæ исчи бандæгъта æви бæласы зокъо дæ, куыд нæ дын ис æрхизæн? — Хъахъхъæнæг дæн æмæ мæ ма хъыгдар, — лæппу та акаст иннæрдæм, æмæ æхситтæй базарыд. — Æмæ хъахъхъæнгæ та кæй кæныс, æвæццæгæн, дын дæ мад Хуыгианмæ Бахъхъ-бахъхъ уæйыг скъæфынмæ æрба- цæуинаг у æмæ уый размæ бадыс? Ацы ныхæстæм лæппу фергъуыйау, фæтыхст æмæ бæласы къалиу куы нæ ацахстаид, уæд сылгоймаджы раз йæ уæлхъ æнæмæнг фæцыдаид. —Хауыс æмæ дын дæ фыд Муссæйы радзæхсты хуызæн нæ фæуыдзæн. Лæппу ноджы сдыгъуырццæг, бæласы къабузыл æрбы- рæгау кодта æмæ ма йæ зæхмæ иуцасдæр куы хъуыд, афтæ æргæпп ласта. — Кæцæй базыдтай, дæ хорзæхæй, æмæ уыдоны лæппу дæн? — дисхуызæй йæ афарста æмæ нæудзармыл фæбадæг. Æрбадт Сасинкъа дæр йæ фарсмæ. — Куыд дæ кæцæй базыдтон? Иуæрдæм куы акастæ, уæд дæ фыды фыд Карумы цæрмыстыгъд бакодтай. Дæ цæстытæ — дæ мады цæстытæ. Де сныхас — дæ фыд Муссæйы ны- хас, æмæ ма уæдæ, чи дæ, уый тыххæй Дзау æмæ Къуайсайы милици базмæлын кæныны сæр цæмæн хъуыдис, æнæуый дæр сæ агуринæгтæ æмæ сæ кусинæгтæ хъуырмæ куы сты, уæд? — сылгоймаг æрбахъæбысау кодта лæппуйы. — Тарст зыгъарæджы каст мæм цы кæныс. Хызынтæ кæм сты?
Юмористон радзырдтæ ^Ч.^^^>вз^О*-^^&^>в^ Щ — Хызынтæ дæр дард не сты, Сасинкъа, фæлæ, хызынты бьгнаты цы уыдис, уыдон та цы фесты? — Дæхæдæг та мын мæ ном кæцæй базыдтай? — Ладикъоимæ уæ Гуфтайы фездæхæнæй суанг Рацъы коммæ алчи дæр зоны, — бахудт лæппу, — стæй-иу дæ нæхи- мæ дæр ауыдтон. — Сасинкъа дæ нывонд, хъæбул, дæ фыды мад Нанио- нимæ адджынæй цæрæм, абон дæр мæ суанг Фæсрагъы онг схизын кодта. Базæронд уый дæр... Æниу, æз мæхæдæг куы базæронд дæн. Æмæ ам та цы кусут? — Мæнæ лæппутимæ хъæд цæгъдæм. — Афтæ бирæгъы лæбурд æм куы кæнат, уæд чысыл фæстæдæр цады был иу бæлас дæр нал баззайдзæн æмæ мæ кæд Хуыцау нæ мары, хур мæ уæддæр цæвдзæнис. Иу аууондарæн бæлас дзы куынæуал уа, уæд... — Махæн бар ис. Стæй сæ нæхицæн нæ цæгъдæм. — Алчи та, бар нын ис, фæзæгъы. —Æцæг зæгъын, кæмдæр цыдæр аразæм æмæ нæ хъæдæр- мæг хъæуы. —Æмæ цы аразут, уымæн зæгъæн нæй? Дунейы сусæгдзи- нæдтæ куы рахъæр сты, дæлæ Сафары лæппуйæн фараст азы размæ иу усæй лæппу райгуырд æмæ ма уый дæр къу- ырийы размæ куы рахъæр... уæд уагæры сымахæн цавæр сусæг хъуыддаг у? — Зæгъæн ын нæй æмæ фæци!.. — Ой, уæхицæн сæ цæгъдут æмæ ма цы рафсон-бафсон кæныс, цы мæ сайыс, цыма студент чызджытæй-дæн. Мæнæ уал дæлæмæ афтон, а-чызг иуристтæн ахæм хъасг ныффыс- сын кæндзæн, ахæм ранмæ йæ бадæтдзынæн æмæ уын уæлæ нæхи Илары адвокат лæппу дæр ницыуал баххуыс кæндзæн. Уартæ Синагуры æрдьггæй та иу сабæлуд бæлас нал ныууагъ- той, æмæ æуый цы у?! Ацы зæххыл цæрынвæнд нал кæнут? — Синагурæн ницы зонын, фæлæ лæппуты хъæдæрмæг хъæуы. — Лæппуты хъæдæрмæг хъæуы, — сфæзмæгау æй кодта Сасинкъа, — æмæ Синагуры дæр сабæлуд бæлæсты сыл- гоймæгтæ нæ ныццагътой, нæ! Уым дæр сæ дæхуызæттæ фæдæлæмæ кодтой, гъе.
10^^. ча ^а^О^. ^^ ^^. л Остъаты Алан — Ой, Сасинкъа, мæсты ма кæн, хъуыддагæн нæ хъæуынц. Дæхи, дам, æппæт зонæг куы фæхоныс, мæнæ мын мæ дарæсмæ æрбакæс æмæ... нæхицæн бынæттæ аразæм... — лæппуйы ма цыдæр зæгъын фæндыд, фæлæ Сасинкъа фæразæй. — А, а, а, абон Фæсрагъы къуылдымæй бынмæ кæсгæйæ цыдæр федтон, — бацинау кодта сылгоймаг. — Цы федтай уагæр афтæ? — къахæджы фарст æй акодта лæппу. — Зæгъæн ын нæй. Ницæй тыххæй! — йæ цæстытæ йæм фæдзагъул кодта ус. — Æмæ æнæуый Нанионимæ хъаст куы фæкæнут, цæс- ты — рухс нал ис, зæгъгæ, уæд ды цыдæр куыд федтай дард- мæ? — Гъе, хъæбул, хорз хъуыддаг дардмæ зыны, хорзмæбæллæг та йæ æнцонæй фæуыны. Уæ нывонд мæ зæронд сæр. — Цæй, æз дын дæ хызынты æрбадавон, — лæппу фестад æмæ уайтагъд дыууæ хызынимæ фæстæмæ фездæхт. Усы цур сæ авæрдта æмæ йæм фæлмæн, худгæбылæй бадзырдта: — Гъеныр та, Сасинкъа, автоматтæ кæм сты, уый мын ацамон æмæ сæ æрбаскъæфон. — Саубонтæ, авдымæддæ та цы сты? — Авдымæддæ нæ, фæлæ автомат — æхсæнгарз. — Мæгуыры бонтæ, æмæ æз хуымæтæджы ирон топпæй дарддæр, ахæм æхсæнгарз уынгæ дæр куы никуы фæкодтон, уынгæ! — Уæдæ ма мæнæ ардæм æркæс! — лæппу йæ дзыппæй цыдæр систа æмæ йæ бадардта сылгоймагмæ. — Æмæ уый цæй автомат у, ахæм дибилни мæхимæ дæр ис, мæ лæппу мын æй балхæдта, йæ нывонд фæуон! — æмæ цыдæр æнæууæнчы каст бакодта лæппумæ. — Дибилни нæ хуыйны, фæлæ мобилни. Кæс, æмæ дын дæ хъуыддæгтæ фенын кæнон. Лæппу цавæрдæр джыбы фелхъывта æмæ райхъуыст Сасинкъайы дисы хъыллист. — Мæ ныв та дын чи радта? Кæцæй дæм бафтыд? — Давгæ-давын дын сæ систон. Кæсыс, мæнæ автоматты систай, фæцæуыс. Ныр, цыфæнды «нæ уыдтæн нæ уыдтæн» куы кæнай, уæддæр ацы нывтæ сты факттæ. Федтай, хъу-
Юмористон радзырдтæ у ^у^^р^^^ 10,7 ыддаг аразгæ дын дæ нывтæ систон æмæ дын адвокаттæ нæ, фæлæ дыууиссæдз прокуроры дæр ницыуал баххуыс кæндзысты. — Дæ буррондз дæ хъæлæсæй макуы фæкалай, уæдта зæронд, фæллад ус бæласы бын æндæр исты хъуыддаг... æмæ дæ уый куы базыдтаин, афтæмæй мын мæ нывтæ си- стай, уæд дæ мæ къухтæй ’гас Къуайсайы цæрджытæ куы нæуал скъахтаиккой! Суай, дæ нывонд, комкоммæ ссу æмæ пæлæхсарцонг назбæласы бын сты. Лæппу фестад æмæ хъæды фæаууон. — Тæхудиаджы кæстæр! Иемæ ныхасгæнгæйæ мæ фæллад æрбайсæфт, æнæуый та хæрæджы цыд фæкодтаин хъæумæ. Иæ номæй дæр æй куынæ афарстон. Мæгуыр, хорзау нал уыд, бæласмæ йæм йæ мад æмæ фыды нæмттæй куы сдзыр- дтон, уæд. Æмæ дзы мæхæдæг куыд тарст фæкодтон, куыд тарст. Цалдæр азы ауылты цæуын, уæдæ дзы æнафæтты дæр бирæхатт ацыдтæн, уæдæ дзы цынæхуызон сырдыл бамбæлдтæн, фæлæ дзы абоны хуызæн тас никуы бав- зæрстон. Бæласыл бадгæ йæ куы федтон, уæд мæ бауадзыгмæ бирæ нал бахъуыд. Раст ма, мæ мæгуыр лæджы фæдыл мæ бинонты æвастæй куы алыгътæн æмæ мæ фæдыл лæбурæг куы балæууыдысты мæ фыд æмæ мæ авд æфсымæры, уæд дæр мæ тас абоны тасæй ницы уадиссаг фылдæр уыд. Къулбадæг, мæ ньгвтæ мын куыд систа, ныр уæд та æндæр исты... афтæ æвзæр исты... æз дæр зæронд ус дæн, æниу цас зæронд дæн, фæлæ хъуамæ иудадзыг зæхмæ кæсгæйæ, гуыбырæй цæуон, ’гæр, хæрдмæ дæр иу каст скæн. Уæдта арвæй исты рахауд, уæд æнæмæнгæй йæ быны фæуон... — æрхæццæ ис лæппу дæр, æхсæнгæрзты зæххыл æрæвæрдта æмæ Сасинкъамæ дисгъуызæй бадзырдта: — Сæ нæмыгæвæрæн магазинты та сын цы фæкодтай, сæ уæлæ куынæуал сты? — Мæрдырох мыл куы бафтыд, мæрдырох. Ногæй та дын сфыдæбон кæндзынæн, хъæбул, фæлæ дын мур дæр нæу. Æуым, адон кæм уыдысты, уырдыгæй галиуæрдæм æвдæм бæласы цурæй сæ дыууадæс санчъехы фалдæр хъуынаты æрныгæдтон, — лæппу та хъæды фæмидæг. — Мæ аххос нæу уæдæ ныр? Кæйдæр сывæллонæй хъа-
зæнхъул сарæзтон. Ныр мын мæ мад æмæ мæ фыдæн ахъаз- зæгтæ куы ныссида, уæд мын уæдæ нæ хъæуы? Уæдæ зæронд ус дæ æмæ дæ фæндагыл сæпп кæн! Фæлæ цы ’нхъæл уыдтæн æмæ нæхи лæппутæ сты? Гъеныр дзы худинаг нæу? Агъæца, куы рыздæха, уæд æм фæхыл кæнон, ус та цæуылнæ курыс, ус? Абон мын Нанион рахъаст кодта, бинонтæ дзы райгонд сты, фæлæ, дам, ыл цыппар æмæ ссæдз азы зæронд ног азы сæххæст æмæ бинонты кой бакæнын йæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Нанион мын йæ ном дæр загъта, йæ ном, Хетæг. Хетæг. Æрхиз уал хъæдæй. Æрхæццæ ис лæппу дæр. — Ахæм ран сæ бамбæхстай æмæ сæ сапертæ дæр æнцо- нæй не ссардтаиккой, Сасинкъа. Се ’фтауын та дын чи ба- цамыдта, се ’фтауын? — Мæ лæппу милицийы кусы æмæ мæ уый сахуыр кодта, йæ нывонд фæуон, æрæджы мын капитаны ном балхæдта. Сапертæн та исты агуринаг куы фæуа, уæд æй ссардзы- сты, фæлæ, Хетæг, ды бинойнаг агурыныл цæмæннæ тагъд кæныс? — Мæ ном та мын кæцæй зоныс? — дисгъуызæй йæм нык- каст лæппу. — Хъæдмæ куы фæцæйцыдтæ, уæд дын æй дæ фæсонтыл фыстæй ауыдтон, — лæппу йæ хъулон къандзол феппæрста æмæ йæм кæсыныл фæцис, Сасинкъа сусæг худтæй бахудт æмæ та йæ ныхас, тынньгвæндæгау райдыдта: — Зæронд ног азы дыл цьгппар æмæ ссæдз азы сæххæст æмæ бинонты кой нæма кæныс. Джихæй мæм цы кæсыс, æви мæм бæласæй фаг нæ фæкастæ? Дæ мад æмæ дæ фыдæн иунæг лæппу дæ æмæ сын сæ зæрдæты рæстæгыл барухс кæн. Фæззæгмæ ма афтæ иунæгæй куы фæбадай, уæд, нæ зонын, нæ зонын! Дзæм-дзæмы дон аназæджы каст мæм цы кæныс? Æххормаг дын нæу? Диссаджы фæлмæн дзултæ мæм ис. Лæппу ма сылгоймагмæ исдуг æдзынæгæй фæкаст, ома мын мæ царды хабæрттæ афтæ лæмбынæг кæцæй зоны, стæй æрæджиау афтæ бакодта: — Æххормаг нын бæргæ нæу, — дæлейæ хырхы хъæлæба фескъуыд. — Æвæццæгæн, сын фехæлд, — бакатай кодта сылгоймаг.
— Хæлгæ нæ фæкодта, стæй, куы фехæла, уæддæр ма дзы иу хырх ис, фæлæ абон рагацау ацæуинаг стæм. Нæ тамакотæ фесты, æгæр ахуыр ыл стæм æмæ стыхстыстæм, — æнкъардгомау хъæлæсæй сдзырдта лæппу. — Уе знаг стыхса, æмæ Сасинкъа йе знаджы сойсыгъд куьг бакæндзæн, уæд йæ гыццыл хъæбултæн тамако не ссар- дзæн?! — фаллаг хызын ма мæм æрбаввахс кæн. — Æмæ Ладикъо тамако куынæ дымы, уæд дæу цæмæн хъæуынц? — Омæ, хъæбултæ, Ладикъо зæрондæй нæ дымы æмæ сы- мах дæр цæмæн хъæуы, цæмæн? Уæдта уын сæ ма раттин?.. Сæ уæлæ дæр афтæ фыст куы ис «курения, дам, цардæн никотинимæ тынг тæссаг у». Уæдæ сымах уæ удты знæгтæ цæмæн стут? Хæлæг уын сæ нæ кæнын, фæлæ нæ бæззынц! Хызын ма фалдæр балас... — Нал нын сæ дæттыс? — фенкъард лæппу. —Де знаг фенкъард уæд, хъæбул, куыннæ уын сæ дæттын? Дæ разы фаллаг хызынæй зæгъын, æгæр былгæрон лæууы æмæ уæдта асхъиудта, цады мын куы ныммидæг уа, уæд мæ фыдæбон дзæгъæлы куы кæны. Айонг ма сæ цæмæн фен- тъыхтон?.. Тамакоты фенгæйæ, лæппуйы цæсгом хурау бахудт. — Ладикъо куынæ дымы, уæд сæ кæмæн хастай? Хæдзары алцы дæр хъæуы, дæ ньгвонд. Цармæ амад хуыссæнтæ мæм ис æмæ дзы рæмпæджы тыххæй алы цыдæн дæр æрбахæссын. Сасинкъа тамакоты къоппыты лæппумæ балæвæрдта, лæппуйыл цыма дунейы хæрзиуæг æрцьгд, уьгйау йæ цæсгом ноджы тæмæнтæ скалдта. — Гъе, дæ цæрæнбон бирæ фæуа, кæд дæ Хуыцау мах тьтххæй нæ фæцæуæг кодта абон, уæд! Дьгууæ боньг ам хъæд цæттæ кæнæм, хæрдцухыл ма адæймаг ныхъхъæцдзæн, фæлæ æнæтамакойæ нæ удьг джитæнтæ цыдысты, раст зæгъгæйæ, ницьг у, фæлæ йьгл æгæр ацахуыр стæм. Ньгр ньгн дьгминаг ис æмæ ма ахсæв ам æрлæудзыстæм, сом ма сихорафонмæ цы сцæттæ кæнæм, уьгдон фагæй уæлдайдæр уьгдзыстьг. Стьгр бузньгг дьгн лæппуты номæй! — Цæй кæд уьгн еугæф нæ радтон, цавæр æй ныддиссаг
^^"Х^^^^^Æ^8^^^^^^^ > Остъаты Алан кодтай? — бафсæрмы сылгоймаг. — Бафснай сæ, хъæбул, авд къоппы дзы бæхтимæ ис, уæйгæнæг мын сæ «тройкатæ» рахуыдта, фæлæ дзы депутатты тамакотæй дæр ис, «парла- мент», æрмæст, дам, сæ адæмы æвзæрст лæгтæ фæдымынц. Уæйгæнæгæн загътон, зæгъын, ма мын дзы атух уыдонæй дæр æртæ къоппы, уæдта мæм рæмпæджы гæлæбутæ фæмидæг сты, уæд мыл сæ зæрдæ цæмæн бахуда, зæгъгæ, Сасинкъа мæгуыр у, уадз æмæ, зæгъын, смудой зынаргъ па- пирозы тæфмæ, — худгæйæ дзырдта сылгоймаг. — Уæдæ æз лæппутæм фæбæрæг кæнон æмæ спъæрттытæ кæной тамако, — хæдæхс хæрдмæ фæдардта лæппу. — Æхсгæ та кæдæм кæныс, фæтæрсдзысты! — бадиссæгтæ кодта ус. — Чи фæгæрса, ахæмтæ не сгы,уыдон дæр нæхилæппугæ сгы. — Дæ нывонд фæуон, хъæбул, цалынмæ лæппутæ не ссыдысты, уæдмæ ма мын мæ нывты иу-хатт фенын кæн. Нæуый-иу сæ макæмæн уал равдис, аскъуыдтæ-иу сæ кæн. — Скъуынæн сын нæй, нæдæр аппарæн,—лæппу та цыдæр джыбыгондыл æрхæцыд æмæ та фæзындысты нывтæ... — Мæнæ дын Нанион дæр... мæнæ мæ мад æмæ мæ фыд дæр, се ’взонджы бонтæ мысынц нæ кæрты æнгузбæласы бын бандоныл бадгæйæ... Мæнæ уый та мæхæдæг Джоджорайы был физонджытæ здухын... мæнæ уый та чызг, рæсугъд чызг... хорз чызг... —Чи у уыцы чызг та, фырæппæлынæй уæларвмæ кæй сисгай? — Уый... уый нæ сыхæгты чызг у, рæсугъд нæу? — Æмæ Зассеты хъæуæй Хæрдысæрмæ кæцæй-кæдæм сыхæгтæ стут? Уе ’хсæн æнæхъæн километртæ куы ис, уæд? Сайгæ мæ цæмæн кæныс, сайгæ, дæ сыхаг кæй хоныс, уыцы чызг дæ уарзон куы у, уæд? Абон арвыл хур цасдæр куы суад, уæд ма дибилни телефонтæй адджын ныхас дæр куы кодтат. Иæ ном дын Мæди нæ хуыйны? — Сасинкъа йæхи хызынтимæ архайæг скодта, афтæмæй дзырдта лæппумæ. Хъуызгæ худтæй дæр-иу бахудтис, фæлæ лæппуйы уый нал æндæвта, хæлиудзыхæй каст сылгоймагмæ, ома ацы фыд- былызы сылгоймаг мæ цардæй уыйас хабæрттæ кæцæй зоны. — Ие ’мбæлттимæ та йæ цæуылнæ ауагътай Знауыры районы Пичъиджыны хъæумæ, се ’мбалы чындзæхсæвмæ?
Юмористон радзырдтæ ^^^^^^^.^^^1^^ — Дæ хорзæхæй, ацы ус, дæсны дæ æви, халонау де уоны кæсыс? — йе ’рмттæ кæрæдзийыл ныххоста лæппу æмæ Са- синкъайы ныхъхъæбыс кодта. — Ам зæронд бир... — бирæгь фæцæйдзырдта Сасинкъа, фæлæ йæ нал загъта, — ам зæронд... мæнæ-иу хъæдты куы уыдысты, цы хуыйнынц, дæ нывонд? -Æрсытæ?.. — Арс дæ нытонæд, уый дын гъе, куынæ мæ абарай арси- мæ. Ам зæронд партизан ис, зæронд партизан! Æмæ мæ ды та фæрсыс, кæцæй дын зонын дæ хъуыддæгтæй цыдæртæ. О, фæлæ йæ йе ’мбæлттимæ кæй нæ ауагътай, уый тыххæй, цыма, дæхæдæг дæр нæуæг къуыри Дзæуджыхъæумæ нал афтдзынæ, афтæ мæм кæсы. — Лæппу ноджы сдыгъуырццæг æмæ сылгоймагмæ цы- дæр æнахуыр цæстæнгасæй ныккаст. — Хъылмадымæджы каст мæм цы кæныс? — хъæрæй бахудт ус. — Мæнæ-мæнæ мæ фæззæджы чындзæхсæвмæ нæ фæхуыдтай, афтæ нæ зонын-нæ зонын цы маст дын скæндзынæн. Ахæм æлгъыст дæ ракæндзынæн æмæ дæ сау цæстытæ авд лæппу æмæ иу чызгæй дарддæр зæнæг нæ фендзысты! Лæппу зæрдæдзурæнты бахауд, мæ ном ын, зæгъгæ, чизоны æмæ мæ фыды мад Нанион загъта, фæлæ абон Мадинæимæ телефонæй дзырдтам, йе ’мбæлттимæ йæ чындзæхсæвмæ нæ ауагътон, кæй мæм смæсты æмæ мæн та Дзæуджыхъæумæ нæ уадзы, уыдæттæ та ацы ус кæцæй ба- зыдта? Мæнгæй йæ нæ хонынц — фыдбылызы ус. — Уый мæ Сасинкъа æцæгæй куы ралгъыстай, æцæгæй! — ныххудт лæппу, — уыйæппæт сывæллæтты мын даргæ та чи кæндзæн, даргæ? — Цард размæ цæуы, истытæ сын кæндзынæ. Стæй ныр- ма дæ ныййарджытæ дæр куыстхъом сты, уæдæ Нанион дæр чингуытæ нæ фыссы, авдæн узынæй дарддæр ын цы куыст уыдзæн? Хæдзар, хъæбул, кæстæртæй хæдзар вæййы, дæхæдæг дæр иунæг лæппу дæ æмæ дæ бинонты зæрдæ а-’ввахс рæстæджы барухс кæн. Кæй ныв мын равдыстай, уый хорз чызджы хуызæн зыны, стæй кæрæдзийыл зæрдейæ стут, чизоны, мæныл, дæ ньгвонд фæуон, зæронд уæвгæйæ,
112, ^ ^ Остьаты Алан ахæм ныхæстæ нал фидауынц, фæлæ уарзут кæрæдзи æмæ фæстæ мауал кæн, — ам Сасинкъа фенкъард, уæззау фæлм абадт йæ зæрдæйыл, æрбаймысыд ацæргæ сылгоймаг йе ’взонджы бонтæ, йæ сонт зæрдæйы пиллонкалгæ уарзт, - фæлæ уыцы хъуыдыты тыхæй сурæгау асырдта, ассонæгау сæ кодта йæхицæй, æмæ та лæппумæ фæлмæн бахудт. — Сасинкъа, уæддæр мын мæ хабæрттæй цыдæртæ кæцæй базыдтай? — лæппуйы цæсгомыл сæ фæд нæма фесæфт йæ дисы æнкъарæнтæн. — Хорз хъуыддæгтæн сæ райдайæн дардмæ фæуынын, хъæбул, уыцы миниуæг мын Хуыцауæй лæвæрд у, — лæппу кæцæй зыдта æмæ, йæ уарзон чызгимæ ацы сылгоймаг абон райсом Къуайсамæ фæрсæй-фæрсмæ бадгæйæ, лесойраг Сибийы лæппу Петяйы машинæйыл кæй æрбацыдысты. Сасинкъа чызгимæ фæндагыл базонгæ, æрфарста йæ, кæй чызг у, кæм цæры, стæй чызджы телефон Эрцъойы куы ныйилæлæй кодта, уæд кæд Сасинкъайы цæстытæ цъынд уыдысты, уæддæр æм дзæбæх хъуыстис телефонæй дзур- джыты ныхас: — «Æмæ цы аразыс Кеды комы?». «Нал ацыдтæн ме ’мбæлттимæ Знауыры Пичъиджынмæ... Ды мæ нæ ауагътай æмæ ды дæр кæд нæуæг къуыри дæ къах дæр авæрай Дзæуджыхъæумæ, уæд æй фендзынæ». — цины æнкъарæнтимæ кæмæдæр, цавæрдæр лæппумæ æртхъирæнтæ кодта чызг. Сасинкъа чызджы дзæбæх бахъуыды кодта, но- джы йын йæ ныв лæппуйы телефоны куы федта æмæ ма йæ, уæлдайдæр, лæппу йæ сыхаг куы рахуыдта, уæд ма цар- ды здухæнты фых сылгоймагæн цы базонын хъуыд, дыууæ цардбæллон кæстæрæн кæрæдзимæ цавæр ахаст ис, уый. — Цæй, хъæбул, æз мæ фæндаг дарддæр кæнон, де ’мбæлттæн-иу мæ номæй салæмттæ ратт. Мæнæ ма уын... — Ацы рæстæджы лæппу хæдæхс хæрдмæ фæцарæзта æмæ уæлдæф айгæрста нæмгуыты къæр-къæр... — Дæ уд ауайæд, æуый дын, гъе! Лæджы хуызæн мæм чи фæкæсы, уый та æрра разыны. Мæ зæрдæ фæцæйскъуыд, хæдзархæлд макуы фæуай! — рамæсты Сасинкъа. — Цæй, бахатыр кæн, уæдæ дæ лæппутæ ма феной? — Æмæ цы уынинаг фæдæн, Торгсины къукъла дæн?! — бахъуыр-хъуыр та кодта сылгоймаг.
Юмористон радзырдтæ — Лæппутæ мæ уый куы базоной, ауылты фæцæйцыдтæ æмæ сæм нæ фæбæрæг кодтон, уæд мæ далæ цады ныддæл- дон кæндзысты æмæ стæй Мадинæ тæригъæд нæу?.. Мæ чындзæхсæвы дæр афтæ дæнг-дæнг кæндзыстæм, гъе! — Афтæ дæнг-дæнгæн ницы у, Джоджорайы был та- иу кæрæдзийы былтæ ма ’рдæнджытæ кæнут нозтджынæй! — уайтагъд сæ уæлхъус æрбалæууыдысты цалдæр лæппуйы, иууылдæр æмкарæнтæ. Никæй сæ зыдта Сасинкъа, фæлæ сæ се уонгæвæрдæй хатыд, чи сæ кæй хæдзарвæндагæй у, уый. —Ды Парсаты лæппу уыдзынæ, дæ нывонд, и? Дæ гуыбыр фындзæй дæ базыдтон, дæ фыды фыд Тикъуыны фындз — дæ фындз. Ды Тутилатæй нæ дæ, дæ фæхъхъау фæуон? Раст дæ, цыма, уæхи Бурдым йæ хъæлæсæй сæппæрста, бурлагъз æмæ къæбæлдзыг. — Рæвдыдта сæ сылгоймаг фæлмæн ны- хасæй. Уыдон дæр æм кастысты уарзæгой, хионы цæстæй. — Фæйнæ тамако адымут, лæппутæ, — бадæтта сæм тама- коты къоппытæ Хетæг. — Кæм дын уыдысты? — æмхъæлæсæй сдзырдтой лæппутæ æмæ бацин кодтой. —Хорз адæм —бирæ! Сæиу—мæнæ Сасинкъа, телефонæй йæм адзырдтон, зæгъын мæнæ диссаджы лæппутæ Къозы цады был æнæтамакойæ хиталджытæ æууилынмæ аздæх- той, уæдта сæ, зæгъын, искæйы хъуыры фæбадт, уæд стыр тугтæригъæд! Æмæ æрбахаста папирозтæ. Бæхты ньгвтимæ уал адымут, стæй та уын рæмпæджы æмæ депутатты тама- котæй дæр авæрдзынæн, — хъазæн ныхас кодта лæппу, фæ- лæ иннæтæ тамако афтæ адджынæй дымдтой æмæ сæ се ’мбалы хъазæн ныхæстæ нал æндæвтой. — Гъеныр уын кæрдзын куы радтаин, уæд ыл афтæ нæ бацин кодтаиккат. Мыййаг, уæ нæ хъæуы? Ахæм фæлмæн чъребайаг дзултæ мæм ис... — хызынмæ фæгуыбыр кодта сылгоймаг. — Бузныг, бузныг, кæрдзынцух не стæм, æгæр дæр ма нæм ис, æгæр! — æмдзыхæй та сдзырдтой лæппутæ. — Уæд та уын, хъæбултæ, мæнæ бæгæны, Ладикъойæн æй хастон, фæлæ уый бирæ банызта, стæй ма йын дзы иу литр æмæ æрдæг ис, — афтæ дзургæ Сасинкъа лæппутæй иуы къухты фæсагъта фондзлитруат пластмассæй мигæнæн.
УУ^УО^&С*^*' ОстьатыАлан — Ницæй тыххæй йæ бакомдзыстæм, Сасинкъа, айонг æй фæхастай æмæ йæ ам цады был искæмæн куыд дæттыс! — бадиссæгтæ та кодтой лæппутæ. — Уаих макуы фæуат, хъæбултæ, æмæ мын сымах исчи стут? Фæхъыг мæ кодтат. Стæй Ладикъомæ афтидæй куы ныццæуон, уæд ын ахæм æхсызгон уыдзæн æмæ Германыл фæуæлахизы боныл дæр афтæ нæ фæцин кодта. Уæхи та цæуылнæ дасут? Хъæддаг адæмы хуызæн, раст! Мæнæ ма дасæнтæ айсут æмæ кæрæдзи куыд адасат тæккæ абон! — хызынæй систа пластмасæй дасæнтæ æмæ сæ лæппутæм радта. — Дæлæ Чъребайы ахæстонæй чи алидзы, уыдон дæр ма булкъдаст куы вæййынц! — Æмæ Ладикъо йæхи куы нæ дасы, уæд сæ кæмæн хæс- сыс? — афарста йæ Хетæг. — Дæ хорзæхæй, ацы лæппу, абондæргъы цы Ладикъо, Ладикъо кæныс?! Ладикъо мæ хæдзардарæг у? Ладикъо тамако нæ дымы. Ладикъо йæхи нæ дасы! — мæстыйæ йæ сфæзмæгау кодта сылгоймаг, æмæ йæм йæ цæстытæ сдза- гъултæ кодта: - хæдзары алцы дæр хъæуы. Лæппутæ сусæг худт бакодтой. — Залгъæдæй фæхъæстæуæвæг сæныччытау цы бапыр- пыр кодтат? Уæ мæдтæн ницы зонын, фæлæ æз дасæн мæ тинчъичъи кæлмæрзæныл арæх æруадзын. Цæй, дзæбæх мын ут, æз цæуын, фæлæ ма уыл иннæ хатт æнæдастæй рахæст дæн, уæд уын ахæм митæ бакæндзынæн æмæ уыл цæрæнбонты хъуын нал рахæцдзæн. Чызгтæрсынгæнæнты хуызæттæ! Хорз у, æмæ мæм абон æмткæй афтæ æнæдастæй бæласæй не ’ркастыстут, æндæра мæ зæрдæ æцæгæй арæдывтаид... Аккой ма мын кæнут мæ хызынтæ. Лæппутæ хызынтæм февнæлдтой. — Фæлæуут ма, фæлæуут! Мæрдырох мыл куы бафтыд, къаффеттæ уын авæрон, къаффеттæ! — хызын фегом код- та, фелвæста дзы тыхтон æмæ йæм лæппутæй хæстæгдæр кæцы лæууыд, уый къухты йæ фæсагъта: — уæ дзых иу дзы адзадджын кæнут. Лæппутæ бафсæрмы сты, нæ хъæуы, нæ хъæуы та бæргæ бакодтой, фæлæ сæм Сасинкъа йæ цæстытæ бахъулæттæ кодта.
Юмористон радзырдтæ . ^^^л^чО/^^УЧ^! — Хъæуы, æви нæ хъæуы, уый мæхæдæг хуыздæр зонын, зноныккон нал дæн! Уæртæ лæппу, Нанионæн-иу зæгъ, сау къуымбилтæ мын баныфс æвæрдта æмæ мын сæ цæттæйæ дарæд. Чизоны та ацы æввахс бонты фæцæуыныл уон, фездæхдзынæн уæм. Бинонты кой та кæнгæ бакæнут, иуæн дæр уæ ус нæй æмæ æуый цы у? Къуыдаргомæй нæлгоймæгты моладзандон аразынмæ хъавут? Нæуый дæр афтæ бирæ не стæм æмæ гыццыл рабирæ уæм, размæ рацæуæм. Ацыдтæн æз, мæ хызынты мын ме уæхскыл авæрут. — Иугыццыл дын сæ ахæссæм, уартæ фæзилæны онг, — лæппутæ та хызынтæм февнæлдтой. — Нæ, нæ, мæхæдæг, сымах та уæ куыстмæ æркæсут, мæ хызынтæй хицауады куыст вазыгджындæр у æмæ уын уæ хистæртæ цы бахæс кодтой, уый сæххæст кæнут. Лæппутæ хызынтæ сылгоймаджы æккой авæрдтой. — Цæуын æз, уæхи хизут, хъæбултæ, хъæды куыст æхсæр- уистæ кæнæгау нæу. Мæхи... — Нал загъта кæронмæ Сасинкъа йæ ныхас, йæ цæст нал бауарзта лæппуты зæрдæты бауæззау кæнын. Нал загъта хохаг идæдз сылгоймаг, йæ цардæмбал дæр хæрзæвзонгæй, фондз æмæ ссæдзаздзыдæй хъæды кæй фæмард, æрдæгкалд бæлас æй кæй æрæййæфта æмæ Са- синкъа дыууын дыууæ аздзыдæй дæс æмæ дыууиссæдз азы размæ идæдзæй кæй баззад, йæ иунæджы номыл. — Ацыдтæн æз, хъæбултæ... — Стыр бузныг дæ лæвæрттæй, нæ мады хай, æмæ дæ ныфс уæд, хосгæрдæны дæ дуармæ æд цæвджытæ кæй æр- лæудзæн авд хосдзауы. Фæндараст!.. — Уæ ныфс мын бирæ, лæппутæ, — цæугæ-цæуын ма сæм радзырдта сылгоймаг — кæд æрцæуат, мæ родты нарддæр уын уæ амæттаг бакæндзынæн, кæд не ’рцæуат, нæ уæм фæхъыг уыдзынæн, зондзынæн, уæ куыстæй уæ нæ равдæлд. Гъе, стæй нырма мæхи лыстæг цæнгтæ цæвæг айсынхъом сты, уыгæрдæны Ладикъойы зæронд хъембыры нырма æрсурын мæ разæй. — Диссаджы сылгоймаг, дуджымдзу сылгоймаг, тæхуды æмæ йемæ ныхас кæнынæй бафсæд, — сдзырдта лæппутæй сæ иу. — Сымах Ладикъойы куы зониккат, — загъта Хетæг. — Иæ лæг \ ? — афарста кæцыдæр.
^ — Кæд дæ фехъуса, уæд дæ гæппыл суанг Часавалы хи- дыхъусы онг цæст нал æрхæцдзæн. Сасинкъа иуцасдæр куы ауад, уæд ма иу каст фæкодта лæппуты ’рдæм, уыдон дæр йæ фæстæ кастысты, бæрæг уыд, зын сын кæй уыд ахæм адæймагæй фæхицæн уæвын. Сылгоймаг дæр ма сæм йæ мидбылты фæхудт, фæлæ уыцы мидбылхудт нал разынд лæппутæм: — Нырма цы сты, сы- вæллæттæ. Сасинкъа уæ нывонд, хъæбултæ. Уæ радтæг зæх- хы хъахъхъæнæг стут æмæ Лæгты дзуар уæ хъахъхъæнæг фæ- уæд! Мæ зæронд сæр та-иу тыхст рæстæджы уæ сæрвæлтау фæцæуæд... — æмæ фæаууон наз хъæды хæхты чызг... * * * Комрæбын цæугæдоны былæй хæрдмæ кæсгæйæ, хох- вахсыл кæддæры нæргæ хъæу цæсты уыйас нал ахады. Дыргъбæлæсты бын хæдзаруæтты кæлæддзаг систæ уадиссаг бæрæг нал дарынц. Адæймаджы цæст сæ уалдзæгæй суанг æрæгвæззæгмæ нæ бафиппайдзæн. Фæлæ æрæгвæззæджы, кæрдæг куы аивзийы, уазал дымгæ цæнкуылтæ дондыппыр хæтæлты уæззаугай куы фæрассив-бассив кæны, гъеуæд адæймаг æнæрахатгæ нæ фæуыдзæн хæдзаруæтты æмæ сæ уындæй йæ зæрдæ æнæмæнгæй бауæззау уыдзæн. Нал ис кæддæры нæргæ хъæу, цард цæджджинагау кæм фыхт, уыцы хъæубæсты азæй-азмæ къонайы зынг нымæгæй- нымæгдæр кæнын райдыдта. Рæстæг йæ дæрзæг армæй æрвылаз дæр йæ фæд уагъта ацы уæзæгыл... Хæдзаруæтты æхсæн ма кæрæдзимæ чъылдымæздæхтæй лæууынц дыууæ хъæдынкъул хæдзары. Дардæй ракæсæг ма ацы хæдзæрттæм кæсгæйæ, рахатдзæн царды гаччытæ, хъæуы ма кæй ис змæлæг, чидæр ма ацы рæсугъд къуымы кæй æрвиты йæ царды бонтæ, хохы сынæджы рæбын ма зæрдæйы тæгтæй чидæр баст кæй у фыдæлты уаз къонамæ... ...Хъæугæрон къулвахсыл сындæг хизгæ æрбазылдысты хъомтæ, хъæдæй пыррыччытæгæнгæ æрлыгъдысты сæгъ- тæ æмæ, кæрæдзимæ сытæй æвзидгæйæ, кафгæ-зилгæ ра- уырдыг сты дæлæрдæм. Цæнкуылтæ, зыкъуыритæтоцд пæ-
лæхсар тæрсбæласы бынæй зивæггæнгæ растадысты фыстæ æмæ сæ бырынчъытæ зæххыл хафгæ, фæраст сты сæгъты фæдыл. Хъæуы бын цъыфдзастмæ хæстæг зæхх фæйлауын фæуагътой дзæргъытæ æмæ сæ фæтæн синтæ тилгæ, иу- къахвæндагыл фæхæрд кодтой, цъыфдзастæй фестадысты хуыгистытæ, сæхи ацæгъдæгау кодтой æмæ лæпп-лæипгæнгæ дзæргъыты фæдыл фæцæуæг сты. Дурвæткъуыйы къутæры бын сæ хъазын, кæрæдзи бырынчъытæм лæбурын фæуагъ- той хъыбылтæ æмæ фæрдгуыты халау адаргъ сты хуыты фæстæ. Хъæуы сæр æрвдзæф тулдзбæласы бынæй ный- илæлæй кодта къаннæггомау саубын хæрæг æмæ цыма ду- нейы хæрзтæ уый баисты, уыйау чъыллипп кафтæй йæ ных æмуырдыг сарæзта хъæуырдæм... — ...Фæизæр та кæны, — бауынæргъæгау кодта, дзæвгар рæстæг хъæугæрон рындзыл, фыдæлтыккон уæлмæрды чъылдыммæ егъау тъæпæн къæйдурыл бадæг ацæргæ, за- чъеджын къæсхуыртæ лæг. Уæззаугай растад, йæ синтыл хæцгæ иуцасдæр гуыбырæй алæууыд æмæ та райхъуыст йæ хъуыр-хъуыр: — Куыдзы маст ын скæндзынæн, куыдзы маст! Хъеллау кæнын сахуыр ис, хъеллау цард фæкæна! Цоппай цыд фæкæн, цоппай цыд, уый дын, гъе! Хъугдуцæг æмæ мæ йæ дзæргъæн æвгъæдгæс сарæзта, уæдæ уый цавæр бадт у? Цы дзы ссардта уыцы Чъребайы, зоныс æй рынчынтæгæнаг дæн æмæ рæстæгыл рамæрддаг у дæ сыгъды хæдзармæ! Рæстæгыл дæ къона бацагур, мæ мæт ма кæн, фæлæ дæ фосмæ уæддæр ратындз. Иæ кæндыл хардз æрцæуой! Уæдæ æз мæхæдæг дæр куыннæ ауайын Чъребамæ, куыннæ дзы афæстиат вæййын, фæлæ дзы уый цы нагьæттаджы бадтæй бады, ахæм бадт акъоппы дæр æмæ Сыбырмæ хасты дæр нæ фæкæнынц. Æртæ бон дын фаг нæу, къуыри æмæ æрдæг дæр фестæд, фæлæ уанцон нæу — дыууæ къуыри?! Æдзæсгом фест, ноджыдæр, æдзæсгом. Афтæ мын хъæуы, мæхи аххостæ сты, мæхи уыцы бынаты сæвæрдтон æмæ мын ноджы фыддæртæ хъæуы! Басудзæт мæ идæдзæй баззайæн фæззыгон уазал бон, æндæра йын цы лæгъстиагуаин. Фæлæ хæдзары арынджы уæлхъус балæууæг куынæуал вæййы, уæд дæ цы фæнды? — лæг йæ былтæ фырмæстæй ахæм æнцъылд скодта, цыма цъенго ахордта. Комырдæм та иуцасдæр
Остьаты Алан г лæмбынæг фæкаст æмæ та, йæ армытьæпæнтæ æрбатымбыл кæнгæйæ, бартхъирæнтæ кодта: - Ам Ладикъо ма уæд, Шæххойты Ладикъо, ус куы нæ ’рхæсса! Æвзонг нал дæн, фæлæ афтæ зæронд дæр нæма бадæн, цыппарыссæдз азьг цасдæр хъаджджын. Мæ цахъхъæнтæй бирæтæн зæнæг дæр рацæуы, зæнæг, æмæ чи зоны, хуыцауы фæндæй, уыдонæй æз дæр иу фæуон, мæ сыхаджы фыддæрадæн ма, чи зоны, зæрондæй авдæны уæлхъус дæр абадон, æмæ дзы фырыхъу- лы хуызæн лæппу аузон. Ау, уæдæ иу мойгæнæг сылгоймаг никуыуал ссардзынæн? Уæдæ арвы дуар гомæй æз федтон? — лæджы фæстаг ныхæстæ куыддæр хъарæгау райхъуысты- сты æмæ ноджы йæ зæрдæ бауæззау. Ие ’фсæр барызт æмæ мæцъæл хъæлæсæй батæхуды кодта: — Æ, тæхуды, тæхуды, æмæ ус кæмæн ис. Иу сылгоймаг, иу фæкæсæг кæмæ ис. Ай цард у, уæдæ? Фæлладæй дæ цырыхъхъ макæмæ бадар — ра- лас ма йæ. Фæлладæй дæ чъылдым макæмæ баздах — аных ма мæ. Тæхуды... — Ацы рæстæджы фæскъулæй арсы хуызæн дыууæ ку- ыдзы бæзджын хъæлæсæй æмрæйд ныккодтой æмæ сæхи аппæрстой комырдæм. — Уæ хицауы сæрыкъуыдыр бахсынут, раст уый хуы- зæттæ стут! — схъæр сыл кодта лæг æмæ уый дæр куый- ты фæдыл комырдæм акаст... Лæджы цæсгом хурау ба- худт, йæ цæсгомы æнкъарддзинады æууæлтæ уадидæгæн æрбайсæфтысты. Комы нарæджы хъæуырдæм тагъдгомау сцæйцыд сылгоймаг. — Сасинкъа æрбацыд! — сьгвæллонау бацин кодта лæг æмæ хъæуырдæм фæцæуæг. — Æрбацæуы, æрбацæуы, уы- цы усбирæгъ æрбацæуы, æгайтма æрбацæуы! Хуыцау бахизæд, æмæ исты ньгвыл арæзтæй ма æрбаййафа! Иæ тардзæгъдæнæй та кæд банцайдзæнис, Чъребайы кæй ныффæстиат, уый дæр та мæ аххос фæкæндзæнис ацы фæлдурæджджын ус! Мæнгагъуысты къулыл хъæдын къæбæлыл цы бедра ау- ыгъд уыд, уый æриста æмæ «дзиба-дзиба» хъæргæнгæ Са- синкъайы каудуарæй фæмидæг: — Ахæрут, ахæрут, æндæра та уын уæ гуцъаты сгардзæнис, дæлæ комы чи слæгæрды, уыцы фыдбылызджын сылгоймаг, — кæрчыты раз мæнæу
зæргæ дзуры лæг. — Бузныджы бæсты та фæхъуыр-хъуыр кæндзæн. Дзиба, дзиба! Ахæрут, ахæрут. Мæнæ та мæхи- уæттæ дæр ам куы ’рбалæууыдысты, ахæрут, ахæрут сымах дæр æмæ лидзгæ нæхимæ, уæхи кæркдонмæ, æндæра уæ ам куы сæййафа, уæд мæ масты хай æрбакæндзæнис. Æмæ та уæ æз дæр, мæ тæккæ мæстыйæ, искæйы къубал мæ джидæ фæрæтæй атæхын кæндзынæн. Хæргæ æмæ лидзгæ! — Ладикъо бедра æхсынцъы бæласы къалиуыл ацауьггъта æмæ Сасинкъа- йы скъæты сæппуадæй балæууыд: — Гуыбыннизæй макуы ныц- цагъды ут, уый уын гъе, кæд уæ гуыбынты рыст нырмæ цы ’рха- стат! Нæмæнгæй уæ уæ хицау пъæгыъæтггæнгæ æрбаййæфтаид, райсоммæ нал лæууыдыстут! — нопуырд родтæм гæрæнмæ ныд- здзырдта æмæ фаджыскалæн фыййаг райста, фаджыскалæн рудзынггондей акаст æмæ сæрдиаг кодта: — Бирæгъты холы фæу, кæд мæ цæуыл æргæвдын кæныс уыцы усбирæгъæн! — Ладикъойы хæрæг лæууыд Сасин- къайы тыргъы æмæ æнæмæтхуызæй æууылдта бæндæныл ауыгъд æхсырфæрсудзæн, — дуар мын æнæхгæдæй аззад! — тыхстæй загъта лæг æмæ йæхи дуармæ раппæрста, — кæд ма йын акалдзынæн йе скъæты... — скъæтæй йæхи бæргæ раппæрста, фæлæ, астæрды кæрон цы зæгæл сбырыд, ууыл йæ мес цырыхъхъы фындз скъуырдта æмæ дæлгоммæ йæ уæлхъ фæцыд. Цасдæрбæрцæй уадзыггондæй фæцис. — Дзæгъæлзад фæут хæрæгæй дæр æмæ сыхагæй дæр! — сæрдиаг кодта Ладикъо, сындæггай растад æмæ гуыбыр- гуыбыр скъæтæй рахызт. Хæрæг ныр та æриваз-æриваз кодта ауындзæнæй Сасинкъайы халаты дыс. — Райсоммæ нал лæууыд уый дæр, райсоммæ! — скæуæгау та кодта лæг æмæ йæ къухьг цы ставд хъил уыд, уымæй хæрæджы синтæн иу ныууæлæ кодта. Хæрæг тыргъы сæрты расæррæтт кодта æмæ кæрты æддейæ фæцис. Ладикъо Са- синкъайы тыргъы дуар æрæхгæдта æмæ скъæтмæ фæстæмæ фæцæйцыд. — Марг бахæрут æмæ рувæсты холы фæут сымах дæр, кæд сыгъзæрины хуызæн мæнæу æнæуыгъдæй кæдæм ныу- уагътат! Кæдæм мæ марын кæнут каркæй, хæрæгæй уыцы усæн, хъотыр æмæ фыднизæй ныццагъды уат! Цыма та сæ кæм батъыстаид, æртæ бæрз уисойы йын куы бабастоп
<&**>Ъ&&С<'^.< ОстьатыАшн мæйы размæ, уæд? — уисой агурыны тыххæй йæ цæст къу- ымты ахаста. — Дæ сæрыл хаст æрцæуæд, æуый дын гъе! — къулгæронæй систа, дзæвгар рæстæджы йæ хæстæ æгæрдæр ма чи бафыста, ахæм уисойы къуыдыр æмæ кæрчытæ сæ хæринагæй цы уæлдай ныууагътой, уыдон мæрзыныл схæцыд. Раст ацы рæстæджы кæртмæ æрбагæппытæ кодтой Сасинкъайы дæрчъытæ. Ладикъо йæ мæрзинагæй куы фервæзт æмæ дæрчъыты агурæг йæ цæст куы ахаста, раст уыцы рæстæджы Сасин- къайы сывæдæгахуыр дæркъ Ладикъойы фæстæрдыгæй æнæнхъæлæджы срæхуыста. Лæджы галифе хæлаф, æвæц- цæгæн, æмпъузинаг исты уыд, дæрчъы сыкъатæ дзы куыд фæфидар сты, хæйрæг йæ зонæг, стæй цыран фæци йæ сыкъа, уый дæр чи зоны, фæлæ лæг ахæм зæрдæхалæн богъ ныккодта æмæ... Хъалхаст дæркъ ма тæвдæй йæ сæр рафтауыныл бæргæ архайдта, фæлæ йын нал æнтыст. Иæ сæр-иу куы сдыууæр- дæм кодта, уæд та-иу райхъуыстысты Ладикъойы удхай- раджы оххытæ æмæ аххытæ. Сæгъы рахæц-ранцайæ зæронд лæг йæ цыппæртыл размæ ахауд, куыддæртæй феуæгъд дæркъ дæр æмæ тарстæй кæрты æддейæ февзæрд. — А-а-а-а, ныцъæл-ныммур мæ кодта, хæсты дæр ахæм тæрæнты æмæ скъæрæнты никуы бахаудтæн. Фæхоста мæ, фæхоста, мардæн хæрд æрцæут, кæд мыл уæ ардаугæ не скодта уе ’рра хицау! Па-па-па, мæ сур хид акалд, мæ сур хид. — Иæ цыппæртыл хаудæй уынæргъыдта лæг. Дардæй ракæсæг æнæмæнгæй ахъуыды кодтаид, ацы пысылмон лæг, зæгъгæ, æвæццæгæн изæры намаз кæны. Уæззаугай сыстад Ладикъо, æрæсгæрста йæ галифе хæлафы хъæбыс, бауынæргъæгау ма кодта æмæ хæбæцц- хæбæцц араст йæхи хæдзарырдæм. Раст уыцы рæстæджы хæрз æввахсæй æрбайхъуыст, Ладикъо-о-о! зæгъгæ, хъæр. — Дæ мард дын фенæд Ладикъо, — багуым-гуым ма кодта лæг æмæ мæнгагъуысты гуыбыр-гуыбыр фæмидæг... — Саубонтæ! — æцæг мацы кæна уыцы лæг, фæлæ дыууæ къуырийы дæргъы æвзæр фын дæр куы ницы федтон. Куы никæцæй зыны, уæд кæм мæрдты ныххауд, уæдæ? Æниу, исты куы кодтаид, уæд дунейы фос æддейæ цы аразынц? — бацин
кодта сылгоймаг, фæлæтауайтагъд феыкъард: — Æз дæр æдылы ныхæстæ куы кæнын, æмæ уæдта боныгон исты кодта, уæд фос æддæ уыдзысты, уæдæ сæ бынаты хицау бабæстон код- таид! — сылгоймаг фæйнæрдæм асмудæгау кодта. — Тæф дæр куы ницы æвзæр исты ахæм хатынц ме ’мбудæнтæ. — Бауынгæг сылгоймаджы зæрдæ æмæ фæсусгомау хъæлæсæй ныхъхъæр кодта: — Ладикъо, о, Ладикъо-о-о, — æмæ фездæхт хъæуы схи- зæны фыццаг хæдзарырдæм. — Сасинкъа-а-а Сасинкъа-а-а! — райхъуыст æм мæнга- гъуыстæй. — Æ, дæ мард дын фенон, дæ мард, æуымæн фæдзурын, гъе, дæу дурты бын куы бакæнай, уæддæр дын мæлынæй тас нæу! Мæлгæ дæр дзæбæхтæ кæнынц, дзæбæхтæ, — сылгой- маг йæ цины æнкъарæнтæ уадиссаг не ’вдыста. — Æуымæн фæдзурынц гъе, мæлын-мæлын чи фæкæны, уыдонæп, дам, ноджы цæрын фылдæр ацайдагъ вæййы. Чъребайы гыццыл базары цурæй дын ахæм цæсгомæмбæрзæн æр- бантъыхтон, уæйгæнæг Гафи мын сæ тæккæ рæсугъддæры мæ разæй скодта, фæлæ, куыд кæсын, афтæмæй нæхъуаджы хаст фæцис, — хъазæн ныхас кодта сылгоймаг. — А-а-а, мæнæ ма Сасинкъайы уынын, мæнæ! Гайтма гас хæдзар ссардтай, гас хæдзар! Се ’взæгтыл сынкъ æрзайа, ардæм та æрбайхъуыст, Сасинкъа, дам, цавæрдæр Бендукъидзейæ смой кодта æмæ, дам, Ыстъанбулмæ афардæг сты. — Уæдæ ма мой кæнын æрымысин, æндæра мæм усгуртæ рады не слæууиккой, мæнæ-иу Калачы ирон цыхтмæ гуыр- дзы рады куыд слæууыдысты, афтæ. Куыд дæ, куыд у дæ туджы æлхъывдад? — Уæллаг уыйас ницы, фæлæ-иу мын бынаг астыр, дымсæнæй мын куыд бацамыдтай, афтæ-иу сæ анымад- тон суанг фæстаг пъиппы онг, мæ улæфт-иу ныуурæдтон, афтæмæй æмæ-иу бынагмæ, зæрдæйы онмæ фæзæрдæхсайд дæн, пъиппыты нымадмæ гæсгæ... — Ницы кæны, æнæхъæн афтиаджыдзаг дын хостæ æр- бантъыхтон æмæ дын кæд се ’ппæт нæ, уæддæр дын дзы ис- кæцы феххуыс уыдзæн, уæдæ иууыл мæнг, хиаразгæ хостæ кæцæй уыдзысты. Мæ хъуг куыд у, мæ хъуг?..
— Хъуг ныззад. — Дыгæрдгуытæ... — А-ныр, а-уæд кæнынц. — Уый хорз у, мæ зæрдæ сæм æхсайдта... — Дæ зæрдæ сæм куы æхсайдтаид, уæд Чъребайы хуын- дæджы бадæгау нæ бадтаис! Мæ фарсытæнæгæй та мын æй акал, дыууæ боны дзы афæстиат дæн, æмæ та ме ’рбацыдæй дæ хъуыр-хъуыр фæ- раздæр. Цыхтæн ахæм аргъ уыд, æмæ дуцгæ хъугæй зы-нар- гьдæр. Куыддæр сæ базары дуармæ асфальты хъæбæрыл æрæвæрдтон, афтæ мыл æлхæнджытæ æрбакалдысты, зæгъын иуварс уал ахизут, уæлдæф мын нал фаг кæны æмæ уый цы у! Иу сылгоймаг мын сæ мæ къухтæй тыхæй стонæгау кодта. Айста сæ иугæндзонæй, чъребайаг база- ры æвзагыл опътьомыйæ хуыйны, зæгьын, хæдзархæлд макуы фæуай, нырма зымæгмæ æвæрынæн раджы куы у, уæд ды уыйæппæт цыхтæй цы кæныс, уартæ дзы иннæтæ дæр фæйнæ цыхты балхæной. Къилойæн мын фæндзгай тумантæ анымадта, бирæ, дам, ма дзур, зæронд, фæллад ус, дам, дæ æмæ, дам, сæ цас тагъддæр фервæзай, уыйас, дам, дæ удæн æнцондæр! Зæгъын, дæ нывонд мæ сæр, зæрæдтыл ма афтæ чи ауды. Ам Ладикъо цыдæр сусæг худтæй бахудт. — Чындздзон чызгау цы хъуызгæ худтытæ кæныс? Мæ цыхтыты стырдæры мын чидæр фæиуырдæм кодта. Зæгъын, ацу æмæ дыл ма бахæцæд, уыцы цыхты сæфтæй нæ фесæфдзынæн! О, фæлæ базары азылдтæн, зæгъын ме ’хсæв Духирæттæм хæссын æмæ ма истытæ алхæнон, кæсын, æмæ мын мæ цыхтыты чи балхæдта, уыцы ус мьгн сæ гьтц- цыл фалдæр уæй кæны, къило — фараст туманмæ. Зæгъын, æдзæсгом, мæхи цæст сæ уыцы аргъмæ ауæй кæнын куынæ бахъæцыд æмæ сыл фыдæбон æз куы фæкодтон, уæд сæ ды туджы аргьмæ куыд уæй кæныс мæгуыр адæмæн! Сау калмы каст мæм ныккодта, сау калмы каст, Ладикъо. Се ’хца, дам, дын радтон æмæ, дам, дæ фæндагыл сæпп кæн. Зæгъын, сæпп цыд фæкæн, æдзæсгом! Æмæ, зæгьын, уæртæ уыцы стыр цых- ты аргь та кæмæн бафыстай, афыристкæ цыдæр? Æмæ дын де стыр сьгрхахуырст былтæ ноджы ма астырдæр кæнон. Остъаты Алан
Юморыстон радзырдтæ . >Чул..лОлл//Ч ’? — Кæцы цыхт дæ æрбайсæфт, уый дæр уымæ разынд? — афарста йæ Ладикъо. — Уæдæ, мæ ахст гуымбыл фæсарæнты дæр базондзынæн æмæ мæ кæд хъавыд фæсайынмæ. Байстон ын æй, алывыд дæр ма йын фæкалдтон, алывыд. Æлхæнджытæ-иу бабустæ кодтой, цавæр зынаргъ, дам, у? Зæгъын, цы уын акæнон, райсом сæ мæнæй балхæдта æмæ сæ йæхицæн æхца кусы, цъаммар! Сымах дæр-иу, зæгъын, райсом рагацаудæр фе- стут, ныр завод æмæ фабрика нал кусынц æмæ уый тыххæй хъуамæ сихорафонмæ сынтæгæй ма рахизат? Райсом куы ’рбацыдаиккат, уæд сæ сымахæн дæр уыцы аргъыл радта- ин... Мæ хъуг куыд у, мæ хъуг, фæрсгæ дæр дæ куынæ акод- тон? — Хъуг ныззад, загътон дын æй. — Дыгæрдгуытæ... — Дæ хорзæхæй, рапорт дæм ныффыссон! Де скъæтмæ бакæс æмæ сæ хъугæй, дыгæрдыгæй уынгæ дæр фæкæн æмæ сæ фæрсгæ дæр бакæн, дыууæ къуыри цы хордтой æмæ цы ныуæзтой, уыдæттæй, — бабустæ кодта Ладикъо. — Зыдтон æй, дæхи та къултыл хойдзынæ, фæлæ Чъре- байы ахæм бирæ цыдæртæ базыдтон æмæ дын сæ куы ра- дзурон, уæд ма зæгъдзынæ, куы ма дзы афæстиат уыдаис, Сасинкъа. — Духирæт та куыд цæры, иунæг ма у? Уымæн дæр дис- саджы лæг амыдтон æмæ бадиссæгтæ кодта, мæ цахъхъæнæй ма, дам, цæй мойгæнæг ис? — Æз дæр ын аккаг фæдæн, аккаг. Фæцæймардис, мæнæ- мæнæ æз нæ уыдтæн, уæд... —Æмæ ды дохтыр дæ? Дæхи сæрæн куы ницы зоныс, уæд... — Исты дæ куы сриссы, уæд мæнмæ куы ’рбацæйзгъорыс, уæд, æвæццæгæн, уыцы рæстæджы хирург вæййын? — Цæй, ма та фесхъиу, уæдæ йæ ахæм загъдæй загътай, цыма йын уæззау операци скодтай. — Æз йæ уæлхъус куынæ балæууыдаин, уæд уæззау опе- раци нæ, фæлæ йын фондз операци дæр ницыуал баххуыс уыдаид...
^^^вЧ.у^^^чО<й^^^3/г^ач^ V Остъаты Алан * * * ...Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр Сасинкъа йæ цыхтытæй куы фервæзт æмæ ма уыцы сылгоймагыл дæр йæ пырх куы скалдта, уæд базарæй тагъдгомау рахызт. Уыйбæрц кæм ис, стæй йын сæ ласгæ дæр чи кæны, фæлæ алы рацыдæн дæр, йæ уæййæгты æддейæ, куы кæмæн, куы та кæмæн рахæссы иу цыхт, иу ногахст гуымбыл. Абон та уыцы рад Духирæтмæ æрхауд, сæ хъæуккаг чызг, раджы рафтыд Чъребамæ, фæлæ æнæмойæ баззад. Æгуыдзæг нæ уыд, фыдуынд дæр афтæ, фæлæ рæстæгыл-иу цом зæ- гъæг, æвæццæгæн, нæ фæцис, йæхæдæг та кæй дуар бахо- стаид, æмæ баззад æнæкуырдæй. Æнæтынд дидинæг хур æмæ дымгæмæ куыд аивзийы, афтæ азæй-азмæ банцъылд Духирæт дæр. Адджынæй цард Сасинкъаимæ æмæ-иу уый дæр йе ’хсæв фылдæр уымæ бахаста. Æниу æй йæ фырты хæдзары дæр чи хъыг дардта, фæлæ-иу уым дæр фылдæр иунæгæй баззад, ракодта-иу уæливыхтæ æмæ-иу стæй иунæгæй бадт, цалынмæ-иу изæры чындз æрбацыд, уæдмæ. Лæпггу фылдæр куысты уыд, уый лæппу та-иу ца- фон æрбацыд, уый-иу зæронд ус зонгæ дæр нал бакодта. Хæдзары сæм æрмахуыр тути уыд æмæ уымæй та бынтон фæлмæцыд, йæ бынатæй-иу куы растад, уæд та-иу райдыд- та: — Ссасссинкка дурра, Ссасссинкка дурра! Æмæ та-иу ыл сылгоймаг дæр йæ маст акалдта: — Дуррак куынæ уа- ин, уæд мæ хæссинæгты бын хæрæджы цыд нæ фæкодтаин Къозæй ардæм! Дæ хицæуттæн та бæсты дæр ницы цæуы: хæрæг мæ сарæзтой, хæрæг! Уæдæ, Сасинкъа, дам, дурракк, æрæнтъæрдтон та уын мæйваг картоф æмæ сой цыхт, иннæ ахæм царв, æмæ сын кæд ноджы дæн æррайы бынаты! Æтт, æмæ дæ нæхимæ феуæгъд кæн, уым дын хъæрццыгъа æмæ цъиусур зæгъиккой, Сасинкъа чи у, уый! Къалатийы конд маргъимæ-иу куы фæдзурыныл, уæд- иу маргъ ноджы сцырын, æмæ-иу йæ дзыхæй алывыдтæ дæр акалдта. Цы нæ фыддзыхæй хъыллист кодта усыл, ахæм-иу нал баззад. « — Уый дæ чындз ардауы, чыпдз,
ме ’рхæссæггæгтæ йын марг фестой! Йæхи мад у, йæхи мад ахæм! Æмæ йæхæдæг дæр! Сасинкъа уыдæттæн цы зоны, уый фенæд низæй! Уæдæ дæ мæ лæппу кæцæй са- хуыр кодтаид, исчи ма йæ мады гадза хоны? Ахуыргæнæг у, ахуыргæнæг, йæ хай баззайа, æмæ йæм мæргътæ дæр куыд хъусынц? Æрæджы йын сгуыхт ахуыргæнæджы ном хуымæтæджы, мыййаг, нæ радтой», — йæ чындзы тыххæй хъуыды кодта сьг\гоймаг. Цæмæй зыдта Сасинкъа, æмæ ацы маргъ чындзмæ дæр ахæм хъæлæсæй кæй фæуасы æмæ йæ ахуыр та йæхи лæппу кæй скодта, — уæдæ, ды базыд- тай, Сасинкъа цы у уый! Кæд искуы нæлгоймагмæ фæрсмæ дæр фæкастæн, уæд фыдмардæй мæ мæлæт æрцæуæд! — Йæ цæстытæ-иу æм сдзагъултæ кодта ус... Гъемæ, та ацыхатт дæр Духирæттæм фæуазæг кодта йæхи. Иумæ адджын бадтæй фæбадынц суанг фæсахсæвæртæм, фæныхас кæнынц дыууæ сылгоймаджы. Кæртæй бахизгæйæ йыл ныррæйдта чысыл дамкъа куыдз. — Хорз у æмæ стыр нæ дæ, æндæра бæхджын лæджы æри- сис. Айс дæхи иуварс, æндæра дын дæ саунæмыджы хуызæн цæстыты фелвæстон дæ ныхæй. Иæ хæпп-хæппæй Сасин- къайы фæтæрсын кæнынмæ хъавы. Арс æмæ бирæгъæй чи нæ фæтарст, уый дæуæй фæтæрсдзæн? Дæ хицау та кæм ис, æвæццæгæн, дын æй зæрондæрдæм исчи фæкодта æмæ дæ мæстæй ды та мæныл дæ пырх калыс? Исчи дын æй акæнæт, уый йедтæмæ дæ æз уæзæджы къæйыл нæ ныууадздзынæн, хызыны дæ ахæсдзынæн нæхимæ æмæ-ргу дын авæрдзынæн æхсыр, сылы та дын парахатæй уыдзæнис, — куыдзмæ, æвæццæгæн, сылгоймаджы ныхæстæ хардзау æркастысты, гъе та Сасинкъайы базыдта, — бахызт йæ бынатмæ. — Духирæ-æ-æт! — ивазгæ хъæлæсæй бахъæр кодта Са- синкъа. — Цымæ кæм мæрдты ныххауд, æнæуый, фæндаджы иынæ фарс исты æлхæнынмæ дуканимæ куы фæцæуы, уæд дæр гуыдыр куы авæры йæ дуарыл. — Уæ, ацы ус, цы фæдæ-æ-æ! — ничи та фæзынд сдзу- рæг, æрмæст хæдзарæй райхъуыст хъæрзын. Сасинкъа æхс- гæцыдæй дуарæй фæмидæг: — Сау бонтæ, цы кодтай?! — Иæ хызынтæ къулрæбын авæрдта æмæ Духирæты фарсмæ йæ зонгуытыл æрхауд.
Духирæтæн йæ сæр базы бын, йæ фæстаг æрдæг та ггьо- лыл, афтæмæй еусар кодта. — Цы кодтай, дæу нæ фæрсын? — Мæлын... — нырдиаг кодта ус, — мæ дæндæгтæ... — Æ, хæрджытæн... хæрджытæ дын фæлдыст æрцæуой, æмæ уый тыххæй тъизыс! Мæнæй афтæ ма дæ куырмтъанг аскъуыд, гъе, та дын исчи, зæгъын, тыхми... Цы дын аххуыс кæнон, суай æмæ сæ фелвасын кæн, стæй æрдиаг кæн! — Мæ бон нæу, мæ сæр дæр риссы... — Дæндæгтæ сæрыл сты æмæ уæдæ де ’рбадæнтæ кæцæй рисдзысты. — Хынджылæг та ма райдай, мæлы-ы-ын... — Хæдзархæлд макуы фæуай, уæдта æз абон базармæ нæ рацыдтæн, уæд та цы кодтаис? Æппын дыл царды иу къуы- лых куыдз дæр никуы срæйдта? Смой кодтаис, дæ фарсмæ исчи уыдаид, фæлæ-иу дæ усгурты, æвæццæгæн, сасирæй луарæгау кодтай æмæ... — Мæ мастыл мын цæхх мауал æзæр... фæдзур... Сасинкъа иннæ хатæнмæ телефонæй адзурынмæ бахызт: — Куыд фæдзурынц, дæ хорзæхæй? О, о, о, иухатт чындз сыхæгты лæджы тыххæй дзырдта, йæ ус ын йæ сæр хыссæтулагæнæнæй куы аскъуыдта, уæд, æмæ чындз «03» æрзылдта. Сасинкъа номыр æрзылдта æмæ йæм æрæджиау райхъуыст: — Хъусын. — Омæ уæдæ, дæ ньгвонд, дзæбæх æрбайхъус, тагъд-ма рацæут, тагъд, адæймаг сæфы, мæлы... цы пъол у, фæрсыс? Цы йын зонын, дæ нывонд фæуон, æз кæм дæн, уый ахорæнæй сæрст у, рынчын кæм ис, уый та паркет у... о, о, о, дæ ньгвонд, нæ дæ бамбæрстон... чызг у, чызг. Мæнæй афтæ мæ пъолы хъæдæрмæгæй фæрсыс... Цал азы йыл цæуы? Нæ йæ зонын, фæлæ æз сæ хъæумæ куы смой код- тон, уæд афтæ гыццыл дæр нал уыд... æртиссæдз азмæ ’ввахс ыл цæудзæн... Цы дзурыс?.. Уæдæ ма уый чердæм чызг у, зæгъыс? Ой, нæрай макуы фæуай, нæлгоймаджы гом буар абанайы дæр никуы федта, æмæ йæ æз ус куыд рахонон! Стæй та уымæ хъус, кæм, дам, мæ цы фехъуыстай! Чызг у, чызг, дæ нывонд фæуон, амонды кæрты æддейæ чи аззад, Остъаты Алан
Юмористон радзырдтæ ^ ^^^1^^^^^ ахæм æнамонд, абадгæ чызг-ус... Цы дзы риссы, зæгъыс? Ой, цы йын зонын, мæхæдæг дохтыр куы уаин, уæд ма сымах цæмæн тыхсын кæнын?.. Кæм цæрæм?Æз Къозы... ой, цæй Къозæй дзурын, советон дуджы дæр нæм телефон куынæ уыд, уæд нæм ацы хæццæ рæстæджы чи уадзы телефоны хахх?.. Уынг? Уынг та сын куыннæ ис, дзæбæх азмæлæнтæ, кæркдон, дæргъæй-дæргъмæ мæнгагъуыст... А, а, а, рынчын кæм цæрьг, уыцы уынгæй мæ фæрсыс? Ма мæм мæсты кæн, дæ нывонд, æз хъæууон сылгоймаг дæн æмæ уыййæстæ кæцæй зонын? Сæ уынджы ном сын нæ зонын, фæлæ сын дзы кæрæй-кæронмæ дыууæ рæнхъæй стыр назбæлæстæ ис... Сæ размæ? Сæ размæ мæнæ уæладзыгон быронкалæн, æцæг ын цæрджытæ уæддæр бырæтты йæ быны калынц... Æндæр ма дзы цы ис, фæрсыс? Дыууæуæладзыгон бæстыхай, райкомтæ ма сæ тыхы куы уыдысты, уыцы рæстæджы дзы дукани уыд, абон та йæ сæрыл стыр бæлæстæ æрзад... Но- джы ма? Пуй, де ’дзæсгом сæр бахæр уый дын, гъе! Дæуæй нæ дзурын нæ, дæ ньгвонд, ды мæм ма мæсты кæн, дæлæ иу расыг лæг дуканийы къулыл... рудзынгæй йæ ауыдтон... О, о, о, уæ фæхъхъау фæуон, ахиздзынæн, ахиздзынæн, мæ къухы ма пъолæхсæн хъил дæр айсдзынæн, уымæй мæ уæддæр базондзыстут... Бензины аргъ зæгъыс, хорз дæ ны- вонд, хорз, нал мæ хъæуы иу къило цыхты аргъ, æрмæст ратындзут... Сасинкъа та Духирæты уæлхъус балæууыд. — Цы, дам? - уæуу-уæуутæнгæ та йæ афарста тыхст ус. — Цал кило дæ, уымæй ма мæ нæ бафарстой, уый йед- дæмæ сæ дæ цардæй алцы дæр тынг бацымыдис кодта, æвæццæгæн, дыл очерк фыссынмæ хъавынц... Нæма дын фенцондæр? — На-а-а... — Афтæ вæййы, афтæ, нæлгоймаджы æмбуар чи не ’рцæ- уы, уый фæстагмæ низты бын фæвæййы. Æрдзы ныхмæ адæймаг æдых у, уæлдайдæр сылгоймаг. — Мæ нуæртты та мын ма хъыдзы кæн. — Ой, æз дын сæ цы хъыдзы кæнын, дунейы дохтыртæ йæ цъиутау куы уасынц, уæртæ йæ гуырæн хæдзары дох- тыр Плиты Мэлс дæр дзырдта, амæйразмæ Пикъуынты
123^^>\*&*>^&*&^^^Ще*^^^ ^ Остьаты Алан чындзмæ уынæг бауадтæн, лæппу йын райгуырд, о, хæдæгай, телефонæй мемæ чи ныхас кодта, уымæн дæ чызг бæргæ рахуыдтон, фæлæ дæ уый уæддæр ус ныффыста. Æмæ та- иу стæй мæ аххос мацы фæкæн. Æз сæ размæ акæсон... ...Сасинкъа пъолæхсæн хъилимæ уынгмæ рахызт, дард- мæ-иу исты машинæ куы суыдта æмæ-иу æм тагъд æххуысы машинæйы хуызæн кæцы фæкаст, уымæ-иу пъолæхсæн хъил тилын райдыдта. Фæлæ-иу уыдон куы кæцы тигъы, куы та кæцы тигъы фæзылдысты. Æрæджиау та дардæй æрбазынд фæлурс-копрадзгъуыз уазик машинæ. Бацин та кодта ус æмæ та йæ пъолæхсæн хъил тилын райдыдта. Уынджы бæстыастæу ма цалдæр зылды дæр æркодта йæ мидбынаты. — Ахæмыл ма дзы мæ цæст никуы æрхæцыд, машинæ м? йæ цурмæ сыскъæр, — уый уазикыл бадæг халассæр, рихи- джын милиционер бадзырдта шофырмæ, — бон-сауизæрмæ ацы зондцух рынчынтæ уынгты хъеллау кæнынц, фæлæ дзы ахæм сылгоймаджы фыццаг хатт уынын. Машинæ Сасинкъайы цур дзыхълæуд фæкодта, рагæп- пытæ дзы кодтой цалдæр милиционеры æмæ сылгойма- джы алыварс алæууыдысты. — Чи дæ, цавæр дæ, ам цы архайыс? — Мæнæ хос кæрдын, нæ мæ уынут! — рамæсты сæм уый. — Æмæ дæ цæвæг æгæр цыргъ нæу? Аппар дæ хъил! — Нæ йæ аппардзынæн, стæй уæ мæ хъил цы хъыгдары, афтæ даргъ у æмæ фæндаг æрæхгæдтон? —Дæ хъил аппар дын зæгъьга! — схъæр та йыл кодта сæ иу. —Æнæхъилæй мæ нал базондзысты, нæ йæ аппардзынæн, ницæйы тыххæй! — нынныхмæ сæм Сасинкъа. — Чи дæ нал базондзæн? — бацымыдис кодтой органты кусджытæ дæр. — Чи, чи æмæ дохтыртæ. — Мах дæ базонгæ кæндзыстæм, — бадзырдта йæм кæ- цыдæр. Ацы рæстæджы Сасинкъайы фæстæрдыгæй ацах- ста фæтæнтæконд чызг-милиционер æмæ райхъуыст сыл- гоймаджы æрдиаг: — Дæ буррондз дæ хъæлæсæй фæкал, мæ хуылфыдзаумæттæ акалдысты! — йæхи ма бæргæ бауы- гъдытæ кодта, фæлæ, мыстæн гæдыйы дзыхы йæ бон куыд
Юмористон радзырдтæ /^ ^^^^^^ 12? ницыуал вæййы, афтæ уыд Сасинкъайы уавæр дæр. Иæ къæхтæ ма кусæрттагау бæргæ тылдта, фæлæ йæ уæдмæ чызг машинæйы дуарæй мидæмæ басхуыста. — Мæн ласут, фæлæ мидæгæй йæ уд исыныл чи у, уый дæр дзæгъæлæй ма ныууадзут! — Бакæсут ма, лæппутæ, макæйы амара ацы ус! — цыдæр æнæууæнчы цæстæй йæм бакаст халассæр. — Чидæр та дзы сфæлмæцыд æмæ йæ ам, Чъребайы аппæрста... сабыр бад, дын зæгъын!.. * * * — ...Цæй, бахатыр кæн Сасинкъа, мах милици стæм æмæ нæ хæс у æхсæнадон фæткмæ хъус дарын. Нæ бынаты дæхæдæг дæр фæзæрдæхсайд уыдаис. Ноджыдæр ма, хатыр! — Фыдгæнджыты уæлхъус дæр-иу афтæ рæвдзæй куы балæууиккат, уæд мæгуыр адæмæн бирæ æнцондæр уаид! Мæн авдæй хорз сыздыхтат, - йæ цæнгтæ æууæрдгæйæ хъуыр-хъуыр кодта сылгоймаг. — Уæртæ чызг, ме знаг дæр дæ лæджы бынаты макуы фæуæд, кæд Къуцхаты уæйыг нæ дæ! Ахæм æлхъывд мæ ныккодтай æмæ саудæппал сдæн! — Лæг ын нæй, нæ, нæ мады хай, йæ ныфс æм ничи хæссы, — худтысты лæппутæ. — Ауылты-иу раздæхут, мæ хуртæ, фæйнæ дзыккайы къус уын мæныл, уыцы мæгуыр рынчынæй дæр-иу мын бæрæг æрбахæссут... — Анкъуыст машинæ, фæзилæны фæаууон. — Быны чызгæй макуы баззай, уый дын, гъе, кæд мæ цавæр æлхъывд ныккодтай. Уый чызг у, чызг! Уæдæ сæ цæсгом æрмæст бибитæ кæнын чи уарзы уыдон!.. ...Хъуыддаг афтæ рауад æмæ Сасинкъа тагъд æххуысы машинæйы æфсон йæ пъолæхсæн хъил тилын райдыд- та горæты мидхъуыддæгты хайады кусджытæм. Уыдон уыцы рæстæджы уыдысты рейды, дардмæ суыдтой сылгой- маджы æмæ сæ зæрдæ фехсайдта, ома чи у. Хъуыддаг куы бамбæрстой, уæд Сасинкъайæ хатыр ракуырдтой, Ду- *9
^$*ч>ОСЙЗ>'СпГ^>> *’ °стыты /1лт хирæты рынчындонмæ аластой, баныфс æвæрдтой, кæд æй рынчындоны нæ бауромой, уæд æй фæстæмæ дæр кæй æрбакæндзысты. ...Сасинкъа хъуамæ хæдзармæ бацыдаид, фæлæ дыууæ сылгоймаджы брæттæй йедзаг бедратæ рахастой æмæ сæ бронкалæны фарсмæ фæдæлгом кодтой. — Асиныл хизын не сфæрæзтат, æви цæнкуылтæ стут? Зæххыл калын сæ куы хъæуид, уæд ма хицауад уыйас асыч- чыты горæты уынгты фæччыгъæдæн сæвæрдта? Худинаг æмæ уæм мæлæт нæ кæсы, сарæзтой уын уавæртæ, чидæр, дам, куыдзæн фиуæй æрчъитæ куыд скодта, афтæ. Цæмæй сылгоймæгтæ ма стут уæдæ, æрмæст уæ былтæ æмæ уæ ныхтæ сырх ахуырст кæй сты, уымæй? Горæты иумæйаг сыгъдæгдзинад кæй не ’ндавы, уый хæдзары дæр чъил- лон уыдзæн, уæдæ цæхæртæ кæцæй калдзæн! Цы зæгъут?.. Æз адæмон контрол дæн, æви хæрзарæзтады комбинаты хистæр, уый уæ хъуыддаг нæу! Ардæм дæр ма сæ цæмæн хастат, уæртæ цы хæдзæрттæй рахызтыстут, уыдон рæзтæ дæр мæлæты сыгъдæг куынæ сты æмæ сæ уым фæдæлгом кодтаиккат! Цыма уæ искæй лæджы байстон, уыйау мæм цы кæсут?! Сылгоймæгты хъæлæбамæ ма ноджы æрбамбырд сты иу цалдæр адæймаджы, брæттæ цы сылгоймæгтæ ныккалдтой æнæран бынаты, уыдон сæхи айстой, фæлæ ма йæ зæрдæ, æцæгæйдæр, горæты сыгъдæгдзинадыл кæмæн рыст, уыдон ма ныхæстæ кодтой. — Уæдæ дзы кæмæн фыддæрадæн ми кæнынц, дæ ру- дзынгæй куы ракæсай, уæд фыццаг хъуамæ брæтты рæдзагъд фенай? — хъуыр- хъуыр кодта Сасинкъа. — Алы ран дæр афтæ у, уæдæ цас диссаг у æмæ дзы судзынæн чи бæззы, уыдоныл арт афтауай æмæ сæ горæ- ты уынгты дымгæ ма рассив-бассив кæна, — ныхас айста æндæр ус. Ацы ныхасы рæстæджы уынджы тигъыл уæззаугай æр- базылд тагъд æххуысы машинæ æмæ сылгоймæгты ’рдæм сындæггай йæ ных сарæзта. — Дудгæ фæбадæт, чидæр та амард æмæ та йæ сласынц, адæймаг телевизормæ кæсын дæр нал уæнды. Æрвылбон
Юиористон радзырдтæ у УЧУ^,^^ Æ^ дæр дзы фæндзгай æмæ фылдæр мæрдтæ вæййы, - бамæт кодта устытæй кæцыдæр. Сасинкъайы зæрдæ бауæззау, æмæ ноджы машинæ уы- дон цур куы æрурæдта, уæд райхъуыст йе ’рдиаг: — Амар- дис, амардис, дудгæ фæбада, уый куы зыдтаин æмæ афтæ уæззау дæ, уæд демæ ацыдаин! Чи зоны æмæ ма дæ цы зæгъын фæндыд, Духииирæææт... Сылгоймæгтæ хъуыддагæн кæд ницы зыдтой, уæддæр фæтчыгъæдæн уыдон дæр бахъарæг кодтой. Машинæ- йæ рахызтысты урсхалатджынтæ æмæ уыдон дæр бамæт кодтой. — Рахæссут æй, рахæссут... — йæ уæрджытæ ныххоста хæдзармæ хизгæйæ Сасинкъа. — Æмæ ма йæ цæмæн хæссæм, кæд... мард у... — афарста йæ медицинон хо. — Уæдæ йæ ардыгæй комкоммæ уæлмæрдмæ хъуамæ ала- сат? Ныр ын хицау ничи ис, ныр æнæмойæ баззад æмæ йын мыггаг дæр нал ис! Хæдзармæ бацыдысты тагъд æххуысы кусджытæ, Сасин- къайæн загътой, ома йæ æрбæстæттæ кæнæм. Къуымты сæ цæст ахастой æмæ дзы стæй кæцыдæр сылгоймаджы афарста: — Æмæ мард цыран ис? — Æмæ йæ лааасгæææ сымааах æрбакодтааат, мæн дзы цæмæн фæрсуут? Дудгææ фæбадай Духирæææт, дудгæææ... Дæ мæгуыр уд... — Сасинкъа йæ хъарæг ноджы айвазæгау кодта. — Мах ницы æрбаластам, махмæ ардыгæй адзырдтой. Ардыгæй йæ хъуамæ аласæм... —Æ, хæдзархæлд макуы фæуат, мæ туг мын куы ныллæу- уын кодтат! Милицийы уазикыл æй аластой рынчыны, фæлæ-иу сымах дæр рæстæгыл ратындзут, раггуырсут-иу, ратагъд-иу кæнут... мардласæджы уæззау цыд куы ’рба- цæйкодтат, уæд æз куыд нæ хъуамæ фæтарстаин... Мæ къæхтæ мæ быны куы бадон сты... — Милици-иу сæхи ласинæгты ласæт, нæ ласинæгты та- иу нын нæхи бар уадзæт! — бахъуыр-хъуыр ма кодтой тагъд æххуысы кусджытæ æмæ ацыдысты...
132, Остъаты Алан * * * ...Мæнгагъуысты фæскъулмæ бадгæйæ, Сасинкъа Ла- дикъойæн, Духирæтмæ бацæугæйæ, цы бæллæхты бахауд, уыдон куы дзырдта, уæд бафиппайдта, Ладикъо-иу, фæх- сбандонмæ йæхи нынтъухгæйæ, цыдæргъуызон йæхи кæй бауигъæгау кодта. — Дæ хорзæхæй, къуырттон карк дæ æмæ дæ рæвдуæтты цæгъдыс, æви дæ гуыбын риссы? — Уазал мæ бацыд, уазал, æмæ цавæрдæр æнахуыр ихæн скодтон, — багуым-гуым кодта лæг. — Æмæ дæм уазал кæм бахъуызыд? — Цъус бынæтгæ ис? — бахъуыр-хъуыр та кодта Ладикъо. — Дæхи ма фæрынчын кæн, иннæбон дæ æнæмæнгæй Чъребамæ ацæуын хъæуы. Нæхи Бытти мын лæгьстæ код- та, куывд кæнынц, стыр куывд, æмæ, дам-иу, æнæмæнгæй рацæуæд. Кувæг, фынгæн æгьдаудæттæгæн, дам, мæ хъæуы. Мæ фынг, дам, ницы цух уыдзæн, фæлæ ма, дам, фынджы сæр Ладикъо йæ боцъотæ æмæ йæ мес цырыхъхъытимæ куы.рабада, уæд, дам, мын ноджы рæсутъддæр уыдзæн. Фырцинæй зæххыл дæр нал лæууынц, зæххыл. — Æвæццæгæн, мæхи куы адасин, уæд мын мидæмæ ра- хиз дæр ничиуал зæгьид. Иууыл та мæ боцъотæ, боцъотæ кæнынц. Ай цыхуызæн цард у? Адæймаджы сæры зондмæ нæ хæлæг кæнынц, фæлæ дарæс æмæ хъуынмæ! Æмæ сæ цины сæр та цæуыл у, æвæццæгæн, сын лæппу райгуырд? — Цæй лæппу сын райгуырд? Сæ чындз та æртыккаг чыз- джы хицау бацис. Фæлæ лæппу, сæ лæппуйы сын цыдæр хорз, хæрæн бынатмæ кусынмæ айстой, мæнæ тъам-тъам- тъум... — Долцæгъдæгæй? Æмæ уый цас бæллиццаг куыст у? — Ой, цæй долцæгьдæгæй. Мæнæ тьам-тъум... — Уæдæ цавæр тъам-тьам у? — Ой, мæ хъуыры-иу ма фæбад, ме ’взаджы цъуппыл абадт æмæ та мæ æрбайрох. Мæнæ фæндагыл кусæгæй, ахæм куыст, дам, у ахæм, æмæ, дам, дзы, бирæтæ цыбыр æм-
Юмористон радзырдтæ ^^^^^0>^^^>^1^ гъуыдмæ машинæтæ æмæ галуанты хицæуттæ бавæййынц. — Уанцон нæу, æмæ нæхи Менаш, мæгуыр, цæрæнбонты Гуфтайæ Эрцъомæ фæндагыл куы фæкуыста æмæ иу- уылдæр фистæгæй куы цыд, суанг Сæриттатæм. Уæд Бытти- ты лæпггу куыд хъуамæ балхæна хæдзæрттæ æмæ машинæ? — Мызды кой дын чи кæны, хаугæ, дам, сæм кæны, хаугæ! Афтæ мын дзырдта Быттийы ус. Машинæйыл, дам-иу Быт- тийы фарсмæ куы бабадон, уæд, дам, ды кæс, мæ сыхæгты цæстытæ куыд лиуырдзысты, уымæ. Хиуæттæн дæр, дам-иу, аххуыстæ кæндзынæн. Алæ, зæгъын, фылдæр кæмæ вæййы, уыдон ноджы зыд æмæ кæрæфдæр вæййынц, уæлдайдæр йæ гуыбын кæрдзынæй æрæджиау кæмæн айдзаг вæййы, ахæмтæ. —Адæмы исбонæй чи абухъхъ вæййы, уыдон алыхатт дæр афтæ вæййынц. Ноджы адæймагмæ ахæм æнæввæрсон, бы- лысчъил кæстытæ фæкæнынц, цыма сын уыцы фæллæйттæ сæ фыдæлтæй баззадысты. Адæм алцыдæр бæргæ хорз зо- нынц, фæлæ дуг фæивта æмæ дæ цы фæнды, мæ сыхаг!.. — Ладикъо йæ ныхас кæронмæ нæма фæцис, афтæ Сасинкъа сæнтхъæр фæкодта. — Тъаможна, тъаможна! — хъæрмæ ноджы йе ’рттæ кæ- рæдзийуыл ахæм хост ныккодта, цыма æнæнхъæлæджы су- дзгæ хæдзар ауыдта. Æнæнхъæлæджы хъæрмæ лæг хæрдмæ фæхауд. — Уæ, хæдзархæлд фæу, кæд дын дæ уырджы кард ничи ныссагъта! — Зæгъын та мæ куы айрох уа, Быддиты лæппуйы цы куыстуатмæ айстой, уый ном, — хорзау нал фæцис сылгой- маг дæр. Быттийы мад, æмæ ма мæгуыр адæмы хурхыл чи ныл- лæууыд, уыдоны фæйнæ мад... Никуыдæм цæуын, мæн Чъребайы ницы хъуыддаг ис! Мæ фадбарцы тыххæй мæ фынгмæ чи хоны, æз уый къæсæрæй бакæсæг нæ дæн! Уæ- дæ мæ хоныс æмæ лæгау æрбарвит, рацу æмæ фæминас кæнæм, æмæ куы ацæуон, уæд бæрæг уыдзæн, кувæгæй мæ уромыс æви рæгъгæнæгæй. Ма мæм хат, Сасинкъа, нæ ацæудзынæн. — Ацу, нæхи Ханитæ дæр сæ чызджы моймæ дæттынц,
су-х^^^^с^ ’*"4 * ’ ты Алан хатджытæ сæм æрбацæуинаг сты, Хаыи мын тынг балæгъстæ кодта, рацæуæт ма, дам-иу. — Уый дæр та мæ, мæ мес цырыхъхъыты тыххæй æр- цагуырдта? — Ахæмты кой дзы нæ уыд, фæлæ сын цыдæр æхцаджыы адæм сæ чызгыл дзурынц. Цалдæр раны, дам, сын хæ- дзæрттæ ис, цалдæр та — фæсарæйнаг машинæтæ. Хани дзырдта, кæд, дам, мæ къахыл слæууин. — Уæрагсаст, дам, фæу, кæд сыдæй нæ мæлыс, уæд! Æмæ айразмæ афтæ куы дзырдтай, уым, дам, сын æй сæ сыхы иу сидзæр лæппу куры. Кæрæдзийы дæр куы уарзтой чызг æмæ лæппу, афтæ мын куы дзырдтай. — Ацы царды ма уарзтмæ чи кæсы, уæлдайдæр та ныры дуджы? Уарзтæн аргъгæнджытæн дæр, рæстдзинадæн аргъгæнджытау сæ нымæц бирæ фæкъаддæр. Хани дзырд- та, нæуый, дæр, дам, мæгуыр рæстæг у æмæ, дам, уадз, æмæ мæ чызг цардæй исты фена. Лæппу, дам, нозтджынæй бæттинаг, смудгæ дæр, дам, акæны цавæрдæр наркотиктæм, фæлæ, дам, уый хыгьд мæ чызг ницы цух уыдзæн, лæппуйыл дæр, дам, æрцахуыр уыдзæн. — Оу, мæ куыдз ныммæла зыд æмæ кæрæфдзинадыл! Æвæрццаг хорз миниуджытæй хайджын адæймаг, лæджы хуызæн лæг цæсты нал ахады. Фидиссаг, лыскъуд адæймаг та лæгыл нымад цæуы! Мæ сау куыдз фæлдыст æрцæуа цар- ды цалхæн, кæд чердæм ныззылд! — Цæмæн афтæ зæгъыс, мæ сыхаг? Алы дзаума æмæ мигæнæнæн дæр йæхирдыгонау аргъгæнæг вæййы... — Уæдæ æз мæхи райдайон цæттæ кæнын мæ балцы раз- мæ, — уæззаугай растад Ладикъо, сыстад Сасинкъа дæр. — Цыдæртæ дын æрбахастон, стæй дæм сæ бадæтдзынæн, мæ дзаумæттæ уал аивон æмæ мæ хæдзармæ акæсон, мæнæ уал дын бæгæны. — Ладикъо бæгæны айста æмæ хæдзарырдæм араст. — Куыйтæ дæ ныттыдтой, уый та дæ хæлаф цыхуызæн фаринтæ у фæстæрдыгæй? Ницы дзуапп ын радта Ладикъо, дарддæр араст æмæ ба- хызт йæ тыргъмæ. — Ай та цы у, цавæр у! Мæ кæрт авджы хуызæнæй куы
Юмористон радзырдтæ ^^^^^О^^^^^^1! ныууагътон æмæ мын сæгъы бæркъатæй хуртуанау куы ссис, — райхъуыст Сасинкъайы тардзæгъдæн йæ кæртæй. «— Дæ... Дæ мæрдты риуыл сæ байзæр мæ тæригъæдæй», — афтæ йæм хъуамæ ахъæр кодтаид Ладикъо, фæлæ йæ цæст нæ бауарзта ахæм æлгъыст ракæнын, иуæй сылгой- маджы æлгъыстау у, иннæмæй та Сасинкъа мæрдтæм кæй афæндараст кодта, уыдон цы аххосджын сты. Æмæ цыдæргъуызон бафсæрмы йæхицæй зæронд лæг, фæлæ уæддæр йæ пырх скалдта. — Дæ кæрт у æмæ йæ дæхæдæг ныммæрз, ам дын Шæх- хойты Ладикъо «батъракк» æмæ искæйон нæу, анассыны! — бæгæны йæ дзыхыл сдардта æмæ райхъуыст йæ хъуыртт- хъуыртт: — Æ, уазалæй мæрдты мæ риуыл фæцæуай, кæд дæ куыд бирæ уарзын! Стыр диссаг уыд æмæ ма йемæ иу цæх- джын, бæгæныйы кæсаг куы ’рбахастаид, уæртæ йæхæдæг хам- са кæсаджы хуызæн чи у, уыцы фæлдурæджджын ус. Цыма йыл уæлдай уæз фæкодтаид. Цом æмæ мæ цæхджын фыдæй æрчъепп кæнон, лæппутæ йæ кæсагимæ фæнуазынц, бæргæ... Сасинкъамæ нал хъуыстысты Ладикъойы ныхæстæ. Уый уыцы рæстæджы, йæхиимæ ныхасгæнгæйæ, кодта йæ хæдзарон куыстытæ: — Ныр мæ уæдта ацы лæджы хуызæн сыхаг нæ фæцис, уæд цымæ цы кодтаин? Иу род нæ ны- ууагътон - æртæ роды æрбаййæфтон. Фараст хъыбыл ныууагътон — дыууæ æмæ ссæдз хъыбылы мæ хуыдоны æрбаййæфтон. Æртæ каркæн та мын къуыртт нывæрдта ме ’рбацыдмæ. Æниу ын ахæм сыгъд æмæ уырыд къух ис æмæ та иууылдæр уасджытæ рацæудзысты, иу бæдул дæр та дзы нæ уыдзæн, иу бæдул... Фæлæ, цымæ, уæддæр йæ хæ- лафы хъæбыс афтæ бырæгътæ цæмæн уыдаид? Æнæуый мæ куы ницы æмбæхсы, уæд иу сыбыртт куыд нæ схаудис йæ дзыхæй... ..Æртыккаг бон, райсомы хуры тынтæ куы апырх сты бæрзæндтыл, раст гъеуæд Ладикъо хордзентæ бавæрдта йæ саубын хæрæг Къобийыл æмæ рауырдыг кодта хъæуæй
^^^^у^^у^О^ч^^^^^. V Остъаты Алан цъалайырдæм. Быттиты куывды мæт æй бынтондæр нæ уыд, фæлæ баххуыс кæнын хъуыд кæмæндæр. Сасинкъа йын алцы дæр бамбарын кодта бæстон æмæ фæстиат кæ- нын нал хъуыд... Бон йæ тæккæ тæмæны уыд, афтæ Ладикъо балæууыд хойрагисæн куыстуаты. Куыстуаты стыр æфсæн дуæрттæ гомæй куы баййæфта, уæд ын æхсызгон уыд: æгайтма хойраджы куыст чи кæны, уыдонæн ахæм æнтыстытæ ис, æмæ сæ дуæрттæ сындзæхгæд не сты, — æмæ йæ голджытæ йæ риумæ тынгдæр æрбалхъивгæйæ, бахызт мидæмæ. Уæрæх кæрты фæйнæрдæм акаст, фæлæ дзы лæджы фыр- тыл йæ цæст не ’рхæцыд. Æрмæст иу дæргьæццон агъуы- сты фарсмæ, дзедæрæджы къудзитæ худау цы æхсынцъы бæласыл æрбынат кодтой, уый бын аууоны, дæлгом- уæлгомæй хуыссыдысты цалдæр егьау куыдзы. Искæй суынын æнхъæл та лæг фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, фæлæ та никæуыл æрхæцыд йæ цæст. Фæкомкоммæ та æхсынцъыйы бын куыйтæм æмæ йæхимидæг баризæгау кодта. «Хæрдзысты мæ æмæ мæ мард ам, фæсгорæт, куы- дзы мардау фесæфдзæн, кæд ма мæ мæ цырыхъхъытæ æмæ зачъетæй базоной, æндæр. Æнæуый дæр мæм æмхиц сты, æндæрæбон дæр мæ рынчындоны цур фæцæйæргæвстой. Уæддæр хорз у æмæ нырма уæрагдыхæй хъæддых дæн æмæ бæласмæ сирвæзтæн. Бæласыл дæр æрбайсæфтаин, фæ- лæ чи куывта, уый — мæнæн. Æнæхъæн горæты балгай цæуынц, Иры дзыхъхъы лыстæгкъах фосæй фæфылдæр сты, сæ куынæг кæнын кæмæ хауы, уыдоны сæры хъæбæртæ бахсыной. Уæдæ ма сæ фыд хæрынæн бæззид, æндæра та мæгуыр лæджы рæзты дыууæрдæм кæниккой? Рынчындоны кæрты æрцæугæ цау ын йæ туг бауазал кодта æмæ искуыдæм схизын æнхъæл йæ цæст фæйнæрдæм ахаста.. .Уыцыхъуыддагтаафтæуыдæмæдыууæбоныразмæ Ладикъо изæры рдæм рынчынфæрсæг рынчындонмæ ба- уад йæ хæлар Гигуцмæ. Ныхасыл фесты æмæ кæуылты æрбаталынг, уый хатгæ дæр нæ фæкодтой дыууæ хæлары. Æрæджиау ма ратагъд кодта Ладикъо. Гуырæн хæдзармæ
фæцæйхæццæ кодта, афтæ йæ алыварс амбырд сты цалдæр куыдзы, раст цыма йæ уæлæ бирæгьдзарм уыд, ахæм рæйд æмæ йæм лæбурд кодтой. Зæхмæ-иу дурæнхъæл фæгуыбыр кодта, куыйтæ дæр-иу фæстæ алæууыдысты. Иæхи-иу куы сраст кодта, уæд та-иу æм уыдон дæр сæхи хæстæг æрбайстой. Цъиуызмæлæг никуыцæй зынд. Ирвæзæн мын нал ис удæгасæй, загъта лæг, æмæ йæ цуры назбæласы бын фæхсбандоныл алæууыд, бæласы цонг ацахста æмæ тарст лæг къалиуыл хæлиу бадт акодта. Куыйтæ ма иуцасдæр хæрдмæ схæппытæ кодтой æмæ стæй кæрæдзийы фæдыл рынчындоны иувæрсты сæппуадæй ахал сты. А-ныр æр- хиза, афтæ йæ хъустыл ныхас ауад, акаст æмæ йе ’рдæм æрбацæйцыдысты дыууæйæ. Æвзонг лæппу хъулон-мулон уæлæдарæсы æмæ сæгъæлвыды хуызæн чызг. Мæйрухс уыд æмæ сæ лæджы цæст дзæбæх æвзæрста. Се ’внæлдæй бæрæг уыд, хъæрмуд ахаст сын кæй уыд кæрæдзимæ. «Æххæст уал адард уой æмæ стæй æрхиздзынæн,æндæра мæ цахъхъæн лæджы ацафон бæласæй æрхизгæ куы феной,уæд мæ зонд- цух фенхъæлдзысты», — ахъуыды кодта Ладикъо. Фæндагыл цæуджытæ бæласы бынмæ куы æрбахæццæ сты, уæд бæласыл бадæджы бирæ нал бахъуыд сæ размæ æрхауынмæ. Лæппу æмæ чызг хъæбысæйхæцæгау кæрæ- дзийы ацахстой, хуымæллæг æмæ нывдзæджы тыхст кæ- рæдзийыл æркодтой æмæ... Лæг йæ цæстытæ цъынд бæргæ бакодта, фæлæ хъустæн та цы сарæзтаид, къухтæй бæласыл хæцыд æмæ алцы дæр хъуыста. Сæ аххытæ æмæ оххытæм хъусгæйæ йæ сурхид калд. Сæ ныхæстæй бæрæг уыд, бæласы бын сын рагæй адджын кæй у. Буархæццæ дæр фыццаг хатт ацы бынаты кæй фесты. Чызг кæцыдæр скъо- лайы кæй ахуыр кæны, лæппу кæмдæр æфсæддон куыст кæй кæны. Æгæрстæмæй, лæппуйæн ус кæй ис, уый дæр ма базыдта бæласыл бадæг æмæ ма чызг æнхъæлцау кæй у, уый дæр фехъуыста бæласыл писийау чи бандæгъд, уый. Иæ сурхид калд лæгæн, афтæмæй æвдисæн уыд йæ тæккæ бын æнæуаг митæн. Иæ бон та ницы уыд. Фæндыд æй ныхъхъæр кæнын: фидиссæгтæ, фесæфтат æгъдау æмæ æфсарм! — фæлæ æфсæртæ бандзыг сты, дæндæгтæ та æддæг-мидæг ауадысты æмæ æндзыгнизы цæфау бæласы зæнгмæ йæхи
^%>о^Ь>с*^ ■ ’ °стьаты Амм нылхъивгæйæ бадтис къабузыл. Зæронд лæг æвдисæн цæ- мæнты уыд, уыдон фыссын æмæ дзурыны аккаг не сты. Хæлд цардыл хæст фæсивæды сæ фондз æнгуылдзау зо- нынц, чиныгкæсæг та æфсæрмы аккаг у. Иу рæстæджы зæронд лæг йæ цæстытæ фæирд кодта æмæ бынæй, æрдæг бæгънæгæй йæхи фосы бынаты чи сæвæрдта, уыдоныл цыдæр æнахуыр сырды æвзагæй сниуæгау кодта. — У-у-уохх-ы-х-ы-уу-оо! — Нæ йæ фæндыд, фæлæ риуæй стыдта уыцы хъæр æмæ йæ бауромын йæ бон нал бацис. Ладикъойы фæстаг мыртæ фесты чызджы æрдиаджы бын, æмæ — бæласыл цыдæр, бæласыл цыдæр! — хъæргæнгæ, æрдæгбæгънæгæйтарст далысау лидзынмæ фæцис. Иæ фæстæ та лæппу аппæрста йæхи, йæ хæлафы комдæлыл хæцгæйæ. Æз дын зæгъон æмæ æхсæнгарз зын ссарæн у ацы дуджы, раз- ынд дзы лæппумæ дæр æмæ цалдæр гæрахы фæкодта лидзгæ- лидзын бæласмæ. Хорз уыд æмæ лæг рæс-тæгыл æргæпп кодта зæхмæ, æндæра дæ балгьитæг афтæ, нæмыгдзæфæй йæ къæсæрæй дуармæ моргмæ бахастаиккой. Æхсты хъæрмæ гуырæн хæдзары кусджытæй цалдæр урсхалатджыны гæлæбутау асинты сæрмæ ракалдысты. — Цæуыл гæрæхтæ кæныс зæронд лæг, рынчынты æмæ æвгъæдыбадджыты фынæй кæнын цæуылнæ уадзыс, æви дын лæппу райгуырд æмæ фырцинæй уæларвмæ уымæн дæнджытæ кæныс дæ хъримагæй?! Гъе, та нæм уæртæ æнæлæгæй чи æрбахауд, уый фæдыл у дæ цины сæр? И? Иу къаффетт ды та дæ цырыхъхъы хъусы нытъыстаис, лæппу дын райгуырд сахаты размæ... — Лæгимæ æмæ уæм æнæлæгæй чи æрбахауы, стæй кæмæн цы райгуыры, уыдонæн æз ницы зонын, уæ рынтæ бахæрон, фæлæ уæм дзы рæхджы иу кæй хаудзæн, уый бæлвырдæй зонын æмæ цæттæ ут! Æвдисæн сын мæхæдæг уыдтæн уæлейæ дæлæмæ, æвæндоны æвдисæн, фæлæ цы саразон? Уавæр мæ афтæ æртардта. Фæлтау мæ куыйтæ куыдзæргæвст куы акодтаиккой уæ кæрты æмæ æвдисæн куынæ фæуыдаин цъындцæстæй цы федтон, уымæн. — Цæугæ цæуын сæм сдзырдта Ладикъо. — Диссаг у, Чъребайы æррадоны кусджытæн ма мызд цæй тыххæй фидынц, се ’рратæ иууыл уынгты хъеллау
кæнынц æмæ, — йæ фæдыл кæсгæйæ бахъуыр-хъуыр код- та булчъы быны хуызæн бæзджынтæ сырхуадул сылгоймаг æмæ стæй йе ’мкусджытæм бадзырдта: — Цомут чызджытæ, нæ кофетæ ныууазал уыдзысты. Ладикъо йæ мидбынат фæлæууыд, хъыг æм фæкаст æрра йæ кæй рахуындæуыд, хъуамæ сæм фæстæмæ фездæхтаид, ома сын хъуыддаг бæстондæрæй, уæлæнгæйтты уæддæр бамбарын кæнон, фæлæ уалынмæ иу урсхалатджын дыккаг уæладзыджы рудзынгæй арсау ныббогъ кодта: — Райсом чи ныййардта, уый рудзынгæй агæпп кодта æмæ фæлидзы, уым цы схъил стут! Иууылдæр фæмидæгæй сты. Кæрты фæзилæны фæаууон лæг дæр. Зæххыл ма мæсты ту ныккодта: — Пуй, кæд ды сылгоймаг нæ дæ, Хуыцау дæр, зæнæгмæ йæ былы цъæрттæ чи хæры, уымæн æй дæтгæ нæ кæны, кæй нæ хъæуы, уыдон та сæ фæскъултæм калгæ кæнынц, — æмæ уæззау зæрдæйы равгимæ уæззау къахдзæфтæ акод- та фæйнæрдæм кæсгæйæ. Уыцы дзæгъæлзад куыйтæ та макæцырдыгæй фæзыной, зæгъгæ... ...Æмæ та ныр дæр хойрагисæн куыстуаты куыйты дзуджы хъæлæсмæ куы бахауд, уæд йæхимидæг базыр- зыр кодта. Чысыл фалдæр релсытыл паравозгондмæ йæхи сындæггай баласта æмæ æфсæн асинтыл тагъд-тагъд суад. Иæ дзыппæй къухмæрзæн систа, йæ ныхы хид дзы а-ныр асæрфа, афтæ йыл уыцы рæстæджы хæрзæввахсæй чидæр схъæр кодта: — Гъей зæронд, æвæццæгæн, доклад фæрсынмæ рхъа- выдтæ паравозы сæрæй! Цы дæ рбахаста хъуызгæцыдæй ацы дзæгæрæг хурьт комбинатмæ? И? Алæ-ма æрысгарон дæ, уæд та дæ дæларм исты рæмудзæн æрмæг æрбахастай? Уæд та диверсант дæ, цы бæрæг ис? Хæстон рæстæг у. Дæ ном, дæ мыггаг? Рæвдздæр дзур! — æмæ йæ разы лæдзæджы æнцой алæууыд дзæбæх хъæдуры хъилы дæргъæн, йæхицæй бирæ кæстæр чи нæ уыдаид, ахæм лæг. — Дæумæ нæ дзурын, æви къуырма бадæ, гъе та гуырцæй гоби рахастай? Уæд дыл мæ лæдзæгæй æрзилон æмæ сдзу- рай. И?! — Шæ-æ-æ-ххойтæй дæн!
— Сæкæратæй дæр фест, Ладикъо, фæлæ дæ цы рбаха- ста? — æмæ йын адджын хъæбыс ныккодта. — Чи дæ, куынæ дæ хъуыды кæнын? —Макæйуал базон, дæ фæндаг дыууæрдæм нæ фæскъулты куы уыд. Фæсрагъаг Лексо дæн. — Нал дæ базыдтон, кæйас сдæ?Æниу лæгыл уæлейæ куы ницы уæз кæна, уæд рæзхæссаг вæййы, — æмæ йæ Ладикъо дæр æрбахъæбыс кодта. - Дзæвгар рæстæг дæ нал федтон, зæгъын, уæлейæ дæр нал уыдзæнис ныр, — хъазыд лæг. — Уымæй дæр раст зæгъыс, уæлейæ нал дæн, фæлæ дæн бынæй. — Уый та куыд бынæй? — Куыд, куыд æмæ афтæ. Дзаг æфтауцдоны гæсæй куы куыстон, уæд уæлейæ уыдтæн. Абон та афтид æфтауцдæтты хъахъхъæнæгæй кусын æмæ дæн бынæй. Хъазын хъазын у, æнæхъуыддаг нæ уыдзынæ? — Хор мæ хъæуы, Лексо, хорагурæг дæн æмæ мын мæ къух ацараз, ме ’мкоймаг. — Æй дæ бон ныккалай, Ладикъо, кæд зымæджы чи- дæр хъæдмæ æрыскъæф тонынмæ куыд цыд, ды дæр уый митæ куы кæныс. Кæм ма ис хор. Мæнæ нæ мыстытæ фырæххормагæй къулæнцæйтты куы цæуынц, хоры гага мысгæйæ. Кæд ма уæртæ аууоны лæппутимæ фæйнæ куы аназæм, уæд фынджы уæлæ цы къæбæры муртæ аззайы, уыдонæй фæхъуырттхъом вæййынц, æндæр ма цæй хор æмæ мæнæуы кой кæныс? Нал ис, Ладикъо, куыстуат. Амард! — Æмæ ма дзы уæдæ ды цы дæ хъиутæ хæрыс? Науæд ма быдырты, кæмдæрты мæнæуы хуымтыл лæджы цæст куы рхæцы. Иууыл дидинæг æмæ хæмпæлгæрдæджы бын куы нæ фесты нырма. — Уыцы кæмдæртыйы быдыртæй гьгццыл цыдæртæ фæч- чьпъæдæн, хицауады цæстмæ ардæм дæр æрбаппарынц колхоз- ты сæрдæрттæ, ома кæсут, кусæм, змæлæм, архайæм. Мæнæуы хъаймагъдæр та дæлæрдæм афардæг вæййы, Гуырдзыстонмæ. Уьгм, дам, ын дзæбæх æхца фидынц йæ путæн. — Æмæ ам нæхимæ адæм та? Уыдоны хойраг нæ хъæуы? Мæнæ кæуинаджы хъуыддæгтæ!
— Нæхи фосдарджытæ та мæнæ дæуау сæ голджытæ афтидæй сæ синтыл хойгæ рахæсс-бахæсс кæнынц. —Æмæ ма йын уæдæ йæ дуæрттæ уæрæх цы ’рбайтыгьтат? —Мард цы хæдзары вæййы, уыцы кæрты дуæрттæ дæр гом вæййынц, цæмæй мæнæ дæхуызæн хорагурджытæн фадат уа мидæмæ æрбахизынмæ æмæ фæкæуынæн. Сындзæхгæд дæр сæ скæниккой, фæлæ дзы уæртæ мидæгдæр лæпггутæ машинæтæ цалцæг кæнынц æмæ сæ быруйы сæрты куыд исдзысты. — Æмæ уæдæ ныр фæстæмæ афтидæй куыд аздæхон? — бакатай кодта Ладикъо. — Цы дын бакæнон, ме ’рдхорд? Науæд афтидæй цæ- мæн здæхыс, дунейы хъыхъхъаг къæбылатæ нæм куы ис. Нæ дæ дзы хъæуы? Æцæг дын зæгъын, хъæды астæу цæрыс æмæ... Иу дзы куыройы ныззад, иу — цистернæйы бын, иу та æфтауцдоны бæстастæу... — Куыйтæн дæр æмæ ма фæллойгæнæг адæмы куыйты бынаты чи сæвæрдта, уыдонæн дæр!.. — ахъаззаг нылгъыста зæронд лæг æмæ мæстæйдзагæй рацыд. — Афтæмæй дæ нæ ауадздзынæн, искуы фæйнæ уазал бæгæны мæ хардзæй аназæм! — йæ фæдыл ма хъæр кодта Лексо, фæлæ йæм Ладикъо фæстæмæ дæр нал фæкаст. — Цы дын бакæнон, Ладикъо, мæхи зæрдæ дæр бæргæ риссы, фæлæ мах хуызæтты бон ницы у, зын уромæн мын у ме ’взонджы бонтæй фæстæмæ зæрдæйы тæгтæй цы куыс- туатимæ баст уыдтæн, уый ахæм уавæры уынгæйæ, фæлæ... — йæ цæстытæ доны разилгæйæ, Ладикъойы фæдыл каст æмæ хъуыды кодта Лексо... * * * Нал фæндыд Ладикъойы горæты лæууын. Ницы уа- диссаг барухс йæ зæрдæ. Къухы нæ бафтыд хор дæр. — Мæ голджытæ ма Лексойы загъдау, мæ синтыл хойгæ дыу- уæрдæм цы рахæсс-бахæсс кæнон, цъус мæм дзы куынæ ис хæдзары, — æмæ сæ горæты астæу, иуран бырæтты рæ- дзагъдыл баппæрста. Исдуг цæуын дæр æрфæнд кодта,
^^Ч^^.^С^^^/У^ V Остъаты Алан фæлæ куьгедмæ хуынд уыд, кувæгæн æй æрцагуырдтой æмæ йæ æфсарм ныуурæдта. Ие ’рвадæлтæй кæмæдæр æрæхсæ- виуат кодта. Фысымтæ дæр мæстджын уыдысты. Сæ масты аххосаг та уый уыд æмæ сын се сиахсы йæ куыстæй кæй систой. Хицауады хæдзары кæцыдæр уæладзыджы зилгæ къæлæтджыныл бадт æмæ дзы æмбойны афтид аззад. Фысым- ты ныхæстæм хъусгæйæ ма ахæм уавæры бахаудтой цалдæр бæрнон кусæджы. Ладикъо, указ цы у уый нæ зыдта, фæлæ «æфхæрд» лæджы каисты ныхæстæм гæсгæ куыд бамбæрста, афтæмæй стыр бæллæхы дзырд у «асфабадип» дзырдимæ. Æрхымпырдта, уыцы дзырдтæ кæй тыххæй фыст æрцæуынц стыр хицауы къухфыстимæ, уымæн кæй вæййы æмбисбон ху- раныгуылдау. Уазæг, дам, фысымы цæстытæм фæкæсы, æмæ- иу Ладикъо дæр кæддæрты «охх, охх» бакодта. — Цæй, ма маст кæн Ладикъо, исты бынæтты та бабыр- дзысты. Ахæм лæппутæ сты æмæ та дзы иу бынатмæ куы баирвæза, уæд та иннæты дæр йæ фæдыл баласдзæн. — Фысым дæр-иу Ладикъомæ дзургæйæ, ныфсытæ авæрдта йæхицæн. Цæмæй зыдта æмæ уазæджы оххытæ æмæ аххыты аххосаг, сæ бынæттæй сырд чи баййæфта, уыдон нæ, фæлæ йæ къухы хор кæй нæ бафтыд, уый кæй у. Фæччъпъæдæн æртæ сыкъайы банызта, хатыр ракуырдта, æрулæфон, зæгъгæ. Фæхæццæ йæ кодта фысым дыккаг уæладзьггмæ, бацамыдта йын сынтæгмæ æмæ та оххытæгæнгæ бынмæ æрхызт. «Уагæр афтæ цавæр хæрæн бынаты куыста се сиахс, стырæй-чысылæй, усæй-лæгæй зæрдæниз куы райстой, уæд? — Иæ дзаумæттæ ласгæйæ хъуыды кодта лæг. Æнкъараг зæрдæйы хицау бæргæ æмбæрста, фысымтæн йе ’рбацыд ’хцон кæй нæ уьгд сæ тæккæ тыхст рæстæджы, фæлæ ма цæй æфсон рацыдаид, стæй ма уыцы афон кæй дуар бахостаид? Уымæй размæты дæр-иу сæм æрбахауд, фысымтæ иу дзы хынджылæг дæр акодтой. — Уæ хъæуы цæрæг нал ис фосæй дарддæр, æмæ, зæгъгæ, ды дæр, æвæц- цæгæн, тагъд фосау уасын райдайдзынæ. Адæймаг фосы æхсæн куы сфос уа, уым диссагæй ницы ис, фæлæ адæмы ’хсæн’ адæймаг фосы хуызæн куы суа, мардæрцыд уый вæййы. — Фелхыскъ-иу сæ кодта Ладикъо дæр. Æнтæф уыд æмæ рудзынг æрбакодта, афтæмæй æрæ-
Юнористон радзырдтæ у ^УИ^^сК^У [9 джиау кæддæр йæ цæсты уæлтъыфылтæ кæрæдзийыл ан- дæгъдысты æмæ тарф фынæй ацис хъæууон фæллад лæг... Бон дзæбæх æрбацъæх, афтæ Ладикъо фехъал цавæрдæр æнахъинон хъæрмæ. — Æвæццæгæн сиахсы уæззаудзинад не сфæрæзта каис- тæй кæцыдæр æмæ зæрдæскъуыд фæцис. Уый уæдæ цавæр æрдиаг у? — Фæгæпп кодта сынтæгæй æмæ дуарырдæм ра- лыгъд. Мидæггæгты кæй уыд, уый фæхъуыды кодта æмæ фæстæмæ фездæхт. Раст та уыцы рæстæджы кæртæй чидæр сылгоймаг ныббогъ кодта. — Мааа-цъони-и-и, ма-а-ла-къ-о-о! — Тарстæй ру- дзынгæй акаст æмæ харбызты хуызæн дыууæ, тымбылтæ сылгоймаджы къухуæрдæттæ сæ фæдыл ласгæйæ сындæг фæцæйцыдысты уынджы бæстастæу. —Хæдзархæлд фæут! Уæ фæйнæ мад æмæ фыдæн, адæмы фынæй кæнын цæуылнæ уадзут?! Лæгтæ уын нæй, уый бæрæг у, фæлæ хæдзæрттæй дæр сырд стут? Сæумæцъæхæй хæрджытау цы хъихъхъ кæнут! — Мацъони аргинда дзиа? — Ахæм дзиа дæ фæуыдзæн æмæ дæ сæумæцъæхæй дæ деда дæр ферох уыдзæн. Комы аргъ сылгоймаг Сасин- къайы армæйдзаг бирæ хатт мæ сæрмæ нæ фæхæссынæмæ ныр цыдæр æнæхсад сæмпъæрчъийы арæзт мацъони сыл- лыпп кæндзынæн. Ахъуытты ут æуырдыгæй! Раст иф- тыгъд къамбецты хуызæттæ. А, æххормаг нæлгоймаджы раныдзæвдæй нæ тæрсут ацафон, фæлæ куыйтæй дæр нал тæрсут, куыйтæй? Æвæццæгæн, базаргæнджытæ иронау цыдæртæ æмбæрс- той æмæ йæм дзы иу сдзырдта: — Ци дзихай дзурга канис? — Æтт аннасыны, æз уæ сдзых кæндзынæн! — уаты къу- ымты йæ цæст ахаста, йæ фарсмæ стъолыл дæргъæццон рухсгæнæн ауыдта, фелвæста йæ æмæ сæм æй рудзынгæй фæдардта. — Сфæлдахон уæ æд уæрдæттæ! — сылгоймæгтæ мæгуыр, ома нæ æхсгæ кæны цыдæр æхсæнгарзæй æмæ æд уæрдæттæ ныййарц сты: «Вайме деда, вайме деда» хъæр- гæнгæ. Кæцыйæндæр дзы йæ банкæтæй хаугæ дæр акодта æмæ асфальты хъæбæрыл «мацъони» уыд, æви «малако» — урс-урсидæй æрттьгвта...
^44А>^(^)^</%./ °стъаты Алан Батæригъæд сын кодта Ладикъо кæмдæр йæ мидзæр- дæйы. — Уæ хицауад уын уæ тæригъæд фæхæссæд, кæд уæ, æцæгæйдæр, къамбецифтыгъд куы скодта. Фæлæ уæхи ах- хос у, Сырх тырысайы бын сымахæй цæрæгдæр адæм нæ уыд, фæлæ маргæй йедзаг стут æмæ йæ фыццаг сымах рарæцыгътат. Къалиуылбадæг йæ къалиу куыд ныллыг кодта, сымахыл дæр уый æмбисонд æркодта. Фæлдыст та уын нæ нæргæ хъæууон хæдзарады чи багæндон кодта æмæ абон та йæ сæндидзын кæнын кæмæ хауы, уыдон фæуæд. Æппын уыцы «мацъони» æмæ «малако»-йæн нæхимæ æр- кæнæн нæй, æви нæ сæрвæттæ зæйласт фесты æмæ нæм фосдарæн нал ис? — Иæ фысымтæн бузныг загъта, аходæн дæр нал бахордта, афтæ рацыд... Куывдмæ нырма раджы уыд цæуынæн, æмæ уал базарыр- дæм азылд. Алцы дæр дзы уыд, фæлæ алцы дæр æрласæггаг. Базаргæнджытæй стæм чидæр дзырдта иронау, уый хьггъд æлхæнджытæ се ’ппæт дæр — ирæттæ. Базары бахизæны хи- барæй лæууыд къуркъайы хуызæн ацæргæ саулагъз лæг æмæ йæ дæларм цы тымбыл дзул уыд, уымæй зыды хæрд кодта. — Цыдæр зонгæйы æнгæстæ мæм кæсы, уæлдайдæр та йæ уарийы бырынкъы хуызæн къæдз фындз, — йæхимидæг ахъуыды кодта Ладикъо æмæ йæм йæхи хæстæгдæр бай- ста. Лæджы фарсмæ тæрхæгыл æвæрд уыд дыргъы хустæ, банкæты цавæрдæр цæхджынтæ. — Балхан, балхан, хорз лаг, джонджоли цъинили, чъан- чъури чъерчъита. — Уый цы хуызæттæ ныддæ, дæ фæсус хъæлæс æмæ ма дæ дæ къæдз фындзæй базыдтон, æндæр дæм Къимотъейы хуызæнæй куы ницыуал ис. Æри-ма дæ дзæмбы, фынддæс азы дын дæ чъизи къух никуыуал райстон, — æмæ лæджы æрбахъæбыс кодта Ладикъо. Лæг йæ цъæхбын цæстытæ стъæбæртт-тъæбæртт кодта æмæ Ладикъомæ ныккаст: — На да зонин чи да? — Æмæ ма мæ кæцæй базонай, сау хъыбыл, сбазаргæнæг дæ æмæ... — Вайме дедикъо, мана ма Ладикъо! Сау хъибил ку на рахуыдтаис, нæ базыдтаин, — скæуæгау кодта лæг æмæ йæ тæнæг былтæ Ладикъойы русыл авæрдта.
Юмористон радзырдтæ . ^^^^^^А^^^^^ Ц Иудзырдæй, базаргæнæг разынд Ладикъойы æмхæрæ- фырт, ачабеттаг лæг. Ладикъойæ афтæ бирæ кæстæр нæ уыд, гыццылæй рынчынтæгæнаг хаста æмæ иу æй æрвыл -сæрд æрдæгмарды хуызæнæй баластой йæ мады хомæ æмæ та-иу æй фæззæджы хæрзхаст хъыбылы хуызæнæй Ладикъо æмæ йæ мад сæмбæлын кодтой Ачабеты йæ зы- мæгон хæйттимæ. Сау хъыбылы номæй дæр æй Ладикъо рахуыдта. Цалынмæ æрранизæй нæ фæрынчын сты, уæдмæ дæр-иу арæх цыд Къозмæ, Ладикъотæм. Æцæг, сæрды ни- куыуал, уæд-иу йæхицæн куыстытæ уыд, фæлæ фæззæджы. Картоф, цыхт æмæ царв хæссынмæ. Къуайсамæ-иу ын сæ йе ’мхæрæфырт фæхæццæ кодта, Ачабеты та-иу ын сæ Къуайсайы автобусæй ирон лæппутæ райстой. — Кудта стут, Сасинкъа чиндзи нал ацид? Раджи дæр бирæ уарзтон ама стæй дар. — Ацу, фидиссаг, Сасинкъа раджы дæр æмæ ныр дæр дæ хуызæн дæлтъурты йæ сынтæджы бынмæ уадзгæ дæр нæ бакодтаид. — Цай дзабах хачъапъурита кодта,—йæ былтæ асдаер-дта лæг. — Абон дæр кæны, фæлæ сæ махмæ хæбизджынтæ хо- нынц æмæ нын сæ ма æнад кæнут уæ сæбæччыты номæй. Цы уæ сæнамонд кодта, афæрсон дæ, исчи мын нæ дæ. Ирæттæй цавæр уæ удты уæнгæл федтат, цы уын кодтой? — Цы загъон на зонин, мах аххос нау, калакæй арба- цауынц, цы загъынц уый бафалвар ама ма сараз. Устытан загъынц: фандагыл хуысга — схуыссынц, лагтан загъынц — иратты ныхма хаст канынма цаута — бафалвар ма ацу. — Æмæ уын уæдта уæ устытæн афтæ загътой, искæй бын... уæддæр хъуамæ сразы уой? И?Æви уæ нæлгоймæгтæ дæр сæ цуайнаджы хуызæн худгæндтæ сæрбæттæнтæй ра- ивтой? — Цай, Ладикъо, мастыл цахх мауал кан. Сырра кодтой фасивады. Махи лаппу Нукъриа махи цалдар хатты намга факодта, ирон деда дын цаман уыд, загъга, — йæ цæстытæ доны разылдта гуырдзиаг. — Æвгъау уын бæргæ уыд, фæлæ йæ раттæгæн цы загъдæуа? Къуылыхæй райгуырд. Ирон лæг та ’нæхъæны дæр хъæнтæ фæагуры. Нæхирдьггæй йæ курæг нæ уыд æмæ *9
уæ хай бацис. Цыхт ахсыныл фæцахуыр кодта уæ хъæуы сылгоймæгты, фæлæ ирон бæгæны, уæливыхтæ, дзыкка ара- зын иу хæдзары цы файнустытимæ цардис, уыдон дæр нæ базыдтой. Туджы мидæг куы нæ уа, уæд тых мийæ ми нæй. Къуымбил хуыссæнгæрзты хъармдзинад уын уæ буæрттæн базонын кодта мæ дзæнæтыбадинаг мадыхо æмæ-иу ын искуы йæ сахъат къахæн цырæгътæ ссудзут, сымахмæ сæ самтелитæ хонынц. — Бира хатт римисин дедайы, йа ирон нихас — хъæбул. — Сымах ма бирæ цыдæртæ мысдзыстут, фæлæ уын цалынмæ æгæр нæ байрæджы, уæдмæ уе ’ргом, фæрсæй- фæрсмæ кæимæ цардыстут, уыдонмæ раздахут. Ницы цух стут, Ирыстоны дзаджджындæр зæххытыл, фидис та дын нæ кæнын æмæ та ма фесхъиу, дзæргъытау ныххуыссыдыстут, уæддæр ма фынæйæ дæр мицъа-мицъа кæнут. Афæрс ма ам, горæты цы гуырдзиæгтæ баззад уыдоны, æндæра истæмæй хъæстаг сты? Абон-сом та Ирыстонæн æнæахицæнгæнгæ нæй æмæ уæ немæ цæрын хъæудзæн. Уырысæй дæр уе ’нæ- уынон уынут, афтæмæй та сын се ссадæй конд дзул дыууæ русæй дзæбæх æмпулут æдзæсгомæй. — Омæ цы бакæнæм, ирон лæппутæ баласынц, сæ цæрæн- бон бирæ. Ницы цух уадзынц, ссад, бензин, продукттæ, Дзауæй хъæдæрмæг дæр бирæ цæуы. Бирæтæн хырхытæ ис æмæ кусынц. —Æмæ уыцы хырхытæ цæмæй кусынц, уый уырысы рухс нæу? Фæлæ тынг æдзæсгом стут. Æз кæй нæ уарзон уымæн мæ нæдæр йæ хойраг хъæуы, нæдæр йæ рухс. Мæнæ ма нæм газ дæр æрцæудзæн æмæ иу уым дæр кæфхъуындарау сба- дут, доны куыд сбадут, афтæ. — Газ æуым ед æрцæудзæн, уымæй дæр хæхты сæрты. Сайгæ кæнынц. — Чи сайы, аннасыны?! — Махмæ цы ирон лæппутæ бацæуынц, уыдон фæдзу- рынц. Адæмы, дам, сайгæ кæнынц. — Сæ фæйнæ мад æмæ фыдæн... дæуæн дæр æмæ уыцы лæппутæн дæр ницы зонын, фæлæ уыцы хорздзинадыл а-лæппу рæхджы кæй бацин кæндзæн, уый бæлвырдæй зонын. Цæй, цы дын æй æмбарын кæнон, цæстытæ дыл Остьаты Алан
Юмористон радзырдтæ . ^^Ч.^ил.^^С^^^^^^^.'47 ис æмæ йæ фендзынæ. Дæ хъустæ дæр хуыгисты хъустæй бирæ къаддæр не сты æмæ йæ хъусгæ уæддæр фæкæндзынæ. Дæ мад ирон кæй уыд, уый тыххæй-иу дæ чи снадта, уыцы бичъо-лæппу та дын куыд цæры? — Мæ лæппу нозтыл бафтыд. Тинг магур у, тинг магур. Иæ ус иу æхсæвыгон сыстад æмæ сусæгæй сиуайнаджимæ афардæг. — Мæгуыры бон ыл ныккæнæт, æмæ æхсæвыгон уæ хæдзарæй цуайнагæй рогдæр йæ къухы цы айстаид, ахæмæй ницы ссардта? — Туджискваби-катиелæй нæ дзурин, нæ. — Уæдæ цæй кой кæныс? — дисæй та йæ афарста Ла- дикъо. — Сиуайнагимæ. Уадта, къацо, сиуанеттаг лагима. Ар- дам хаст канынма чи арбацыд, ахам лагима афардаг. Ма гули мын фариссин кодта, ма гули. Мæ ус Матикъо уадай фастама фаринчин. —Æй, уæдæ уын, æцæгæйдæр, уыцы баевик уæ артыл дон куы аскъæртта, дон. Æз та, зæгъын, уын уæ чындз кæд мый- йаг уæ чъачъауадзæн цуайнаг антъыхта йемæ, - батæригъæд ын кодта, æцæгæйдæр, Ладикъо. —Æмæ Тамаресæй Чъехы онг абон иу-ссæдзæй фылдæр ис сиуанеттæгтæ, Ладикъо. — Ногæй та æрбацыдысты, æрбауагътат та сæ? Уæдæ та уæм дзы митæ куы уыдзæн, митæ. — Цæугæ не ’рбакодтой, сæ сывæллæттæ сты. — Ныр та сæ сьгвæллæтты æрбарвыстой, зæгъыс? — Ницы не ’мбарыс, къацо, уартæ фиццаг цид куы рба- кодтой, уæд хъæуы чиндзитæм æмæ чизгитæм бахъуызтытæ кодтой, тиххæй хæститæ дæр кодтой æмæ уыцы сивæллæттæ сты, — йæхи та бакъултæ кодта лæг. — Æй уæдæ ма дзы дæ хæдзарæй фыддæр ^ъуыддæгтæ дæр куы рцыд кæуылдæрты, ме ’мхæрæфырт, — æнæбары бахудт Ладикъо. — Цæуыл худгæ кæнис, дæ къах ныл къургæ кæнис? Мæгур адæм никуы федтай. — Худгæ уыл нæ кæнын, кæуыны хъуыддæгтæ сты уыдон. Ахæм цыдæртæ иу фехъуыстам, фæлæ уæм афтæ парахатæй
>»^>ОСЙ^СК</'4^ Остьсшы Алан æрæвнæлдтой, уый кæцæй зыдтам. Диссаг у, æвæдза, цард, сымах ирон адæмы куынæг кæныныл нæ ауæрстат, уыдон та уæхскуæзæй уæ бирæ кæныныл куыстой. — Цæй, мах ирæтты раз ци аххосджин стæм, — йæхи та бакъултæ кодта лæг æмæ та йæ дæларм кæрдзынæй йæ дзы- хы ассыдта. — Уæдæ ма чи у аххосджын, мæ куыдзы тъæнгтæ бахæ- рат! Æниу, сымах ахæм адæмы хатт стут æмæ уæ фыстæ нымайæгау, каудуары уылты иугай уадзгæйæ куы фарстæуа: — Ирон адæмы ныхмæ хæцыдтæ? — Уæддæр уæ «хæцыдтæн» иу дæр нæ зæгъдзæн. Лыскъуд адæм стут, фæлитой æмæ æнæууæнк. Уæ тæригъæдтæ уын Леуахи æнусмæ дæр ласт нæ фæуыдзæн. Æнамонд æмæ æлгъыст адæм стут æмæ мæм цыдæр мæ зæрдæ афтæ дзуры, цы сæрсæфæны былмæ фессæстат, уырдыгæй рæстæгыл куынæ раздæхат, уæд, цыма, уæзæгсыгъд фæуыдзыстут. — Ой, Ладикъо, алчи аххосджын кæцæй у. — Аххосджын æмæ æнаххос дæр Хуыцауы къухы сты, Хуыцау та, дам, тагъд нæ кæны, афтæ фæдзурынц. Стæй ма ирон адæммæ иу æмбисонд ис: — Æгæргæнæг, дам, æгæр кæны æмæ нæ зонын, нæ зонын. — Бирæ хатт мæ Къозмæ дзыкка хæрынмæ æрфæнды, — йæ тæнæг былтæ асдæрдта лæг. — Хæрæджы тъæнгтæ феууил, кæд иууыл дæ гуыбыныл цы кæуыс! Æмæ-иу æрбамæрддаг у, чи дæ нæ уадзы? — Тæрсин, тæрсин, исчи мæ куы амара, — йæхи сæнцъыл- дтытæ кодта лæг. — Уый æдыхты марынмæ сымах лæуут рæвдзæй, уый йедтæмæ махдæрдыгæй дæ хуызæнмæ йæ къух чи райса, уый ирон дæр нæ уыдзæн, ирон. Нырма куы ницы ауæй кодтай, афтæ вæййы алы бон дæр? — Алы бон ам кæцæй вæййын. Иу ссады голлаг бал- хæнон, зæгъын, æмæ абон рацыдтæн. — Цасы аргъ сты дæ уæййæгтæ? — Æртæсæдæ сомы. Æмæ мæ цæмæн фæрсис? Ладикъо йæ дзыппæй иухæст фондзсæдæ сомы систа æмæ сæ лæгмæ бадардта. — Айс адон, æндæра дæ ам хур ныццæвдзæн ацы тæвды æмæ мын мæ мадыхойæн уæлæуыл
йæ ныуæрттæ цъус нæ хæлдтай æмæ ныр та уымы бæсты... — Нæ райсдзинæн, цитæ дзурыс. — Айс сæ, кæддæрты иу мын нæхимæ цъалайы цъыф- дзастæй дзæргъыты сыскъæрдтай æмæ сæ дæ куысты мызд- мæ айс. — Ай та иууыл мæ цуры хуыйы мыггаджы кой куы нæ кæна. Дзаргъытæ æмæ хъибилта, — йæхи стæргайгæнæг кодта йе ’мхæрæфырт. — Омæ-иу мын дзæргъыты сыскъæрдтай æмæ уæдæ цы зæгъон? Сæгътæм цæуын къæдзæхтыл нæ уæндыдтæ, галтæй тæрсгæ кодтай, — æмæ йын æхца йæ риуы дзыппы æртъыста. — Охх, Ладикъо, дæ иу мæйы пенциа куд райсон? — Кæд уын уæ хæрзтыл нæ фæкалдтæн æмæ дын мæ иу мæйы пенси нæ ратдзынæн. Мæ иу мæйы пенси авд мин сомы у, хæстон пенси, æмæ йæ дæхуызæн саухъустæн лæвар кæнын? — худтис Ладикъо. — Тæхуды, Ладикъо, да къона, мæнæн та фондз æмæ ссæдз лари у. Умæй филдæр махмæ ничи исы. — Аннасыны, æмæ хæстмæ куы цыдтæн, уæд мæм цæ- уылнæ тæхуды кодтай? Сылгоймаджы халаты Дзарцъемы колхозы къамбецдуцæгæй куы куыстай, уæд? — Ой цæй, иууыл-иу рæтъузæн нихæстæ ма кæн, рынчын уьгдтæн æмæ мæ уый тыххæй нæ акодтой хæстмæ. Рацу-иу искуы æмæ сæн баназæм. —Æмæ ды нæхимæ дзыкка хæрыны тыххæй æрбацæуынмæ де ’взæр удæн куы тæрсыс, уæд комы аргъ лæг сæны цъырт- ты тыххæй Ачабеты йæ мæлæт ссара? Стæй, дам, уын мæ зæрдейæ суанеттæгтæ уæ сылгоймæгтæм куыд хъæрмуд ахаст дардтой, афтæ æмхиц, дам, уын уыдысты уæ сæны быркуытæм дæр, æмæ ма уæм сæны мыг-гагæй исты базза- даид Тамаресæй Чъехы нарæджы онг, ада-а. — Уæддæр та аци лаг ку нæ фелхыскъ кæна, уæд ын ад нæ кæны. — Ой цæй, æз дæр сæ хъусгæ æркодтон. Цæй, нæ мæ æв- дæлы. Дзæбæхтæ мын у, куывдмæ цæуинаг дæн, — йе уæхск ын æрхоста Ладикъо æмæ рацыд... —Мæкуыдзы сæр бахæрæтмах цалдæр азычирасай-басай
Ч^Ч*^<^Ь>С*Г'<"Ч*/ ОстъатыАлан кæны, ирæтты дам, фæсурдзыстæм æмæ дам, сæ фæллæйттæ иууылдæр сымахæн баззайдзысты. Йе скъæты, дам, иу къамбец дæр кæмæн никуы уыд, уымæн, дам, дзы уыдзæн рæгъæуттæ. Ладикъойы галтæм бæллыдтæн, мæ ус Ма- тикъо та йæ былы цъæрттæ Сасинкъайы дуцгæ хъуццытæм хæры цалдæр азы. Мæхæдæг дæр, дам, демæ фæцæудзынæн Къозмæ æмæ, дам, сæ нæхицæн æртæрдзыстæм. Ме скъæтмæ дæр бæргæ бафтыдтон, фæлæ Фендзыстæм Ладикъо, æндæра чи кæмæй хынджылæг кæндзæн. Кæд ма удæгасæй дæр аирвæзай уæд. Ныфсытæ та æвæрынц, абон гуырдзыйæн цы ’взонг паддзах ис, уый фæсдзæуинтæ. Иу- гай гæрæхтæй, дам, нал, фæлæ, дам, сыл æмткæй рацæуын хъæуы, ацы ирæттыл. Сæхирдыгæй дæр, дам, нын фæзынд фарсхæцджытæ. Ныр фендзыстæм, кæд ма ацы зæххыл иу ирон дæр баззайа... «— чъребайаг дзул дыууæ русæй æмпулгæйæ, Ладикъойы фæстæ кæсгæйæ цины хъуыдытæ кодта йе мхæрæфырт, ачабеттаг Къимотъе... * * * — .. .Кæй стут уый марды кæндæн хардз æрцæут, кæд уæ мæ фыдбылызæн нæ дары, кæд уæ мæ мæгуыр цæнгты фы- дæбон паплой кæныны тыххæй нæ дары! Сæгъты хуызæттæ дæр ма йын куы уаиккой, зондæй дæр æмæ бакастæй дæр йæхи халдихтæ, — фæсхæдзарæй цæуы къæсхуыртæ сыл- гоймаджы тардзæгъдæн. — Мæхиуæтты дæр мын сæхихуызæн сæгъахуыр скод- той. Æндæра ма мæхиуæттæ къабускъа кæд хордтой, хæргæ та куыд нæ кæнынц, фæлæ мæ сыхаджы уæттау искæй цæхæрадонмæ æдзæсгом сæгъыцыдæй æрбацу?! Афтæ у, хæдзары лæджы худæй дарддæр лæг куынæуал вæййы, æмбондаразæг куы фæхъæуы, уæд идæдзы цæхæрадонмæ сæгъ дæр гæппгæнаг у... Бæгæныдзуаны та адзæгъæл, бæ- гæныдзуаны, йæ мæлæт дзы ссара! Мæнæй-ма ахæм кусæг дын куы уа, уæд къуыригæйтты зæрдæвæндонæй цæуылнæ тезгъо кæндзынæ горæты! Мæхи аххос уыд. Дзурæг-дзу- рæджы фæдыл, хатæг-хатæджы фæдыл, курæг-курæджы
Юмористон радзырдтæ ^Чл^^иСЬ^*^.*^ 15; фæдыл, иу ма мæм скъæфынмæ йæ ныфс ничи æрбахаста, уый йедтæмæ къæсæрихсыд бадæн æмæ дзы мæхицæн никæй саккаг кодтон. Æртысгæнæй-иу сæ фæсырдтон æмæ абон кæйдæр лæгæн баззадтæн хæдзаргæс, кæрдзынгæнæг, хъугдуцæг, гæрзтæхсæгæй æмæ ма мæ ноджы дохтыр дæр скодта йæхицæн, мæ низтæ дæр йæ хъæлæсы аирвæзой! Æмæ йын мæхæдæг карк дæр куы фергæвдын кæнын, уæд ын æй хъуамæ къуыри раздæр зæгъай, къуырийы фæстæ йын æй йæ зæрдыл æрлæууын кæнай æмæ дын æй къуы- ри фæстæдæр та æргæвдгæ акæндзæн. Хъуыр-хъуыргæнгæ уымæй дæр. Зæронд гал зæронд цъерихосмæ куыд фес- муды, афтæ уый дæр хъуамæ горæты уынгты дыууæрдæм смудгæ цæуа...Хъæбулы хъомыл сæ фæкодтон æмæ мын се ’мбисы къоппатæ æмбойны акъуырдтой. Дзæгъæл æмæ нæхицауæй баззайут ноджы дæр... Сæ фæздæттæ дыууæрдæм тилгæйæ, Сасинкъайы цæхæ- радонæй федтæ сты дыууæ мадæл сæгъы æмæ сылгойма- джы ’рдæм сынæрцæгъдгæйæ кастысты. Сæ фæстæ рахызт мæстыйæ йæхæдæг дæр. Каудуар æрæхгæдта æмæ уæрдоны рæтæнагъдыл æрбадт: — Исчи ма сæм бакæсæт, исчи. Сæ хицауы цæрмæстыгъд бакодтой раст. Уый дæр ма йæ боцъотæ афтæ фæтилы, фæстаджы тылд уын сæ акæна... Гъеныр æй цы лгъи- тын, æнæуый дæр йæ куадзæны уæрыкк йæ нывæрзæнæй уасы æмæ йыл исты куы ’рцæуа, уæд та уый хæссон мæ зæрдæмæ?.. Куыд æрæгмæ цæуы, ма та ’рбарынчын уа? Цы бакæнон, хыл дæр æрбавæййæм, фæлæ йæ мысгæ дæр æркæнын. Иунæг идæдзæн дæр иунæгæй, æнæсыхагæй, æвæгæсæгæй зын цæрæн у. - Ацы рæстæджы Ладикъ- ойы сæгътæ æрпыррыччытæ кодтой. — Æз уæ ныххудын кæндзынæн, бирæгъты холы фæуат! Кæндысдон уын бæргæ бадарин, фæлæ уæд мæхиуæтты дæр хъуамæ амарон, науæд фæзæрдæхсайд уыдзæн, дæ уæтты уæлдай зæгъгæ мæ уæттæм цы рауад?.. Куыд æрæгмæ цæуы, уæдæ. Майрæмбоны ацыд, абон дыццæг, æниу, чизоны Чысангоммæ дæр афтыд. Сыл къамбец æлхæнинаг у, ифтындзынæн, дам, мæ хъæуы. Уæд- мæ мын сæрнизæй фæсæй, цалынмæ дын къамбецы бын нæ бабадон. Кæд мæ иунæджы номыл идæдзæй Ладикъойæн
^5>ч>ОСЙЗ&иГ/^ -’ °сты""ы Алт къамбецдуцæджы тыххæй нæ фæбадтæн æмæ уый тыххæй нæ батыдтон ме взонджы бонтæ рæвдыдхъуагæй... ...Хур ныгуылæнырдæм фæкъул. Хæхты аууæттæ тар- бынæй фæхстыл сæхи аппæрстой. Изæры рогуддзæф фæсатæг æмæ ставдкъах фос сæхи дæлæуæз æристой. Дзæргъытæ æд хъыбылтæ сæ бырынчъытæ ныхъил кодтой, афтæмæй изæры сылыцъыртт æнхъæл сæ цæстытæй дза- гъыргаст кодтой сылгоймагмæ. Сасинкъа сыстад. — Афонмæ мæ изæры зылдтытæн се ’мбис фæуыдаин, æлгъыст æмæ дзæнгæда цæгъдыныл фæдæн. Раст ацы рæстæджы йæ хæнтфæстæйæ æнæнхъæлæджы Ладикъойы хæрæг хъихъхъуаст ныккодта æмæ йæхи быр- цæй дæлæмæ аппæрста. Сылгоймаг хæрдмæ фæхауд æмæ былгæронмæ бауад, акаст дæлæмæ: — Кæй размæ фæдугъ кæныс, растдæр уыимæ æмхуызæттæ стут!.. Комы нарæджы йæ къухтæ йæ синтыл сæвæрдта, афтæ- мæй сцæйцыд Ладикъо. — Æмæ дзы галуæрдон куы нæ уынын, хортæ, дам, Къуайсамæ истæуыл фæхæццæ кæндзынæн, уым та, дам, Хыдыры галтæ райсдзынæн æмæ, дам... афтидæй куы ссæ- уы, — æмæ хъугдуцæн бедрамæ фæраст хæдзармæ... # # * ... Дыууæ сыхаджы бадтысты мæйрухсы, æнгуз бæласы бын фæхсбандоныл. Ладикъо Сасинкъайæн дзырдта Чъребамæ йæ ацыды хабæрттæ. Радзырдта йын Хицауады стыр хæдзармæ стыр æмбырдмæ куыд бахауд, уый дæр. — О, о, о Сасинкъа, диссæгтæ дзы уыд, диссæгтæ. Бре- дент дæр дзы уыд, бредент. — Æмæ ам бæстæ хурæй дзæгæрæг куы кæньг, уæд уым къæвда уарыд? Науæд Чъребайы иу агъуыст нал баззад, адæмæн æмбырд кæм сарæзтаиккой? — Къæвдайы кой дын чи кæны, æмбырд дæр агъуысты уыд, фæлмæн бандæттæ дзы уыд æнцойгæнæнтимæ. — Æмæ ма дзы брезент цæмæн хъуыд, агъуысты тæдзгæ кодта? — дисгъуызæй та йæ афарста Сасинкъа.
— Макуы мацы бамбар æмæ донласт фæу, кæд уæдæй- нырмæ цы къæвда, къæвда кæныс! Стыр хицау дзы уыдис йæхæдæг æмæ уæдæ куыд хуыйны? Адæм æй афтæ хуыдтой. — Афонмæ дæр афтæ зæгъ — стыр хицау, уый йедтæмæ ды та? Брезент нæ хуыйны, фæлæ президент. Æмæ, дам... æмæ, дам, цы дзырдта? — О, адæмы размæ рахызт, адæм нымдзæгъд кодтой, æз дæр ма кæм лæууыдтæн, мæхи зонынхъомæй фæстæмæ къуыдаргомы чындзæхсæвты дæр уыйбæрц никуы фем- дзæгъд кодтон. Æмбырды уæвджытæн иумæйаг салам рат- тыны фæстæ трубанамæ схызт æмæ... — Мæгуыры бонтæ, æмæ трубамæ та цæмæн схызт? — Дæ хæдзармæ дæ фескъæрдæуæд, дæ сæнтдзæф фар- стытæй та мæ туджы æлхъывдадæн йæ бынаг фæхæрдмæ! Трубайы кой дын чи кæны, трубанамæ зæгъын. Хицæуттæ кæцæй фæныхас кæнынц, уыцы бынатмæ. — Трубана нæ хуыйны, фæлæ трибуна. — Хæдзархæлд макуы фæу, кæд пъалитъикъайы кусæг нæ дæн, афтæ бæстонæй сæ кæцæй хъуамæ зонон. Омæ дын уый зæгъын, турбинайæ аккаг фæцис бынæтты кусджытæн. Æз, дам, хъуыддаджы фæдыл куы фæфале вæййын тъунелы дзыхæй, уæд, дам, сымах та, аннасыны, уæ адджын адæмимæ Чъимасы цъала æмæ Гъуырымбелайы смидæг вæййут уæхстыл физонджытæ хæрынмæ æмæ урс сæн цъирынмæ. Мæгуыр адæмы тут, дам, кæй цъирут, уый, дам, уын æгъгъæд нæу. Уæ цъыс-цъыс, дам, уын, ссæуын кæндзынæн, мæнæ- мæнæ ма, дам, уыл, иу хъаст дæр æрбацыд адæмæй, уæд. Стъол дæр-иу æрцæфтæ кодта, стъол. — Афтæ сын хъæуы, афтæ, æцæг ма-иу дзы стъолы бæс- ты искæйты бæрзæйтæ дæр куы ’рцæфтæ кæпит. — Иу лæг та, дæ хæдзарылæй, сыстад, сыстад æмæ-иу куы ныхъхъæр кодта, уæд диссаг. Ме ’хца, дам, мын радтут, ме ’хца. Раздахут, дам, адæмы æхца! — Исчи йын сæ байста, цæй æхцайы тыххæй дзырдта? — Байста нæ, фæлæ сын сæ ацъацъа кодта. Кæмдæр бан- джы сæ нывæрдтой, фæфылдæр, дам, уыдзысты æмæ сыл мæгуыр Сырдоны цуайнаджы ми æркодта. Фылдæр нæ, фæлæ сæ сæхиуæттæ дæр нал фесты. Диссæгтæ дзы уыд,
диссæгтæ, Сасинкъа. Колхозты сæрдæрттæн дæр аккаг фæцис хицау. Сымах та, дам, Усанеты дзуарæй сомы ракæ- нут æмæ, дам, уæ къантъораты къоппыты мидæг фæйнæ джитърийы бын æрзайын кæнут адæмæн. Ацы мæнæуыл, дам, бафтыдыстут, уый, дам, рувын нæ хъæуы æмæ...Æз, дам, нæ зонын, фæлæ, дам, мын мæ тауинаджы мæнæу дæр куыд раздахат фæстæмæ. — Иæхæдæг дæр, æвæццæгæн, мæнæуы куыст кæны? — Цæй мæнæуы куыст кæны! — Уæдæ цæй тауинаджы кой кодта? — Уырысæй хорз мæнæуы тауинаг æрласта Хицауад. Колхозты сæрдæрттæ ныфс бавæрдтой, ахæм тыллæг, дам, райсдзытæм, ахæм æмæ, дам, Хъазахстаны Брежневы це- лина фæстейæ баззайдзæн. Ирыстон, дам, хойраджы бын фæуыдзæн. Кæцыдæр колхозтæ йæ мæзæрдейæ декабры мæйы дæр тыдтой. — Æмæ дзы исты тыллæг систой? — Мыстыты æфсон та фæцис, бахордтой та, дам, æй — как ыфсегда. Ома, куыд æрвылаз, афтæ. — Мæнæ диссæгтæ! Æрвылаз мыстхæрдыл цы мæнæу сфыстæуы, уымæн йе ’рдæджы ’рдæг, æцæгæйдæр, мысты- ты хъуыры куы ирвæзид, уæд быдырон мыстытæ хуыгисты- ты ’ййæстæ уаиккой. Æниу сын уыйæппæт мæнæу тайгæ та куыд бакæны, тайгæ? — Мыстытæн зæгъыс? — Мыстытæн нæ, фæлæ сæрдæрттæн. — Мады ’хсырау, мæ сыхаг. Сфыссынц æй, гæххæтт та алцы дæр уромы. — Омæ хуыскъ хъуджы йæ хæдзары дыууæ азæй фылдæр куы ничи дары, уæд колхозы сæрдар цалдæр азы куы ницы æвдиса, уæд ма йæ йæ бынаты цæмæн ныууадзынц? — Сæ бынæтты цæмæй баззайой, уый бæрц дзы, ома, искæй былтæ айсæрдыны фаг æрзайы. Стæй ма ноджы фондз хæрæджы фаг дæр. — Æмæ фондз хæрæджы бæсты фондз дуцгæ хъуджы цæуылнæ дарынц колхозтæ? — Цыппаркъахон хæрджытæй нæ зæгъын, фæлæ дыкъа- хонтæй. Ницымбарæджы каст мæм цы кæныс. Сæрдар, хæ-
Юмористон радзырдтæ ^ч.>—^^СЬ^^г^^ 15, дивæг, хынцæг, æфтауцдоны гæс æмæ фæччыгъæдæн иу фыййау, — йе ’нгуылдзтыл æрнымадта Ладикъо. — Уыдон фондз хæрæджы не сты? Хицауады фæллой чи ’мпулы, и? — Мæнæ ноджыдæр диссæгтæ! — Уæдæ мæ сыхаг, уæдæ! Уавæр ма афтæ куы ахæсса, уæд нæ быдыртæ схъæд уыдзысты æмæ-иу нæ фыдæлтæ куыд кодтой, афтæ фæстагæтты дæр ногæй ахотæ аразыны сæр бахъæудзæн. — Горæтмæ æввахс быдыртæ куы схъæд уой, уый хорз уыдзæн. Науæд мæнæ нæхи районы хъæдты иу фадынæн бæзгæ бæлас цырагъы рухсæй дæр ссарæн куы нал ис. Иууылдæр сæ фæдæлæмæ кодтой. Нæ сыхæгтæ, дам, мæ зæрдейæ ардыгон хъæдæрмæгыл дзæвгар ларитæ фидынц, уыдон та, дам, æй, Туркмæ ноджы фылдæр доллартыл уæй кæнынц. — Нæ районы хицæутгæ дæр цалдæр азы дæргьы нæ районы хъæдæрмæгæй сæхицæн иу кусæн агьуыст куы са- рæзтаиккой, уæд бæргæ хуыздæр уыдаид. Науæд сæ кусæн ва- гæтгæ ныззыхъхъыртæ сты æмæ, дам, сын, мæ зæрдейæ дымгæ сæ гæххæтгытæй гæлæбуйау поселочы уынгты фæхъазы. — Æмæ, дам, айразмæ та сæ мыздисыны тыххæй къух- фыссæн уедомосты, Бузалайы Быттиты хæдзары дæлба- зырæй зæрватыччы ахстонæй æристой. Дымгæ, дам, æй зилдухгæнгæ Леуахийы сæрты уыйонг бахæццæ кодта, ба- зары йæ устытæ дзырдтой. — О, хæдæгай, афæрсын мæ ферох, хъæубæсты, мыййаг, дæ цæст зæрдæхсайгæ æцæгæлон, æнæзонгæ гуыппырсæр лæппутыл не ’рхæцыд? —Æмæ нæм хонгæйæ дæр зивæгæй куы ’рбацæуы чидæр- тæ, уæд нæм æнæхонгæйæ чи хъуамæ æрбацæуа? Æмæ мæ цæмæн фæрсыс? — Чъребайы ахæстонæй та алыгъдысты фарастæй. — Хæдзархæлд макуы фæуой, æмæ ма скъæтыл дæр гуыдыр куы вæййы, уæд ахæстоны дуæрттæ гом вæййынц? Ныр цалдæр хатты афардæг сты. Æмæ ныр та фарастæй! Цæстцух уæвгæйæ мын сусæны мæйы фосы быззыйы рæс- тæджы дæр фараст стуры никуы ралыгъд сæрвæтæй æмæ уыдонæн куыд лыгъдысты?
156, Остъаты Алан —Ахæсгоны къул, дам, уидыпей ахъахтой æмæ афарляег сгы. — Мæ судзгæ мæрдтыстæн, уыцы ахæстоны къултæ дæр, æвæццæгæн, гудисаг сой цыхтæй амад сты, куыд сæ акъа- хынц? — Уыдон лæппутæ сты, лæппутæ! Ахæмтæ, æвæдза, йæ рæстæджы Ручъы тъунелы гæрдæн куыстытæ кодтой, уæд бирæ раздæр фегом уыдаид. Омæ сæм телевизорæй си- дынц, æрбаздæхут ма, дам, рæстæгыл о, о, о. —Æмæ чындзæхсæвы фынгæй чи фæтæргай вæййы, уый дæр фæстæмæ куы, нæуал баздæхы, уæд уыдон æдылытæ сты æмæ барвæндæй баздæхдзысты фæстæмæ? Исты хорз хабар ма радзур, иууыл худинаджы æмæ кæуинаджы хъуыддæгтæ дзурыс... — Омæ дын уый зæгъинаг уыдтæн, кæд æз дæр сулæфин æмæ дæу дæр нал хъыгдарин бон дæр æмæ æхсæв дæр. Мæ зæрдæ барухс... — Чи у, кæцон сылгоймаг у? Кæм ссардтай гæрзтæхсæг æмæ кæрдзынгæнæг? — Бæргæ искæй куы ссарин, фæлæ амонд дæр æрмæст иутæм худы. Мой дæр уыцы иутæ кæнынц, устытæ дæр уыцы иутæ курынц. Дæлæ та нæхи Сибистъор фæндзæм ус раивта, тæхуды... — Ус та æркодта, зæгъыс? — Æркодта, æркодта. Цæгат Ирæй Хъæниаг идæдзы æрласта. Хъæнимæ мойгонд уыд сылгоймаг, йæ лæг, дам, мæкъуылы бын фæмард æмæ Сибистъоры хай бацис. Æз та Чъребайы кæуыл сдзурын, уый йæхи Згъудеры ’рдæм кæсæг скæны. Зæгъын, нырма нæ мæлын æмæ уыцырдæм цы кæсыс? Стæй, зæгъын, мæнæн мæ уæлмæрд нæхимæ, къуыдаргомы, уыдзæн. Бирæты амонд, бирæты амонд... тæхуууды, æ, тæхууды. О, æмæ дын уый дзырдтон, æз дæр кæд сулæфин иучысыл. Ахæм хос мын баныфс æвæрдтой æмæ... Уыцы æвзонг дохтырты цæрæнбон бирæ фæуа. Мæн дæ фæндиаг кæнын чи нæ бауадздзæн. — Æмæ ацы ацыдæн рынчындоны дæр уыдтæ? — Цæй рынчындоны! Куывды. О, æмæ фæсбадт, дæ фарн фынæй, Сасинкъа, хи хъуыдыйы иу сыгъд æмæ пырх хæдзармæ фездæхтæн. Кæсын æмæ æртæ уæйыджы хуызæп
лæппуйы, сæ цæнгтæ бафистæг кодтой æмæ сæ цоыджы хъулты тугдадзинты сæхицæн судзинтæ арæзтой. Уыцы рог, адджын улæфтытæ ныккодтой. Мæхи сæм хæстæг бай- стон. Зæгъын, байриат, фæсивæд! Дзæбæх бонтæ, дам, дыл кæнæт, дедушка, дæуыл дæр. Зæгъын, цы кусут изæрырдæм сыгъд хæдзары, мыййаг, исты низау фæзынд æмæ уый ныхмæ аразут судзинтæ? Сæ иу мын афтæ, мах, дам, æвзонг дохтыртæ стæм, медицинон академийы скъолатæ, дам, æрæджы фестæм каст æмæ, дам, нæ цæмæй нæ дæсныйад ма рох кæна, уый тыххæй, дам, мæнæ нæхицæн судзинтæ къуырæм экстремалон уавæрты. — Мæгуыры бонтæ, æмæ... — Уæдæ, мæ сыхаг, уæдæ. Сæ цæрæнбон бирæ уа ахæм сагсур лæппутæн. Уыдон Ирыстоны сомбон, йæ рухс фидæн сты. Бирæ искæмæн судзин аразын йæ ныфс нæ хæссы, уыдон та сæхицæн арæзтой. Зæгъын, æз дæр, лæппутæ, рынчынтæгæнаг дæн, мæ туджы æлхъывдад гæппгæнаг у, куы мын уæлæмæ вæййы, куы та мын хаугæ æркæны. Зæгъын, кæд ахæм хос исты зонут, уæд мын æй Хуыцауы хатырæй ма бахæлæг кæнут. — Дудгæ бонтæ æмæ... — Зонæм, дам, фæлæ, дам, зынаргъ у, стæй, дам, йе сса- рын дæр зын вæййы, фæлæ, дам, ды куыд Хуыцауæй æр- выст, къухылтухгæ фæлмæнтæ куырыхон зæронд лæг, афтæ, дам, цы нæ бон у, уымæй, дам, дын феххуыс кæндзыстæм. Зæгъын, Хуыцау уæ сараза, Хуыцау уæ сараза, аргъыл дзур- гæ дæр не скæндзынæн. Хор æлхæныны тыххæй мæм цы фондз мины уыд, уыдон сын сæ къухты æрнымадтон. — Саубонтæ æмæ... — Лæппутæй сæ иу афтæ, абон, дам, уыцы хос кæм уæй кæнынц уый нæ кусы. Уæйгæнæг, дам, Цæгат Ирмæ Черме- ны къуыругмæ ацыд йæ ласынмæ. Куыддæр, дам, æрхæццæ уа, афтæ, дам, дын æй Къуайсайы посты хайадмæ барвитдзыстæм къуыримæ. Зæгъын, цалдæр азы кæм фæразын, уьгм къуы- ри нал бафæраздзынæн? Æмбарæм, дам, дын дæ низы хатт, туджы æлхъывдадæй пъаммардæр, дам, низæн скæнæн нæй. Нæ ныййарджытæ дæр, дам, уыцы низæй хъæрзгæ сты махмæ кæсгæйæ. Уæззау куыстыл хæст, дам, кæй стæм, уымæ кæсгæйæ.
158, Остьаты Алан Зæгъын, уæ хурæй бафсæдæт, уæ хурæй. Сымах хуызæн раз- агъта дохтыр кæстæртæ кæмæн ис... — Судзгæ бонтæ... — Дæ хорзæхæй, уæдæйнырмæ цы бонтæ-бонтæ кæныс? — Фæсайдтой дæ Ладикъо, фæсайдтой... — Куъгд мæ фæсайдтой, чи мæ фæсайдта? — Уыдон наркомантæ уыдысты, наркомантæ. Уыдон дæр судзинтæ ахæм бынæтты фæаразынц сæхицæн. Науæд Къуайсайы посты агъуысты дуарыл цалдæр азы дæргъы дæ сæрæй стырдæр гуыдыр ауыгъдæй куы лæууы, уæд дын сæ кæдæм æрбарвитдзысты? Мæнæ йæ бонсихорафон чыз- джы сайд куыд фæкодтой, хистæркъласон чызджы сайд! — Фæсайдтой мæ, зæгъыс, уæдæ, æцæгæй мæ фæсайдтой, зæгъыс?..- йæ цæсгом туджы зилын райдыдта Ладикъойæн, æмткæй йыл ризæг бахæцыд. — Ма тæрс, ма тæрс.. .фæлтау ме ’взаг куы бахус уыда- ид.. .ма тæрс Ладикъо, ма тæрс... — Фæсайдтой мæ... Сасинкъа... мæ зæрдæ... мæлын мæ ма бауадз мæ сых... аг... аг. Мæлын дын Са.. .си.. .су... къа... — былтæй ма æнæбары сыбар-сыбур райхъуыст æмæ нывæрзæны хъилтоппау нæудзармыл фæрсыл æрфæлдæхт Ладикъо... * * * Рынчындоны бирæ нæ баззад Ладикъо. Дыууæ къуы- рийы бæрц. Лæппутæ йын йе ’хцатæ кæй асайдтой, ууыл афтæ тынг нæ фæмаст кодта. Йæ зæрдæ йын уый бауæззау кодта æмæ æвзонг лæппутæ ахæм намонды фæндагыл кæй ныллæууыдысты. Цæрдудæй та дæхи куыд хъуамæ баныгæнай, æнæуый дæр ацы цард уæззау æмæ цыбыр куы у, уæд. Рынчындоны, сынтæгыл уæлгоммæ хуыссгæйæ дæр тынг тæригъæд кодта сæ ныййарджытæн. Кæцы ныййарæджы фæнды æмæ йæ кæстæр ма рабæзза, кæцы ныййарæджы бафæнддзæн æмæ йын царды уæззау цалх йæ зæрдæйы уидаджы йæ быны ассæнда. Фидар фæлæууын хъæуы, фидар. Бæлас талайæ тасы, уыдон ме ’рымысæггаг
Ю.иористоп радзырдтæ у ^ <ГК*&&&0< ’** ^ æмбисæндтæ не сты. Иæ кæстæрмæ рæвдз чи фæлæууы, уымæн царды хъуырмæ чъизидзинæдты нæ аныгъуылы. Æнæмæт цæстæй чи кæсы сæ хъомыладмæ, уымæн та сом- бон стыр сæрниз разыны, фæлæ байрæджы вæййы... — ахæм хъуыдытæ куы кодта, раст æм гъеуæд бахызт фæтæнтæгонд медицинон хо æмæ йын уый фехъусын кодта, зæгъгæ, дох- тыр дæ афыста, алцы дæр дзæбæх у æмæ. — О, Хуыцау уæ сараза, Хуыцау, уæ сараза! Гайтма алцы дæр дзæбæх у. — Æрмæст дæхи дæр хъахъхъæн. Уæззæуттыл хæцæн дын нæй. Дæ нуæрттæ дæр алцæуыл ма хал... — Хæдзархæлд макуы фæуат, æмæ ма мæ уæд дзæбæх та цæмæн рахуыдтат? Уæззæуттыл, дам, ма хæц, Ладикъо! Æмæ нæхимæ рог куыст та кæм ссардзынæн, селсовет дæр нæм куынæ ис, уæд. — Иу чысыл уал бахиз дæхи, куырмтъанджы операци хъазын нæу. Уæдта дын ногæй аскъуыд, — бадзырдта та йæм медицинон хо. — Æз та ма уæ арæвдауинаг уыдтæн, мæнæ мæ нывæрзæн сты, фæлæ мын уæдта, æцæгæйдæр, аскъуыд, уæд та уын ногæй хъуамæ радтон. — Ой, кæдем дын скъуыйы, кæд зæронд æрчъи нæ бампъызтам. — А, уæдæ-иу сын сæ айуар, мæ уæлхъус цалæй уыды- стут, æз ын цы зонын. Афтæ, дам, уæм у бынæттон фæтк æмæ йæ æз кæм фехалдзынæн, — æмæ сылгоймаджы халаты дзыппы æртъыста, базы бынæй цы райста, уыдон. — Фæлæ ма дæ афæрсон, нæ колхозы-иу цыхтахсынæн афæдзæй- афæдзмæ фынддæс метры марла нæ бахардз æмæ иу гыц- цыл операцийы тыххæй мæнæн дæр фынддæс метры куы балхæнын кодтат? —Уымæн дæр йæ фæтк афтæ у, — фынддæс метры. Нæдæр фылдæр, нæдæр къаддæр. Алкæмæн дæр æмхуызон. — Цы загъдæуа дуг æмæ рæстæгæн! Уæдæ царды хорз- дзинæдтæй æмхуызон хайджын цæмæннæ вæййынц адæм, — бахъуыр-хъуыр кодта Ладикъо æмæ йæ уаты фæбадæг. — Цы йын зонын æз, æмхуызон цæмæннæ вæййынц. По- литик нæ дæн. А, уæдæ-иу хорзыл амбæл, æз ма уæртæ иннæ палатæтыл дæр азилон, уырдыгæйты дæр кæйдæрты афы-
160, $>0*0**'*^л Остъаты Алан стой. Дæ ус дæм бынæй æнхъæлмæ кæсы, — æмæ феддæдуар сылгоймаг. — Кæд дæ фехъуса, уæд дæ рынчындоны къуымты бæргæ сратæр-батæр кæнид, реанимацион хайады дзагъырдзастæй бæргæ сæис, — йæ фæдыл ма адзырдта Ладикъо, фæлæ йæ уый нал фехъуыста. — Уæдæ ай диссагæн дзуринаг нæу, судзин, хос, марла, бæмбæг æлхæн æмæ æлхæн уæлдайджынтæй, æмæ ма сын стæй сæ дзыппы дæр нычъыссæ кæн... Медицинон хо нæ, фæлæ хъалонуидзæг, финагент. Сасинкъа æмæ Ладикъо рынчындонæй рахызтысты, сæ ных сарæзтой кæртмæ бахизæны æфсæн дуæрттæм. Бирæ сæ нал хъуыд, афтæ цыппæрæм уæладзыджы балкъонæй райхъуыст иу урсхалатджыны тардзæгъдæн: — Ласгæ фæу уæхимæ, зæронд хъембыр. Тъæнгскъуыд фæу, тъæнгскъуыд, уый дын мæ арфæ. Æтт, дæттæй æмæ ма иу хауд куы рбакæнис, а-чызг дæ морджы бæргæ бамидæг кæнид... — Цæуыл аргъауы, цæ, уыцы урсхалатджын? Урс халоны хуызæн. — Иæ нымады фæкъуыхцы, къаффетты цъæрттæй йæ зæрдæ нæ барухс æмæ... Ласгæ фæуыдзынæн нæхимæ, ан- насыны, уæдæ Чъребайæ Къозмæ фистæгæй цæуын! Иу судзин мын æнæ фондз туман айсгæ никуы сарæзта æмæ мæм ныр та сынтæгмæ йе стыр синтæ йе стыр дзыппытимæ æрбазылдта, цыма Ладикъомæ уæларвæй хауы. — Ницы дын æмбарын, ацы лæг. — Ды нырма бирæ цыдæртæ не мбарыс царды, ацы ус, фæлæ ратындз, — Сасинкъамæ бадзургæйæ, йæ цыд фæ- цырддæр кодта Ладикъо. ...Рагæй нал рафтыдысты дыууæ зæронд горæтмæ, æниу-ма дзы цæугæ дæр цæмæн кодтой, сæ уæййæгты тыххæй сæм базаргæыджытæ бынатмæ, сæ къæсæрмæ ба- цыдысты æмæ. Гъе, стæй сыл азтæ дæр сæ уæз уадзын рай- дыдтой фæззыгон уæззау пъæра мигътау æмæ кардзыд адæймагæн та, куыд фæзæгъынц, къæсæр — хох у. Хъус- хъусæй рыхъуыстой хæсты дудгæбæттæ, фæсхæст пырх горæты æндидзынгæнæн куыстытæ дæр æндзыгнизы цæфау
хилæгау кæй кодтой. Ног хицауы æвзарыны бонтæ дæр æрбаввахс сты æмæ та бацыбæл сты дыууæ зæронды. Бирæ хъуыддæгтæм сæ цымыдисы æнкъарæнтæ афтæ стыхджын сты, æмæ иу изæрыгон фосыл сæ цæст ахастой. — Нал дуцын мæ хъуццыты, баулæфой уыдон дæр. Родтæ дæр сæ мæдты нал дæйынц. Ницы сын уыдзæн иу- æртæ боны. Хъæуæй дарддæр кæдæм фæхаудзысты, — кау- дуары цур лæугæйæ, дзырдта Ладикъойæн Сасинкъа. — Уæдæ мæнæн дæр мæ дзæргъ дуцгæ нæу. Хъыбылтæ сты æмæ æнæуый дæр гомдуар хуыдоны вæййынц. Иннæтæ дæр хуыскъæгтæ сты. Цæуæм! Æдзæугæ дæр мын нæй. Мæ хæрæг фæдæрдджын, ивын æй хъæуы. Амæйразмæ мын чидæр Ходы хъæуы рахуыдта. Ай диссагæн дзуринаг нæу, Сасинкъа, хуымæтæджы хæрæгæй автомашинæ æнцондæр ссарæн у нæхимæ. Фалейæ та хæрæг æрласынæй чызг раскъæфын æнцондæр у, уæдæ! Паспорт дам ын хъуамæ уа хæрæгæн, кæннæуæд æй таможнайы ницæй тыххæй рауа- дздзысты. Æй дуг, дуг! Ай цы цард æркодта, цы цард! Уыцы райсом фыццаг кæркуасæнты сæ дуæртты ричъи- тæ æддæрдыгæй æрзылдтой дыууæ зæронды æмæ фæхæрд кодтой Кеды комы цады былгæрæтты... —Æдзæм сæфт фæу, æдзæм сæфт! Кæд кæм зæххы скъуы- ды ныххаудтæ! Зæххы скъуыды ныххауын дæр диссаг нæу, уынгтæ æмткæй къæхтытæ сты. Цыма дзы паддзах Тама- ры агурынц, уыйау сæ иу фæйлыд скодтой. Хæдзархæлд та сын ма зæгъон се скъахджытæн. Иуран уал сараз æмæ стæй иннæрдæм ахиз. Афтæ стыр горæт дæр куы нæу. Иæ хæдзары дзы йæ мады халат ацауындзынæн зæгæл дæр чи никуы бакъуырдта, ахæмтæ дæр индзылер æмæ прорабтæй агæпп кодтой. Æвæдза, горæты уынгтæ хæсты размæ куы баййæфтаиккой къахт, уæд горæтмæ гуырдзиаг танк нæ, фæлæ хæрæгуæрдон дæр не ’рбатылдаит, хæрæгуæрдон. Уæдæ æуый цы у, газуадзæн хæтæл фæдæлсыджыт кæн, дык- каг бон æй скъах æмæ та йын донуадзæн хæтæл йæ бынты антъæр. Бирæ бынæтты, дам, дзы, мæзæрде, хæтæлтæ дæр нæ ныппæрстой, хæтæлтæ, базары йæ рыхъуыстон. Цар- циаты диссæгтæ мæнæ, царциаты диссæгтæ! — йе ’рмттæ кæрæдзийыл хойгæ иу бæрзонд агъуысты асинтыл тагъдго- ♦11
Остъаты Ллан мау суад Ладикъо, галиуæрдыгæй къаннæггомау рудзынгьгл бахæцыд æмæ дзы йæ сæр бадардта. — Дзæбæх бонтæ дыл цæуæт, ацы дзæбæх чызг. Аххуыс мын кæн æмæ мын мæ уавæр фæрог кæн. Æнæнхъæлæджы зачъеджын лæджы ауындæй, æвæццæ- гæн, чызг фæтарст æмæ фæхъыллист кодта. — Цы кодтай, дæ рынтæ ахæрон. Уæ мыггаджы дзьг ма уæд, фæлæ Чъребайы мæнæй фыдуынддæр зæронд лæг ни- куъг федтай? — Тæрсгæ нæ фæкодтон, афтæ æнæуьгй, — бафсæрмытæ чьгзг. — Цьг уæ ’рбахаста, цæмæй дьгн феххуыс кæнон? — Фесæфт, фесæфт комыаргь сылгоймаг! — Иæ къам дæм нæй? — Уьгй куьт зыдтаин, къам дзьг хъæудзæн, уæд æй раха- стаин. — Ном æмæ мьптаг. Æнæкъамтæй дæр дзьг вæййы, — йæхи фыссыны æввонг æркодта чызг. — Ладикъо дæн Шæххойтæй, дæ рьгнтæ дьгн ахæрон. — Сылгоймагæй дæ фæрсьгн. — О, о, о! Сасинкъа хуьгйны, Сасинкъа, фесæфт, фесæфт. Афьгсс, афьгсс. — Æмкъай? — рудзынгæй та скаст чьгзг лæгмæ. — Æмкъай дзаги, дæ рьгнтæ дьгн ахæрон. — Ахæм ном фьгццаг хатт хъусьтн, Дзаги. — Дзаги ном нæу, нæ. Дзаги — ома нал ис, амардис йæ лæг. Идæдз у сылгоймаг рагæй. — О, о, бахатыр кæн. Хиуæттæ йьгн ничи ис? — Ис, фæлæ уьгдон нæ хъæуынц. — Автобус кæцæй цæудзæн? — Цæй автобус? Нæргæ хъæу куът уыдыстæм, уæддæр ахæм хæрзиуæгæй Советон дуджы дæр хъуаг уыдыстæм æмæ нæм ныр дæр кæцæй цæудзæн автобус æдзæрæг хъæумæ. — Зиан та кæд æвæрынц? — Цæй зиан? — йæ сæр та рудзынгæй мидæгдæр бадар- гæйæ, афарста Ладикъо. — Сасинкъайы кæд æвæрдзысты? — Дæ хорзæхæй, ацы чызг, фьгццаг бон бадыс ам? Æмæ дьгн чи загъта æмæ мæлгæ акодта? Уьгй куьт амæла, уæддæр
мæ йæ афæдзыбонмæ нæ бауырндзæн. Сæфгæ фæкодта, сæфгæ, æд хæрæг! — О, о, о! Ныр дæ бамбæрстон. Ус фесæфт æмæ йæ ды агурыс. Хъусинаг раттын дæ фæнды? — О, о, о. Дæ фарст йæ нысаныл сæмбæлд! Уæлæ сæ дзулфыцæны цур фæуагътон сылгоймаджы дæр æмæ хæ- рæджы дæр, æмæ сæ дыууæ дæр æдзæм сæфт фесты. Фæхæст ыл дæ, фæхæст æмæ фысгæ кæн. — Иæ буарыл ницы бæрджытæ уыд, цæсгомыл исты нысæнттæ кæнæ нуæстæ? — Куыннæ, куыннæ! Иæ рахис синæй армытъæпæныйас чъылбыз хауд, йæ бынаг былыл — бы-зычъи. — Цал аздзыд у? — Хицау мын æй фондзаздзыд рахуыдта, фæлæ йыл авд азæй къаддæр нæ цæудзæн. Ницымбарæджы каст мæм цы кæныс, фысс! — Хæрæгæй дæ нæ фæрсын, фæлæ сылгоймагæй. — Хæдзархæлд макуы фæуай, æмæ кæйдæр сылгоймагæн æз йе ’рдзæй рахæсгæ нуæстæн æмæ бæрджытæн цы зо- нын? Де ’нæхъола фарстытæм та мæ туджы æлхъывдад дæлæмæ-уæлæмæ райдыдта. Æнæуый дæр мын хъазаг у, — ацы рæстæджы Ладикъойы хæнтфæстæйæ райхъуыст Са- синкъайы тардзæгъдæн. —Æз æй горæты уынгты агурын, æд хæрæг, дæ хисгæн æргæвсг æрцæуа, ай та зæронд рувасау рудзынджы ныффидар! — Ам ис, ам. Разындысты сæ дыууæ дæр! Мацыуал ныф- фьгсс, мацыуал, ацы чызг. Дæ рæстæг дын байстон, дæ ных- тæ дæр мæн тыххæй æрдæгсæрстæй баззадысты æмæ мын æй ныххатыр кæн. Ацыдыстæм, Сасинкъа, хæрæг кæм ис? — Уæртæ йæ бæласыл æрбастон, уæдæ йæ агъуыстмæ мемæ æрбакодтаин. Мæ дзабыртæ æрыхсон æмæ дæ фей- йафын, — Ладикъо хæрæджы бæндæн йæ цонгыл æртыхта æмæ уынгмæ рахызт. Ацьг рæстæджы йæ комкоммæ цыд фесты æртæ сьглгой- маджы. — А, а! Нæ уын дзырдтон, мæнæ та дзьг ноджьг иу лæг фæкæньг! — устьтты ’хсæн мæстыйы цьгд чи кодта, уьгй ба- дзырдта иннæтæм. — Ацьг хорз лæг, дьг дæр æй хойрагисæн
Остъаты Алан куыстуатæй ракодтай? — йæ сиыысæртыл æрхæцгæйæ, Ла- дикъойы раз æрлæууыд астæуæй чи цыд, уыцы бурсæр сылгоймаг. — Цы дæ хъæуы, цы, ацы хорз ус, куы ницы дьга æмбарын? — Гуманитарон æххуысæн, дам, хæрджытæ æрластой горæтмæ, иу ус мын дзырдта уæлæ дзулфыцæн комбинаты цур. Иæхæдæг дæр дзы ракодта иу хæрæг. Сусæгæй, дам, сæ дæттынц. Дысон, дам, бынæттон телеуынынадæй хъусинаг дæр уыд. Ды дæр æй уырдыгæй ракодтай? — Тæккæдæр уырдыгæй! Æмæ уæ дзы нал фæцис? Рæби- наг æфтауцдоны дзы рæгъ-рæгъæй иу-дуне бастæй куьт лæууы. — Цы базонын хъуыд Ладикъойæн, ацы сылгоймæгтæн Сасинкъа кæй загъта гуманитарон æххуысы тыххæй. — Кæсæт ма исчи уыцы лæгуынсæрмæ. Цæй хæрджытæ, дам, æрластой горæтмæ. Мах та телеуынынадмæ рацы- дыстæм, хъусинаг уыд, æви нæ, уый бæрæггæнæг. — Уыдис, уыдис! Æз дæр æй уырдыгæй базыдтон. Рæс- тæг мын нæй, æндæра нырма нæ рацыдаин, гуманитарон æххуысæн ма Туркменистанæй теуатæ дæр хъуамæ æрласой. Барæй, дам, сæ фæстæ кæнынц, цæмæй сæ талынджы мачи фена. Машинæтæ уау^, дам, Ручъы баурæдтой, Теделетæй мын æй фехъусын кодтой. — Кæс-ма ды уыдон диссæгтæм. Ахсæв мæ къах дæр хой- рагисæн куыстуаты кæртæй нæ равæрдзынæн. Цалынмæ хæрæг æмæ теуа æркæнон, уæдмæ. Цæуæм, чызджытæ, фæс- тæмæ, — ныйилæлæй кодта бурсæр сылгоймаг, æмзылд фæкодтой æмæ та узгæ-узгæ фæраст сты хæрдмæ. — Мæнæ диссæгтæ, адæймаджы миниуджытæ куыд тагъд сæфын райдыдтой. Зыд æмæ кæрæфдзинад адæймаджы зонд талынг кæныныл куыд стых сты. Диссæгтæ! — сыл- гоймæгты фæдыл кæсгæйæ хъæрæй дзуры Ладикъо. — Дæ ггуры куы ничи ис, уæд доклад кæмæн кæныс? — йæ къухтæ сæрфгæйæ, Ладикъойы цурмæ æрбацыд Сасинкъа. — Ацы ус, цы дын зæгъон, уый зоныс? Адæм æнæуый дæр мæстджын сты æмæ сын сæ мастыл цæхх зæрын нал хъæуы. — Цы та фæрæдыдтæн дæ разы дæр æмæ адæмы раз дæр? — бабуцтæ кодта сылгоймаг.
— Мæнæ ацы хæрæджы Ходы хъæуы æз æлхæнгæ бакод- тон, æмæ ды та сылгоймæгтæн цы загътай? — Цалæй уыдысты, дæ хорзæхæй. — Нырма æртæйæ, фæлæ изæрмæ, æз куыд бакастæн, афтæмæй дзæвгар бабирæ уыдзысты. — Мæн дзы æрмæст иу сылгоймаг фарста. Омæ мæ уæдæ саууынгæджы фæкодта! Кæм дын уыдис? Кæм дын уыдис? Æмæ йын æз дæр мæ мæстæй загътон, зæгъын, уæлæ гу- манитарон æххуыс цы бынатæй дæттынц, уырдыгæй йæ ракодтон. Алкæмæн дæр дзы дæттынц. Кæсыс, Ладикъо, куыд æй бауырныдта мæ ныхас. Æниу сæ хъæугæ та цæмæн кæнынц. Фæлæ адæймаг афтæ скæрæф ис æмæ ма цы зæгъон. Æниу, мæ сыхаг, уыцы уавæрмæ сæ чи руагъта, уыдон хуры хъармæй макуы бафсæдæт. Æндæра фæсхæст, æцæгæйдæр, цы ’ххуыс фервыстой ардæм, уыдон алкæй фаг дæр уыдысты. — Цæй, уыдæттæ махæй скъуыдздзаттæнгæ не сты. Ис ма Дунескæнæг æмæ сын уый тæрхонгæнæг фæуæт! — Ницыуал дзурын æз дæр, фæлæ уæддæр зæрдæйæн зын у, горæт уый хуызæн у, цыма хæст знон фæцис. Кæм уыдтæ, кæм ды та абондæргъы, хæрæггæс мæ куы скодтай дæхицæн. — Сибистъор мын не сразы Къозмæ ацæуыныл. Зæгъын, иу-дыууæ боны дæхи раирхæфс. Нагутнимæ, дам, мæ зæронд стджытæн ваннæтæ исынмæ цæуын. Зæгъын, цы ма дын баххуыс кæндзæн Нагутни дæр. Тæфгæнаг дон мæрдтæй куы здахид, уæд, зæгъын, мæрдты Тамискъмæ ла- сиккой æмæ фæстæмæ удмидæг згъориккой, мæ пырх ыл скалдтон æмæ... Фæзуатыл мæ фæндаг ракодтон, Сасинкъа. Кæсын, æмæ иуран авгын дуары цур фæсивæд рады лæууынц. Зæгъын, цы хабар уа? Куыд базыдтон, афтæмæй президентоы æвзæрстытæм сæхи размæ кæныны тыххæй лæууыдысты рады. Зæгъын, цæй, æз дæр бафæлварон. Æнæрадæй, æнæ хъуыр-хъуырæй мæ бауагътой, сæ цæрæнбон бирæ. Ба- лæууыдтæн дын, Сасинкъа, æвзарæн къамисы раз. Мæ худ
166. ^о^с*^*^ Остъаты Ллан сисгæйæ сын мæ лæгуын сæрæй бакуывтон, зæгъын, фарн уæ бадты, апп та уæ куысты. — Апп та цы у? — Уыдон дæр мæ афтæ бафарстой, фарн, дам, æмбарæм, фæлæ, дам, апп та цы нысан кæны? Зæгъын, апп та уьгй ны- сан кæны, æмæ уæ фыдæбон æнæхъуаджы цы нæ фæуа. — Æмæ ма, æмæ ма цы дзырдтой? — Хъусæм, дам, дæм. Омæ мæм, зæгъын, хъусут æмæ афтæмæй кæсут! Зæгъын, мæн дæр фæнды президент суæ- вын. О, о, о, уый, дам, æвзæр нæу. Зæгъын, æвзæр кæй нæу, æз дæр растæндæр уый тыххæй дæн уæ разы, æмæ ма дæлæ бынæй дуаргæрон иу чындзæхсæвы фаг фæсивæд дæр уый тыххæй лæууынц рады. Зæгъын, æз дæн Шæххойты Ладикъо. Фыд, дам, дын нæ уыд? Зæгъын, уæдæ мæллæг, къæсхуыртæ дæн æмæ сымахмæ гæсгæ хæдæвзæрд а^п} Омæ, дам, кæй-ович дæ, уый дæр зæгъ, фысгæ, дам, кæнæм. О, зæгъын, фæцæрат. Шæххойты Ладикъо мæ фыдович. Ой, зæгъын, бахатыр кæнут. Хъараманович. Мæ мад та Саучызг Буриевична. Мад, дам, нæ нæ хъæуы. Æй, зæгъын, ацы царды ма кæй хъæуы мад дæр. — Æмæ стæй, стæй... — Фæлæуу-ма, Сасинкъа, æз дæр ын йæ цæхджынтæ нæ хæрын. Де ’мкъай, дам, цы кусæг у. Зæгъын, уæлæуыл къол- хозы цыхтахсæгæй фæкуыста, уымы бæсты йæ нæ зонын. Не ’хсæн бастдзинад нал ис. Идæдз дæн рагæй. Машинæ, дам, дын ис? Зæгъын, ис «Ока», фæлæ нæм рухс рагæй нал судзы æмæ афтæ нæпайдайæ лæууы. Тасы мидæг фехсын мæ дзаумæттæ. Гæрзтæхсæн машинæйæ, дам, дæ нæ фæрсæм, фæлæ хæдтулгæйæ. Æмæ зæгъын, куы схицау уон, уæд мын нæ уыдзæн? Цæмæн мæ бахъуыд? Уыйонг уал, дам, схиз, анцайын, дам, дæ хъæуы нырма... — Æмæ, дам, стæй, стæй... — Ох, ацы ус! Цъадийы хъæбæр нæ дæ! Ахуырдзи- над, дам, дæм ис, диплом? Æмæ зæгъын, дыууиссæдз азы Хъызлармæ сæрдæй-зымæгæй фысты дзуджы фæдыл куы сæпп кодтон, уæд мæ цæуылнæ домдæуыд диплом? Ой, Ла- дикъо, йæ закъон, дам, афтæ у. Паддзахадон хорзæхтæ, дам, дын цы ис? Зæгъын, фыццаг райстон æфхæрд, колхозы
Юмористон радзырдтæ ^ ^ачк.>«а^^чОл.^л^^^ ^7 хынцæг мын мæ куыстбонтæй фараст куы бамбæхста æмæ йæ чъеурийы уæлæ мусы чъилыл куы снадтон, уый тыххæй. Уæд ма родгæсæй куыстон, æмæ мын ме ’вастæй колхозы родтæй сæ тæккæ нарддæртæй дыууæ районы хицæуттæн куы аластой, æмæ мæнæн та актыл мæ къух куы фыссын кодтой, былæй, дам, галбындзы быззыйы рæстæджы асхъи- удтой, уый тыххæй нæ быргады былтæ дзæбæх куы ныххо- стон къанторайы фæскъулмæ. Дыккаг æфхæрд та гъеуæд райстон паддзахадæй. Æртыккаг æфхæрд... Выговортæй, дам, дæ нæ фæрсæм, хорзæхтæй, ома наградатæй. Зæгъын, æз мæ царды уыдонæй стырдæр хорзæхтыл ницы нымай- ын. Афтæ сын куынæ кодтаиккам æз æмæ мæ хуызæттæ, уæд Советон Цæдис æвдай азы дæр нæ ахастаид. Нæуый мын, зæгъын, ис дьгууæ майданы. Уаартæ Германы хæсты рæстæджы мæхицæн усæн немыцаг чызг Барбарайы куы аскъæфтон, уæд мын радтой фыццаг майдан. Уый та, дам, куыд? Зæгъын, куыд вæййы, афтæ. Хæсты кæрон куы ныддаргъ уа, уæд æнæус лæппу дæр хъуамæ истытæ кæна. Уыцы немьщаг ус, дам, куыста уæ хъæуы цыхтахсæгæй? Зæгъын, уый кæцæй куыста. Уыцы немыцаг чызг немы- цаг офицер разынд æмæ мын æй къуырийы фæстæ шта- бы байстой. «Æвзагыл» мын æй банымадтой, фронты ’взагыл «язык». Бирæ цыдæртæ ралæхурдта, æгæрстæмæй, Паулюсæн гуырцæй рахæсгæ стъæлф йе ’рбадæнтыл кæй уыд, уый дæр ма загъта. Зæнæгæй дæр ма мæ фарстой, Са- синкъа. Зæгъын, дыууæ фырты мын ис, уырысы зæххыл цæрынц. Мæ зæрдæ ма фæсарæнтæм дæр æхсайы, фæлæ... Фæсарæнты дæр, дам, цардтæ? Зæгъын, цæргæ дзы нæ код- тон, фæлæ, уæ фарн фынæй, Барбара, æртиссæдз азæй йæ фылдæр нæ федтон æмæ уын мæ бон дзуапп раттын нæу. Дыккаг та немыцаг куыдз куы сфæлдæхтон хидысæрты лидзгæйæ, уæд райстон. Куыдзмарæггаг, дам, майдантæ куы дæттиккой, уæд, дам, Чъребайы дзæгъæл куыйты чи мары, уыдон риутæ майдантæй нал зыниккой. Зæгъын, Чъребайы куыдзмарджытæн ницы зонын, фæлæ уыцы немыцаг куыдз хуымæтæг нæ уыд. Йæ фарсыл ауыгъд хызыны дунейы дис- саджы сусæг бардзырдтæ разынд. Растдæр мæ уыцы бон баурæдтой развæдсгарджыты хистæры хæдивæгæй — гвар-
Остьаты Алан дийы ефрейтор Шаххоевы. Нæхи хæсты тыххæй, дам, дын ницы хорзæх ис? Зæгъын, æз амы хæсты хайад нæ истон, гье стæй уыцы рæстæджы нæ районы центры дæр нæ фæдæн, нæдæр Гуфтайы хидыхъус æмæ мæм дзы ницы рхауд. Фæллой, дам, дæм цы ис? Зæгъын, иу дзырд уын сæ ракæндзынæн. Бафæлладтæн уæ фарстытæн дзуаппытæ дæттынæй. Мах дæр, дам, мæй æмæ æрдæджы бæрц улæфгæ нæ кæнæм. Ды, дам, иу дæ , дæхуызæттæ та, дам, бирæ. Рад- зур, дам, сæ, мацы, дам, дзы бамбæхс. Сыстадтæн, Сасин- къа, æмæ сын алцыдæр радзырдтон: Ис мын Къозы хæдзар — Иууæладзыг, хъæдынкъул. Зæххынкъуысты фыццаг бон Иуырдæм мын куы фæкъул. Районмæ уæд бакодтон æз хъаст Къуыри фæстæдæр раст. Бавæрдтой мын хицæуттæ Иæ саразынæй ныфс, Зивæг, дам, ды ма кæн, Фысс хъæстытæ æмæ фысс. Ис ма мын скъæт, хуыдæттæ, Иу фæлыст костюмтæ, Дыууæ та мын хæдæттæ Дыууæ дзæргъы, дыууадæс та хъыбылтæ Уæййаг мын сты сæ сылтæ. Хъуццытæ æмæ уæнгуытæ, Æртæ та мæм цыхтæй йедзаг Ныккæнды хæндгуытæ. Сæгътæ æмæ дзæргъытæ Уасæг æмæ кæрчытæ. Ис ма мын гæды æмæ куыдз дæр, Не ссардзыстут уыдонæй хуыздæр. Дардтон гогызтæ ’мæ хъазтæ, Рувас мын сæ ныццагъта, Сæ пакъуыйæ сын сарæзтон Цармæ амад æз базтæ. Куысси, уидгуытæ ’мæ аг.
Юмористон радзырдтæ ^»%^^ ^О^ ^, ^. 16,? Хæдзары уыдон сты фаг. Дурын, агуывзæ мæ къустæ Фондз та мæм тæрхъустæ. — Бирæ ма дзурдзынæ, æрлæуд дын куы нæуал ис? — Гъей, Сасинкъа фæуай, кæд уым нæ уыдтæ ды дæр. Уыдон дæр мын афтæ загътой, бирæ ма, дам, дзурдзынæ. Сыгъдæг фермæйæ, дам, куы агæпп кодтай. Зæгъын, хъæуы куы цæрай, уæд хъуамæ истæй тыххæй! Дæ кой дæр сын æркодтон. Зæгъын мын хорз сыхаг дæр ис, Сасинкъа. Ахæм карз арахъ уадзы æмæ диссаг. Афтæ, дам, вæййы йæ армыконд... — Сæ цæрæнбон бирæ, сæ цæрæнбон... — Афтæ, дам, вæййы йæ армыконд, йæхæдæг карз æмæ хъæбæр чи у, уыцы сылгоймагæн. — Æмæ мæ уынгæ куы никуы фæкодтой, уæд мын мæ хъæбæртæ æмæ фæлмæнтæн цы базыдтой? Дæхи æрбай- мысгæ та у, æвæццæгæн. — Зонынц дæ, уæртæ, дам, чысыл базары мæздæккаг цыхт чи фæуæй кæны, уыдон дæр ма, дам, æй Сасинкъайы цыхт куы фæхонынц. Уый дæр, дам, фæнд кæиы уæлæмæ? Нæй, зæгъын, хъæуы ма дыууæйæ цæрæм æмæ скæрæдзимидæг уыдзыстæм. Æнæуый дæр къуыригæйтты зулдзых вæййæм. Рæстæгмæ уал æй ме штабы хистæрæй сфидар кæнут. — Æмæ, дам?.. — Сразы сты. Фæлæ уал, дам, ныр та рахизæм ирон æв- загмæ... — Мæ мæрдтыстæн, æмæ уæдмæ семæ цы ’взагыл дзырда^ай? — Иронау. — Æмæ мауæдæ... — Бауадз ма мæ æмæ хъусгæ кæн. Гызаментæ, ирон æвзаджы фæлварæнтæм. Хауæнтæ, дам, ранымай. Зæгъын, Гуфтайæ Къуыдаргомы ’рдæм, Къуыдаргомæй Гуфтайы ’рдæм. Фарст, дам, æвæццæгæн нæ бамбæрстай. Куыд раст- дæр мæм кæсынц æмæ сæ куыд зонын, афтæ уын сæ, зæгъын, радзурдзынæн. Æмæ, дам, дæ, Ладикъо, мах дæр æндæр куы ницы домæм. Хорз лæппутæ дзы уыд, Сасинкъа, цалдæры дзы зонгæ дæр кодтон. Омæ мæм зæгъын хъусут, Гуфтайæ
ПО^га^х^^^^ч^^^^^^^^ V ОстьатыЛлан гыццыл фалдæр дыууæ стыр фæзилæн кæм ис, уым æм- уырдыг хауæнтæ. Шитъаты цъалайæ куы фæхæрд кæнай, уæд уым бынтон сæрсæфæн хауæнтæ... Цытæ, дам, дзурыс, цы? Рæстытæ, дам, нæ дзурыс, фæлварæнисджытæй иу мæ ныхмæ рацыд. Зæгъын, ды Къуыдаргомы никуы уыдтæ, æвæццæгæн, æмæ сæ нæ зоныс, æз та сæ автоинспекцийæ хуыздæр зонын. Уæдæ ма уæртæ къамисы бадджытæй сох- таг лæппуйы бафæрсут, æндæра раст нæ дзурын хауæн бынæтты. Сæриттаты фездæхæны сæрмæ Хæлиудоны æрбакомкоммæ иухаттуæзласæн машинæ куы ахауд, æнудæс голладжы картоф мæхицæн йæ гуыффæйы куы уыд, доны къусы сæфт фæкодтой цъалайы, Гитьейы куыройы цур... Фæндаджы был хауæнтæй, дам, дæ нæ фæрсæм, фæлæ, дам, ирон æвзаджы хауæнтæй. Ном, дам, кæмæндæриддæр æмæ цæмæндæриддæр ис, уыдон, дам, хауынц номон хауæнмæ. Æмæ домынц ахæм фарстатæ — чи? æмæ цы? Цæвиттонтæ, дам, дын æрхæссон? Зæгъын, æрхæсс, æз хъусын бирæ уар- зын. Уæдæ, дам, хъус. Хицау суыдзæн — чи? Зæгъын чи, чи æмæ Ладикъо, мæнæ мæхæдæг, æндæр чи? Раст, дам, æй базыдтай. Æмæ, дам, Ладикъо араздзæн — цы? Зæгъын цы, цы æмæ адæмæн хорз хъуыддæгтæ, æндæр цы? Раст та, дам, дæ. Дыккаг фарстмæ, дам, ахизæм, зæгъын ахизæм та. Гуырынонимæ, дам, зонгæ дæ? Зæгъын, ахæм мыггаг хъусгæ дæр никуы фæкодтон, сылгоймагæн мын йæ ном зæгъут. Цæй сылгоймагæн, дам? Зæгъын, Гуырынатæй чи у, уый. Хæбæлон æмæ Марданон нæ хъæуы чындзытæ дæр уыд, фæлæ Гуырынон — ахæм никæй зонын, никуы фехъуы- стон. Мыггаг, дам, нæу, фæлæ, дам, у ирон æвзаджы дыккаг хауæн. Æмæ, дам, домы ахæм фарстытæ — кæй? æмæ цæй? Цæвиттонтæ, дам, дын æрхæссæм? Зæгъын, хъусын та дæм. Хицауæй, дам, равзардзысты — кæй? Зæгъын, кæй, кæй æмæ мæнæ мæн, Ладикъойы, æндæр кæй! Раст дзуапп, дам, рат- тай фарстæн. Зæгъын, æз иууылдæр раст вæййын, кæимæ ныхас кæнын, уыдон мæ нæ фембарынц, уый йедтæмæ. Æмæ, дам, Ладикъо суыдзæн хицау цæй руаджы? Зæгъын, цæй, цæй æмæ æвзæрстыты руаджы. Фарстытæн та, дам, раст сдзуапп кодтай. Омæ кæд фарстытæн раст дзуаппытæ дæттын æмæ йæ кæд зонут развæлгъау æмæ æз уыдзынæн
Юмористон радзырдтæ . ^^Ч.^В^^>^С^«^^Я8^'^^^ ^Ъ хицау, уæд ма мын мæ нуæрттæ цы халут?! Сфидар мæ кæнут. Стæй мæ уынгæджы фæкæнут уæ хауæнтимæ. Цыма уæ ирон æвзаджы ахуыргæнæджы бынат курын. Æй, Ла- дикъо, лæмæгъ, дам, дæ, лæмæгъ. Зæгъын, мæ цахъхъæнмæ уал сивгъуыцут, стæй сымах дæр куыд хъæбæрæмвидар уыдзыстут, уый дæр уындзысты лæппутæ. Ирон æвзагæй, дам, дæ лæмæгъ. Омæ, зæгъын, фидардæр куыд уон. Уæ рынтæ уын бахæрон, дæлæ кæмæй фервæзтыстæм, уыдон нын не ’взаг цалдæр хатты ныммарынмæ хъавыдысты. Æз фыййау уыдтæн æмæ мæ мæ фыстыл дæр «æррæй» хъæр кæнын иронау дæр куынæуал уагъта нæ колхозы сæрдар. Гъе, уый тыххæй йæ мæ лæдзæгæй уæтæры куы ныххостон. Æртыккаг æфхæрд та мын уый тыххæй куы радта паддза- хад, гъе! — Мæнæ зæронд лæджы нуæрттæ куыд хæлдтой, мæнæ. Сæ амонд уыд, æмæ демæ нæ фæдæн. Зæронд лæгæй афтæ фæхъаз, афтæ. — Ды мæ уæддæр ма хон зæронд. Уыдон дæр мын мæ ныхмæ уый æрхастой, æгæр зæронд, дам, дæ. Нæуæдзмæ, дам, дæ бирæ нал хъæуы. Æмæ мæм, зæгъын, кæд хæлæг кæ- нут, уæд мæ сæййафут. Науæд советон хицауады бæрнон кусджытæ-иу трибунайæ доклад куы кодтой, æмæ-иу сæ фылдæрмæ быцæутæ æвæрд куы уыд. Уæд æвзæр цард уы- дис? Цæй, ма, дам, мæсты кæн, иу лæппу мын дзы афтæ, ку- вын, дам, зоныс? Зæгъын, уыцы фарст дæр фæлварæнтæм хауы? Фæлварæнтæм, дам, нæ хауы. Уæдæ, зæгъын, зоныи. Акув ма, дам, уæдæ. Зæгъын, дæ нывонд, ды ленк кæнын зоныс дæхæдæг? Куыд нæ, дам, зонын. Уæдæ ма, зæгъын, аленк кæн ды дæр. Æмæ, дам, ам дон кæм уыныс? Æмæ мын уæдæ ды мæ къухы дзаггарз уыныс? Куыд дын акувон аф- тид къухæй? Мæнæ, дам, сихоры улæфты къæбæр хæрæм æмæ, дам, нын кувæг уыдзынæ ды. Уый тыххæй, дам, дæ ба- фарстон. Фæкуьгвтон сын, Сасинкъа, ныффæдзæхстон сæ хох æмæ быдыры зæдтыл. Цæмæй сæ фыдæбон æнæаппæй ма баззайа. — Ницæмæй уал дæ бафарстой? — Иу фарст ма, дам, дæм ратдзыстæм, Ладикъо, æрмæст, дам, нын æнæфæливгæйæ дзуапп ратт. Зæгъын, хъусын
Р^Уч^^О. Остьаты Алаи уæм, уæ рынтæ уын бахæрон. Уæддæр, дам, дæ цæмæн æр- фæндыд президент суæвын. Зæгъын, мæ зæрдæйыл хæц- гæйæ уын сыгъдæг намысимæ æнæсайгæйæ дæттын дзу- апп. Мæнæ æз сымахмæ цы бынаты тыххæй æрбацыдтæн, уырдæм цæуджытæй бирæтæй лæгдæр дæн, гъе стæй мæ тынг зæрдæбынæй фæндыд, цæмæй Иры уæзæджы цæрджытæн алцы дæр уыдаид æмхуызон. Кæннæуæд, мæ хуртæ, йæ уæззаудзинад æппынæдзух иуты бæрзæйтыл æнцайы, йæ сой æмæ йын йæ пайда та æндæртæ цъирынц æмæ ссивынц сæхирдæм. Æмæ ма не ’хсæнады ахæм уавæр иуцасдæр куы ахæсса, уæд нæ уый хорзмæ не ’ркæндзæн, æнæуый дæр армыдзаг стæм æмæ... — Раст сын загътай, мæ сыхаг. — Уыдон дæр мæ бузныгæй баззадысты, Сасинкъа. Загъ- тон ма сын уый дæр, зæгъын, къамисы сконды зæрдæты дохтыр кæй ис, уый хорз у. Зæгъын, ме ’мдзугæнджытæй ам искæй зæрдæ куы срисса, уæд æй рынчындонмæ ласын нал бахъæудзæн. Фæлæ ма хорз уаид, уе ’хсæн ма нуæртты дох- тыр дæр куы бадит. Иннæтæн нæ зонын, фæлæ мæхицæн мæ нуæрттæ тынг базмæлын кодтат уæ хауæнтимæ. — Раст та сын загътай, мæ сыхаг, — бабуц та Сасинкъа дæр. — Загътон ма сын уый дæр, зæгъын, æз æмæ мæ сыхаг Са- синкъа та схъæлæс кæндзыстæм, аккагыл кæй банымайæм, уымæн. — Æмæ рафардæг дæн. — Ам дæр та раст дæ, мæ сыхаг... ... Уалдзыгон бонтæ сæ бартæ исын райдыдтой. Амы- тьг, уымыты сæ сæртæ сдардтой малусæгтæ. Зæхх риуыдзаг сулæфыд æмæ хæхты дæлвæччитæ дæр бахъулæттæ сты. Хуры тынтæ нырма æдых уыдысты уалдзыгон уазæлтты раз, фæлæ парахатæй рæвдыдтой адæймаджы. Арвыл фæлурс хæрæ мигътæ къуымбилцæгъдæгау? дыууæрдæм кодтой. Иу ахæм райдзаст хъæрмуст бон къуыдаргомы Къозы хъæумæ хæстæг алæмæттаг æрдзы хъæбысы цады былгæрæтты уæрдонвæндатыл а^ерд кодтой иу бæхджын, азтæ сæ уæз кæуыл æруагътой, ахæм къæсхуыртæ конд лæг æмæ йе ’мбæлццон, саубын, къаннæг — хæрæгыл чи бадт,
Юмористон радзырдтæ нæлгоимагæи ноджы къæсхуыртæдæр чи уыд, ахæм ацæргæ сылгоймаг. Æгæндæг назхъæдæй æмæхгæд комы дыууæ бæлццоны цыдысты къонайы хъарм зæрдæйы тагтæй раттæг къуыммæ æфсæн рæхыстæй кæй ныббаста, уыцы дыууæ сыхаджы — Сасинкъа æмæ Ладикъо. Цыдысты хъæ- лæс кæнынмæ. Бирæ зынтæ бавзарæг Иры уæзæджы рухс фидæнмæ тырнгæйæ. ЦАРДЫ АЛЦЫДÆР ВÆЙЙЫ Абон мæм телефонæй æрбадзырдæуыд. — Мæнæ дæм телеуынынадæй дзурæм, — фæндыры æхцон зæлтау хъуыст сылгоймаджы хъæлæс. — Цæттæ кæ- нæм алæвæрд «Бинонты рæхыс», — гъе æмæ сымахыл дæр куы бацæттæ кæниккам, чизоны кæсгæ дæр фæкæныс уыцы алæвæрдмæ. Æвзæр бинонтыл нымад не стут горæты æмæ нын куы сразы уаис, стæй æндæр æмæ æндæр професси- тыл хæст стут æмæ мах ахæмты агурæм. — Фæкæсын, куыннæ фæкæсын уæ алæвæрдмæ. Зæрдæ- мæдзæугæ у, фæлæ уал сразыйы тыххæй аныхас кæнон мæ бинонтимæ. Фехъусын дын кæндзынæн. — Стыр бузныг — райхъуыст ма мемæ дзурæджы хъæлæс æмæ телефон фæхицæн. — Чи дæм дзырдта, Гæмæт, цæй разыйы кæйттæ кодтай, мах демæ алцæуылдæр разы куы вæййæм, — цæлгæнæнæй мæм æрбадзырдта ме’фсин æмæ йæ куатæйæ йæ къухтæ сæрфгæ мæ цурмæ æрбацыд. — Телеуынынадæй уыдысты. Алæвæрд, дам, уыл бацæттæ кæнæм. Уæртæ нæ сыхаг Ладийыл цы алæвæрд сарæзтой, ахæм. Æндæрæбон æм куы кастыстæм. — Æмæ уым æвзæрæй цы ис? Адзур æм, разы, дам, стæм хæдзарыдзагæй. — Ахæм фарстытæ дзы вæййы æмæ сын дзуапп та куыд хъуамæ радтæм? — Ахæм фарстытæ дзы цы хъуамæ уа æмæ сын дзуапп раттын нæ бон ма бауа?
174^\>М**ъ<<!^&<*^^*в*'^^^ > ОстъатыАлан — Худинаг у уæддæр. Куы мæ бафæрсой, фьщцаг хатт кæм фембæлдтæ де’мкъаимæ, уæд хъуамæ зæгъон — уæрмьт. Фыццаг хатт уарзты ад кæм банкъардтай, æмæ та — уæрмы. Фыццаг пъа кæм акодтай, æмæ та — уæрмы. Уæрмьг, уæрмы кæндзынæн. Айразмæ Ладимæ хъуыстай, фембæлдыстæм, дам, институты. Уарзты ад, дам, банкъардтон кинотеатр «Чермен»-ы, фыццаг ггьа та, дам, акодтон парчъы. Мах та... — Æмæ истæуыл фæсмон кæныс, уæрмы кæй базонгæ стæм, уый тыххæй? — мæ фарсмæ æрбадт ме’мкъай. — Иу мисхал дæр нæ фæсмон кæнын, ды та? — Æз тынг фæсмон кæнын. — Уæд цæй тыххæй? — Иу дзæхст ма дæ цæуылнæ ныккодтон уæрмы. — Мæнмæ та афтæ фæкаст, цыма дæ цæстытæ ноджьт иу пъа куырдтой, фæлæ, зæгъын, дæ зæрдæ фырцинæй куы арæдува уæрмы, гъемæ мæхиуыл фæхæцыдтæн... ... Уый раджы уыд, горæт фæсхæст æндидзын уæд рай- дыдта. Кардзыд адæм æй хъуыды кæндзысты, кæстæртæ ма кæцæй. Абон сæ искæмæн куы дзурай, зæгъгæ, уыдис ахæм рæстæг æмæ нæ горæты уынгты цъыфы азмæлæнтæ нæ уыд, уæд сæ абон цæхæркалгæ уынгтæм кæсгæйæ, уырнгæ дæр нæ бакæндзæн. Уый уыд зæххы бын хæтæлтæ ивыны рæстæджы. Адæймаг-иу йæ хæдзарæй райсом цы уынгыл рацыд, ууылты-иу ын сихорыл бацæуæн куынæуал уыд фæстæмæ. Иудзырдæй, къахыны дуджы уыд ацы хабар... ... Лæппутимæ кæмдæр бадыныл афæстиат дæн.Æвзонг æнæус лæппу, авд æмæ ссæдзаздзыд, тагъд дæр кæдæм æмæ цæй тыххæй хъуамæ кодтаин. О, фæлæ мæ райсом куыстмæ цæуын хъуыд æмæ рацыдтæн. Фæззыгон уазал мæцъæл бон уыд. Иу ран стыр уæрмы цурты уыд мæ фæндаг, дойнаг, тъæпæн дурыл мæ къах фæбырыд æмæ бынмæ атахтæн. Куыд фæдæн, цы фæдæн, уьгмæн ницыуал бамбæрстон. Фæуадзыгау дæн. Ме ’муд куы рцыдтæн, уæд дæр рæстмæ ницьг æвзæрста цæст. Цъыфьт мидæг сагъдæй, уæлгоммæ хуыссгæйæ цас хъуамæ фæуьгдаин. Дзæбæх хъæбæр æлгъьг-
Юмористон радзырдтæ ^^ч^^О^^^ 17? стæи мæ масты дзæкъул куы суæгъд кодтон, уæд мæхиуыл схæцыдтæн. Мæ къах цъыфæй сæфтауæгау кодтон, аракæс- бакæс кодтон фæйнæрдæм, зæгъын чердæм ахилон. Æмæ, уæ Хуыцау! Ахæм тас ме ’знагæн дæр мæ цæст нæ уарзы. Æвæццæгæн мæ сынты хуызæн сæрыхилы фыццаг урсытæ уæд фæзынд. Мæ хæнтфæстæйæ мæм сылгоймаджы хъæ- лæсæй æрбадзырдæуыд: — Ацырдæм рахиз. Сæрæй къæхтæм ныддыз-дыз кодтон. Нал фæстæмæ акæ- сын уæндын, нал размæ акъахдзæф кæнын. Æвиппайды мæ сæры ныццавта иу хъуыды: хæйрæг, æнæмæнгдæр хæйрæг, уый дæр, дам, сылгоймаджы хуызы равдисы йæхи æмæ уæ- дæ дзургæ дæр лæджы хъæлæсæй кæцæй кæндзæн. — Дæумæ нæ дзурын, æви дæ æндзыгниз ныццавта. Гъе, та дæ хъустæ цъыфæй байдзаг сты æмæ нал хъусыс. Ирон нæ дæ? — ногæй та райхъуыст уыцы зæллангтæнаг хъæлæс. — Чи дæ? — ме ’фсæртæ æддæг-мидæг ауадысты, афтæмæй сфæрæзтон бафæрсын. Фæныфсджын дæн, иронау мæм дзу- ры æмæ ирон хæйрæгимæ чизоны иумæйаг æвзаг ссарон. — Æз Барастыры чызг дæн æмæ мæ дæ размæ рарвыста, уазæг лæппуйы размæ, дам, акæс æмæ, дам, æй йæ дыууæ метр зæххы хайыл сæмбæлын кæн. Ды амондджын дæ, кæ- уылты уæрм фæцис дæ хай. Ме ’муд æххæстæй не ’рцыдтæн, фæлæ та йæм хъавгæ бадзырдтон: — Омæ Барастыры уæлион дунейы æнæзæнæг куы хо- нынц, зæххы сау хъæлæсы, дам, ын уазалдзыдæй нал рацыд. Мæхуызæтты размæ дæр йæ дуаргæс Аминоны куы рарвиты. Фæуæндондæр дæн æмæ йæм ме ’ргом азылдтон, фæлæ цæст сау æндæргæй дарддæр ницы равзæрста. — Омæ ды дæр ардыгæй аирвæзыныл бацархай, æндæра ды дæр ацы уазалы уыцы уавæрмæ æрхаудзынæ, кæд дын нырма зæнæгæй хай нæй уæд. Æз сахаты бæрц схизыныл фæлварын, фæлæ мын ницы ’нтысы. Хъæр дæр бæргæ кæнын, фæлæ мын æххуысгæнæг нæй. — Æмæ афтæ куы фæдзурынц, хъæр, дам, мæрдтæм дæр хъуысы, — мемæ ныхасгæнæджы дзæбæх не ’взæрстон, фæ- лæ йæм мæхи баввахс кодтон.
— Хъæр мæрдтæм хъуысы, æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ уæлион дунемæ мæ хъæр дæр æмæ мæ хъарæг дæр кæй нæ хъуысы, уый базыдтон ам, уæрмы бадгæйæ. Æви мæ хъæрмæ фæзындтæ? Мæнæ ацырдæм рахиз, ам цъыф сурдæр у. Бынтон æм баввахс дæн. Æвзонг чызг, фæлæ йæ уæддæр дзæбæх не ’взæрстон. — Ды дæр хаугæ ныккодтай ацы уæрмы? — Хаугæ дзы ныккодтон, уæдæ мæ командировкæйы рар- выстой? Къахты рæбын къуымгæрон æрдзуццæг кодтон. — Хæстæгдæр мæм æрбахиз, уазал у æмæ дæ бушлаты æрбатухон. — Ам дæр мын ницы у. Æнæзонгæ лæппумæ дзургæ дæр никуы скодтон æмæ... — Ой, кæд уæрмы демæ загс нæ кæнын. Иу уавæры стæм æмæ иумæ исты рымысæм хæрдмæ сирвæзыныл. Куыд кæсын, афтæмæй уæрм дæргъæццон у æмæ дзы искæцы кæрон схизæн ма уа, уый гæнæн нæй. Уæдæ йæ чи къах- та, уыдон кæуылты æрбырыдысты. Хæдæгай, телефон дæм нæй? Æз æй хæдзары ныууадзын, искуыдæм куы фæцæуын, уæд. Цæмæй мæ мæ мад ма агура. Куы баздæхын, уæд та фæзæгъын, — ферох мæ ис. — Телефон мæм бæргæ уыд, сафгæ дæр мæ уый фæкодта. Дзургæ рацæйцыдтæн æмæ уæрм нæ федтон. Стæй ныр- ма абон бонæй къахт дæр нæ уыд. Ныр мæ телефон дæр уæрмы цъыфы кæм ис, нæ зонын. — Уый дын гъе! Æндæра искæмæ адзырдтаиккам. Æппын дæ агурæг ничи уыдзæн? — Уæдæ, æнæхицау, дзæгъæл чызг дæн? — Ой, афтæ хицауджын дæр куы уыдаис, уæд дæ ам авд дæлзæхы бын дзыназгæ не ’рыййæфтаин. Дæ ном та куыд хуыйны? — Цæмæн дæ бахъуыд? — Куыд мæ цæмæн бахъуыд, уæдта ахсæв не ’взонг удтæ бæстон ныууазал сты, уæд та мæрдтыбæсты демæ ногæй зонгæ кæндзынæн. — Æмæ ахсæв ам хъуамæ баззайæм, ацы уазалы? — æнæ- бары бакодта чызг.
Юмористон радзырдтæ ^Ч. ч^в*. хчО^ ^^ >*^ * V — Уæдæ метройы стæм æмæ поезды фæзындмæ æнхъæл- мæ кæсæм. Мæ ном Гæмæт, Сохтæты Гæмæт. — Æз та Цæринæ, Фæрдыгатæй, — чъызгæ сдзырдта чызг. — О, о. Рæсугъд ном дын ис, дæ мыггаг та ноджы аивдæр. Цæсгомæй та куыд дæ, цæсгомæй? — Дæуау æдзæсгом нæ дæн. — Уындæй дæ фæрсын, талынджы дæ дзæбæх нæ уынын æмæ... — Тынг уазал у... — Æз дæр пецы фарсмæ нæ бадын. — Мæ ацы ны- хас мæхимæ дæр гуымир фæкаст. Чызг суазал æмæ æз та дзæнгæда цæгъдын. — Цæй, бахатыр кæн, мæсты лæг алцы дæр срæцугъы. — Æмæ йын йе уæхскыл мæ цонг æрæвæрдтон. Ме ’нгуылдзтæ йæ уадултыл аныдзæвдысты, цыдæр тæвд мæм фæкаст. — Ма стæвд у ацы уазалы, — зæгъын ын мæ былтæ йæ ныхыл авæрон, мæ мад дæр-иу мын цалынмæ тæвдбарæн мæ дæларм бавæрдта, уæдмæ-иу мын мæ тæвд афтæ бæрæг кодта. Ме ’рдæм фæзылд уый дæр æмæ æнæнхъæлæджы нæ былтæ кæрæдзийыл андæгъдысты. Иæ уæлвæд та мæ уаду- лыл сæмбæлд йæ къух. — Æдзæсгом, ссардтай бынат хынджылæг кæнынæн! — Фæлæуу-ма, дæ тæвд дын уыдтон. —Æмæ дохтыртæ дæр рынчынтæн пъатæ фæкæнынц, сæ тæвд сын куы фæуынынц, уæд? Хорзау нал фæдæн мæхæдæг дæр. — Мæнмæ гæсгæ стæвд дæ. Æри-ма дæ къух, — æмæ йын æм мæхæдæг бавнæлдтон. Ие ’нгуылдзтæ йын ме ’нгуыл- дзты ’хсæн бакодтон. —Уæртæ къахты кæрон уыныс? Уым цыдæр хæтæлтæ цæст ахсы. Ууылты схизæн ма уа, уый гæнæн нæй. Уырдæм нын цæутæйæ у. Æндæра ам уазалы æцæгæйдæр куы ныхъхъæмы уæм, уæд ды байхъус райсом адæммæ. Мидхъуыддæгты ми- нистрады æрвылсуткæйон сводкæйы уал фыст æрцæудзæн « обнаружено два трупа в котловине на перекрестке улиц Исака и Героев без признаков насильственной смерти». — Кæцæй йæ зоныс? — æмæ мын мæ къух тынгдæр ныл- хъывта. *12
178^4. ^.-я- ^О^ч ^а^ ^*ъь. > Остъаты Алан — Куыд æй кæцæй зонын. Ам нæ ссардзысты æмæ уæдæ афтæ кæцæй ныффысдзысты Къуайсайы сæрмæ лæгæты ссардæуыд рæсугъд чызг æмæ сау лæппуйы. Горæты та цъи- утау уасдзысты, æнæуаг цардыл хæст, дам, уыдысты, чидæр, дам, сæ ныммардта æмæ, дам, сæ уæрмы ныррæцыгъта. Хондзысты нæ хæзгултæ, чизоны, ус æмæ лæг дæр. Мах та, мæгуырæг, зонгæ дæр ам баистæм. Ам, цыма, дон фæарф- дæр æмæ мыл фидар хæц. Дæндагæй нæ лæбурын, ма тæрс. Газеттæ кæсыс? — Куыд нæ кæсын. — Омæ уым та цы фыст уыдзæн, уый зоныс? — Кæцæй йæ зонын. — Уым та стыр дамгъæтæй фыст уыдзæн — сенсаци. — Ома? — Ссардæуыд, дам, горæты астæу паддзах Тамар æмæ йæ лæг Сослан-Дауыты. — Кæм сæ ссардæуыд, ницы дын æмбарын. — Дæ хорзæхæй, ацы уазалы дæ сæры магъз дæр ныс- салд? Уый æз æмæ дæу хондзысты афтæ. Гъе, гъе! Ам дон арф у. Мæ астæуыонг у. Ме ’ккоймæ æрбахиз. — Ницæй тыххæй! — Ме ’ккоймæ æрбахиз дын зæгъын, стæй ныфсæрмытæ у, цыма дæ аргъуанмæ дзуарæфтауынмæ кæнын. Тагъддæр! Афтæ гъе! Фидар мыл хæц! — Хæцын, хæцын, — тагъд-тагъд улæфгæйæ сдзырдта Цæринæ, хъуыст мæм йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп. — Дæ зæрдæ фыртасæй дзæхст-дзæхст кæны, æви фыр цинæй, ахæм бæх дын кæй рарвыста дæ амонд. — Ныртæккæ ахиздзынæн. — Хизгæйæ дын нал у, стæй дæ чи уадзы, — æмæ йæ мæ- химæ тынгдæр æрбалхъивгæйæ, лæгæрстон астæумæ цъыф доны. — Бирæ ма нæ хъæуы? — чъызгæйæ та сдзырдта. — Цы йын зонын, фæлæ нæ уырдæм хъæуы. Ленк кæнын зоньгс? — Нæ зонын. Æмæ мæ цæмæн фæрсыс? — Дон, цыма, ам фæарфдæр ис æмæ æз дæр нæ зонын ленк кæнын. Мæ мадæн иунæг лæппу дæн æмæ мæ мæхи
найынмæ никуы ауагъта цæутæдонмæ. Ваннæйы-иу мæхи куы надтон, уæддæр-иу дуаргæрон бадт æмæ-иу мæ хъахъ- хъæнгæ кодта. — Æмæ-иу дын ваннæйы дæр донласт кæнынæй тарст? — Лæппутимæ, дам, ма ахъуыза цæугæдонмæ. Ваннæйы та мæ дон куыд ласта. —Æз дæр мæ мадæн иунæг дæн. Мæ фыд раджы фæзиан. — О, о, о. Уæдæ æмхуызæттæ стæм. Дыууæ дидинæджы, ой, дыууæ иунæджы зæгъынмæ хъавыдтæн. Ам дон фæтæ- нæгдæр. Суазал стæм, фæлæ бафæразын хъæуы. Къахты был цæхгæр куы разына, уæд та нæ æндæрырдæм хъæудзæн лæгæрдын. Бахæццæ стæм фыдæбæттимæ былгæронмæ. Нæ амон- дæн къахты был цæхгæр нæ разынд, фæлæ зулаив асинты къæбæлтау. — Ахиз, æви дæ афтæ фæнды æмæ дæ уæ хæдзармæ дæр ме ’ккой бахæссон. Æмæ райсом чызджытæн æппæлай, ды- сон, дам, бæхбадтæй иу сау лæппуйыл фæтезгъо кодтон горæты уынгты. Чызджы хъавгæ æрæвæрдтон. Фæззыгон уазал сæлфынæг къæвда уарын райдыдта. Хуылыдз уыдыстæм æмæ нæм уа- диссаг нал бахъардта, куыд фæзæгьынц, донласт хуылы- дзæй нал тæрсы. Кæрæдзийы æнцæйтты лæхъир цъыфы уæлбылмæ схылдыстæм. Уынджы парахатæй сыгьдысты рухсытæ. Цъиузмæлæг никуыцæй зынд. Нæ дæндæгты къæрцц-къæрцц цыд. — Че-чердæм-æм цæуыс? — афарстон чызджы. — Ком-ком-ммæ. — Уæдæ нæ фæн-даг-аг иу у. Кæрæдзийыл нæ цæнггæ æрбатухгæйæ, нæ дон мизгæ араст стæм. Къахты бынатмæ æз хæстæг цардтæн, æмæ уайтагъд хæдзары дуармæ балæууыдыстæм. Дуары бахост æмæ йæ баконд иу уыдысты. Мæ мады бæзджын хъæлæс арвнæрдау айзæлд. —Ужас какой!!! Цъыфы зæй уæ фæласта?! Ацы чызг та чи у, Гæмæт? Цы фыд ныл æрцыд, хъæбул?! — Фарстытæ фæстæдæр, фæкæс уал нæм æмæ дын стæй алцыдæр бæстонæй радзурдзынæн. Ныр та уал нæ мæлæты дзæмбытæй байс.
— Мидæмæ рæвдздæр! Чызг исдуг бадиссæгтæ кодта, зæгъгæ, хæдзармæ цæуын, æз дæр, дам, афтæ дард нæ цæрын, фæлæ йæ мæ мад йæ хъæбысы мидæмæ бахæссæгау кодта. — Дæ мадмæ дын стæй мæхæдæг телефонæй адзурдзынæн, зæгъгæ. Сахаты бæрцмæ не ’муд æрцыдыстæм, нæхи ныхсад- там, тæвд цайтæ бацымдтам. Уæлæдарæс цух нæ уыдтæн. Стæй хи хæдзары ивæн дзаумæттæ агурыныл бирæ нæ бахъуыдтæн. Цæринæйы аккаг дзаума нæм ницы уыд, мæ мад æй стыр хисæрфæны стыхта æмæ йæ мæ уатмæ акодта. Иæхæдæг раздæхт æмæ йын йæ халаттæй æвзæрста. Æз дæр ын уæд хъуыддаг уæлæнгæйтты радзырдтон. — Мæнæ мæ иунæг æмæхсæвæджы куыд фæцæйсæфт! Мæ лæппу тухи кодта, æз та скæсæйнаг сериалмæ кастæн мæ хъарм уаты. Омæ-иу ды дæр дæ телефон демæ ахæсс. Ныр- ма уал мыл æрбабон уа, æз сæ сратæр-батæр кæндзынæн чи йæ скъахта, уыдоны. — Цæй райсом сæм дзы бадæтдзынæ, ныр та уыцы чыз- джы мадæн фехъусын кæн. Афонмæ дæр хъуыдис, йæ мады номыртæ йæ чызг куы нæ зондзæн. — Уæддæр дзы дыууæйæ куыд хаудтат, уымæй дæр фæд- фæдыл. Райсом æм хъуамæ уынынмæ ныццæуон. Горæты фæсивæдæй сымахæй æндзыгдæр ничи ис, уæдæ? — афтæ дзургæ рахызт мæ мад. Райсомæй мæ куыстмæ цæуын хъуыд æмæ мæхи дасы- ныл балæууыдтæн. Фæстæдæр та мæ мад мæ уæлхъус æрба- лæууыд: — Иæ мадмæ йын адзырдтон. — Уый хорз у. — Зæгъын, дæ чызг махмæ ис дзæбæх, сæрæгасæй, йæ хъи- зæмайраджы уавæрæй фервæзт æмæ йæм дæ зæрдæ ма ’хсайæт. Исты ивæн дзаумæттæ йын, зæгъын, рахæсс демæ... — Хорз у, дæуæн та, æвæццæгæн, къабайаг, мæнæн та хæ- дон æрбахæссдзæн. — Альгвыдтæ акалдта. Æз, дам, уын фенын кæндзынæн. Уæ хæдзар, дам, уын цъыбыртты сыгъд бакæндзынæн. — Уый, æвæццæгæн, уæрм чи скъахта, уыдонмæ æрт- хъирæн кодта, мах та йын æвзæрæй цы сарæзтам?
Юмористоп радзырдтæ ^ ^^(ГРГЪгГгГ/^ У — Мæ-гъа, ме стыр халат ма йыл цæмæн кæнын, йæ мад ын исты дзаумæттæ æрбахæссдзæн. — Æддæмæ та рахызт, æз та ме ’ннæ уадул дасыныл балæууыдтæн. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ нын нæ дуар чидæр ныххоста. Ваннæйы уæвгæйæ, фыццаг мæ мады хъæлæс фехъуыстон, стæй та æнæзонгæ сылгоймаджы хъæртæ. — Кæм ис кæм уыцы мæлинаг, фуфугæнгæйæ йæ уымæн фæхъомыл кодтон æмæ лæджы фæдыл адзæхст кæна. Иу æхсæв уæм куынæма сбон кодта, уæд ын йæ чызгон дзау- мæттæ куыд тагъд æркуырдтат. Æвзæр чи дæ, уый. Кæм ис, кæм? Кæм ис дæ тугхъæлæс лæпггу та? — Фæлæу-ма, хорз ус, цы нæ дæ уæлныхты систай? Царды алцы дæр æрцæуы, æнæнхъæлæджы хабар уыд, байхъус-ма иу чысыл. Мæ лæппу дын дæ чызджы зындонæй фервæзын кодта æмæ ды та... ч — Æмæ мæ чызг мæ хæдзары зындоны уавæры уы- дис?! — хатæнты зилгæ хъуыст усы æрдиаг. — Кæм ис кæм уыцы быны... Æз дын ын йæ сæрыхъуынтæ... Уæллаг уæладзыгмæ сивгъуыдтой æмæ мæм-сæ ныхæстæ дзæбæх нал хъуыстысты. Ваннæйæ ралыгътæн, дыккаг уæ- ладзыгмæ схизæны мæхи скъуырдтон æртæ æвзонг лæп- пуйыл. — Цы хабар у, нæ хæдзар нын уæ сæрыл куы систат?! Цы хабар у, цы рцыд? — Аххосджын сымах стут, дæ мад... æмæ хъæр дæр ма скæнæм. Дзæгъæл чызг æй фенхъæлдтай? Кæдæм æй скъæфтай? — æмæ мын ме ’рдæгдаст уадулæн иу сæргьæвта. Сæ иуы тымбыл къух та мæ фæсонтыл суад. — Чи йæ раскъæфта? — афтæ дзургæ дыккаг уæладзыджы асинтыл слыгътæн, зæгъын уым та уавæр куыд у. Мæ хъу- стыл ма лæппутæй иуы ныхас ауад, зæгъгæ, нæ уын дзырд- тон, фæстаг дæс азы Чъребайы чызг тыхæскъæфт ничиуал кæны. Чи, дам, æй раскъæфта, нæ хъуыстат, йæхи фæндыд нæхионæн, æмæ ма ам нæ диссаг хъуамæ баззайа. Дыккаг уæладзыджы уавæр карздæр уыд. Мæгурæг, Цæ- ринæ мæ сынтæджы кæрон къулрæбын бакъуркъа, йæ фындзы туг цыд. Сылгоймæгтæй йæм иу хъыхъхъаг куы- дзау лæбурдта, фæстæдæр базыдтон, йæ мад кæй уыд.
— Дæ дзаумæттæ куыд тагъд акалдтай, быны... баззайай! Не ’рбацæуынмæ нал лæууыдтæ? — Мама, рсабыр у, скъæфгæ мæ ничи ракодта! — Дæхи дзыхæй йæ дзургæ уæддæр ма кæн, дзургæ, дæхæ- дæг кæй рацыдтæ уый! Æдзæсгом! — Байхъус ма... — скæуæгау та кодта чызг, мæгуырæг, ра- хизын дæр æй бæргæ фæндыд, фæлæ йæ ныфс нæ хаста. Хисæрфæны-иу йæхи æрбатыхта æмæ та-иу къулырдæм абырæгау кодта. — Æз дæм байхъусон, æмæ мæм ды цæуылнæ байхъуы- стай, афтæ-иу дæ куы фæдзæхстон, макуы мæ фæхудинаг кæн! Мæ сæр мын куы ралыг кодтай! — Уæдæ, уæдæ. Æмæ йыл цы дзæбæх лæппутæ дзырдтой, уый дын спортсмен, уый дын бизнесмен, уый дын ГУПы кусæг — йæ тæнæг былтæй ралæхурдта æндæр сылгоймаг. Сæ ныхæстæм гæсгæ бамбæрстон, афтæ кæй фенхъæлд- той — Цæринæйы аскъæфтæуыд. Мæхи фæлæг кодтон æмæ сæм худгæбылæй сдзырдтон. — Ахæм уавæры бахаудтам æз æмæ Цæринæ , уазалы уын фæцæймардыстæм... — Æ, æ, æ! Ды дæ мæ хæдзарсафæг уæдæ! Уазалы, дам, фæцæймардыстæм! Æмæ ай тæвдгæнæн у, — сынтæгмæ фæ- дардта йæ пыхцыл къух, стæй та мæ цæсгомыл сæмбæлд. Мæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Мæ мадыл бахаудтæн. Цæринæйы мады ныхтæ мæ цæсгомыл æруадысты. Мæ мад мын ме ’фхæрд никæмæн барста æмæ мæ аф- тæмæй куы ауыдта, уæд ахæм хъæр ныккодта, ахæм хъæр йæ бæзджын хæлæсæй: — Назад! И молча покиньте мой дом! Раздæр ма-иу, кæд ма йæ хъуыды кæныс, мæ зынаргъ кæсæг, фидауынгæнæг тыхты командир инæлар Наб- здоровы, уый хъæр-иу арæнгæрæтты куыд анæрыд, ахæм уавæр уыд мæ хатæны дæр. Сылгоймæгтæ фæсыпп сты мæ мады хъæрмæ, фæстæмæ акъахдзæф кодтой. Æмæ стæй та Цæринæйы мад фæтъæлланг кодта: — Цæуæм, мах ам ницыуал хъуыддаг ис, — æмæ дуарырдæм фæзылд. — Мама, æз дæр цæугæ кæнын, — скæуæгау кодта чызг.
Юмористоп радзырдтæ — Сæ хæдзары рæбын æй сынтæджы мадард бæгънæгæй æрбаййæфтам, æмæ ныр цæугæ кæны нæхимæ. Иу къуыри ма ацы сынтæгыл фæхъылдымтæ кæн æмæ-иу стæй рацу. Дуæртгæ дын уæрæх байтындздзынæн. Æдзæсгом! — Мама... — сниуæгау та кодта чызг. — Нал дын ис мама! Амардис дæ мама! Мамайæн та амардис йæ чызг! — асинтæй ма сыхъуыст сылгоймаджы тардзæгъдæн æмæ мидæмæ се ’рбахызт куыд уыд, афтæ фæтары сты æхсæвы талынджы. Сынтæгæй хъуыст Цæри- нæйы фуртт-фуртт. —Дæ къуымæл дуцын ныууадз, уæртæ чызг. Дьг та, лæппу, телевизоры садзгæ антеннæйау, мæ разы ма схъил у, фæлæ хосты къопп æрдав æмæ та уын уæ цæфтæм базилон. Уæ тæригъæд уын фæхæссой, ахсæв уе ’хсæв у уæдæ?! Аккæгтæ сын фæдæн, аккæгтæ. Кæйдæр хъуынтæй дзы дзæбæх куы рарæмыгътон. Уымæй дæр æд царм, æд царм... — йæ къухты ’нгуылдзтыл цы хъуынты тыхтытæ уыд, уыдонмæ кæсгæйæ, æппæлæгау кодта мæ мад. Фæлæ куы базыдта, кæйдæр па- рикы скъуыдздзæгтæ сты, уæд ма уæззау улæфт скодта æмæ нын нæ цъæррæмыхстытæ цыдæр хосæй сæрдыныл балæууыд. — Чи дын сты чи уыцы бирæгътæ, нырмæ дæр семæ куыд фæрæзтай? Хъусгæ дæр мæм нæ бакодтой, хъусгæ. Базон уал хъуыддаджы æцæгдзинад æмæ стæй алывыд кал дæ дзыхæй. Уæлæнгæйтты мын аирвæзтысты, тынг уæлæн- гæйтты. — Мамæ, уыдон афтæ фенхъæлдтой, ома æз Цæринæйы скъæфгæ ракодтон. — Омæ уал сабырæй дæ чызджы бафæрс, дæхи фæндыд æви нæ, æмæ уæд алцыдæр рабæрæг уыдаид. Науæд ма сыл- гоймаг лæбурæг кæд цыд Иры дзыхъхъы? Чызджы ныхæстæм гæсгæ, мадимæ уыдысты фыдыхотæ. Семæ цы лæппутæ уыд, уыдон уæлæмæ не схызтысты, нæ сæ федта, фæлæ, дам, уыдон дæр хиуæттæй уыдаиккой. — Цæй, уæ фыдбылызтæ уын ахæссæт. Ныр та баулæфут. Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Бафынæй кæнут, хъæбултæ, бынтондæр мацæуыл тыхсут — хатæны рухс аху- ыссын кодта мæ мад æмæ æддæмæ рахызт.
.^Уч^и^^чО^у^^У^ > Остъаты Аигн — Ды ма уым цы схъил дæ? Рахъуытты у æмæ залы ди- ваныл схуысс. — Хорз фынтæ дæ хай, кæд тæрсай, уæд-иу мын фехъу- сын кæн, æфсæрмы ма кæн, — бадзырдтон ма Цæринæмæ æмæ рахызтæн. Дыккаг бон ма цæй куыстмæ ацыдаин цæсгом лæгуынæй. Æнæуый дæр дьгууæ боны фæстæ радон улæфты цыдтæн, хистæр мын мæ куырдиатыл йæ къух дæр бафыста... ... Баззадис нæ хæдзары Цæринæ къуырийы бæрц. Мæ мад æй нæ уагъта, зæгъгæ, дæ мады маст æрцæудзæн, ныййарæджы зæрдæ бæмбæгау фæлмæн у æмæ, дам, æрба- цæудзæн. Алцыдæр ын бæстон-бæлвырдæй бамбарын кæн- дзыстæм. Радзурдзыстæм ын хъуыддаджы æцæгдзинад. Чызг дæр «цæуон хæдзармæ» зæрдæвæндонæй нæ дзырдта æмæ йæ тыхæй сурæгау дæр кæцæй акодтаиккам. Иу бон мæ мæ мад йæ цуры æрбадын кодта æмæ мын афтæ зæгъы: — Хорз чызджы хуызæн мæм кæсы æмæ æппын дæуæн дæ зæрдæ ницы дзуры? Сыхæгтæ мæ дуарахæсты бакодтой, нæ сæ уадзын, æндæра мæм мидæмæ бырсæгау кæнынц, дæ чындзы нын фенын кæн, зæгъгæ. Де ’мбæлтты дæр дын цалдæр хаты асырдтон. — Омæ йæ иу уынд фæкодтон, мæ мад, уæрмы базонгæ дæн йемæ. Рæстмæ йæ нæ зонын, стæй уæдта искæимæ дзырдгонд у. — Искæимæ дзырдгонд куы уаид, уæд та нын афонмæ нæ дуæрттæ ныххостаиккой. Уæрмы зонгæ дæр цы давы? Æз дын дæ мæгуыр фыдимæ уæлдæфы куы базонгæ дæн æмæ æвзæр нæ фæцардтæн. Мæ куыдз хæст рауадзæгæн фæл- дыст! Уарзон дæр мын уыд, уый та нæм бынæй уæлæмæ хæлиудзыхæй каст... — Æмæ хæдтæхæгыл дæр куы никуы тахтæ, уæд кæм уæлдæфы базонгæ дæ? — Раджы уыд уый, дæлæ нæхи парчы хæйрæджы цалх чи у, уым мæ рæстæг æрвыстон. Æнæнхъæлæджы фехæлд æмæ уæлейæ бандоныл бадгæйæ баззадтæн. Бынæй мæм бирæйæ кастысты, мæ уарзон чи уыд, уый дæр мæм се ’хсæнæй зынд. Се ’хсæнæй иу рæсугъд саулагъз лæппу фæхицæн æмæ мæм сбырыд. Зæхмæ дæр мæ уый æрхæццæ кодта. Гъс,
Юмористон радзырдтæ у ^^^^^^^ уый уыд дæ фыд. Фыццаг бакастæй кæрдзийы зæрдæтæм фæцыдыстæм, æви нæ амонд афтæ уыд, æвæццæгæн. Цæри- нæ дæр хорз чызг у, стæй йыл ацахуыр дæн æмæ... Мæ зæрдæмæ куыд нæ цыд Цæринæ. Уыцы хсæв æй ме ’ккой горæты уынгты куы фæрахæсс-бахæсс кодтаин, уый дæр ма мæ куы фæндыд. Мæ уаты мæ сынтæгыл кæй хуыс- сыд, уымæй дæр мæхи амондджыныл куы нымадтон. Фæлæ мæ мады цур мæхи барæй афтæ равдыстон. — Гъе, æмæ йын истыгьуызы æркой кæн, мæ лæппу. Кæд дæ ныфс нæ хæссыс, уæд та мæхæдæг. Цыма дæм йæхæдæг дæр хъарм зæрдæ дары, афтæ мæм кæсы æмæ йын уæд та мæхæдæг æркой кæнин... — Нæ, нæ, нæ! Мæхæдæг ын зæгъдзынæн, æнæуый дæр мæ знон «маменькин сынок» рахуыдта æмæ мын искуы мæ цæстмæ дардзæн, ус, дам, дын дæ мад ракуырдта, зæгъгæ. Мæ мад æддæмæ ахызт, æз та чызгмæ дуар бахостон. Фыццаг хатт мæхи хатæнмæ бахостон дуар. Хъавгæ дуарыл бахæцыдтæн. Чызг йæ сæр лæгъз кодта. Тадзгæ-баргæ йæм бадзырдтон: — Фарн дæм бадзурæд, нæ рæсугьд уазæг, фæлæ кæд дæ фæрныг хæдзармæ цæуинаг дæ, уæд рæстæгыл атагъд кæн. Хъæбæр диваныл мæ уазалдзыд буар бафæллад. Гыц- цылæй дæр мæ мады цур никуы фынæй кодтон æмæ ныр дæу тыххæй авд æмæ ссæдзаздзыдæй йæ фарсмæ куыд сху- ыссон. Ницы мæм сдзырдта, йæ сæр лæгъз кæныны куыст кодта дарддæр. — Байхъус ма, хорз чызг, кæд нæм фатеры цæринаг дæ, уæд та аргъыл бадзурæм æмæ бинаг уæладзыгмæ ныххиз, фатеронтæ-иу нæм уым цардысты æмæ мын мæ сынтæг ссæрибар кæн. Æппын дæм худинаг нæ кæсы, кæнæ мын нæ батæригъæд кæныс, хъæбæр диванæй дæм мæ хуыр-хуыр куы сыхъуысы, уæд? Ды та дыууæ удæн цы сынтæг арæзт æрцыд, ууыл зæрдæвæндонæй æхсæвыгæтты ратул-батул фæкæныс. Ницы та сдзырдта, ныр та йæ былтæ ахорынмæ ’рывнæлдта. — Дæ мидбылты сусæг худт цы кæныс, кæд ам баззаи- наг дæ æмæ сынтæгæй рахизинаг нал дæ, уæд та закъонмæ
гæсгæ йе ’мбис мæнмæ ’мбæлы æмæ нын уæд та ЗАГС-мæ цæугæ у, цæмæй дæ мæ паспорты ныффыссон... ...Гъе афтæмæй Джиуæргуыбайы хæдразмæ ЗАГС-ы дуарæй бахызтыстæм. Мæ мадæй амондджындæр, æвæццæ- гæн, зæххыл ничиуал уыд. Портийау хæрдмæ хауд. Иумиаг æвзаг уайтагъд ссардтой йæ чындзимæ. Куыд фæзæгъынц, гъа æмæ гъойæ цардысты. Мæ ацыд, ме ’рбацыдыл кон- трол дæр фæкарздæр. Мæ усы мад дæр æрфæлмæн, бынтон фæлмæн та уæд ныццис, æмæ нын фаззон лæппутæ куы фæзындис. Лæппутæй, дам, иу мæн у, уæдæ, дам, мæ хæдзар кæй хъуамæ уа æндæр. Æргом æм нæ бауæндыдтæн, усы мадмæ чи уæнды, уый йæхицæй раппæлæт, фæлæ йын мæхимидæг загътон: Ма нæ хъыгдар, нæ цардмæ нын ма ’внал, ме ’рдæм дæ даргъ ныхтæ цыбырдæр дар æмæ дыууæ лæппу дæр дæу уæт, чи нæ дын сæ дæтты... ...Ацы хабæрттæ раджы уыдысты. Чъребайы уынгтæ абон цæхæртæ калынц, горæты хæрзарæзт æмæ рæсугъд- дзинадæй зæрдæ рухс кæныта æмтгæй тæмæнтæ. Ныр мыл фæндзай азæй фылдæр цæуы. Æмæ абон мæ карæнтæй бирæтæ, сæ фыццаг фембæлдмæ, сæ уарзты цæхæртæ сæ зæрдæты кæм ньптуылф кодтой, уыцы уаз бынæттæм боныгон фæцæуынц. Æз æмæ ме ’фсин та æхсæвыгон, горæты цæрджытæ адджын фынтæ куы фæуынынц, уы- цы рæстæджы. Боны нын цæуæн нæй, Исахъхъы уынг æмæ Хъайтарты уынгтæ кæм иу кæнынц, уым бонæй ма- шинæтæ тыннывæндæгау дыууæрдæм кæнынц. Фæлæ кæд- ’дæрты, æмбисæхсæв ацы бынаты цы халассæр лæг æмæ ус вæййынц, уыдон æз æмæ ме ’фсин вæййæм. Æмæ-иу нæ зондцух дæр мачи рахонæт, афтæ-иу ныл худгæ дæр мачи бакæнæт. Уарзты ад чи цы бынаты банкъары, уыцы бы- нат ын адджын вæййы зæрыбонты дæр. Мæнæн та мæ уыцы бынат фондз метры бындæр баззад, асфальты бын фæцис æмæ фæндаджы хъæбæрыл дæр уымæн фæлæууын æхсæвьггон... ...Зæрæдтæ та цы фесты, фæрсут? Ома, мæ мад æмæ мæ усы мад. Нырма цæрынц, сæрæгас сты. Се ’стай азтæм сæввахс сты. Мæ усы мад дæр немæ цæры. Мæ мадимæ
дыууæ хойы цардæй цæрынц. Мæ усы мады фатеры та , уæ фарн фынæй, гуырæн хæдзары документтæм гæсгæ фаззæттæй авд минут раздæр чи райгуырд, уыцы лæппу цæры, ома хистæр. Мæнæ чысыл раздæр рынчындонмæ рынчынфæрсæг ацыд дидинджыты букетимæ. Рынчындо- ны мын чи ис, фæрсут? Нырма ничи. Знон дæлæ зæронд хиды цур зилгæ хуыдымы иу æвддаесаздзыд чызг дæлдон кодта æмæ йæ нæ лæппу фервæзын кодта. Дысон æй бы- нæттон телеканалæй дæр куы ’вдыстой. Уыцы чызгмæ фæ- цæуы бæрæггæнæг лæппу. Кæд нын исты хицон, æввахс разына, уæд дзы нæхицæн чызг зæгъдзыстæм. Кæд бынтон æцæгæлон, уæд та нын чизоны бынтон æввахс бауа, нæ рæбинаг. Царды алцыдæр æрцæуы... Уæдæ, цардысконд афтæ у. Чи уæлдæфы, чи уæрмы, чи та доны... .. .Мæ усы мад æмæ мæхи мадæн æрбадт, æрулæфт нæй. Къуырисæры цæуынц Дыргуисы уæле ленкгæнæн бас- сейнмæ. Дыццæджы — самбойы скъоламæ. Æртыццæджы — шоупингмæ. Цыппæрæмы—макияж æмæ педикюр аразынмæ. Сæхи пенситæй сьга фæйнæ хъеллаугæнæн къæлæтджынты балхæдтон æмæ майрæмбоны та кæрæдзийы фарсмæ бадгæйæ сæхи узгæйæ персаг æвзаг фæахуыр кæнынц. Сабатбоны та сын скæсæйнаг сериалтæм кæсæн бон вæййы. О, хæдæгай, афæдз дыууæ хатты та Дзæуджыхъæумæ сæ париктæ ивыны тыххæй ацæуынц, иумæ цы «Ока» автомашинæ балхæдтой, ууыл. Æз æмæ ме ’фсин — отставкæйы милицæйы майор Сохтæты Гæмæт æмæ республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг Фæрдыгаты Цæринæ дæр нæ цардæй нæ хъаст кæнæм. О, фæлæ нæ фембæлд æмæ нæ базонгæйы хъуыддаг никæй фæуырны. Куыд, дам, ис уый гæнæн æмæ, дам, уæрмы фæд-фæдыл ныххаудтат. Стæй, дам, уыйас стыр уæрм уан- цон нæ уыд горæты астæу. Æмæ мах дæр уæд фæзæгьæм, æз æмæ ме ’фсин æвзонгæй æфсады рæнхъыты иумæ кæй службæ кодтам. Нæ ацы ныхæстæ сæ бауырнынц, уый сæм реалондæр кæсы. Гъе, æмæ чизоны, мæ зынаргъ кæсæг, ды баууæндай нæ фембæлд æмæ нæ базонгæйы историйыл, кæд, фæндæгтæ райсомæй къахт куы ’ййæфтой, сихорыл æмбæрзт æмæ изæрæй та ногæй къахт, уыцы дуджы Чъре- байы цардтæ, уæд.
СÆИРÆГТÆ Радзырдтæ Хæхты хъæбул 9 Рæстдзинады мæцъис 26 Фæлтæрæй-фæлтæрмæ 36 Стыр бынатыхсæв 44 Æнæфæкæугæ, æнæфæхудгæ 53 Уацау Цардивæн 59 Юмористон радзырдтæ Фæткæвæрджытæ 82 Æууæнкджын депутат 84 Фыдæнхъæл 86 Кооперативы 88 Хъæды рæмпæг 90 Ох, ацы 8-æммарт! 92 «Мæрдтæйдзæуæг» 96 Дидинæджы хабар 97 Сасинкъа æмæ Ладикъо 100 Царды алцыдæр вæййы 173