Text
                    н. ноеов
ДÆГАС
Р А АЗ Ы РАТÆ
САБИТÆН
Ц/ЕГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1963


Н. Носов Живая шляпа Рассказы для младших школьников Перевод . А. Тулатовой ЧИНЫДЖЫ ИС: Къуыбырыл • 3 Сашæ 8 Хъазтамидингæнджытæ 25 Удæгас худ 29 Фантазёртæ 35 Метро г 46 Тилифон 53 Редактор Муртазов Б. А. Художественный редактор Кануков У. К. Тех. редактор Дзгоев А. А. Корректоры И. Д. Каболова, В. Т. Дзодзикова Сдано в набор 27-Х11-1962 г. Подиисано к печ. 26-УМ963 г. Формат бум. 60x841/1в, Печат. листов 4,09. Учет.-изд. лисюв 1,85. Заказ № 2530. Изд. № 139. 1ираж 1500. Цена 6 коп. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, ул. Гражданская, 2. Ресиубликанская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, %°0
КЪУЫБЫРЫЛ Лæппутæ бон-изæрмæ фыдæбонæй сæхи амардтой —кæрты митын къуы- быр арæзтой. Фиййæгтæй мит хафтой æмæ йæ сарайы къулы рæбын æмбырд кодтой. Тыххæй-фыдæй сихормæ фесты сæ къуыбыр арæзт. Дзæбæх æй донæй бапырх кодтой, стæй сæ хæдзæрттæм азгъордтой. — Цомут æмæ уал сихор бахæ- рæм,— дзырдтой сæ кæрæдзийæн,— уæдмæ нæ къуыбыр дæр ныссæлдзæп. Куы бахæрæм, уæд нæ дзоныгътæ ралас- дзыстæм æмæ бырын райдайдзыстæм. Æхсæзæм фатеры цæрæг Котькæ з
Чижовæй ма хинæйдзагдæр уа! Къуы- быр аразынмæ нæ рацыд. Æнцад йæ хæдзары бады æмæ рудзынгæй, кæсы, иннæтæ куыд фыдæбон кæнынц, уымæ. Лæппутæ йæм хъæр кæнынц, ды дæр рацу, зæгъгæ. Фæлæ сæм уый йæ къу- хæй амоны, йæ сæр тилы, ома мын нæй цæуæн. Куыддæр сабитæ сæхимæ ауадысты, афтæ Котькæ йæ дзаумæттæ акодта, йæ къахдзоныгътæ абаста æмæ кæрты балæууыд. Иуырдæм цъыгъ- гъуытт, иннæрдæм цыгъгъуытт! Къах- дзоныгътыл бырын дæр нæ зоны! Къуы- быры цурмæ бахæццæ. „А-гъа, —бакодта йæхимидæг, — æв- зæр къуыбыр нæу! Ныртæккæ дзы мæхи раскъæрдзынæн". Куыддæр къуыбырмæ сбырыд, афтæ дæлгоммæ йæ тъæпп фæцыд! „Огъо, — сдзырдта лæппу. — Цы бы- рынцъаг у!" Сыстади—æмæ та ногæй ихыл тъæпп! Дæс хаттæй къаддæр нæ ахаудта. Къуы- быры сæрмæ сбырын йæ бон нæу. „Ныр цы чындæуа?" — хъуыдытæ райдыдта. 4
Хъуыды кæны, хъуыды кæны, гъес- тæй сфæнд кодта: „Ныртæккæ йыл змис бапырх кæндзынæн æмæ йæм уæд сбырдзынæн". Фанеры гæбаз райста æмæ æхсæв- гæсы агъуысты балæууыд. Уым уыди змисы асыкк. Къуыбырмæ дзы хæссын райдыдта. Йæ развæндагыл æй зæрды, йæхæдæг уæлæмæ-уæлæмæ хизы. Аф- тæмæй къуыбыры тæккæ цъуппыл ба- лæууыд. „Ныр ардыгæй мæхи аскъæрдзы- нæн!"— дзуры йæхицæн. Йæ иу къах размæ фесхуыста — æмæ та дæлгоммæ цæлхъ! Къахдзо- ныгътæ змисыл куыд хъуамæ абырой! Йæ гуыбыныл хуыссы æмæ сагъæс кæ- ны:о„Ныр змисыл куыд бырдæуа?". Йæ цыппæртыл бынмæ ахылди. Уа- лынджы лæппутæ æрбахæлоф кодтой. Кæсынц, æмæ къуыбыр змисæй нал зыны. — Чи нын фесæфта нæ къуы- быр!—схор-хор кодтой алырдыгæй.— Чи йыл байзæрста змис? Ды йæ нæ федтай, Котькæ? 1 Удæглс .\ух 5
— Нæ, —зæгъы Котькæ, — æз æй нæ федтон. Æз мæхæдæг уыдтæн. Аф- тæ бырынцъаг уыди, æмæ йæм схизын нæ фæрæзтон. — Æдылы къоппа! Нæ йæм кæсут, цы æрхъуыды кодта! Мах фыдæбонæй амардыстæм, ай йыл змис байзæрста! Ныр ма йыл куыд бырæм, и? Котькæ сын афтæ зæгъы: — Кæд уæдмæ мит æруарид, æмæ змис фæбынæй уаид. Уæд сбæздзæни бкрынæн. — Ау, æмæ мит къуыримæ куы нæ æруара, уæд та? Мах абон фæнды хъазын. — Æз ницы зонын, бар уæхи,^- цæхгæр дзуапп радта Котькæ. — Гъы! Уый ницы зоны! Халын зоны, фæлæ аразын нæ зоны! Фиййаг райс дын зæгъæм. Котькæ йæ къахдзоныгътæ рай- хæлдта æмæ фиййаг райста. — Тагъд, змис миты бын куыд фæ- кæнай, афтæ! Котькæ фиййагæй къуыбырмæ мит б
калын байдыдта, лæппутæ та йыл дон кодтой. — Ныр куы асæла, уæд бæздзæн бырынæн. КотькæМæ кусын афтæ хорз фæка- сти, æмæ ма фиййагæй къуыбырæн йæ иуырдыгæй, асинтæ дæр скодта. — Уадз æмæ нын къуыбырмæ хи- зын æнцондæр уа, кæннод та йыл ис- чи змис бапырх кæндзæн.
САШÆ Сашæ рагæй лæгъстæ кодта йæ ма- дæн, пъистонтæй чи ’ æхса, ахæм дам- баца мын балхæн, зæгъгæ. — Цæмæн дæ хъæуы ахæм дамба- ца?—дзырдта йын м’ад’.— Уый тæссаг хъазæн у. — Цы дзы ис тæссагæй? Гилдзы- тæй куы æхса, уæд у тæссаг, фæлæ 8
пъистонтæй. Миийаг дзы искæйы ама- рæн куы нæ ис. — Цы нæ вæййы! Пъистон фæстæр- дæм расхъиудзæн æмæ дæ цæсты сми- дæг уыдзæн. — Не’смидæг уыдзæн! Æхсгæ-æх- сын-иу мæ цæстытæ бацъынд кæндзы- нæн\ — Нæ, нæ, мæ хур. Ахæм дамбаца- тæй цы нæ фыдбылыз æрцæуы, уый дæр ,нæй. Куы фæгæрах кæнай æмæ исчи куы фæтæрса. Нæ балхæдта мад Сашæйæн дам- баца. Сашæйæн уыди дыууæ хистæр хо- йы —Маринкæ æмæ Ирычкæ. Лæппу лæгъстæтæ райдыдта йæ хотæн: — Мæ уды гагатæ, гыццыл дамба- ца мын балхæнут! Тынг мæ хъæуы. Æз æдзухдæр уæ коммæ кæсдзынæн. — Ды хинæйдзаг дæ, Сашкæ, — зæ- гъы Маринæ. — Куы бахъæуы, уæд гæ- ды митæ райдайыс, дæ уды гагатæ свæййæм. Фæлæ куыддæр мама дуары къæсæрæй йæ къах авæры, афтæ рай- дайыс. Демæ зын фжразæн у. 9
— Нæу, нæу! Фендзыстут, кæддæра мæхи куыд дарин. — Хорз, —зæгъы Ирæ. —Мах Ма- ринкæимæ ахъуыды кæндзыстæм. Кæд æцæг дæхи дзæбæх дардзынæ, уæд дын, чи зоны, æмæ балхæнæм. — Хорз дардзынæн, тынг хорз дар- дзынæн! Дзырд дæттын, æрмæст мын балхæнут! Дыккаг бон дыууæ чызджы се’фсы- мæрæн дамбаца æмæ къаробкæйы дзаг пъистонтæ балæвар кодтой. Дамбаца уыди дзыхъхъынног, æрттывдтытæ калдта, пъистонтæ уыдысты бирæ: иу фæндзай кæнæ сæдæ. Бон-изæрмæ æхс, уæддæр нæ фæуыдаиккой. Сашæ фыр- цинæй уаты къуымты гæппытæ кодта, дамбаца-иу йæ риумæ нылхъывта, ныпъ- пъа йын-иу кодта æмæ-иу загъта: — Мæ уды гага, мæхи гыццыл дам- баца! Куыд бирæ дæ уарзын! Гъестæй йын йæ хъæдыл йæ ном ныффыста æмæ гæрах кæнынмæ бавнæлдта. Уай- тагъд пъистонты тæфæй сулæфæн нал уыди, агъуыст фæздæгæй нал зынди. — Æгъгъæд æхс, — загъта йын фæс- 10
тагмæ Ирæ. — Алы гæрахæн дæр хæрд- мæ фæхауын. — Тæппуд! — дзуапп радта Саш- кæ. — Чызджытæ иууылдæр тæппуд сты! — Дæ- дамбаца дын куы байсæм, уæд дæм бæрæг уыдзæн, куыд тæппуд стæм, уый, —дзуры йæм Маринæ. — Ныртæккæ кæртмæ цæуын æмæ лæппуты тæрсын кæндзынæн мæ дам- бацайæ,—загъта Сашкæ. 11
Кæртмæ рацыди, фæлæ дзы лæппу- тæй никæйы раййæфта. Уæд бавд’æлд æмæ уынджы балæууыд. Ацы хабар дæр уæд æрцыд, гъе. Иу зæронд ус уынгты æрцæйцыди. Сашкæ йæ хæстæг-хæстæг æрбауагъта, гъестæй дамбацайæ уыциу гæрах фæ- ласта. Зæронд ус, мæгуыр, хуыцаумæ фæхауд æмæ дзыхълæуд фæкодта.Æрæ- джиау афтæ бакодта: — Æллæх, мæ удæй мæ хуылфы ницыуал аззад! Ды фехстай дамбацайæ? — Куы нæ, — загъта Сашкæ, йæхæ- дæг йæ дамбаца йæ фæстæ амбæхста. — Ау, саугуырм дæн, дæ къухы дамбаца ис, уый уынын æнхъæл мын нæ дæ? Гæды ныхæстæ дæр ма уæн- дыс, æдзæсгом! Æз ацы сау минут ми- лицæмæ куынæ фæхабар кæнон... Лæппумæ йæ къухæй бадодой код- та зæронд ус, уый хæдуæлвæд уын- джы иннæ фарсмæ бахызт æмæ фисы- ныл фæаууон. — Уый хъуыддаг у, гъе! — фæтарст Сашкæ. — Æнхъæл дæн æмæ æцæгæй- дæр фæцæуы милицæмæ хъæстмæ. 12
Лæппу лæф-лæфгæнгæ сæхимæ ба- лæууыд. — Цыма дæ бирæгътæ æрбасырд- той, уыйау куы улæфыс, цы кодтай?— фæрсы йæ Ирæ. — Ницы, афтæ æнæуи. — Нæ, цыдæр фыдбылыз сарæзтай, уый бæрæг у. Зæгъ æй, хуыздæр дын у. — Ницы фыдбылыз сарæзтон,—аф- тæ æнæуи... Иуцыдæр зæронд усы фæ- тæрсын кодтон. — Цавæр зæронд усы? — Баййар мæ „цавæр, цавæр"! Ца- вæр вæййы, ахæм. Уынгты æрцæйцыд зæронд ус, æз бавдæлдтæн æмæ дамба- цайæ фехстон. — Цæмæн дæ бахъуыд дамбацайæ фехсын? — Мæхæдæг дæр æй нæ зонын. Зæронд ус æрцæйцыд. „Цæй æмæ, зæ- гъын, фехсон", — ахъуыды кодтон мæ- хинымæр æмæ фехстон. — Æмæ уæд цы загъта? — Ницы. Милицæмæхъæстмæацыди. — Кæсыс. Мæхи дзæбæх дардзынæн загътай, афтæмæй цы бакуыстай! 12 Удæгас худ. 13
— Исты мæн аххос у, ахæм тæппуд ус цæмæн у. — Ныртæккæ милиционер æрбацæ- - уа, уый дын тæппуд ус зæгъдзæн! — бартхъирæн кодта Ирæ. —Адæмы куыд тæрсын кæнын хъæуы, уый дæм бæрæг уыдзæни! — Æмæ мæ аргæ та . куыд скæн- дзæн? Кæм цæрын, уый куы нæ зоны. Мæ ном дæр ма мын куы нæ зоны. — Æнæ мæт у, ссардзæн дæ! Ми- лиционертæ цы нæ зонынц, иу дæр ахæм нæй. Æнæхъæн сахат Сашæ мидæгæй фæбадт æмæ рудзынгæй касти, кæд милиционер æрбацæуы, зæгъгæ. Фæлæ милиционер зынæг нæ уыди. Уæд лæп- пу дæр æрсабыр, фæхъæлдзæгдæр æмæ афтæ бакодта: — Æвæццæгæн мæ уыцы ус тæр- сын фæкодта. Фыдуаг.митæ ма кæнон, зæгъгæ. Иæ дамбацайæ æхсын та йæ æр- фæндыди æмæ йæ къух йæ дзыппы атъыста. Фæлæ йæ дзыппы уы’ди пъи- стонты къаробкæ, дамбацайæн дзы йæ 14
кой дæр нæ уыди. Иннæ дзыпп асгæр- ста—уый та зыбыты афти!д. Агъуы- сты къуымты йæ агурын райдыдта. Стъолы бынæй, дивайы бынæй — кæм нæ федта! Дамбаца зæххы скъуыды ныххауд." Сашæ фырмæстæй ницыуал æмбæрста. — Дзæбæх дзы хъазгæ дæр нæ акодтон!— райдыдта тъизын. — Цыхуы- зæн хорз дамбаца уыди! — Кæддын кæр- ты байрох? —фæр- сы йæ Ирæ. — Æвæццæгæн мын кулдуары æдде ахауди, —ахъуыды кодта Сашæ. Дуар фегом кодта æмæ кæрты ба- лæууыди, уырдыгæй уынгмæ азгъорд- та. Кулдуары æдде дæр нæ разынди йæ дамбаца. „Афонмæ йæ исчи ссардта, æмæ йæ дзæбæх йæхицæн ахаста!"—хъынцъым кæны Сашæ. Уалынмæ дын кæсы, æмæ 15
уæлæ тигъæй иу милиционер æрба- зынди æмæ даргъ санчъехтæгæнгæ раст Сашæты хæдзарырдæм æрцæуы. „Æрцæуы мæм! Æвæццæгæн, уыцы зæронд уæддæр æнæ бахъастгæнгæ нæ ныууагъта!" — фæтарсти Сашæ æмæ цыппæрвадæй сæхимæ балæууыд. — Цæй, ссардтай? — фæрсынц æй Маринкæ æмæ Ирычкæ. — С-с!—бакодта Сашкæ.—Милицио- нер æрцæуы! — Кæдæм? — Ардæм, махмæ. — Кæм æй федтай? — Уынджы. Маринæ æмæ йыл Ирæ худын рай- дыдтой: — Æ-æ, тæппуд! Милиционерæн йæ иу фендæй дæр фæтарсти. Кæд æн- дæр искуыдæм цæуы, уæд та. — Æппындæр дзы нæ тæрсын! — фæхъæбатыр Сашкæ. — Цы мын акæ- нинаг у милиционер? Æллæх! Асинтæй къæхты хъæр æрбай- хъуыст, уалынмæ дзæнгæрæг ныццагъ- та. Маринкæ æмæ Ирæ дуар гом кæ- 16
нынмæ фесты. Сашкæ йæ сæр къæли- дормæ радардта æмæ сæм сусæгæй дзуры: — Ма байгом кæнут! Фæлæ уæдмæ Маринæ дуар фегом кодта. Къæсæргæрон лæууыди мили- ционер. Йе’гънæджытæ æрттывдтытæ калдтой. Сашкæ йæ цыппæртыл дива- ны бынмæ бырынмæ фæци. — Чызджытæ, цымæ ам æхсæзæм фатер кæцы ран ис? — райхъуыст ми- лиционеры ныхас. — Ам нæй, — дзуапп дæтты Ирæ.— Ай фыццæгæм фатер у, æхсæзæммæ кæртыл бацæуын хъæуы, йæ дуар — ра- хизырдыгæй. — Кæрты, йæ дуар — рахизырды- гæй? —фæрсæгау загъта милиционер. — О. Сашæйы бауырныдта, милиционер æппындæр уый тыххæй кæй не’рбацы- ди. Диваны бынæй рацæйбырынмæ куыд хъавыди, афтæ дын милиционер чыз- джыты куы афæрсид: — Уæдæ ам Сашæ та кæцы ран цæры?
— Махмæ, — зæгъы Ирæ. .. — Гъемæ йæ уæдæ æз хъуамæ æнæ- мæнг фенон, — загъта милиционер æмæ уатмæ бараст. . Маринæ æмæ Ирæ дæр йæ фæдыл бацыдысты. Кæсынц, æмæ дын Саш- кæ, фæдæлдзæх. Маринæ ма суанг ди- ваны бынмæ дæр. бакасти. Сашкæ йæ хойы ауыдта æмæ йæм тымбылкъухæй бартхъирæн кодта,. ма мæ схъæр кæн, зæгъгæ. — Цæй, кæм ис уæдæ уæ Сашæ? — фæрсы. милиционер. Чызджытæ се’фсымæрæн тынг фæ- тарстысты æмæ, цы загътаиккой, уы- мæн ницыуал æмбæрстой. Фæстагмæ Маринæ афтæ бакодта: — Зоныс, нæхимæ нæй. Зоныс, уынгмæ ацыди. — Æмæ ды Сашæйы тыххæй цы зоныс? —фæрсы милиционеры Ирæ. — Цы зонын! — дзуапп дæтты ми- лиционер.— Йæ ном Сашæ хуины, уый зонын. Дзыхъхъынног дамбаца йæм уыди, уый дæр зонын, ныр ын уыцы дамбаца фесæфти, уый дæр зонын. 18
„Алцы дæр зоны!" — ахъуыды кодта Сашкæ. Фыртæссæй йæ фындзыхуынчъытæ схъыдзы-хъыдзы кодтой, уыйадыл ди- ваны бын уыциу æхснырст ныккодта: „ÆчхеГ — Уым та чи ис? — фæджих мили- ционер! — Уый... Уый нæ куыдз у,—æрбай- мысыди Маринкæ. — Æмæ диваны бынмæ цæмæн ба- бырыд? — Æдзухдæр диваны бын фэёхуыс- сы, —дзырдта Маринæ дарддæр. — Ц,ы хуины уæ куыдз?. ;< ,, — Иед... Бобик, — аймысыди чызг æмæ йæ цæсгом сырх цæхæрайау аци. — Бобик! Бобик! Уист! Уист!—ных- ситт кодта милиционер. — Цымæ цæ- уыннæ рабыры æддæмæ? Уист! Уист! Кæс-ма уымæ, нæ йæ фæнды рабырын. Æмæ хорз куыдз у? Цавæр мыгга- гæй у?о — Й-е-д... — аивæзта Маринкæ. — Иед... — Куиты мыггæгтæ дзы зыбыты рох æрбаисты. — Йеды мыггагæй у 19
мæнæ,— загъта чызг. Цы хуины?.. Хорз мыггагæй... Даргъхъуын фокстерьер! 0! — Уæдæ уый диссаджы куыдз куы у!—ныццин кодта милиционер.—Зонын, зонын. Хъуынджын мукъутæ йын. Уыйадыл æргуыбыр кодта æмæ ди- ваны бынмæ бакасти. Сашæйы туджы æртах нал ис, афтæмæй хуыссы æмæ милиционермæ тарст цæстытæй кæсы. Милиционер фырдисæй ныхситт ласта: 20
— А-а! Уый фокстерьер у, гъе! Ди- ваны бынмæ цы бабырыдтæ, цы? Тагъд ма æддæмæ рабыр, ныр мæ къухы дæ уæддæр! — Нæ абырдзынæн! — ныккуыдта Сашæ! — Цæуылнæ? — Милицæмæ мæ акæндзынæ. — Цæй тыххæй? — Зæронд усы тыххæй. — Цавæр зæронд ус’ы тыххæй! — Кæй фæгæрах кодтон æмæ чи фæтарсти, уый тыххæй. — Нæ йæ æмбарын, цавæр зæронд усы тыххæй мын дзуры? — фæрсы ми- лиционер. — Уынджы йæ дамбацайæ гæрæх- тæ кодта, уыцы рæстæг йæ цурты иу зæронд ус æрцæйцыди æмæ фæтар- сти, — бамбарын кодта Ирæ. — А-гъа! Уæдæ уæд ай Сашæйы дамбаца у, и? — бафарста милиционер æмæ йæ дзыппæй сласта дзыхъхъын- ног æрттиваг дамбаца. — Уый у, уый! — ныццин кодта Ирæ. — Нæ дыууæ йын æй Маринæ '4 Удæгас худ 21
радтам, æмæ, йын фесæфти. Кæм æй ссардтай? . — Мæнæ уым, кæрты, уæ тæккæ æр- бахизæны... Зæгъ æргом, зæронд усы цæмæн фæтæрсын кодтай? —фæрсы милиционер æмæ Сашæмæ æргуыбыр кодта. — Æз æнæбары... —дзуапп радта Сашæ диваны бынæй. — Гæды зæгъыс! Дæ цæстытыл бæ- рæг у, гæды зæгъыс, уый. Æцæгдзи- над зæгъ, æмæ дын дæ дамбаца рат- тон! — Уæдæ мын цы кæндзынæ, æцæг- дзинад куы зæгъон, уæд? — Ницы дын кæндзынæн. Дæ дам- баца дын ратдзынæн, æндæр ницы. — Милицæмæ мæ нæ акæндзынæ? — Нæ. — Зæронд ус фæтæрса, уый мæ нæ фæндыди. Мæн æрмæст базонын фæн- дыди, фæтæрсид æви нæ. — Гъемæ, ме’фсымæры хай, хорз нæ бакодтай. Уый тыххæй дæ мили- цæмæ акæнын æмбæлид, фæлæ ма ныр 1 цы гæнæн ис: иугæр дзырд радтон,' нæ 22
дæ акæндзынæн, зæгъгæ, уæд хъуамæ мæ дзырдæн хицау уон. Фæлæ ма иу- нæг фыдуагми дæр ракодтай, зæгъгæ, афтæ æнæмæнг милицæйы скуыси уы- дзынæ. Цæй, рабыр диваны бынæй æмæ дæ дамбаца айс. — Нæ, фæлтау ды куы ацæуай, уæд абырдзынæн. — Цы диссаджы лæппу дæ! — ных- худти милиционер. —Цæй, æз цæуын. Дамбаца диваныл æрæвæрдта æмæ ацыди. Маринкæ милиционеримæ фæ- раст, æхсæзæм фатер ын бацамонон, зæгъгæ. Сашæ диваны бынæй рахыз- ти, йæ дамбаца ауыдта æмæ ныхъхъæр ласта: — Мæнæ ис м’æ хур! Фæстæмæ та мæхимæ æрбафтыди! — фæлæбурдта дамбацамæ æмæ загъта: — Фæлæ дис- саг нæу, милиционер мын мæ ном куы- дæй хъуамæ базыдтаид! — Æмæ дæхæдæг куы ныффыстай дæ дамбацайыл дæ ном, — загъта Ирæ. Уалынмæ Маринæ дæр æрбаздæхт æмæ Сашæйыл йæхи ныццавта: — Æвзæр быдыргъ! Дæу тыххæй 23
милиционерæн гæды ныхæстæ ракод- тон! Фырæфсæрмæй цы фæуыдаин, уый нал зыдтон. Бавзар-ма амæй фæ- стæмæ фыдуагмитæ кæнын, дæ сæрыл иунæг хатт дæр ницæйыуал тыххæй рахæцин! — Æз æппындæр фыдуагмитæ нал кæндзынæн, — загъта Сашæ. — Адæмы тæрсын кæнын нæ хъæуы, уый мæхæ- дæг дæр бамбæрстон.
ХЪАЗТАМИДИНГÆНДЖЫТÆ Мах Валяимæ стæм хъазтамидин- гæнджытæ. Алыхатт дæр исты хъæз- тытæ æрхъуыды кæнæм. Иухатт бака- стыстæм аргъау „Æртæ хъыбылы". Стæй хъазын райдыдтам. Раздæр уаты къуымты гæппытæгæнгæ аразгъор-баз- гъор кодтам, куы-иу ныхъхъæр ластам: — Мах цъæх бирæгъæй нæ тæрсæм! Мама магазинмæ куы ацыд, уæд мын Валя афтæ зæгъы: — Аргъауы хъыбылтæн цы хæдзар уыди, цæй æмæ нæхицæн ахæм сара- зæм, Петя. 25
Хуыссæнтæмбæрзæн хъæццул раха- стам æмæ йæ стъолыл бамбæрзтам. Замманай хорз хæдзар дзы рауад. Ба- бырыдыстæм нæ хæдзармæ. Фырталын- гæй дзы ницы зыны. Валя загъта: — Цы хорз у, нæхицæн хæдзар кæй ис, уый! Æдзухдæр ам цæрдзы- стæм, нæхимæ никæйы уадздзыстæм. Цъæх бирæгъ нæм куы æрбацæуа, уæд æй асурдзыстæм. Уæд ын æз афтæ: — Нæ хæдзарæн ма рудзгуытæ дæр куы уаид, æгæр талынг у. — Ницы кæны, — з,æгъы Валя.— Хъыбылтæн æнæ рудзынг хæдзар вæййы. Æз æй фæрсын: — Уыныс мæ? — Нагъ. Ды та мæн? — Æз дæр, зæгъын, нæ. Æз, зæ- гъын, мæхи дæр нæ уынын. Уæд дын мын чидæр мæ къахыл куы ныззæгæл уаид! Æз ныцъцъæхахст кодтон! Стъолы бынæй расæррæт лас- ’тон, мæ фæстæ —Валя дæр. 26
— Цы дыл æрцыд? — фæрсы мæ. — Чидæр мын, зæгъын, мæ къахыл ныддæвдæг. Кæд, миййаг, цъæх би- рæгъ у? Валя фæтарсти, уатæй лидзæг фæ- ци. Йæ фæстæ — æз дæр. Къæлидормæ ралыгъдыстæм æмæ дуар ахгæдтам. — Цæй, зæгъын, дуарыл фидар хæ- цæм, æмæ йæ ма райгом кæна. Дуарыл хæцæм, хæцæм. Валя афтæ зæгъы: — Кæд дзы ничи ис, уæд та? —Уæдæ мын мæ къахмæ чи æв- нæлдта? — Уый æзуыдтæн,— зæгъы Валя,— кæм дæ, уый зонын мæ фæндыд. — Уæдæ мын æрдæбонсарæй цæ- уылнæ загътай? — Æз, зæгъы, фæтарстæн, æмæ уымæн. Ды мæ, зæгъы, фæтæрсын код- тай. Дуар байгом кодтам. Уаты æппын- дæр ничи. Уæддæр стъолы размæ нæ уæндæм: цъæх бирæгъ нæм куы рабы- ра, уæд та! Æз афтæ зæгъын: 27
— Цу, хъæццул сис. Уæд мын Валя афтæ зæгъы: — Нæ, цу дæхæдæг! Æз æм дзурын: — Ничи дзы ис. — Кæд дзы, зæгъы, ис, уæд та! Мæ къахфындзтыл стъолы цурмæ бахъуызыдтæн, хъæццулы кæрон раи- вæзтон, мæхæдæг дуарырдæм атахтæн. Хъæццул зæхмæ. æрхауд, æмæ дын стъолы бын ничи. Мах ныццин код- там. Нæ хæдзар ма ногæй саразинаг уыдыстæм, фæлæ Валя загъта: — Исчи та дын дæ къахмæ куы фæлæбура! Уæдæй фæстæмæ „Æртæ хъыбы- лæй" никуыуал хъазыдыстæм. 28
УДÆГАС ХУД Худ æвæрд уыди къамоды сæр, гæ- ды Васькæ батым,был къамоды рæбын, Вовкæ <æмæ Вадик та стъолы фарсмæ бадтысты æмæ сæ нывтæ ахуырстой. Уалынджы сæ чъылдыммæ пъолыл цæй- дæр тъæпп фæцыди. Фæкастысты, æмæ дын къамоды цур зæххыл худ лæууы. • Вовкæ къамоды цурмæ бауад, æр- гуыбыр кодта, худ сисынмæ хъавыди — æмæ дын йæ дзыхыдзаг куы ныцъцъæх- ахст ласид. 4 Удæгас \уд 29
— Уауу!—йæхæдæг лидзынмæ фæци. — Цы дыл æрцыди? — фæрсы йæ Вадик. — Уд-д-æг-гас у! — Чи у удæгас? — Ху-ху-ху-д. — Цы кодтай! Худтæй дæр удæ- гæстæ вæййы? — Кæс-кæс-ма йæм уæдæ! Вадик худмæ хæстæгдæр бауад æмæ йæм кæсы. Уалынмæ дын æм худ ком- коммæ куы æрбараст уаид. Уый дæр’ дын йæ дзыхыдзаг куы ныхъхъæр кæ- нид: — Уауу! — æмæ диванмæ уыциу гæпп куы сласид. Вовкæ дæр йæ фæдыл — тæррæст. Худ уаты бæстастæумæ рабырыди æмæ уым æрлæууыди. Лæппутæ йæм кæсынц æмæ фыртæссæй æмризæджы ризынц. Худ иннæрдæм фæзылди æмæ диванырдæм бараст. — Уауу! Æллæх! — хъæр æмæ ахст кæнынц дыууæ лæппуйы. Рагæппытæ ластой диванæй æмæ уатæй фатау ратахтысты, къухнайы фæ- 30
мидæг сты æмæ сæхиуыл дуæрттæ фи- дар ахгæдтой. — Æз цæу-у-гæ кæ-кæ-нын! —зæ- гъы Вовкæ. — Кæдæм? — Нæхимæ. — Цæмæн? — Худæй тæр-тæрсгæ кæнын! Æз никуыма федтон; худ агъуысты рацу- бацу кæна, уый. — Æмæ йæ кæд исчи синагæй ра- лас-балас кæны? — Цу-ма, фен æй. — Иумæ цом. Æз цæхæрхафæн райсдзынæн. Кæд нæм хæстæг цæуа, уæд æй цæхæрхафæнæй ныффæртт ласдзынæн. — Фæлæуу, æз дæр цæхæрхафæн ршйсон. — Æмæ нæм иу йедтæмæ нæй. — Уæд та лыжæты лæдзæг райс- дзынæн. Лæппутæ цæхæрхафæн æмæ лыжæ- ты лæдзæг райстой, дуар чысыл ра- зыхъхъыр кодтой æмæ хуынкъæй уат- мæ кæсынц. 31
— Цы фæци? —фæрсы Вадик. — Уæртæ, стъолы фале. — Ныртæккæ йæ æз цæхæрхафæ- нæй фæтъæпæн кæндзынæн! — зæгъы Вадик. — Уæдæ ма нæм хæстæг æрба- цæуæд. Фæлæ худ стъолмæ æввахс лæууы, йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ кæны. — Дзæбæх куы фæтарстæ! — цин кæнынц лæппутæ. — Хæстæг нæм дзæ- бæх куы нæ уæндыс. 32
— Æз æй ныртæккæ фæтæрсын кæндзынæн, —зæгъы Вадик. Цæхæрхафæнæй пъол æрхойы æмæ та фæхъæр кæны: — Ей, худ! Фæлæ худ йæ бынатæй не’змæлы. — Цæй, æмæ картæфтæ рахæссæм æмæ йæ уыдонæй гæрæхтæ кæнын рай- дайæм, — ахъуыды кодта Вовкæ. Къухнамæ ауадысты, чыргъæдæй картæфтæ фелвæстой æмæ йыл сæ æхсын райдыдтой. Æхсынц, æхсынц, гъестæй иухатт куы уыди, уæд Вади- чы картоф худы тенкайыл сæмбæлд. Худ хæрдмæ уыциу схъиуд фæласта. — Мяу! —райхъуыст уасын. Кæ- сынц, æмæ дын худы бынæй фæнык- хуыз къæдзил куы разынид, уый фæ- стæ —дзæмбы,уалынмæ æнæхъæн гæды йæхæдæг ратæррæст ласта. — Васька! — ныццин кодтой сывæл- лæттæ. — Æвæццæгæн, пъолыл бадти æмæ йыл къамоды сæрæй худ æрхаудта, — хъуыддаг бамбæрста Вовкæ. 33
Вадик гæдыйы фелвæста æм.æ йын хъæбыстæ байдыдта: — Васька, мæ хуры чысыл, уый мын худы бын куыд фæдæ, куыд? Фæлæ гæды цы хъуамæ загътаид! Рухсмæ йæ цæстытæ ацъынд-ацъынд кодта.
ФАНТАЗЁРТÆ Мишуткæ æмæ Стасик бæлæсты бын даргъ бандоныл бадтысты, æмæ сыл. ныхас бацайдагъ. Æцæг иннæ лæппу- тау дзæгъæл ныхæстæ нæ кодтой, мий- йаг. Сæ кæрæдзийæн дзырдтой æры- мысгæ хабæрттæ, цыма зыгъуыммæ ныхæстæ ракæныныл хæснаггонд уы- дысты, уыйау. — Дæуыл цал азы цæуы?—фæрсы Мишуткæ. — Нæуæдз фондз. Уæд дæуыл та? 35
— Мæныл сæдæ цыппор. Зоныс, — райдыдта Мишут- кæ, — раздæр æз тынг дынджыр уыд- тæн, нæ сыхæгты лæг Боряйыйас. Фæ- лæ уыйфæстæ ныг- гыццыл дæн. — Æз та,—йæ ныхас ын айста Ста- сик, — фыццаг уыд- тæн гыццыл, стæй сдынджыр дæн, уый фæстæ та ногæй ныггыццыл дæн, ныр тагъд фæстæмæ сырæздзынæн æмæ та сыстыр уыдзынæн. — Æз стыр куы уыдтæн, уæд-иу дынджыр доны кæрæй-кæронмæ аленк кодтон, — зæгъы Мишуткæ. — Æллæх! Æз-иу денджызы иу былæй иннæмæ дæр куы аленк кодтон. — Исты диссаг дæм кæсдзæн ден- джыз! Æз океаны дæр ленк кодтон! , — Æмæ æз фыццаг тæхын куы зыдтон! 36
— Цæй-ма уæдæ атæх! — Æмæ дын куыд атæхон: нал зо- нын. — Иухатт мæхи денджызы над- тон, —дзуры Мишуткæ, — æмæ мыл акулæ йæхи ныццавта. Æз ын тымбыл- къухæй иу радтон, уый мын мæ сæр- мæ ф.æлæбурдта æмæ мын æй атыдта. — Мысгæ æркодтай! — Нæ, æцæг уыди!. — Уæдæ цæуылнæ;.амардтæ? — Цæмæн амардаин? Былгæрон- мæ рален’к кодтон æмæ дзæбæх нæ хæдзармæ ацыдтæн. — Æнæ сæрæй?! —Ай-гъай, æнæ сæрæй. Цæмæн мæ хъуыди сæр? — Ау, æнæ сæрæй куыд цыдтæ? — Куыд вæййы, афтæ. Æнхъæлыс, æнæ сæрæй цæуæн нæй? — Уæдæ дыл ныр цæмæн ис сæр? — Æндæр сæр мыл разади. „Цы хорз базыдта æрымысын",— бахæлæг æм кодта Стасик. Æрфæндыд æй Мишуткæйæ ноджы хуыздæр ра- дзурын. 37
— Уый дæм исты кæсдзæни!—загъ- та лæппу.—Æз Афричы куы уыдтæн, уæд мæ уым кæфхъуындар куы аны- хъуырдта. — Гъеуый дын гæды ныхас, гъе!— ныххудти Мишуткæ. — Æппындæр нæ. — Уæдæ ныр æгас цæмæн дæ? — Æмæ мæ уый фæстæ рату кодта. Мишуткæ аджих. Фæндыдис æй Ста- сикæй дæсныдæр гæды ныхас ракæнын. 38
Фæхъуыды кодта, фæхъуыды кодта, æппынфæстаг афтæ зæгъы:" — ,Иухатт дын уынгты фæцæуын. Мæ алыварс трамвайтæ æмæ алыхуы- зон машинæтæ... — Зонын æй, зонын æй! — ныхъ- хъæр кодта Стасик. — Трамвайы бын куыд фæдæ, уый та дзурдзынæ. Уыцы гæды хабар мын дзырдтай. — Ницы базыдтай, æз уый дзу- рынмæ нæ хъавын. — Цæй уæдæ. Кæн дарддæр дæ гæды ныхæстæ. — Мæхицæн æнцад фæцæуын уынг- ты. Никæйы хъыгдарын. Уалынмæ дын мæ ныхмæ — автобус. Кæцæй февзæрд— нæ йæ бамбæрстон. Мæ къахы бын фæци æмæ лыстæг базгъæлæнтæ. — Ха-ха-ха! Уыдон сæнттæ сты, гъе! — Æппындæр не’сты сæнттæ! — Ау, уæдæ автобус дæ къахы бын куыд фæци? — Омæ хæрз чысыл уыди, хъазæи автобус. Иугыццыл лæппу йæ сина- гыл бастæй йæ фæстæ ласта. Мишуткæ æмæ Стасик уыцы ны- 39
хæстæ куыд кодтой, афтæ сæм сæ сы- хæгты лæппу Игорь æрбацыди æмæ бандоныл сæ фарсмæ æрбадти. Хъусы, хъусы дыууæ лæппумæ, стæй афтæ зæгъы: — Гæды ныхæстæ куыд кæнынц! Худинаг уын нæу? — Æмæ, миййаг, искæйы сайæм? — фæцарæхст Стасик. —Афтæ æнæуи дзу- рæм, цыма кæрæдзийæн аргъæуттæ кæнæм, уыйау. — Аргъæуттæ! — ныппыррыкккодта Игорь, —Ссардтой мын сæхицæн куыст! — Æнхъæл дæ, æмæ хъуыды кæнын æнцон у? — Уымæй ма æнцондæр та цы уа! — Уæдæ ма исты æрхъуыды кæн. — Ныртæккæ дæр...— загъта Игорь.— Табуафси. Мишуткæ æмæ Стасик фырцинæй ницыуал зыдтой. Сæхи хъусынмæ ба- рæвдз кодтой. — Ныртæккæ,—сдзырдтата Игорь.— Йед-ы-ы... йед... мазнæ... , — Зæгъ, цы. „Йед, йед" цы кæныс! 40
— Ныртæккæ! Ахъуыды мæ бауа- дзут. — Цæй, ахъуыды кæн! — Йед-ы-ы, — аивæзта та Игорь, йæ- хæдæг арвмæ скасти: — Ныртæккæ, ныр- тæккæ... Йед... йед... — Цæй, цæуылнæ æрымысыс исты? „Уымæй æнцондæр ма цы ис" куы загътай. — Ныртæккæ ма хъусут уæдæ! Иу- хатт æз куыдзы мæстæй мардтон. Уый мын мæ къахмæ фæлæбурдта æмæ йыл фæхæцыд. Мæнæ уынут, носæй куыд баззад. — Æмæ уым дæу æрхъуыдыйæ цы ис? —фæрсы йæ Стасик. — Ницы. Куыд уыди, афтæ йæ ра- дзырдтон. — Афтæ куы загътай, хъуыды кæ- нынмæ мæ хуызæн дæсны нæй! — Бæгуыдæр дæн дæсны, фæлæ сымах хуызæн нæ дæн. Сымах æна- хъазы гæды ныхæстæ кæнут, фæлæ.æз знон иу хъуыддаг сарæзтон æмæ мын фæп.айда. — Куыд дын фæпайда? 41
— Хъусгæ кæнут. Радзурдзынæн уын æй. Дысон мама æмæ папа изæрæй кæдæмдæр ацыдысты. Нæ дыууæ Ирæ нæхимæ баззадыстæм. Ирæ уайтагъд- дæр хуыссынмæ фæци. Æз дæр буфе- ты дуар байгом кодтон æмæ æнæхъæн банкæйы æрдæг вареннæ бахордтон. Стæй дын мæт райдыдтон, куы мæм хæцой, зæгъгæ. Бахъуызыдтæн æмæ Ирæйы былтæ вареннæйæ самæстон. Уалынмæ æрбацыдысты. Мама фæрсы: „Вареннæ чи бахордта?" Æз фæцырд дæн: „Ирæ". Мама кæсы, æмæ æцæг- дæр Ирæйы былтæ вареннæйæ дзаг. Абон ыл райсомæй мама дзæбæх æр- цыд. Мæнæн та ма ноджыдæр вареннæ радта. Ахæм пайда мын фæци. — А-а-а, дæу тыххæй искæуыл над ауади, ды та цииæй мæлыс, нæ! — загъ- та Мишуткæ. — Æмæ дæ цы кæсы? — Ницы. Фæлæ ды дæ... Цы хуи- ны?.. Гæды! Бамбæрстай! — Уæхæдæг гæды! — Ахъуытты у. Демæ иу бандо- ныл бадын дæр не’мбæлы. 42
— Æнæуи дæр мæ нæ фæнды сы- махимæ бадын. Игорь сыстади æмæ ацыди. Мишут- кæ æмæ Стасик дæр сæхимæ ацыды- сты. Марожнæйы пъалаткæмæ бахæццæ сты æмæ æрлæууыдысты. Сæ дзыппы къуымты’ æхца агурынц æмæ сæ капеч- чытæ нымайынц. Дыууæйæ сæм иу марожнæйы фаг æрæмбырд ис. — Балхæнæм иу марожнæй æмæ йæ дыууæ раст æмбисы акæнæм,— зæгъы Стасик. Уæйгæнæг сын къæцæлыл конд ма- рожнæй ралæвæрдта. — Цом нæхимæ, — зæгъы Мишут- кæ, — æмæ йæ кардæй адих кæнæм, æмиас хæйттæ куыд рауайой, афтæ. — Цом. Асинтыл Ирæйыл хæрхæмбæлд фе- сты. Йæ цæстытæ кæуындзаст. — Цæуыл куыдтай, цæ? — фæрсы йæ Мишуткæ. — Уынгмæ мæ нæ уагъта мама. — Цæуылнæ? — Вареннæйы тыххæй. Афтæмæй ’йæ æз нæ бахордтон. Игорь мæ сар^ 43
дыдта. Æвæццæгæн æй йæхæдæг ба- хордта, ныр æй мæныл сæвæрдта. — Ай-гъай йæ бахордта йæхæдæг. Махæн æй аппæлыд. Ма . ку. Цом, æз дын мæ марожнæйы хай раттон, — зæ- гъы Мишуткæ. — Æз дæр дын мæ марожнæйы хай дæттын. Зыбыты иунæг комдзаг дзы акæндзынæн, иннæ дын ратдзынæн, — зæрдæ йын æвæры Стасик. — Æмæ исты уæхимæ нæ цæуы хæрын? — Нæ, мах нæ хъæуы. Мах Ми- шуткæимæ абондæргъы фæйнæ дæсы бахордтам, — æнæ худгæйæ зæгъы Ста- сик. — Нæ фæлæ йæ не’ртæйæн æртæ дихы акæнæм, — загъта Ирæ. — Тынг раст зæгъы! —сцин кодта Стасик. — Кæннод æй иууылдæр куы бахæрай, уæд дæ хъуыр рисдзæн. Ацыдысты сæхимæ, марожнæй æртæ дихы акодтой. — Цы адджын у! — зæгъы Мишут- кæ, —Æз тынг уарзын марожнæй. Уыр- 44
ны уæ, иухатт æнæхъæн бедра бахорд- тон марожнæй. — Ды æдзухдæр мысгæ фæкæныс! — ныххудти Ирæ. — Чи хъуамæ баууæнда, марожнæй бедрайы дзаг бахордтай, ууыл! — Омæ чысыл мур бедра уыди, хæрз гыццыл бедра! Гæххæттæй конд, агуывзæйæ стырдæр нæ уыди... 45
МЕТРО Мама, æз æмæ Вовкæ уыдыстæм Мæскуыйы нæ мады хо Олямæ. Цы бон ныххæццæ стæм, уыцы бон мама æмæ нæ мады хо ацы’дысты дуканитæм, мах Вовкæимæ хæдзары ныууагътой. •Иу зæронд альбом нæм радтой, къам- тæм уал кæсут, зæгъгæ. Альбом цал- дæр фæлдæхты акодтам, гъестæй дзы афæлмæцыдыстæм. Вовкæ загъта: — Бон-изæрмæ хæдзары бадгæйæ 46
мах Мæскуы куыд нæ фендзыстæм! Рудзынгæ’й акастыстæм æмæ дын нæ тæккæ бакомкоммæ метройы станцæ. Æз афтæ зæгъын: — Цом метромæ, дзæбæх атезгъо кæндзыстæм. Станцæмæ ацыдыстæм, билеттæ рай- стам æмæ зæххы бын балæууыдыстæм. Фыццаг хорзау нал фестæм, стæй нæм тынг диссаг дæр ма фæкасти. Иудзæв- гар куы ауадыстæм, уæд поездæй ра- хызтыстæм. „Станцæ фенæм, æмæ фæстæмæ аздæхдзыстæм", — хъуыдытæ кæнæм нæ- хицæн. Нæ алыварс фæлгæсæм, æмæ дын мæнæ иу асин зилгæ-цыд кæны. Адæ- мæй иуты бынмæ ласы, иннæты хæрд- мæ. Мах дæр алæууыдыстæм асиныл. Куы нæ бынмæ æрласы, куы хæрдмæ, куы та фæстæмæ бынмæ... Цæуын дзы æппындæр нæ хъæуы, асин дæ йæхæ- дæг ласдзæн. Дзæбæх нæ фæралас-балас кодта, гъестæй поезды сбадтыстæм æмæ нæ фысымтæм араст стæм. 47
Куы рахызтыстæм, уæд кæсæм, æмæ мах станцæ куы нæ уаид! — Æвæццæгæн, æндæрырдæм ра- рæдыдыстæм, — дзуры мæм Вовкæ. " — Æндæр поезды сбадтыстæм æмæ та æндæрырдæм ацыдыстæм. Рахыз- тыстæм, æмæ та нæхи станцæ нæу. Куыд нæ фæтарстаиккам! — Искæйы бафæрсæм,. — зæгъы Вовкæ. — Æмæ куыд бафæрсæм? Кæцы станцæйы сбадтыстæм, уый зоныс? — Нæ зонын. Ды та? — Æз дæр нæ зонын. — Нæ фæлæ æппæт станцæтыл дæр æрзилæм, кæд æй ссариккам, — сфæнд кодта Вовкæ. Райдыдтам станцæтыл зилын. Куы иуырдæм сбадæм, куы иннæрдæм. Нæ сæртæ разылдысты. Вовкæ тъизын рай- дыдта: — Цом ардыгæй! — Омæ кæдæм ацæуæм? — Кæдæмфæнды дæр • уæд. Мæн уæлæмæ фæнды. — Цы дзы архайыс уæлейы? 48
— Зæххы бын мæ нæ фæнды! Йæхæдæг кæуын райдыдта, — Ма, зæгъын, ку. Милицæмæ дæ акæндзысты. — Уадз æмæ мæ акæной! И-и-и! — Цом, зæгъын, уæдæ. Æрмæст ма- уал дзыназ. Уæр- тæ нæм милиционер куыд ныккаст! Йæ къухыл ын фæхæцыдтæн—æмæ асиныл алæууыдыстæм. Хæрдмæ нæ сласта. „Цымæ нæ кæдæм аласдзæни?— хъуыды кæнын æз.—Ныр цы фæуы- дзыстæм?". Уалынмæ дын иннæ асиныл нæ мад æмæ нæ мады хо нæ тæккæ^ комкоммæ бынмæ куы æрцæйцæуиккой. Æз дын сæм мæ дзыхыдзаг’ куы ныхъхъæр кæнин: — Мама! 49
Уайтагъд нæ ауыдтой æмæ нæм хъæр кæнынц: — Ам та цы архайут? Мах’сæм хъæ-р кæнæм: — Фæндаг нал арæм! Æндæр ницыуал сарæхстыстæм кæ- рæдзийæн зæгъын: асин мах хæрдмæ схæццæ кодта, уыдоны бынмæ. Уай- тагъд иннæ асиныл бынмæ’ цæуынмæ фестæм аййафæм сæ, зæгъгæ. Кæсæм— æмæ та дын уыдон нæ хæд комкоммæ хæрдмæ куы сцæйцæуиккой! Ауыдтой нæ æмæ хъæр кæнынц: — Кæдæм ма цæут, кæдæм? Цæ- уылнæ нæм фенхъæлмæ кастыстут? — Мах ма уæ уым ныййафынмæ хъавыдыстæм! Æрхæццæ та стæм бынмæ. Æз Вов- кæйæн афтæ зæгъын: — Банхъæлмæ сæм кæсæм. Ныр- тæккæ сæ фæстæмæ ардæм хъæуы. Æнхъæлмæ кæсæм, æнхъæлмæ кæ- сæм. Фæлæ никуыцæй зынынц. — Æвæццæгæн нæм уæле æнхъæл- мæ7 кæсынц. Нæ фæлæ цом,— зæгъы Зовкæ. 50
Куыддæр араст стæм, афтæ дын уæлæ нæ комкоммæ асиныллæугæ бын- мæ æрцæуынц. — Кæдæй нырмæ уæм фенхъæлмæ кастыстæм! — хъæр нæм кæнынц. Ныр ныл алырдыгæй адæм худæгæй мæлынц. Уæлæмæ та.схызтыстæм,— æмæ уай- тагъд фæстæмæ раздæхтыстæм.Æппын- фæстаг сыл фæхæст стæм. Мама нæм загъд райдыдта, æвастæй горæтмæ кæй рацыдыстæм, уый тыххæй. Мах та сын нæ хабæрттæ дзурыныл схæцыдыстæм. Уæд нæ мады хо афтæ зæгъы: — Нæ йæ æмбарын, куыд фæдзæ- гъæл стут! Æрвылбон уыцы рацу-бацу кæнын æмæ иу хатт дæр нæма фæ- дзæгъæл дæн. Цæй, цомут нæхимæ. Сбадтыстæм поезды æмæ нæхæдзар- мæ араст стæм. — Ехх, пошехойнæгтæ! — дзуры нæ мады хо. — Кæмæндæр, дам, йе’фсондз ■йе’ккойы уыди, уый та ма йæ агургæ кодта. Арынггомæй фæныкгомы æхсæн фæдзæгъæл сты. Цы станцæ дæ хъæ- уы, уый ма ссар! 51
Худæгæй ныл йæхи схаста. Станцæмæ æрбахæццæ стæм. Нæ мады хо джихауæй аззад æмæ афтæ ныккодта: — Мæ фыдбылызтæ дæ хай! Ар- батмæ нæ хъуыд, мах та Курскы ваг- залмæ рарæдыдыстæм. Иннæрдæм нæ бадын хъуыди. ’ Æндæр поезды сбадтыстæм æмæ иннæрдæм араст стæм. Нæ мадьГхо ныл худгæ нал кодта. Стæй нæ пошехой- нæгтæ дæр нал хуыдта. 52
ТИЛИФОН Иухатт Мишкæимæ бацыдыстæм хъазæнты дуканимæ æмæ дзы федтам замманайы хъазæн — тилифон. Иу дын- джыр хъæдын къаробкæйы æвæрд уы- ди тилифоны дыууæ аппараты, дзурæн дæр æмæ хъусæн дæр кæмæй ис, ахæм дыууæ трубкæйы, стæй æнæхъæн къæ- бæл тел. Дуканигæс нын бамбарын код- та, иу тилифон иутæм куы саразай, иннæ — уыдонæн сæ сыхæгтæм, иу ап- паратæй иннæмæ тел куы ауадзай æмæ 53
дыууæ аплщ>аты куы бафидар кæнай, уæд дзы дзурæн ис, зæгъгæ. — Тæхуды, уый балхæн! Сыхæгтæ куы стæм,—загъта Мишкæ.-^Хорз дзау- ма у! Æрбасæтт æй æмæ йæ аппар, ахæм хъазæн, миййаг, нæу. Аргъ ын нæй, аргъ! — Раст зæгъыс, — дзуапп радтон æз, —ахæм дзаумайæн аргъ нæй! Дзу- рын дæ куы бафæнда, уæд трубкæ сис æмæ дзур, цæуын дæ никуыдæм ба- хъæудзæн, афтæмæй. — Уымæй ма хуыздæр цы уа!—кæ- рон нал уыд Мишкæйы цинæн. — Æн- цад дæ хæдзары бад æмæ ныхас кæн. Иттæг хорз! Сфæнд кодтам тилифоны аргъ бам- бырд кæнын. Дыууæ къуырийы дæр- гъы нæдæр марожнæй балхæдтам, нæ- дæр киномæ ацыдыстæм —æхца æмбырд кæныныл систæм. Иуахæмы нæм æрæм- бырд, цас хъæуы, уыйбæрц, æмæ уæд балхæдтам тилифон. Дуканийæ нæ къаробкæимæ радугъ ластам æмæ нæхимæ æрбалæууыдыс- тæм. Иу тилифон махмæ сарæзтам, ин- 54
нæ Мишкæтæм.Мæ тилифонæй рудзын- гыл бынмæ тел ауагътам Мишкæйы тилифонмæ. — Цæй,—зæгъы,— Мишкæ, — афæл- варæм адзурын. Тæхгæ уæхимæ æмæ хъус. Æз уыциу згъорд аластон нæхимæ, трубкæ фелвæстон, хъусын, æмæ дын трубкæйы æцæгæйдæр Мишкæйы хъæ- лæс куы хъуысид. — Хъусыс? Алло! Хъусыс? Алло! Æз дæр дын ныхъхъæр кодтон: — Алло! — Исты дæм хъуысы? — фæрсы Мишкæ. — Хъуысы. Дæумæ дæр хъуысы? — Хъуысы. Уый дæм диссаг нæ кæ- сы! Дæумæ хорз хъуысы? — Хорз. Дæумæ та? — Мæнмæ дæр хорз! Ха-ха-ха! Куыд худын, уый хъуысы? — Хъуысы. Ха-ха-ха! Дæумæ дæр хъуысы? — Хъуысы. Хъус-ма, æз дæм ныр- тæккæ фæцæуын. 55
Мишкæ æрызгъордта, æмæ фырци- нæй хъæбыстæ райдыдтам. — Тилифон кæй балхæдтам, уый хорз у! Нæу? — Куыд нæ у,—зæгъын, — хорз! — Хъус-ма, æз цæуын фæстæмæ нæхимæ æмæ та дæм тилифонæй æр- бадзурдзынæн. Азгъордта æмæ та мæм æрбадзырдта. Æз трубкæ систон æмæ дзуапп радтон. — Хъусын дæм! — Хъуысы? — Хъуысы. — Хорз? — Хорз. — Мæнмæ дæр хорз хъуысы. Цæй, ныхæстæ кæнæм. — Кæнæм, — зæгъын. — Фæлæ цæ- уыл хъуамæ дзурæм? —’ Цæй, зæгъæм... Истæуыл дзу- рæм... Тилифон кæй балхæдтам, уый хорз у. Раст нæ зæгъын? — Раст зæгъыс. — Куы нæ балхæдтаиккам, уæд æв- ,зæр уыдаид. Раст нæу? 56
— Раст у. — Цæй! — Цы „цæй"? — Цæуылнæ дзурыс? — Æмæ ды цæуылнæ дзурыс? — Нæ зонын, цæуыл дзурон, — зæ- гъы Мишкæ. — Æдзухдæр афтæ вæййы: дзурын куы фæхъæуьь уæд цæуыл дзырдæуа, адæймаг уый нал фæзоны, фæлæ дзурын куы нæ фæхъæуы, уæд дзурдзынæ æмæ дзурдзынæ. Æз ын афтæ зæгъын: — Цы, уый зоныс: ахъуыды кæнæм æмæ исты куы æрхъуыды кæнæм, уæд та дзурдзыстæм. — Хорз. Трубкæ æрæвæрдтон æмæ хъуыды кæнын райдыдтон. Уалынмæ та дын ногæй тилифоны хъæр. Æз трубкæ си- стон. — Цæй, æрхъуыды кодтай? — фæр- сы мæ Мишкæ. — Нæма, ницыма æрхъуыды кодтон. — Æз дæр ницыма æрхъуыды кодтон. — Æмæ кæд ницы æрхъуыды код- 57
тай, уæд мæм цæмæн æрбадзырдтай? — Æз афтæ æнхъæл уыдтæн, ды исты æрхъуыды кодтай. : — Æмæ дæм уæд мæхæдæг нæ ба- дзырдтаин? — Æз афтæ æнхъæл уыдтæн, æр- бадзурын дæ хъуыдыйы не’рцæудзæн. — Ау, уый та куыд? Дæумæ гæс- гæ, æз хæрæг дæн? — Нæ, кæцæй дæ хæрæг! Æппын- дæр нæ дæ хæрæг! Исты æз афтæ зæ- гъын „хæрæг дæ?" — Уæдæ цы зæгъыс? — Ницы. Ды хæрæг нæ дæ, зæгъын. , — Цæй, хорз! Æгъгъæд у хæрæджы тыххæй дзæнгæда цæгъдын! Фæлтау нæ уроктæ сахуыр кæнæм. — Сахуыр кæнæм. Трубкæ æрæвæрдтон æмæ мæ урок- тыл æрбадтæн. Уæд та дын мæм Миш- лæ фæстæмæ куы æрбадзурид: — Хъус-ма, ныртæккæ æз тилифо- нæй зардзынæн æмæ роялыл цæгъд- дзынæн. — Цæй зар, — дзурын æм æз. Райхъуыст цыдæр æхситт, стæй му- 58
зыкæйы хыртаьщ-мырттын. Уалынмæ дын Мишкæ ’цыдæр æнахуыр хъæлæ- сæй куы ныззарид: Кæдæм, кæдæ’м фæтахтæ дардмæ, Мæ уалдзæджы сызгъæрин дуг?.. „Гъеуый дын ди’ссæгтæ! —хъуыды кæнын æз.—Кæм баз.ыдта -афтæ зарын?" Уалынмæ дын. Мишкæ йæхæдæг махмæ куы скуыси уаид. Фырхудæгæй йæ дзых йæ фæ’схъусты онг аивæзт. — Ды афт.æ æнхъæл дæ, æз зарыд- тæн? Уый патефон зарыд тилифонæй! Æри-ма, æз байхъусон. Æз æм трубкæ радтон. Уый фæ- хъуыста, фæхъуыста, стæй трубкæ æрæппæрста æмæ бынмæ згъорынмге фæци. Æз трубкæ фелвæстон, æмæ дын „Пш-ш-ш! Пш-ш-ш! Др-р-р! Др-р-р!", зæгъгæ, хъуысы. Æвæццæгæн, плас- тинкæ фæци. Æз та мæ уроктыл æр- бадтæн. Фæлæ та дын тилифон ныдз- дзæнгæрæг ласта. Æз трубкæ систон æмæ хъусын, уæд дын трубкæйæ куы райхъуысид: — Æуу! Æуу! Æуу! 59
— Гъей, зæгъын, куыдзы рæйд цы кæныс? — Уый æз нæ дæн. Уый Дружок дзу- ры демæ. Хъусыс, трубкæмæ дæндагæй .куыд лæбуры? 60
— Хъусын. Æз ын трубкæ йæ хæмхуттæм да- рын, уый та йæм дæндагæй лæбуры. — Трубкæ.куы нæ сафис. — Ницы хъыгдары,æфсæйнагæй у... Уауу! Фæлæбурдта мæм! Тагъд цæугæ! Æз дын фенын кæндзынæн, дæндагæй хæцын куыд хъæуы, уый! Афтæ дын, гъе! (Æуу! Æуу! Æуу!) Æмбарыс, дæн- дагæй лæбуры? — Æмбарын, зæгъын. Ногæй та дын мæ уроктыл æрбад- тæн. Уыцы минут та дзæнгæрæг. Си- стон та трубкæ. Трубкæйы цыдæр гуыв-гуыв цæуы: . — Гуывв-в-в, у-у-у! — Цæмæй гуыв-гуыв кæныс, цæ- мæй? — Бындзæй. — Уый та цавæр бындзæй?.. — Хуымæтæджы бындзæй. Æз æй трубкæйы дзыхмæ дарын, уый йæ ба- зыртæ цæгъды æмæ гуыв-гуыв кæны. Æгас изæр Мишкæимæ кæрæдзимæ тилифонæй дзырдтам æмæ алы дис- сæгтæ арæзтам: куы заргæ кодтам, куы 61
хъæр, куы богъ-богъ, куы æмму, суанг ма сусу-бусу дæр фæкодтам —алцыдæр дзы хъуысти. Мæ уроктæ æрæгмæ фæ- дæн æмæ хъуыды кæнын: „Цалынмæ не ’схуыссыдтæн, уæдмæ ма иу хатт ба- дзурон Мишкæмæ". Бадзырдтон, æмæ дын дзуапп нæй. » „Ай цы хабар уа? — хъуыды кæ- нын. —Ау, тилифон фехæла?" Ноджыдæр та бадзырдтон,—дзуапп та нæй! Цон, зæгъын, цы хабар у, уый базонон. Æрызгъордтон æм... Диссæгтæ! Иæ тилифон стъолыл лæууы, æмæ дын æй халы. Аппаратæй батарей систа, дзæн- гæрæг хайгай бакодта æмæ трубкæ æфтауын райдыдта. Фæлæуу-ма, зæгъын, тилифон цæ- мæн халыс? — Халгæ йæ нæ кæнын. Куыд арæзт у, уый фенон. Райхалдзынæн æй, стæй йæ фæстæмæ сараздзынæн. — Æнхъæл дæ, æмæ ма дын ба- комдзæн аразын? Уый зонын хъæуы. — Æмæ йæ æз нæ зонын. Цы зо- 1 нинаг дзы ис? 62
Трубкæ рафтыдта, цыдæр æфсæй- наджы гæбæзтæ дзы систа, стæй труб- кæйы мидæгæй цы тымбыл пластинкæ вæййы, уый зилын райдыдта. Пластин- кæ рахауд, æмæ трубкæйæ цыдæр сау порошок ракалд. Мишкæ фæтарст æмæ порошок фæстæмæ трубкæйы кæнынмæ фæци. — Федтай, зæгъын, цы бакуыстай, уый! — Ницы кæны, куыддæриддæр уы- ди, ныртæккæ йæ фæстæмæ афтæ са- раздзынæн. 63
Æмæ йæ аразын райдыдта. Фæцар- хайдта, фæцархайдта... Винтытæ — чы- сыл муртæ, ныззилынмæ сæм нæ арæх- сы. Трубкæ тыххæй-фыдæй сарæзта, æцæг ын дзы иу æфсæйнаджы гæбаз æмæ дыууæ винты уæлдай баззади. — Уыцы æфсæйнаджы гæбаз та кæцæй баззад? —фæрсын æй æз. — Гъер æз хæлиудзых нæ дæн! — фæкодта Мишкæ. Куыд мæ ферох. Ми- дæгæй йæ ныффидар хъуыди. Трубкæ ногæй халгæ æрцæудзæн. — Цæй, зæгъын, æз нæхимæ цæ- уын. Куыддæр срæвдз уа, афтæ мæм-иу ныдздзур. Ацыдтæн нæхимæ æмæ æнхъæлмæ кæсын райдыдтон. Æнхъæлмæ кæсын, æнхъæлмæ кæсын, фæлæ никуы æмæ ницы. Æз дæр схуыссыдтæн. Дыккаг бон æхсæвыцæстæй тили- фон ныззыланг ласта. Æз мæ хуыссæ- нæй айдагъ мидæггаг дарæсы рагæпп кодтон, трубкæ фелвæстон æмæ мæ хъæлæсыдзаг хъæр систон: — Хъусын! 64
Уæд дын мæм трубкæйæ æрбай- хъуыст: — Цæуыл хъох-хъох кæныс? — Ома куыд хъох-хъох кæнын? Æз хъох-хъох нæ кæнын, æз ныхас кæ- нын. — Ныууадз-ма дæ хъох-хъох! Адæй- маг куыд фæдзуры, афтæ дзур! —хъæр кæны Мишкæ. — Омæ адæймаджы хуызæн куы дзурын. Цæмæн хъуамæ хъох-хъох кæнон? — Цæй, æгъгъæд, хынджылæг ма- уал скъæр! Уæддæр мæ нæ бауырндзæн, агъуыстмæ хуыйы хъыбыл æрбахас- тай, уый. — Омæ дын нæ зæгъын, цæй хъы- был æрбахастон, зæгъгæ! —æрбамæсты йæм дæн æз. Мишкæ ницыуал дзырдта. Иу минуты фæстæ махмæ æрбалæу- уыд: — Тилифонæй хъыбылы хъох-хъох цы кæныс? — Ницы хъох-хъох кæнын. — Æмæ дæ исты нæ хъуыстон. 65
— Омæ цæмæн хъуамæ хъох-хъох кæнон, и? — Нæ зонын, — зæгъы. — Фæлæ мæ трубкæйæ цыдæр хъох-хъох цæуы. Цом- ма, кæд дæ нæ уырны, уæд æм дæхæ- дæг байхъус. Æз æцæгæйдæр ацыдтæн Мишкæ- тæм, тилифонæй йæм нæхимæ æрба- дзырдтон æмæ хъæр кæнын: — Хъусын дæм! Æмæ дын трубкæйæ: „Хъох-хъох! Хъох! Хъох!, зæгъгæ хъуысы. Æз хъуыддаг фембæрстон æмæ Мишкæмæ азгъордтон. Тилифон, зæгъын, фехæлдтай! — Цæмæн? — Хайгай йæ бакодтай æмæ дæ трубкæйы цыдæр фехæлди. — Æвæццæгæн дзы цыдæр йæхи бынаты нæ цæвæрдтон, — зæгъы Миш- кæ.—Дзæбæх æй саразын хъæуы. — Æмæ ма йæ ныр куыд сараз- дзынæ? — Дæ тилифон куыд арæзт у, уый фендзынæн æмæ йæ афтæ сараздзынæн. 66
— Æз дын мæ ти- лифон халын нæ ба- уадздзынæн! — Цæй, цæмæй йын тæрсыс? Дзæбæх æй райхалдзынæн. Уæ- дæ тилифон саразын нæ хъæуы? Æмæ аразын рай- дыдта. Цыдæртæ дзы архайдта, архайдта, гъестæй йæ афтæ „са- рæзта", æмæ дзы æппындæр ницыуал хъуысти. Хъох-хъох дæр ма нал кодта. — Цæй, ныр ын дарддæр цы кæ- нæм? — фæрсын æй æз. — Цы, уый зоныс, — дзуры мæм Мишкæ,—цом, кæм æй балхæдтам, уы- цы дуканимæ, кæд нын æй уым сцал- цæг кæниккой. Дуканимæ ацыдыстæм, фæлæ уым тилифонтæ нæ цалцæг кодтой, стæй сæ кæм цалцæг кæнынц, уый дæр нæ зыд- той. Бон-изæрмæ æнкъардæй фæрацу- 67
бацу кодтам. Уæд дын Мишкæ афтæ куы фæкæнид: — Гъер мах худæг не’стæм! Ныр цымæ телеграфæй цæуылнæ дзурæм? — Телеграфæй та куыд? — Куыд! Уымæй ма æнцондæр та цы ис! Тилифонæн йæ дзæнгæрæг ку- сы, нæ! Цыбыр дзæнгæрæг — стъæлф, дæргъвæтин дзæнгæрæг—тире. Азбукæ Морзе сахуыр кæндзыстæм æмæ кæрæ- дзимæ дзурдзыстæм! . Азбукæ Морзе балхæдтам æмæ йæ ахуыр кæнын райдыдтам: „А" —стъæлф, тире; „Б"—тире, æртæ стъæлфы; „В" — стъæлф, дыууæ тирейы... Азбукæ сæ- рæй бынмæ сахуыр кодтам æмæ дзу- рын райдыдтам. Раздæр нæ хъуыддаг сындæг цыди, стæй æцæг телеграфист- ты хуызæн фæцалх стæм: „тъупп-тъупп- тъупп!" —æмæ нæ кæрæдзийы æмба- рæм. Уый тилифонæй дзурынæй хуыз- дæр у. Фæлæ та афтæ дæр бирæ нæ фæдзырдтам. Иу райсом Мишкæмæ дзурын, æмæ фæстæмæ • дзуапп нæй. „Æвæццæгæн, зæгъын,нырма фынæй у". . Чысыл фæстæдæр ногæй бадзырдтон—- 68
æмæ та нæй. Бауадтæн сæм æмæ дуар бахостон. Мишкæ мæм ракаст æмæ аф- тæ зæгъы: — Дуар цы къупп-къупп кæныс? Куырм дæ? Æмæ мын йæ къухæй дуарыл кънрп- кæ амоны. — Уый та циу? — фæрсын æй. — Кънопкæ. — Цавæр? — Электрон. Ныр махмæ ис элек- трон дзæнгæрæг. Дæ бон дзы у пайда кæнын. — Кæм дын уыди? — Мæхæдæг æй скодтон. — Цæмæй? — Тилифонæй. — ’ Ома куыд тилифонæй? — Куыд вæййы, афтæ. Тилифоны дзæнгæрæг систон, стæй кънопкæ дæр. Тилифонæ.н йæ батарей дæр систон. Хъазæнæй æцæг дзаума рауад! — Ау, æмæ дын чи загъта, тили- фон фехалай? — рамæсты дæн æз. — „Чи загъта!" Æз мæхи тилифон 69
фехæлдтон. Дæууонмæ бавнæлдтон, миййаг? — Тилифон нын иумæйаг у, уый æмбарыс? Халгæ йæ кæндзынæ, уый æнхъæл куы уыдаин, уæд демæ тили- фон æлхæдтон! Тилифон ма мæ цæмæн хъæуы, искæмæ адзурæн мын куы нæ уа, уæд! — Æмæ тилифонæй цæмæы дзурæм? Исты, миййаг, дард куы нæ цæрæм. Бауай кæрæдзимæ æмæ ныхас кæн. — Мæн демæны- хас кæнын дæр нал фæнды! Смæсты йæм дæн æмæ йæм æнæхъæн æртæ боны не ’сдзырдтон. Фырæн- къардæй æз дæр мæ тилифон фехæлдтон æмæ дзы электрон дзæнгæрæг сарæз- тон. Æцæг Мишкæ- йыоны хуызæн нæ. Æз æй нывыл са- фæзтон. Батарей 70
дуары раз тæрхæгыл сæвæрдтон æмæ дзы къулыл ауагъ.тон телтæ электрон дзæнгæрæгмæ, стæй кънопкæмæ. Къноп- кæ дуарыл винтытæй дзæбæх ныззылд- тон, Мишкæйы кънопкæйы хуызæн уæгъд змæлд.куыннæ кæна, афтæ. Папа æмæ мæ мама æппæлгæ дæр ма ракод- той, ахæм хорз дзаума кæй сарæзтон, уый тыххæй. Электрон дзæнгæрæг сарæзтон, уый •адзурынмæ Мишкæтæм ныууадтæн. Дуары раз æрлæууыдтæн, кънопкæ цалдæр хатты балхъывтон—дуар гом- гæнæг нæй. „Кæд, миййаг, дзæнгæрæг фехæлд?" — хъуыды кæнын. Дуар хо- йын райдыдтон. Мишкæ мæм ракаст. Æз ын афтæ зæгъын: — Цы æрцыди дæ дзæнгæрæгыл, нал кусы? — Нал кусы. — Цæуылнæ? — Батарей фехæлдтон. — Цæмæн? — Æмæ-гъа, батарей цæмæй конд у, уый, зæгъын, фенон. — Æмæ, зæгъын, ныр куыд уы- 71
дзынæ— нал тилифон, нал дзæнгæрæг? — Ницы кæны, — ныуулæфыд Миш- кæ, — искуыдтæ уыдзынæн! Фæстæмæ нæхимæ ацыдтæн æмæ хъуыдытæ райдыдтон: — „Ныр, зæгъын, цымæ Мишкæ ахæм æнæхъола цæмæн фæци? Алцы дæр халгæ цæмæн кæны?!" Тæригъæд дæр ма йын райдыдтон. Изæры куы схуыссыдтæн, уæд мæ хуыс’- сæг кæдæмдæр фæлыгъд, хъуыдытыл схæцыдтæн: тилифон нæм куыд уыдис æмæ дзы электрон дзæнгæрæг куыд рауади. Гъёстæй электры тыхыл рай- дыдтон хъуыдытæ, батарейы куыд рав- зæры, стæй цæмæй. Адæм раджы ба- фынæй сты, фæлæ æз уыдæттыл сагъæс кодтон æмæ мæм хуыссæг æмгæрон нал цыди, æз дæр дын фестадтæн, цырагъ асыгътон, тæрхæгæй батарей райстон æмæ йæ райхæлдтон. Батарейы мидæг разындис цыдæр доны хуызæн тæнгъæд. Уым уымæл кодта хæцъилы тыхт сау къæцæл, бамбæрстон, электры тых уы- цы тæнгъæдæй кæй æвзæры. Куы æр- хуыссыдтæн, уæд минутмæ афынæй дæн. 72