Text
                    УЫРЫССАГ СОВЕТОН
ФЫСДЖЫТЫ
РАДЗЫРДТÆ
ХУССАР ИРЬШт.ОНЫПАДДЗАХАДОН РАУАГЪДАД ’
•СТАДИНИР * 1961


Алтов Г. СЫРХ ДИДИНÆГ Прометей. Æмæ чи дæ ды? Яæхх: Дæ мад дæн, Зæхх дæн. Шелли „ Ссæрибаргонд Прометей". Уый райдыдта, стъалыйон нау „Топаз" метеориты тæрк- уардæй куы фехæлд, йæ фæндаг аивын æй куы бахъуыд æмæ, чи хуыссы, уыцы стъалы Барнарды системæйы пла- нетæ Мотыл йæхи куы ’руагъта, уымæй. Ацы ран, рагон цивилизацийы згъæлæнты ’хсæн „Тоназы" капитан фыц- цаг хатт ссардта, Сырх Дидинæг ныв кæуыл уыд, ахæм обелиск. Уæдæй фæстæмæ стъалыйон капитантæ арæх æмбæл- дысты ахæм обелисктыл, уымæн æмæ-иу Моты планетæ- тыл цæрæг адæм миллион азты размæ дæр сæ наутыл цыдысты Стъалыйон Дунемæ æмæ бирæ планетæтыл æвæрд- той обелисктæ Оырх Дидинæджы цытæн. Каиитантæ-иу бакастысты уыцы обелисктыл сартæй къахт фыстытæ æмæ-иу, Зæхмæ æрыздæхгæйæ, дзырдтой Сырх Дидинæджы тыххæй. Дзырдтой-иу, зæгъгæ, Сырзс Дидинæг, полярон цæхæрау, алыхуызон æрттывтытæ кæ- ны æхсæв. Дзырдтой-иу, зæгъгæ, уыцы дидинæг дæс хатты фылдæр кæны адæймаджы тыхтæ, даргъдæр ын «æны йæ цард. Дзырдтой ма-иу ноджы, зæгъгæ, зæххыл зайæг женынень Сырх Дидинæджы цур ницы ахады, мæнæ алмасийы цур авг куыд ницы ахады, афтæ. Стъалыйон капитантæй нæ уыд ахæм, Сырх Дидинæг ссарынмæ чи нæ бæллыд. Фæлæ ничи зыдта, кæи æй
агурын хъæуы, уый. Ну хатт „Экваторы" капитан загъта; ахæм хъуыды, зæгъгæ, Оырх Дидинæг хъуамæ рæза^. стъалытæм хæстæг чи ис, уыцы тæвд планетæтыл. Капи- тан æнхъæл уыд, зæгъгæ, Сырх чи хуыйны, уыцы дидин- гуытæ зайдзысты тæвд атмосферæйы. Зынг кæм ис, уым змæлд дæр ис, змæлд кæм ис, уым цард дæр ис. „Экватор" дыууæ хатты баирвæзт Альтаир æмæ Про~ ционы стъалыты системæйы уæды уонг бæрæг чи уыд, уы- цы тæвд планетæтæм. Фæлæ дыууæ хатты дæрдзæгъæлы- Судзаг тынтæ кæй ныффæнык кодтой, уыцы планетæтæ уыдысты мард. Чи басыгъд æмæ чи ныскъуыдтæ, уыцк зæххыл ницы зад. Фæдæ та „Экватор" ногæй ацыд Лалан- дайы стъалыйы системæйы тæвд планетæйы æмæ ф^естæмæ~ нал æрыздæхт. Уæд дызæрдыгдзинæдтæ æвзæрын райдыдтой: уым агурын хъæуы Сырх Дидинæг, зæгъгæ? „Зодиакæйы" капитан, загъта: „Сырх Дидинæг хъуамæ зайа, сæ хуртæй чи адард, уыцы планетæтыл, уазал ран. Сырх дидинæг æрттивы, океаны мидæг кæсæгтæ куыд ферттивынц, афтæ. Уымæ гæсгæ йæ агурын хъæуы, æнусон æхсæв кæм вæй- йы, уыцы планетæтыл." Уый фæстæ-иу бирæ наутæ æрлæууыдысты, чи ныс- салд, уыцы планетæты их хæхтыл. Фæлæ уазал тары иу рухс дæр никуы æрттывта. Их нылхъывта планетæшæмæ- сыл зайæг хал никуы уыд. Рæстæг цыд æмæ адæм æууæндгæ дæр нал кодтой Сырх Дидинæджы тыххæй таурæгъыл дæр. Æрмæстдæр еуæд стъалыйон наутæй сæ иу ссардта, Сырх Дидинæг кæм. зади, уыцы планетæ. Нду хуынди „Прометæй". Уыцы рæстæджы науты дæр хуыдтой сæ капитанты номæй. Æмæ уый хорз традици уыди, уымæн æмæ Стъа- лыты Дунейы капитан æмæ науы цард иу сты. Зæгъæм, амард капитан, уæд науæн дæр æнæ фехæлгæ нæй, уы- мæн æмæ тæссаг рейсыты капитантæ уыдысты иугæйт- тæй,—æрмæст электроны машинæтæ ацыдысты экипажы бæсты. ^æдæ Сырх Дидинæг чи ссардта, уыцы капитаны хуыдтой Прометей. Дзырдтой, зæгъгæ, уый райгуырди, 4
Цроксим Киты стъалыйы системæйы карз планетæйыл адæм цы чысыл колоии сарæзтой, ууыл. Дзурынц дард- дæр, зæгъгæ, Прометей зæхмæ фыццаг хатт дæр æрыфтыд ссæдз аздзыдæй. Науы уынгæг рубкæйы бирæ азтæ фæугæйæ, уый федта Зæхх: дымгæйы бын змæлæг цъæх хъæдтæ, фæлмæн бæлонгъуыз арв, æнусты дæргъы къæ- дзæх доныл океаны зæронд улæнты цыд æмæ унæр... уый бамбæрста, зæгъгæ, стъалыты æхсæн—æгæрон тыгъдадæй дæр зæххы иуыл къаннæг гæппæлыл фылдæр цард æмæ рæсугъддзинад ис. Мæлдзыг, ризгæ чи кæны, уыцы кæр- дæджы халыл, æртæхы æртах цъæх сыфтæртыл, дуры бын хъæлхъæлгæнаг суадон,—æппæт адон, хъусын æмæ уынынмæ æвзыгъд чи у, уыцы адæймагæн æнæхъæн дуне сты. Прометей бауарзта Зæххы. Æвæццæгæн поэт дæр уы- мæн сси, уымæн æмæ адæймаг æмдзæвгæтæ нæ фысдзæн, кæд æмæ уый нæ уарзта æмæ нæ зона зæххы рæсугъд- дзинад, уæд? Прометей уарзта Зæххы. Фæлæ уыд капитан æмæ-иу арæх цыд стъалыты Дунемæ. Нау цыди стъалытæм, æмæ антеннæтæй скъуыдысты æмæ тахтысты æгæрон тар тыгъдады, Прометей кæй æрымысыд, уыцы тыбартыбур- гæнæг æмдзæвгæтæ. Уыдон зæрдиагæй ахстой Зæххыл, уымæн æмæ Зæххыл куыд уыд тыхджын æмæ рæсугъд ядæймæгтæ хъæзныг æмæ нæртон зæрдæтимæ, ахæм адæй- мæгтæ уыд Прометейы æмдзæвгæты дæр. Зын дзурæн у стъалыты Дунейы Зæххимæ: радиоулæн- тæ ахуыссынц, магнитон цыд сæ ныппырх кæны, хуры тынтæ азылынтæ вæййынц. Цыбыр сты зæххимæ баст- дзинады æмгъуыдтæ. Уымæ гæсгæ стъалыйон капитан- ты æхсæзæм фæдзæхст дзурыны бар нæ дæтты, кæд æмæ* уый æнæмæнгхъæуæг нæ уа, уæд. Фæлæ Прометейæн, æппæт капитанты фæндонмæ гæсга\ бар лæвæрд æрцыд, куы йæ фæнда, уæд адæмимæ ныхас кæнæд, зæгъгæ. Уый поэт у. Стъалыйон Дунейон æгæрон æрфæнтыуыйцытæ федта, уыдон бирæтæн сæ бон нæ уыд æмæ сæ феной. Зæххыл рагæй зыдтой: аивд æмæ сагъæс зонады разæй цæуынц. 5
Цæуынц фантазийы базыртыл уырдæм, цыранмæ зондæв нырма вæййы зын бацæуæн. Стъалыйон капитанты ’хсæн Прометей уыд иунæг поэт,. æмæ уыимæ уый ссардта Сырх Дидинæджы. Дзырдтой, зæгъгæ, уый уыди афтæ: Иу хатт даргъ æмæ зын атахты фæстæ Прометейы нау æрбахæстæг стъалы Фериданмæ. Уый уыди чысыл стъалы^ хуры хуызæн. Фериданы системæйы разынд фараст пла- нетæйы, нæ хуры системæйы куыд сты фараст, афтæ. Аст планетæйы дзы уыдысты æдзард. Фарастæм-г-иуыл стыр- дæр планетæйы алыварс уыд ионизацигонд, мигътæй æмы- дзаг чи уыд, ахæм атмосферæ. Прометей ацы планетæйы схуыдта Зевс, уымæн æмæ Зевс у хуры системæйы иуыл* стырдæр планетæ—Юпитеры æндæр ном. Уыцы рæстæджы æндæр планетæйыл æрбадын мæлæтьг тасы хъуыддаг уыд. Ионизацигонд атмосферæйы-иу лока- тортæ над скуыстой, оптикон прибортæ-иу бæзджын мигъ- ты ницы уыдтой. Науæн фехæлæн уыд мигъы бьш цæ- вæг хохыл, йæ бон уыд æмæ ныххаудтаид æхсидгæ океаны, нынныхстаид æндæдзаг цъыфы, хус змисы. Прометей нæ- уыдта, цæстæнгас кæм нæ хызт, Зевсы уыцы атмосферæ- йы æтте ма цы ис, уый. Æрмæст прибортæ фенын код- той: планетæйы массæ стыр у, зæххæй цыппар хатты уæззаудæр кæны йæ уæлцъарыл уæзаг. Нау сабыргай цæуын райдыдта æнæзонгæ планетæйьг атмосферæйы. Прометей йæ афтæ здæхта, цæмæй бацыд^ид экватормæ, уымæн æмæ стъалыйон капитанты дыккаг фæдзæхсты дзырдæуы: „уæ наутæ æруадзут сабыргай æрмæстдæр экваторыл, уымæн æмæ ацы ран центры цæуаг тых сыдых кæны зæхмæ æлхъивынад æмæ науæн йæ бон у æнцонæй аздæха фæстæмæ, Стъалыты Дунемæ. Змæлынгæнджыты дюзатæ рызтысты. Нау йæ цыд сабыр кодта, планетæйы уæлцъармæ хæстæг кæнгæйæ. Бæзджындæр кодта атмосферæ. Науы ныхмæ сæхи тыд- той тæвд уæлдæфы уад-дымгæтæ. Прометей уыдта, лока- торты экрантыл ирд тæппытæ* кæй сбадти: уый Зевсы уæлцъарыл бирæнымæц вулканты цæхæр уыд. Арæх æрвæрттывдтæ электронджын кодтой атмосферæйы, æмæ 6
цас ныллæгдæр цыд нау, уыйас локаторты экрантыл æттаг дуне зынд тардæр æмæ бæрæгдæрæй. Æрмæстдæр иу уысмы бæрц фæирд дардмæуынаг локаторты экран- тæй сæ иу æмæ Прометей федта, экваторæн цæгаты ’рды- гæй, вулканы бынмæ, æрттывтытæ чи кæны, ахæм дидин- гуытæ. Æмæ кæд экран уайтагъд амбæрзтой тыбар-тыбур- гæнæг цæхæр гуылфæнтæ, уæддæр Прометей базыдта— уым рæзынц Сырх Дидингуытæ. Прометей разылдта йæ нау экваторæй цæгаты ’рдæм, Сырх Дидингуытæ кæм задысты, уыцырдæм. Прометей зыдта, кæй фехæлдта стъалыйон капитанты дыккаг фæ- дзæхст, йæ реактор кæй нал сфаг уыдзæн стæхынæн. Зыдта, йæ нау кæй нæ уал атæхдзæн тæссаг планетæйæ. Фæлæ Прометей куы тахт, уæд адæмæн загъта кæй æрхæс- дзæн Сырх Дидинæг. Йæ бон уыд фæстæмæ аздæхьш? Нау æрбадт къул æмæ къæдзæх вулканы бынмæ. Къæ- дзæхæй цыд саха сырх-бур бынæй, дыууæ цæугæдонау. Тынг тæвд сахаты æхсæн, фæныкæй чи ныссау, уыцы тигъыл сытъди, цæхæр калдта Сырх Дидинæг... Ныр уыдон, уыцы сырх Дидингуытæ Зæххыл бирæ сты. Мах сыл фæцайдагъ стæм. Фæлæ нæ уæддæр дисы æф- тауынц. 0, стъалыйон капитантæ кæддæр цы фыстытæ бакастысты, уыдон раст дзырдтой: Сырх Дидинæг адæй- маджы тых дæс хатты фылдæр кæны, рухс ын кæны йæ зонд, дæтты йын бирæ цард. Уарзæгой лæппу, цыхас кæ- ныны бæсты, чызгæн уый тыххæй нæ фæдæтты Сырх Дидинæг? Хуыздæр бæрæгбонтæ нæ фæлындзут Сырх Дидингуытæй? Уыдон мидæг судзы, раджы, кæддæр адæймагæн стыр тых чи радта, ахæм арт. Уарзондзинады Арт... зонды Арт... царды Арт. Зæгъынц, зæгъгæ, Прометей Сырх Дидинæг куы стыд- та, уæд фыр цинæй фыццаг хатт йæ бон нæ баци æмдзæв- гæтæ сфæлдисын, æрмæстдæр ма чысыл фендæргъуызон кодта, уый размæ цы загъдæуыд, ахæм æмдзæвгæтæ: Ты можещь, Зевс, громадой тяжких туч Накрыть весь мир, Ты можешь, как мальчишка, Сбивающий репи, 7
Крушить дубы и скалы, Но ни земли моей Ты не разрушишь, Ни корабля, который не тобой построен, Ни этого цветка, Чей животворный пламень Тебе внушает зависть. Цæхæр сахайы зыд æвзæгтæ стæрдтой айнæг, æмæ бырыдысты науы стыр фæрстæм. Фæлæ Прометей уæдмæ йæ къух æрывæрдта нау разил-базилгæнæн мæцъисыл. Æрвнæрды хъæр нымæгкæнгæйæ, суасыдысты дюзатæ. Нау йæхи айста уæлæмæ, арвы цæхæртæ кæй лыг кодтой, уыцы арвмæ. Æмæ рæстмæ нал зындысты арвы æрттыв-, тытæ, хъомысджын дюзæтæ цы ирд цæхæр калдтой, уыдон цур. Сырх Дидинæг Зевсæй адавдаэуыд! Фæйæ стыр фыд æнхъæлмæ каст Прометеймæ. Науы бон нæ уыд Стъалыйон Дунемæ аирвæзын. Тагъд рафтыд реакторы энерги. Æлхъивыны æнæуынгæ рæхыс- тæ нылхъывтой науь!, ныббастой йæ планетæмæ æмæ дзы спутник сарæзтой. Афтæ Зевс йæ маст райста Прометейæ. Дзурынц, зæгъгæ, мин азты размæ адæм æрымысыдыс- ты, Прометейы-поэты æмæ стъалыйон капитаны историйы хуызæн чи уыд, ахæм миф. Дзурынц ноджы, зæгъгæ, уыцы мифы, хуыцауæй зынг чи раскъæфта æмæйæ адæ- мæн чи радта, уый баст æрцыд къæдзæхмæ. Æгæрæстæ- мæй бæлвырд кæнынц, зæгъгæ, зынг адавæг хуынди Про- метей. Ницæйаг æрымысындзинад! Гæнæн ис æмæ адæмæн зынг чи радта, уыдон æй ныууагътаиккой ахæм æнамонд уавæры? Уыдон растадаиккой хуыцауы ныхмæ. Адæ- мæй тыхджындæр чи хъуамæ уа? Зæххыл цы станцтæ уыд, уыдон антеннæтæ райстой, Прометей кæй фехъусын кодта, уыцы æнамонддзинады зонæнтæ. Æмæ уыцы сахат зæххы станцтæ, Стъалыйон- Дунейы алы хæйттыл цы наутæ уыд, уыдонмæ фехъусын кодтой бардзырд: „Æххуысмæ!" Бардзырдхæссæг радио- улæнтæ науы антеннæйыл куыддæр аныдзæвдысты, уыцы 8
уысмæй фæстæмæ капитан, кæм фæнды дæр нæ уыдаид, фыццаджы дæр хъуамæ ахъуыды кодтаид Прометейы фервæзын кæныныл. Ахæм уыд бардзырды мидис. Уый фæстæ зæххы-станцтæ фæсидтысты Зæххы æппæты кæрæтты цæрæг адæмтæм. Уыцы сахат зæххыл, науæд та æндæр планетæйыл цæрæг алы адæймаг дæр хъуамæ Прометёйы фервæзын кæныны тыххæй сараза, цы йæ бон у, уый. Æппæт адæймæгты, зонд, сæ ахуырад, фæлтæрд- дзинад, ныфс æмæ тых баиу сты. Афтæ сывзæрд Ферида- ны стъалымæ бабырсыны нывæзт. Æхсæз хъомысджын науы эскадра ацыд Стъалыйон дунемæ. Науты бортыл уыдысты иуыл хъаруджындæр капитантæ, иуыл фæлтæрддæр штурмантæ, иуыл дæсныдæр инженертæ. Зæххæй раздæр цы наутæ ацыд, уыдон капи- тантæ тындзыдтой эскадрæйы размæ, цæмæй йын радтой сæ реакторты энерги. Энергийæ фæсауæрцтæ баххæст кæнгæйæ, эскадрæйæн йæ бон уыд æмæ цыдаид, уæды онг куыннæ ма цыдысты, афтæ тагъд. Эскадрæйы уыди æхсæз науы. Дыууæ дзы баджиз- дард сты æмæ фæстæмæ аздæхтысты зæхмæ. Иннæ цып- пар науы цыдысты размæ. Фæлæ уыдонæй дæр дыууæйæн сæ бон нæ баци Ван-Мааненаы стъалыйы цур магнитон быдыр басæттын æмæ сæ бахъуыди уыцы стъалыйы сис- темæйы планетæйыл æрбадын. Чи ацыд, уыдонæй иу фæс- те баззад. Наутæй фæстаг хатт чи ацыд, уый эскадрæ- йы тырыса сдардта æмæ бафтыд стъалы Фериданмæ. Науы тагъд цыд зынæй æруромгæйæ, уый бацыд пла- нетæ Зевсмæ æмæ радта йæ реакторы хъомысджын энер- ги Прометейы науæн. Æлхъивынады рæхыс атонгæйæ, дыууæ науы атагтэд кодта Стъалыйон Дунемæ. Сæ размæ тахтысты æндæр наутæ. Æмæ сын хастой, цы энерги ма оæм баззад, уый. Афтæ ссæрибар Прометей. Зæхмæ цæугæйæ, уый мастисæг планетæ Зевсæн загъта: Вот я—гляди!Я создаю людей, Леплю их 9
По своему подобию, Чтобы они, как я, умели Отрадать и плакать, И радоваться, наслаждаясь жизнью, И презирать ничтожество твое, Подобно мые! Уый уыд поэт, уый Зевсæй адавта Сырх Дидинæг* адæмы тыххæй. Уымæн уыд афтæ зæгъыны бар. Чидæриддæр Стъалыйон Дунемæ æбæрæг фæндæгтыл цæуы, адæмы тыххæй сгуыхтдзинад аразы, уыдон иуыл- дæр бахъуыды кæнæнт, Зæхх сын кæй баххуыс кæн- дзæн, кæй сæ никуы ныууадздзæн. Баку. 10
Беляев Вадим ЗÆРÆДТÆ Ам уынгтæ стыхъæды уаццæгты хуызæн,—писийы тæф а?мæ уалдзыгон хурæй æфсæст. Назтæ æмæ нæзытаз фев- вахсдæр кæнынц фæндагмæ; сæ фæстæ, аууоны æрын- цадысты ахуырст хæрзарæзт хæдзæрттæ. Бæлæстæ фæ- тæфстысты мартъийы хурæй. Уый йæ зæрин тынтыл би- рæ рухс хæссы æмæ миты тæнтъихæг буары ныхсæгау кæнынц, фенæн кæмæн нæй, ахæм лыстæг судзинтау. Мит фæивта йæ хуыз, схырыз æмæ та#ы. Ранæй-рæтты, тæбæ- гъау, æмдымбыл дзыхъхъытæм митдон лæдæрсазнгсæнгæ æмбырд кæны хъæды алыхуызон лыстæгбырæттæ. Сазрды- гон улæфты рæстæг нæма æрбалæууыд æмæ амыты ныртæк- кæ æгуыппæг, сабыру. Йæ лæдзæджы æнцæйтты фæндаг- фæндагразмæ къахдзæфтæкæнгæ тындзæгау кæны базрзонд зæронд лæг. Уый афтæ фæтæн уæхск æмæ бæзазрхыгтæ нæу, цас уæззау æмæ фездыхсын нæ фæразы. Йæ къæх- ты тъæпæнтæ чысылтæ мыййаг не сты, йæ дынджыр сæ- рыл, суанг йæ халас æрфгуыты онг, арф æркодта бæз- джын сгæлладæй кепкæ. Зæронд лæджы аууон цæуы фæндагыл цæхгæрмæ æмæ афтæ зыны, цыма уый дæр уазз- зау æмæ хъуынтъыз у. Зæронд лæгæн æнцон нæу æггуырсын уалдзыгон бур- бурид цъыфджын, æрттиваг фæндагыл, уæддæр тыхулæфт- кæнгæ цæуы. Мæнæ фæцæйбырыд, йæ даргъпалтойы фæт- джитæ фæйнæрдæм ныппапаристы, айста размæ йзе уæз- зау къæхтæ, йæ лæдзæгæй асгæрста йæ алыварс æмæ та фæфидар. Стæй йæ дзыппы къуымæй тагъдгомау сласта ^
хосы чысыл авг. Сцагъта йæ, йæ къæрмæг ын асæрфта йе ’взагыл æмæ алæууыд æнцад, æвæццæгæн, йæ зæрдæйы рыст фæлæууын æнхъæлæй. Йæ бурбын цæсгом здæхт у хуры ’рдæм æмæ йыл цæппузыртау хъазынц аууæттæ; фæлурс къухты фæтасæнтæ зур-зыр кæнынц æмæ змæлын кæнынц лæдзæджы. Ахæм зæронд лæджы иунæгæй ничи рауадздзæн фæн- дагыл, фæлæ ацы хивæыд йæхицæн саразинаг хъуыддæг- тæ агуры. Адæймæгты тыххæй куы мæт кæна, уæд ын цæрын æнцондæр у. Зилы фæсгорæтты æмæ $гуры, сæр- ды бонты йæ бинонтæ кæм баулæфой, ахæм дзæбæх дача. Фæнды йæ: улæфæн бынат дæр горæтмæ æввахсдæр куы ссарид, цæмæй йæм йæ сывæллæттæ тагъддæр цæуой фæскуыст, цæугæдонмæ, хъæдмæ хæстæгдæр цы ран- уа, тæккæ дæр дачатæ зынаргъдæр кæм ой, ахæм бынаты. Афтæмæй æхца дæр зæронд лæгмæ бирæ нæй. Фенцад йæ зæрдæйы рыст. Уæддæр зæронд лæг не ’ггуырсы йæ бынатæй. Æнхъæлы, зæгъгæ, йæ низ нæма æрсабыр, ныйивæзт дзы, лыстæг æндахау, тъæнтъихæг нуар æмæ, зæгъгæ, чысыл æфсон йедтæмæ нæ хъæуы йæ аскъуынынæн, фæлтау хуыздæр уыдзæн банхъæлмæ кæ- сын. Йæ палтойы риуы дзыппыты æрысгæрста йæ пае- иорт. Бæрæгдæр æй уый тыххæй кæны æмæ кæй ахъуыды кодта мæлæтыл. Нæ, уый йæхи тыххæй нæ тыхсы, фæлæ мыййаг цы нæвæййы, куы ахауа æцæгæлон, æнæзонгæ бы- наты, уæд æй адæм йæ паспортæй уайтагъд базондзысты кæмцард æмæ йæ куыд, цы хуыдтой. Æппынфæстагмæ хъæрæй йæхицæн загъта: — Цæугæ, дада! Йæ зæрин тынтæ нывæндгæ бæлæсты ’хсæнты ленк кæны æмæ æрттивы хуры цæст. Тыбар-тыбурыл схæцыд цъæхбарц æмæ чъиуфарс назхъæд. Станцæйы ныййазæлы тæфласы уасын. Йæ хъæрæй схъæлдзæг сты уасджытæ æмæ хъи- хъри кæнынц сæ хъæлæсы дзаг. Диссаджы райдзаст, фæлмæнбоныгъæдскодта л?мæ аууæттæ лæзæрынц митыл. Стæм хатт зæронд лæг фæуромы йæ цыд, акæсы бæ- лæсты уæлеты æмæ йæ фæтæн цæсгомыл фæзыны лæгъс- тæгæнæг æмæ худæджы æнгас. Иу дзырдæй, цыма фæл- 12
гæсы йæ цæсты раз уæрæх æмæ парахат боны рæсугъд- дзивадмæ нæ, фæлæ цавæрдæр чысыл, зæрдæагайынгæнæг цæмæдæрмæ. Уынг, куыд дарддæр фæйнæрдæм уæрæхгæнгæ, лæгъз миты бын айтынгнс донырдæм. Доны былтæ раиæй-рæт- ты сбæгънæг сты, зыны сæ сырх змис. Зæронд лæджы зæрдæмæ тынг цæуы ацы бынат, цæуынц йæ зæрдæмæ арвы хъæбысмæ сныхсæг тыбар-тыбургæнæг папари хих нæзытæ, къæдз-мæдзы цæугæдон æмæ йæ бæрзонд, сырх змисхæццæ донбылгæрæттæ. Уый йе ’дзынæг ца*с- тытæй агуры, æввахсдæр хæдзæрттæй рæсугъддæр кæцы у, уый. Йæ хъусдард ын аздæхта иу къаннæггомау хæ- дзар—бæстон арæзт цыбыр лыг фæйнæджытæй. Хæдзар ахуырст у æрвгъуыз ахорæнæй. Иу фарсырдыгæй йыл баныхæст, йæ рамæтæ ист кæмæн сты, ахæм дæргъæццон цыппæрдигъон парник. Уый йæ тæккæ йедзаг у цыхтыты хуызæн миты тымбыл къуыбæрттæй. Йæ уæладзæнтæ сты æмхуызон лæгъз æмæ ахуырст. Хæдзар лæууы... иæ урс трубаимæ, сывæллоны хъазæны хуызæнæй. Зæронд лæджы зæрдæмæ фæцыди æрмæстдæр ацы хæ- дзар. Уый æнæмæнгæй ам фæнды цæрæнуат баххуырсын æмæ рагацау тыхсы, тындзы хæдзармæ, йæ лæдзæгæй йæхи ссонæгау акæны, тыхулæфт кæны,— мыййаг дзы куы нæ разына сæрибар уæттæ? Хъавгæ-хъавгæ къахдзæфтæ кæнгæ схызти хæдзары дæлбазырмæ æмæ бакъуырцц-къуырцц кодта дуар. Ничи йын дзуапп дæтты. Зæронд лæг фæлвары дуар бакæныныл, дуар байгом æмæ уый бахызти алыхуызон мигæнæнтæй йемыдзаг тыргъмæ. Туаг кабускæ æмæ фæтæгены тæф кæны ацы ран. Зæронд бахоста дыгскаг дуар, банцад ьтл æмæ бамидæги хæринæгаразæн уатмæ, Чъырæйцагъд урс пецы ныхмæ, къуымы, йæхи арæзт бæстон лæгъзцъарджын къæлæтджын бандоныл бады, иæ мæллæг уæрджытæ рацъупп кæнгæйæ, зæронд лæг. Уый æппындæр нипæмæй у æрбацæуæг зæронды хуызæн. Ай мæллæг æмæ тæнтъихæг, кадавар; цыргъфындз æмæ, кæд йæ риуы стæг бæзджын хæдонæй æмбæрзт у, уæддæр- размæ ракъуыппи уасæджы риуау. 13
Хæринагаразæн уаты хъарм у, фæлæ зæронды сæры конд ис уæлдзарм худ, йе уæхсджытыл—ног бæмбæдж- джын, йæ къæхтыл та—валенкæтæ æмæ уыдоныл пæлæхсар къалоштæ. — Байриай, хæлар!—зæгъы йын æрбацæуæг.—Сымах уыдзыстут ацы хæдзары хицау? Къæлæтджын бандоны бадæг зæронд лæг ныллæг, фæсусгомау хъæлæсæй дзуапп дæтты афбацæуæгæн: — Хæдзары хицау æз дæн. Сымах та цы хъæуы? Фысымы æмсæрфт, æнæтуг уадулты æмбæрзынц фæ- ныкгъуыз хъæбæр хъистæ, æрмæст уадулты стджыты тæк- кæ цыргъытыл зынынц дыууæ сырх стъæлфы. Йæ цæс- тытæ сты афтид, æдзард, мæрдонгъуыз. Фысымы ахаст цыма ууыл дзурæг у, зæгъгæ, хæдзары æппындæр сæрибар уæттæ нæй.—Æгæр куыдфæндыйæ æвдисы йæхи. Æрбацæуæг тыхсгæ кæй кæны, уыйзыны йæ фезмæлдтытыл дæр. — Æз цæрæнуат агурын сæрдмæ, чи зоны ссарат мын?— дзуры йын лæгъзтæгæнæгау.—Мах æвзæр дачниктæ не стæм, афойнаднл фид^ем... — Куыннæ мæм ис, æгæр дзæбæх уат дæр ма у,— зæ- гъы фысым ахæм хъæлæсы уагæй, æмæ цы дзуры, уыцы хъуыды йыл æппындæр нæ фидауы. Хæдзары хицауы цы- ма зæгъын фæнды: „Махмæ ницахæм уæта:æ ис, цы дыу- уæрдæм кæнут æнæсæрфатæй?" — Фенæм сæ? Хæдзары хицау йæ валенкæтæ рахаф-бахаф кæны къæ- лæтджыны бын, стæй æвæндонæй сысты баидонæй. Хæ- ринагаразæн уатæй мидæггаг уæттæм ис дыууæ дуары. — Мæнæ уый!—дуæрттæй сæ иу бакæнгæйæ зæгъы хæдзары хицау. — Цæрæнуаты тьтххæй мæ фыдгул гæды зæгъæд. Уæрæх у, ис ын æртæ фæрссаджы, хицæн бацæуæн. Йæ къултæ уардигъуыз нывæфтыд фæлыст, æмæ афтæ æнхъæлдæуы, цыма дзы уæлдæф у рог, тæвд. Хур лæууы тæккæ фæр- сæгты æтте æмæ ног ахуырст полыл, æрттивгæ гæлæбу- тау, сæхи æруагътой хуры рæдзæ-мæдзæгæнæг нывæф- тыдтæ. 14
Æрбацæуæг уайтагъд райдайы тыхстæзмæлд, йæ къух- тæ тилын. Дзуры, зæгъгæ, цæрæнуат æвæджиау хорз у, #мæ, зæгъгæ, уынджы ма куы уыд, уæддæр æй бафип- иайдта. — Гъеныр,—дзуры хъæлдзæгæй, æппындæр пайдайаг нæу цæрæнуатæй æппæлын, фæлæ дзы мæ бон æнæ рап- ?пæлын нæу, мæхирдæм пайдайаг ныхас нæ зонын. Æрбацæуæг зæронд лæг арæхстгай рацу-бацу кæны цæрæнуаты, цæмæй ма ныллæууа хуры тынтæй нывæф- тыдтыл—афтæ сыгъдæгæй зынынц пъолы уæлæ æмæ фырхъæлдзæгæй йæхиимæ дзурыйыл фæци, зæгъгæ, ацы ран хуыздæр сарæхсдзæн Евдокия Петровнæйы сынтæг, уый та уыдзæн Женькæйы къуым, уым—Валентинæйæн, æмæ кæд хуыцауы бафæнда, уæд æрцæудзæнВовочкз&дæр æмæ йын æрывæрдзыстæм тухгæ сынтæг. Уыдæттыл мæткæн- гæйæ дзы нæ ферох ис, зæгъгæ, сабатбоны сæ сыхæгтæ горæтæй ардæм аулæфынмæ куы ’рцæуой, уæд се ’ппæты дæр пъолыл схуыссын кæндзæнис... Æмæ ахæм пъол’ æхсын та йæхæдæг удыбæстæ уыдзæн! Зæронд лæджы цæсгомыл уайтæккæ æрбайсæфт йæ хъæлдзæгдзинад. Сындæггай йæхи æруадзы бæстон ах- уырст фæхсбандоныл, йæ лæдзæджы кæрон, цæмæй дзы •ахуырст пъол ма фæхъæн кæна, уып тыххæй йæ æрфидар кодта йæ къахы уæлфадмæ, йе стыр батинкæйы дзуарæ- вæрд бæттæнтæм. Йæ базыхъ къухтæ.зыр-зыргæнгæ æрын- цадысты йæ лæдзæджы сæрыл. Йæ царды фæлтæрддзи- над ын æмбарын кæны: зæрдæмæ æгæр тынг цы фæцæуа, уый фаг не сты де ’хцатæ, дæ фадæттæ. „Гъеныр цы дæ •быцъынæг скъуыныс, цы схъæлдзæг дæ, зæронд дымæг!" — хъуыр-хъуыр кæны йæхицæн. Хæдзары хицау æрбацæуæгмæ кæсы æнæууæнк, фыд- зæрдае цæстæнгасæй. — Се ’нпæтæн куы ссардтай бынæттæ, куы сæ байуæрс- тай... Æмæ дæхицæн цæуылнæ бацагуырдтай,— фæрсы йæ. — 0,—дзуапп дæтты æрбацæуæг,—о, дæ хорзæхæй! Фæзынд та йыл йæ тыхстдзинад. Уайтагъд систа йæ хос æмæ авджы къæрмæг стæрыныл схæцыд. 15
— Дæ сæр риссы?—фæрсы фысым. Йæ хъæлæсы уаг фæрæвдздæр. — Зæрдæйы хос... — Гъе, уый дæрæвзæру!—зæгъы хæдзары хицау.—Мæ- нæн, зояут, мæ сæр риссы,—дзуры уый æмæ йæ худ ас- сыдта къæбуты ’рдæм.-—Æра^джы абанайы уыдтæн, мæхи ахъаззаг снадтон. Рацæй дын цæуын æмæ мæ хъустыл ауад мæ сæры тенкайы цыдæр къæрцц! Къухтæй, къæх- тæй ма архайын, ,фæлæ размæ аггуырсын мæ бон нæу!.. Адæм дзурынц, зæгъгæ, дам, уый уыцы бæстæйæ фæсидты нысан у. Æмæ йæ æз мæхæдæг дæр хорз хатын—ацы бæс- тæйæ нæу! Ныр хæдзары хицау фæныфсджындæр, æрбацæуæг та уæнгмард, æгуыппæгæй бады, цыма уый размæ фысым куыд бадт, афтæ. Æрмæст æрбацæуæджы цæстæнгас аф- тид нæу, ис сæ рыст фæлæууынмæ æнхъæлцаудзицад. — Гъы, бадыс, æрцардтæ!—тæригъæдгæнæгау æвимæс- тæймарæгау дзуры фысым. Фæнды йæ йæ уазæджы схъæл- дзæг кæнын. Хæдзары хицаумæ царды ис йæхи фæлтæрд- дзинад. — Цæрæнуатæн стыр аргъ не ’ркурдзынæн,—- зæгъы- уый.-—Хатæн, уæхæдæг æй уынут, егъау æмæ райдзаст у: йæ къултæ бæстон арæзт, хицæн бацæуæн ,æм, нæй дзы хъæды сыстытæ, æрдзы рæсугъдд;Лшадæй—æфсæст,. дукани йæм æввахс.^Ай хуызæн дачæ тагъд не ссардзы- нæ, бирæ ма ахилдзынæ поселочы уынгты!.. Фатеры мызд загъта æмæ ныр æнхъæлмæ кæсы, æрба- цæуæг ын цы. зæгъдзæни, уымæ. Мызд, æцæгæй дæр, уый бæрц уæлийау нæу. Уымæй хъавыд æрбацæуæджы зæр- дæ балхæнынмæ хæдзары хицау. Æмæ ахæм аргъ та би- рæ фылдæр у, горæты домоуправленимæ фатеры фидтон цас æхца бахæссынц, уымæй. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, дачæйы хицæуттæ сæ цæрæнуæттæн аргъ кæнынц сæ ас æмæ сæ бынатмæ гæсгæ, дачæ æххуырсджытæн сæ бон цас у, уый нæ нымайгæйæ. Ацы цæрæнуат иннæтæй зынаргъдæр нæу, фæлæ зæронд лæг кæмыты федта, уы- донæй сеппæтæй дæр хуыздæр у. Йæ ран райдзаст, цæу- гæдон; хус донбылгæрон, йæ алыварс иуыл диссаг ца~ 16
вæрдæр нæзы бæлæстæ, дæлыйæ сæ зæнгтæ сты тарбын балгъуыз, уæлейæ—æрхуыгъуыз, хъæлдзæг. Фæлæ æрба- цæуæг аххосджынау фæйнæрдæм акæны йæ къухтæ. — Нæ, уый бæрц не сфæрæз уыдзæн!—зæгъы æргом хъынцъымкæнгæйæ,— сабитæ æмæ мын фырты фырттæ би- рæ ис Мызд нæм мызды не ’ййафы... Мардырцыды хъуыд- даг. — Мардырцыд зæгъыс? Æ!мæ иннæмæй, æхца фыл- дæр кæмæ ис, уыдон хорз дачæтæ нæ хъæуы зæгъыс?-— срæцыгъта хæдзары хицау.— Баххуырсдзысты йæ æндæр- тæ, махæн хъауджыдæр нæу... — Ай, ай!—уайтагъд сразы æрбацæуæг.—Æрмæст æн- дæртæн агурын æнцондæр, рæуæгдæр уыдзæн... Цу дæ зæрдæйы фæндиаг иу хæдзарæй иннæмæ, агур! Мæнæн та мæ къозыртæ фесты. Станцæйы онг ма истыгъуызты куы ныхæццæ уаин, уæд!.. Фысым æрбацæуæджы хоны хæдзармæ, зымæгон хатæн- мæ, цæмæй дзы йу чысыл æрулæфа, уый тыххæй. Зæ- рæдтæ ахызтысты хæринагйразæн уаты фæрсты. Сæ дыу- уæ дæр сæ къæхтæ æнæбары хафгæ цæуынц. — Æмбарын дæ, нæ фæкъаддæр кæндзынæ аргъ,—зæ- гъы æрбацæуæг,—фæлæ ма дæ бафæрсдзынæн, цæмæй йæм мæ зæрдæ мауал æхсайа: нæ йæ фæкъаддæр кæндзы- нæ? Хæдзары хицау йæ къух тилыныл фæци: „ Ахæм дачæ афтидæй нæ баззайдзæн, кæй фæнда, уыдон сæхæдæг батагъд кæндзысты... Кæд дæумæ æхца цъус и, уæд дæ- хицæн агур сарагонд исты. Иуæй-иу хæдзары хицæуттæ ма, æгæрстæмæй, се скъæттæ сæрдмæ дачатæн дæр ба- цæттæ кæнынц". Зымæгон цæрæнуат йе ’мыдзаг у хъæдын дзаумайæ. Уый дын зетигъуыз æнгуз скъапп, йæ уæлæ газеты бын æвæрд цыдæр хъæдын дзаума. Гуыбынджын камод къуыпп дары урс æмбæрзæны бынæй. Къамоды уæлæ дзыгъуыр- тæ арæзт радиоприемник. Зыны йыл, ацы хæдзармæ сыл- гоймаджы къух кæй нæ хæццæ кæны, уый. Æнæхсад къустæ цагъдамадæй лæууынц стъолы кæрон. Приемничы цур схъила ала аг. Базтæ уый бæрц чъизи сты æмæ сæ 2* 17
цъæрттæ зынынц хъæбæр гæххæтты хуызæн тæстытæй. Сынтæджы сæрмæ, фыр рыгæй^ йæ цифырблат кæмæн нал зыны, ахæм тымбыл сахат. Йæ цъыкк-цъыкк хъуысы дзæнгæрæджы зæллангау. — Адон ме ’мкарæн сты!—зæгъы фысым, сахатмæ амон- гæйæ.—Цæуынц æмæ цæуынц сæхицæн, ихсигæ дæр нæ кæнынц. Æз та фæдæн мæ цыды хай, мæ цард. — Цæмæн афтæ?—дис кæны æрбацæуæг.—Æви дæ уды ныфс фæцис? Мах хуызæн зæрæдтæн арæхдæр ивтындзын хъæуы сæ зæрдæты тæгтæ. — Цытæ дзурыс, ивтындзгæ!—нæ разы кæны хæдза- ры хицау.—Адæймаджы уд—уый дæуæн æндон хъандзал нæу. Уды хъуамæ фæндгæ кæна, фæндгæ. Æмæ мæн та фæндгæ нæ кæны. Æз хъуамæ парниктæ ныннæмон, та- уинæгтæ сумæл кæнон, картофтæ равзарон, фæлæ мæ нæ фæнды. Æппындæр мæ ницы фæнды саразын. Иу мисхал дæр ницы!.. Фысым ноджы арфдæр æрсадзы йæ сæрыл йæ худ, стæй дыууæ къухæй архайы йæ бæмбæджджыны æгънæджы- тимæ. Йе ’нгуылдзтæ æнахъола змæлд кæнынц. Йæ цæс- тыты зыны æрхæндæгдзинад. Зæрæдтæ бадынц стъолы фæйнæ фарс ныхæй-ныхмæ. Хур йæ рухс тынтæ нывæнды фæрссагæй мидæмæ. Цæ- рæнуаты къуым тæмæнтæ калы йæ рухсæй. Сынтæджы никелгонд иых тыбар-тыбурæй æрттивы. — Заманайы хур!—зæгъыæрбацæуæг,-- зæрдæ дзырухс кæны! — Хурцыу, хур!—мæсты кæны хæдзары хицау.—Хур ницы у махæн. Нæ цард аууонмæ лидзы æмæ цæуыл хъуамæ кæнæм цин та? — Æнхъæлын, ды мæлæтмæ бæллыс*?~-фæрсы йæ æр- бацæуæг. Сæ кæрæдзиимæ ныхæстæгæнгæйæ зæрæдтæ „сы- махæй" „ды"-мæ куыд рахызтысты, уый зонгæ дæр нæ бакодтой.—Æмæ куаднæ? Раздæр æм нæ бæллыдтæн, æнæниз уыдтæн, фæлæ мæ абанайы куы бариуыгъта, уæд ма йыл æгæр дæр асагъæс кодтон. Ссырджын у, йæ бын- дар фæуа. Æппынæдзух нæ фæскъæбут лæууы. Зæрæдтæ стæм. Æниу дæхæдæг дæ зæрдæйыл куы хæцыс! Ацæу- 18
дзынæ станцæмæ æмæ, цы нæ вæййы, æрыййæфта дæ, зæгъгæ, уæд—гуыпп æмæ фæдæ! Машинæйы дæ баппар- дзысты, кæттагæй дæ æрымбæрздзысты. Фæрахау-бахау кæндзынæ машинæйы гуыффæйы, цалынмæ дæ нæ ных- хæццæ кæной бынатмæ. — Рахау-бахау ма æз кæцæй кæндзынæн. Уый мæ мард буар... Зæгъ-ма, ды æцæг тæрсыс мæлæтæй?—фæрсы æр- бацæуæг æмæ тæригъæдгæнæджы каст кæны йæ фысым- мæ. — Искуыдæр ма нæ,—барызти фысым æмæ уайтæккæ йæ къухтæ феуæгъд кодта йæ къандзолыæгънæджытæй.— Цæрынæн дæ цы хъæуы, уый дæм ис. Алцыппæт аразыс, зембырдкæныс æмæ æнæнхъæлæджы-—сæфт, дæ царды та- лынг кæрон. Хатыр нæ зоны уыцы цъаммарцæвæджджын! Æрбацæуæг ныхъуыды кодта, стæй зæгъы: — Мах, зæрæдтæ нæ алфæмблаймæ хъуамæ дариккам сæрмагонд цæстæнгас. Кусынæй рынчын уæвын зындæр у. Æз заводы дыууиссæдз азы фæкуыетон, æмæ сæ ныр уынын—заманайы хорз азтæ уыдысты. Емæ дын кæд зын у, уæд æнцонæй цæр!.. Сæхи тыххæй цы зæрæдтæ фæхъуы- ды кæнынц, уыдон зындард сты. Ахæм æдылытæ сæхимæ хъусыныл фæвæййынц. Куы сæ иу ран цыдæр фæрисеы» куы сæ иннæ ран цыдæр фæныхсы... Мыййаг афтæ хорз у? — Гъеныр ам де ’ппæт политикæ цæй мидæг ис?—мæс- ты кæны фысым. —Зæрæдтæ сагъæс дæр кæнынц æмæ тæрсгæ дæр! Ды, дачник, хынджылæг кæныс! — 0, нæ. Æз мæлæтæй нæ тæрсын. Æз ылнæ хъуыды кæнын. — Æмæ ды чи дæ? — Æз? Æз, æфсымæр, коллективон зæронд лæг дæн! Кæд хъуамæ ахъуыдц кæнон мæлæтыл, кæд мын сывæл- лæттæ, фырты фырттæ, æввахс зонгæтæ, æмбæлттæ бирæ ис, уæд? Се ’ппæты тыххæй дæр бамæт, бауынаффæ кæ- нын хъæуы, цæмæй хорз æмæ раст цæрой... Æмæ ды та, куыд уынын, афтæмæй дæхицæн цæрыс... Æрбацæуæг афæлгæсыд уатыл æмæ йæ сæр банкъуыс- та: 19
— Уым та дæм цы ис?—скаппы сæрмæ амонгæйæ* æнæнхъæлæджы фæрсæгау бакодта æрбацæуæг. -—Уадиссагæй ницы,-—æвæндон дзуапп ыы радта фы- сым, æмæ ныдздзынæги йæ уазæгмæ, фæнды йæ уый цы- мыдисдзинад бамбарын. — Цыдæр æрымысыдтæ, æвæццæгæн? — 0, цыдæр. Уым мæ хиирхæфсæн макетгонд ис, мо- дел... — Равдис-ма йæ, равдис!--суиллæг дачæ æххуырсæг.— Æз мæхæдæг модел аразæг куы дæн. Равдис-ма йæ, гъы? — Цæй, мæ бон нæу... Хæдзары хицау æриста, хиирхæфсæн цы модел хуыд- та, уый æмæ йæ, æнæхсад къустæ, йæ рæмбынкъæдзæй иуырдæм ассонгæйæ, æрывæрдта стъолыл. Фæйнæгыл хъуына æмæ алыгъуызон гæххæттытæй, лæгъз лæдзæггондтæ æмæ уисы къалиутæй, ныхасæныл зæрст змис, сыджыт æмæ фæныкæй нывæфтыд уыдис зæххы хайы хуыз æмæ уыцы ран агъуысты макет. Йæ астæу хъазæны хуызæн цы хæдзар ис, уымæй æрбацæуæг бамбæрста, ай фысымы зæххы гæппæл кæй у, уый. Цып- пæрдигъон гæххыттыл арæхстджынæй æвдыст уыдысты, цы тыллæг сыл зайы, уыдоны хуызтæ дæр. Джитъриты цы базонын хъæуы сæ хъуынджын сыфтæй æмæ сæ бургонд. дидинджыты дзыхъхъуæттæй. Æмыйас трубатау цыдæр^ цъæх сыфтæ тыхтытæй лæууыдысты. Æмæ змис фæндаг- гæрæтты та тыгъд æндæхтыл фæйнæрдæм æрзæбултæ сты хæрздæф хъæдуры боцкъотæ. Хъæдур йемыдзаг у уар- ди æмæ малусæггъуыз дыгай сыф дидинджытæй. Уыдон цыма бадæгау кæнынц, стæхынæввонг чысыл гæлæбутау, кæрæдзийыл здыхт зайæгойты зæнгтыл. Æмæ кæд фæт- къуы бæлæстыл ныхæстис къалиутй бæсты мæцкъуытæ, æмæ æцæгæй куыд вæййы, афтæ урс цагъд сты сæбын- тæ, стæй кæд зайæгойтæ сты алыгъуызæттæ æмæ хæдза- ры цур аууон зыны æцæг аууонау, уæддæр æнæхъæн макет йæ сайæгой æцæгдзинадимæ æдзард у. Чи зоны адæймагмæ ахæм æнкъарæнтæ уымæн сæвзæры æмæ дзы нæ базмæлыд иунæг хал, иунæг къалиу дæр. — Афтæ, уæдæ цы!—дисы бафтгæйæ зæгъы æрбацæ- 20
^æг.—Уый куыот/у, гъе... Хæдзары хицау бабуц ацы ны- хасæй æмæ, макетыл зыд каст акæнгæйæ, зæгъы: — Ныртæккæ алцы дæр миты бын ис... Фæлæ ацы рæ- гъытæн моделы баивæн, кæнæ æндæр ранмæ ахæссæн дæр лс. Зымæгон дæр мæ бон у мæ зæхх план кæнын. Кæм цы садзын, цы зайын кæнын хъæуы, уыдæттæ æмбарын. йв- гæ тыд... Ам алкæцы къудзи, алкæцы фæйнæджы гæп- пæл дæр бæрæг, бæлвырд сты... А.м алцы дæр мæнæ ацы къухтæй арæзт у! Нæй бамбарæн, хæдзары хицауы ныхæстæ цæуыл цæ- уынц, уымæн—йæ макетыл æви йæ зæххыл. Уый макеты фæйнæдэкы тигъ даугæйæ, фæрсы: — Уæдæ ма мæ астæу та цæй тыххæй къæдз кодтон? Æз, чи зоны, ацы хæдзар æхсæз хатты сахуырстон æмæ цæй тыххæй, зæгъ-ма? Мемæ цы ахæсдзынæн мæрдтæм! Мæ гаппар къухтæ... Кæсы сагъæсгæнгæ йæ хъæбæр, дæрзæг, куыствæллад къухтæм... — Афтæ, уæдæ, афтæ!—зæгъы æрбацæуæг.—Модел хуый- ны... Фантази. Ды æрмæст дæхицæн цæрыс æмæ тæри- гъæддæр кæныс дæхицæн! — Гъы æмæ цы? Ды цæрыс адæмы тыххæй æмæ дачæ æххуырсынмæ та’ мæнмæ цæуыс! Нæ дын ратдзынæндачæ, хъусыс? Дывæр мызд мын куы фидай, уæддæр дын æй нæ ратдзынæн. Цæрыс адæмæн æмæ цæр, æдылы, æнæ- мбаргæ! — Æдылы дæхæдæг! Ницы стыдæ фæнтазитæ дæр! Мо- дел уый у æмæ дзы пайдайаг, хъæуæг дзаума саразæн •куы уа. Цы саразæн ис дæ моделæй та? Æрмæстдæр дæ кæрæф бæллиццтæ! Нæ, ды æвзæр цардтæ, бынтон æвзæр нырмæдæр. — Цы мæ ныссагътай дæ ныхтæ?—скарз фысым æмæ мæстæймарæн кæны æрбацæуæгæн: „Прякрасно!" Æрбацæуæг февнæлдта фæткъуымæ. Йæ ризгæ æн- гуылдз ын роггомау ахæссы йæ зæнгыл. — Ма ’внал!—йæ хъæлæсы дзаг ыл ныхъхъæр кодта хæ- дзары хицау.-Дæу нæу! Ныр мæсты кæнын райдыдта æрбадæуæг: 21
— Гъеныр дæм æз нынныхмæ дæн? Ды мæм ныкомком- мæ дæ! Дæсæры тенка афтид у! Сæрмагонд исуарзаг, тæс- саг дæ! „Дæу у, мæн у!" гæнæг. Мæлæт дæр дæу хуызæт- тæн вæййы. Уыцы бонæй фæстæмæ фесæфынц уæ ис, уæ- цард. „Мæн у" дзы нал вæййы. Гъе! уымæн тæрсыс, гъеГ Æмæ махæн, хуымæтæг адæймæгтæн, та хъауджыдæр нæу. Æрбацæуæг дарддæр йæ ныхас кæны ныллæг хъæлæ- сы уагæй. Иæ дзырдты сусæгдзинад нæй, фæлæ уæлдай ахсджиагдæр хъуыды. Йæ цæстытæ нæ ивазы фæйнæ- ’рдæм, æрбассивы йе ’рфгуытæ, анцъылдтæ вæййы й?е ных. — Æмæ цард чердæм цæуы? Ууыл ды искуы ахъуыды кодтай? — Цавæр царды цыд у, цæ?—хæдзары хицау дæр фæ- сындæг кодта йæ хъæлæсы уаг. Фæтыхст. — Ау, нæ уыныс, цард кæдæм’ цæуы, уый? Дæу цы у, уымæй нæ, фæлæ нын иумыйаг цы у, уымæй дæрГ Дæхæдæг куы зæгъыс—мæрдтæм æрмæст гаппар къухтæ ахæсдзынæ, уый дын загъдæуа—дæ хæдзар халдзынæ? Замманайы хорз хæдзар!.. Дæ уыцы бæллиццтæй æрра суæ- вæн дæр ис. Нæннæ, царды цыдмæ гæсгæ дзургæ кæн-—мæ зæхх, дæ хъуыдыйы та—мах зæхх, мæ хæдзар, зæгъгæ, æмæ хъуыды кæн мах! Уæд æнцон у кусын æмæ цæрын дæр!.. Зоныс цы? Дæ хæдзар æвдæм хатт сахор. Уыцы дзырдты фæстæ фысымы ахаст фæивта. — Ныууадз дæ агитацитæ, ныууадз, дын, зæгъын!— схъиуы, фыцы фысым. Хæдзары хицау, йе ’ууæлтæм гæс- гæ, загъдкъахæг лæг у. Йæ риу размæ къуыпп, йæ уадул- тæ фырадæргæй схъулæттæ сты. — Ничи йæм кæсы, зонд мын амоны!—уасæджы уаст кæнæгау хъæр кæны уый.—Иунæг ды нæ дæ зæронд! Æмæ- æз мæхæдæг—уынджы комиссы уæнг. дæн, кæд дæ уый базонын фæнды, уæд!.. Æниу æз демæ, дачникимæ, цæуыл хъуамæ уынаффæ кæнон? Мæнæн парниктæ ныннæминаг сты, тауинæгтæ баудаинаг, картоф æвзарын хъæуы. Хæдзары хицауы змæлдтытæ куыд фæстагмæ кæнынц, æвзыгъддæр, уæндондæр. Къулыл къуырд зæгæлæй райс- та йæ бæмбæджджын къандзол æмæхæдзары къуымты цоп- пайыл схæцыд. Йæ раздæры ’ндзыгдзинадæй йæм мисхал* 22
дæр нал аззади. Стъолы уæлæ агуывзæйы къæрцц фæцыди тæбæгъыл. Фысым æнæнхъæлæджы йæ мидбынаты фæлæу- уыд, цавддурау фæсабыр æмæ ’цыма хуымæтæг ныхае кæны, æцæгæй та иттæг тынг дискæнгæйæ: — Æц<'#г зæгъыс? Уæдæ зæхх мах у! Æрбацæуæг тыхамæлттæй сыстад, тых улæфт кæны. Йæ дынджыр къухæй уæззаугай бавнæлдта хуры тынтæй сыгъзæрингъуыз фæрссаджы дæлбазырмæ. Рухс кæлы йæ къухы фæлурс буарæй æмæ цыма лыстæг æндахæй конд у, афтæ зынынц йæ æнцъылдтытæ. Йæ нарст ’нуæрттæ цыма къухыл æвæрд сты, уыйау лæууынц. — Дис кæныс?—зæгъы йын æрбацæуæг зæронд лæг,— Феххуыс дын хъæуы .. Чи зоны, уæд дæ монцтæ æрсабыр ой... —•Куыд, цы хуызы?—хъæрзæгау кæны фысым. — Дæ сыхæгтæ дæм æввахс цæрынц? Хæдзары хицау уадидæгæн ацамоны макетмæ: — Цæй æввахс æмæ цæй сыхаг? Æз ам хуыздæрæн æрбынат кодтон, цы дæ фæнда, уый араз, ничи дæ фе- хъусдзæн... Тынг хорз раны ис мæ дачæ! — Цæй афтæ фæуæд! Кæм ис дæ фæтæген? — Тыргъы, фæтæгендон бакы... фæтæгены тыххæй нæм не стыхсдзынæ, æрбаласынц, улæфджытæ дзы хъуаг не сты. Уый тыххæй æппындæр тыхсын ницæмæн хъæуы... Æм& дæ цæмæн бахъуыд?.. Хæдзары хицау æнæмбаргæ каст каёны æрбацæуæгмæ æмæ дзуццæджы бадæгау чысыл фæтасын кæны йæ уæр- джытæ. Тбацæуæг дæр схæцыд йæ лæдзæгыл фæрæтау æмæ тызмæгæй зæгъы хæдзары хицауæн: — Ныртæккæ дын афтæ æрриуыгъдзынæн дæ тенка æмæ дæ валенкæтæ дæ къæхтæй куыд асхъиуой! Дæ хæ- Дзар та дын цъыбыртты сыгъд бакæндзынæн. Ничи дæр мæ уынгæ фæкæндзæн, ничи дæр хъусгæ. Дæхæдæг куы зæгъыс: ардыгæй ничи ницы фехъусдзæн... Ды дæр нал уыдзы- нæ æмæ дæ хæдзар, æмæ дæ модел дæр... Кæми дæ цард? Æрбацæуæг йæ лæдзæг схъил кæны. Хæдзары хицау февналы йæ худмæ. ~~*Ды уыцы хъылма ныхæстæ ма кæн!.. Ма кæн, дын, зæгъын!.. 23
— Нæ, нæ, ма фæтъæпæн у, ма хъахъхъæн дæхи! Цы ма ис уымæй? Дæ цард, дæ дуг адымдта! Æрбацæуæгæи алæгъз сты нæ ныхы æнцъылдтæ. Йæ цæсгом фæрухсдæр æмæ фæцæуæг хæдзары хицауы иу- вæрсты. Стæй йæ уæззау къахдзæфтæй "хæдзары дæлба- зыр куыд хъыс-хъыс кæны, уый хорз хъусы. Митæй æм- бæрзт фæндагыл йæ лæдзæг арф атъысс-атъыссгæнгæ фæ- цæуы æрбацæуæг. Хæдзарыхицау слæууыд къæсæргæрон æмæ хъæр кæны дачæ агурæджы фæдыл: — Фæлæу, фæгæдзæ кæн! Хæдзарæй чглсыл æттæдæр йæ иу къахыл, æндзыгау, лæууыд цъæх уасæг. Йæ сырх тъæпæнгонд уадултимæ цæмæйдæр у йæ хицауы хуызæн. Йæ къах—лыстæг, бур, латун уис къæцæлау. Афтæ æнæзмæлгæ æмæ схъæлæй лæууы, æмæ æвиппайды фæкæсгæйæ фенхъæлдзынæ, зæгъгæ, удæгас нал у æмæ йæ уисыл æрсагъдæуыд. Хæ- дзары хицау гæзæнхъæдæй раскъæфта консервы афтид къопп æмæ йæ ныддыввытт ласта уасæгыл. Къоппы дзы- гъал-мыгъул ссыди. Уасæг спæррæст кодта. Æрбацæуæг атындзыдта, фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй. '\ — Фæлæу-ма иу чысыл!-— хъæр кæны хæдзары хицау йæ фæдыл тындзгæйæ,—фæлæу, цыдæр дын зæгъон!.. Мæнмæ баххуырс дачæ, хъусыс? Аргъ дын фæкъаддæр кæндзынæн, де ’хцатæм гæсгæ, хуыцауыстæн!.. Ницы кæ- ны, уый фæстæ сæ дыргъты аргъæй бамбæрздзынæн... Ноджы дæр ма адзурæм царды цыдыл... Кæдæм фæцæ- уыс? Ды коллективон дæ æви, нæ хъусыс?.. 24
Войнов Александр ПАРТБИЛЕТ Ацы хабар æрцыдис Сталинграды цур, октябры бонты, удуæлдай тохтæ куы цыд, уæд. Рæхджы цы стыр раз- мæбырст уыдаид, уый тæвд комулæфт зылдис фæздæг- джыя сыджыт къæсты. Кæд æмæ кæм райдайдзæнис, уый нæ зыдтам, фæлæ нæ тынг уырныдта: тагъд уыдзæи. Тæк- кæ <уыцы бонты нæ бригады хæстонтæй сæдæйæ фылдæр сæ куырдиæттæ балæвæрдтой партимæ райсыны тыххæй. Уыдонæй йæ æрмæст иуæн аздæхтой фæстæмæ. Уыцы куырдиаты хицау мæ хæстоы, Василий Логинов уыди. Адæймагæн зындæр æмæ уæззаудæр сахат’ цы хъуамæ уа, цард æмæ мæлæты раз ын æмхуызон бартæ кæимæ ис, алцыппæт дæр æмхуызон кæимæ дих кæны: уæззау куыст, тæссагдзинад, цæхджынгомау хъæрмуст доны хуыпп,—уы- цы æмбæлттæ йыл æнæнхъæлæджы куы нæ баууæндой, уымæй? Ныртæкгсæ, бярæ азты фæстæ, æз Василий Логиновы куы мысын „хæлынбыттыры" дыдзы рухсмæ йæ нарæг, тæнгъихæг уæхсджытæ, йæ тыхст цæсгом мæ цæстытыл кУьт уанынц æмæ, не ’ппæты дæр, уымæн йе ’мбæлтты, карз фæндонын чи рахаста, уыдон куы мысын, уæд бæл- вырд бамбæрстон, æз уыдонимæ мæхæдæг дæр карз фæл- зарæны кæй уыдтæн, фæлæ йын кæй нæ бафæрæзтон, уый. Фæлæ мын цард цæттæ кодта ахæм урок, æмæ йæ цæрæн- ’бонтæм бадардтон мæ зæрдыл. Уæды оыг æз мæ дыууын дыууæ азты бæрзæндæй барон- ^суыз æмæ тызмæгæй кастæн, мæ къухдариуæджы бын чи 25
уыд, уыцы адæймæгтæм, æмæ æнхъæлдтон, зæгъгæ, сæ хорз уынын фыццаг бакастæй дæр. Фæлæ мах нæ фæндон куы рахастам, уымæй цалдæр сахаты фæстæ цы хъуыддæг- тæ æрцыдис, уыдон мæ фервæзын кодтой мæ уыцы рæдыдæй. Цы нæ сразæнгард кодта Логиновы æвæджиаг фæндо- ны ныхмæ афтæ карзæй рацæуын! Хъуыддаг, цыиа бын- тон бæлвырд æмæ хуымæтæг уыд. Фæлæ уыцы рæстæджы æз нæма зыдтон, дунейыл ахæм хуымæтæг æмæ бæлвырд хъуыддæгтæ æнæнхъæлæджы сæ ног фарсырдæм фæзи- лын дæр кæй зонынц æмæ ахæм хуымæтæг нæ разынынц, чысыл размæ^дæм куыд касти, афтæ. Æппæт дæр райдыдта, топпыхосмæ чи нæма басмыста æмæ хæсты быдыры нæмгуыты шых-шых йæ хъустыл кæ- мæн нæма ауад, ахæм хæстонты æвзонг къордимæ, уай- тагъд йæ мадзура æмæ сындæгдзинадæй бæрæг чи уыд,. уыцы ныллæг, тæнтъихæгарæзт, лыстæг æфцæг æмæ стыр* сæрджын лæппу мæ батареймæ куы ’рбацыд, уыцы талынг, къæвдаджын райсомæй. Бакастмæ гæсгæ йыл цыди ссæдз* азæй фылдæр, æцæгæй та йыл стдæс азы æрæджы сых- хæсти. Уый Цæгаттаг уыд, Карелийæ æмæ куыста кæм- дæр доны хъæдтæ уадзæгæй. Æз æнхъæл уыдтæн, зæгъ- гæ, хъæдуадзджытæ бæзæрхыг, къабазджын лæгтæ уы> дзысты æмæ мын мæ ног хæстон куы загъта, зæгъгæ, тъиуитæ уагъта, уæд æз, сæттын ыл, нæ йыл баууæн- дыдтæн. Мæ хуыдымæ гæсгæ, æрдзы тыхуыл чи уæлахиа кодта, уыдон хъуамæ уыдаиккой æндæр уæнгты кондимæ. Иугъуызон нæ вæййынц амæндтæ. Иутæ æрцæуынц ро- тæмæ æмæ уайтагъд сæхи бауарзын кæнынц. Æндæрмæ та бирæ фæракæс-бакæс кæнынц, цалынмæ, цы аккаг у, уый бамбарой, уæдмæ. Æртыккаг та уайтагъддæр свæййы хын- джылæггаг. Гъе ахæм адæймаг алы хатт вæййы исты аххос- джын, алы хатт дæр æм исты лаз æрхæссынц, æмæ æндæрæн æнцонæй цы тулы, уый ахæм æнамондæн никуы хатыр кæнынц. Уый тыххæй фæдзурынц алы æмбырды æмæ алы хатт дæр йе ’взæрдзинæдтыл. Логинов, афтæ кæй акæнцнц, йæ фыццаг къахдзæфæй* смидæги уыцы æдзæллæгты номхыгъдмæ, куыддæр бата- реймæ æрбацыд, афтæ йæ дыккаг бон. 26
Уый размæ бон, цыдæр ахсджиаг хæс æххæст кæнгæ-- йæ, ихуарæгау, нæмгуыты бынлидзгæйæ, уæззау цæф фæ- ци полчы командиры хабархæссæг æмæ штабы хистæр бар- дзырд радта нæ дивизиойы командирæн, цæмæй йæм уый. ’рбарвыстаид, пакет бригады щтабмæ афойнадыл чи фæ- хæццæ кодтаид, ахæм лæджы. Хъуыддаг куыд æрцыдис, уый нал хъуыды кæнын- бардзырд цыдис æмæ цыдис иу хистæрæй иннæ хистæр- мæ æмæ иуафон рæнхъон Логинов æрбалæууыд блиндаж- мæ пакет хæссынмæ. Тæккæ уыцы бонты не ’фсад ассыд- та знаджы йæ разæй. Знаг та нын минæтæй афтæ бæзджын быдыртæ ныууагъта, æмæ сын иу боны æмгъуыдмæ нæ, фæлæ æнæхъæн мæймæ дæр есыгъдæггæнæн нæ уыди. Уымæ гæсгæ минæсгарджытæн сæ къухты бафтыди уымыты нарæг бацæуæнтæ саразын, сæ алыварс та сын фæйнтджы- ты гæппæлтыл ныффыстой: „минæтæ!" Логинов æнæ фыдбылызæй бахæццæ бригадæйы штаб- мæ. Æгъдаумæ гæсгæ радта пакет æмæ раздæхтис фæс- тæмæ. Уыцырдæм цы фæндагыл цыд, уый дæрдты фæндаг - уыд æмæ та йæ ууылты бахъуыдаид цыппар километры бæрц лæнчытæ æмæ къардиуты цæуын. Афтæмæй изæр- далынгтæ кодта. Тындзыдта æмæ æнæнхъæлæджы суыдта, быдыры фæндаг. Фæндаг цыд хæрдмæ, стæй галиуырдæм, батарей кæм лæууыд, нæмгуытæй хост, уыцы тæнæг æр- дузмæ. Фæндаг афтæ лæгъз над уыд æмæ афтæ æнæтæссаг зынди æмæ йыл Логинов фæцæуæг. Уый сахаты ’рдæджы фæстæ йæ блиндажы кателокæй хордта уазал хъæрм- хуыпп. Алцы дæр хорз уыдаид. Фæлæ тæккæ уыцы рæстæджы блиндажмæ æрхызти фæллад æмæ æргъæвстæй сапер Со- рокин. Уый цы арæхст, уымæй æлгъыста, дæлимон йæхæ- дæгдæр кæй нессардзæн, уыцы бæстон æмбæхст æлгъыс- таджы минæты. Сорокин цы нæ хуызы минæтæ райхæлдта, ахæмтæ, æн, хъæлдæуыд, зæгъгæ, нал баззад, фæлæ абон, цалынмæ фæндагыл цы къæппæг арæзт уыд, ууыл архайдта, уæд— мæавд хатты йæ хид донау фестад. Фæлæ уæддæр йæ бон. ницы баци. Райсомдæр та йыл утæхсæн бахъæудзæн. 27г
Æмæ, куыд рабæрæг, афтæмæй Логинов нырма ныртæк- кæ, иу къахдзæф ракæнæн кæуьтлты нæ уыд уæлдæфмæ стæхыны тæссæй, уыцы фæндагыл æрбацыд æнæниз æмæ сæрæгасæй. Уыцы хабар фехъусгæйæ, сапер фæджихау æмæ фæс- тæмæ алæууыд. — Сæнтдзæф фæдæ, лæппу! Удæгас ма куыд баззад- тæ? Уыцы рæстæджы æрцыдис нæ дæр Сорокин, нæ дæр йæ фарсмæ цы салдæттæ бадтысты, уыдон дæр æнхъæл цы нæ уыдысты, ахæм хабар. Логинов фестъæлфыд, афæлурс ззмæ, хъæрæй схæкъуырццкæнгæйæ, йæ цæсгом йæ къух- ты ’хсæн фæцавта. Æндæр рæстæджы, æндæр уавæры йæ бамбæрстаиккой. Иæ зæгъын æнцон у: алы къахдзæфы дæр æм мæлæт æн- хъæлмæ каст, ахæм къахдзæфтæ та минæй фылдæр уыдыс- ты. Фæлæ ам, знагæй дыууæ сæдæ метры æттæдæр, мæ- лæт алкæмæ афтæ æввахс, æрвылбонон уыди æмæ сабыр рæстæджы бирæ æмбæрстгонд æнкъарæнтæ ныр уыдонмæ •кастысты худæгау. Æиæц-Ьæррæмыгъд æмæ удæгасæй баз- зади, уæддæр ма чызгау æрдиаг кæны! Сæтбырынкъ къæ- •была! Цы йыл дзырдæуа, мæнæш, куыд командирæн, афтæ æм- бæлдис лæппуйы зынтæ бамбарын. Æгæр уæззау фæлва- рæн æм æрхаудта фронты йæ царды фыццаг бон. Фæлæ ме ’взонгады хиуылæрвазсондзинады аххосæй æз уыцы хъуыддаджы фенхъæлдтон æрмæст нæ ног салдаты æгæр æнкъарæндзинады æмæ, æгæрыстæмæй, хæппуддзиыады цæвиттон. Василий Логиновы уæлдай тынгдæр нæ бауарзта сар- мадзаны командир сержант Фомичев. Сержант æй „тюфяк" йедтæмæ æндæр ницы номæй хуыдта, хъаст кодта, зæгъ^ гæ у „зыльшкъух, зивæггæнаг" æмæ мыя æдзух лæгъзтæ кодта уыцы „æнæсæрфаты" искуыдæм ахъуыдты кæн, зæгъгæ. Фомичев ахæм адæмæй уыдис, хæлардзинад тынг зивæгæй чи лæвар кæны æмæ дæ иугæр нæ бауарзта, уæд та ахæм æнæуынонæй æмæ йын æууæндыс йæ рæстдзи- надыл. 28
Уый уыдис æртын аздзыд лæг, хиуылæввæрсон, тых- джын, тыхамал; мæнæн-иу æхсызгон уыд йæ хъуынджьш æрфгуытæ змæлынкæвгæйæ афтæ куы дзырдта: „Мах нæ- командиримæ нæ фæмæнг кæндзыетæм. Нæ февнæлд цæх- гæр у". Бирæ рæстæг нæ рацыд- Æз дæр Логиновмæ кæсын рай- дыдтон Фомичевы цæстæй. Гъе, рæдигæ дæр уымæн фæ- кодтон... Иу хатт мæм æрбацыди сержант Муромцев, нæ парторг, ацæргæ уæзбын лæг. Уыдис ын мæ карæн сывæллæттæ. Акодта мæ иуварсмæ æмæ мын тарæрфыгæй загъта: — Хорз нæ цæуынц нæ хъуыддæгтæ, æмбал лейте- нант. — Цы дзы нæй хорзæй? — Логинов—æвзонг лæппу, зæгъæн ис, бинонты ’хсæ- нæй æрæджы фæхицæн. Æз рамæсты дæн. — Æмæ ды йæ сæрыл хæцæг дæ? Уый фæтæрын хъæ- уы батарейæ. — Кæдæм? Фæсчъылдыммæ?—худæгау бакодта Муром- цев. Æви ма фронты хъæлæсæй ноджы раздæр? — Гъеныр дæ мæнæй цы хъæуы? Муромцев мын дзуапп радтын нал бафæрæзта. Уайтæк- кæ йæм фæсидтис. полчы комиссар. Уыцы бон изæры та. фехъуыстон, зæгъгæ, Муромцев фæмард сармадзаны нæмы- джы схъисæй, акоппы салдæттимæ ныхас кæныны рæс- тæджы. Парторджы баныгæдтой ададжы фахсыл. Йæ кæттаг быдырон хызыны йын мах ссардтам документтæ: æмбырд- ты иу цалдæр суагъæйы, фидтоны ведомость æмæ иу цал- дæр куырдиаты партимæ райсыны тыххæй. Уыдоны-’хсæн уыди Логиновы куырдиат дæр, иу цалдæр рекомендаци. Иу рекомендаци йын радта Муромцев, дыккаг та, йæ дард- Дæры хъыгдзинæдты аххосаг чи уыд, уыцы сапер Сорокин. Тæккæ дæр уыцы изæр мах æрымбырд стæм блинда- жы, цæмæй ног парторг равзæрстаиккам æмæ рæстæгмæ сæвзæрстам Фомичевы. Уый фæстæ- рахызтыстæм куыр- диæттыл уынаффæ кæнынмæ. 29
Блиндаж къуындæг уыдис æмæ дзы ые ’ппæт нæ арæхс- тыстæм. Куырдиæттæ чи балæвæрдта, уыдонмæ сидтыс- тæм иугай. Кæй дзы куыд истам, афтæ-иу баззад блин- дажы. Тынг къуындæг бадт кодтам. Лæгæн дзы йæ къух схъилкæнæн дæр нæ уыд сыхаджы æнæ бахсойгæйæ. Партимæ кæй иста\г, уыдоны се ’ппæты дæр зыдтам -æмæ сыл æууæндыдыстæм. Алчи дæр-иу радзырдта куыд царди раздæр, хæсты размæ,—фæлæ уыцы царды æппæт хъуыддæгтæ ницыгар зындысты фронты раззаг хаххыл сыджыткъæсимæ баргæйæ, цы ран мах бадтыстæм уæхскæй уæхскмæ, нæ кæрæдзимæ нæхи æнгом нылхъивгæйæ. Дæс куырдиаты куы равзæрстам æмæ иуæндæсæммæ куы ахызтыстæм, уæд бæзджын хъæлæс ^емæ фидар къу- хы хицау Фомичев, хаттæй-хатт-иу йæ къухы тых бæрæг- кæнæгау, æртъæпп кодта стъолы бæсты нынцы снарядты асыкк уыд, уый. Фомичев ахæм хъæбæр ныхас ракодта Логиновы ныхмæ æмæ Муромцевы рекомендаци хъуыд- дагæн ницыуал ахадыдта. Уыцы рæстæджы Логинов та лæууыд блпндажмæ бахизæны æлыг цъыфæй амæст циые- лы мидæг æмæ тарæрфыгæй хъуыста Фомичевмæ, фæлæ ницы сдзырдта. Дзурынмæ фæкъæрттысты. Се ’ппæт Фомичевимæ ра- зы нæ уыдысты. Сорокин сыстад æмæ загъта, зæгъгæ, Ло- тинов минæджын быдырыл кæй рахызт, уымæй „хæйрæдж- джын" ми бакодта, фæлæ нырма ницы бæрæги, ахæм тез- гъойы фæстæ Фомичев йæхæдæгдæр цыхуызæнæй æрба- цыдаид, уымæн. Логиновы сæрыл марахæцыдысты æндæр- тæ дæр. Хъæлæстæ фæхицæн сты. Авд—йæ ныхмæ, авд— йе ’вварс. Мæ хъæлæс уыди фынддæсæм æмæ йæ æз радтон уый ныхмæ. Фомичевæн цыма йæ къухтæ сыгъта Логиновы куыр- диат, уыйау æм æй балæвæрдта. Уый йæ райста æнæдзур- гæйæ æмæ йæ цалынмæ сындæггай нæ батыхта, уæдмæ хъавгæйæ алæгъз кодта Муромцевы рекомендаци æмæ йæ нывæрдта йæ риуы дзыппы. Афтæ æнæ сыбырттæй раз- дæхтис фæстæмæ æмæ схызти хъысхъысгæнаг асины къæхтыл уæлæмæ. Блиндажы хъыпп-сыпп дæр нал цьгди. Æгæрстæмæй 30
-фомйчев дæр ныхъхъус. Иу цасдæр уысмы бадтыстæм æнæ- дзургæйæ, уыимæ æнкъардтам, хъуыддаг хорз кæй нæ ра- уад, Уый- Æппæты фыццаг фæгæпп ласта Сорокин. — Лæджы бафхæрдтат!—загъта уый æмæ хъынцъымхуы- зæй йæ къух ауыгъта, стæй рацыд Логиновы фæдыл. Æа æрбаздæхтæн мæ блиндажмæ уæззау зæрдæйы уа- гæй æмæ мæхи æруагътон тæрхæгыл. „Уагæры цы ’рцы- дис",—хъуыды кодтон мæхицæн.—Цæмæн мæ уырны, Ло- гинов æвзæр у? Уый Фомичевы зæрдæмæ кæй нæ цæуы, .æрмæстдæр уый тыххæй? Фæлæ Фомичев йæхæдæг дæр ни- цы уабæрæг æмбары адæмы. Муромцев æй иу хатт æмæ дыууæ хатты куы нæ фесхуыста. Стæй, мæнæн цымæ уый бар уыдис æмæ мацы загътаин Муромцевимæ нæ фæстаг ныхасæй? Мæнæй дарддæр æй куы ничи зоны. Æгас ма куы уаид, уæд æмбырды уæвджыты æнæмæнгæй сразы кодтаид Логиновы партимæ райсынкæныныл. Гъе, æмæ Муромцевы рекомендаци та—уый дæр ницы нæу. Фæдзæхс- тау, кæй загъдæуы..." Æз сагъæс кодтон æмæ мæм хуыс- сæг æввахс нæ цыд. Укцы æхсæвы онг æз никуы бан- къардтон, тæрхджытæ- афтæ хъæбæр сты, уый. Æцæг амон- дыл-иу нымадтон мæхицæн цинелæй æмбæрзт фæйнæджы- тыл ныффæлдæхын, æмæ сыл ныр та мæ фæрстæ сх’ауд- той. Æз ма хъуыды кодтон уыцы хъуыддаджы мæ ахастыл дæр: æвæдза, мæ хъæлæс сарæзта æппæт дæр. Æз куы нæ сразы уыдаин Фомичевимæ, уæд Логиновы райстæуыдаид. Æз архайдтон, уæддæр мæ афтæ тынг цы тыхсын кæ- •ны, уый бамбарыныл. Æппынфæстагмæ, мах куы баныхас кодтам Логиновæн хæсты быдыры тохы фæстæ йæ бон кæй •бауыдзæн ногæй куырдиат бадæттын. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыддаг æрмæст уый мидæг нæ уыд. Æз мæ зæрдæйы арф къуымы æмбæрстон, мæхи сæрмагонд уыр- нындзинадæй нæ, фæлæ мæ Фомичевимæ хъаугъа кæнын кæй нæ фæндыд, уымæн афтæ кæй бакодтон. Гъе, уый тыххæй фæхыл дæн Муромцевимæ дæр. Æмæ ныртæккæ Уазал, афтид блиндажы хуысгæйæ, минæты стæм нæрдмæ •хъусгæйæ, фæфæуыны амонд цы ныхасæн цæ уыд, уый 31
кодтон. Æз лейтенант кæд сдæн æмæ Муромцев та дæлæ- мæ дæр æмæ уæлæмæ дæр хистæр сержант, уæддæр æцæг- дзинадæй уый мæнæй бирæ фæлтæрдджындæр ’уыди. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз каст фæдæн æфсæддон ахуыргæ- нæндон æмæ мæ бон хуыздæр бахынцын уыд батарейы æхст æмæ тактикон хæс сæххæст кæнын, фæлæ-иу хъуыд- даг адæймæгтæм куы хаудта, сæ хъысмæтыл-иу ныхас куы цыд, уæд-иу Муромцев алцæмæн дæр аргъкæнын зыдта: циндзинад æмæ хъыгдзинадæн. Мæнæй хъауджыдæр уый хорз æмбæрста, адæймаг-иу йæхæдæг цы рæдыд æруагъта æмæ-иу кæй нæма бамбæрста, уыцы вазыгджын сахъат- дзинæдты аххосæгтæ. Мидæггагон службæйы уставмæ гæсгæ æз уыдтæн Му- ромцевы æмæ иннæ салдæтты командир дæр, фæлæ æндæр- уставмæ гæсгæ—партийы уставмæ гæсгæ æз уыдтæн хуымæтæг рæнхъон коммуыист. Уыцы æнхъæлцау ныхмæлæуды вазыгджындзинад æмæ зæндджындзинад уыдис уый мидæг æмæ æз ахуыр кодтон мæ салдæтты æмæ сыл уыцы рæстæджы ахуыр кодтоет мæхæдæг дæр, ома цардимæ цы фæлтæрддзинад æрцæуы, ууыл дæр. Муромцев нал ис, фæхъуыди не ’хсæмæй... Фæлæ мæн нæ уырныдта, уымæн йæ гуыбыр фæсонтæ никуыуал фен- дзынæн, зæгъгæ, нал фехъусдзынæн уый фæсус, тамако- фæздæгдзыд хъæлæсы уаг. Æз ыл тынг ахуыр уыдтæн. Уымæ уыдис ахæм лæджыгъæддзинæдтæ, уæд мæнмæ сæ кой дæр кæмæн нæма уыд. Уый фæразон æмæ быхсаг уыд адæммæ ахасты, æз та сæм карз уыдтæн. Æмæ уыцы карз- дзинад æмæ æнæбарондзинад æз уæд пымадтон мæхи лæ- джыгъæддзинæдтыл. Уый мидæг æз уыдтон фидар уды- гъæды барджындзинад. Муромцевæн йæ бон уыд сахатгай адæймаджимæ ныхас кæнын, акъоппы дзыхъхъы бадын, тамако дымын æмæ бынтон чысыл хъуыддæгтыл дзурын. Æз та нымадтон, зæгъын, дзургæ ма кæнон, фæлæ хъуамæ дæттон бардзырд. Гъе, стæй кæд искуы æрхауа зæрдиаг ныхасы рæстæг,—мæн мæ салдæттимæ рæстæгæй-рæстæг- мæ ныхас афтæ кæй хъуыд, уый мæ уырныдта,— уæд сын хъуамæ амонон, уырнын сын кæнон, ахуыр сæ кæнон хуыздæр зондыл. 32
Муромцевы уагахст æз алы хатт не ’мбæрстон. Хатт-иу бьтнтон нæ цыдысты мæ зæрдæмæ йе ’нæкæрон ныхæстæ. фæлæ ныр бамбæрстон, йæ цуры цы мæйтæ арвыстф*, уыдон дзæгъæлы кæй нæ фосты: цыдæр ахсджиаг æууæл ныууагъта Муромцев мæ зæрдæйы. Афтæмæй уæззау, хъынцъым фынæй бадæн æз. Хæлгæ нæмгуыты уынæр мæм хуыссæг нæ уагъта, фæлæ æз мæ цинелы арфдæр æмбæхстон мæ сæр, æрзылдтæн-иу мæ иу фарсæй иннæмæ æмæ та-иу ногæй аныгъуылдтæн рæ- дзæ-мæдзæ фынæйы. Фæлæ мын уый мæ буар цы ’лвæс- та, æндæр мын улæфт нæ лæвæрдта. Хъуыдытæ зивæггæнгæ лæсынц, хъусмæ хъæбæр дары дзаумæтты голлацжы дæрзæг буар. Умæл цинелы фæччи- тæй хъæбæр хъисы туагтæ|) кæлы фындзы хуынчъытæм. Нæ зонын, цас уыди мæ фынæй, растдæр зæгъгæйæ та, уыцы хæйрæджы хуыссæны цас фæратул-батул кодтон. Уалынмæ фембæрстон, меуæхскæй мæ чидæр куыд ныу- уыгъта, уый. — Æмбал лейтенант... Æмбал лейтенант... Тагъддæр! Сиды уæм полчы командир... Мæ буары рыстытæ æнкъаргæйæ, æз тыхамæлттæй ра- бадтæн фæйнæд^кытыл. — Цы ’рцыдис?—бафарстон æз „Хæлынбыдтыры" ды- дзы рухсмæ, салдаты уæнгтæм æдзынæг кæсгæйæ, уай- тæккæ базыдтон Василий Логиновы. — Нæ зонын, æмбал лейтенант! Штабæй фехъусын код- той, цæмæй тагъд сæмбæлат... Цæуæн ис? Æз ын ацæуыны бар нæма радтон, цæмæй бамбæрс- таин, сæрмагондæй мын Логинов уыцы бардзырд цæмæн хъусын кæны, æмæ мæ зæрдыл æрбалæууыд: уый абон радгæс телефонист кæй у. — Цæугæут!—арвыстон æй æз æмæ тагъдгомау мæ ци- нел кæныныл фæдæн. Полчы командир майор Горелов мыл фембæлдис тæккæ йæ блиндажмæ бахизæны: зындис ыл, нырма хуыссæджы хъæстæ кæй нæ фæци, уый. Йæ сæры цыбыр хъуынтæ уыдысты пыхцыл; йæ фæллад фæлурс цæсгомыл, уæлдай- Дæр та йæ цæсты быпты æрыыцадысты арф æнцъылдтæ. 3 33
Мах Гореловимæ рагæй зонгæ уыдыстæм—июлы мæйы Тимæй иумæ ралæууыдыстæм фæстæмæ. Гитлеронтæ нæ уыцы ран æнæнхъæлæджы фæцæф кодтой æмæ нæ уыцы уæззау фæлварæнтæ кæрæдзимæ бахæстæг кодтой. Æз ын ме ’рбацыды тыххæй зæгъын нæма бафæрæзтон, афтæ мæ уый ауыдта йæхæдæг æмæ мæ тагъд бакодта блиндажмæ. Къуымы штабы хистæр цыдæр хæххытæ код- та картæйыл, оперативон сводкæимæ йæ бæлвырдкæнгæйæ. Къæсæргæрон, мидæгæй та, къулы æнцой, дзуццæджы бад- тысты телефонисттæ. Уыдон-иу хаттæй-хатт дзуапп лæ- вæрдтой цавæрдæр сидтытæн. — Сбад,—загъта мын Горелов, бæстон арæзт чи нæ уыд, ахæм бандонмæ ацамонгæйæ; уый лæууыдис, йæхæдæг цы стъолы фæстæ æрбадт, уый раз. Горелов мыл цы хуызы сымбæлд, уымæ гæсгæ æз бам- бæрстон нæ ныхасы нысаниуæг æмæ нæ фæрæдыдтæн. Æнæ ракæ-бакæйæ æрывнæлдта хъуыддагмæ. — Дæумæ цал сармадзаны ис?—афарста мæ, цавæрдæр номхыгъдмæ æркæсгæйæ. — Дыууæ. Фæлæ сæ иуы ахъаззаг цалцæг хъæуы... — Гъемæ афтæ, дæуæн ма резервæй рахицæн кодтам иу сармадзан. Фæлæ йæ хъуамæ арвитат Волгæйы галиу былгæронмæ. Бамбæрстай? — Бамбæрстон, æмбал майор. Ацæуон? — Нæ, фæлæуу уал. Уый куыддæр фæлварæгау æмæ цымыдисæй æрбакасти мæ цæсгоммæ, цыма бæлвырд кодта, сарæхсдзынæн мæ алыбоны хæстæ сыххæст кæныны уæлдай æндæр исты стырдæр хæс сыххæст кæнынмæ æви нæ, стæй, цæрдæг февналгæйæ, систа телефоны хæтæл. — Фынддæсæммæ аппаратмæ фæдзурут!—-загъта тагъд- гомау æмæ æз фæджихау дæн, æцæг уыцы хуыз нæ рав- дыстон: фынддæсæм бригадæйы политхайады хистæр Сер- геев куы у. Мæнмæ йæ цы хъуыддаг хъуамæ уа? Цæмæ- дæр гæсгæ Сергеев æрæгмæ цыд, майор æнхъæлмæ каст æмæ йæхи æнцъылдтæ кодта, фæлæ уæддæр кæронмæ бан- хъæлмæ касти. — Уæдæ, чи зоны, мах арвитæм Костицины? — загъта 34
;&хæм хъæлæсы уагæй, цыма ныртæккæ цы ныхас фæуаг?>- дæуыд æрдæгыл, уый дарддæр кодта.— Уый ма уым хъуьщ- даг дæр ис. Арвитæм æй? Хорз... Фехъуыстай? Цæугæ,— телефоны хæтæл æрывæргæйæ загъта маенæы Горелов.-— Уый дын алцы дæр бамбарынкæндзæн. Æз ацыдтæн, растдæр зæгъгæйæ, алæстæн хæдзæрт- ты хæлддзæгты ’хсæнты, Сергеев цы ныккæнды уыд, уыр- дæм. Фынддæс минуты фæстæ æз бæлвырдæй зыдтон, цы мæ сæххæст кæнын хъæуы, уый. Бригадæйы нæ фаг кæньГ партион билеттæ, æрбаласын хъæуы æртæ сæдæ билеты æд сæрмагонд бланктæ. Мæнæн радтой æууæнчы гæххæтт æмæ, йæ хæцæнты хъусгæндты мыцъа мыхуыры синаг ала- «сæн цы ран уыд, ахæм бæзджын кæттагæй хызын. Уымæйг уæлдай ма мын хусарæзт æмæ мадзура Сергеев тынг фи- дарæй ныффæдзæхста хызын хъахъхъæныны тыххæй ме- мæ иу хæстон акæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æнæ- мæнг арвыстаид партбилеттæ хæссынмæ политхайадæй ис- лкæй, фæлæ иу цалдæр боны размæ бомбæ сæмбæлдис блин- .дажы æмæ, стæмты йедтæмæ, иуылдæр фæмард сты йæ кусджытæ. Æз æрбаздæхтæн мæ бынатмæ бонивайæнты, уайтагъд фæсидтæн Фомичевмæ æмæ Соколенокмæ, дык- *каг сармадзаны командирмæ, Баныхас кодтам, цы чындæ- уа, ууыл. Бауынаффæ кодтам, зæгъгæ, Соколенок баззай- .дзæн, механизм цалцæгкæнинаг ын кæй исл уый тыххæй, •Фомичев та ацæудзæнис мемæ галиу былгæронмæ æмæ уым фæхицæн уыдзыстæм. Уый ацæудзæнис, æд хæстонтæ нын цы сармадзан дæттынц, уымæ, æз та, партион документтæ иын кæм ратдзысты, уыцы хайадмæ. Кæй ачындæуа хæстонтæй мемæ? Æниу цы хъауджы- Дазр у! Кæй снысан кæной, уый ацæудзæн. Æз бардзырд радтон батарейы старшинæйæн искæй мæм радгæс хайа- дæй цæмæй æрбарвыстаид. Цалдæр минуты фæстæ, фæндагмæ рæвдзгæнгæйæ, мæ хъустыл ауад, чидæр хъавгæ куыд æрцæйхызт хъыс- хъысгæнаг асинтыл дæлæмæ. Фæцыд дуары хъинцъ, æр- бацæуæг æрбахызти къæсæрæй æмæ ныллæг хъæлæсæй фехъусын кодта йе ’рбацыды тыххæй. Фæкастæн æм. Уый> 35
уыдис Логинов. Йæ ф;гччитæ арыд, ахæм æнцъылдтæ æмæ ■ умæл цинелы. Логинов зындис бынтон къаннæг æмæ æнæ- арæхст. Сæттын ыл, æз уæд уыцы хъуыддаг стыр разæнгар- дæй бахæс кодтаин æндæрæн. Галиу фарсмæ ахизын афтæ æнцон нæу. Быран æппынæдзух уыдис знаджы æхсты бын. Нæ мæ фæфыдæнхъæл кæндзæн ацы лæппу? Арвитин æй фæстæмæ? Æз æнæнхъæлæджы рамæсты дæн: нæ, уадз^ рацæуа мемæ, уадз уæнт мæ цуры, цы у, уый мæхи цæс- тæй фендзынæн. Цæуын нæ бахъуыдис дыууæйæ. Фомичев æнæмæнг- хъæуæг документтæ фыссыныл иу дзæвгар бафæстиат полчы штабы. Æнхъæлмæ кæсынæн рæстæг нæуыдиæмæ æз Логиновимæ араст дæн Волгæйы былмæ, быран цы хæлд наулæууæны æрлæууыдаид, уырдæм. Мах куы бахæццæстæм, уæд дзы быран нæма уьгди. Уый тæккæдæр йеуæд фæхицæн фаллаг былгæронæй. Æз суыдтон дæрддзæфгомау иу цалдæр понтоны. Даргъ канатæй сæ буксир йæ фæдыл ласта. Понтонты уæлæ- лæууыдысты кæттагæй æмбæрзт уæзласæн машинæтæ, со ’хсæнтыта лæууыдысты æмæ бадтысты адæм. Пон- тонмæ æввахс-иу куы фехæлд снаряд æмæ-иу уæлдæфьг куы фæцыдысты донæй цæджындзтæ, уæд-иу адæм ахуыс- сыдысты понтоны астæрдыл. Буксир та, хуыр-хуыркæн- гæйæ, йæ фæдыл сабыргай ласта понтоны, иу дзырдæй, йæ алыварс цы ’хстытæ цыди, уыдоыимæ йæ цыма ницы хъуыддаг уыд, афтæ. — Раст адæймаджы нуæрттыл хъазы,—загъта чидæр мæ цуры лæуджытæй. Понтонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ былгæрон стымбылыс- ты иу цалдæр цæф хæстоны æмæ, махау, фаллаг фарс хъуыддæгтæ кæмæн, уыд, ахæмтæ. Махæн æндæр амал* нал уыд: æнхъæлмæ кæсын æмæ мæлæтимæ доны астæу цы быцæу бацайдагъ, уый цæмæй фæуыдзæн, уымæ цæст дарын йедтæмæ. Куыд фæнды зæгъ, фæлæ мах дæр, кæд понтон доны ацы фарсмæ æрбаирвæза, уæд тагъд бавзар- дзыетæм уыцы фæлварæн... Æппæт уыцы рæстæджы Логинов мæнæн иу дзырд дæр нæ загъта. Уый хибарæй бадтис дурыл æмæ, цæуылдæр Зй
хъуыдытæ кæнгæйæ, фæлгæсыди доны фаллаг фарсы- рдæм... Гъеуæд æвиппайды мæ зæрдыл æрбалæууыди, кæй йын ницы зонын, уый. Рæстæджы тындзгæ дугъ æмæ хъуыддæгтæй мын фадат никуы фæци, мæ алыварс цы адæймæгтæ ис, уыдонмæ æркæсынæн. Фылдæр хæттыты- иу ног ацæм æрбацыд æхсæвыгон æмæ-иу смидæг сты хæсты цæхæры. Райсомæй иу дзы бирæтæ фесты мæрдтæ æмæ цæфтæ дæр. Уыцы адæм-иу мæ цуры фесты æрмæст цалдæргай сахаттæ: æрцыдысты, сарæзтой сæ хъуыддаг, æмæ сæ, ныртæккæ зæрдыл цы лæууынц, уый йедтæмæ ницыуал баззади. Логинов ницы дзырдта æмæ дзы æз зæрдæйæ-зæрдæмæ уыдтæн бузныг-уый тыххæй. Æз афтæ бафæлладтæн, æмæ мæ æнæдзургæйæ бадын йедтæмæ ницы фæндыд. Хæст цыди километр æттæдæр, фæлæ ам, доны былыл, сабыр’- гай ленкгæнæг уæззау улæнты урс барцытæм кæс- гæйæ, æз мæхи æнкъардтон арф фæсчъылдымы. Волгæйы галиу фарсмæ мах бахызтыстæм æнæ ис- ты фыдбылыз æрцæугæйæ. Æг тагъд кодтон. Иныæ быран фæстæмæхъуамæ раздæхтаид изæры фондз сахатыл. Мый- йаг куы байрæджы кæнæм, уæд нæ æнхъæлмæ кæсын ба- хъæудзæн æхсæвмæ. Фæлæ фондзы æрдæгыл, мыцъа мы- хуырæй ныхæст уæззау кæттаг хызыыишв мах ногæй лæу- уыдыстæм доньг былыл. Изæрдалынгтæ бæзджынæй^бæзджындæр кодтой. Уыд уазал. Мæ ныккæндмæ тагъддæр куы бахæццæ уыдаин æмæ уым къаннæг пецмæ мæхи тсуы батавтаин, уый мæ фæндыдис. Бæрæг уыд, Логинов дæр тынг кæй суазал. Раздæрау ныр дæр йæхи дардта мадзура æмæ иу цас- Дæр къæрццхъухжй. Уыцы -рæстæджы дæргъы мах нæ кæрæдзийæн загътам чысыл ахадæг цалдæр ныхасы. Быран дзæвгар рæстæджы нæ зынди. Былыл стымбыл сты машинæтæ. Цавæрдæр ацæргæ схъæлрихи майор згьордта иу шофырæй иннæмæ æмæ сын дымгæйæ хъыг- Дард хъæлæсæй бардзырд лæвæрдта: апырх ут, зæгъгæ. Фæлæ йæм ничи хъуыста. Волгæйыл уæлæмæ сындæггай абырыди, суанг Астра- ^анæй къанат бæндæнтыл йæ фæдыл нефты дыууæ бар- 37
жæны чи ласта, ахæм буксир. Тæссаг хъуыддагу Сталин- грады цурты баржæтæ ласын, уыдонæй алкæцыдæр хор^ нысан уыди знаджы бомбæзгъалджытæн, фæлæ æндæр> рæтты фæндаг нæй. Машинæйæ æнæсайд къуырцц-къуырцц кæнгæйæ, буксир йе ’гшæт тыхæй цыди доны гуылфæн- ты ныхмæ. Иу цалдæр сармадзаны нæмыджы фехæлдыс- ты йæ алыварс æмæ баржæмæ хæстæг, фæлæ хъавгæ æхст- нæ уыд æмæ дзы стыр тæссагдзинад нæ уыди. Тагъддæр куы ’рбацæуид быран. Æппынфæстагмæ йæ сау хахх сабыргай фæхицæнис рахиз былгæронæй æмæ æрбарасти махырдæм. — Гъы, Логинов,—загътон æз, цас гæнæн уыд, уы& бæрц хъæлдзæгдæр æмæ хæлардæрхуызæй,— йеныр фи- дар фæлæуу! Кæннод нæ иуварс раппардзысты. Уый йæсæр разыйы тылдбакодта, фæлæ ницы сдзырдта. Æз равдыстон мæ документтæ схъæл рихи майорæн. æмæ нын ныфс бавæрдта, быранмæ нæ фыццаг рады кæ& бауадздзæн, уый тыххæй. Æниу „фыццаградонтæ" уы- дысты тынг бирæ. Æгæрстæмæй уыдоны ’хсæн уыдис булкъондæр фронты штабæй. Нæ дзурдзынæн, ууцы æлгъыстаджы быранмæ схизы- ныл мах цас фыдæбон фæкодтам, цас æлгъыстытæ æмæ хъаугъа дзы рауадис, уыдæттыл. Майор бынтондæр ныф- фæсус. Æппынфæстагмæ быраныл æрбатылдысты цальхр машинæйы. Уыдоны ’хсæнты æрбынат кодтой адæм. Механик скусын кодта буксиры мотор, быран базмæлыд æмæ сындæггай анкъуысти доны астæумæ. Æз кастæн Логиновы нарæг, сывæллонгъуыз цæсгоммæ æмæ æнкъард- тон, ме ’дыхдзинадæй хъизæмайраг тыхст кæй дæн, уый. Мæнæн мæ бон нæ уыд Логиновы, мæн куыд фæндыд, аф- тæ мемæ сдзурын кæнын. Æмæ мæн та фæндыди тызмæг æмæ æлхынцъæрфыгæй, цæмæй йын бауырнын кодтаин,. йæ зонды йын бауагътаин хæс æххæст кæй хъæуы; ныф- схаст, фидар, æнæзивæг кæй хъуамæ уа, уый тыххæй. Æз цæттæ уыдтæн „зæрдæйæ-зæрдæмæ" ныхас кæнынмæ. Ло- гинов та лæууыдис „æхгæдзæрдæ" æмæ æмыр дзыхæй.-— Иæ къухтæ æрынцадысты автоматыл. Уый æнцад-æнцойæ фæлгæсыди быраны фæдыл иырхæнтæкæнæг донмæ æмæ 38
æппындæр нæ касти мæнмæ. Уый мæ бар-æнæбары мæсть* кодта. „Дæлимоны хай фæуинаг! Боны фæстагмæ æз ко- мандир уæддæр дæн. Фæнды дæ æви дæ нæ фæнды, уæд- дæр мæм байхъусдзынæ!.." Фæлæ уыцы уысм цы ’рцыдис, уый мын мæ фæнд æрбайрох кæнын кодта. — Тæхынц!—ныхъхъæр кодтой быраны кæронæй. Æз кас* тæн арвмæ æмæ федтон, нæ хæд сæрмæ „Юнкерсты" звено куыд рацæйцыдис, уый. Кæд артиллерион нæмгуытæ нæ алывæрсты æмбæлдысты куыдфæндыйæ, уæд „Юнкерстæ" бомбæтæ згъалдзысты пикиркæнгæйæ æмæ нæ фæмæнг уы- дзысты. Доны фæйнæ фарсæй сæ ’хстой зенитон сармадзантæ æмæ пулеметтæ. Хæдтæхджытæ сæхи систой уæлдæрмæ æмæ мигъты афардæг сты. Фæлæ уый сæ маневр кæй уыд> уый дызæрдыггаг нæ уыд. Хæстæг нæм æрбахъуыздзыс- ты æмæнылсæхи раскъæрдзысты, нæхæдсæрмæ куы уой, уæд. — Ды, æвæццæгæн, хорз ленк кæныс?—афарстон Логи- новы. Уый æдзынæг каст кодта хæрдмæ, хæдтæхджытæ кæцы рдæм атахтысты, уый бамбарын æнхъæл. Нæ алыварс лæу- джытæ иуылдæр æнæсыбырттæй кастысты уæлæмæ, мо- торты æмыр гуыв-гуыв кæцырдыгæй цыд, уыцы саумигъты къуымбилтæм. —-Хорз,— йæдзуаппмæ „æмбал камандир" нæ бафтаугæйæ загъта Логинов. Æз уый фæфиппайдтон, фæлæ ныртæккæ ахæм лыстæг хъуыддæгтыл нæ уыдыстæм. — Мыййаг мыл исты куы ’рцæуа,—загътон æз,—уæд ацы хызын фæха^ццæ кæндзынæ политхайады хистæрмæ. — Ис,—загъта ахæм æнкъард æмæ фидарай, цыма æз Цæф кæнæ мард фæдæн. Уыцы минутыл нæ хæдсæрмæ ныхсидт кодтой бомбæтæ. Мæ царды мидæг æз цал хатты бахаудтæн бомбæзгъæл- сты бын, фæлæ йеныры хуызæн æнæхъахъхъæдран,—-тъи- уийы уæлæ, Волгайы астæу, никуы ма бавзæрстон. Сур зæххыл искуы фæмидæг уыдзынæ, æрымбæхсдзынæ, фæ- лæ ам дыууæ мардæрцыды у—гæпп кæн донмæ, ацу доны З^
бынмæ. кæнæ бад æмæ æнхъæлмæ кæс дæ адзалмæ уæзтæй емыдзаг уæзласæн машинæиы цæлхыты бын. Иæ, амæй зындæр уйвæры никуы ма бахаудтæн. Бомбæ- тæ ниудтой, сæ ниуд тынгæй-тынгдæр кодта, хъустытæн- джытæ æлхъывта, скъуыдта сæ. Бомбæтæ „зарæггæнджы- тæ"! Уыдои канд хæлгæ нæ кодтой, фæлæ ма сæ ниудæй дæр хъуамæ ссæстаиккой знаджы. Иунæг æмбæхсæн—уæзласæн машинæ. Кæд ыл бомбæ сымбæла, уæд йæ фарсмæ дæр фервæзæн нæ уыдзæн, фæ- лæ йæ быны æмбæхстæй, чи зоны, аирвæзтæуа бомбæйы схъистæй. Æз мæхи баппæрстон машинæйы бынмæ, уым ма кæрæдзиуыл калдауæй бадтысты дæс адæймаджы. Мæ цуры æрныгъуылди Логинов дæр. Уый цыма -ницы мæт кодта, афтæ зынд, фæлæ йæ къухы æнгуылдзтæ автоматы фæскъæбутыл хæцгæйæ цикъæйау куыд ныффæлурс сты, уый æз федтон. Хызын фæци не ’хсæн æмæ йæ æрымбæрзтам, цыма удæгас лæг уыд æмæ йæ царды тыххæй нæ дыууæйы дæр дзуапп дæттын хъуыд, уыйау. Цæсты фæныкъуылдмæ хъускъуырмагæнæг гуыпп фæ- цыд æмæ нырризын кодта тъиуийы. Уый фæкъули иувар- сырдæм, фехъуыстысты тыхст хъæртæ. Базмæлыд машй- нæ мæ ’сæрмæ æмæ кæдæмдæр бынмæ абырыд. Тъиуи ны- гъуылди доны йæ уæзæй. Дон уайтагъд скалди мæ хъуы- ры онг. УыцЬг рæстæджы æз афтæ фенхъæлдтон, цыма æппæт дæр бабын, фесæфти. Доны хæлбурцъгæнæг улæн- ты абухгæйæ æз ницыуал ауыдтон, æрмæст мæ бон мæ тыхæй ныффидар дæн хызыны хæцæнтыл. Фæлæ уыцы рæстæджы машинæ æрфæлдæхт йæфарсыл, гуыппытæкæн- гæ дзы æркалдысты уæззау ящиктæ. Ферттывтоймайæ цæл- хытæ-æмæ нал фæзынд! Æрмæст ма улæнтæ фынк калд- той нæ алыварс. Фæлæ машинæ кæй бабын, уый фервæзын кодта мæн æмæ иу цалдæр лæджы. Тъиуийæ ма æнæхъæнæй цы хай баззад, уый, йæ уæлæ цы уæз уыд, уымæй -куы феуæгъд, уæд сраст æмæ йæ æз æнæнхъæлæджы мæ быны банкъард- тон, Уымæл фæйнæджытыл хуысгæйææз акæстытæ кодтон. 40
*Кæми хызын?.. Мæ цæст ыл не схæцыд. Фырадæргæй ма <цы акодтаин, уымæн ницы уал зыдтон. Уый бæрц фæрис, фæфыдбон кæн, мæлæты тасдзинад бавзар—æмæ афтид ар- мæй фæстæмæ æрыздæх! Цы ма чындæуа? Бомба сæмбæлдис тъиуийы тæккæ астæу æмæ йæ иу цалдæр хицæны фæкодта. Иуфарсырдытæй ма ноджы ленк кодта пæ иу хай, йæ уæлæ уыд машинæ æмæ уый алы- фарс та змæлыдысты цалдæр хæстоны. Дард, йæ галиу сынæгыл фæлдæхтæй ма йæ фæстаг тыхтæй былгæронмæ тындзыдта буксир. Æз кæм уыдтæн, уыцы тъиуийы гæппæлыл ма ноджы- дæр хуыссыдысты дыууæ адæймаджы. Сæ иу—булк^он, фронты штабæй. Йæ сæр уыди уæззау цæф. Доны бынмæ нæ афардæг æрмæстдæр уый тыххæй æмæ ’" йæ цинелы фæччи фæфидарис, машинæтæ бæндæнтæй баст цы кæн- дзымæ уыдысты, ууыл. Дыккаг уыд, доны бынмæ цы машинæ афардæг, уыйшофыр. Утæппæтуæзтæйма тъиуи- йы фаркыл’ аззадис машинæйы гуыффæйæ æрхауæг кон- сервты иу стыр ящик. Шофыр ма бафæрæзта машинæйы кабинæйæ рагæпп кæнын æмæ удуæлдай хуызæй бадти тъиуийы кæрон æмæ æдзæмæй касти донмæ. Логинов ничердыгæй зынди. Чидæр былырдæм ленк кодта, фæлæ йæм куы ра’кастæн, уæд æз бафиппайдтон, уымæн йæ сæры хъуынтæ саубын кæй уыдысты, æмæ Ло- гиновæн та хъæмпхуыз, бурбын сæры хъуынтæ уыд. Тъиуийы сæстытæ сындæггай цъелф кодтой доны ас- пеуты. Кæдæм нæ ахæсдзæн, уый ничи зыдта. Изæрдалынг- тæ бæзджындæр кодтой. Талынджы манæ ссардзæни дык- каг буксир? Æз слæууыдтæн мæ къæхтыл æмæ, мæ къухтæ рупо- рау авæргæйæ, ахъæркодтон былмæ: — Э-ей!.. Æрбадæттут буксир!.. Эхо апырх кодта мæ хъæр æмæ æрбайхъуыстис кæм- Дæр донкъубалæджы фæсте. Уайтæккæ æввахс ран фехæл- Ди немыцаг снаряд æмæ мыл суанг мæ сæры онг дон спырх кодта. Æнæнхъæлæджы æз ауыдтон, доны астæуæй мæ къæхтæм кæйдæр къух йæхи куыд ивазы, уый. Уыцы 41
-секундыл фæзынди хызыныл æндæгъдæй дыккаг къух дæр, стæй та Логиновы сæр. Уый æнхъæлдзы нæ уыдтæн,. Доны бынæй фегуырæгау Логинов февзæрдис тъиуийыл„ Æз фырдиссагæй ме ’муд нæма æрцыдтæн, афтæ уый хы- зын æрывæрдта фæйнæджытыл æмæ мæ 4 цуры лæугæйæ йæ уæлæ лæмæрста йæ хæдон, цинел æмæ йыл цырыхъ- хъытæ нæ уыди. Фæлæ ма цыдæр амалæй йæ бон бащ* йæ автомат бахъахъхъæнын. Гæрзæй ауыгъд уыд йæ бæр- зæйыл. — Кæцæй фæдæ?—æнæбарыгомау æй бафарстон æа æмæ æрмæст йеуæд бамбæрстон, мæ фарста цæй æдылы уыди, уый. Æвæццæгæн æй Логинов дæр бамбæрста. Æппæт уыцы рæстæджы дæргъы бахудти фыццаг хатт. — Уартæ урдыгæй,—ацамыдта донмæ.—Бомбайы дымгæ мæ аппæрста! Æмæ æз цалынмæ хызын ластон, уæдмæ сымах дон ахаста. Гъе, æмæ уæ мæнæ æрбаййæфтон. Уа- зал ын уыд æмæ йæ гомбæгъд къæхтæй фæйнæджытыл, кафæгау, гæпп-гæппыл схæцыд. Стæй æрбадти ящикыл æмæ йæ къæхтæ æууæрдын райдыдта. — Уазалгомау дон у,—загъта уый,--мæ зæвæттæ ныйих сты!—йæхæдæг æркасти, ящикыл цыфыст уыд, уымæ æмæ йæ мидбылты бахудтис:—Гъа, мæнæ „Энзе" дæр... Гъе- ныр нын тас нал у, Астраханы онг куы нылленк кæнæм, уæддæр... Æз хызын систон æмæ йæ стылдтон. Ницы йын уыд, æрмæст йæ мыцъа мыхуыр иыцъæлтæ. Æнгом æхгæд уыд æмæ йæ хуылфмæ дон нæ бахъардта. Æз архайдтон Ло- гиновы къухты уыцы хызын кæд æмæ цы хуызы февзæрд, уый æрымысыныл, фæлæ мæ бон нæ уыд. Цыдæр-хуы- зон тыхсаст фæдæн уайтагъд æмæ æрбадтæн ящикы тигъыл. Уыцы рæстæджы булкъон йæхиуыл схæцыд йæ рæмбын- къæдзтæй æмæ мæм фæсидти. Хъуынджын, кæрæдзиуыл- ныхæст æрфгуыты бын йæ къæсхуыр цæогомыл зындис стыр сагъæс. Уый æмбæрста мæлгæ кæй кæныæмæ тагъд йодта мæнæн ахсджиаг хъуыддаг зæгъынмæ. — Æмбал лейтенант... Мæнæ, мæ риуы... дзыппы пакет- 42
ЧГуйковмæ... Радтæй æнæмæнгæй... фехъусын кæнутфрон- ты штабмæ мæн тыххæй. Мæ мыггаг—Матвеев... Ныффыс- сæнт-иу мæ усмæ... — Хорз,—загътон æз æмæ йæ разы мæ уæрджытыл* æрлæууыдтæн.—Æппæт дæр сараздзыстæм, æмбал бул- кон. Уый йæ фæсонтыл æрфæлдæхт æмæ ризгæ æнгуыл- дзтæй райдыдта йæ цинелы риуæгънæджытæ уадзын. Æз: ын феххуыс кодтон æндæхтæй хуыд æмæ мыцъайæ ны- хæст пакет йæ тары дзыппæй сисынмæ. Булкъон пакет мæ къухы куы федта, уæд æнцонæй сулæфыд æмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта. Уæдмæ нын нæ тъиуийы дон зилгæ хаста. Фæсте за- дысты доны сау былгæрæттæ. Акъошштæ æмæ бомбайы дзыхъхъытæ сæ хæбузнизау скодтой, сауæй зындысты æр- дæгсыгъд хæдзæрттæ. Дардæй хъуыстысты пулеметты- дæргъвæтин гæрæхтæ æмæ уæззау минаметы стæм къуыр- ма гуыппытæ. Булкъон хуыссыди уадзыгæй, уымæ гæсгæ тъиуийыл чи цыд, уыдоны хистæр уыдтæн æз. Мæ „Гарнизон" уы- дис дыууæ лæгæй—Логинов æмæ шофырæй, фæстаг сæр- гуыбырæй бадт тъиуийы кæрон. Цы сарæзтæуа? Мах цы афтид фæйнæджытыл лæууы- дыстæм, уыдоны йедтæмæ нæм ницы уыд цæмæй æрба- ленк кодтаиккам, ахæм. Уæдæ æнхъæлмæ, кæсæм, цалын* мæ нæ буксир аласа æви мелыл æрлæууæм уæдмæ? Фæ- лæ ныртæккæ тагъд талынг кæны, æмæ нæ сахаты ’рдæ- джы фæстæ былгæронæй дæр рахатæннал уыдзæн. Æхсæ- вы дæргъы та нæ ахæсдзæнис сæдæ километры бæрц Ас’- траханмæ æввахс, æмæ й,æ, чи зоны, уым ныл цы ',рцæу- Дзæни, уый дæр. Цалынмæ æз нæ уавæрыл хъуыды кодтон, уæдмæ Ло- гинов æрзылди тъиуийы алы кæрæтты æмæ æнцад, бар- Дзырдмæ æнхъæлмæкæсæгау, æрлæууыди мæнæй чысыл* ^ттæдæр мæ комкоммæ. Æз æрбадтæн хызыныл æмæ лыстæггай мæ цæст хас- тон фæйнæджытыл. Иу фæйнæг дзы уæддæр куьг уаид. Расæттæн, уæд нæ къухты уаид фыййаггонд исты. Фæлæ 43>
йæ цьг хуызы ратьшдæуа. Тынг бæзджын сты æмæ фидар хуыд зæгæлтæй æмæ къæндзытæй. Цас фæнды фыдæбон кæн, уæддæр дзы не сыппардзынæ. — Хъусыс, шофыр,—-æнæнхъæлæджызагъта Логинов,— æрцу ардæм.—Уьш цы бандзыг дæ? Шофыр æм бакаст, стæй æвæндонæй сыстад. Уый уы- дис мæллæг, бæрзонд, цъерийыхъилау, зетийæ амæст кам- <5инезоны мидæг. Йе ’нæдаст цæсгом ныцъæхи уазалæй. Лæууыд, донласт карчгэт базыртау йе уæхсджытæ дæ- лæмæ æрыппаргæйæ æмæ йыл зындис, йемудкæй нæмаæр- цыдис, уый.—Хæцæнгарздæм ис?--бафарста йæ Логинов. — Нæй,—æнкъардæй загъташофыр,—доны бынмæ афар- дæг. — Гъе, уым дзы рактæ æхсдзысты,— худæгау бакодта Логинов.—Æмæ уæдæ ныр доны былмæ куыд бахизынмæ хъавыс? Гъы, шофыр? Шофыр йе уæхсджытæ батылдта æмæ мæнмæ фæрсæ- гау æнкъардæй æрбакаст, цыма доны ахизын мæ бар- дзырдæй æнхъæлцау уыд, раст афтæ. Æз ницы дзырдтон. Фыр хъуыдыйæ мæ къæмисæнтæ риссæгау кодтой, фæлæ ницы мæ бон уыд æрхъуыды кæнын. Логинов сгæрста тъиуийы æмæ мæ йæ ныфсæй ныфсджын кодта: Гъе, ныр æз æууæндын байдыдтон уый тъиуитæ кæй уагъта, ууыл. Æгæр æдас цыд кодта йæ гом къæхтæй бырынцъаг фæй- нæджытыл, æмæ йæ фезмæлдтыты уыдис цыдæр æнæсæт- тондзинад. — Цы, Логинов,—бадзырдтон æм æз цас, хъæлдзæгдæ- рæй гæнæн уыд,уыйас,-~ды, æнхъæл дæн Печорæйы тъи- уитæ бирæ фæуагътай... Гъе, уæдæ равдис дæ арæхст- дзинад! Логинов йæ цæст æрцъынд кодта æмæ мæм æрба- касти, стæй тъиуийы кæрæтты йæ къæхтæй тъæпп-тъæпп гæнгæ фæрасти. Æз йæ фæдыл кастæн, æмæ тырныдтон, цы саразынмæ хъавы, уый бамбарынмæ. Тъиуийы кæрæт- тæ æмхуызон раст нæ уыдысты, иуæй-иу фæйнæджытæ дзы аззадысты даргъдæр, иннæтæ та цыбырдæр. Логинов сæм æдзынæг фæкасти, стæй мæм æрбацыд. — Фæйнæджытæй ленк кæндзыстæм,—загъта уый. — Æмæ сæ цы’гъдауæй асастæуа?—бафарстон æй æз. -44
— Сæтгæ сæ акæндзыстæм,—сындæггай загъта уый,—- Мæнæ уый, кæронæй. Æмæ мæнæ уый—астæуæй. Фæйнæ’ фондз метры уыдзысты. Гъы, цæуы? ~ Цæуы,—загътон æз, цы хуызы сæ рафтаудзæн, уый нæма æмбарын, афтæмæй. —• Райдайон сæ æфтауын? — Райдай. Логинов уайтагъд систа йæ бæрзæйæ автоматы гæрз. æмæ фæйнæг æмыр хуыд кæцы ран уыд хъæдмæ, уыцыр- дæм бацыд æмæ йыл суагъта автомат. Фæйнæрдæм хауд- той фæйнæджы схъистæ. Цалдæр секундмæ фæйнæг фев- зæрдис тъиуийы уæлæ. Ахæм хуызы самал кодтам дык- каг фæйнæг дæр. -—Гъе, шофыр, æрцаразæм рултæ. Æруадз дæ фæйнæг фæсте æмæ фидар хæц. Æз та здахдзынæн галиуырдæм.. Шофыр тъиуийы кæрон йæ . фæйнæг йæ тигъырдæм ауагъта доны. Логинов слæууыд галиуырдыгæй фарс æмæ райдыдта архайын йæ фæйнæгæй фыййагау. Фæйнæг уæззау уыд æмæ æдзух цъелф кодта. Æз Логиновæн хъуа- мæ баххуыс кодтаин, фæлæ мын не сразы: — Сымах, æмбал командир, мæн ма хъыгдарут. Æз уы- цы хъуыддагыл ахуыр дæн—мæхи бар мæ уадз... Эй, шофыр, рахизырдæмдæр хæц!.. Ноджыдæр рахизырдæм... Тынгдæр, тынгдæр ыл æрынцай! Шофыр йæ гуыбынæй æрхуыссыд фæйнæгыл, фæлæ йæ тыхтæй урæдта йæ къухты. Æз æм мæхи баппæрстон фе- хуыскæнынмæ æмæ йæм дыууæйæ куыддæртæй сарæхсты- стæм. Тъиуи сабыргай азылдн былырдæм. Мах рацыдыс- тæмдоны цырынæй æмæ бахаудыстæм, сабрярдæр казм уыд æмæ зынгæ æнцондæрленггæнæн кæм уыд, ахæм ранмæ. Æнæнхъæлæдж^ы шофыр кæдæмдæр фемдзасти æмæ цыма лидзынмæ хъавыд, уый.ау фесхъиудта:—Судзы! Æз акастæн, уый кæцырдæм амыдта, уыцырдæм <имæ, чысыл ма бахъæуа, мæ къухтæй ма феуæгъд кæнон фæй- нæг—’уый мын æрбариуыгъта мæ роцъо. Æз цы федтон, уый æцæгæй дæр уыди æбуалгъ хабар. Доныл æмвæтæ- тæнæй, иу* былæй иннæ былмæ чи аххæсти, ахæм сырх- сырхид арт хуыдугкæнæг,сауфæздæгимæ махырдæм хазс- 45-
тæгæй-хæстæгдæр кодта. Мæ зæрдыл æрбалæууыдысты, Саратовмæ цы нефтыбаржæтæ ацыдысты, уыдон. Æвæццæ- гæн сæ бомбæтæ ныппырх кодтой æмæ судзгæ нефт апырхи Волгæйыл. —-Тагъддæр скъæрут,æмбæлттæ!—ныхъхъæркодтон æз. Ныр, тъиуи былырдæм куы азылд, уæд дыккаг фæй- •нæгæн дæр йæ бон уыд фыййаджы куыст æххæст кæнын. Мах æй сæвæрдтам рахиз бортыл æмæ дзы архайдтам, нæ ’тыхтыл нæ ауæрдгæйæ. Фæлæ тъиуи æгæруæззау уыд, мах та—фæллад. Доны •былгæрон нæм æввахс кодта, фæлæ артæй зынгæ сындæг- .дæр. Логинов йæ фыййагæй архайдта æмхуызон, тыхджын. Уый йæ хъуыддаг арæзта æз æмæ шофырæй бирæ ’рæвдздæр, арæхстджындæрæй. Махæн куыд зын у, уый уынгæйæ райдыдта нымайын: иу-дыууæ, иу-дыууæ!— цæмæй нæ архайд суыдаид цавæрдæр æмызмæлд. Фæлæ махæн нæ фæйнæг алы хатт дæр бынмæ цъыгъгъуыст кодта æмæ мах йæ фæдыл нæ фæрæзтам æвналын. Былмæ ма баззадис дыууæ сæдæ метры. Æз сфæнд кодтон хызын æд документтæ мæ ронæй фæйнæгмæ сбæт- тын æмæ уыдонимæ донмæ Логинов йæхи цæмæй аппæр- * стаид. Цыфæнды куы уа, уæддæр хъуамæ документтæ ма фесæфой. Мах дæр шофыримæ нæхи бабæтдзыстæм ин- нæ фæйнæгмæ æмæ бафæлвардзыстæм нæхи фервæзын- кæныныл. Мæ зæрдыл æрбалæууыд, булкъон немæ кæй ис, уый æмæ цалдæр секунды мæ къухтæ феуæгъд кодтон фыййа- гæй, цæмæй йæфенон æгасма у æви нæ? Булкъоныл куыд- дæр мæ къух аныдзæвд, афтæ йæ сæр базмæлыд, йæ цæс- тытæ байгом сты æмæ цыдæр багуым-гуым кодта. Нæ, мæ- бон нæ уыд уый арты ныууадзын! [Логинов æмæ шофыр аленк кæнæд, æз баззайдзынæн. Фæлæ мæ хъуыды шофы- рæн куы загътон, уæд уый йæ сæр тарст тылд бакодта, нæ зыдта ленк кæнын. Афтæмæй тъиуи ныууадзын йæ бон уыд æрмæст Логиновæн. Æз ын бардзырд радтон хызын фæйнæгмæ бабæттын æмæ уыимæ былмæ ленк кæвыны тыххæй. Фæлæ та ам 46
.дæр, æз æнхъæл цы нæ уыдтæн, уый рауад. Къæйных каст мæм ныккодта Логидов. — Æмбал командир, æз дæр нæ аленк кæндзынæн,—са-> «быргай загъта уый. — Цæмæннæ?—тыххъæр кодтон æз.—Ленк кæн, æз дын зæгъын! — Уымæн æмæ сымах æнæ мæн бабын уыдзыстут. — Æз дын зæгъын, документтæ фервæзын кæн! Логинов фæйнæгыл ныззæгæлæг, афтæмæй лæууыд. Йæ цæсгом ныффæлурс. — Æмбал командир, ма дзурут! Æппынфæстагмæ доку- менттæ басудздзысты кæнæ фæдæлдон уыдзысты. Фæлæ> уыдон нæ бахаудзысты знаджы къухтæм. Æмæ махæн нæ *бон бауыдзæн булкъоны мæлæтæй фервæзынкæнын. — Мах æнæ дæу цæудзыстæм,—ныллæууыдтæн æз мæ- хн фæндыл. Уый йæ сæр банкъуыста: — Æнæ мæн ницы бакæндзыстут. Иу цалдæр уысмы лæууыдыстæм кæрæдзи цæстытæм ^кæсгæйæ. Мæнæк, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ бон уыд автомат раскъæфын æмæ йæ тыхæй сразы кæнын. Фæлæ уый афтæ кæй арæзта, уый йæ тæппуддзинады нæ, фæлæ йе стыр лæгдзинады нысан уыд æмæ йæм æз та уый æн- хъæл нæ уыдтæн. Æз разылдтæн фæстæмæ æмæ бараст дæн мæ фыййа- джы ’рдæм. Шофыр ма архайдта йæ фæстаг хъаруйæ, тых- амæлттæй ма лæууыд йæ къæхтыл æмæ цалдæр хатты, гыццыл ма бахъæуа, ма ныххауадоны мидæг. Тæккæ дæр уыди йæ раивыны рæстæг. Тъиуи дæргъмæ уыд фондз къахдзæфы, уæрхмæ та- æхсæз. Йæ фæйнæджытæ æмхуызон сæстытæ кæй нæ уы- дысты, уый куы хынцыдæуа, уæд зынди зылынтæ цып- пæрдигъоны хуызæн. Æз ынйæ астæумæ баластон бул- 'Къоны, йæ цуры та йын хызын æрывæрдтон. Гъе, уæд æнæнхъæлæджы æз фыццатхатт мæ царды мидæгахъуы* ды кодтон, кæй сæфын, ууыл. Мемæ фесæфдзæнис пакет дæр. Цы йæ фæчындæуа? Логинов куы аленк кæнид был- кæ, уæд æм пакет дæр уаид радтæн. 47
Æз, æнхъæл дæн, зæгъын, бахаудтам цавæрдæр æлгъыс- таг, хингонд зиллаккмæ. Нæ алкæй цард дæр баст уыди нæ кæцыфæндыйы цардимæ, Булкъоны цард та—неп- пæты цардимæ. Дзурынц, зæгъгæ, дам, адæймагæн ис- дыккаг уд дæр. Нæ зонын, уый цас раст у. Фæлæ мах уыцы уæззау фæйнæджытимæ цы тыхæй архайдта^м, уый нæм кæцæй февзæрди, уый абоны онг дæр нæма æмба- рын. Былмæ ма баззадис сæдæ метры бæрц, пиллон арт нын нæ тъиуи куы ’рбаййæфта, уæд. Фыццаг нæм æрбахæц- цæ дæргъæццон, нарæг джебогътау. Æгæрстæмæй фен- хъæлдтам, зæгъгæ, дзы аирвæздзыстæм. Минуты фæстæ^ ныл алырдыгæй æрбафæйлыдтой пиллон арты сырх-сыр- хид æвзæгтæ. Æнтьыснæг сау фæздæг нæ нæ уагъта улæфын, цæсты- тæ æвдæрзта, бафткдта ныл удуæлдай хуыфæг. Тъиуийы алы фенкъуыстæй дæр-иу судзгæ нефт схызти фæйнæ- джытæм æмæ райдыдтой фæздæгкалын, лæстысты сыл арты лыстæг æнгуылдзтæ. Нæ фыййæгтæ сыгъдысты... Æнæнхъæлæджы шофыр фæлæбурдта йæ риумæ, фæ- сонт æмæ дæлгоммæ æрхаудта булкъоны фарсмæ. Нырь мах баззадыстæм Логиновимæ дыууæйæ. Уый тъиуийыиу фарс, æз—йеннæ... Æз фæстæмæ фæкастæн æмæ йæм фæкомкоммæ дæн. Уый алайæ ныссау, афтæмæй лæууыд æмæ фæйнæгæй æттæмæ- фæйлыдта судзгæ дон. Исдугмæ-иу ныллæг улæнтæ уы- дысты нарæг ныхдур судзгæ нефт æмæ тъиуийы ’хсæн—• уыцы рæстæджы.-иу райдыдта размæ цæуын. Æз дæр< уыйау афæлвæрдтон артимæ тохкæныныл. Фæлæ уый мæ- нæн уыд æвирхъау зын. Уæззау фæйнæг мæ коммæ нæ каст. Тырныдта/æнуемæ доныбынмæ ацæуыныл. Фæлæ ныртæккæ райдыдтам къуырма удуæлдай тох^ Нæ, мæнæн мæ бон нæ уыд фæстæмæ алæууын, уый тых- хæй нæ æмæ командир уыдтæн, стæй уый тыххæй дæр нæ æмæ ма хъуыды кодтон, цы нæ хицæн кæны, уый. Уы- цы минутыл æз ферох кодтон æппæт дæр дунейыл иу хъуыддагæй фæстæмæ: мах хъуамæ не ’ппæт дæр цæрæм. 48
Иу цалдæр судзгæ стъæлфæны æрхаудта хызыныл æмæ райдыдта фæздæг калын. Уайтагъдахуыссынкæнынхъуыд кæттаг, фæлæ æз мæ ныфс нæ хастон мæ къухтæй фæй- лæг суæгъд кæнынмæ. Гыццылдæр-иу куы фæлæууыд- тæн судзгæ нефт фæстæмæ калынæй, уæд-иу йæ арт æр- багуылф кодта фæйнæджытыл. Цыма акодтаин фырадæр- гæй, уый ыал зыдтон. Уалынмæ æз ауыдтон, Логинов йæ галиу къухæй фæйнæг не суагъта, афтæмæй фæгуыбыр кодта æмæ цырд фелвæста хызын йæ хæцæнæй, фæтъыс- та йæ доны æмæ йæ баппæрста фæстæмæ йæ бынатмæ. Æнæнхъæлæджы тъиуи йæхи цæуылдæр скъуырдта æмæ, гыццыл ма бахъæуа, æз ма фæфæлдæхон. Фæсте хъæртæ æрбайхъуыстысты: — Арæхстгай!... Ардæм!.. Ардæм!.. Æз акастæн. Цалдæр хæстоны æфсæйнаг баркасыл, хæ- бырæгътимæ хæрз хæстæг æрбацыдысты махмæ. Дыууæ дзы уайтæккæ æрбагæпп кодтой борты сæрты, базгъорд- той булкъонмæ, арæхстгай йæ бахастой лодкæмæ, стæй æрбаздæхтысты шофырмæ. Æз фæйнæг аппæрстон донмæ æмæ февнæлдтон хызынмæ. Фæлæ мын æй уайтагъд мæ къухтæй аскъæфта Логинов: — Æмбал командир! Тагъддæр бахизут. Æз уæм æй ба- дæтдзынæн,—æмæ мæ фæдыл сгæпп кодта лодкæмæ. Мах нæхимæ, батареймæ æрбаздæхтыстæм изæры æрæ- джиау. Мæ дыууæ къухы дæр уыдысты бинтæй тыхтытæ. Æрмæст доны был банкъардтон æз мæ къухты рыст. По- литхайады хистæр нæ бацыдмæ зыдта, цы ’рцыдис, уый æмæ махдæр æмæ документты дæр нымадта сæфтыл. Фæ- лæ йæм æз радтон хызындæр æмæ армийы командиры но- мыл пакет дæр, æмæ ма бафæрæзтон мæ блиндажы онг бацæуын дæр... Дыккаг бон райсомæй æз фембæлдтæн Логиновимæ иу- къахфæндагыл. Уый газеты гæппæлыл сыгъдæг кодта йæ автомат. Мæн куы ауыдта, уæд сыстад. Æз æм бацыд- тæн æмæ йын загътон: — Байхъус-ма, Василий!.. Æз дын, æрдхорд, уый зæ- гъынмæ хъавын... Дæу, кæй зæгъын æй хъæуы, бавдис- дзысты схорзæхджын кæнынмæ, фæлæ уый хицæн хъуыд- 4* 4»
дагу. Мæн та тынг зæрдиагæй фæнды дæуæн рекомендаци радтын... Сразы у! Йæ цæстыты ферттывта цыдæр удæгас, амонды цæхæр. — Æмæ мæнæн дæр мæ бон у сымахæн рекомецдаци радтын, æмбал командир? Хæст фæуыдзæн, æрцæут мах- мæ. Сымахæй хорз тъиуискъæрæг рауайдзæн. Уæ фыццаг фæлварæн уал æвзæр нæ рауад. — Ай-ай, æрцæудзынæн,—бахудтæн æз. Изæры мах æмхъæлæсæй райстам партимæ Логиновы, дыккаг бон нæм батареймæ æрбацыд партион комиссы сек- рета^ь, æмæ йын радта партбилет, Логинов йæхæдæг цы хызын бахъахъхъæдта, уым цы билеттæ уыд, уыдонæй иу. Фæстæдæр сывзæрстам ног парторгæй сержант Соколен- койы. Уый Фомичевæй бирæ лæгдæр разынд уыцы ахс- джиаг, цытджын хъуыддагæн. Гъе афтæ у йæ кæрон мæнæ дзæвгар азты р&змæйы историйæн. Мах иуæй-иу хатт дзурæм „царды скъола", фæлæ алыхатт не ’мбарæм уыцы дзырдты хъуыды. Æцæг лæгдзинад нæм æрцæуы зын фæлварæнты мидæг. Уыцы бонæй фæстæмæ æз афтæ нал зæгъын, зæгъгæ, адæймагмæ æрмæстдæр кæсгæ бакæнон, уы йедтæмæ йæ «базондзынæн. 50
Вихров В. ÆФЦÆГЫЛ Фæстаг автобуо ацыдис расписанимæ гæсгæ: стдæс <сахат.æмæ цыппор минутыл. Бæлццæттæ уадиссаг бирæ ■нæ уыдысты. Ахæм гакъон-макъон фæндагыл, уæвгæйæ, цæугæ та чи кæны! Амал кæмæн нал вæййы, æрмæстдæр ахæмтæ. Анохин иунæгæй бадтис фæстаг бандоныл, автобусы алы сриуыгъдæн йæ чъылдым цавта гуыффæйыл. Тызмæ-. тæй хъуыста æвзонг лæппу, тæппытæ фæлмæн кепкæйы, куыд архайдта йæ сыхаджы ныхасыл фæгæрз кæнынмæ. — Мæнæй никуы ницы рох кæны,—æууæндын кодта æв« зонг лæппу.—Иу хатт федтон—æмæ фæци. Зæгъон дын æй, кæм дæ федтон, уый? Фельдшерты скъолайы—хъазты. Раст нæ зæгъын? Чызг ницыдзырдта, афтæмæй каст, мит кæуыл схæцыд, уыцы фæрссагæй. Йæ чысыл хъусыл дзедзлой кодта стыр хъусцæг—клипс. — Æндæр исчи ма, о!—æмæ лæппу цæмæндæр, йе ’нгуылдзæй бартхъирæн кодта игæргъуыз хъусцæгмæ,— мæнæй ницы рох кæны. Мæнг дзуры, æшгёет дæр мæнг дзуры,—йæхи сынцъылд- та Анохин. Автобусы станцы ма куы уыд, уæд фæфип- пайдта ацы лæппуйы, модæ чысыл худы æмæ боныгъæд- мæ гæсгæ чи нæ бæззыд, ахæм рог палтойы. Æвзонг лæп- пу рацу-бацу кодта станцы хъæбæр диванты æхсæнты, стæй æрбадтис мæнæ, сырх клипстæ кæуыл ис, уыцы ’чызджы фарсмæ æмæ дзы нал фæхицæн. 51
„Ахæмтæн сæ бон нæу, сахаты бæрц дæр куы никæй1 феной, уæд?44 —зулмæ бакаст Анохин æмæ та ногæй бай- хъуыста, лæппу чызгæн цы дзуры, уымæ. Ныр æм чызг фæлмæн цæстæнгасæй худæгау ко&та. Фæрссаджы æттийæ арв луæрста сасирæй луарæгау. Цыргъ тъыфылтæ æндæгъдысты фæрсеæгтыл, хъыс-хъыс кодтой цæлхытæ. Автобус уыд зæронд æмæ размæ бырæ- гау кодта, иуырдæм-иу æркъул уырдгуыты, уæззау улæфт кодта хæрдты. Анохин цыд йæ ус æмæ йæ фыртмæ. Афæдзы æрдæ- джы бæрц сæ нал федта. Ноджы дæр сæ фылдæр рæстæг нæ федтаид, — æрхæндæгдзинад æй куы нæ сбырстаид,. уæд. „Уый кæддæриддæр зын бамбарæн у",—дзырдтауый, йæ бинонтыл цы æрцыди, уымæй-иу æй куы фарстой, уазд. Æппæтæй хъыгагдæр хъуыддаг уый уыд, æмæ йын бам~ барын кæнын дæр нæ уыд. Ахæм хабар æрцыд æмæ дæ сæр куы ацъæл кæнай—нæ йæ бамбардзынæ. Йæ ус Леля, алы хатт дæр зондджын æмæ æмбаргæ Леля, цыма, сыр- ра ис. Мæнæ цæйау фæдзурынц „бынтон ницæй тыххæй, бынтон ницы аххосæй" æмæ йын иу бон йæ чемодантæ къæсæрæн æттийæ фæкодта æмæ æйда-а! Анохин ма æх- гæд дуæртты размæ чемоданты цур алæууыд, йæ ронæй сæ бабаста æмæ сæ баппæрста йæ уæхскмæ. Уый фæстæ æр- цыд ардæм, денджызы был чысыл горæтмæ. Æуый дын æгас таурæгъ. Абон райсомæй дæр ма нæ зыдта—ацæуа æви нæ. Фæ- цис сабаты цыбыр бон. Анохин ахицæнтæ кодта хицæн панкæтæм рапортичкæты (Анохин куыста техник-норми- ровщикæй арæзтадон канторæйы) æмæ сфæнд кодта: Ацæ- уон, бафæлварон". Фæлæ уал фыццаджы дæр ссарын хъуыд аликант. Бæ- рæг нæу кæд бауарзта Леля уыцы зынаргъ сæны... Леля йæ царды мидæг уыцы сæнæй банызта дыууæ хатты: чындзæхсæвы æмæ, фондз азы фæстæ та сæ фырт куы райгуырдис, уæд. Фæлæ-иу ныхас сæныл куы æрхауд». уæд-иу Леля тæхудыгæнгæ дзырдта кæддæрид: — Æз уарзын аликант. 52
Анохин æрзылд æгас горæтыл, цалынмæ авджыдзаг зы- >яаргъ сæн не ссардта, уæдмæ. Цæмæй ма асастаид, уый тыххæй йæ зæронд гæххæттыты батыхта æмæ йæ нывæрд- та чемоданы. Куыд æмбæлы, афтæ батыхта, йæ фыртæн цы къуымбилæй быд костюм балхæдта, уый дæр, æмæ са- быр рахызти, æххуырсты цы зæронд усы фатеры цард, уырдыгæй. Æмæ мæнæ, гъе, фæстаг автобусы, арвы къусæджы чи бамбæрзта, уыцы уадтымыгъы цæуы, фæлæ бæрæг нæу кæдæм. Æхгæд дуæрттæм! Прибрежнæйы оиг бахæццæсты, сахат æмæ æрдæджы ►бæрц бафæстиат кодтой, афтæмæй. Анохин йæ дæллаг- хъуыр хъуырбæттæнæй æрбатыхта æмæ рацыд станцы ве- рандæмæ. Уым тымыгъ сабырдæр уыд. Улæнтæ схъиуд- той донбылгæрон ныллæг къулы сæрты æмæ-иу ракал- дысты донбылгæрон асфалтыл. Бухтæ, денджыз, хæхтæ, дард донбылгæрон, мынæг рухсгæнæг цырæгътæ—се ’ппæты дæр бамбæрзта уадтымыгъ. Уыцы рог зонды • хи- дау, тæппытæ худджын лæппу-иу, улæнмæ банхъæлмæ кæсгæйæ, балыгъди згъæр хызмæ. Доны стыр улæн-иу -куы рацæйцыд, уæд та-иу фæстæмæ ралыгъд. Чызг лæу- .уыд дымгæмæ, йæ хъустæм йæ берет нылхъивгæйæ æмæ худт. Куыддæр Анохин фæстæмæ æрбаздæхти автобусмæ, *афтæ шофыр машинæйы цæлхыты бынæй ралæст. Сбадт -автобусыл æмæ зæрдæхъæлдзæгæй дзырдта: — Рæхыстимæ ацæудзыстæм. Фæл& ныр тæрсгæ мауал кæнут. — Ныдздзода!—райдзастæй бакаст лæппу чызгмæ/цыма рагуалдзæг æрлæууыд æмæ балы талатæ дидин калынц, уыцы хабар ын хъусын кæны, уыйау, æмæ та райдыдта дзурын. — Зæгъон дын æй уæд кæимæ кафыдтæ, уый? Зæгъон? Мæнæй ницы рох кæны. Чызг нырмæйау ницы дзырдта, касти митæй æмыхгæд фæрссагæй. Йæ хъусыл дзедзлой кодта хъусцæг. „Фыццаджы дæр—цæмæн хъæуы уый? Цæй тых- .хæй?—тызмæгæй сагъæс кодта Анохин, лæппуйы ныхас- 53
æппарæнтæм хъусгæйæ.—Ау, куыддæр горæты онг бахæц.- цæ уой, афтæ куы фæхицæнтæ уыдзысты, æгæрыстæмæй> кæрæдзийæн хæрзбон дæр куы нæ зæгъдзысты. Бæлццæттæ æрхызтысты Прибережнæйы æмæ автобус бынтондæр сафтид. Æрмæст раззаг бандоныл бадтис ца- вæрдæр, ног, нарст сылгоймаг йæхи хъарм кæлмæрзæны^ стухгæйæ. Къуымы, фæстаг бандоныл ныхъхъили къала- ти. Къалатимæ баст уыд цинкæй тас. Фыццаг фæзилæньг тас барæхуыста А’нохины фарс. Анохин æй атъæпп код- та, къалати гыбар-гыбур гæнгæ æрхаудта астæрдмæ. Кæлмæрзæнæй тыхт сылгоймаг тыхстæй разылд æмæ бирæ рæстæджы йæ цæстæнгас нал иста Анохинæй. Мид- был худгæ разылд шофер дæр. Цæрдæг фæгæпп кодта лæппу æмæ къалатийы фæстæмæ йæ бынатмæ систа. Та- сы дæр йæ бынаты сæвæрдта. Анохины цæсгом ныссырх, афтæмæй ныккаст авгмæ., Фарæтæ зына-нæзына рухс кодтой æхсæвы урс-урсид тар гуыбыны. Автобус лæсти миты æхсæнты фæндагыл хъавгæ. Балц уыди бынтондæр æнæсæрфат. Уыцы хъуыд- даг Анохин ныр хорз æмбæрста. Цæй тыххæй цæуы? Кæ- дæм? Уый алы мæй дæр Леляйæн æхца æрвиты, цы йæм æмбæлы, уый. Æмæ сæ Леля -алы мæй дæр æрырвиты фæстæмæ капеччы онг. Æгæрыстæмæй посты хæрдзтæ дæр йæхæдæг бакæны. Ай-ай... Йæ балц бынтондæр æнæсæрфат у. Æнæсæр- фат... Сæрфат. Куыд тынг-иу ыл худтис Леля уыцы ныхасы тыххæй! Æмæ цы ис уым ахæмæй? Хуымæтæджы ныхас. Уый фæс- тæ йæ бамбæрста. Фæцахуыр. Æмæ нал худтис. Фæлæ нæ, худтис... Цы хабар сыл æрцыд, уый хæд размæ сæ фырт дзыхæй сдзырдта. Одзырдта зынæй, бамбарæн кæ- мæн нæ уыд, ахæм æвзагæй. Æппæт дзырдтæ дæр ын фæуд кодтой иугъуызон „у"-йыл: „Папу", „Маму", Куку" (афтæ хуыдта гæдыйы). Фæлæ иу хатт Леля йæ лæгыл- æнахуыр знæт хуызæй сæмбæлд: „Бакæс-ма, бакæс,—йæ дысæй йæ лæджы ласгæйæ дзырдта Леля,—бакæс-ма цы дзуры дæ фырт. Бафæрс-мш. йæ, кас цæмæннæ хæры?" 54
— Цæмæннæ хæрыс кас?—бафарста Анохин. — На ма кау,—фæтæргай ис лæппу. — Æмæ дæ цæмæннæ хъæуы?—ногæй та бафарста Ано- хин æмæ ницымбарæджы каст бакодта йæ усмæ: Цы ис уьш ахæмæй? — На рахсгæ у,—йæ ныхас æрзылдта фырт. — Нæ, бакæс-ма, бакæс,—æмæ Леля бахудт цавæрдæр æнахуыр худтæй.—Бакæс-ма цы дзуры дæ фырт? — Ана рахсгæ у уый,—йæхицæй разы уæвгæйæ, ногæй загъта саби. — Бан-цай! Бан-цай! Бан-цай!—фæхъæр кодта Леля.— Мæ сыввæллонæн мын йæ цард сахъатджын кæныс?— æнæнхъæлæджы фыдæхæй сулæфыдис ус. Анохин фестъæлфыд. Леляйы ахæм худаы никуы ма федта. ...Анохин хъуыста рæхысты дзыгъал-мыгъул, федта, чызг æмæ лæппу дæр кæй айхъуыстой, уый. Уый уын мыййаг донбыл астæу нæу. Ам фæндагæй фæиртæсын зын хъуыддаг нæу, фæбырдзынæ уырдыджы, фæтыхсдзæ- нис шофыр æмæ дæ хъыллист фехъуысдзæн былæй. Фæ- лæ хъыс-хъысгæнгæ æмæ уæззау нæтгæ автобус тынгæй- тынгдæр кодта йæ цыд, æввахсæй-æввахсдæр кодта æф- цæгмæ. Шофыр, машинæйы баранкæйыл ныллæг ныггуыбыр- кæнгæйæ, ногæй автобусы размæ схуыста, цæхгæр йæ къухы фæкъæдзгæнæнтæ куыд змæлын кодта æмæ йæ ны- хы уырынгтæ куыд змæлыдысты, уый хорз уыдта Анохин шофыры фæтæн чъылыдымы фæстæ бадгæйæ, разæй, æрт- тиваг кæсæны... Уалынджы цыдæр аскъуыд. Рарæмыгъта, снадта цæлхыты бын. Шофыр йæ риу æрхаста машинæйы баранкæйыл. Машинæ ферхæцыд. Стæй ныррызт æмæ гыбар-гыбургæнаг рæхысты йæ фæдыл ласгæ абырыд уырдыгмæ. —• Оу, оу, цы у уый?—кæлмæрзæнджын усæн’ ма йæ бон фæхъæр кæнын баци. Ризгæ къухтæй фæхæцыд Анохин чызджы уæхсджы- тыл. „Фесæфтыстæм!" Автобус быргæ-бырын аныхсти миты хъæпæны. Бæлц- 55
цæттæ расхъиудтой митмæ. Шофыр уайтагъддæр фæми- дæг гуыффæйы бын, стæй сыстад æмæ йæ миттæ цæгъд- гæйæ дзырдта чъызгæйæ. — Рæхыс йæ цæгыл аскъуыд æмæ уæ машинæйыл фæстийæ рахæцын бахъæудзæн. — Ацы хæрды?—ризгæбылæй афарста Анохин. — Ам æхсæвиуат мыййаг куы нæ кæндзыстæм,—мæс- тыйæ йын йæ ныхас æрдæгыл аскъуыдта кæлмæрзæнджын ус æмæ, Анохины йæ уæхскæй ахсойгæйæ, фыццаг йæхи сбыцæу кодта гуыффæмæ. — Ацы æлгъыстаджы æрмæстдæр дзыхъхъæй сыппа- рын хъæуы, стæй уæд æнæ рæхыстæй дæр сфардæг уы- дзæн,—ныфс æвæрдта Шофыр. Стæй йæ къахæй разхысы атъæпп кодтаæмæ сбырыд баранкæмæ. Машинæйы схуыстой бирæ рæстæджы. Матор рыхыд. Автобус, мигæнæнтæй едзаг шкафау, дзортт-дзортт кодта. Фæлæ та-иу фæбырыд æмæ фæстæмæ хъæпæны смидæг. — Ацы хъуыддагæй ницы рауайдзæн, мæ зæрдиæгтæ,— æлладæй йæ ныхас айвæзта ус æмæ иуырдæм ацыд. æ кæлмæрзæнæй йæ риу æрбатухгæйæ. — Оу, цы у уый? Оу, цы у уый?—тарст хуызæй ба- фарста ус æмæ йæ къухтæй гуыффæйы фæзгъæртыл быргæйæ суанг дæр фæндагмæ æртылд. — Цы кодтай, мæ мады хо?—йæхи йæм баппæрста чызг. Ус ын цыдæр мынæг хъæлæсæй дзырдта æмæ йæ сæрæй тагъд-тагъд хæлдта йæ кæлмæрзæн. Чызг æрлæууыд йæ зонгуытыл æмæ нæлгоймæгтыл карз цæстæнгас ахаста* — Дохтыр æй хъæуы. Усы бахастой йæ фарсыл æркъул уæвæг автобусмæ, æрывæрдтой йæ 4 фæстаг даргъ бандоныл, нæлгоймæгтæ æттæмæ рахызтысты. — Ус гуырын æрымысыд,—сонтæй фæхъæр кодта шо- фыр,—ам хæхты цæй дохтыр ис. Фæндаджы æрбахгæдта хъæд. Фæсфæдты дзыгъал-мы- гъул кодтой, ихцъар чи сывæрдта, уыцы къутæртæ. Хъыс- хъыс кодтой, ратас-батасгæнгæ, лыстæг здыхтытæ фат- хъæдтæ. Æввахсдæр къуылдымыл зына-нæзына бæрæг 66
дардтой бæлæсты сау цъуппытæ, æнкъуыстысты дымгæ- мæ. Хъæдæй цыд хъыс-хъыс æмæ пыррыччытæ æмæ цæй- дæр къуыс-къуыс: „У-у-ух! Ба-ах! У-у-ух!" — Зæгъон дын æй, дохтыр кæм ис, уый? — Цæй, кæм? — Æвæрд хъæды. Мах дзы сугтæ ластам. Зонын æй, æмæ лæппу йæ худ арфдæр æрывæзта. Шофыр фыдæнхъæл æхситт бакодта: — Загъта мын! —0, дард нæу,—курæгау сдзырдта лæппу æмæцæрдæг йæ палтойы æфцæгготыл .хæрдмæ схæцыд.—Ам, кæмдæр, иукъахвæндаг дæр ис. Мæнæй ницы рох кæны. Шофыр æм æдзынæг ныккаст. — Æмаэ дзы уæд та нæй? Уыныс бæстæ куыд хæссы? Цæй, кæм ис дæ иукъахвæндаг? Лæппу тагъд-тагъд амонын райдыдта къуыс-къуыс- гæнаг хъæдмæ йе ’нгуылдзæй. Æууæрст миты тъыфылтæ зилахар систой судзгæ фарæты алыварс. Автобусы тæнæг къулэёй хъуыстис усы хъæрзын. „Оу, мæ’зынæргътæ! Оу, мæ зынæргътæ!" æмæ кæуын: „0, мæ мады хо, ныртæккæ фæзындзæни дохтыр, о, мæ мады хо"... — Æз ам радгæс хъуамæ уон,—загъта шофыр байхъус- гæйæ. Шофыр йæ къахы фындзæй Анохины схойæгау ба- кодта. Уæдæ афтæ. ÆЗйтт кæнут уæ дыууæ дæр. Лæппу йæ палтойы æфцæгготыл схæцыд æмæ æрых- гæдта йæ бæрзæй, дымгæйы ’рдæм йæ ных сарæзта æмæ цæуыныл фæци. — Цæй бæллæхы хъуыддаг у ай,—мæстыйæ загъта Анохин. — Бынтон бæллæхы хъуыддаг,—йемæ сразы ис шофыр. Даргъ палтойы йæ къæхтæй тыхсгæйæ лæппу цыдис фæндаг-фæндаг. Анохин æм йæ хъус дардта карз цæстæн- гасæй. „Иæ дымджытыл уæд та хæрдмæ куы схæцид. Мæ- лæты усгур!" Дымгæ митфæлдзæгъдæн кодта, уæлдæфы-иу миты -тъыфылты рацахста æмæ-иу сæ æхситтгæнгæ дарддæр 57
аскъæфта йæ фæччитыл. „Æз никуыдæм ацæудзынæн",— мæсты кодта Анохин йæ дысæй дымгæйæ йæхи хизгæйæ^ — Зоныс, цы, æмбал шофыр,— разылди уый,—-бæлццæт-г тæ дын чысыл лæппутæ мыййаг не сты.1. Фæлæ йæм шофыр нехъуыста.—Шофырбабырыд гуыф- фæйы бын æмæ, хыбар-хыбургæнгæйæ, цæлхытæй æфтыд- та, чи аскъуыди, уыцы рæхысы. „Хорз! Ацæудзынæн. Ацæудзынæн! Хорз!"—мынæг хъæлæсæй дзургæйæ кæмæдæр æртхъирæн кодта Анохин æмæ, фæбыр-фæбыркæнгæйæ, пыхсытыл хæцгæ, лæппуйы фæдыл ацыд. Автобусы рухсытæ фесæфтысты фæндаджы къуылды- мы фæстæ. Анохин æрбырыд къуылдымæй æмæ атындзыд- та сосæ фæндагыл, дымгæ йын йæ развæндаг æхгæдта. Æрæджиау йæ разæй цæуæг æндæрджы куы суыдта, уæд йæ митæйдзаг хуылыдз цæстытæ асæрфта. Лæппу цыд фæстæмæ нæ фæкæсгæйæ. Фæндаджы дæрд- дзæг амонæг цæджындзы цурмæ куы бахæццæ, æрмæст уæд фæсабырдæр кодта йæ цыд. — Дыууынæм,—йæ ныхас ныццавта йæ цурмæ æрба-- хæццæ уæвæг Анохиныл æмæ та ногæй йæ фæндаг кодта размæ. Йæ иу къух йæ дзыппы уыд, иннæ къухæй та хафта йæ палтойы миттæ. Цæджындзмæ бакаст Анохин дæр, фæлæ дзы ницы федта, æрмæстдæр йæ сæрмæ зи- лахар чи кодта, уыцы миты тъыфылтæй дарддæр. Дыууынæм километр... Афтæ цу æмæ цу æмæ цæ- джындзтæм гæсгæ ныхæццæ уыдзынæ Прибрежнемæ,—æнæ- унæр верандæмæ, буфеты хъарм цырæгътæм. Æви ацы цæджындзы цур банхъæлмæ кастæуаид æндæр автобус-- мæ. Æндæр автобус нал уыдзæн. Ацы автобус фæстаг у.. Хъауджыдæр нал у. Фæндагыл æй кæд æндæр машинæ æрбаййафит, кæнæ та разæй фæзынид. Уый иууыл хуыз- дæр уаид, бæргæ, æмæ уæд аздæхит бынтондæр зæронд усы хæдзармæ. Анохин æрвыл хатт дæр мæсты кодта йæхимæ йæ фæл- мæнватдзинады тыххæй. Ныр дæр хъуыды кæны, æфсон кæй кæны, ууыл. Цæугæ дæр куы никуыдæм акæндзæн. Æниу кæдæм ацæудзæн ахæм митфæлдзæгдæны? Уымæй* дæр æнæ чемоданæй. 58
Лæппу фæтылдта йæ худ: „Ардæм!"—æмæ фæндагæй тархъæды ’рдæм фæзылд. Анохин лæппуйы фæдыл йæ ныфс нæ ахаста, акъах- дзæф кодта æмæ йæ уæраджы сæрты уонг миты хъæпæны аирвæзт. Кæддæр дзы уыд иукъахвæндаг, фæлæ дыр« фæци миты бын. Йæ роны сæрты йæ палтойы фæччитæ æрсадзгæйæ, лæппу бырæгау кодта арф миты, йæ къæхтæ бæрзæндты иста. Анохин хъавгæ цыд лæппуйы фæдыл. Æрхызтысты адагмæ. Бæлæсты зæнгтыл хæцгæйæ хæрдмæ бырын рай- дыдтой. Куыд уæлæмæ мит уæлæнгайдæр уыд æмæ сæ дзабыры бынтæ селф кодтой фароыы сыфтæртыл, быры- дысты уырдыгмæ. Цалынмæ уæлæмæ хæццæ кодтой, уæд- мæ Анохинæн йæ бон улæфын нал уыди. Йæ лæнк-лæнк цыд. Л.æппу та йæ хъæрæй нал æнцади: „Ардæм, ардæм!"—зæгъгæ. Лæппу къалиутыл хæрдмæ хæцгæйæ- æмæ, миты рыг Анохиныл калгæйæ, йæ риуæй фæйнæрдæм» кодта къутæрты. Афтæ рахау-бахау кодтой бирæ рæстæджы хъæды ми*- дæг, стæй лæппу фæкомкоммæ бæласы сау мæрамае, ас- гæрста мæрайы æмæ дзы раласта афтид спичкæты къопт (ссыгъта йæ æмæ сдымдта хуылыдз иапирос)^ Анохин бадис кодта: — Уый та куыд? — Æзæйраджы фæхатыдтон,—аххосджын хъæлæсæй сабыр загъта лæппу. — Ома фæдзæгъæл стæм? фæндаг зонын куы загътай? Мæнæй ницы рох кæны куы дзырдтай. Мит уарыд æмæ уарыд. Зына-нæзына хъуыст йæ сы- бар-сыбур. Кæмдæр, уæлийæ, дымгæ æхситтæй зарыд, т бынæй та, бæлæсты фæлмæн пух худты бын алцы дæр уы- дис сабыр, æгуыппæг. Фæлæ Анохинæн уыцы- æгуыппæг сабырдзинадæй йæ зæрдæ бамыр. Тыхстæй æрбадти зæх- хыл æмæ йæ чъылдым сбыцæу кодта бæласмæ. Лæппу лæууыдис йæ цуры. — Ардыгæй сæрды сугтæ ластам,—йæхи раст кодта.~ — Ныр та мах аласдзысты, сугтау,—йæ сæрыл не схæц- гæйæ багуым-гуым кодта Анохин. 59*
— Уый та цæмæн афтæ зæгъыс? Анохин мæстджын каст бакодта лæппумæ. — Уымæн! Фæстæмæ мæ акæн. Æви де ’ррадзинадьг тыххæй ам дæ уд ныууадзынмæ хъавыс? Лæппу ныккаст Анохины карз цæсгоммæ, спичкæты •афтид къопп бæласы мæрамæ базыввытт кодта, фæзылд ~æмæ талынджы фæцæуæг. — Кæдæм?—Анохшшæ афтæ фæкаст, цымæ фæстæмæ -æндæрырдæм ацæуын хъæуы. Лæппу дзуапп нæ радта. — Кæдæм?!—Анохин фестад, айхъуыста. Къалиутæ къæрццытæ кодтой. Мит хъыс-хъыс кодта дардæй-дард- дæр цæуæг къахдзæфты бын. — Кæм дæ, уæдæ?— тарстхуызæй ныхъхъæр кодта Анохин.—Гъе, гъей! Зына-нæзына сыбар-сыбур кодтой миты тъыфылтæ. Бæлæсты цъуппытыл футтытæ кодта дымгæ. Бынæй, ада- джы, нырмæйау, дæргъвæтинæй цæйдæр къуыс-къуыс цыд: — Ух-у-ух! Ба-ах! У-у-ух! Ба-ах!" — Гъей, гъей!—хъæр кодта Анохин. Куырмæй лыгъд, йæ армы тъæпæнтæй бæласы дæрзæг зæнгтæй иуæй-ин- нæмæ йæхи схойгæйæ. Йæ уæрджытæй йæ ахстой къу- тæртæ. Йæ хæр-хæр цыд къуыбыртыл быргæйæ, йæкъæх- ты бын мит хъыс-хъыс кодта: „А-а-а! И-и-и!" ...„Франжело... Франжело!..14 Техникумы сæм уыдис иу хъæлдзæг студент, ахæм æнахуыр мыггаджимæ. Раджы йæ ферох кодта Анохин æмæ мæнæ, ныр, йæ зæрдыл æр- балæууыд. Иу хатт, практикæйы, æфсæнвæндаджы стан- цæй æрбацæйздæхгæйæ, уыцы Франжело фæдзæгъæл уадтымыгъ быдыры. Æрластой йæ салдæй, дзоныгъыл. Æгасæй дæр миты сæвдылд, фæлæ йыл мит нæ тади. — Иууыл фыддæр—-йæкъæхтæ йын алыг кæндзысты,— загъта, дзоныгъы цур чи лæууыд, уыдонæй чидæр. Фæлæ йын йæ къæхтæ нæ алыг кодтой. Иу афæдзы фæстæ, хистæр къурсы студент, дард кæдæмдæр фæцыд кусынмæ. Фæлæ ныр йæ зæрдыл æрбалæууыд дзоныгъыл æнæзмæлгæ буар, мит йæ тар цæсты хаутыл. «0
— Гъе, гъей!—хъæр кодта Анохин æмæ гæппдугъæй тындзыдта. — Цæуыл æрдиаг кæныс?—æввахс ранæй йæ хъустыл ауад,—’рдиаг кæны æмæ мын мæ хъæр дæр нал хъусы. Лæппу рахызт бæлæсты аууонæй æмæ йæ миттæ цæгъ- дыныл схæцыд. — Æз ссардтон фæндаджы,—загъта лæппу. —Дон-дон ацæудзыстæм. Цæуыл æрдиаг кодтай, цæ? Анохин æнæбары змæлын кодта йе ’гоммæгæс былтæ. — Уый æнхъæл дын чи уыди æмæ ахæм цъиутысайд разындзынæ,—фæдисау лæппу. Дзуаппмæ дæр нал бан- хъæлмæ каст, афтæмæй. Цæугæдон талынджы фæлдæхта дурты. Их урс бæрæг дардта доны былты. — Ам, кæмдæр, цыма, тулдз бæлас уыдис,—хъуыды гæнгæ дзырдта лæппу æмæ йæ алыварс йæ цæстæнгас арахæсс-бахæсс кодта. Тулдз никуыцæй зынд. Фæлæ Анохинæн уый хъауджыдæр нал уыд. Йæ фи- дар къухтæй æвнæлдта сындзы къутæртæм. Хылди, доны сæрмæ чи æрзæбултæ, уыцы бæгънæг дуртыл... — Мæнæ, гъе! Доны сæрты æппæрст уыди хъæд. Лæппу йæ йæ къа- хæй æрысгæрста æмæ йыл, бæндæныл кафæгау, ацыд. Хъæды тæккæ кæронмæ куы бахæццæ, уæд лæппу фæцу- дыдта, агæпп кодта æмæ йæ их йæ быны ныттыдта. — Цы фæдæ, уæдæ?—фæтарст Анохин æмæ уадидæгæн йæ хъустыл ауад ихы къæс-къæс æмæ лæппу доны куыд стъыбар-тъыбур кодта, уый. — Ды арæхстджындæр у. Æгæр бырынцъаг у! Анохин хъæдыл бæхбадт скодта æмæ йæ къухтæй йæ~ хи былмæ схуыста. Хъæдæй дарддæр цыд нарæг фæд. Уый уыд, цы иу- къахвæндаг агуырдтой, уый. ...Сахаты фæстæ фанерæйæ æхгæд „газик" рахызтис хъæдæй. Тыхт насилкæйыл бадтысты Анохин æмæ лæппу æмæ сæ, машинæ дыууæрдæм раппар-баппар кæнгæйæ,. уадидæгæн схæццæ кодта къуылцыммæ. Мит фæсабыр. Мигътæ, хæхты цыргъ цъуппытыл хæц- &\
гæйæ, сындæггай фæцæйбырыдысты айнæг къæдзæх æф- цæджы сæрты. Арвæй сæ цæст фæныкъуылдтой стъалы- тæ. Æрмæст нæ ныссабырис хъæды. — У-у-ух! Ба-ах! У-у-ух! Ба-ах!— Фæлæ уый ныр ахæм тæссаг нал уыди. Анохин зыдта уый дымгæ кæй у. Дым- гæ миты стыр къуыбæртты къалиутæй кæй фелвасы æмæ сæ зæхмæ кæй æрыппары. Æниу гæнæн уыд æмæ æрцыдаид уыцы хабар... Кæй зæгъын æй хъæуы, Леля йыл нæ баууæндыдаид. „Уый уый нæу,—загътаит Леля,—уый ахæм æнæсæрфат хъуыддаг нæ бакодтаид. Æмæ йæ бон уыд! Анохинæн йæ буар ныддыз-дыз кодта, йæ цæстытыл ауад: салдæй йæ куыд æрласынц, йæ цæсгом миты сывдылди. „Ды мур- дæр ницы зоныс",—мынæг ныхас кодта Анохин. Леля нæ зыдта уыцы къуырма æхсæвы (æниу афонмæ Леля хуыр- рытт фынæй кæны) Анохин кæй лæгæрста ихджын тар хъæды сæрты, фæкалд, фæлæ та-иу сыстад. Дудынц йæ армы тъæпæны хъæдгæмттæ! Æмæ ныр та бады машинæ- йыл æмæ фæкæны, йемæ сывæллон кæмæн гуыры, уыцы сылгоймагæн дохтыр. Фæкæны. Фæзилæнæй æвиппайды фæзынд сугтимæ уæззау „ГАЗ". Машинæ æбуалгъ хъыс-хъысгæнгæ, зынтæй æр- лæууыд. — Диссаг нæ фехъуыстат?—Æрдиаг кодта уæзласæн машинæйы шофыр, —17—86 рейсы бынаты сывæллон рай- гуырд. — Уый та куыд?—фæхъæр кодта Анохин йæ хъустыл не ’ууæндгæйæ. — Æз дын нæ дзырдтон?—бахъæлдзæги лæппу.—Æз дын æй куы дзырдтон, уый фельдшерты скъолайы кæй ахуыр кодта. Мæнæй ницы рох кæны. Дзолгъо-молгъо куы æрынцад, æмæ сывæллон кæмæн райгуырд, уый Прибрежнемæ йæ сывæллонимæ куы алас- той, уæд бæлццæттæ схызтысты автобусмæ. Уæдмæ авто- бусы фæндагмæ сæппæрстой. Иууылдæр бафæлладысты. Ныхъхъусысты. — Уæллæй, хъуыддæгтæ нæм уыд,- хъуамæ ]эайдыд- таид шофыр машинæйы баранкæимæ архайгæйæ. Тынг æй -62
фæндыд, Анохин æмæ лæппуйæн’куы радзырдтаид, цалын- мæ уыдон хъæды рахау-бахау’кодтой, уæдмæ уым цы ха- бар æрцыди, уый. Чызджы судзгæ карз цæстæнгасæй хор- зау нал фæугæйæ, шофыр фæсыкк æмæ ма цы загътаид, уый нал зыдта:—Уæдæ афтæ, иу фондз минуты фæстæ ацæудзыстæм. Анохин бадтис раззаг бандоныл æмæ мæсты кодта. Йæ зæрдæмæ нæ цыдысты уыцы æнæраст хъуыддæгтæ. Рыс- тысты йæ къухы хъæдгæмттæ, дыз-дыз кодтой къæхтæ, ./рыстысты цæстытæ, цыма сæ хуырдуртæ бакалди, уыйау. Æмæ йæ чъылдыммæ та чызг тох кодта лæппуимæ: — Уый æцæгæй дæр пневмони у! — Уый та ма дзы цавæр у?—лæппу бадтис йæхи сæ- рыстыр даргæйæ æмæ архайдта, дымгæмæ афтæ тынг чи ныскъуыдтæ, уыцы былтæй æнæввæрсон хынджылæджы худт бакæныныл. Хуылыдз палто йæ уæлæ стымбылтæ. Йæ дзабырты лæпп-лæпп цыд, йæ къæхтыл тади мит. — Ныртæккæ сæ куыд раласай! — Куыннæ стæй,—фæтарст лæппу æмæ бандоныл тынг- дæр баныгъуылд. — Æппын кæд нæ, уæддæр къæхты схъарм кæнын æнæмæнг хъæуы. Дзабыртæ раппар! Цъындатæ ралас! — Цæй, о... — Ралас, ралас дын зæгъын!—фæхъæр кодта лæппу- йыл шофыр,— æнæхъуаджц дæхи цæмæн сийын кæныс. Лæппу, йе ’нæввæрсон мидбылхудт бауромгæйæ, иуырдæм азылд æмæ хъынцъымгæнгæйæ, ласын райдыд- та донæй дымст дзабыртæ. Йæч алы фæзылдмæ йын чызг йæ хъус дардта карз цæстæнгасæй æмæ дзырдта мæтгæн- гæйæ: — Исты хъарм ахæм куы уаид, къуымбилæй... къуым- билæй цъындатæ... Шофыр йæ цæст фæныкъуылдта Анохинмæ. — Ам мæ дуарахæстыбакодта,—дзырдта сабыр хъæлæ- сæй.—Арт скодта. Уыцы тасы дон схъарм кодта. Уæллæй, хъуыддæгтæ нæм уыд ам. Чызгæн та дзырдта: — Цъындатæ куы уаид, уæд ма сæ цы боны хорзмæ •æвæриккам! 63
— Мæнмæ цæй цъындатæ ис,—фæтыхст Анохин æмæ- уымæй раст дзырдта, цъындатæ йæм нæ уыд. Йæ фыртæн, цы къуымбилæй конд кастюм хаста, уый тыххæй та дзу- рæн дæр нæ уыд. — Куы уаид, уæд нæ фæдзуриккам,—шофыр сфæлхатт кодта йæ ныхас. Чызг йæ цæстæнгас æндæрырдæм азылдта. Йæ къух-- тæ гæзæмæ базмæлын кодта æмæ раласта йæ джемпыр. — Мæнæ, гъе. Сыууæрд сæ, цалынмæ дын не ссырх уой, стæй сæ стух,—æмæ джемпыр баппæрста лæппумæ. Шофыры, цыма, кардæй исчи фæрæхуыста, иу гæнпæй фелвæста джемпыры æмæ йæ тымбылтæй фæстæмæ ахста чызгмæ. — Ам хъæбатырдзинады сæр ницæмæы хъæуы! Æмæ феппæрста йе уæхсджытæй бæмбæджджын цы- быр палто. Чызг фыр мæстыйæ афæлурс. — Мæнæн фыд ис æмæ мыл уый хъæртæ кæндзæн., Æмæ, боныфæстагмæ, та дæ хъуыддаг нæу!—чызг лæууы- ди сæ разы мæстыйæ пæрпæргæнаг æнæдыс блузкæйы. Дæ палто та бæзгæ нæ кæны,—фæлыг кодта уый. —- Уыцы хъуыддаджы уымæй хуыздæр нæй,—дзуапп радта шофыр хъæлдзæгæй. — Цæй, æри дæ къах,—бардзырд радта лæппуйæн. — Оу!-— фæцъæхаст кодта лæппу.—Мæ къахы царм мын растигъдзынæ. — Æндæр дзы разайдзæн,—ныфс бавæрдта шофыр,— Дохтыр загъта—сæууæрдын æй хъæуы, цалынмæне ссырх уа, уæдмæ. Анохин цыбæлæй касти уыцы сценæмæ. Æнæнхъæлæ- джы фын... Уыцы уæззау лæджы æнæнхъæлæДжы рагæпп... Чызг дæр, цыма, бынтон æядæргъуызон зæрдæйы уагыл уыд. Фæлаь цы, уый бамбарын йæ бон нæ уыди Анохинæн. 0, фæлæ уыд. „Ау, æмæ йæ клипстæ та кæм сты?"~- бафиппайдта уый. Анохинмæ афтæ каст, клипстæ чызджы цæсгомы хуыз кæй аивтой æмæ йын æндæр æн- гæс кæй лæвæрдтой, уый. ~Дæ клипстæ та цы фесты?—æнæнхъæлæджы бафип- пайдта Анохин. 64
— Уыдонкой дæр кæныс?—йæ къух ауыгъта чызг æмæ худæнгас цæстæнгасæй йæ хъус дардта шофыры архайдмæ. — Цæй, цы ныхъхъус дæ, радзур æй, лæгæн?—загъта шофыр æмæ йæхæдæг фæраздæр.—Уæдæ афтæ, уыцы рæсугъд клипстæ ноггуырдæн балæвар кодтам. Зæгъын: „Дæ клипстæ нæ, фæлæ нырма цæстæй дæр куы ницы уынын". Нæ, радта сæ! — Цæй, цы мæ хъазут. Сымах æй не ’мбарут,— бахуд- тис чызг.—Хорз сæ стух!—стæй асхуыста шофыры æмæ йæхæдæг стыхта лæппуйы къæхтæ джемпырæй æмæ сæ æрымбæрзта бæмбæджджын цыбыр палтойæ. Стæй фæрсса- джы цурæй райста йæ палто. — Ех, еныр æй нуæзт куы уаид, иу дыууæ сæдæйы, æвæдза, йæ гаччы абадид,—мæт кодта шофыр. — Арахъхъ мæм нæй,—багуым-гуым кодта Анохин. — Хъуыддагдæр уый мидæг ис, æмæнæй. Куы уаид,— нæ йыл фæдзуриккам! Матор скуыста. Сдзыгъал-мыгъул кодтой рæхыстæ. —Рæхыстæ, тæккæдæр, заводæй сты,—фæстæмæ нæ фæзилгæйæ бамбарын кодта шофыр.—Ис ма мæм дзы ноджыдæр. Шофыртæ мын сæ ныууагътой. Фæлæ ныр тыхсгæ мауал кæнут. Куыд рабæрæг, афтæмæй быытон хæстæг ныссагъдыс- ш æфцæджы фæзилæнмæ. Иу дыууæ хатты фæзылдта шофыр баранкæйы, хæрдты фæстийæ уадзгæйæ, машинæ ма чысыл йæ гæндзæхтæ ацагъта æмæ уæдмæ разынд æф- цæг бæрзонд къуылдымыл йæ къæлæстæ павилонимæ. Рас- писанимæ гæсгæ машинæ ма хъуамæ æрлæууыдаид уыцы ран, фæлæ иунæг автобус дæр ахæм нæ уыд, ам иу мину- ты бæрц нæ афæстиат уыдаид. — Йæ дуæрттæ фæйнæджытæй дзуарæвæрд хуыд кæ- мæн уыдысты, уыцы павилоны, сæрды, уæй кодтой бæгæ- ны æмæ салдæг. Цъæх æрдузы æвæрд уыдысты чысыл фынгтæ, дымгæмæ пæр-пæр чи кодта, ахæм кæттагæй æмбæрзæны бын, аууоны. Ууылты-иу домбылгæрон горæт- мæ сæрды 6онтел куы фæцæйцыд, уæд-иу ацы кæттагæй æмбæрзт аууоны бын Анохин арæх нуæзта уазал бæгæны 5* 65
æмæ-иу ацаходыдта фæстæмæдзу хæфсытæй. Хуыцау йæ зонæг, кæцæй-иу æрхаудтой уыцы фæстæмæдзу хæфсытæ, кæд æмæ иууыл æввахсдæр цæугæдонмæ уыд сæдæ километры дæрддзæг. Фæлæ фæстæмæдзу хæфсытæ уыцы •бæрзонд къуылдымыл никуы фаафтид сты. Шофыр фæурæдта. — Машинæйы рæхысты балхъивын хъæуы. Алы шофырæн дæр ацы ран кæддæриддæр вæййы йæхи тагъд аразинаг хъуыддæгтæ. Æрдузы арæзт уыд бæлц- цæтты æрлæууæндон. Уырдыгæй автобусмæ æрбацыдысты адæм. — Арфæ уын кæнæм, кæй фæфылдæр стут, уый тых- хæй,—хъæлдзæгæй раарфæ кодтой, уый та цæмæн афтæ тынг бафæстиат стут? — Бузныг, хъуыддæгтæ нæ уыд,—бæзджын хъæлæсæй дзуапп радта шофыр. Æвæд миты Анохин алæгæрста павилоны ’рдæм. Пых- цыл къалиутæ ныллæг æртасыдысты павилоны уæлхæ- дзарыл. Фæйнæрдыгæй уыд хъæд. Хъæд уыд сабыр, •сæрыстыр. Бæлæсты урс сæрмæ æрцауыидзæг сты стъа- лытæ. Анохин бахызт тар хъæды къохмæ, арацу-бацу кодта, йæ фæдыл йæ къæхтæ тыхласт кодта, афтæмæй, стæй фæстæмæ æрбаздæхт æрдузмæ. Леляйы нæ бауырндзæн: „Ды дохтыры тыххæй хъæд- мæ ацыдтæ? Ды?" Анохины цæстытыл ауад Леляйы иуфарсы ’рдæм здæхт æрдæг цъынд цæстытæ, хъуыста йын йæ зæрдæ- хæццæгæнæг хъæлæс: „Бамбар мæ, Леля, уыцы усæн сывæллон гуырди æмæ йæ æнæмæнг хъуыди дохтыры æх- хуыс,—хъуыдыгæнгæйæ бæлвырд кодта Анохин. „Æмæ дæу цы хъуыддаг уыд уымæ, кæд дæ фæнды æмæ йын дæс сывæллоны райгуырдаид..." Леля æнæмæнг дæр афтæ зæгъдзæн: „Кæд дæ фæнды дæс сывæллоны райгуырæд".—„Кæс-ма, йæхицæй мын цы мæтгæнаг ацарæзта!" Анохин ын фенын кæндзæн йæ тæппæлттæ армы тъæ- пæнтæ. „Цалынмæ дыууæрдæм рахау-бахау кодтам, цалынмæ 06
уыцы æлгъыстаджы иукъахвæндаг агуырдтам, уæдмæ уъщы чызг, фельдшерты скъолайы чи уыд, уый усы фер- <вæзын кодта. Æппындæр ын ницы тас уыд. Рыг дæр ыл нæ абадт. Ноджы дыууæрдæм рауай-бауай кодта æиæ лæ-4 вæрдта бардзырдтæ. Уыцы лæппуйæн ма хоскæнын дæр зерымысыд, цæмæй лæппуйы къæхтæ ма басыдаиккой, уа- зал дзы ма бацыдаид,*. Алкæмæй дæр куырдта къуымби- ~лæй быд дзаумæттæ..." ,-,Æмæ ды исты радтай? Ды?-1" „Ноджы мыл не ууæндыс? Кæд дæ уый базонын фæн- ды, уæд ма сын æз, дæуæн цы сæн хастон, уый дæр рад- тон!« Æмæ уæд Анохин, Леляйы æрдæгцъынд цæстæнгасыл -фæуæлахиз уæвгæйæ, равдыста афтид авг. „Агъа, агъа, агъа!—ныхъхъыллист кодта ус. Анохин цæрдæг сгæпп кодта автобусмæ æмæ шофыры йæ уæхсджытæй ацахста. — Мæнмæ сæн ис. Æмæ хорз уаид куы дзы бадариккам лæппуйæн. — Æмæ уæдæй нырмæ цы дæ дзых ныххуыдтай?— фæдисау ис шофыр. Аыохин цæрдæг байгом кодта дæгъæлæй чемоданы æмæ гæххæттыты увæр райхъуыст. — Уый та дæуæн,—бадаргъ кодта чызгмæ, йæ лæппу- йæн цы къуымбилæй конд кастюм хаста, уый.—Хъарм- дæр æрныуæрд дæ сыхаджы.^ — Уый æнæмæнг хъуыддаг нæу,—сабырæй загъта ’чызг,—Мæ сыхаг хъарм нуæрст у. — Кас сойæ дзæбæх кæны, фæзæгъынц,—хъазгæйæ -загъта Анохин йæ цæстытæ æмбæхсгæйæ. Чызг сыстад æмæ шофыры уæхсджытыл бæмбæджджын 'Цыбыр палто æрбаппæрста.—Айс æй. Уазалы ныхмæ цы хъæбысæй хæцыс. Лæппуйы къæхтæ тынг æлхъывд баст *сты джемпырæй. — Мæ усæн æй хастон, нæ зонын, ныххатыр мын æй ’кæндзæн?—авг тыхтонæй исгæйæ багуым-гуым кодта Анохин. Ахæм хъуыддаджы тыххæй дын ныххатыр кæндзæн,— 67
хъуыддагæмбарæджы ныхасæй загъта шофыр.—Зæгъдзы- нæ йын, афтæ æмæ зæгъ афтæ... адæм бацыдысты...—• фæлæ чызджы судзгæ цæстæнгасæй фæсыкк æмæ йаз; фындз аууæрдгæйæ ныхъхъус. Чысыл фæстæдæр æнæбары бацыбæлкодта: — Цал градусы дзы ис? — Æри-ма йæардæм,—-æркуырдта лæппу. Лæппу сцагъ- та сæны, рухсмæ йæм акасти, басмыста йын йæ къæр- мæгмæ. Тынг зынаргъ сорт у. Фæлæ йын йæ къæрмæджы мах, кæй зæгъын æй хъæуы, карды фистонæй сыппар- дзыстæм. Дыргътæй арæзт у. — Сæндуцæг ма разынай,—зулмæ йæм бакаст шофыр. Къурсытæм цæуын,—бамбарын кодта лæппу чызгмæ кæсгæйæ. Чызг дæр æм каст.—Ссæдз градусы. Сылгой- мæгты сæн у. — Ау, æмæ дзы бафсæдыны æнхъæл нæ дæ?—-æлхынцъ æрфыгæй бахахх кодта шофыр.—Уæд та йæ баназæм, цы уа, уый уæд, и? Чызг æмæ лæппу ныхъхъус сты. Ныггуыбыр уæвæг Анохин сагъдæй лæууыд гом чемо- даны цур. — Иугæр хъуыддаг афтæ у, уæд цы уа, уый уæд,— ныуулæфыд шофыр æмæ сл*аста кърандас цыргъгæнæн кард къæрмæг ласæнимæ. Баранкъæйы фарсмæ æфсæйнаг асыккæй - систа тигъджын агуывзæ. — фыццаг нуазæн дохтырæн! — Нал мæ ныууадзат, — фефсæрмы ис чызг, фæлæ- агуывзæ айста. — Сывæллоны тыххæй,—сабыргай загъта чызг. — Ноггуырды тыххæй баназын æмбæлы,-— раппæлыди шофыр.—Дыккаг нуазæн та сæндуцæгæн. Лæппу йедзаг агуывзæ анцъыхта æмæ астæрдта йæ былтæ. Кæрдзыны цъары сыгъды ад кæны. — Ныртæккæ йæ базондзыстæм. Æртыккаг нуазæн... — Мæнæн дзы чысыл æркæн,—бафæдзæхста Анохин. — Растæндæр дæмцы æмбæлы, уыйг,—шофыр хъуыддаг- æмбарæджы тылд бакодта йæ сæр. «8
Шофыр йæхицæн æркодта йедзаг агуывзæ. Анызта æмæ фыр дисæй йæ сæр батылдта: — Кæрдзыны цъæрттæ нæ; фæлæ, цыма, зыгуымтæ дæр йæ мидæг сты. — Фæлæ Анохинмæ авг дæтгæйæ йæхи нæ баурæдта æмæ хъыгæй загъта: — Никуы мæ бауырныдтаид, ахæм цъиутысайд кæй дæ, уый. Бæлвырддæр гæнæн уыд ноджы тыхджындæр æмæ растдæр дзырд ссарынæн, фæлæ Анохинæн уыцы дзырдæй хъыгдæр ницы уыд. Афтæ йын дзырдта Леля дæр фыццаг дисгæнгæйæ, стæй уый фæстæ та мæстыйæ: „Цавæрдæр цъиутысайд дæ". Анохин салд фæрссагыд йæ комы тæфæй цæсты æм- бæрц акæсæн скодта. Фæстийæ задысты, æрæджы дымгæ- йы фæстæ цы хъæпæнтæ еывæрдта, уыдон, дыргъ бæлæс- тæ фесты миты бын, бæрзонд фæцыдысты хæдзарц трубæ- тæ, трубæтæй хæрдмæ тахтысты сырхфæлурс стъæл- фæнтæ. Сдзъыгъал-мыгъул кодта бандоны тигъыл авг. Ано- хин æй йæ хъæбысмæ систа. Сæн ма цæллахъхъ кодта йæ тæккæ бын. Ницыуал дзы аззад... — Баззад!—.зæгъдзæн Леля. Анохин зыдта Леля афтæ кæй зæгъдзæн æмæ ма ноджы дæр, йæ цæстытæ æрдæг оцъынд. æркæнгæйæ, бæлгæйæ, æрвыл хаттау зæгъдзæн: — Æз уарзын аликант... <ч>
Вишневский Всеволод КРОНШТАДТЫ ПОЛЧЫ МÆЛÆТ Дзырдтой, зæгъгæ, уыдон уыдысты дыууæ, æртæ мины* бæрц. Фæлæ æцæгæй цас уыдысты, уый бæлвырд нæ- зыдтой. Æз зонын, уыдон мин аст сæдæ стай фондз кæй уыдыс- ты, уый. Æмæ се ’ппæт дæр, фаззæттау, уыдысты æмхуы- зон. Сæрыстыр санчъехтæй уыдон рацыдысты Кронш- тадты Науæнгуыры фæзуатыл æмæ ма наулæууæнмæ^ хæрзбонгæнæджы каст фæкодтой, стæй араст сты сур» зæххыл дард фронтмæ. Уыцы бæдæйнæгтæн сæ гæххæт- тыты фыст уыд: „Кронштадты Фыццаг Денджызон Полчьб æфсæддон моряк". 1918 азы 17 декабрь... Полк лæууы Кузнецовскы хъæу- рæбын, Уралы. Æхсæвы сыбираг урсытæ рацыдысты* матросты ныхмæ. Аппарат къæрцц-къæрцц кæны: ныхмæ- лæууæг æхсæз мин джебогъимæ размæ бырсын райдыд- та кронштадтæгты ныхмæ"... — Гъо-гъо, Марфуша, самовар сæвæр, уазджытæ æрба- цæуынц! — Сыбираг сау кæлмытæ нæ фынæй кæнын нæ бауадз- дзысты... — Скъæрдзыстæм сæ!.. — Бакъуырцц сæ* кæндзыстæм! Миты хъулайæ цæуынц... Хъуысы радиойæ: — Æмхуызон хъавут. Æнæ бардзырд ма ’хсут... Афтæ, уæдæ, æввахсдæр сæ уадзын хъæуы. Уымæн та~ фадат ис—мæйрухс у„ Митыл алцыдæр бæрæгæй зыны. 70
Цæуынц сыбырæгтæ. Кæсынц сæм матростæ: — Дзæнæтмæ тагъд кæнынц... — Хорз цæуынц, хуыцауыстæк! Пулеметчиктæ тамако дымыныл тагъд кæнынц, стæй сын рæстæг нал уыдзæн: тох ныккодтаæмæ дзы лæг амæ- лын дæр зоны. Тамако цъус йедтæмæ нал ис, дыккаг номыр куры: — Дыууæ сдымды мын дзы фæуадз. Сдымдта. Æртыккаг куры: — Иу сдымд мын дзы фæуадз... Сдымдта æрт ыккаг, тамако йын йе ’нгуылдзтæ судзы, хæцæн^ыл нал ис. Фæлæ мах хæйрæг адæм стæм: цыргъ спичкæ дзы атъысс æмæ цъир.—Дыууæ сдымдæн куыннæ сфаг уыдзæн, алцæмæн дæр, мæ хæлар, æрхъуыды хъæуы. Комиссар адæмы разæнгард кæны: — Зæхмæ уæхи æлхъивут, æфсымæртæ. Уидæгтæ дзы ауадзут бæласау. Цæуынц сыбырæгтæ... — Цæй-ма сцæгъдæм сын, а? - — Фæлæу. Тагъд нæ хъæуы. Науæд зæххыл ныххуыс- дзысты... Кæм та кæрæдзи фæдзæхсынц: — Мишкæ, æдасдæры тыххæй дæ партион билет æвæ- рынмæ куы радтис уæд та. Мишкæ, зул цæстæй кæсы: — Уый дæхæдæг æрымысыдтæ æви хицау? — Цы хуызæн фарст дæттыс, Мишкæ. Хицæутты раджы скуынæг кодтам. (Æвиппайды йæ хъæлæс аивта) Дæли- монтæ æрбаввахс кæнынц... Дæлæ, гъе, кæсыс, Мишкæ! — Уынын сæ... - Сыбирæгтæ ’рбацæуынц: рæхысау хъулайæ. Иу лæгæй иннæмæ у æртæ санчъехы. Иуылдæр ныхъхъус сты. Сабыр. ^алынмæ иуæн йæ дæндæгтæ кæрæдзийыл сæхи схостой. Хъуысы миты хъыррыст. Матросты командиртæ сты ра- гон, арæхстджын—æппæт дæр ахсынц цæстæй, æнкъарынц зæрдæйæ: хъæуы сыбирæгты разæй фæуын, цалынмæ „ура" нæ райдыдтой, уæдмæ сыл азилын хъæуы. „Ура"- гæнгæ æнцондæр цæуæн у, фæлæ раздæр куы бацæфтæ- чындæуа, уæд сын размæ бырсын фæзындæр уыдзæн. 71
Æфсымæртæ хуыссынд, сæ галиу рæмбынкъæдзтæй уæрмытæ къахынц. Æнæрхъæц дæр сæ чи у, уыдон æруагътой сæ топпыты сампалтæ, цæмæй иннæтæй раз- дæр ма фехсой. Крейсерæй кæй ракодтой, иолчы уыцы цуанон йæ дæндæгтæ фæзыхъхъыр кæны, бахъырны. Фæхъæр ыл кодтойæмæ басабыр. Пулеметчиктæм резер- вæй хæссынц тæвд цайдантæ: пулеметты агъудтæ тæвд кæнын хъæуы. Мæнæ райхъуыст флангæй: „Ныхмæлæу- уæджы иудадзкг æнæхъæн роттайæ’хсгæ!" Æртындæсæм азы Исакийы плацы чи уыд, уыцы ра- гон унтер схъæр кодта: Рот-тæ! Йæхи фæурæдта... Стæй та: — Æхсгæ! Эх, райдыдтой æхсын! Ох, нызгъæлстой! Нæзытæй мит æркалд... Пулеметчиктæ æнхъæлмæ кæсынц. Сæ урсных „мак- симтæ" æмбæхсынц. Цæй-ма æввахсдæр рацу, Колчак! — Мах дын табуафси зæгъæм. Сыбирæгтæй райхъуыст „Рр-а-а." Ницы ахæм... — Æхсгæ! Матростæ æхсынц. — Дзых тынгдæр хæлиуæй дар, ахс! Сыбирæгтæ акоппыты æмбæхсынц... — Хорз сын ахæрын кодтам! — Кæдæм бырут, ам тамакодымджытæн бынат нæй.. — Сабыр... Рæстæг цыд. Атакæ уыд фараст хатты. Дыууæ бон æмæ дыууæ ’хсæвы сыбирæгтæ хъула кодтой полкыл, æлхъывтой йæ. Полк фæстæ алæууыд, бацахста æндæр позици... Æрхъула йыл кодтой... Дыккаг суткæйы фæудмæ, 19 декабрмæ, сыбирæгтæ сæхи цæт- тæ кодтой дæсæм атакæмæ. Нызгъæлстой сыл шрапнелæй. Æфсымæртæ хъæр кæнынц: — Санита-а-ртæ... — Лæггуыфтæ... Дзуапп дæттынц: — Санитартæ иуылдæр æрхъулайы сты. 72
Æхсæзæм ротæйы ма алы лæгмæ дæр ис æрмæст фæй- шæ авд гилдзы. Лæг æрхъулайы куы уа, уæд уыдон цъус сты. Уалынмæ райхъуыст: — Гилдзытæм ацæуын кæй фæнды? Сæ хустæ фæхъил кодтой... Чихъæр кодта? Васкæ дзуаип дæтты: — Гилдзытæ ис Мемæ кæй фæнды? Цом, чи фæмард, уыдон гилдзытæ ’руидзæм... Æмæ урсытæм амоны. Уыдон та дыууæ фондзæссæдз санчъехы дарддæр миты уæлæ калдæй лæууынц. Ацу, ацу æмæ дæм къæдзæй баздахой, Дæ фаг нæмыг ма сæм разындзæн. Вася дзуры: — Мишкæ, ды, мæнæй ма, Тулайæ дæхицæн иу вагон гилдзытæ рафыстай æмæ цы кæт кæныс. Ныр æй дыууæ паравозы æрласынц. Мишкæ хуыссы, ницы дзуры. — Мишкæ, æви дæм дзурын нæ цæуы. Дæ бон ацæуын нæу, а? Ницы дзуры Мишкæ. Вася сыстад, бацыд æм. Йемæ ма ноджы цыппарæй. Фæлæ Мишæ хуыссы, не, змæльг. Политрук дзуры: — Мишкæйы тыххæй æвзæр никуы ахъуыды кодтаин ’фæлæ ныр куыннæ ацыд... — Коммунар! Фæлæ, мишкæ ницы дзуры, хуыссы сабыр, уæззау ,цæф у. Ныхас кæнынц æрхъулайы: Флаг цалынмæ растын кæной, уæдмæ бафæраздзыстæм? — Нæй. — Ныббыгъуы нæ кæндзысты... — Зæгъынц, æххуыс, дам, нын æрцæуы.;. — Эх, хæрзбон кæнгæйæ, ныхъхъæбыс кæнин, иу æвддæс азы кæуыл цæуы, ахæм зæронд усы... Вася быры миты уæлæ. Бахæццæ. Иу боцъоджын салдат хуыссы йæ гуыбыныл, йæ къухтæ фæйнæрдæм æппæрст. Йæ сæр иуварсырдæм къул. Йæ цæстытыл ныссалдыс- ты йæ цæссыгтæ. Вася йемæ ныхас кæны: 7$
— Эх, сæрхъæн боцъоджын. Стыр лæг куы дæ, уæд ди« дæр уырдæм цæуыс? Гилдзытæ исы æмæ та сдзуры Вася: — Фынæй кæн, мæ уарзон хъæбул, хуыцау дыш хъахъхъæыæд дæ фын... Мардæй исы гилдзытæ æмæ та сдзуры: — Колчак адджын цай цымы, ды та мардæй уазалы æргъæфсыс (нымайы гилдзытæ). Иу, дыууæ, æртæ, дæсь уый дæр хорз у... Дæуæн дæ хъуыддаг фæцис, фæлæ мах, чи зоны, нырма иу бон удæгас баззайæм. Æмæ дарддæр абырыд матрос. Уæддæр иу цасдæр гилдзытæ æрымбырд кодтой. Æхст та нæры. Чысыл фæ-- сабыр, фæлæ нæмгуытæ къуыззитт кæнынц: „Цъи-и,. цъи-ицъ..." Бырсынц сыбирæгтæ, æхсынц пулеметтæй. Дыккаг ротæйы цæф хæстонтæй уæрмы чи бадгæ кæ- • ны, чи хуысгæ. Рабырстой та... — Чи зоны нæм æххуыс æрцæуа. — Гъеныр иу доны хъуыртт... Сæ тæвдæй цæф хæстонтæ мит хæрынц... Æмбæлттæ, дон уæддæр куы уаид... Иунæг хъуыртт... О-ох... Хъæрзынц цæфтæ. Сæ къухты фыдтæ бахсыдтой. Иу дзы абырыд, лулеметтæн дон кæм хъарм кæнынц, уыцы адагмæ донгур. — Æриут мын иу хуыпп. — Айс, æрмæст цъус, науæд арт æрнымæг, æмæ пу- леметтæ уазал кæнынц. Сæ фарсмæ уыд, адæймаджы цæнгтæ кæуыл æххæс- сыдысты, ахæм нæзытæ, ныр артыл цы рывæрой, уый дзы нал ис. Цыдæриддæр уыдысты ныцъæл сæ кодтой, басыгътой сæ. — Цæфтæн мын мæнæ ацы чысыл аджы дзаг дон. ^-Ницы дын дзы рауад, æфсымæр... Пулеметчиктæ æрхæццæ сты. — Дон æри. — Мæнæ цæфтæ дæр дон курынц... 74
—- Æмæ мах та цы бакæнæм, нæ пулеметтыл цы ка-- лæм? Цæф хæстон пулеметчиктæм кæсгæйæ аззад, стæп. загъта: — Ахæссут дон, æфсымæртæ, ахæссут. Полк хъуамæ знаджы фæстæмæ аппара. Мах бафæраздзыстæм æнæ до, нæй... Æмæ та цæфтæ мит хæрынц, сабыр хъæрзынц: — Гъеныр дон... Сæ фарсмæ хуыссы комиссар. Йæ иу фарс æгасæй дæр йæ уæлæ нæй, йæ туджы мæцы, афтæмæй хæстонтæн ныфсытæ ’вæры. Чысыл ма бафæразут, æмбæлттæ, чысыл. Афтæмæй комиссар йæ туджы фæхуыдыг. Матростæ фæстаг нæмгуытæй атакæ фæстæмæ аппæрстой. Æрдæгæхсæвæй ахызт. Тамако дымынц фæндзæм ро- тæйы лæппутæ, сабыр ныхас кæнынц: — Хорз ныл æркалдтой, а? — Æххуыс нæм æрцæуы æнæхъæн бригадæ. — Дзæнгæда у уый. Командир æмæ ма коммунисттæн чи баззад, уыдонæй. дыууæ уынаффæ кæнынц: — Полк уыд æмæ хъуамæ полк уа куыд полк. Æмхуызон сæ ныццæвæм. Чи зоны, атонæм. — Цæмæй сæ цæвыс? Алы ротæйы дæр ма баззад фæй- нæ дыууын лæджы. Уæдæ цы чындæуа? — Гранаттæй сæ ныццæвæм, стæй та „къухæй". Цæф- тæм исчи йæ хъус фæдардзæн. Ротæтæ сæхи цæттæ кæнынц. Дистанцион архайдьг гранаттæ „лимонкæ" æрцæдтæ кодтой. Райстой гранат ра- хиз къухмæ, галиу къухæй сампалы сæрæй стыдтой лен- тæйы сæрибар кæрон. — Дæ зæрдыл бадар, æмбал, тохмæ цæттæйы фæтк: рахиз къухæй спичкæйау æрцæгъд фæйнæг. Зынг ацæу- дзæн мидæггаг бикфорды шнурыл капсулмæ. Дæ къух дардыл фæхæсс æмæ æвиппайды фехс. Стæй гранаттæ? кæмæ ис, уыдон дæр сæ басгарæнт. Гранат райсæнт ра- 751-
хиз къухмæ. Галиуæй сыфтыдæуæд хъахъхъæнæн кол- шак, ну дыууæ хатты гранатæй æртъæпп кæнæд сæ га- . лиу армы тъæпæн. (Мæнæ арахъхъы авгау. Эх, тæхуды дæ мæлæты размæ иу хъуыртт арахъхъ). Фат ныццæвдзæн капсуль, уый цæхæртæ акалдзæн, зынг би^форды шнурыл ацæудзæн. Фондз секундмæ фехæлдзæн, фехс æй... — Алцы дæр бамбæрстат? — Бамбæрстам. Васкæмæ фæеидтысты ротæйы чырмæ, фæцæуы æмæ >йæхимидæг дзуры: „Полный... Малый... Отопп..." — Цы хабар у? — Фæндыр кæм и? — Лæууы æмæ цы кæны? „Æлгъыст æлгъстæй сыст нæ дуне," зоныс? — Нæй... Æз романстæ æмæ кæфтытæ фылдæр зоныы... — Цæмæннæ йæ сахуыр кодтай? — Мæнæ урсытæ чысыл фæлæууæнт, æмæ, пажалустæ, еахуыр æй кæндзынæн... — Зæгъ комкоммæ, цы ацæгъддзынæ? — Зонын „На сопках", „Подеспань" „Краковьяк" „Песня кочегара"... — Хуыздæр исты. — Уæд та „Варяг". — Уый зæронд у... — Уæддæр флоты зарæг у. Æмæ хъæугæ цæмæн кæны, зæгъæн ын нæй? — Ды ныртæккæ æрхъулайы цæгъддзынæ. — 0, тынг хорз! Уæдмæ кæд æххуыс дæр зынид... Æрцыдысты. Вася саратоваг фæпдыр райста. Ныццагъта дзы... — ,Дй, ой-иху-аху-аха-ха". Райхъуысы æрхъулайæ: — Гъе, уый диссаг, гъе. Молодец! — Цæгъд, цæгъд, Вася! — Цæгъддзынæн... Æрцæттæ кодта æртæ гранаты, мцты йæхицæн дзыхъ æрцарæзта. Дзуры: '76
— Мæ ротæ, хъус мæм... Сеанс райдыдта. Æз дæн* крейсер „Россия"-йæ адæмы уарзон, Кронштадты сылгой- мæгты кавалер, хæдуправленийы машинист ВаеЬчкæ- Дёмин. Матростæ сæ мидбылты бахудтысты: — Гъе, гуыбынниз дæ бахæра! — Æрбайхъуыстыстыурсыты хъæлæстæ: -—Размæ бырсгæ! Рабырстой та сыбирæгтæ. Скъæр-къæр кодтой дыууæ лулеметы, æмæ матростæн фесты сæ нæмгуытæ. Æрмæст ма хъуысы фæндыры цагъд> Цæуынц сыбирæгтæ. Хъуысы миты хъыррыст. Ных- хуыссыдысты та, матростæ хъæрзæгау кæнынц: — Цы ’рцыд, дæ цырыхъхъытæ дæ æлхъивынц? Командир дзуры: — Фидар фæлæуут, æххуыс нæм æрцæуы! Ницы дзы уыдзæн, æмбæлттæ. Уыдон зæрдæвæрæн’ ныхæстæ сты. Уый лæппутæ æмбарынц. Сыбирæгтæ та. рабырстой. Матростæ гранаттæм æрæвнæлдтой. — Æмбæлттæ, æнгомдæр лæуут, хъæддыхдæр! Васкæ та ноджы дзуры: — Фыццаг номерæн азардзыстæм популярон-денджы- - зон мелоди. „Варяг". Æртæ-цыппар... Наверх, вы, товарищи, все по мсстам. Последний парад наступа-а-ет. Врагу не сдается наш гордый „Варяг". Пощады никто не жела-а-а-ет... Цæй цы чьшдæуа, цы, Васкæ æндæр ницы зарæг зоны.. Ныххатыр ын кæнут. ...Все вимпелы ньются и цепи гремят... Наверх якоря поднимают... — „Варяг" баххуыс ’кодта нолкæн... Командир ныхъхъæрг кодта: — Гранаттæ сисут! Иу лæпиу балыгъл, цæфтæ кæм уыдысты, уыцы уæрм- мæ. 77
Иу... Дыууæ... Æртæ... Фехста фыццаг, дыккаг, æр- :тыккаг гранат. Рр-аах-ах-ах... Йæхиуæттыл, цæф хæстон- тыл1 Бæрæг у—уæдæ цы чындæуа? Колчакы ’фсадæн сæ лыууагъдæуа, цæмæй сын сæ тъæнгтæ кæрдтыл стухой? ^Æцитт, тæригъæдгæнджытæ! Уыцы лæппу фæстæмæ æрбаздæхт йе ’мбæлттæм. Æр- хъулайы хæстонтæ кодтой лæугæ, сæ къухты уыд гра- «яаттæ. Васечкæ цæгъды „Варяг"... Урсытæ хъæр кæнынц: — Уæхи радтут! Полкæй сын дзуапп дæттынц: —Тппру... — Сбадут! — Цæйут, фехсæм! Атахтысты гранаттæ. Отъæлфæнтæ цæхæртæ акалдтой— •фосфорау ныррухс кодтой „лимонгъуыз" гранаттæ. Сыбирæгтæ фенкъуыстысты, чи фæстæмæ, чи размæ. Ахæм хъуыддаг сæ зæрдæмæ нæ цæуы. Лæууы мардæй 1-аг Кронштадты полк. Лæууы Кузнецовскы хъæуы цур. Зонын полкæй ма удæгас баззадысты æрмæст дыууæйæ: Емелянов æмæ Степанов... Æмбæлттæ Кузнецовскы хъæуы зæхкусджытæ дурты цæндтæ еæвæрут, чи амард, уыдон уæлмæрдыл—полчы зæрдылдарынæн. Кронштадты 1-аг Денджызон полчы номхыгъдæй си- сыны ты-ххæй хуссар фронтæй æрцыд хъусинаг. Кронштадты наулæууæны наутыл ис саутæ конд. — Тырысатæм, раст слæуут! — Тырысатæ уырдыг æруадзут! Тырысатæ æруагътой. Матростæ наутыргъы лæууынц • æмраст. Сабыр уары мит. Саударæн бон. Лæууынц иу минут, цæуынц азтæ... — "...Ай, ой-их-аху-аха’-ха". Кронштадтæй араст дыккаг яолк. Дæхимæ кæс, Колчак. Уæд денджыз ма • фенæм, куы нæ дæ ныддæрæн кæнæм... 1-аг Кронштадты полк та лæууы мардæй, лæууы Куз- нецовекы хъæуы цур. 78
Сыбирæгтæ ралæс-балæс кæнынц, кæсынц матростæм, .дис сыл æфты: — Уый дын адæм! Цымæ цæмæй конд сты? — Æндонæй... Æцæг дæр матросты къухты уыд Цъæх науæнгуыртæ. Сыбирæгтæ сгарынц мæрдты. Иумæ дзы ссардтой аф- тид партсигар, иннæмæ æнæнæмыг наган, æртыккагæй •сластой газет. —Æри-ма газет, тамако дзы стухæм... Ротæйы ’рдæджы хистæр сæ уæлхъус февзæрд. — Газет ардæм æри... — Тамако тухынæн нын æй уадзы, господин пропор- яцик. Æри йæ, бирæ ма дзур! Салдат газет радта пропорщикмæ: — Хатыр... Сыбираг æфсады дæлдæр чинтæн „Сырх г&зет" сай «къухмæ райсын сæ бон та куыд у? Кронштадт, 1930 азы, март. 79
Гонцов Никалай МАХМÆ, НÆ ХЪÆУЫ Мæ зæххы цырæгътæ Æхсæв уыд сау хъæдабæйы хуызæн, æндæдзгæ умæл. Уый мæныл фæйнæрдыгæй æртыхсти, бæхуæрдонмæ мæ нылхъывта æмæ, кæмæдæр æнхъæлмæкæсæгау, æгуып- иæгæй лæууыди. Арв уыдис æнæбын уæрмы хуызæн. Цæст ницы уыдта! Фæлæ æз уæддæр æнкъардтон мæ сæрмæ цыдæр ауыгъдæй кæй æрлæууыд æмæ мæнæ ныр- тæккæ мæныл кæй æрхаудзæн. Уыдон уыдысты уæззау æмæ цъæх мигътæ. Бæхтæрæг мæнмæ æрцыдис станцмæ комкоммæ йæ куыстæй. Уыд фæллад æмæ ныртæккæ уæрдоны дæргъ- вæтин узгæ цыдæй бафынæй. Бæхты тардтон æз мæхæ- дæг. Дзылар арæхæй-арæхдæр æрбариуыгъ-æрбариуыгъ кодтон. Бæх мын-иу цыма дзуапп лæвæрдта, уыйау-иу хæлардзинады хуыррытт ныккодта. Мæнмæ афтæ каст, цыма бæхимæ нæ кæрæдзиимæ кæнæм ныхас æмæ мæм уый тыххæй æхсæв тæссаг нæ зынди. Тыгъдбыдыры, дард кæмдæр, арвы кæронмæ æввахс, фæлурс æрттывд кодтой хъæуты чысыл цырæгътæ. Уы- дон уый бæрц чысылтæ æмæ фæлурс уыдысты, æмæ сæ æз æвзæрстон гæзæмæ. Мæ зæрдæйыл æрынцадис цыдæр æнæбауромгæ æнкъарддзинад æмæ тас. Уым, уыцы ды- дзы рухсмæ, цæрынц адæм! 0, цæй иунæг сты уыдон ацы хъуынтъыз æхсæвы, фæззыгон быгъдæг быдырты ’хсæн! 0, цы тæригъæд кæнын æз уыдонæн! Цæй тыхджын мæ фæнды куы ацæуин тагъддæр уыдонæн сæ иувæрсты! 80
Фондз километр, дæс, æмæ уыцы цырæгътæ уæддæр æрт~ тивынц, сæ цæст ныкъулынц арвы кæронæй. Уыдон сты бирæ æмæ сты иуылдæр иугъуызон, гыццылтæ æмæ æн- къард. Æмæ цас сты уыцы цырæгътæ æппæт мæ зæх- хыл! Æмæ уыдон алы ран дæр сты иугъуызон, гыццыл- тæ æмæ æнкъардгъуыз, æмæ алы ран дæр сæ рухсмæ цæрынц адæймæгтæ... Æнæнхъæлæджы æхсæвы талынджы мæ цæстытыл ауаг ди аргъæутты уæиджы хуызæнæй стыр зыгуымдон. Зæр- дæ ноджы тынгдæр тасы бацыд. Уæд та бæхтæрæгимæ куы аныхæстæ кæнин. Фæлæ мæм йæ райхъалкæнын хорз нæ касти. Уæд æз бæхы дзылар ноджы тынгдæр æрбари- уыгътон. Бæх та мын хъæлдзæг хуыррыттæй дзуапп рад- та æмæ мæ зæрдæ фæрогдæр. Лæнкæй ахызтыстæм. Лæнчы бынæй нæм хъуыстис къаннæг цæугæдоны сæр-сæр. Уæлмæрды иувæрсты ахыз- тыстæм. Уым уыд къутæртæй талынг æмæ æгуыппæг. Нæ хæд размæ, хæрз æввахсæй ферттывтой цырæгътæ æмæ мах уайтагъд бараст стæм хъæу Молодемкийы уынджы. Хъæууынгты алы ран дæр цæджындзты уæлæ ирдæй сыгъдысты электроны цырæгътæ. Рухс рудзгуытæй уынг- тæм калдис уæрæх тынтæй. Кæцæйдæр хъуысти фæнды- ры цæгъдын. Куыйтæ рæйдтой. Бæхдоны тæф банкъаргæ- йæ, бæх рогдæрæй асæпп-сæпп кодта. Быдыры ма куы уы- дыстæм, уæд мæ цы иунæгдзинады æнкъарддзинад тыхсын кодта, уый ныр бынтон æрбайсæфт. Тынг тыхсгæйæ æз нæхимæ бадугъ кодтон. Чъириау ссывтыты ныхы бынæй мæм мæ фыды мады цæстытæ цыдæр стыр амондджын æрттывд куы фæкодтой, уæд мæм æппæт дæр фæкастис æнæфенгæ диссаджы рæсугъд. Нæ сыхæгтæ нæм æрбацыдысты. Фæрсынтæ мæ рай- дыдтой бирæ цæмæйдæрты. — Байрæзт, слæггъуыз ис. Кæс-ма, йæ сæры хъуынтæ куыд стæнæг сты! Йæ фыды хуызæн рауад: уый дæр хæрз сывæллонæй сцæгæр сæри, Цас фæнды ахуыр кæн!.. -~Дæ Петкæ ныртæккæ цæры хъæу Бобрикы. Шах- тæйы кусы. Ус дæр æрхаста, дыууæ сывæллон дæр ын ис. Вадим та ацыдис нæудзарм зæххытæм æмæ цыдæр- фæцис, никæмæ ницы фыссы... 6* 81
— Махмæ ныр æппæт дæр хорз у, дзæгъæлы дзæнгæда- тæ цæгъдын ницæмæн хъæуы. Æз мæхщæн балхæдтон диван. Нæ хæдзар ныр скъуындæг ис. Ног хæдзар сара- зыныл ныр хъуыды кæнын хъæуы. Магазинты ныр æппæт дæр ис. Дзæгъæлы дзурын ницæмæн хъæуы. — Мæ сывæллæтты сывæллæттæ, æз ныр ног зарджы- тæ кæнын. Рагон зарджытæ мæ фыды мад кодта. Мæнæ чысыл куы аулæфай, уæд мын мæ зарджыты ныффыс- дзыстæм. Ех, дæ мад ма гас куы уаид æмæ дæм куы ба- кастаид! Мæ сыхæгты, мæ фыды мады ныхæстæй мæнмæ уый бæрц хæлардзинад хъуыстис, уый бæрц хорздзинад, æмæ мæ тынг бафæндыд куы атыхсин седыппæтыл дæр. Цæ- мæй мæ æнкъарæнтæ ма равдисон, уый тыххæй ницы дзу- рын, æрмæст мæ мидбыл худын. Бæхтæрæг æрбаздæхт. Уый бæх суагъта æмæ ма, æвæц- цæгæн, кæдæмдæр бауад, уымæн æмæ мæ фыды мадмæ йæ цæст фæныкъуылДта æмæ йын хъæлдзæгæй загъта: — Алцы дæр йæ бынаты ис, Яковы чызг! Æз бакодтон афтæ, куыддæриддæр мын загътай. Мæ фыды мад къустæ æмæ агуывзæтæ сдзыгъал-мы- гъул кæнын кодта. Сыхæгтæ дæр базмæлыдысты. — Ныртæккæ уын фæткъуытæ æрбахæсдзынæн. Ком- коммæ дыргъдонæй, нæуæг ратындæй. Мæскуыйы ахæм фæткъуытæ не ссардзынæ. — Ме сткр мад, къус ма мын авæр. Абон æнæхъæн <5он мыд дыгътон, уадз æмæ йын уазæг йæ ад фена. Цалынмæ уыдон цыдæртæ архайдтой, æхсæвæр цæттæ кодтой, уæдмæ мах бæхтæрæгимæ дуармæ рацыдыстæм тамако дымынмæ. Мæ фыды мады хæдзар æвæрд ис хъæуы тæккæ кæ- рон. Ардыгæй уъæумæ куы акæсай, уæд дзы фендзынæ даргъ рæнхъæй лæугæ хæдзæрттæ æмæ æмраст уынг. Уынгтæ æмæ хæдзæрттæ электроны рухсы бын фесты. Иннæрдæм куы аздахай де ’ргом æмæ дард куы ныккæ- сай лыстæг, уæд æхсæвы талынг цæсгомыл кæмдæр арвы кæронмæ æввахс дæ цæстытыл ауайдзысты къаннæг ды- Э2
дзырухсгæнæг цырæгътæ. Уыцы цырæгътæ тыбар-тыбур кæнынц, гæзæмæ æрттывд кæнгæйæ, ^æрбайсæфынц æмæ та ногæй фæзынынц. -Уыдон дæм куыддæргомау кæсынц лæмæгъ æмæ тæригъæдтаг.. Фæлæ цæмæн, ,уый ныр æз зонын: æввахс сæм куы бацæуай, уæд уыдон уайтагъд дæ цæсты раз ахæм тæмæнтæ скалдзысты, æмæ сæм ба- кæсын дæ бон нал бауыдзæн. Æз уыцы цырæгътæм кастæн æмæ хъуыды кодтон, цы адæймæгты рухс кæнынц, уыдоныл. Уыдон дæр сты, æвæццæгæн, ахæм зæрдæхæлар адæм, цахæм сты мæ рай- гуырæн хъæуккæгтæ. Мæнмæ стыр фæсмон æркастис, ахæм гæзæмæ æрттывдгæнаг цырæгъты фæреты-иу алхатт дæр афтæ тагъд кæй рацыдтæн, уый. Ныр æз уыцы дард ранмæ æнкъард зæрдæ æмæ тæрс- гæйæ нал кастæн, фæлæ стыр цинимæ: ахæм цырæгътæ юудзы æппæт мæ райгуырæн зæххыл. Мæ сыхæгты лæппу Райсомы куы райхъал дæн, уæд мæ зæрдæ уыдис цы- дæр æнахуыр хъæлдзæг. Мæнмæ афтæ каст, цыма бирæ рæстæджы цы бæрæгбонмæ æнхъæлмæ кастæн, уый ныр æрбалæууыд. Цыма уалдзыгон хур фыццаг хатт æрбакалд- та йæ тынтæ æмæ йæ рухс парахатæй мидæмæ мæ ру- дзынгæй. Уыцы циндзинад мæм кæцæй каст, уый æххæстæй нæ~ ма зыдтон, ^афтæмæй цармæ кастæн. Цар уыд чысыл ныл- лæг, уыдис ыл газеттæ ныхæст. Газеттæ иуылдæр уыдыс- ты иу номыр—фыст сыл уыдис æхсæзæм авгуыст, май- рæмбон. Мæ^цæстытыл уадис алы газетæй дæр уацы сæр „Дард фæндæгтыл", „Дард фæндæгтыл", „Дард фæндæг- тыл..." Иу кæцыдæр хъугдуцæг хъуджы æфцæгыл ныт- тыхст æмæ мæм комкоммæ каст бирæ нымæц цæстытæй алы ранæй дæр. Цæмæн афтæ рог у мæ зæрдæ, цæмæн мæм зыны бæ- рæгбоны хуызæн? Цæмæн мæ бафæндыд ныридæгæн хуыссæнуаты ныззарын, кæнæ мæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр $а
кæнын мæ зæрдæйы æхсызгондзинад.. Цæмæн< мæм кæсы уæлæ уыцы хъугдуцæджы æнæуд ныв дæр ахæм уарзон æмæ зæрдæйæн æввахс адæймагæй?.. „Хъи-хъри-хъи!—цъæхснаг хъæлæсæй райхъуыст къу- лы фæстийæ. Æмæ уыцы уысмы æз æппæт дæр æрымысыдтæн. Æгас цæуай, мæ фыды хæдзар! Æгас цæуай, мæ рай- гуырæн хъæу! Дуары тæнæг хъинцъ фæцыд. Мæ цæстытыл фыццаджьг ауадис кепкæ худ. Уый æрбацæуæджы цæстытæ æмбæрз-- та æмæ комкоммæ æнцой кодта йæ фындзыл. Уый фæстæ федтон игæрхуыз хæдон, гуыбыны комкоммæ æмпъузæни- мæ. Уыдис ыл цыбыр кæттаг хæлаф, йæ къæхтæ уыдыс- ты цъыфæйдзæгтæ. — Нæма сыстадтæ, дядя Коля?—йæ цæстытыл æнцай- гæ кепкæ худы быыæй райхъуыстис сывæллоны хъæлдзæг хъæлæс — Ныртæккæ етын,—дзуапп ын радтон æз.—Кæм ссард^ тай ахæм кепкæ? — Мæ фыды худ у. Мæ размæ йæ дардта Толик. Ныр ын мæ мад ног худ балхæдта, зоныс, уый ныр скъоламæ цæуы. Ацы кепкæ та мæнæн радтой. Æз скъоламæ цæ- уын куы райдайон, уæд мæнæн дæр уыдзæнис ног худ. Уый уыдис нæ сыхæгты лæппу Вовик. Æз уыимæ тынг схæлар дæн, æхсæвы станцæй куы ’рбацыдтæй, уæд. Уый мæнæн æххуыс кодта дард фæндагыл рацæугæйæ мæхи æхсынæн, мæ дзаумæттæ æрыфснайынæы. Уый уæд цæхæ- радонмæ азгъордта памидортæ хæссынмæ, пецы нын арт скодта. Æз дæр æй зæрдæбынæй барæвдыдтон мæскуыйаг адджинæгтæй, бар ын радтон фотоаппаратимæ архайы- нæн. Дысон та йемæ бадзырдтон, зæгъын, райсом кæсаг- ахсынмæ ацæудзыстæм. Вовик йæ кепкæ систа æмæ цы хуызæн у, уый феныы мын бæлвырдæй бантыст. Иæ урсдзалыг сæр цъуппæй лæууыд, уыдис ын æнæ- хъæнæй дæр нуæстæ. „Дуртæ æхстам æмæ",—æфсæрмы гæнгæйæ мын бамбарын кодта Вовик. Йæ цæсты гагуытæ уыдысты къаннæг æмæ цъæх-цъæхид, цыма мæм къулы 84
екъуыдæй цъæх арвы гæппæл зынди, уый хуызæн. Йæ фындз иу æртæ ран уыдис цъæхтæ. Йæ хус былтæ афтæ æнгом сæлхъывта, цыма цыдæр стыр сусæгдзинад куы раргом кæна, уымæй тарст, уыйау. — Æнгуыртæ тыргъы цæттæ сты,—дзырдта мын Вовик, цалынмæ æз мæ дзаумæттæ кодтон, уæдмæ.—Æз Толикы æнгуыртæ дæр рахастон, сырх æнгуыримæ... Аходæн кæн- дзынæ æви нæ? Мæнмæ хæрын нæ цыдис. Отæй рæстæг дæр кæм ис: ныртæккæ у кæсагахсыны хуыздæр рæстæг. Вовик фæс- монгæнæджы каст бакодта мæ чемоданмæ æмæ мæ фæстæ рарастис уынгмæ. Æртæ азы дæргъы æз мæ райгуырæн хъæуы нал уыд- тæн æмæ уый тыххæй ныр мæн æппæтдæр тыхсын кæны, агайы мæ. Æмæ стæй рæстæг дæр уыд ахæм, æмæ адæй- маджы мысинæгтыл куы бафтауы, куы йæ нынкъард кæ- ны! Ахæм рæстæг у фæззæг. Фæндаг донмæ цыдис зæронд æвæгæсæг дыргъдоныл. Балы тыхджын пыхс къутæртæй зындис иунæг фæткъуы. Фæткъуы хускæнын райдыдта æмæ йыл уыди лыстæг, æнцъылд фæткъуытæ. Къæхты бынæй сыбар -сыбур кодтой умæл сыфтæртæ. Уыдонæй калд цахæмдæр адджын тæф. Сусхъæд бæлæстæ ныридæгæн уыдысты бынтон бæгънæг, сæ къæдз къалиуты æхсæнтæй уазал, фæззыгон арвæй рухс калди. Цахæмдæр зымæгон цъиутæ къалиуæй-къа- лиумæ гæппытæ кодтой цыдæр цъыбар-цъыбургæнгæ. Дыргъдоны цурæй райдыдтой халсары цæхæрадæттæ. Уыдон уыдысты æрдæг къæхтытæ, къæхтытыл разил-ба- зил кодтой æфсæст родтæ. Кæрчытæ дæр тагъд-тагъд змæстой сыджыт. Галиуырдыгæй зынд хъæд, цъæх пил- лон калæгау. Рахизырдыгæй, донæн уыцы фарс, ардæм иттæг дзæбæхæй нæ зынд къуылдымæй, фæлæ дарддæр, *арвы кæронырдæм, бæлвырдæй зындысты цъæх тæлмытæ. Ацы ныв æз федтон мин хатты. Диссагæй дзы кицы уыди. Æппæт дæр у хуымæтæг, иугъæд он, фæлæ мын мæ зæрдæ уæддæр тынг бацагайдта. Уарзон райгуырæн къуым!.. Цы ’ввахс дæ, райгуырæн зæхх, мæ зæрдæмæ! Ра- гæй дæ нал федтон. Ныр, дæумæ кæсгæйæ, мæн фæнды куы ’рхауин дæ риуыл æмæ куы сзарин мæ риуы дзаг: 85
...Цины боны сæраппонд Ды мæнæн ныббар, цæй тыххæй, нæ зонын, Æрмæст ды ныббар мæнæн, мæ абон. Мæ цæстытæ донæй кæй айдзаг сты, уый æз бамбæрс- тон æмæ æвиппайды иннæрдæм фæзылдтæн. — Цы кодтай? Дæ цæстыты рыг бакалд?..—аудгæйæ мæ бафарста Вовик. Æз тагъдгомау мæ сæр батылдтон. — Мæнмæ ис кæсæнцæстытæ!—загъта уый ныр мæразæй цæугæйæ æмæ йæ æнгуыр зæхмæ æрхаудта.—Дæ цæсты- тыл сæ куы бакæнай, уæд сты сатæгсау, ницы сæ зыны! Махмæ иу куырм уыдис æмæ амард æмæ йæ кæсæнцæс- тытæ баззадысты. Æз сæ дæуæн равдисдзынæн. Кæд дæ фæнды, уæд сæ айс æмæ сæ дар, цæмæй дæ цæстыты рыг макуыуал бакæла. Мæн нæ хъæуынц, уымæн æмæ сæ иицы уынын уæддæр. Тагъддæр цазуæм, дядя Коля, кæннод нын нæ бынат бацахсдзысты. Цæугæдоны нал базондзынæ. Уый уыдис раздæр хæрз нарæг, æртæ азы размæ йæ былгæрæттæ къутæрты бын фесты, ныр та мæ цæсты раз ис стыр донæмбырдгæнæн. Уый йæ быны фæкодта донбылгæрæтты цæхæрадæттæ æмæ дард уыгæрдæны. Цæугæдон раздæр хуссарырдæм кæм фæкъæдз, уым ныр æз федтон бур дурæй конд дон- уромæн къул æмæ гидростанцы урс бæстыхай. Вовик мæ комкоммæ колхозы бæхдонмæ бакодта. Уый æвæрд ис донбылгæрон. Æз иттæг хорз зыдтон, донæм- бырдгæнæны кæсагахсыны бар кæй нæ ис, уый æмæ дон- былгæрæтты кæрæй-кæронмæ кæсагахсджытæ куы фед- тон, уæд стыр дисы бахаудтæн. Уыцы кæсагахсджытæ мæнæн иуылдæр уыдысты зонгæ: иудзонгон Оаша Глуков Алексей Волков æмæ ноджы дыккагАлексей—фæсномыгæй Аринич; Феодр Иваны фырт Лыксов, Тарадия... фæлæ уыдонимæ аныхас кæнынæн, æгæрыстæмæй, дæ бон хорз зæгъынæн дæр, рæстæг нæ уыди. Стæй уыдонæн сæхи лæр мæнмæ не ’вдæлд: се ’нгуыртæй сæ нæ фæхицæн кæн- дзынæ. — Ардæм, ардæм, дядя Коля,—мæ хъусы мын дзырдта яв
мæ авдаздзыд фæндагашшæг.—Толя знон ам комбинкор ныккалдта. Ох, куыд æй хæрынц, уый куы зонис! Иу минуты фæстæ мæ къæхты бын йæ тыбыртæ цагъ- та, йæ авджы хуызæн буар æндæргъуызон кæнгæйæ, фыццаг кæсаг. Вовик ыл йæ кепкæ авæрдта, дæлгоммæ йыл ныххуыссыд æмæ мын йæхæдæг ныллæг хъæлæсæй дзуры иннæ æнгуырмæ амонгæйæ: — Сласуыйдæр! Иу цæстæй æз кастæн, доныл æн- къуысгæйæ, рацæйцæугæ- тъиуимæ, аннæ цæст та дард- тон фæндагмæ: нæ дзы фæзындзæн хъæдгæс? — Тæрсгæ ма кæн, мах бадæм адæмы ’хсæн. Хъæдгæс куы фæзыца, уæд фыццаджы дæр хыл кæндзæн Арничи- мæ, кæнæ Тарадиаимæ æмæ махæн уæдмæ алидзын бан- тысдзæн,—ныфсытæ мын æвæрдта Вовик. Стæй дын æвип- пайды ныхъхъæр кодта: „Кæс-ма, уæртæ рацæуы! Къуыл- дымæй уырдыгмæ æрцæуы!" * Хъæдхъахъхъæнæджы иуылдæр федтой. Фæлæ бам- бæхсын йæ хъуыдыйы никæмæн уыди. Æз дæр кæм лæууыдтæн, уыцы бынаты баззадтæн. Уый кæронæй лæууæг кæсагахсæгмæ æрбацыд, йæ бæх баурæдта, тамако сдымдта, цыдæр загъта æмæ дарддæр’ ацыд. Арнич æмæ Саша Глуховы фæстийæ фæуагъта, ни- цы сæм сдзырдта, афтæмæй. Лисковимæ иу дыууæ, æртæ ныхасы скодта. Стæй мæнмæ æрбаввахс. Æз æй уайтагъд базыдтон, уый уыдис раздæры æнæхицау лæппу Дериа- бин. Уыимæ мах кæддæр, раджы, сывæллæттæ ма куы уы- дыстæм, уæд иумæ давтам джитъритæ. — 0, о! Æрбахæццæ дæ^—хъæлдзæгæй фæхъæр кодта- уый, йæарæзт дæндæгтæ ферттивгæйæ.—Афонмæ дæр дыл æмбæлд æрбацæуын. Бирæ рæстæгмæ æрбацыдтæ? — Иу мæйы æмгъуыдмæ. — Хорз рæстæджы æрбацыдтæ: фæззæг, æппæт дæр срæгъæд. Де ’нгуырыл схæц!—æвиппайды ахæм хъæр фæ- кодта æмæ æз фесхъиудтæн. Донæй рагæпп кодта æмæ сур зæххыл йæ тыбыртæ цæгъдын райдыдта ноджы иу кæсаг. — Хорз кæсаг у! Кило æмæ æрдæг уыдзæнис,—-загъта Дериабин ахæм райгондæй, цыма йæ йæхæдæг æрцахста. 87
—Ныр арæх нал сты, фæцахстой сæ. Фарон уалдзæджы дзы æхсай мин кæсаджы лæппыны ауагътам. Хуыцау куы зæгъид æмæ ма дзы æхсæз мины дæр куы баззаид. Колхоз тынг фæзиан кодта. Æхца уæгъды д’оны бакалдта. Æз дæн хъахъхъæнæг, донбылты рацу-бацу кæнын, мæ хъус дарын... куыд ахсынц кæсаг. Кæй дзы фæивар кæнон? Иуылдæр сты нæхиуæттæ, хæйрæг сæ бахæра... Уый мын хъасткæныныл схæцыдис, колхозы цыæнæгъ- дау хъуыддæгтæ цæуы, уыдон тыххæй, стæй мæ бафарста: — Кæм ахуыр кæныс? , —Кинематографийы институты. , — Кино механик дæ рауайдзæн, нæ? Уый у иттæг хорз. Æфтиаджы куыст! Мæнæ нæ киномеханик цыппар лæ- гæн ратдзæни иу билет, æхца та сæ райсдзæн алкæмæй дæр—æмæйæ дзыппмæ. Æрвыл бон дæр у расыг æмæ æф- сæст. Мæгуырау куыст нæу... Цæй хорз, æрбауай нæм-иу, аныхæстæ* кæндзыстæм, не ’взонджы бонтæ æрымысдзыс- тæм... Размæ, хæйрæг дæ бахæра!—фæхъæр кодта йæ бæхыл. Хъæдгæс йæ фæндаг адарддæр кодта. Æз фæха- тыдтæн, лæппу мæ цуры кæй нал ис, уый. Фæйнæрдæм акастæн—никуыцæй зыны. Ахъæр æм кодтон: — Вовик! — А-а!—кæцæйдæр мæм дæлийæ йæ хъæлæс сыхъуыст. Стæй уалынмæ йæхæдæг дæр бæхдоны фæскъулæй фæ- зынд, кепкæ йæ цæстытыл конд, афтæмæй. Лæмбынæгдæр акæсгæйæ уыцырдæм, æз бæхдоны къу- лы цур федтон арæхстджын æгъдауæй æмбæхст уæрм. — Мах алы хатт дæр мæнæ ацы уæрмы бамбæхсæм,— хинæйдзаг худт бакодта Вовик, йæ зыхъхъыр фæтæн дæн- дæгтæ равдисгæйæ. —Дядя Коля, мæнмæ гæсгæ фаг сты. Тебæйы фагæй уæлдай сты. Цæуын афон нын у нæхимæ. Æз ын йæ фæндон нæ бамбæрстон æмæ ногæй æнгуыр- мæ баздæхтæн. Уæд мын уый комкоммæ загъта. — Дядя Коля, аходæн хæрын дæм нæ цæуы? Æз ныр- ма ницы бахордтон. Раст зæгъгæйæ цæуын афон дæр уыд. Ацы рæстæгмæ хур дзæвгар суадис арвыл. Фæззыгæндтæы уыцы- фарсæй 88
хзæ цъæх билцъ тардæрæй зынд. Æнгуыртæ дæр кæсаг нал ахстой æмæ нæ сыхæгтæ иу иннæйы фæстæ цæуын райдыдтой. ’ < Æрдæг сахат рацыдаид, афтæ æз æмæ Вова бадтыстæм стъолы фарсмæ. Æз адджындæрæн хордтон картоф, джитъ- ритæ æмæ æхсыр, Вовик та печенитæ æмæ каффеттæ. Йæ дзых афтæ байдзаг кодта æмæ йе ’взагæн фезмæлæн дæр нал уыд, фæлæ уæддæр архайдта хæргæ-хæрын дæр дзу- рыныл: — Зокъотæ ис алы къодахы бын дæр! Къордтæй рæ- зынц æвзонг зокъотæ... Мах дзы знон Толяимæ æртыдтам æнæхъæн бедра. Хъæдмæ ацæудзыстæм, дядя Коля, æви нæ? Дæ гæххæттыты дзы нал ис, нæ? Æз ын йæ дзыппы мæ муцъийы дзаг кафеттæ ныккод- тон æмæ араст стæм хъæдмæ. Хъуынтъыз нæзы хъæд ныл сымбæлдис сусу-бусимæ. Ам уыдис талынг æмæ уазалдзæф. Зазы зыкъуыритæ-иу - нæ алфæмблайы æрхаудтой æмæ-иу фæлмæн гуыпп фæ- кодтой умæл зæххыл. Уыдоя хаудысты дымгæйæ. Дым- гæ-иу йæ хъæлæбайæ рæстæгæй-рæстæгмæ фæлæууыд æмæ цæм-иу уæд бæлвырдæй райхъуыстис зымæгон мæргъты цъыбар-цъыбур. Нæзы хъæдæй мах ахызтыстæм хæццæ хъæдйæ. Зокъо- тæ дзы, æцæгæйдæр, уыдис тынг бирæ. Нæ къалати уай- тагъд айдзаг кодтам. Вовик йæ хæдон раласта, йæ къух- тæ мæ йын йæ хъуыр бабаста æмæ дзы хызын рауади. Фæ- лæ цыбыр рæстæгмæ мах зокъотæй æрмæст йæ хæдоны нæ байдзагкодтам, фæлæ ма Вовæйы кепкæ æмæ йæ хæ- лафы дзыппытæ дæр. — Ех, бедра мæ куы фæуыдаид!—бакатай кодта лæппу. — Нæ фаг нæм дзы ис,—сабыр æй кодтонæз.—Цæй ныр та афтæ æнæуый ахъеллау кæнæм, афæлгæсæм фæйнæ- рдæм. Фæззыгон хъæд уыдис диссаджы рæсугъд. Бæлæсты сыфтæртæ нæма рызгъæлдысты, фæлæ сæ хуыз аивтой. Уыдис дзы бур сыфтæртæ, бурбын æмæ туггъуыз сыф- тæртæ дæр. Дымгæ гæзæмæ улæфыди. Бæлæстæ цадæг- гай æнкъуыстысты, алгъуызон сыфтæртæ тыбар-тыбур 89
кодтой, сусу-бусу сæ кæрæдзиимæ. Хур сыл йæ цæхæр* тынтæ парахатæй калдта, пиллон артау сæ сыгъта æмæ афтæ зынд, цыма хъæдыл æгæрон зынг сирвæзт, судзы. Хъæд, пиллон артау, сыгъд, æндæргъуызонæй йын зæ- гъæн нæй! Дымгæ стыхджын æмæ афтæ зынд, цыма бæ- лæстыл пиллон ноджы цæхæрдæрæй æрттывта. Дымгæ-иу куы фæсабыр, уæд-иу стыр пиллон фæтар, цыма йыл-иу лыстæг фæнык рызæрстæуыд, уыйау. Мах хъæды дзыхæй рацыдыстæм. Бурбын нæууыл æр- хуыссыдыстæм æмæ бирæ, бирæ фæкастыстæм æнæбын цъæх арвмæ. Нæ цуры кæцæйдæр æввахс ранæй йæ хъæлæсы дзаг хъæр кодта гæркъæраг. Цъиахтæ хъæды сæрмæ сæ кæрæдзийы сæрмæ ныррæгъ сты. Халæттæ сæ фæстæ цъиах-цъиах кодтой. Уыдон тæккæ сæрмæ арвы бæрзæн- дыл хърихъуппытæ дзугтæ-дзугтæй, æнæ сыбырттæй тагъд тахтысты хуссарырдæм. Хърихъуппыты сæрмæ мигътæ стæм тæппытæй, бур ахурæны тылды хуызæнæй лæууыдысты. Вовикы нал фæндыди æнæдзургæйæ бадын. — Дядя Коля,—райдыдта уый,—ды Ноздрайы зоныс?' Мæнæ, Петкæ Шашликовы... Уый æнцонтæй фондз капеч- чы йæ фындзы хуынчъы атъыссы æмæ йæ йæ дзыхæй- фелвасы. Æмæ æппындæр никуы æмæ ницы. Æгæрыстæ- мæй йæ бон у, æмæ иу хатт дыууæ фондз капеччы дæр- атъысса йæ фындзы хуынчъыты. Æз дæ емæ базонгæ- кæндзынæн, хорз? Ныртæккæ, ацы æзæр. Хорз? Фæстæмæ куы раздæхтыстæм, уæд дзæбæх æрталынг; Хуссарырдыгæй, Куликовы цæджындз кæм сагъд уыдис (уыцы цæджындзы ныссагътой тæтæримæ уырыссæгты тохы цытæн) арвмæ сцæйхылдысты æгæрон стыр мигъ- тæ. Арв-иу фæтæн тынтæй сæ уæлæ нырттывта, æгомы- гæй-иу ныннæрыди. Вовик цыд мæ иувæрсты. Йæхи мыл бандæгъта æмæ йæ цæстытæ, уæрæх байгом кæнгæйæ, тарстæй дардта мигътæм. Цæмæй йæ бахъæлдзæг кодтаин, уый тыххæй- йын æз йæ хус уæхсджытæ мæхимæ æрбалхъывтон. Уый мæм разыйы каст скодта хæрдмæ æмæ ныллæг хъæлæсæй* сдзырдта: 00
— Тас у! Ай хуызæн æхсæвы адæймæгтæ иунæгæй* куыд фæцæуынц? Уалынмæ нæм хъæуы рухсытæ разындысты æмæ мах. уайтагъд хъæууынджы бараст стæм. Мæхи куыддæр ныхсадтон æмæ мæ дзаумæттæ раив- тон, афтæ та мæм Вовик ногæй фæзынд. Ныр мæм уый иунæгæй не ’рбацыд. Йæ фæстæ лæууыд даргъ æмæ^ ставд цæсгом, нарст фындзимæ, æвзонг лæппу. „Ай уы- дзæн Ноздриа",—фæхъуыды кодтон æз. — Мæнæ, гъе, дядя Коля, ныртæккæ дын уый равдис- дзæн,—загъта Вовик æмæ æнæрадæлæ-бауæлæйæ йæ рæм- бынкъæдзæй басхуыста йе ’мбалы.—Æввахс æм бацу, м& тæрс... Уый стъолмæ æввахс бацыд. Йæ дзыппæй зылын-мы- лынтæ фондз капеччы.систа æмæ ницы загъта, афтæмæйп йæ фындзы хуынчъы тыссын райдыдта. Фондз капеччы,. æцæгæйдæр, йæ фындзы хуынчъы нал фæзынд. Лæппу йæ фидарæй йæ фындзы хуынчъы атъыста, рыхснырста, стæй йе ’нгуылдзтæ йæ дзыхы атъыста æмæ та йын æз, фондз капеччы ногæй йæ армы тъæпæны федтон. Къæм- дзæстыгæй, йæ цæстытæ уырдыгмæ æруадзгæйæ, та фæс- тæмæ дæр дуарырдæм æнæдзургæйæ алæууыди. — Диссаг нæу, уæдæ цы у?—дисгæнгæ йæ мидбылты бахудт Вовик.—Иу рæстæджы дыууæ фондз капеччы дæр у йæ бон. Æрбад ма мæнæ ам!—бардзырд радта уый Ноз- драйæн æмæ ахæм цæстæй бакаст мæ чемоданмæ, æмæ йæ æз уайтагъд бамбæрстон: ахæм цæстфæлдахæн мийы тых- хæй йын бафидын хъæуы. Æз Вовикæн мæ чемоданæй адджинæгтæ куы истонæмæ- сæ уый йæ кепкæ худы куы ’вæрдта, уæд нæм къæсæрæй йæ мад æрбахызт. Уый, æвæццæгæн, йæ лæппуйы иттæг хорз зыдта, уымæн æмæ куыддæр æрбахызт, афтæ загъта: — Ма къулбадæг кæн, Никъалай, лæппуйы. Уый ахæм у, æмæ цыдæриддæр ракурдзæн. Нæ къæбыла ахæмтæм; арæхсы! — Ма тæрс, мæ адджинæгтæ æнæуый дæр фесты,— дзуапи ын радтон æз. Чысыл цыдæртæ ма мæм аззад æмае- сыл уаДз æмæ цин кæнæд. 9г
Мах цы дзырдтам, уымæ Вовик æппындæр не хъуыста, цыма дзы уымæ ницы хауд, уыйау. — Бй, цæугæ!-—басхуыста уый Ноздрайы.—Дядя Коля, райсом дæр та кæсаг ахсынмæ цæудзыстæм? Æз дын фа- джысы уаллæттæ æрбахæсдзынæн. Уыдон вæййынц сырх æмæ даргъ, раздыхс-баздыхс байдайынц, кæсæгтæ сæ куыд дардмæ уынынц, уый зоныс?! — Æнæмæнг та цæудзыстæм, фæлæ-иу æрбацу,— дзуапп ын радтон æз. Ацы хæйрæггонд лæппу тынгæй-тынгдæр цæуын байдыдта мæ зæрдæмæ. Вовик йæ дзырд сыххæст кодта: уый мæнрайхъал код- та райсом æхсæз сахатыл. Йемæ, æцæгæйдæр, æрбахаста бирæ уаллæттæ. Æз сфæнд кодтон цалынмæ кæсаг ахсынмæ ацæуæм, уæдмæ исты ахæрын. Вовикы дæр мæ аходæнмæ æрбахуыд- тон. Уый стъолмæ æввæхс æрбаб&дт, иу дыууæ хатты- æвæндонæй йæ фыдисыл фых картоф систа æмæ мæ бафарста: — Ды цай цымын уарзыс чысыл гуылтимæ? Æз мæ худын тыхæй баурæдтон æмæ йын дзуапп радтон: — Ай~ай, уарзын... Æрмæст нæм адджын гуылтæ нал ис, фесты. Уый йæ фыдис æрывæрдта, кепкæ йæ цæстытыл æр- сагъта æмæ, рудзынджы авгыл йæ æнгуылдзæй ныхъхъыр- , рыст кæнгæ, загъта, хъуыдыты ацæугæйæ: — Ме ’нгуыр асаст. — Ницы кæны, мæнмæ цалдæр æнгуыры ис. Йæ къухы æнгуылдз ноджы тынгдæрæй рахаф-бахаф систа рудзынджы авгыл æмæ тыхсгæйæ сдзырдта: — Ноздра кæдæм ацыд, уый зоныс? Мусмæ хъæдур хæссынмæ... Хъæдур уарзыс ды? — Цæй, хорз, кæд дæ афтæ зæрдиæ фæнды хъæдур хæссынмæ бауайын, уæд ауай!—дзуапп ын радтон æз. Лæхстæ кæнын бирæ нæ бахъуыд, рагæпп кодта йæ <5адæнæй æмæ азгъордта. Знон цы бынаты ахстамкæсаг, уым чидæртæ ахстой земæ мæн бацæуын бахъуыдис Шаталовкæйы цурмæ, Ивановы 92
къуылдыммæ æввахс. Уым доны тæккæ былгæрон уыдис нарæг бур нæудзарм. Нæудзармыл æрбадтæн. Бынæй: дон улæнтæй цыд, рудзгуыты хуызæнæй. Ахæм рудзынг- гæндты сæ иуы æз æнгуыр ныппæрстон. Ацы бынаты дæр кæсаг уыдис дзæвгар. Æз уайтагъд цыппар стыр кæсаджы ахал кодтон. Къуылдым мæдымгæйæ хъахъхъæдта, фæлæ хур æндæвта тынг æмæ æз сфæнд . кодтон, зæгъын, чысыл дарцдæр абадон. Донæы уыцы фарс фæрвы стæм къутæрты аууонæй; дыууæ лæппуйы фæзындис. Æз сæм уый бæрц мæ хъус не ’рдардтон. Раст уыцы уысмы ме ’нгуыр сабыргай змæ- лын байдыдта æмæ æз чысыл раздæр абырыдтæн. Æвæц- - цæгæн уый къаннæг кæсаг æрцахста æмæ-йæ ,уый змæ- лын кодта. Æз хъуыды кодтон, зæгъгæ, йæ ныртæккæ фел- васдзынæн... Æмæ æвиппайдытъыллупп!—ме’нгуыры тæккæ фарсмæ дур сымбæлд. Уый рахста чидæр уыцы фарсæй. Æз тынг амæстыдæн æмæ мæбынатæй фæгæпп кодтон. - • — Ей, цы ми кæнут уый уым! Фæрв къутæрты аууон чидæртæ схъуырдухæн сты. Хъуысы мæм сæ :тыхулæфт, цыдæр æнæмбаргæ зæлтæ. Уый фæстæ дзы кæуын райхъуыст, стæй дзьь иу лæппу рагæпп кодта æмæ лидзынмæ фæцис быдырырдæм. Уы й уыдис Ноздра. Йæ хæд фæстæ Вовик дæр фæзынд. Уый доны былыл слæууыд æмæ хъæр кодта: — Дядя Коля, æз ын йæ фындз ныммур кодтон! Ныр мæ йæ зæрдыл бадардзæн! Æз ныртæккæ дæумæ баленк кæндзынæн, дядя Коля. Хорз? Мах Артоманмæ ацæудзыс- тæм, уым ис иу диссаджы хорз бынат! — Хæхты ис уыцы бынат?—бафарстон æй æз. — Цæй хорз, хæйрæджытыхай фæуæд. Райсом æмсуай- дзынæн,—дзуапп мын радта лæппу æмæ йæ дзаумæттæ ласыныл фæцис. Фæстаг къæвда Абон иууылдæр æрбацыдысты, ничи бафæстиат кодта дæуы йедтæмæ. Цы дыл æрцыдис? 93"
— Æмæ дæхæдæг цæуылнæ дæ уым?—дзуапп ын рад- та Андрей Зыков, йæ сау цæстытæ хинæйдзаг æрттывд фæкæнгæйæ.—Æви комсорг уым хъуамæ ма уа? — Комсорг дæр уым хъуамæ уа,—сабырæй йын дзуапп радта Дорин.—Æз гаражмæ базгъорстон машинæйы тых- хæй. — Æз та... угæрдæнмæ тагъд кæнын. Мæ фыдæн мæ аххуыскæнын хъæуы, хос ласынмæ ис. Æмæ иуфарс фæцæйцыдис уый. — Сымах, Зыковтæ иууылдæр ахæмтæ стут,— йæфæстæ адзырдта Дорин. Андрей цæсты фæныкъуылдмæ, цыма йæ чидæр барæ- хуыста, уыйау фездæхт фæстæмæ æмæ йæцæст мæстыйы ныкъуылд æркодта. — Цымæ цахæмтæстæм, дæумæ гæсгæ?—йæ дæндæгтæ ныхъхъыррыст кодта уый. — Колхозы куысты мæт нæ кæнут. Клубы уæ нæ фен- дзынæ. Æмбырдмæ никуы æрбацæут. Цæрут уæхицæн, куыд мустæлæг йæ хуыккомы. Æрмæстдæр хъуыды кæ- нут уæхи сæрмагонд хæдзарыл... — Нæ хæдзары мæт дæ гуыбыны ма бацæуæд!—фыр- мæстæй схыр-хыр кодта Зыков.—Науад дын æз, цъаммар!.. Йæ къух стымбыл кодта, афтæмæй фæцæйцыд Долин- мæ. Фæлæ фæстагмæ йæхи æрурæдта æмæ ма йын но- джы дæр загъта „Цъаммар!" æмæ ацыд... Хос æрыскъæфы æмæ цыдæр æнахуыр кæрдæджы ад- джын тæф кодта. Андрей йæ ссывта, æмбырдтæ йæ кодта, стæй йæ сагойæ уæрдонмæ хаста æмæ йæ йæ фыдмæ æп- пæрста. Цæугæдонæй умæл уæлдæф калди. Хур, цыма адæмы цæмæй ма батыхсын кодтаид, ууыл архайдта, уыйау мигъты аууон æмбæхсти æмæ-иууæлдæф нæ æнуд кодта. Ахæм боны хъæды кусын уыд зæрдæйæн æхсызгон. Фæлæ Андрей уыд тарцæсгом æмæ мадзура. — Мæ фыд,—бафарста йæ уый æвиппайды, уымæ но- гæй хосы тъыфыл æппаргæйæ,—цæмæк бадыс ды иуда- дзыг хæдзары? Цæуылнæ искуыдæм рацæуыс? — Æмæ кæДæмрацæуон—йæфарстæнынфарст радтафыд И94
дæр æмæ йæ хидæйдзаг ных асæрфта. Фыдæн уыд фæтæн уæхсджытæ, чъылдымæй чысыл, гуыбыраив æмæ къан- нæг цæсгом. Йæхи рагæй нал адаста æмæ йæ цæсгом уы- дис уызыны хуызэен. Йæ цæстытæ уыдысты къаннæг æмæ дондзаст. — Зæгъæм, клубмæ, кæнæ æмбырдмæ цæуылнæ искуы рацæуыс... — Цы мын баззад клубы, кæнæ мæ цæмæн бахъуыд уе ’мбырд? Рагæй нал федтон Васяйы, кæнæ Баевы? Æзæм- бырдмæ дæр нæ бацæудзынæн, аф^гæмæй йæ зонын, цы &мæ цæуыл дзурдзысты уыдон! Фæрсгæ та мæ цæмæн кæныс, цæй тыххæй? — Афтæ... Хæц-ма йыл! Хос уæрдоныл куы самадтой, уæд фыд зæхмæ рахызт æмæ йæ бæндæнæй бæттын райдыдта. Андреййæ цæстæя- гас уый æрдæм скодта æмæ та йæ ногæй бафарста: — Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, цæуылнæ дæ уарзынц хъæу- бæстæ? Фыд йæкъахуæрдонмæ скодта, бæндæ’н тынгдæрæрыл- хъывта, сбаста йæ æмæ йын æрмæст уый фæстæ рад- та дзуапп: — Хæлæг мæм кæнынц æмæ уый тыххæй! Цæрæм дзæ- бæх, æппæт дæр нын ис фаг, йемæ сæм уый кæсы хæлæг æмæ хахуыр кæнынц. Афтæ вæййы алы хатт дæр... Ды æнæхъуаджы хъусыс хахуыргæнджытæм! Сылгоймæг- тæн сæ бон у алцы дæр æрымысой, зондæй цух сты уы- дон. Æрбад-ма æмæ исты ахæрæм. Мæнмæ иу чысыл фыц- цаг арахъхъ дæр ис æмæ дзы нæ фæллад суадзæм. Андрей йæ сæр æнæразыйы тылд бакодта. —■ Æрбад-ма!— фæхъæр ыл кодта фыд.~Мæхæдæг дæ хонын æмæ дæ иугæр хонын, уæд æлгъитгæ нæ кæндзы- нæн. Ныр ды егъау дæ æмæ-иу иуæй-иу хатт аназын дæр хъæуы. Æрбад-ма! —Нæ мæ фæнды баназон,— фидарæй йын дзуапп радта Андрей. Фыд æрбадт æмæ йæхæдæг нуазы. Куы аназы, уæд та джитъри, картоф, кæнæ хуыйы фыд ахæры. Уыцы рæс- тæджы фырт бвк ивтыгъта æмæ зæххæй хосы бындзгуы- тæ уыгъта. 95
Дымгæ фæтыхджындæр, уæлдæф ноджы сумæлдæр. Ныгуылæнырдыгæй цæугæдоны фæстæйæ цъæхбын æн- гом мигътæ арвмæ цыдысты. Æз хъæды алфæмблайы æрзилдзынæн, фæндаг ууыл- ты хуыздæр у. Ды цæугæ кæн комкоммæ цæхæра- дæттыл,—загъта фыд æмæ хосы сæрмæ сбырыди. Дзылар- æрбариуыгъта æмæ фæхъæр кодта: размæ!.. — Дрр!—загъта фырт æмæ дзылæрттыл ныххæцыд. Йæ сау цæстытæй, комкоммæ йæ фыдмæ хъуынтъызæй кæс- гæйæ, уый бафарста йæфыды ризгæхъæлæсæй:—Мæ фыд, уый æцæг дзурынц? Æцæгæй дæр хæсты рæстæджы нык- кæндты фæбадтæ?.. — Дзæгъæлы дзæнгæда ма цæгъд! — хыр-хыргæнгæ фæхъæр кодта фыд,—Сбыр уæлæмæ æмæ ацæуæм тагъд, къæвда ныккалдзæн! Андрей йæм карзæй комкоммæ каст. — Цæй-ма цы мæм нымдзаст дæ? Ауадзбæхы! Сбаддзы- нæ æви нæ? — Нæ, не сбаддзынæн,—дзуапп ын радта Андрей. Андрей папиростæ систа, иудзы цадæггай ссыгъта æмæ, иунæг хатт дæр йæ фыдмæ нæ фæкæсгæйæ, тагъд æмæ даргъ санчъехтæй фæцæуæгис хъæумæ. ...Мигъ арвыл стырæй-стырдæр кодта, æнгом æй æр- бахгæдта. Арв тагъд-тагъд æмæ тынгæй-тынгдæр нæрын райдыдта. Лæппутæ æмæ чызджытæ рацыдысты иумиаг куыстмæ. Тагъд кодтой, фæлæ сæ ныр къæвда бахъыгдардзæни. Куы нæ скъæвда кодтаид, уæд изæрмæ колхозæн цы ног клуб сарæзтой, уый алфæмбылай асыгъдæг кодтаик- кой. — Ех, цы хъыг мын у! Цас адæмæрымбырд æмæ уæгъ- ды!—хъæрзы Дорин йе ’рмкъухтæ зæххыл ныццæвгæйæ. Мæстыйы æппæрст кæны машинæй’ы гуыффæмæ агуыри- дуры цъæлтæ, æхсныфтæ æмæ шиферы цъæлтæ. — Петро!—ахъæр кодта уый. Уый фæстæмæ фæкаст æмæ Андрей Зыковы федта. — Ма фæхъыг у,—загъта Андрей æмæ йæ улæфын баурæдта. Вæрæг уыд тынг тагъд кæй кодта, уый.—Ма фæхъыг у, хорз? Æз уæд æгæр батæвд дæн. 96
— Ницы кæны, афтæ дæр вæййы,-дзуапп радта До- рйН. —Зæгъ-ма цы бакæнæм?—балæхстæ йын кодтаАндрей. — Аххуыс нын кæн, цæмæй машинæ бавгæнæм. Фез- мæл, ныртæккæ уарын райдайдзæн! Андрей бел фелвæста. Иу уысмы фæстæ йæ нал рав- зæрстаис тагъд æмæ арæхстджынæй змæлгæ фæсивæды ’хсæн. Арв сæ сæрмæ тынг ныннæрыд. Иууылдæр сæхи клубмæ айстой. Къæвда ныккалдта. Уый уыд фæстаг къæвда ацы оæрды. Тарадйа Хуыдтой йæ Тарадиа. Мин фараст сæдæ дыууын æртык- кæгæм æххормаг азы ууыл цыдис фондз азы. Уый цыд йæ мадимæ сыхаг хъæутæм къæбæргур. Йæ мад уыдис хус ус, бæрзонд, стыр æмæ хауд сау цæстытимæ. Искæй хæдзармæ бацæугæйæ-иу раззаг къуымы слæууыд æмæ- иу, йæхиуыл дзуар æфтаугæйæ, карз æмæ æнкъард хъæ- лæсæй курын райдыдта: — Чырыстийы тыххæй нын исты авæрут. Уый-иу йæ сæрæй кувгæ йæ лæппуйы размæ схуыста. Лæппу дæр-иу, йæ мады фæччийыл хæцгæйæ, йæ мады ныхæстæ тæнæг хъæлæсæй фæлхатт кодта: — Истынын авæрут... Æндæр-иу йæ бон зæгъын ницыуал бацис. Уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд. Йæ мад амард æмæ йæ баныгæдтой Епифаны уæлмæрды. Тарадиа йæ цард арвыста фæндæгтыл. Уый æрзылдис Домбассыл, Хъазах- стан æмæ Красноярскы крайыл. Ленк кодта *киттæ марæн наутыл. Æртæ хатты ацыд хъæды куыст кæнынмæ цæ- гатмæ. Æмæ йæ алы ран дæр хуыдтой, йæ сывæллоны бонты йын цы фæсномыг радтой, уыцы номæй „Тара- диа", зæгъгæ. Хъæууон сауджын ыл куы аргъуыдта, уæд ьгн уый цы ном радта, уыцы ном ын зыдтой стæм чидæр- тæ. Уыцы ном, æвæццæгæн, йæхæдæг дæр ферох кодта. 7* 97
Бирæ азты фæхъеллау кæныны фæстæ, боны фæстаг- мæ, Тарадиа нæ колхозы æрынцадис. Куыста бæхтæрæ- гæй. Цардис иунæг сылгоймаг Сидонихайы хæдзары, фа- тер баххуырсгæйæ. Æхсæвыгæтты-иу арахъхъ уагъта, фæ- ■лæ уæйæн нæ —æрмæстдæр йæхицæн. Иудадзыгдæр вæй- йы расыг, тарцæсгом, æнæдаст. Æз уыцы рæстæджы ахуыр кодтон дæсæмкъласы. Фæ- •сивæдæй алчи дæр куыд фæхъуыды кæны, уыйау мæнмæ дæр афтæ каст, цыма алкæйы дæр бамбарын иу бакастæй. Цард мæм афтæ каст, цыма у бæрæггонд, куыд „дыууæ хатты дыууæ у цыппар" афтæ. Тарадиайы нарст цæсгом- мæ, йæ хæфбын цæстытæм, йæ чъизи хæдонмæ, иунæг цæппузыримæ, куы кастæн, уæд æлгъгæнгæ хъуыды код- тон мæхинымæр: „Цæй бæрц ауагъта йæхи! Йæ риуы ни- цыуал баззад удæгас адæймаджы хорздзинæдтæй. Уымæн йæ бон нал у искæуыл йæ зæрдæ фæрисса, истæуыл ба- тыхса. Уый у, куыд къодах..." Æмæ иу хатт, æз афтæ тынг кæуыл æлгъ кодтон, уы- цы лæг мæн уынджы астæу æрурæдта æмæ алы ныхасыл дæр, ферхæц-ферхæцгæнгæ, загъта мæнæн: — Зæгъынц, зæгъгæ, дам, ды дæсны дæ, мæнæ исты... æрымысын æмæ ныффыссыны сæраппонд. Писмо мын куы ныффыссис... и?.. Дæ хорзæхæй, бахъиамæт кæн» Афтæ. æмæ дзæбæх куыд рауайа, и?.. Зæрдæбынæй... Йæ сæры хъуынтæ, сатæгсауæй, афтæ æнгом стыхс- тысты сæ кæрæдзийыл, цьша сæ йе ’нусы дæргъы иу хатт дæр никуы ныффаста. Йæ цæстытæ, алы хаттау, уыдысты хъуынтъыз. Йæ зачъе дæр спыхцылтæ, кæрдзы- ны къæбæртæ æмæ йыл хъæмпы муртæ нындæгъдысты. Мæнмæ афтæ каст, цыма ныртæккæ йæ зачъейæ бырын райдайдзысты бур къуыдыркæлмытæ. Тарадиа мæ зæр- дæмæ нæ цыд æмæ йын исты хорздзинады бацыдаин, уый мæ нæ фæндыд. Фæлæ мæ бацагайдта уымæй, æмæ æн- дæр искæмæ нæ бацыд, фæлæ комкоммæдæр мæнмæ, сæр- магонд „дæснымæ" æмæ йын æз дзуапп радтон: — Цæй хорз. Æрмæст нæхимæ ацæуæм, кæннод дæу- мæ, æвæццæгæн, гæххæтт дæр нæ разындзæн. — Æмæ мæ цæмæн бахъуыд гæххæтт... Кæд тамако стухынæн... 98
Уат уыдис тальшг. Æз рухс ссыгътон æмæ стъолы фарсмæ æрбадтæн. Лампæйы бурбын дыдзы рухсмæ Тарадиайы арф цæс- тытæ дзæбæх нæ зындысты. Уый бадт афтæ, цыма тæр- хондоны раз лæууыд, йæ сæр йæ уæхсджыты нытъыста æмæ йæ бакаст уыдис тæригъæдтаг.. — Цы, уый зоныс? Уыцы сылы хонынц Фроскæ. Ныр- тæккæ ис Астраханы. Уый дæр, мæнау, у иунæг. Астра- ханы мах иу^æ цардыстæм. Уый раджы уыдис, уæдæй нырмæ рацыдис авд азы... Куы зæгъæм, уæд ын ницы у, æнæхъæнæй дæр у бур... фæнды мæ, куы йæ æркæнин ардæм. Уадз æмæ æрцæуæд. Мæ дзаумæттæ мын æхс- дзæн, сихор цæттæ кæндзæн. Зонын æй, æхца йæм ис— уадз æмæ сæ æрласæд ардæм!.. Ам уал иумæ иу аз ацæрдзыстæм æмæ стæй уый фæстæ бæрæг уыдзæн... Уый афтæ бур у, куыддæриддæр мæнæ нæ Краснулия! Мæнæн та цы уæлдай у? Мæн хæмхудтæ нæ хъæуы. Уый хъæрæй æлгъаджы худт бакодта, фæлæ æз дæр ’йемæ куы нæ бахудтæн, уæд фæсыкк. — Дзур, цы йæм ныффыссон,—загътон ын æз гуыры- мыхъæй. —• Дæхæдæг куыд зоныс, афтæ,— дзуап мын радта Та- радиа.—Æз нæ зонын, куыд фыссын хъæуы... Дзæбæх, зæрдæмæ хъаргæ ныхæстæ йæм ныффысс. Бауырнын ын кæн, басæтт æй, Уадз æмæ мæм æрцæуæд. Уый иудадзыг кодта дымгæ, йæ армы тъæпæнæй фæз- дæг сырдта мæнæй. Æз мæ сæр састон, писмо цæмæй райдыдтаин, ууыл: „Зынаргъ Фрося...а, „Дæ бон хорз уа, мæ зынаргъ Фрося. Ды, æвæццæгæн, мæн ферох кодтай...", „Мæ зы- наргъ Фрося, дæ бон хорз уа. Фыссы дæм дæ рагон зон- гæ...", „Фыссы дæм дæ рагон зæронд хæлар". Цæй хорз, уадз æмæ афтæмæй баззайæд. Æмæ дард- дæр та цы ныффыссон? Куы зæгъæм, уæд сын æзæппын- дæр куы ницы зонык сæ ахастытæн. Куы йын фенин йæ цæсгом, йæ цæстытæ... Цымæ кæм цардысты, цзеуыл-иу фæныхас кодтой... — Радзур-ма мын уыцы сылгоймаджы тыххæй бæлвырд- дæрæй,—бахатыдтæн æз Тарадиамæ. 09
Уый йе ’нгуылдзты æхсæн папирос ахуыссын кодта æмæ къæмдзæстыгæй бахудт. — Бурбурид у æнæхъæнæй. Самовары хуызæн... Бын- тондæр бурбурид... Иу чысыл ахъуыды кодта, ногæй та бахудт æмæ йæ ныхæстæм бафтыдта: — Мæнæй бынтондæр ферохи, бирæ азтæ рацыд уæдæй нырмæ... Киномæ-иу цыдыстæм... Йæ хъæлæсы хатт уыдис æнкъард, сæ иумиаг цардæй цыдæр йæ зæрдыл кæй лæууыди, уый йыл бæрæгæй зынд. Нæ, уый йæ рох нæ фæкодта, фæлæ, æвæццæгæн, æфсæрмы кæны сæ иумиаг цард æрымысын, мæнæн раргом кæнын. — Цахæм кинонывтæ-иу федтат, уыдон нæ хъуыды кæ- ныс? Уый иу цасдæр рæстæджы æнæдзургæйæ лæууыд, стæй, йæ сæры æндæгъд хъуынтæ банкъусгæйæ, дзуапп радта: — Тынг хорз кино у, „Руслан æмæ Людмила... ацы ныв мах федтам иумæ. Уым хингæнæг бæгъатыр уарзон чыз- джы адавта, ома Русланы уарзон чызджы. Стæй йын æй уый фæстæмæ байста, куы зæгъæм, уæд æй хъæбатыр ссардта... Стыр хорз ныв у! Фроскæ дæр дды æппæлыди. — Гъы-гъы, ам ис, цæмæй райдыдæуа, уый! Пушкины поэмæ æз зыдтон æнæкæсгæйæ. Уыцы поэмæйы æз тынг бирæ уарзын æмæ мæ сæры февзæрд бирæ дзæбæх хъуы- дытæ, фæлæ мын æххæст бæлвырд нæма уыдысты... — Ды уал уæхимæ ацу,—загътон æз Тарадиайæн.— Æнæ дæу æй æз хуыздæр ныффысдзынæн. Райсом дæм æй мæхæдæг бахæсдзынæн. — Нæ, райсом дæм æз мæхæдæг æрбацæудзынæн! Æр- мæст ды бацархай, афтæ бакæн æмæ æнæмæнг куыд æр- цæуа. Уый та ногæй бафæлвæрдта хæлд адæймаджы худт ба- кæнын, фæлæ та æз, раздæрау, йемæ нæ бахудтæн. Уый ныхкъуырдæй йæ сæр йæ уæхсджыты нытъыста æмæ ацыдис. „Мæ зынаргъ Фрося, дæ бон хорз! Фыссы дæм дæ зæ- ронд хæлар..." Æнæхъæн æхсæв æз бадтæн писмо ныффыссыныл. Та- 100
радиа мæнæй ферох. Æз уыцы бур Фроскæмæ нæ фыстон, фæлæ мын зонгæ чи нæма уыд, уыцы диссаджы дзæбæх чызгмæ. Ахæм чызгыл мах фæсагъæс кæнæм стдæс аз- дзыдæй фæстæмæ. Дзæбæх æнæзонгæ рæсугъд чызджы тых- хæй мæхимидæг цы дзырдтæ æмбырд кодтон, уый тыххæй^ мæм цы æнкъарæнтæ уыдис, уыдон æз иууылдæр стыр зæр- дæбынæй гæххæттыл æвæрын райдыдтон. Æз афтæ уый тыххæй нæ арæзтон, æмæ мæ исчи раппæлыдаид, кæнæ мын раарфæ кодтаид, фæлæ ахæм рæсугъд дзырдтæ æз фыстон мæ сомбоны уарзоны тыххæй. Мæ цардцæрæнбон- ты кæй нæ зыдтон æмæ кæй никуы федтон, уый æз æры- мысыдтæн стъолы фарсмæ бадгæйæ æмæ йæ кæй нæ уыдтон, уый тыххæй мæ зæрдæ рыст. Æз, æвæццæ- гæн, Русланæн Людмилайы куы адавтой, уæд уый куыд тыхст, уымæй къаддæр нæ тыхстæн. Уыцы чызгмæ æз æнхъæлмæ кастæн, сидтæнæм мæхимæ. Мæ9фыссынæй-иу куы фæлæууыдтæн, уæд-иу рудзынг фæйнæрдæм бай- тыгътое æмæ-иу талынг æхсæвы цæсгомыл кæдæмдæр дард ныккастæн. Фæлæ ницы уыдтон, æппæтдæр уыдис æгуыппæг, афтид. 0, мæгуыр мæ бон: нæ зыны мæ рæсугъд цардæмбал. Ныр мæм æппæтдæр кæсы худæгау. Фæлæ уыйфæстæ æз никуы фыстон æппындæр афтæ зæрдæбынæй, афтæ фæндонæй, куыд уыцы æхсæв... Райсомæй та Тарадиа бадтис хъæдын чырыныл æмæ мæм хъуыста. Рудзынгæй райсомы хур йæ тынтæ мидæмæ калдта. Йæ фæлмæн тынтæ, бæхтæрæджы цæсгомыл æмбæлгæйæ, фæл- мæндæр кодтой уымæн йæ цæсгомы, ссывдтытæ. Тарадиайы нуæрттæй иу дæр йæхимидæг нæ фезмæлыди. Уый хъуын- тъызæй, хъуынджын цæсгомæй мæнмæ касти дурын цырты хуызæн, муртакк гуымиры хуызæн. Фыццагхаттæм бан- къардтон цыдæр æнæзæгъгæ стыр тых æмæ æнкъарддзинад. Æз истуг тыхстæн мæхи мидæг: цы хуызæн фæнды уæд ацы лæг, фæлæ ныртæккæ уый мæнæн у тæрхонгæ- нæг, æмæ æз, куыд арæхстджын адæймаг, уый хъуыдымæ гæсгæ, цы ныффыстон, уый йæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуа, уæд мын уыдзæнис худинаг. Фæлæ æнæдзургæйæ мемæ разы кæй уыдис, мæ фыст æм хорз кæй фæкастис, уый 101
бамбæрстон æмæ мæ хъæлæс фæбæрзонддæр кодтон. Мæ хъуыдыйы та ногæй сывзæрдысты, знон мæ цæстытыл цы нывтæ уадысты, уыдон. Æз цы ныффыстон, уый кæсгæйæ афтæ адзæгъæл дæн йæ фæдыл, &мæ мæ Тарадиа ферох. Каст куы фæдæн, уæд æм æнæнхъæлæджы бакастæн, æмæ фырдисæй фендзыгау дæн. Расыггæнаг, хъуынджын Тарадиа, раздæр мæнмæ дур- зæрдæ чи зынд, уый кодта кæугæ. Йæ цæссыгтæ гæр-гæр кодтой йæ æнæдаст цæсгомыл, йæ зачъейæ ставд цæппу- зыртæй кодтой гæппытæ. Тарадиа сæ не ’мбæ^ста. Уый„ сывæллонау, æргомæй хæкъуырцц кæнын райдыдта, стæй æвиппайды тагъд, цыма йæ куы баурæдтаин, уымæй тарст^ уыйау райдыдта дзурын: — Уый у бурбурид, бынтондæр бурбурид. Фæлæ йын цы зæрдæ ис, цы зæрдæ! Сыгъзæрин зæрдæ. Æз æй у*ар- зын йæ зæрдæйы тыххæй, æз æнæуый бынтондæр адæй- маджы хуызæн нал дæн, мæ зæрдæ мæ риуы дур фестад. Ле уымæ гæсгæ æз æрмæстдæр хъуыды кодтон иудадзыг- мæ Фросяйыл. Фæлæ йæм писмо ныффыстаин, уымæ мæ ныфс нæ хастон, куыддæр дзы æфсæрмы кодтон... Тæккæ абон æм æй арвитдзынæн. Афон у мæнæн дæр æрынцайон, æрбынæттон уон. Акæс-ма, цард куыд хорз у нæ алфæм- блайы, бонæй-бонмæ куыд дзæбæхдаёр кæны, æмæ æз та цыма амардтæн. Æри-ма йæ ардæм... Уый ручкæ мæ къухæй айста æмæ, алы дамгъæ дæр хзщæнæйныв кæнгæйæ, сабыргай гæххæтты сыгъдæг къуы- мы ныффыста мæнæ ахæм дзырдтæ: „Фрося, æз æй нæ фыстон, фæлæ æцæг у, æрцу æнæ- мæнгæй. Петр". „ Йæ хæдоны чъизи фæччийæ йæ цæссыгтæ ныссæрфта. Йæ цæсты гагуыты йын, цыма, цæссыг ныхсадта, уыйау уыдысты цъæхцъæхид æмæ диссаджы фæлмас æрттывд кодтой. Мæн фидарæй бауырныдта, куыд ацы лæджы æз уынын фыццаг хатт æцæг адæймагæй. Мæ фыды хо Иван Ильич улæфтмæ æрбацыдис. Уый йæ мадæн на& фехъусын кодта, ахицæн кодта, зæгъгæ, æвиппайды æнæ- 102
нхъæлæджы фæзынон. Гъе, уымæ гæсгæ йæм диссаг дæр нæ фæкаст, станцæй сæхимæ куы ’рбацыд æмæ сæ дуарыл гуыдыр куы федта, уæд. — Настя, дæ бон хорз! —• бахъæр кодта уый сыхæгты рудзынгæй.—Нæ зоныо, мæ зæронд мад кæм ис, уый? — Æгас цæуай, æгас, — дзуапп ын радта сыхаг æмæ рудзынæй йæ сæр радардта.—Кæм хъуамæ уа дæумæ гæс- гæ? ГГостхæссæг кæм вæййы, уым. 0, уæртæ æрбацæуы! Кæсыс, куыд тагъд кæны! Иван Ильич фалæрдæм акаст. Йæ мады куы ауыдта, уæд ын афтæ фæтæригъæд кодта, æмæ йæ скæуынмæ би- рæ нал бахъуыди. Мад асæй уыд къаннæг. Йæ уæлæ уыд ихсыд хъарм- дарæн æмæ резинæ цырыхъхъытæ. Стыр хызын йæ фар- сыл ауыгъдæй, афтæмæй уый тагъд-тагъд комкоммæ хæдзармæ æрбацæйзгъордта хæкъуырццгæнгæ. — Æрбацæудзынæ, уый мæм цæуылнæ ныффыстай раз- дæр?—рæтъузæгау загъта мад фыртæн æмæ йыц йæ ри- уыл йæ цæсгом авæрдта. Лæппуйæн йæ бон зæгъын ницы бацис: æгæр бирæ цы- дæр алгъуызон æнкъарæнтæ йæм æрымбырдис æмæ йын йæ зæрдæ æрбалгъывтой. Йæ мадыл ныр цæуы æхсай азы. Йæ хус уадултæ фæстаг рæстæджы ноджы ныффæлурс- дæр сты. Бирæ цæуылдæр дзырдтой, йæ фæллад цæстыты бын цы сырхытæ фæзынд, уыдон дæр, фæлæ мад нырма дæр кæны кусгре, æрвыл бон ^гъоры хъæууынгты йæ постхæссæн хызынимæ. Æнхъæд у, бирæ фæразгъор-баз- гъор кодта! Улæфт ын радтын хъæуы. Мад кæлмæрзæны къабузæй йæ цæстытæ куы ныссæрфта æмæ дæгъæл йæ фыртмæ куы бадардта, уæд уый фидарæй загъта: — Абонæй фæстæмæ ды пост нал хæсдзынæ. Базæронд дæ... Мемæ мауал быцæу кæн, дæ хорзæхæй! Цы пенси исыс æмæ дын æз цы æхца æрвитын, уыдон дæ фаг сты. Кæд дын фаг нæ кæной, уæд ма дын сæм бафтаудзынæн. Тæккæ абон сын зæгъ æмæ дæ ссæрибар кæнæд... — Абон ницыуал рауайдзæн, байрæджы кодтон,—дзуапп ын радта мад.—Цы ма баззад мæймæ, æртæ боны æмæ ма уыцы æртæ боны дæр æххæст акусон, цалынмæ постхæс- 103
сæг арой. Бирæ рæстæджы æрбацыдтæ? — Иу мæйы æмгъуычмæ. — Гъемæ хорз. Улæф, куыд æмбæлы, афтæ. Махмæ хорз у: цæугæдон, кæсаг, хъæд... — дзырдта мад къуымты ра- уай-бауай кæнгæйæ æмæ скъаппæй мигæнæнтæ исгæйæ. Майрæмбоны ма мад фæстаг хатт пост ахаста. Куыд алы хатт дæр, афтæ та ныр дæр æппæты фыццаг бауади хъæусоветмæ. Хъæусоветы секретармæ радта цы- дæр гæххæттытæ, газеттæ æмæ иу чысыл рæстæджы æр- бадт, зæгъгæ, байхъусон цæмæн æрымбырд сты ацы адæм æмæ цæуыл дзурдзысты. — Дæ куыст ныууадзыны фæнд, дам, кæныс, мæ мады хай, Машæ, æмæ цæг у?—бафарста йæ секретарь. — 0, мæнæ ма дыууæ боыы, стæй йæ ныууадздзынæн,—- йæ мидбыл бахудт.—Иван мæ кусын нал уадзы, æгъгъæд, дам, у, баулæф, дам. Мад йæ дзурынæй фæлæууыд. Фæлæ йæ фыртæй цæй бæрц буц уыдис, уый уæддæр бæлвырдæй зындис йæ цæс- тытыл. — Раст зæгъы, кæй зæгъын æй хъæуы. Цал азы кусыс ныр? — Постхæссæгæй æхсæз. Фæлæ æмткæй сисгæйæ куы банымайæм, уæд фæндзай азы бæрц. Дыууадæс аздзыдæй фæстæмæ мæхи цæнгты тыхæй цæрын. — Дзæвгар рæстæг у,— йæ сæр батылдта секретарь,— Æмæ уæд дæ бæсты та чи кусдзæн? — Æнхъæл дæн, Катя Сименова сразы ис. — Илья Петричы чызг? Уый сæрдар нæ рауадздзæн. Фермæйы æнæуый дæр хуытæмзилджытæ нæ фаг кæ- нынц. — Уымæн æз ницы зонын. Куыд сæ фæнды, афтæ кæ- нæнт. — Лидзынц, лидзынц, иууылдæр фæйнæрдæм,—ныхасы йæхи фæхæццæ кодта зачъеджын зæронд лæг. Уый бадт рудзынггæрон, йæ къухы лæдзæг, афтæмæй. Уый уыдис 104
бригадир- Петр Семены фырт Ящников. — Лидзынц æмæ лидздзысты, æндæр гæнæн нæй. Дзурæм æмæ цзурæм, цæ- мæй куыстбонтæн фидарæй æхца фидой, фæлæ нæ ныхæс- тæй ницы цæуы. Æмæ куыстбонтæн æхца куы нæ фидæм, уæд ныртæккæйы заманы хъуыддаг нæ ацæудзæн... — Совхозимæ куы ’рбаиу уæм, уæд хуыздæр уыдзæн,— загъта секретарь. Иуылдæр базмæлыдысты æмæ сдзырдтой æмхуызон: — Афон у, афон. — Ех, уый тыххæй рагæй цæгъдынц дзæнгæда, фæ- лæ цы! — Афтæ у æцæгæйдæр, Михаил, æви нæ? — Тагъд æмбырд уыдзæн уый тыххæй, — дзуапп рад- та секретарь.—Райкомæй нæм æрбацæудзысты. — Æмбырд та цæмæн? Бæрæг куы у, иуылдæр цин кæнынц,—бахъуырхъуыр кодта Петр Семены фырт Ящен- ков. — Цæй хорзæй баззайут,—загъта Машæ æмæ сыстад.— Ныр мæ арæх нал уындзыстут. Кæд искуы исты раст нæ арæзтон, уæд мæ-иу уый тыххæй ма æлгъитут. Машæ хъæууынгты фæцæйцыд, писмотæ æмæ газзет- тæ уæрста колхозонтæн. Бирæ рæтты-иу кæйдæрты цур алæууыд, цæмæй, хъæусоветы цы фехъуыста, уыцы ног хабар сын-иу радзырдтаид. — Совхоз хорз у, кæй зæгъын æй хъæуы, — дзырдта уый...—Бакæсут-ма уæртæ мæ Ваня куыд цæры! Цæмæн? Уымæн æмæ йын мызд ис, æхца исы... Æрвыл аз иу мæй улæфы. Наталя Сизовамæ уыдис дыууæ писмойы. Писмо- тæй иу уыдис йæ чызгæй, фыста йæ Хъазахстанæй, ба- зыдта йæ къухфыстæй. Иннæ писмойы канвертыл уыдис иунæг ныхас „Мæскуы". Уæдæ уый у йæфыртæй. Йæ чызг дыууæ азы размæ ацыдис нæудзарм зæххытæм æмæ йæм уырдыгæй писмотæ фыссы арæх, æхца йын æрвиты. Фæ- лæ йæм йæ лæппу ныр æрдæг аз никуы ницы ныффыста. Ай-ай, ныр Наталя бацин кæндзæнис. а>æлæ Наталя нæ бацин кодта. Уазал зæрдæйы тъыст акодта йæ фырты писмо йæ дзыппы, фæлæ йæм йæ чыз- гæй цы писмо æрцыдиг, уый постхæссæгмæ бадардта: 103
— Бакæс-ма мын æй хъæрæй, кæннод æз цæстæй дзæ- бæх нал уынын. Машæйæ кæсæнцæстытæ бакодта, арæхстгай райхæлд- та писмо æмæ йæ кæсын райдыдта. Арфæтæ... Цæры ны- рыонг куыд цард, афтæ... Тагъд йæ лæгимæ улæфынмæ æрцæудзæн... Тыллæг та ацы аз дæр хъæзныг... Фæрсы мады йæ æнæниздзинадæй, сыхæгты... Æнхъæлмæ кæсы дзуаппмæ... Фыссы, алы хатт дæр куыд фæфыссы, афтæ... Машæ ахæм писмотæ арæх кастис зæронд устытæн, уы- донæй-иу кæсын чи нæ зыдта, ахæмтæн. Наталя гæххæтты сыф фæстæмæ конверты бавæрдта æмæ ныуулæфыди. — Æрымысыдтæн мæ чызджы... Дыууæ азы!.. Дæ фырт бирæ рæстæгмæ æрцыдис?.. Иу мæймæ зæгъыс?.. Афтæ, афтæ... Æмæ ’виппайды, цыма йæ зæрдыл æрбалæууыди, уыйау йæ лæппуйы писмо фелвæста йæ дзыппæй. — Бакæс-ма йæ, цы дын æй æмбæхсон... Фырт йæ мады æнæрадæлæ-бауæлæйæ фарста, зæгъ- гæ, дæм сæрды мæ лæппуйы куы арвитон, уæд æм кæс- дзынæ? Фыстайæм, зæг^ьгæ, дын æрвыл мæй дæр æххуыс кæндзынæн æмæ разы у, æви нæ, уый нæма зонгæйæ йын арфæтæ кодта... Наталя та ногæй ныуулæфыд, фæлæ ныр зæгъгæ ни- цы уал кодта. Æмæ цы зæгъæн уыд ахæм фырты тыххæй. Фæстаг æрдæг азы дæргъы уый йæ мадæн æрырвыста æр- мæстдæр сæдæ фæндзай сомы, афтæмæй та йæхæдæг дæр- æмæ йæ ус дæр кусынц инженертæй иу кæцыдæр заводы. — Ма тыхс, афтæ нæ уыдзæн. Æвзонг сты нырма æмæ сын зын у. Лæппуйы сывæллон та, дæхæдæг зоныс, ад- джын у,—рæвдаугæйæ йын загъта Машæ. Дуары цурмæ куы ахæццæ, уæд ма йæ ныхæстæм бафтыдта: -т Ныр би- рæ рæстæджы нал фендзыстæм нæ кæрæдзи, мæ хæлар. Пенсийы цæуын, хорзæй баззай... Фенынмæ. „Фенынмæ" та цæмæн,—фæдисы Наталя. — Афтæ... Мæ зæрдæ æнкъард у куыддæр. Нæ зонын, -цы ми кæндзынæн æмæ куыд цæрдзынæн æнæ кусгæйæ. Сизовты хæдзарæй куы ахызт, уæд ыл зæронд лæг Иван Склизков фембæлд. 106
— Ды ацы хатт цыдæр æрæгмæ цæуыс? — мæстыйы хьæр фæкодта уый, йæ лопъо сæрæй йæ худ фелвасгæ- йæ.~-Æри-ма мын мæ газет. Цы дзуапп радта Эйзенхауер Хрущевæн? Иван „Правдæ"-йы цыппæрæм фарсмæ нымдзаст, Машæ та йæ фæндаг адарддæр кодта. Хуыцау бахизæд Иван Ск- лизковы цур æрлæууын! Алгъуызон ныхæстæй дæ дæ- хъуырмæ скæндзæнис æттагон политикæйы тыххæй. Ма- шæ политикæйæ кæй ницы æмбары, уый Иванæя уæлдай. нæу. Уый хъæуы æрмæстдæр, чи йæм хъуса, ахæм адæй- маг. — Райсом-иу демæ конверттæ æрбахæсс!—адзырдта уый Машæмæ фæстейæ. Машæ дæр æм фæстæмæ нæ фæкаст, афтæмæй йын дзуапп радта: — Хорз, хорз, æрбахæсдзынæн. Æмæ йæ æрмæстдæр ныртæккæ бамбæрста Машæ, Ск- лизков уый къухæй конверт кæй нал райсдзæнис, уый. Цыппор фыццæгæм азы йын фронты цы фырт амард, уый ус Грунямæ Мащæ бахаста районы газет. Дуар куы бакодта, уæд сывæллоны цъæхахстæй фæкъуырма. Груня- йæн дыккаг мойæ райгуырдис дыууæ лæппуйы: стдæс аздзыд Володя æмæ дæс аздзыд Толя. Уыдон сыхæгты- лæппуты æрымбырд кодтой æмæ æнæхъæн хæст сарæзтой сæ хæдзары. Иу къуымæй иннæ къуыммæ базтæ тахтыс- ты. Бандæттæ гыбар-гыбур кодтой. Чидæр сæ йæ хъæ- лæсы дзаг хъæр кодта: „Уррр-а". Уат йæ тæккæ дзаг уыдис фæздæгæй. Цыдæр сыгъды тæф кодта. Уаты цы цыд, уый уыдис зын равзарæн. Машæйы уайтагъд нæ бафипнайдтой. Стæй йæ куы федтой, уæд иугай-иугай лидзынмæ фесты. Толя æмæ Во- вик рудзынгæй агæппытæ кодтой, иннæтæ та дуары æт- тийæ фесты. Машæ йæ хызын диваныл баппæрста æмæ йæ палто раласта. Уый йæхимидæг мæстыйы хъуыр-хъуыр кодта, еывæллæттæ ахæм ми кæй бакодтой, уый тыххæй, стæй æвиппайды йæ мидбылты бахудт æмæ къуымтæ æфснайын райдыдта: Хæдзары дзаумæтты сæ бынаты ’рывæрдта, уат расæрфта, стæй рудзгуытæ байтыгъта, цæмæл уат~ 107
асыгъдæг уыдаид. Уый фæстæ рудзынг сыхгæдта, дуарыл гуыдыр сывæрдта æмæ дæгъæл къæсæры бын бакодта.— Уым-иу æй æвæрдта Груня йæхæдæг дæр. Сывæллæттæ ныр хъазыдысты уынджы. Машæ сæм æртхъирæнгæнæджы тылд бакодта йæ къух æмæ ацыди дарддæр. Антон Кудрявцов йæ газет райста æмæ йæм писмо кæй нæ уыд, уый æнæуый дæр зыдта, фæлæ йæ уæддæр бафарста: — Иунæг газеты йедтæмæ та мын æндæр ницы æрба- хастай? Тагъд дæм хъыг кæнын байдайдзынæн, Мария. — Ма тыхс, райсдзынæ писмо дæр. Кæсыс: нæ лæппу мæм ницы фыста æмæ стæй йæхæдæг æрбамидæг. Æнæ- х!ъæн мæй ам уыдзæн. Дæуон дæр ахæмтæй нæу, йæ мад, йæ фыды чи ферох кæна. Ныффысдзæнис дæм, æппæт дæр уыдзæнис хорз. Стæй институт куы фæуа, уæд чи зо- ны бынтондæр ардæм æрбацæуа. Фехъуыстай, зæгъгæ, дам, ныр совхоз кæй уыдзæнис, уый, æви нæма? Совхозимæ нæ иу кæнынц. — Æцæг зæгъыс?,.—ныддис кодта Антон.—Гæды ны- хæстæ ничи кæны? — Нæ, ничи кæны, афтæ уыдзæн. Уыдон ма ноджы дæр бирæ фæныхас кодтой. Æрмæст уаты электроны лампæ куы ссыгъдис, уæд Машæйы зæр- дыл æрбалæууыди: — Талынг кæнын райдыдта? Демæ ныхас кæнын хорз у, фæлæ мæм афонмæ мæ фырт æнхъæлмæ кæсы. Хорзæй баззай, Антон. Ныр-иу писмотæ æндæр, ома ног постхæс- сæгæй дом. Æмæ та ацы дзырдты фæстæ дæр Машæйæн йæ зæрдæ æрбанкъардис. Писмотæ æмæ ма йæ газеттæ цы хæдзæрттæм бадавын хъуыд, уыдоныл тагъд æрзылд æмæ фæстæмæ постмæ æр- баздæхт. Маркæтæ, конверттæ æмæ брошюрæтæ ауæй код- та æмæ сын се ’хца хъуамæ радта кассæмæ; стæй йæ хы- зьтн дæр радта хистæрмæ, хæрзбон ын загъта æмæ изæры авд^сахатмæ фæстæмæ æрбаздæхти йæ фыртмæ. Ие ’рбацыдмæ йæм æнхъæлмæ ^астысты уазджытæ— нæ лæппуйы скъолайон хæлæрттæ, йæ хæстæджыгæ. Уы- дон ын йе ’рбацыдмæ æрцæттæ кодтой дзæбæх фынг. 108
— Мæнæ æрбахæццæ!—циныхъæрфæкодта ИванИльич,. Машæйы размæ рауайгæйæ.—Тагъддæр, нана, стъолы цур- мæ рацу! Рацæут иууылдæр фынгмæ! Æрхонгæ адæм хъæлдзæг ныхас кодтой. Уазджытæ, кæрæдзийæн бар нæ дæтгæйæ, арфæ кодтой Машæйæн. Йе ’нæниздзинады тыххæй, йæ фыртты уæлахиздзинады тых- хæй куывтой æмæ нуæзтой. Кафыдысты, алгъуызон хъæзты- *гæ кодтой. Иуылдæр куы бафæлладысты æмæ уаты къуым- ты алы рæтты куы ’рынцадысты, уæд йæ бынатæй сыс- тади Егор Оавелев дæр. Уый нырмæ ницы дзырдта, бадт • æнæдзургæйæ. Æнæуый дæр куыддæр афтæ дæлтъур лæг у, зылынкъах, йæ рахиз æхсæрфарсыл стыр сау стъæлф. — Мария,—загъта -уый, — рахиз-ма æмæ равдис мæнæ ацы æвзæнгтæн, мах рæстæджы куыд кафыдысты, уый. Дæ- хуызæн нæ комбæсты куы ничи кафыд. — Мæнæй та ма цæй кафæг -ис! — фефсæрмы Мария. — Мæ къæхтыл ма тыхæй куы лæууывг. Фæлæ йыл æрхъула сты, æмдзæгъд кæнын ыл райдыд- той æмæ йæ тыхæй рахизын кодтой. — Мæнæ мæ куыд хъазут!—-загъта уый.-— Æмæ æвип-- пайды, æвзонг чызгау, йæ уæхсджытæ базмæлын кодта,. рахиз къухы амонæн æнгуылдз йæ русыл авæрдта æмæ • хъæлдзæг, зыр-зыргæнаг хъæлæсæй ныззарыди: Мæнæн Ванюша дзырдта: — Нана, цæй-ма базар, цæй, * Дæ уаты ног цард фæрнæй, ’Хца нæ нымайæм бæрцæй. Уый фæстæ, æнæнкъусгæйæ, цалдæр зылды æркодта уаты къуымты. — Цæй, фаг у, мæ бон нал у. Иуылдæр ын нымдзæгъд кодтой. Йæ фырт æй ахъæ- быс кодта æмæ йæ йæ цуры æрбадын кодта. Машæ дæр йæ фырты уæхскыл йæ сæр æруагъта æмæ зæрдæйы арф - æнкъарæнтимæ сдзырдта: Ш <
— Цы хорз у цард, Ваня! Æрмæст чысыл бафæллад- тæн. Бар мын радт æмæ чысыл аулæфон. Сьшах ма но- джы дæр акафут, аназут. Уый къæбицмæ бацыдис, æмбæрзæнтыл йæ фæдыл кæ- рæдзимæ æрбахæцыд, йæ дзаумæттæ нæ раласта, æгæрс- тæмæй, йæ кæлмæрзæн дæр нæ систа, афтæмæй хуыссæн- тыл æрхуыссыд. Уазджытæ фыдæлтыккон зарæг, кæддæр бæрзонд гæна- хьг цы рæсугъд чызг царди, уый тыххæй ныззарыдысты. Уы- цы гæнахмæ бацæуыны бар никæмæн уыди. Мад зарджы- ты хъæлæсты æхсæнæй бæлвырдæй хатыд йæ фырты хъæ- лæс. Уымæн уыд фидар зылангон хъæлæс. Машæйы сæр куыройау зылд фыр фæлладæй, йæ цæстытыл уадысты цахæмдæр цъæхбын змæст тымбылæгтæ. Ничи бахгæндзæн Æвзонгæн йа^ фæндаджы. Уый сæм хъуыста æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, ацы зарæг куыд кодтой кæддæр йæ чындзæхсæвы дæр, уый. Уæдæй нырмæ рацыд цыппор азы. Йæ чындзæхсæв уæд æцæг хъæлдзæг чындзæхсæв нæ уыд, уымæн æмæ йæ мой- мæ радтой тыхæй, æхсæрдæс аздзыдæй. Йæ лæджы уый афтæмæй никуы бауарзта æппындæр. Стæй йæ лæг йæхæ- дæг дæр ницæмæ дардта. Мæйгæйтты-иу фесæфт куыст- агур, нозта, йæ къайыл сайдæй цыд. Фондз æмæ йыл ссæдз азы ацыдаид Машæйыл, афтæ йын фондз сывæл- лоны райгуырд. Каширы цыдæр арæзтад уыд æмæ уым, хъæды сæрæй рахаугæйæ, амард йæ лæг... Йæ сывæллæт- тæ иуылдæр цыдысты скъоламæ, бæгънæг, æххормаг ни- куы баййæфтой, йæ хæстæджытæй бирæтæ нæ зыдтой, цахæм зындзинæдтæ ’ййæфта Машæ, цæмæй йæ сывæллæт- ты дардтаид, цæмæй йын æххормаг ма æййæфтаиккой. Хæст райдыдта... Йæ фырттæ цыппарæй мард фесты хæсты бы- дыры. Хæсты фæстæ зындзинæдтæ, колхозы хæдзарад пырх, алгъуызон фиддонтæ... стæй йын фенцондæр, Иван ын æххуыскæнын райдыдта. Зын уыд Машæйæн цæрын, фæлæ йæ цыма нæ хатыд, афтæ дардта йæхи. Стæй йын 110
рæстæг дæр нæ уыд уымæн. Æрмæст ныртæккæ банкъард- та, цыма йæ цардцæрæнбонты иунæг бон дæр никуы бау- лæфыд, стæй йæм йæ цард дæр фæкаст дæргъвæтин æмæ уæззау. Посты кусгæйæ йæм улæфт æмбæлди, фæлæ-иу никуы баулæфыд. Тынг зын æм каст, куыд хъуамæ бадон, зæгъгæ, æнæхъæн мæй æнæкусгæйæ. Æмæ мæнæ ныр уы- мæн æрцыд цыдæр æндæргъуызон ног цард. Уыцы цард ын æмбæрстгонд нæма у, кæсы йæм дис... Пенси исын! ... Куы уаид æрмæстдæр æхсæв, Талынгдæр æхсæв. Йæ цæстытыл цы игæргъуыз тымбылæгтæ уадысты. уыдон тынгдæр сыгъдысты, йæ цæстытыл уадысты сын- _дæггайдæр æмæ сæхи зæхмæ ныллæгдæр уагътой. Мæнæ йæ цæстытыл, йæ сæры магъзыл, йæ ныхыл æрынцадыс- ты. Мадыфæндыд, куы сæ аиуварс кодтаид йæхицæй, фæ- лæ йæ сæр банкъуыстаид, уый йæ бон нал уыд. Йæ зæрдæ куыддæр суынгæг, тасы бацыд. Риуы гуыдырыл йæхи хойын байдыдта. Зарæджы хъæр дардæй-дарддæр байдыдта æмæ банцади. — Ваня!—ныллæг хъæлæсæй сдзырдта мад. Æмæ йын уайтагъд куыддæр фенцондæри. Уый йе уæнгты куыддæр нахуыр рогæй банкъардта æмæ йæ зæр- дæйы цыдæр, рухс цырагъау, ссыгъд. Арф ныуулæфыд æмæ йæ мидбыл бахудтл... ...Гъе ахæмæй йæ æрбаййæфта йæ фырт, уазджыты куы ахизын кодта æмæ йæм куы ’рбаздæхт фæстæмæ, къæбиц- мæ, уæд. 1961 Писмо Дыууæ мæйы бирæ рæстæг нæу, фæлæ рæстæг цыд. куыддæр æнкъардæй, алчи дæр сæ йæ хæдзар æрымысыд æмæ се ’нкъарддзинад иуварскодтой изæрыгæтты писмо- тæ фыссынæй. Изæры дæс сахаты æрдæгыл-иу, кинойы фæстæ, уайтагъд, иумæйагдзæрæадоны сырх къуым уы- дис сабыр, Æрмæст-иу фыссæн æмæ гæххæтт сыбар-сы- 111
бур кодтой. Чи писмо фыста йæ усмæ, чи йæ сывæллæт- тæм, чи та нæ хæлæрттæм. Писмотæ фыстой иуылдæр. Æрмæст-иу зæронд Кузьмич иунæгæй стъолты ’хсæнты хъеллау кодта, йæ гыццыл цæстытæй-иу мæстыйщ ракæс- бакæс кодта фæйнæрдæм æмæ иудадзыг цыдæр хъуыр- хъуыр кодта йæ фындзы бынæй. Уыимæ йæ зачъетæ аф- тæ тагъд-тагъд змæлыдысты, цыма йын-иу сæ дымгæ йæ уæлныхты систа. Уыцы гуьш-гуымы ’хсæнæй-иу хаттæй-хатт райяьуыс- ти ныхæстæ: — Фыссынц æмæ фыссынц... Цыма комкоммæ... Кæс- ма сæм, кæс... у, хæйрæджыты хай фæуат! Фæлæ иу хатт уый дæр йæхи нал баурæдта. Илюха Ру- даковы фарсмæ бандоныл йæхи ара^хстгай- æруагъта, йæ разы йын гæххæтты сыф айтыгъта æмæ йын хъуынтъы- зæй загъта: — А ма, дæуæн дамгъæтæ рæсугъддæр цæуынц. Æз дын дзурдзынæн. — Писмо фыссыс?—фæдисы лæппу. — 0, писмо! Уæдæ æндæр цы?!—хыр-хыргæнаг хъæлæ- сæй дзуапп радта зæронд лæг æмæ мæстыйы фуртт скод- та йæ фындзæй. — Хъæумæ йæ фысын... Æрмæст кæмæ ныффыссон, уый нæма ахицæн кодтон. Хæстæг мын ни- чи ис... — Ныффысс алкæйы номыл дæр,—бауынаффæ йын код- та Илюха.—Фыццаджы дæр райдай сæрдарæй... — Ды мын ма амон,—фæлыг æй кодта Кузьмич, — мæ- хæдæг хуыздæр зонын, фæлæ фысс! — æмæ йын райдыдта дзурын:—„Дæ бон хорз уа, нæ зынаргъ колхозы сæрдар шмæ разамындгæнæг Васил Гаврилы фырт! Фыссы дæм Кузьма Кузьмайы фырт Волков, фæсномыгæй „Курощуп". Ды мæн арвыстай Кировы областмæ хъæдсæудæджерады совхозмæ, нæ колхозы пайдайæн хъæдæрмæг бацæттæ кæ- ныны тыххæй. Мæ писмойы фыццаг рæнхъыты дын æрт витын зæрдæбын арфæ, мæ са>р ныллæг кæнын дæ разы æмæ мæ фæнды дæуæн бирæ азты цæрæнбон. Афтæ ма мæ номæй, сæрг^гыбырæй, ралам радт фермæйы гæс 112
Прохор Платоны фыртæн дæр. Уымæ æз куыстон фæстйг мæй. Фæнды мæ уымæн дæр бирæ азты цæрæнбон. Афтæ ма зæрдæбын арфæ æрвитын колхозы хынцæг Езкикæн дæр. Фæнды мæ уымæн дæр, йæ усæн дæр æмæ æппæт йæ бал- гъи-булгъитæн бирæ азты цæрæнбон. Ноджы ма сæргуыбы- рæй арфæ кæнын мæ сыхаг Мишæйы фындзæн дæр. Кæд ма Наталя Гулхова удæгас у, уæд уымæн дæр мæ зæрдæбын арфæтæ. Мæ зынаргъ хъæуккæгтæ, æз сымах тынг мы~ сын æмæ мæ алы хатт дæр сымахæн бафæнды дзæбæх- дзинад"... Кузьмайы фырт зæрдæрайæ арф ныуулæфыд, йæ за- чъетæ базмæлын кодта æмæ загъта: — Цæй-ма, бакæс мын æй, байхъусон дæм, цы рауади. Илюха йын æй бакаст. Кузьмайы фырт йæхи сынцъылдта, йе ’рфгуытæ сыл- хынцъ кодта. — Куыд мæ фæнды, афтæ нæ рауад. Хъустæн æхсыз- гон нæу. Курошуп ахахх кæн. Прохоры дæр ахахх кæн. Уыцы æлгъыстаг æй ’рымысыд. Æз хъазыдтæн балалай- кæйыл, уый мæм хъуыста, хъуыста, стæй дзырдта: \,,Де ’нгуылдзтæ дæуæн,—зæгъы,—даргъ сты музикæйæн, хъис- тæ дын сыл атыхсынц. Æфтаугæ кæрчытæм дæ хъус куы дарис, уæд хуыздæр уаид, уым де ’нгуылдзтæ тынг хъæ- уынц." Уыцы бонæй фæстæмæ мæ афтæ рахуыдтой—Куро- шуп æмæ Курощуп... Бынтон æй ныххах кæн! Уый гæххæтт райста, йæ цæстытæм æй æнгом схаста æмæ бакаст: „А.фтæ ма ноджы ныллэёг сæрæй арфæ кæнын кол- хозы хынцæг Еяшкæн..." Йæ рихитыл бæрзонд схæцыд æмæ бахъуыр-хъуыр кодта! — Уый дæр расыггæнаг у! Хинæйдзаг, куыд калм! Мæллæг, фæлурс, йæ ус ын йæ туг банызта. Æнцон зæ- гъæн нæу: цыппæрдæс сывæллоны ныййардта! Æмæ дзы иу лæппу нæ фæцис, иуыл сты чызджытæ... Уæдæ, иу- дадзыг кодта худгæ. Куы зæгъæм, уæд Ежик худтис. „Мæнæн,—зæгъы,—уыдзæн бирæ куринаг чызджытæ, уы- мæй дæр алгъуызæттæ. Фæлæ дзы дæуæн, Кузьма, иу 8* 113
дæр нæ ратдзынæн. Тынг тыхсын кæныс ды адæймаджы... Цы дзырд ссардта—„тыхсын кæныс!" Æз ын афтæ зæ- гъын, комкоммæ, зæгъын, мæ дæ чызджытæм акæсын дæр нæ фæнды, дурзæрдæ! Тфу! Зæронд лæг уаты астæумæ ату кодта æмæ йæ ныхас Залхынцъ кодта: — Ахахх æй кæн уыцы æлгъыстаджы бынтондæр. Илюха, иæ мидбыл худт тыхæй æмбæхсгæйæ, ахахх кодта Ежикы. — Чи цæуы, чи, уый фæстæ та? Мишæйы фындз? Уый иннæтæй фæлмæндæр адæймаг у. Дывзагон у уый дæр, фæлæ уæддæр фæлмæндæр у. Уый мæн сфæндараст код- та тынг зæрдæбынæй. Æцæг-иу мах нæ кæрæдзи дæр амæсты код%ам, ахылтæ-иу стæм, фæлæ уæддæр дзæбæх цардыстæм. Æмæ цæй тыххæй хыл кодтам æнхъæлыс? Уыц!ы æлгъыстаджы кæрчыты тыххæй! Куы зæгъæм, уæд Мишæ мæ сыхаг у æмæ^йæ кæрчытæ иудадзыг бон сæуизæрмæ кæрæдзи тонынц мæ цæхæрадоны. Цыфæнды байтау, скъахынц æй уыцы æлгъыстæгтæ! Иу бон куы уыд, уæд æз смæсты дæн, дур систон, ахъуызыдтæн сæм æмæ йæ комкоммæ кæрчытæй иуæн йæ тæккæ сæрыл фæкодтон. Уый ма йæ тыбыртæ бацагъта, Систон æй, бахастон æй комкоммæ Мишæмæ æмæ йын æй йæ дуармæ баппæрстон. Мæнæ, зæ- гъын, дæ карк айс æмæ сæ хъахъхъæн, науæд дын сæ иуылдæр фæцæгъддзынæн. Уый каркмæ бакаст æмæ мын зæгъы: ,,Мæн, Кузьмайы фырт, искæйы карк нæ хъæуы." Æз каркмæ ныггуыбыр кодтон æмæ цы ’нхъæл дæ? Карк разынд мæхи æфтауæг карк. Уый худæгæй мæлы, цыма йæ исчи хъыдзы кæны, уыйау. Уымæй уæлдай ма йæ æнæхъæн хъæуæн дæр радзырдта уыцы æлгъыстаг... Ных- хах кæн уыцы дзæгъæлдзуйы дæр! Нæ хъæу иуылдæр лхæмтæ сты. Æрмæстдæр тырныиц уымæ, æмæ искæуыл куы бахудиккой! Лæгæн аргъ нæ кæнынц... Сис мæнæ нæ хъазуккаг сыл Наталяйы дæр. Иудадзыг арахъхъ уагъта, Зазар кодта, æлгъыста. Фæлæ йæм бацыдтæ, иу хуыппдын нæ бадардтаид! Лæууыс, кæсыс æм æмæ уыныс, арахъхъ куыд тæдзы, уый. Фæлæ уый йæхи афтæ дары, цыма цæ- ~мæ æрбацыдтæ, уый не ’мбары. Отæй ма дæм ’ уыимæ йæ 114
мидбыл худдзæни. Æмæ йæм æз та фыссын „Сæргуыбырæй дын арфæ кæнын!" Ныххах æй кæн! Писмойы ма хахх æрцыдис ноджы цалдæр рæнхъы. Цæй-ма, ныр æй ногæй ракæс. „Дæ бон хорз уа, мæ зынаргъ разамындгæнæг!"—кæ- сын райдыдта Илюха. — Фæлæу-ма! Ахахх æй кæн!—баурæдта йæ. Кузьмайы фырт.—Дыууæ хатты мæ фæивар кодта уьщы бюрократ! Æмæ цæй тыххæй æнхъæлыс? Æз афтæ ,æнхъæл дæн, æмæ мæ цыма барæй рарвыста ардæм. Критикæ ничи уар- зы æмæ йæ æз та алы æмбырды дæр критикæ кодтон. Алы æмбырды та цæмæн? Куыддæр æй фенын, афтæ йæ уай- тагъд лыгкæнын райдайын, уымæн æмæ æз рæ.стдзинад уарзын. Гъемæ уый афтæ бакодта, цæмæй мæ фервæзтаид. Куы баздæхон, уæд æз уыимæ аныхæстæ кæндзынæн! Æз уыцы æлгъыстагæн фенын кæндзынæн! Æз йæ къахы бын- тæ никæмæн бастæрдзынæн! Советон закæттæ æз-иттæг хорз зонын! Кузьмайы фырты рихитæ дыууæрдæм сæхи раппар-бап- пар кодтой, цыма сæ дымгæ йæ уæлныхты систа, уыйау. Сыхаг стъолы цур бадджытæ бахудтысты æмæ сæ чидæр загъта: — Райдыдта та Кузьмайы фырт дзæнгæда цæгъдын. Куы банцаис! Кузьмайы фырт хæрамы каст бакодта уыцыстъолырдæм æмæ ату кодта: -Тфу! Чысыл фæстæдæр куы басабыр, уæд та Илюхамæ йе ’ргом фездæхта: — Цæй-ма, ракæс та йæ ногæй. Цы хуызæн рауад нæ писмо. Илюха хъæрæй бакаст: — „Мæ зынаргъ зæххонтæ æмæ иу хъæукконтæ, æз сымах тынг мыеын, æмæ мæ алы хатт дæр сымахæн ба- фæнды дзæбæхдзинæдтæ... „Æвæццæгæн, ацы уаты ахæм тыхджын æмæ иузæрдион худт никуы ма уыдя. Илюха дæр йæхи нал баурæдта. Писмо æрывæрдта, йæ къæхтыл ныттыхст æмæ къахæй-къухмæ фыр худтæй ныррызт. Ш.
Кузьмайы фырт сыстад æмæ йæ зачъеты æртхъирæн- гæнæджы тылд бакодта. Зæронды гыццыл цæстытæ фæй- нæрдæм ирвæзтытæ райдыдтой. Фæлæ æмбаргæ- æппындæр- ницы бакодта. — Хæйрæджыты хай фæут!—йæ дæндæгтæ кæрæдзийыл^ ныхъхъыррыст кодта, пъолыл ма иу ту андæгъта æмæ,. дуар йæ фæстæ ныгуыпц кæнгæйæ, феттæдури. 116
Гайдар Арнадий ЗЫНГ ДУР 1 йу хъæуы царди зæронд лæг. Йæ тыхы нал уыд, уæз- зау куыет нал фæрæзта æмæ быдта чыргъæдтæ, æмпъыз- та валенкæтæ, хъахъхъæдта колхозы дыргъдон-—нæ йæм уагъта сывæллæтты. Уый ацы хъæумæ раджы æрлыгъд дард кæцæйдæр, адæм æй уайтагъддæр базыдтой, бирæ скъæрæнты чи фæ- ци, ахæм адæймаг уыд. Уый уыд къуылых, йæ хил афо- нæй раздæр кæмæн фæурс, ахæм лæг. Йæ цæсгомыл, уа- дулæй суанг былтæм уыди зылын, скъуыдтæ нуæс. Æмæ- иу йæ мидбылты куы бахудт, уæд дæр йæ цæсгом æтте бакæсгæйæ æнкъард æмæ тызмæгхуыз зынди. 2 Иу хатт уыцы хъæуы лæппутæй иу—Ивашкæ Кудряш- кин бабырыд колхозы дыргъдонмæ. Йæ фæнд афтæ уыд: хъуамæ æртыдтаид фæткъуытæ æмæ сусæгæй йæ фаг ба- хордтаид. Фæлæ йæ хæлафы фадыг фæхæцыд дыргъдоны гæрæны зæгæлыл æмæ афтæмæй хъалгъæны сындзы къу- тæрмæ ныххауди. Нырдиаг кодта лæппу. Хъахъхъæнæг æй базыдта æмæ йæ ’рцахста. Ныхас дæр ыл нæ’й, зæронд лæджы куы бафæндыдаид, уæд Ивашкæйы фæлмæнтыл пысырайæ хорз æрцыдаид, ноджы ма йын уымæй фыддæр ми дæр бакодтаид—алас- таид æй скъоламæ æмæ уым радзырдтаид, цы ’взæр ми <5акодта, уый. 117
Фæлæ зæронд лæг фæтæригъæд кодта Ивашкæйæн: Йæ къухтæ арæдывстысты Ивашкæйæн, фæстæрдыгæй та, мæллæг фысы къæдзилау, æрзæбул йæ хæлафы скъуыд фадыг, йæ,сырх уадултыл та йæ цæссыг уади. Ивашкæ æмризæджы рызти фыртæссæй. Зæронд лæг æй æнæдзургæйæ рахизын кодта дыргъдоны дуарæй æмæ йæ суагъта йæхи бар, æгæрыстæмæй йын йæ къæбутæн иу хафт дæр нæ фæкодта, суанг майæм дзургæ дæр ницы скодта. 3 Æфсæрмдзаст æмæ мæстджынæй Ивашкæ хъæумæ нал ацыд, хъæдмæ бафтыд, уым фæдзæгъæл æмæ стыр цъы- марамæ бахауд. Æппынфæстаг бафæллад. Хъуынайы ас- тæуæй цы цъæх дур зынди, ууыл йæхи æруагъта, фæлæ уайтагъд, æрдиаггæнгæ, фæгæпп ласта. Афтæ йæм фæ- каст, цыма йæ хæлаф скъуыд кæм у, уыцы бæгънæг ра- нæй дыдынбындзыл æрбадт æмæ йæ уый фæрæхуыста. Фæлæ дурмæ куы ’ркаст, уæд дзы дыдынбындз дæр нæ уыд æмæ æндæр дæр. Гъе, фæлæ дур йæхæдæг зынгау тæвд уыди æмæ йæ лæгъз цъарыл гæзæмæ бæрæг дардтой цыдæр фыстытæ, сæ дамгъæты къуырфытæ æлыгæй бай- дзаг сты, афтæмæй. Ныхас дæр ыл нæй—дур кæлæндур уыд,—уый Иваш- кæ уайтагъддæр базыдта. Йæ басмахъ феппæрста æмæ уый зæвæтæй тагъд-тагъд сыгъдæг кæнын байдыдта, дам- гъæтыл цы æлыг нындæгъд, уый. Гъе, æмæ дзы уæд ахæм фыст бакаст: Ацы дур хохы сæрмæ чи схæсса æмæ йæ уым чи ныссæстытæ» Кæна, уый зæронд куы уа, уæддæр æрыгон Фестдзæн æмæ ногæй райдайдзæн йæ цард. Уыцы фыстæн йæ быны уыд мыхуыр æвæрд, мæнæ хъæусоветы чи ис, ахæм хуымæтæджы тымбыл нæ, нæ дæр дуканиты цы æртæтигъон мыхуыр вæййы, ахæм, фæ- лæ хиндæр конд: дыууæ дзуарæвæрды, æртæ къæдзилæ- джы, хуынкъ æмæ лæдзæггонд æмæ ма ноджы цыппар къæдзыджы. 118
Ивашкæ Кудряшкины зæрдæ бауазал. Азтæй йыл цы дис аст, бацыд фарастæмы. Æмæ ныр афтæмæй дзыхъхъын- ног райдай цæрын, ома та фыццаг классы дыкккг аз баз- зай, уый йæ æппындæр нæ фæндыд. Фæлæ уыцы кæлæнгæнæг дуры руаджы афт’æ гæнæн куы уаид æмæ скъолайы цы уроктæ радтынц, уыдон ах- уыр ма кæн, афтæмæй фыццаг классæй æртыккаг классмæ агæпп кæнæн куы уаид, уæд уый хъуыддаг уаид, гъе! Фæлæ алчи дæр зоны—ахæм диссаджы миниуæг цы фæнды кæлæнгæнæг дурмæ дæр нæй æмæ никуы дæр уыд, 4 Ивашкæ фæстæмæ куы раздæхт æмæ дыргъдоны рæз- ты æнкъардæй куы фæцæйцыд, уæд та федта зæронд лæ- джы. Уый фæцæйхаста бедрайы мидæг чъыры змæст, йæ уæхскыл та удд даргъ хъæдыл конд цæгъдæн цъылын. Æвæццæгæн, зын уыди зæрондæн, арæх-иу æрлæууыд йæ фæллад суадзынмæ æмæ хуыфыд æмæ хуыфыд. Ивашкæ хæларзæрдæ лæппу уыди æмæ зæронд лæджы ахæм хуызы куы федта, уæд ын фæтæригъæд кодта æмæ йæхинымæр дзуры: „Ацы лæгæн йæ бон уыд мæ фæрстæ мын пысырайæ схъулæттæ кодтаид. Фæлæ мын фæтæри- гъæд кодта. Цæи-ма, æз дæр ын фæтæригъæд кæнон, æмæ йын радтон йе ’рыгон азтæ, цæмæй хуЕ^фгæ дæр мауал кæна, къуылых дæр мауал уа æмæ афтæ уæззау дæр мауал улæфа". Гъе, ахæм дзæбæх хъуьцщтæ гæнгæ бацыд хæрзæгъ- дау Ивашкæ зæронд лæгмæ æмæ йын æргом загъта, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. Зæронд лæг æлхынцъ- æрфыгæй раарфæ кодта Ивашкæйæн, фæлæ дыргъдон дзæгъæлы ныууадза æмæ цъымарамæ ацæуа, ууыл не сразы, уымæн æмæ нырма ахæм адæймæгтæ ис, æмæ уы- дон куы базоной, дыргъдоны ничи хъахъхъæны, уæд афис- тæг кæндзысты бæлæсты. Æмæ зæронд лæг бафæдзæхста Ивагакæйæн, цæмæй уый йæхæдæг исты амалæй ратте кæна дур цъымарайæ æмæ йæ, схæсса хохы сæрьсæ. Стæй уæд зæронд лæг дæр цыбыр æмгъуыдмæ ссæудзæн уырдæм æмæ тагъд-тагъд фæцæфтæ кæндзæн истæмæй уыцы дур. 11д
Хъуиддаг афтæ ’рдæм кæй фæзылд, уый тыххæй Иваш кæ тынг фенкъард. Фæлæ зæроид лæгæн смаст кодтаид, уый йæ нæ фæн- дыд. Дыккаг бон райсомæй Ивашкæ сæхицæй рахаста фи- дар голлаг æмæ четæн æрмхудтæ, цæмæй дурыл йæ къух- тæ ма судзой æмæ афтæмæй араст цъымарамæ. Цъыф æмæ дзы æлыгæй ницыуал зынд, афтæмæй Иваш- кæ тыхæй-фыдæй ратылдта дур цъымарайæ, йæ хид йæ къæхты бынæй акалд æмæ хохрæбын хус кæрдæгыл æр- хуыссыд. „Гъе ныр афтæ бакæндзынæн,--хъуыды кодта уый.— Дур стулдзынæн хохы сæрмæ, стæй уæд уырдæм ссæу- дзæн къуылых зæронд лæг, асæтдзæн дур, æрьхгон фест-, дзæн æмæ йæ цард ногæй райдайдзæн. Адæм куыд дзу- рынц, афтæмæй бирæ фыдæбæттæ бавзæрста. Уый зæронд у ныр,, иунæг, бирæ цæфтæ фæцис хæсты, бирæ æф- хæрд баййæфта, амондджын цард никуы федта, иннæ адæмтæ та федтой амондджын цард." Суацг ма Ивашкæ йæхæдæг дæр, кæд бынтон æрыгон у, уæддæр, æртæ хатты федта ахæм амондджын цард. Иу хатт ын скъоламæ байрæджы æмæ йæ бынтон æнæзонгæ шофыр йæ рог æрт- тывтытæ калæг машинæйы сбадын кодта суанг колхозы •скъæтæй скъолайы тæккæ къæсæрмæ. Иннæ хатт та, уал- дзæджы, йæхæдæг иунæгæй æмæ афтид къухæй къанауы хæфс æрцахста. Æртыккаг та-~Митрофан æй горæтмæ, фыццæгæм майы бæрæгбонмæ куы акодта, уæд уыди. „Уадз, æмæ ацы æнамонд дæр фена хорз цард",—цæст- уарзон æмæ хæларзæрдæйæ сфæнд кодта Ивашкæ. Уый сыстад æмæ та дур хæрдмæ, хохы сæрмæ, схойын байдыдта. 6 Хур нæма аныгуылд, афтæ схæццæ Ивашкæ хохысæр- мæ. Уазалæй зыр-зыр гæнгæ фæлладæй бабукъ ис æмæ дуры тæвдмæ сур кодта йæ чъизи хуылыдз дарæс. Раст тæккæ уыцы рæстæджы уырдæм схæццæ зæронд лæг дæр. 2 20
Ивашкæ йæм, днсгæнгæ, дзуры: — Бахатыр кæ, зæронд лæг, фæлæ уый цы хуызæнæй •ссыдтæ? Куы нæ дæм дзæбуг ис, куы нæ фæрæт, кæнæ лом? Æви дур тымбыл къухæй ныссæттынмæ хъавыс? — Нæ, мæ хур, Ивашкæ,—дзуапп радта зæронд. — Уый нæ къухы цæфæй ныппырхкæнын æнхъæл нæ дæн. Уы- цы дур ныссæттынмæ æппындæр нæ хъавын, уымæн æмæ мæ нæ фæнды мæ цард ногæй райдайын. Ивашкæ фырдисæй сагъдау баззад, фæлæ йæм зæронд лæг æввахсдæр бацыд æмæ йын йæ сæр рæвдаугæ сæрфт акодта. Ивашкæмæ афтæ фæкаст, цыма зæрондæн йæ къух ризгæ кодта. — Куыд дæ æмбарын, афтæмæй ды афтæ ’нхъæлыс, земæ æз зæронд, къуылых, фыдуынд æмæ æнамонд дæн,— дзырдта зæронд лæг Ивашкæйæн.—-Æцæгæй та ацы дуне- йы мæнæй амондджындæр нæй. Хъæд æрхаудта æмæ мæ зæнг афтæмæй асаст, фæлæ уый кæд уыди? Ды æрмæст нывты мидæг цы паддзахыг хуыз федтай, мах уый ныхмæ адæмы куы сыстын кодтам^ дзæбæх куы нæма арæхстыстæм, афтæмæй гæрæнтæ куы фæлдæхтам æмæ баррнкадтæ куы арæзтам, уый гъеуæд уыди. • Бæгуыдæр, мæ дæндæгтæ мын ныссастой, фæлæ уый та уыди, ахæстоны нæ куы бакодтой æмæ уым револю- цион зардрытæ куы зарыдыстæм, уæд. Хæсты уæвгæ- йæ мын мæ цæсгом æхсаргарæй ныццавтой. Уый та уы- ди, фыццаг адæмон полчытæ знаджы урс æфсады сæттын æмæ дæрæн куы райдыдтой, уыцы рæстæджы. Ныллæг, уазал мæнгагъуысты æз, тифæй рынчын, сæнттæ цæгъдгæ, рахау-бахау кодтон. Æгъатыр мæлæты ныхæстау мæ хъустыл уадысты ахæм зæрдæмарæн дзырд- тæ, ома нæ бæстæ цъысымы бахауд æмæ нæ знаджы тых фæбырсы. Фæлæ та-иу скæсæг хуры ног тынтимæ куы ’рчъицыдтон, уæд та-иу базыдтон: знаг пырхгонд æрцыд æмæ та бырсæм размæ. Амондджын уыдыстæм уæд, фыр цинæй нæ зæрдæ ка- фыд, æмæ иу сынтæгæй иннæмæ, нæ кæрæдзимæ лæвæрд- там нæ мæллæг къухтæ æмæ уал сæнттæ цагътам, ома, 121
кæд æй мах нал æрæййæфæм, уæддæр уадз æмæ нæ фæстæ дæр нæ бæстæ уæд, ныртæккæ куыду, афтæ—-егъау æмæ домбай. Цы ма дæ фæнды, æнæзонд Ивашкæ, уымæй амонддæр? Цæмæн хъæуы мæн æндæр цард? Æндæр æв- зонгад? Кæд æмæ мæхи царддæр фæцыд зындзинæдтимæ, фæлæ уæддæр нрд æмæ намысджынæй! Зæронд лæг банцад, йæ лулæ систа æмæ сдымдта. — Омæ, дада,—хæрз сабырæй загъта уæд Нвашкæ.—Иу- гæр хъуыддаг афтæ у, уæд ма æз цæуыл фыдæбон кодтон æмæ уыцы дур хохы сæрмæ цæмæ ’мпъыхтон, цы цъы- марайы уыд, уым дæр æнцад-æнцойæ куы лæууыд? — Уадз, æмæ уа зынгæ бынаты,—загъта зæронд,—æмæ дæхæдæг фендзынæ, Ивашкæ, цы уыдзæн, уый. 7 Уæдæй нырмæ рацыдысты бирæ азтæ, фæлæ уыцы дур абон дæр ма лæууы хохы сæр æнæсастæй. Бирæ адæмтæ йæм фæцыдысты уынæг. Бацæуынц, ба- кæсынц æм, ахъуыды кæнынц, сæ сæртæ банкъусынц æмæ цæуы алчи дæр йæ фæндагыл. Æз дæр иу хатт уыдтæн уыцы хохыл. Куыддæр цыма мæ цæсгом æхсад нæ уыд, афтæ мæм каст, стæй мæ зæрдæ дæр æнкъардуыди. „Цæй-ма, уæд та,-~хъуыдыкæ- нын мæхинымæр,—ныссæттон ацы дур æмæ та сæрæй ног цард райдайон!" Йу дзæвгар сагъæсгæнгæ алæууыдтæн, æмæ мæм æн- дæр зонд æрцыд. „Нæй!—хъуыды кæнын мæхинымæр, мæ сыхæгтæ мæ афтæ æрбавзонгæй куы феной, уæд зæгъдзыс- ты.—Нæ кæсут уыцы æрыгон сæрхъæнмæ! Æвæццæгæн йæ иу царды бонты нæ базыдта, куыд æмбæлы, афтæ фæ- цæрын, нæ раиртæста йæ амонд æмæ та йæ ныр дæр уыцы цард ногæй райдайын фæнды". Тамако сыздыхтон. Цæмæй спичкæтæ ма хардз кæнон, уый тыххæй зынг-дурьыгссыгътон бапъироз. Æмæ араст? дæн мæ. фæндагыл. (1941) 122
Грабанее Ницалай АВГУСТЫ СТЪАЛЫТЫ Тъиуихъæдтæ ауадзыны тыххæй колхозæн цы хид æвæрд уыдис, уый цур йæхи æруагъта йæ хъахъхъæ- яæг æмæ хистæр^ иу æртын фондзаздзыд лæг Вгор Егоры фырт Ястребов. Йæ иу къахыл уыдис донæй фæбургонд батинкæ, иннæ та йын уыдис хъæдын къах. Йæ цæсгом уыдис хъуынтъызгомау, дымгæйы хост, хæбуздзыхъхъы- тæ, æхмæ æнкъардæй каст цæмæ/^æр. Дон цъæх-цъæхи- дæй æрттывта, августы хур ма тынг тавта. Доны тæнæджы цур къардиуы уæле къæдз-мæдзытæй цы фæндаг цæуы, уый сæрмæ бæлвырдæй зынынц цал- дæр хæдзары агъуыст æмæ гæдыбæлæсты къох. Гæды бæлæсты сæрмæ лæууыд мигъы бындзыг, йæ иу фарс сырх ахæм æмæ цыма чердæм йæхи айста, ууыл хъуыды кæны, уыйау. Дæлийæ, рахизæрдыгæй, дон кæм фæтæнæгис, уым дыууæ лæппуйы айдагъ трусикты ахстой кæсæгтæ. Уыдонæй чысыл дæрд- дзæфдæр та иу сырхуадул, æвзонг сылгоймаг, йæ юбкæ йæ астæуыл æрбатыхта, афтæмæй гæрзтæ æхсадта... Ястребов, йæ тымбыл хъæмпын худ къæбутмæ акæнгæйæ, йæ къухтæ йæ роцъомæ быцæу æвæрд акодта, йæхимидæг цæуылдæр тыхстис, афтæмæй йæ æрвгъуыз цæстытæй æдзы- нæг каст сылгоймагмæ. Фæндыди йæ йемæ куы аныхæстæ кодтаид, фæлæ æфсæрмы кодта лæппутæй, стæй ма æнхъæлмæ кастис тъиуискъæрджытæм дæр. Уыдон тъиуи- скъæрæн фыййæгтимæ сæхи раппар-баппар кодтой хъæд- ты уæлæ, архайдтой хидæй раирвæзыныл. 123
— Галиуырдæм, галиуырдæм скъæр, æдылы! — мæсты кодта Ястребов,—Тростæ аскъуындзынæ! — Ма тæрс, нæ сæ аскъуындзыстæм! Тъиуи аивгъуыдта, алайæдзаг аг цы арты сæрмæ дзе- дзлой кодта, уый фæлурс фæздæг фæстийæ фæуадзгæйæ. Фæлæ иннæ тъиуи нæма разындис фæзилæнæй. Ястребов исдуг хъуыдыты ацыдис, стæй лæппутæм фæдзырдта, Уыдон дæр æм æрбацыдысты. Бакас’тæй уыдысты урс- дзалыг, сæ фындзты æмæ чъылдымты царм хурмæ стыгъ- тытæ, афтæмæй. — Гъы, куыд. у?—бафарста сæ Ястребов, лыстæг уи- сыл халгондæй цы фондз гыццыл цъæх кæсаджы уыд^ уыдонмæ бакæсгæйæ, сæ цæстмæ бакодта лæппутæн. — Не ’нгуыр æвзæр ахсы, дада Егор,—йæхи растгæ- нæгау æнгуыры кæронæй йæ къах аныхгæйæ, загъта хис- тæр лæппу. —Уаллæттæ дæр хорз сты, зæронд фаджысæй сæ скъахтам, фæлæ кæсагмæ аппетит нæй! — Аппетит æм нæй!—сфæзмыдта йæ Ястребов.—Сымах ма уæртæ уым дæр, фæндаджы рыджы ахстаиккат, аппетит бацагуырдтаиккат... Бынат равзарын хъæуы, бынат, цас уын фæцамыдтон... Кæсаг æрцахсын уæ фæнды? — 0, о, æрцахсдзынæ йæ! Æрцахсдзынæ йæ, уæртæ къардиуы бын къутæрхæрис уынут? Гъе, уырдæм цæугæут, мæхæдæг райсомæй ныр- мæ уым бадтæн... Æртæ дзы æрцахстон! -—Фенын-ма нын сæ кæн, Егор,—лæг^ъзтæ йын кодтой лæппутæ. — Æмæ сæ æз абурачъи кодтон,—худы Ястребов,— уадидæгæн... Цæй, цæугæут, стæй мын бузныг зæгъ- дзыстут... Гъæй кæнут! Лæппутæ ацыдысты æмæ ма цъус фæстæдæр къутæр- ты аууонæй зындысты æрмæст сæ кæсагахсæн хъилты цъушштæ, Ястребов фæйкæрдæм акæстытæ кодта, æмæ уыцы æмгæрæтты ничи ис, уый куы федта, уæд къуылых- къуылых атындзыдта, доны был сылгоймаг йæ уæрджыты онг доны кæм лæууыдис, æмæ гæрзтæ кæм æхсадта, уыр- дæм. — Дæ бон хорз уа, Маринæ,—йæ къопп худ фелвæста 124
Ястребов, йæ хъæлæс куыддæр хус кодта. Фæндыдис æй исты хъæлдзæг, худæн ныхас куы зæгъид, фæлæ дзырд- тæ зæгъынмæ æвзаг нал арæхст, нындæгъдысты бæмбæ- гау.-—Чысыл аулæф. — Æгас цу, Егор Егоры фырт,—йæ сæрыл хæрдмæ схæцгæйæ сдзырдта сылгоймаг, æмæ йæ йæхæдæг дæр нæ бамбæрста, афтæмæй дæлæмæ æруагъта йæ ипкæ.— Улæфынмæ мæ кæм æвдæлы, бригадир нын бафæдзæхста фæссихор, дам, быдыры куыд уат, зæгъгæ. Маринæйыл цыдаит дыууын æхсæз—дыууын авд азы. Кæй фергъуыйау, уымæй йæ хурсыгъд цæсгом уыд сырх- бын, морæгъуыз цæстытæ бæзджын сау цæстыхауты бы- нæй кастысты зæрдæхæлар æмæ цъус дызæрдыггæнæгау, цыма йæ фæрсгæ кодтой, уыйау: „Чи зоны æппæт уыдæт- тæ хъæугæ дæр нæ кæнынц!" Уырысы хъæуты бирæ рæстæджы чи ацардис, уый зоны ахæм хуыз чызджытæ сæ бакастæй сæхимæ кæй не ’лвасынц, тезгъогæнæн бы- нæтты атамандзинад кæй нæ кæнынц, нæ разилын кæнынц фæндырдзæгъдæджы сæр. Уыдон дидин æфтауынц куыд- дæр æмхуызон æмæ цъус хибарæй, чындзы ацæуынц æнæн- хъæлæджы, бинонтимæ цæрынц хорз, æнæхыл, æнæхъау- гъа. Мастдзинад быхсынц æнæдзургæйæ æмæ хъæддыхæй. Рæсугъд, æмгæртты дзырдмæ уæндон чи у, сæ зæрдæ- йы конд ивылд донау хъæргæнаг æмæ тагъдцæуаг кæмæн у, уыцы чызджыты цур уыдон уый бæрц зынгæ нæ вæй- йынц. фæлæ уый хыгъд уыцы рæсугъд æмæ дзырдуæн- дон чызджытæ та сты тæссаг: исты фæрæдыдтæ—ныззил- дзæн, аскъæфдзæн æмæ уымæй цы рацæудзæн—бæрæг нæу. — Демæ мæ аныхæстæ кæнын фæнды, Маринæ. — Цæй фæдыл, Егор Егоры фырт? — Æмæ дын æй æвиппайды куыд бамбарын кæнон?.. Ныр цыппар азы æнхъæлмæ кæсын, Уасил куы амардис, уæдæй фæстæмæ... — Ницæмæн хъæуынц ахæм ныхæстæ,—загъта сылгой- маг зæхмæ ныккæсгæйæ, йæ ныхас уыдис сабыр, фæлæ йæ хъусæй чысыл дæлдæр хъуырыл тугдадзины цавд фæтагъддæр ис— Ам уыдæттæ дзурæн бынат нæу. 125
— Зонын æй, уыдæттæ дзурæн бынат нæу,—тагъд- тагъд сдзырдта Ястребов.—Фæлæ цы бачындæуа? Дæумæ бацыдæуа—æмæ адæймаджы бынтондæр сæгад кæндзысты, Семениха йæхæдæг æртæ сæдæ верст кау абидзæн... Æмæ æз æмæ дæуæн та нæ тезгъо кæныны рæстæджытæ аив- гъуыДтой æнустæм. Цы бачындæуа? — Нæ зонын... Цæрын мæхицæн—æндæр ницы. — Цæргæ иуылдæр кæнынц... Мæнæ æз дæр, дохтырмæ идæдз урс кæсаглас куыд фæцæры,—æхсæв пыхсытыл иунæгæй мæхи æруадзын, фæрафт-бафт кæнын, фæмаст кæнын æмæ та сæр базыры бын... Æмæ æрвыл æхсæв та фыны уынын дæу. Ды ам цас уый бæрц рæстæг фæдæ, фæлæ мæнæн а-къуыри у бæрæгбон. Мæ цæстытæ бацъынд кæнын—æмæ та ды ам мæ разы... Уæртæ та тъиуи рацæ- уы, хъус фæдарын æм хъæуы... Уæдæ куыд сарæзтæуа, Маринæ? ’ — Æмæ æз цы хъуамæ зæгъон, Егор Егоры фырт... Æз ницы зонын... — Изæры-иу хиды цурмæ рацу,—сабыргай сдзырдта Ястребов. — Куыддæргиу хъуццытæ æрдуцай, афтæ-иу рацу. Ам машинæтæ арæх цæуынц,—тæрсы Маринæ,—сæ фа- рæтæ прожекторæй хъауджыдæр не сты... Хорз нæ рауай- дзæн хъуыддаг. -- Машинæтæ нал цæуынц,—сабыргай сдзырдтаЯстребов. Цъыфдзасты цъыхырыйæ цы хид уыд, уый æртæ бопы размæ тæрккъæвдайы дон атыдта, æмæ йæ цалынмæ сцал- цæг кæной, уæдмæ йыл никæй уадзынц. Цы зæгъдзынæ, Маринæ? — Хорз,—фырæфсæрмæй йæ цæсгом асырх сылгойма- гæн.—Чи зоны æрцæуон... Ног тъиуи æрцæйæввахс кодта. Ястребов атындзыдта хидмæ æмæ уырдыгæй командæ кæны... — Арæхстгай, лæппутæ, арæхстгай!.. Афтæ! Йæ командæмæ йын хъусгæ дæр ничи кодта, тъиуи- скъæрджытæ архайдтой ныфсджынæй æмæ арæхстгай, уы- дон рагæй зонынц гуылфæнты капризтæ, фæлæ уæддæр хъахгьхъæнæгæн йæ бон нæуыдис иуран бадын. 126
— Уым ма уе ’мбæлттæй бирæ исчитæ?—фæрсы уый тъиуискъæрджыты. — Иуылдæр рацыдысты. Дæ хид сæхгæн, сфидар æй кæн æмæ дæ галиу фарсыл батул. — Сымах дæр-иу ныффæлдæхут искуы. — Махæн та цæй фынæйгæнæнтæ ис! — мæстыйæ сдзырдта, брезенттæйхæлаф æмæ цъæх майкæ кæуыл уы- дис, уыцы ацæргæ зæронд лæг.—Мыстахсæнтæ фæцарæз- той, верстæй-верстмæ хид кæнæ та быран... Алы лæхмар- гæй байдзаг кодтой дон! — Хорз, хорз,—худы Ястребов. Цæуыл мæст;ы кæныс? Доны улæнты дæхи баппар æмæ дæ маст æрцæуа. Уый фæстæ здухæныл анцадис Ястребов,, сæхгæдта хидыл ацæуæн, цурк æмæ гуыдыры бæстьг сæвæрдта æп- пæт уæззау* рæдзæгъдтæ иумæ ныффидаргæнæг хиаразгæ æхгæнæн, стæп райста фæрæт æмæ ралыг кодта иу тала- бæлас, æмæ, кæд æппындæр ницæмæн хъуыди, уæддæр халагъуд фидæрттæ кæцын райдыдта, цыма тыхдымгæ уыдзæн, афтæ æнхъæлдта, уыйау. Уæдмæ хур дæр ныгуы- лæны ’рдæм æввахсæй-æввахсдæр кодта, бахызт гæды бæ- лæсты сæрты, цыма сæ судзгæ æмæ араугæкодта, уыйау, æмæ къардиуы аууон фæци. Хъæуы уынгты хъуыстис хъуццыты уасын; рæгъауы стуртæ сæ къæхты бын цы рыг сызмæстой, уый сæ сæрмæ мигъ сбадт, ахызт къар- диуы сæрты доны былгæронмæ æмæ цæугæдоны сæрмæ æрцауындзæг быдыр æмæ фаджысы тæф. Æввахс уынгæй ма иу сахаты бæрц хъуыстис быцæугæ- нæг сылгоймæгты хъæлæба æмæ лæппуйы кæуын; сабыр нзæры хуызæнæй йæм бынтондæр ницы уыд. Стæй куыд- дæртæй тынг тагъд, цыма арвæй цъæх пакъуы æркалд, уыйау нзæрдалынгтæ тынгдæр райдыдтой æмæ айхъуыст фæндыры цагъд, йæхи бакодта арв æмæ зæххы ’хсæн тыгъдад. Зындис афтæ, цыма зæхх хицæн кæны сæрдæй, уынæргъыдта, хъаст кодта æмæ зарыдис, уыйау. Æмæ уыцы сахат доны былгæрон иукъахвæндагыл Ястребов фæфиппайдта сау дарæсджын адæймаджы. — Маринæ, ды дæ?—æрцæуыиы æнхъæл ын нæ уыдис, Фæлæ уæддæр сдзырдта Ястребов. 127
— 0, æз дæн. — Бузныг дæ дæн... Æз та æдзух фæндагмæ кастæн æмæ кастæн—нæй æмæ нæй... Хъуыды кодтон, зæгъын мæ„ æвæццæгæн, сайынвæнд скодта. — Уым адæм . фæцæуынц æмæ фæрсын райдайдзысты: кæдæм цæуыс, цæмæ цæуыс... Ястребов бауад халагъудмæ, рахаста кæттаг æмæ йæ айтыгъта къуыбыры уæлæ кæрдæгыл. Æрбадт сылгойма- джы фарсмæ. Маринæ йæ уæхскæй банцой кодта Ястре- бовыл. Дыууæ дæр иу цасдæр рæстæджы донмæ кастыс- ты æнæсдзургæйæ. Дон цыди хæл-хæлгæнгæ: сабыргай, цыма цыдæр радзурыныл архайдта, афтæ; мастгомау æмæ адджын хъыдзыгæнгæ кæлы скъæлдзойы тæф. Фæци, июлы мæйы дæлдзырæттæ бирæ куы фæхауы, уыцы рæстæг, нал вæййы æрвгæрон æрттывтытæ æмæ ныллæг уазалгомау ирд арвыл æмхуызон мынæг рухс кæнынц стъалытæ. — Августы стъалытæ,—сабыргай ныуулæфы сылгой- маг.—Æнкъардгæнæнтæ... т— Уæд цæмæн?—дызæрдыггæнæгау æй афарста Ястребов. — Нæ зонын... Æрттиваг сты, фæлæ... Зымæг разын- къарæнтæ сты цыма? — Маринæ... — Цы зæгъдзынæ? — Цыппар* азы æнхъæлмæ к&аын... Ды афтæ æнхъæл дæ, æз фæндагмæ æрмæст абон кастæн. Æз алы изæр- дæр... Æз-иу дæ базыдтон, куыддæр-иу рацæйцыдтæ, аф- тæ. Иу хъуыддаг мæ хъизæмарæй мары, Маринæ, къах мын кæй нæй, уый... Вислайы цур Лолыпæйы горæд Сандо- мирмæ æввахс баныгæдтон мæ къах. Æз ам дæн, мæ къах та уым... Къуылыхæй цæуын цайдагъ кæнын райдыдтон, фæлæ цыппар азы размæ, Уасил дын куы аивгъуыдта, мæ ныфс асаст, мæхи мæты бын фæкодтон. Цард мæ тынг аууæрста, уæртæ уыцы хæрисы къутæры ивылд дон куьщ ныууæрста, афтæ; уый йæ нæ хаты, цъæл у, фæлæ уæд- дæр рæзы. Адæймагæн зындæр вæййы... — Егор Егоры фырт, уыдæттæ мысын нал хъæуы. — Æз æй уый тыххæй зæгъын, цæмæй йæ ды дæр бам~ барай. 128
— Æз æй æмбарын... Талынджы дыууæ цæссыджы æруадысты сылгоймаджы уадултыл æмæ асурысты. Маринæ сæ асæрфын нæ бауæн- дыдис, тарстис сылгоймаджы тæригъæдкæнындзинадæй, Ястребовы куы фæхъыг кæна, уымæй. Маринæйæн йæ къухтæ уыдысты дæрзæг, уæзæг сæвæрдтой, йæ зæрдæйы та, иу хатт йæхи стыр æнамонддзинадæй басыгъд зæрдæ- йы, уымæн уыдис хæлар æмæ сабыр ахаст, раргом кæны- нæй цæмæн тарст, ахæм. Уый баххуыс кæндзæн сыхаг сылгоймагæн, барæвдаудзæн искæй сывæллоны, фæлæ йæ сараздзæн æнæуæлдай ныхас, бузныг зæгъынмæ дæр æн- хъæлмæ нæ кæсдзæн, æмæ йæ уый фæндгæ дæр нæ кæны. Куы дзы феппæлынц, уæд сæфсæрм вæййьг, цыма йын зын вæййы, афтæ; куы йæ фефхæрынц, уæд та зæхмæ ныккæсы; æндæр дзургæ ницы скæны. Маринæйæн Ястребовмæ хæлар ахаст рагæй уыдис. Ястребов фронтæй æнæкъахæй куы æрыздæхтис, уæд ма Маринæ æнæцыд чызг уыд æмæ йын тæригъæд кодта, ма- дау. Чи зоны дзы мой дæр скодтаид, Ястребовы куы ба- фæндыдаид, уæд. Ястребов уыдис тыхджын, æцæг æфсæрм- дзæстыг дæр уыд. Фæлæ куы фæкъуылых, уæд йæ ныфс асаст, йæхи иуварс ласын райдыдта адæмæй. Зындис ыл, иудадзыг кæй хъуыды кодта куыд цардæуа, ууыл æмæ йæ бон æрхъуыды кæнын кæй ницы уыд, уый. Маринæйы мой дæр уыд фронты, фæконтузи Брянскы хъæды,—амар- ди, донивылды дзы уазал бацыд, афтæмæй. Йæ мойы амæ- лæтæй иу афæдз æмæ æрдæджы фæстæ Маринæ сусæг уарзтæй уарзын райдыдта Ястребовы. Уыдта йæ стæм хатт хиды цур, фæндыдис-иу æй йæ бурхил пыхцыл сæр ын йæ риумæ куы æрбалхъивид. Фæлæ Ястребов уыдис хиуыл хæцгæ адæймаг, æмæ-иу, фембæлгæйæ, Маринæ дæр иннæрдæм азылдис... — Маринæ! — Цы кæныс! — Исты ма зæгъ. — Æмæ цы хъуамæ зæгъон? — Æдзух дæ фыны уынын, Маринæ. Комкоммæ дын æй зæгъын, æнæуи куыд дæ, афтæ дæ фенын... Æрæджы 9* 129
цыма æз æмæ ды угæрдæны бадæм мæкъуылы бын, ды мæм хатыдтæ борщ ахæр, зæгъгæ... Мæнæн та уыцы борщ мæ хъуыры нæ хызтис, уымæн æмæ дын æз уыдтон дæ цæстытæ, де ’рфгуытæ, дæ къæхтæ—мæнæ сæ абон гæрз- тæ æхсгæйæ... Æнæ дæу мæ бон нæу, Маринæ! Маринæ йæ сæр ныллæг æруагъта æмæ йæ уæхск ноджы æнгомдæр аныдзæвди Ястребовы уæхскыл. Ястребов фип- пайдта уыцы змæлд, æмæ, куы нæ сразы уа, уымæй тæрс- гæйæ, арæхстгай æрбахъæбыс кодта Маринæйы. Сылгой- маджы зæрдыл æрбалæууыдысты æнæхуыссæг æхсæвтæ, уынджы фæндырæй куы фæцæгъдынц, чызджытæ куы фæзарынц æмæ куы фæхудынц, балы сыфтæртæ куы фез- гъæлынц æмæ изæрдалынгтæм куы фæзарынц булæмæргъ- тæ, Маринæ та йæ идæдз хуыссæны рафт-бафт куы фæ- кæны, арф хъуыдытæ æмæ иунæгдзинадæй фæлмæцгæ- йæ; йæ зæрдыл æрбалæууынц зымæгон дымгæтæ, фæрсса- джы æтте цъæх фæлм йæхи раппар-баппар куы фæкæны æмæ куы фæунæргъы, дымгæ куы фæкъуыззиттытæ кæны æмæ трубайы куы фæниуы, æмæ Маринæ та, нæлгоймаджы æххуыс æмæ рæвдыдæй иппæрд уæвгæйæ, фыр тæссæй æмæ æрхæндæгæй йæхи тыххæй, мингай æмæ мингай идæдз сылгоймæгты тыххæй куы фæкæуы. Уый фæкæуы хæст мингай æмæ мингай сылгоймæгтæн кæй байста рæв- дыддзинад æмæ уарзондзинад æмæ уыцы рæвдыд æмæ уарзондзинад раздахын йæ бон кæй нал бауыдзæн цыфæн- ды сабырадæндæр... Хатт-иу æй æрфæндыд ныхъхъæркæ- нын дæр: „Хорз адæм, исты ма саразут, исты, цæмæй уый ма уа"!—æмæ та-иу уайтагъд мæстæйдзагæй бамбæрс- та кæй ницыуал саразæн ис: мæрдтæ ингæнтæйнал сыст- дзысты. Æмæ та-иу уæд фырмæстæй йæ базы кæронмæ дæндагæй афтæ тынг фæлæбурдта æмæ-иу бамбулийы маст ад йæ дзыхы аззадис æмæ та-иу уæд куыдта æмæ куыдта... Ныр æнæххæст фæндæттæ се ’ппæт дæр, æмæ нæлгоймаджы рæвдаугæ къухты тыххæй æппæт æрхæн- дæгдзинад, сылгоймаджы хъуыдыйы сиу сты æмæ Мари- нæмæ афтæ каст, цыма йæ зярдæйы цавд, уæрццы цагъ- дау, хъæумæ дæр хъуысы. — Егор Егоры фырт... 130
— Цы зæгъынмæ хъавыс, Маринæ? — Мæнæн мæ бон нæу, Егор Егоры фырт... — Цæмæй зæгъыс, Маринæ? — Æз дæуæй не смой кæндзынæн... Бадынц бынтон æнæссыбырттæй. Æхсæв уыд са- быр, иу унæр дæр никуыцæй хъуыстис, скъæлдзойы тæф калдис тынгдæр æмæ дон ноджы фидардæр уырнын код- та: „Байхъусут-ма, сымах, адæм, æз цыдæр зонын". — Уæдæ афтæ,—бахъуыр-хъуыр кодта Ястребов,—æм- барын æй... Æмбарын æй æмæ дæм нæ мæсты кæнын. Ды рæсугъд сылгоймаг дæ, Маринæ, дæуæн дæ бон у дæхи- цæн равзарай, дæ зæрдæмæ чи цæуа, ахæм адæймаг. Æмæ æз та? Ястребов йæ къух систа æмæ афæлвæрдта сыстыныл, *фæлæ йын Маринæ йæ æфцæгыл йæ къухæй рæвдаугæ хæст æркодта. — Æз уый тыххæй куы нæ зæгъын... — Уæдæ цæй тыххæй зæгъыс?—дисгæнæгау загъта Ястребов. — Æз мæ лæппуйыл хъуыды кæнын... Ууыл, Мишкæ- •Иыл ныр æхсæз азы сæххæстис. — Æмæ цы? — Егор Егоры фырт, æз зонын... Уый тыххæй мын хъуыдыгонд у. Уый ницы хъыг дары, лæппу у æмæ фæ- цайдагъ уыдзæнис, фæлæ æз дæутыххæй хъуыдыкæнын. Куы йæ фенай, уæд æндæры æрымысдзынæ. Уый дæм ныр- тæккæ афтæ кæсы, цалынмæ нæ дыууæ стæм, уæдмæ ницы уыдзæн. дыууæ стæм æмæ, фæлæ алы бон дæр райсомæй ^изæрмæ? Нал æй уарздзынæ æмæ ма мæнæн дæр фидис кæндзынæ. Æмæ мыййаг æз аххосджын дæн? Мæ лæджы уарзтон, дæхæдæг дæр æй зоныс, фæлæ ныр дыууæ азæй фылдæр ды мæ зæрдæйы ныххаудтæ... Æрмæст тæрсын мæ лæппуйæн мыййаг маст куы рауайа æмæ уый тыххæй нæ сараздзынæн ацы хъуыддаг. Йæ фыд сывæллонæй фыргуыстæй йæ астæу никуы стасын кодта, æмæ йæ фырт уæддæр фервæза ахæм зын уавæртæй. Нæ колхоз тынг схъæзныг ис, æгæрстæмæй, колхозонтæ дæр схæлар- •зæрдæ сты. Æмæ мæ фыртæн мæ хъуыдытæй маст йедтæ- 131
мæ куы ницы уа, уæд мæ цæмæнхъæуы ахæм цард? Нæ- хæдæг ног, хуыздæр цардмæ бæллæм, сывæллонæн та йæ зæрдæйы маст бауадзæм... Æз та зонгæ дæр кæнын ахæм: нæлгоймæгтæ, федтон сæ: сæхицæн сæ фæнды алцы хорз- дзинад, сæ алыварс та ссæндгæ æмæ къахгæ кæнынц, мæ- нæ хуы цæхæрадонмæ баирвæзгæйæ куыд фæкæны, афтæ. Ды æмбаргæ адæймаг дæ,,фæлæ уæддæр тæссаг у хъуыд» даг... — Уьшæй ды раст зæгъыс,—ныуулæфгæйæ сдзырдта Ястребов.-— Æз æй æмбарын, Маринæ, фæлæ ды афтæ ма æнхъæл æмæ... Раст куы зæгъæм, уæд дæ ацы ран цард тынг фæтæрсын кодта. Æрмæст æз дæуæн никуы бафидис кæндзынæн, лæппуйы дæр нæ фæхъыг кæндзынæн, фæл- тау ме ’ннæ къах дæр алыг кæндзынæн, цæйнæфæлтау... Ды мыл баууæнд! Æмæ сидзæрты та æрмæст нæмгæ æмæ цъыччытæ чи кæны, тæригъæд сын чи нæ кæны, уыдон æн та адæмы раз сæхи хъæуьг нæмын æмæ æфхæрын. Æз афтæ æнхъæл дæн æмæ уый адæммæ хорз фæкæсид. Сылгоймаг æрынцой кодта Ястребовы уæхскыл æмæ райдыдта кæуын, фæлæуый уыди сусæг, зæрдæ æнцойгæ- нæн куыд. Ястребов дæр æй æмбæрста, æмæ иудзæвгарг бадт æнæисты сдаургæйæ, ома уадз æмæ акæуа, кæд ын фенцондæр уаид. Уалынмæ сæмæрцыдис иухъуыды æмæ Ястребов фæтагъд кодта йæ зæгъыныл. — Зонысцы... Лæппу йæхæдæг бонизæрмæ разгъор- базгъор фæкæны? Амы сывæллæттæ фыдуаг сты, гæнæн. ис нæмгæ дæр æй фæкæной, æмæ цы нæ вæййы... Ды бав- дæл æмæ йæ мæнмæ æркæн. Кæсагахсæн ын сараздзынæн, уадз æмæ фæцайдагъ уа, сихор нæхæдæг сараздзыстæм.. — Адæм та истытæ дзурдзысты... — Адæм дæр истытæ хъуамæ дзурой, уæдæ цы, адæм. сты... Мах адæм æвзæр не сты, адæм та сæ царды бирæтæ. федтой, æмбарынц. Дунейыл адæмæй фылдæр зындзинæд- тæ ничи бавзæрста, фæлæ ницы кæны, раст архайынц!.. Æркæндзынæ йæ? — Хорз, хорз... Æхсæв нодлш тынгдæр ныссабыр, йæ бартæм бахкзт. Нал хъуыстис фæнд-ыры цагъд дæр. Донæн фале угæр- 132
дæнты мигътæ сæхи ныллæг æруагътой, сæ сæрмæ та æмхуызон æмæ тынг тæмæнтæ калдтой августы стъалытæ. Нал вæййынц кæрдæг æмæ байтыдтæ ссæндæг иххæццæ тæрккъæвдатæ, фæцъусдæр сты фæззыгон дæлдзырæттæ, цыма сæ иголы мæй арвы мигъ уæлæмæ фæсырдта, уы- иау, æмæ зыны афтæ, цыма алы ран дæр—зæххыл дæр æмæ арвыл дæр æрывæрдæуыдис ц^хæмдæр æнцад, æм- уæзад, — Нæ кæсыс, æвзонг адæймæгтау боны цъæхтæм фæ- тезгъо кæндзыстæм,—-йæ мидбылты бахудгæйæ сдзырдта сылгоймаг.—Хæдзармæ цæуын афон дæр у... Райсом ком- байны фæстæ машинæйыл кусын, хор исын хъæудзæн. Машинæйы гуыффæйы мæ хуыссæг куы ацахса, уый дын -чындзæхсæв! —- Сихормæ нæм нæ фæзындзынæ? — Нæй, нæ мæ равдæлдзæн... Цæй æз ацыдтæн... Æхсæвы талынджы иу минуты бæрц Ястребов æмæ Маринæ сæ кæрæдзиуыл атыхстысты, стæй сылгоймаг уæлæмæ тагъд фæрастис иукъахвæндагыл. Тыхулæфт- кæнгæйæ, уый, иу чысыл аулæфыны тыххæй, алæууыдис жъардиуы сæрмæ рагъыл. — Маринæ!—сабыргай йæм фæдзырдта Ястребов. — Цы кæныс? — Уæдæ-иу лæлпуйы æрæрвит. Хорз? —Хорз, хорз... Ястребов баззадис иунæгæй. Хуыссæг æй нæма ахста. Араст кодта хидмæ æмæ уым, хъæдты ’хсæн, дон куыд хæл-хæл кодта, уымæ хъусгæйæ æнхъæлмæ кастис тъиуи- тæм. Стъалыты рухсмæ дардмæ æрттывта доны арфæны уæлцъар, æмæ фехъуыстис, æввахс уынджы кулдуары хъинцъ куыд фæцыдис, уый... 133
Гладков феодор ТЫГЪД БЫДЫРЫ 1 ... Бонæй станицæйы æттийæ быдыры къахтой акоп- пытæ, æхсæвы та иуылдæр æрымбырд сты ревкомы цур" фæзуатмæ. Салдæттæ æрцыдысты æд винтовкæтæ æмæ æд- хызынтæ. Уыдон уыдысты тызмæг, хъуыддагæнувыд, сæ- рыстыр. Афтæ, вæццæгæн, фæцайдагъ сты хæсты æмæ уыцы ахуыр æрхастой семæ хæдзармæ дæр. Лæппутæн ревкомы радтой винтовкæтæ, фæлæ уыдон бæлвырд нæ зыдтой семæ куыд арахайын хъæуы: дзæгъæлы къæрцц- къæрцц сæ кодтой,' куы-иу сæ се уæхсджытæм сыппæрс- той, куы-иу сæ фæцарæзтой арвмæ. Æмæ уым станицæйæн æттийæ, дард фæсобæуттæй æм» хæрисджын адгуытæй мæтыхау урсытæ бардзгай кæй æрбацæуынц, ууыл хъуыды дæр ничи кодта. Цыды- сты, бырстой размæ афицертæ, господатæ æмæ хъа- захъхъæгтæ, надвæндæгтыл нæ, фæлæ цъæх-цъæхид сыс- джы æмæ фæззыгæнд хуымтыл. Æппæт дæр уыд алхаттау хуымæтæг: булвары бæрзонд æмраст гæдыбæлæстæ сæ сыфтæр згъалынц, цъиу йæ пакъуы куыд фæкалы, афтæ, ревкомы гом рудзынгæй кæлы рухс, хъуысы уæрдæтты гыбар-гыбур, паравоз ныхситт кæны вокзалæй... Ревкомы раз чи рымбырд, уыдон се ’ппæт дæр кæрæдзи- имæ цыма зонгæ сты, хионтæ сты, афтæ дардтой сæхи. Уыдон сегасы дæр Титка хорз зыдта чнсылæй фæстæмæ. Бонæй, дæлæ быдыры цъæх-цъæхид æвзар хуымты акоппы- тæ къахгæйæ, афтæ æнцад æмæ ау’дгæ куыстой, цыма се- 134
’рвылбонон хæдзарон хъуыддæгтыл архайдтой, æмæ нæ кодтой нæ дæр урсыты, нæ дæр хæсты кой, фæлæ дзырд- той, сæ зæрдæтæн æхцондæр цы уыд, уыдæттыл—сæ зæххытыл, сæ хæдзарадыл, сæ хъуагдзинæдтыл. Мæнæ та ныр дæр æрымбырд сты уыдон ардæм, цыма хъæууон зиумæ æрцыдысты, уыйау. " Гом рудзынгæй йæхи æттæмæ ивæзта рухсы таг æмæ ныдзæвд, разбæласдоны цы хæрдмæдзог гæдыбæлас зад, ууыл. Уымæн йæ иу фарс ныррухс, иннæ та йын баззад тарæй. Бæласы къабузджын аууон фæндаджы сæрты хи- дау адаргъи æмæ далæ кæмдæр фæзуаты цур талынджы сæфти. Æртхудæггъуыз фæндагыл æвæрд уыд пулемет. Винтовкæтыл æнцойгæнгæйæ иу ран скъорд сты салдæттæ æмæ дзырдтой, „хæйрæджыты нуазинаг" куыд аразын хъæуы, ууыл. Мидæгæй хатæны сыгъди ауындзгæ лампæ, фæхты’хуы- зæн урс абажуримæ. Алхаттау ревкомы сæрдар Титкайы æфсымæр Нигшфор Гмыря ныр дæр дымдта хуылыдз папиросы аззайæггаг, тыхст хуыфт кодта, афтæмæй ны- хас кодта, йæ разы цы салдæттæ лæууыд, уыдонимæ, Фенæг, хъæлдзæг лæппу, салдат Шептухов Гмыряйы ’рдæм йæ цæст ныкъулы æмæ худы. — Лæмбынæг дын бамбарын кæндзæн алцы дæр... Стыр сæрыхицау у. Цыфæнды афицеры дæр фæуадздзæн фæстийæ. Уæдæ, ахæм у, гъе. Титка тыргъы цур хæрхæмбæлд фæци иу винтовкаджын лæгыл. Уый цыма ризæгæй тыхсти, уыйау куыддæр скъæдз- тæ. Титка базыдта сæ ахуыргæнæг Алексей Иваничы. Уый нырма хæрзæрæджы дæр уымæ ахуыр кодта. — Ды та цæмæн æрцыдтæ ардæм, АлексейИванич? Рын- чын куы дæ; ацу хæдзармæ! Дæу ам ницы хъуыддаг ис. Ахуыргæнæг æй тызмæгæй бафарста: — Æмæ ды дæхæдæг сывæллон куы дæ нырма, уæд дын чи радта винтовкæ райсыны бар? Ды нырма хъуамæ искуы хъулæй хъазис. Æз рынчын нæ дæн, мæ сæр мæ уæлæ ис нырма—-зонын, цы аразын хъæуы, уый. Титка стыхст йæхимидæг: куыд ис уый гæнæн æмæ Алексей Иванич ацæуа акоппытæм? Уый ахуыргæнæг у, 135
стæй—ас адæймаг: уымæн йæ сæры хил урс адардта æмæ алчи дæр зоны, чехоткæйæ рынчын кæй у, уый. — Æз бацæудзынæн ме ’фсымæрмæ, Алексей Иванич, æмæ йын зæгъдзынæн, цæмæй дын дæ винтовкæ байса æмæ дæ хæдзармæ арвита. Ахуыргæнæг мæстæй цæхæртæ акалдта æмæ афтæ зынд, цыма асæй дæр фæбæрзонддæр. — Афтæ бакæнын дæ ныфс нæ бахæсдзынæ, Тит. Урс- гвардионтæ дæуæн дæр æмæ ай æппæт адæмæн дæр куыд знæгтæ сты, мæнæн дæр афтæ знæгтæ сты. Æз уегасы дæр ахуыр кодтон хъæбатырдзинадыл æмæ рæстдзинады сæрыл тох кæныныл. Уæдæ куыд бауыдзæн мæнæн мæ бон иуфарс баззайын? Кæд мæ фæрсыс, уæд æз сегасы разæй хъуамæ уаин. Ахъуыды ма кæн! Æниу ма дзы хъуыдыйаг та цы ис? Æппæтдæр æм- бæрстгонд куы у: адон иуылдæр хионтæ сты, зæрдæйæ кæ- рæдзимæ æввахс адæм æмæ уыдон æхсæн зæронд лæгæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцондæр уыдзæн. — Алексей Иванич, уæдæ æз демæ хъуамæ ацæуон.. Иу хайады куыд уæм, афтæ. — Хорз... Бафæлварæм... Уæддæр ды хæдзармæ нал акомдзынæ. Ныр æнахъомтæ дæр революцийы хæстонтæ сты. „Вокзалы цы броневик лæуунд, уымæйрахызтысы æмæ уæлбæхæй æртардтой дыууæ барæджы — матрос æмæ иу чысыл лæппу, сæ уæхсджытыл винтовкæтæ, афтæмæй. Матрос йæ цæст ахаста адæмыл, æмраст алæууыд, æфсæд- дон салам сын радта æмæ ныххудти. — Гъы, хылæргом хæстонтæ! Æфсымæртæ! Цæттæ да- рут уæ хæцæнгæрзтæ! Урсытæ тынг цымыдисæй æнхъæл- мæ кæсынц, куыд сыл сымбæлдзыстут, уымæ—къæркъæр- гæнгæ, сæрæй кувгæ, æви масты цæхæртимæ? Чидæр мæстыйæ фæхъæр кодта. — Хæстон нæмгуытимæ... Дæу та бæласыл ацауындз- дзыстæм дæ ардауæн ныхæсты тыххæй! Матрос фырцинæй хæрдмæ фесхъиудта æмæ зæрдиа- гæй ныххудти. — Æ, хуыздæр фæуат, ме ’фсымæртæ! Гъе, уый уын 136
мæ зæрдæмæ цæуы, гъе! Сымах дæр, махау, морягстау, æхсарджын стут...-— загъта æмæ ревкомы дуарæн мидæгæй фæци. Титка бæхты цурмæ бацыд. Уыдон сæ сæртæ тылдтой, сæ фындзы хуынчъытæ иу атыппыр сты, афтæмæй хуыр- рытт кодтой. Сæ царм / афтæ æрттывта æмæ зынди æргъæуы хуызæн. Уый сæ даудта йæ армы тъæпæнæй, «сæ синты сæртæ-иу сын æрцъыччытæ кодта. Йæ зæрдыл æрбалæууыд йæхи сау бæх. Чи зоны афонмæ сарайы йæ холлаг мыртт-мыртт кæны... Лæппу йæ ехсæй рацъыкк кодта æмæ ас адæймагау фæхъæр кодта Титкайыл: — Ма хъыгдар бæхты, гуыбырхъус! Иуфарс дæхи айс! Æркæс-ма, дæ винтокæйыл та чердæм хæцыс? — Æмæ дзы дæу цы хъæуы, æхсынчъы хуызæн? Æх- оынкъ фæндаджы хъæбæрыл гæпп-гæпп, фæкалд рыджы мурыл æмæ фæфæлдæхт. — Ды та—æнæзонд! Ды—нырмадæ фындз сæрфын дæр нæ зоныс, фæлæ æз нныр ’нæхъæн аз революцийы хайад исын. Хæдзарæй ралыгътæн, скъола ныууагътон...мæ фы- дымын Харьковыфехстой...Æфсæнвæндаджы кусæг уыд... Æмæ загътон æз мæхицæн: сухтыцагъд сын кæндзынæн... сухты цагъд, цалынмæ сæ мыггаг бынтон не сыскъуыйа уæдмæ!.. Мæнæ ацы винтовкæ уыныс, дыууæ урс афи- церы дзы мæхи къухæй амардтон. Гъе, афтæ сæ цæгъд- дзынæн æнауæрдонæй, цалынмæ ма сæ мыггаг уа, уæд- мæ. „Цы мæстыгæр у!"—ахъуыды кодта Титка æмæ йæ мидбылты бахудт лæппумæ. — Ау, бынтон ницæмæй тæрсыс ды дæхæдæг?.. Зæгъæм, лæгæй-лæгмæ дыл сымбæлд знаг, уæд та? Лæппу йæм зулмæ бакаст æмæ афтæ бакодта: — Куыд хъуамæ фæтæрсон? Тæссаг уæд у, иунæг куы уай, æнæхæцæнгарз, æмæ дыл знæгт-æ балбирæгътау куы ’рбамбырд уой. Фæлæ сæ уæддæр æз ницæмæ æрдарин... Уымæн æмæ æз фыдæхдзинадæй тыхджын дæн... Мæнмæ революцион идея ис. 137
2 Взводтæ цыдысты кæрæдзийы фæдыл. Шентухов каман- дæ кодта, Титка æмæ ахуыргæнæг цы хайады уыдысты, уымæн. Уыдон цыдысты фæрсæй-фæрстæм. Æмæ Титка- мæ афтæ каст, цыма хæстмæ нæ цæуынц, фæлæ быдыр- мæ æхсæвиуат кæнынмæ. Оалдæттæ еабыр дзырдтой. Æры- фтыдтой Германы фронты кой. Ныр дæр станицæйы хæдзæрттæй рухс нæ калд, уал- дзыгон æхсæвты алхатт куыд вæййы, афтæ æмæ цыдæр- тасæфтауæг сабырдзинад æмбæхсти æхсæвы талынг гуы- быны. Хæрз æрæджы дæр ма мæнæ дымгæйы куырæйттьг цур æрвыл æхсæв зарыдысты- чызджытæ, æмæ-иу уæд афтæ зынди, цыма сæм стъалытæ дæр хъуыстой æмæ худтысты. Ныр ам фæндагыл сабыр фæцæйцыдысты салдæттæ- æмæ-иу хатт уæзбын бадзырдтой кæрæдзимæ: — Гъы, æлгъыстаджы кулæктæ! Цыма мыггагскъуыд æрбаисты—иу змæлæг сæ никуыцæй ис... Æниу сыл æу- уæнк нæй, афонмæ сæ хъаматæ цыргъ кæнынц. — Уæдæ куыд æнхъæлыс: цыргъ кæнынц сæ хъаматæ* æмæ æмбæхсынц афицерты, инæлæрттæ та фæстæмæ ли- дзынц, сæ зæвæттæма ферттивынц... — Æмæ уæдæ ды куыд æнхъæлдтай? Адæмыл цы тых фæуыдзæн уæлахиз? Инæлæрттæ æмæ тыхтонагæнджытæ уыдысты æмæ нал сты. Фæлæ адæм цæрынц æмæ цæр- дзысты. Уыдоа зæххон зайæгойтæй уæлдай не сты: цас- фæнды йæ дæ къæхты бын ссæнд, цасфæнды Вæ удха- рæй мар, уый уæддæр бæзджындæрæй сзайы. Адæммæ æнусон тых ис, æнæбасæтгæ тых. Æмæмацымæ ацы æнак- каг урстæ цы скарз сты уæдæ? Уыдон азæххонкуынæ уал сты! Уæддæр куы ’рцыд се сæфт... Антангатæ двр сын нал баххуыс кæндзысты! Цыдысты уынджы æмæ цырд кастысты фæйнæрдæм: афтæ зынди, цыма дыргъдæтты, бæлæсты бын, чысыл хæ- дзæртты, кæртыты, алы ран дæр æмбæхст уыдысты хъæд - Даг сырдтæ. Алчи дæр æнхæлмæкаст, ныртæккæ райхъуы- сдзæн гæрах æмæ топпы нæмыг утыппæт адæмæй ахæс- дзæн искæмæн йæ цард. 138
Шептухов-иу взводы рæзты <|æци æмæ дзырдта худæг ныхæетæ, хъæлдзæг кодта хæстонты. — Гъы, мæ хæлæрттæ, балвасут уе ’хтæнгтæ! Фидар- дæр хæцут уæ винтовкæтыл; лæппутæ! Акоптæм куы ба- дæуæм, уæд ныууадзут уе дылы митæ: Ут-иу цырддзаст уæ хуыккæмтты. Мæтых куы лæса—йæ мыггагын скъуы- нут зынг æмæ здыйæ*, фæстæмæ йæ гæппыл цæст куыннæ- уал хæца... Исты фыццаг хатт куы нæ дæрæн кæнæм зна- джы, гъе, атакæйы куы нæ цæуæм фыццаг хатт. Æцæг мах дæр зыдтам, сæр-иу куы бахъуыд, уæд хи бавæрын, фæлæ ныр та нæ хъуыддаг афтæ у æмæ хъуамæфидар лæууæм, фæстаг нæмыджы онг, фæстаг гранаты онг. Лæудзыстæм фидар мæлæты онг, тох кæндзыстæм царды. сæрибары сæрыл, Ленины тыххæй. Рох’уæ ма уæд: Знаджы цæв æнæ фæивгъуыцæй—-хъав ын комкоммæ йæ зæрдæмæ, йæ ныхмæ, дæлгоммæ куыд ссара йæ мæлæт. Фæлæ й’æ хъазæн ныхæстæм ничи худти. Ахуыргæнæг цыд сабыр, хъуыдыгæнгæ æмæ афтæ зык- ди, цыма гæзæмæ фæгуыбыр фыр хъуыдыйæ. — Ды нæ тæрсыс, Тит? — Нæй. Æмæ тæрсгæ та цæмæй хъуамæ кæнон, Алек- сей Иванич, акæс-ма куыд бирæ стæм. Иуылдæр нæхионтæ; Нæхи тыххæй, нæ хицауады сæрыл лæджы зæрдæ тохкæ- нынмæ дæр райы. — Раст у, ды хорз загътай: хи амонды тыххæй ’лæджы тох кæнын фæнды. Цæйнæфæлтау цагъайраджы цардæй цæрай æмæ дæм зынаргъæй цы ис, уый фесафай, фæлтау мæлæт хуыздæр у. — Æмæ цæмæн хъуамæ амæла лæг, Алексей Иванич? Цæй æмæ ууыл ма хъуыды кæнæм. „Цæмæн рацыд?—дисгæнгæ хъуыды кодта Титка, æн- цой нæу йæ зæрдæ... Нæ бафæраздзæн44. Ахуыргæнæг йæ къух Титкайы дæларм фæсагъта æмæ йын хъуыдыгæнгæ дзурын райдыдта: — Мæныл цыппор азы цæуы, Тит, æмæ уе станицæйы та кусын, ды куы райгуырдтæ, уыцы бонæй фæстæмæ. Де ’фсымæр Никифоры дын зыдтон хæрз æвзонгæй. Сымахæн бынтокдæр ницы бартæ уыд æмæ, куыд æрцæуæггæгтæ, 139
афтæ уæ бон уыд æрмæстдæр цæрын æххуырсты мыздæй. Æххуырстытæн та нæ уыд нæ дæр хъæлæсы бар, нæ дæр, кæм æрлæууыдаиккой, уый, нæ дæр сæсæрыл чи рахæцы- даид, ахæм исчи. Фæлæ æз мæхæдæг цæмæйхицæн кодтон юымахæй? Мур дæр ницæмæй. Æз мæхæдæг дæр æххуырсг уыдтæн—интеллигент, фæлæ æххуырст—æмæ мæ уавæр уæлдай æвзæрдæр уыд: мæ зæрдæ! мын кæрдихтæ кодтой, хуыдуг мын кодтой мæ цард. Фæлæ æз уæ чысылæй фæс- тæмæ ахуыр кодтон сымах рæстдзинад уарзын æмæ уый сæрыл тох кæнын, хъомыл уæ кодтон сæрибарыл, сом- «боны стыр фидæны сæрыл тохгæнджытæй. Æмæ мæнæн æхсызгон у мæнæ ныртæккæ демæ, мæ ахуыргæнинаджи- жæ, уегасимæ иумæ кæй цæрын, куыд хуымæтæг салдат, афтæ. Сау тыхты ныхмæ тохмæ, фæллойгæнæг адæмы хи- цауады сæрыл. Æз сымахæй ницæмæй хицæн кæнын, уы- мæн æмæ æз мæхæдæг дæр адæмы фырт дæн æмæ ды, мæ ахуыркæнинаг, ацы зын уавæры мæнмæ æцæгæлоны цæс- тæй кæй ракастæ, уый мын хъыг уыд. Дæуæн ма мæ дæ зæрды хæдзармæ асурын дæр уыд. Титка фефсæрмы, йæхи аххосджыныл банымадта йæ ахуыргæнæджы раз. Уый уарзта Алексей Иваничы æмæ йæ фæндыд уый фыдбылызæй бахизын, акæс-ма йæм, хæ- цæнгарзыл хæцын дæр рæстмæ куы нæ арæхсы... — Æз дæ, Алексей Иванич, кæддæриддæр хионыл ны- мадтон.- Æмæ дæ зондамындтытæ никуы рох кодтон. Уæдæ ма кæимæ хъуамæ уай дæ адæмæй дарддæр? Æз дын æр~ дæбон уый тыххæй загътон, цæмæй дæ бахызтаин... — Хъуамæ мæ фæиртæстаис иæ иумиаг тохæй?—кар- вæй йæ фæурæдта ахуыргæнæг.—Раст нæ хъуыды кæныс дьт, Тит. Алкæйы дæр, адæмы рæстдзинадæн чи цæры, уыдонæй алкæйы дæр тохмæ æрсидын хъæуы... Уымæн лзмæ ацы тох у фæстаг скъуыддзаггæнæг тох. Фæлæ... дæ æз æмбарын, Тит. Бузныг дæ хорз æнкъарæнты тыххæй, афтæ бирæ мæ кæй уарзыс, уый тыххæй. Тох та кæндзыс- тæм иумæ—фæрсæй-фæрстæм. Уый иттæг хорз угахуыр- гæнæг æмæ йæ ахуыргæнинаг фронты иумæ куы уой, иу- мæ раззагон, тохы хаххыл. Цалынмæ станицæйы кæрон дымгæйын кроймæ хæццæ ШО
кодтой, уæдмæ фембæлдысты дыууæ разездыл. Куыройьг цур æрлæууыдысты æмæ иннæ постмæ арвыстой развед- кæгæнджыты бастдзинад сывæрыны тыххæй. Бынтон æнæнхъæлæджы æрбацыд Титкамæ иу æвзонг чызг. Уый уыд Дуня, йе ’мгар. Уыдон иумæ ахуыр кодтой,„ иумæ каст фесты скъола дæр. Лæппу зындя ас адазйма- джы хуызæн, кæд ыл нырма æхсæрдæс азæй фылдæр нæ цыд, уæддæр, фæлæ чызг та йæ цуры уыд сывæллоны хуы- зæн. Чи зоны чызг къæсхуыр æмæ лæмæгъ кæй уыд, уы« мæн афтæ зынд æттийæ бакæсгæйæ: скъола фæуыны фæс- тæ уый искæйон ныллæууыд хъæзныг кулакмæ æмæ йæ уым уæззау куысты бын фæкодтой. Чызг сабыр бахудт æмæ лæппуйы цонгмæ февнæлдта. — Уый æз дæн, Дуня. Дæу агуырдтон. Талынджы ни- цы зыны, фæлæ дæ уæддæр базыдтон... — Ды цы ми кæныс ам? Чи дын радта уый бар? Уы& цы нысан кæны, уый зоныс? — Цæй, а, амæ хъус ды! Æз медицинон хойæ кусдзы- ыæн! Мæнæ, гъе, бæттæнтæ—бинтытæ. Уыныс? Чызг ын йæ цæстыты размæ бахаста бинтыты баст æмæ- та ныххудти. — Æз медицинон хо дæн. Фондз чызгæй стæм ам. Кæ- сыс, скъолайы иумæ ахуыр кодтам æмæ ныр фронты дæр уыдзыстæм иумæ. Куыд хорзу! Чызг фæфиппайдта ахуыргæнæджы æмæ йыл йæхи бап- пæрста. — Æгас цу, Алексей Иванич! Мæнæ, гъе, æз дæр уе- мæ дæн. —■ А-а, Дуня,—-даргъ ауагъта уый.—Куыд хорз у, иумæ та кæй стæм, уый. Ыæма мæ ферох кодтай? — Æз дæу, Алексей Иванич, кæддæриддæр мæ зæрдæ- йы æвæрдæй дарын. Хатт мын зын вæййы, фæтыхсын, фæ- мæт кæнын истæуыл... Фæлæ дæу куы ’рбаймысын, уæд. рог сулæфын, фенцондæр мын вæййы. Мæнæ яйæппæт адæм абон знаджы нæмыджы ныхмæ лæудзысты. Уыдзæн дзы цæфтæ, мæрдтæ дæр... Æз дæуæй нæ зæгъын—нæ. Æз та цæф хæстонтæн æххуыс кæндзынæн: бабæтдзынæн- иу сын сæ цæфтæ... Æмæ баззайдзынæн уемæ. Æз сыма- хæй нал фæхицæн уыдзынæн! 141'
Æмæ æцæгдæр акоппыты онг цыдысты иумæ, цымахæст- мæ нæ, фæлæ быдырмæ æхсæвиуат кæнынмæ цыдысты, уыйау. 3 Акоппæй цыди уалдзыгон зæххы сымæры тæф. Рог уд- дзæф хаста алгъуызон дидинджыты расыггæнаг тæф, æмæ алы ран, суанг стъалыты онг, хъæрæй зарыдысты цъыр- цъырæгтæ. Уыцы талынджы фæсобæуттæй размæ бырстой ардæм æнæбауромгæ хъæддаг ордатæ æд хотыхтæ. Уыдон надвæндæгтыл нæ цыдысты, фæлæ быдырты æмæ адгуы- ты. Хъазахъхъæгтæ æмæ афицертæ! Кæцæй æмæ сæм кæ- уылты фæзындысты æмæ сыл чердыгæй ныццæвдзысты сæхи хъæддаг сырдтау? Титкайæн йæ фæйнæ фарсы цы салдæттæ уыд, уыдон æнæссыбырттæй дæлгоммæ ныххуыссыдысты, æмæ афтæ зынди, цыма бафынæй сты бынтондæр. Æрмæст-иу куы •’схуыфыдысты, кæнæ-иу куы сных’ас кодтой, уæд-иу фæ- хатыд Титка, уыдон дæр йæхиау цырд кæй хъахъхъæд- той талынг тыгъдадмæ. Йæ цурты цалдæр хатты рацыдШептухов æмæ-иу æм, алхаттау, хъазæн выхæстæ баппæрста. — Уый ды дæ, Тит? Ныддæлгом дæ кæлдымау? Дæ дзы- хыл фидар хæц, фæлæ дæ цæстытæ ирдæй дар! Æрдæбон фæндагыл куыд сабыр æмæ æнæуынæрæй æр- бацыд, афтæ та ныр дæр фæзынд Дуня. Æмæ æрбадт акоп- пы былгæрон. — Æвæццæгæн тагъд сбон уыдзæни, Титок, дæ цуры абадын мæ фæнды. Мæнæн цы у? Мæныл ницы æрцæу- дзæн... Фæлæ ды мæлæты дзыхмæ цæуыс. — Топпы нæмыг никæйы фæрсы. — Уый дын диссæгтæ, гъе! Ды æд хотых дæ, ды хæс- ты дæ. Æз та фæстийæ уыдзынæн æмæ цæфтæм кæсдзы- нæн. Мæныл ницы æрцæудзæн мур дæр. Титка йæм комкоммæ бакаст æмæ бахудт. „Не ’мбары... æдылы у нырма"... — Ды, Титок, сæрибары сæрыл тох кæныс, фæллойгæн- 112
джыты сæрыл... Нæ Советон хицауады сæрыл, фæлæ æз та? Мæнæн цы мæ бон у? Ды зæгъыс топпы нæмыг ни- кæйы фæрсы... Мæ мæлæт кæд хъæуы, кæд исты ахъаз фæуыдзæн, уæд ныртæккæ дæр ратдзынæн мæ цард. Фæ- лæ уый не ’рцæудзæн—тæрсаг нæ дæн æз: хæстонты фæ- дыл бырдзынæн æмæ сын сæ цæфтæ бæтдзынæн. Йæ сабыр хъæлæс, æппæт йæ мæллæг фигурæйы Тит- ка банкъардта, уый йæ сæр нывондæн æрхæссынмæ цæттæ кæй у, уый, æмæ йын фæтæригъæд кодта. Уый бамбæрс- та чызджы хъуыдытæ: медицион хо сразы уыдаид, цыдæ- риддæр дзы лæппу æрдомдтаид, ууыл. Æмæ йæм афтæ зеввахс, афтæ хионы хуызæн фæкаст æмæ йæ æрбахъæбыс кодта. — Амардзысты дæ, Дуня. Байсæфдзынæ... Аздæх хæ- дзармæ! Чызг та йын йæ сæр æрбалхъывта йæ мæллæг риумæ æмæ йæм сывæллоны хъæлæсæй сдзырдта: — Ды, Титок, ма тæрс... Тæссагæй дзы ницы ис... Куы тæрсай, уæд-иу мæнмæ фæдзур. Тит акоппæй схызт æмæ йæ цуры æрхуыссыд. Чызг æй рæвдыдта æмæ йын йæ хъусы цъыбар-цъыбур кодта. — Тæрсгæ ма кæн... Мæныл ницы æрцæудзæн. Æз ныр иуылдæр дæу дæн, Титок... Афтæ иумæ уыдысты уыдон, цалынмæ æгас фронты хаххыл фæдисы хъæр нæ фæцыд, цалынмæ кæмдæр хæс- тæг Шептуховы камаыдæ нæ райхъуыст: — Æрцæттæ кæнут уæхи, лæппутæ! Йæхи зондæй ма- чи фехсæд! Хъусут мæ камандæмæ! Дуня куыд сабир, æнæссыбырттæй æрбацыд, афтæ та айсæфт, фæлæ Титка фырцинæй нæма зыдта, кæм уыд, уый дæр. Скæсæны ’рдыгæй, дыууæ обауы фалейæ арвы кæрæттæ фæбæрæг сты. Вокзалы дыдзы рухс кодтой цалдæр цыра- гъы, уыдон зындысты стъалытау хæрз чысылтæ. Стани- цæйы куы иу ран, куы иннæ ранæй райхъуысы уасджыты уасын. 143
4 Дард кæмдæр фæсобау ныннæрыд арЁ æмæ уæлдæф йæ* хъæрмæ уæззау барызт. Йæ хæдфæстæ цыдæр ныкъæс- къæс кодта æввахсæй æмæ Титкамæ афтæ фæкаст, цыма йæ. цуры лыстæг дзынгатæ ныззарыдысты. Ахуыргæнæг йæ винтовкæйыл фидар хæцыд, афтæмæй æнæзмæлгæйæ лæу- уыд. Шептухов камандæ радта æмæ йæ хæстонтæ иуыл- дæр базмæлыдысты, алырдыгæй райхъуыст гыбар-гыбур. Затвортæ къæрцц-къæрцц кодтой, цыма æфсæйнаджы цъæлтæ иу рæдзагъдмæ калдтой, уыйау. Райхъуыст та-иу Шептуховы командæ æмæ та-иуяогæйæхсæнгæрзтæн дæнг- дæнг бацайдагъ. Фæстийæ кæмдæр иуфарс фехæлд сармадзаны нæмыг, йæ хъарм уæлдæф Титкайы фæскъæбут сымбæлд æмæ дзы цыма иннæрдæм ахызт, уыйау æй ныууыгъта, чидæр хæстæг схъæрзыдта, стæй æгомыг ниуыд бакодта, цыма, уæрдоны бын фæци, уыйау. Дуня йæ гуыбыны цъарыл æр- бацæй бырыд, фæлæ уадид æрбатары. Иннæрдыгæй фарс чидæр уæззау æрбадзырдта: — Хорз мын фæци! Ардæм, ардæм, мæ хойы хай, цып фæдæ, фæцæф дæн. Фæсæмбисбон Титка обæутты фæхстыл федта иугай тарст фысты хуызæн згъоргæ цъæх къуыбылæйттæ. Бам- бæрста, уыдон „кадеттæ" кæй сты, уый. Раззаг акоппытæй згъордтой йе ’мбæлттæ. Уыдон-иу æрлæууыдысты æмæ-иу æхсын райдыдтой. Дыууæ лæджы цъæх сысджыйы хуымы æрхаудтой æмæ нал сыстадысты. Йæ хъæлæсы дзаг хъæр кодта Шептухов, фæлæ салдæттæ иугай-дыгай акоппытæй райдыдтой фæстæмæ згъорын. Ахуыргæнæг фыццагау æнæзмæлгæйæ лæууыд æмæ æхста обæутты ’рдæм. Йæ цуры Титка милмæ иста иугай лæгты обауыл. Зыаг-иу куы фæтымбыл, æмæ-иу куырисау зæхмæ куы- ’рхауд, уæд-иу хъæлдзæгæй фæхъæр кодта: — Агъа!.. Æмæ фырцинæй худти.. Иу æнæхуд салдат йæ сæрты асæррæтт кодта, æмæйыьь 144
цырыхъхъæй йæ сæр фæцæф кодта. Титка куы ’рчъицыд- та, уæд йæ алыварс ничиуал уыд: акоппытæ афтидæй азза- дысты, æрмæст ма æрхы цæхгæрма^ стымбылтæ иу цæф« салдат. Цъæх быдыры æгас тыгъд;ады гуыбыр-гуыбыр згъорд- той адæм. Титкайæн фыртæссæй йæ зæрдæ йæ кусынæй’ банцад æмæ йæ уæнгты уазал дон ахъардта. Сгæпп кодта. акоппæй æмæ иннæтау уый дæр сæ фæдыл гуыбыр-гуыбыр- азгъордта. Æвиппайды фынфенæгау йæ разы февзæрд иу боцъоджын лæг. Уый хаудæй лæууыд зæххыл, фæлæ ар- хайдта растыныл æмæ фæсус хъæлæсæй дзырдта: — Æмбал... мæ хæлар!.. Фервæзын мæ кæн мæ хъизæ- марæй!.. Ма мæ ныууадз ам, æфсымæр!... Титка%азгъордта иу дзæвгар. Йæхи нал урæдта, афтæ* тынгæй фæндыд æхсын, ныхъхъавын æмæ æхсын... знæг- ты цæгъдын æнауæрдонæй. Фæстæмæ алæууыны амал< нæй! Цымæ Шептухов та кæм ис? Ме ’фсымæр Никифор цæуылнæ ис ам? — Цы ’рцыд уæдæ?—фæхъæр кодта уый,—куыд ис уый гæнæн? Фæтарстысты уыцы æнæсæрæнтæ, фæстæмæ айс- той сæхи!.. Æгас быдыры згъордтой йе ’мбæлттæ. Уыдон-иу æр- хаудтой зæххыл, æмæ-иу æхсьгн райдыдтой, ногæй та-иу азгъордтой æмæ та-иу æхстой ногæй. Топпы нæмгуытæ дымгæйау æхситт кодтой, йæ разы-иу зæххыл сьшбæл- дысты æмæ-иу цъæх æвзартимæ сыджыт срæмыгътой. Уый дæр лыгъди, зæххы æмбуар ныгъуылгæйæ, иннæтæ куыд кодтой, афтæ-иу æрхауд цъæх фæззыгæндыл æмæ-иу ин- нæтау æхсын райдыдта. Фæлæ кæдæм хъавыд, уый нал уыдта æмæ куыдта ставд цæссыгæй, сывæллонæй-иу куыд куыдта, афтæ. Уый æрхауд æнæзонгæ салдаты цур æмæ райдыдта къахын. Оалдат мæстджынæй хъуыр-хъуыр код- та æмæ-иу ын винтовкæйы хъæдæй йæ фарс бацавта. Тит- ка рыст не ’нкъардта, уыцы цæфтæ та цыма йæх^уыл не- ’мбæлдысты, фæлæ æндæр искæуыл æмæ-иу сæ уайтагъд æрбайрох кодта. Йæ винтовкæ сыджыты обауыл æрывæрдта æмæ йæ улæфт ныуурæдта. Йæхицæй чысыл æттæдæр акоппы цур Ю* ^45
•æвиппайды ауыдта Дуыяйьт. Чызг хуыссыд йæ иу фарсыл, йæ роцъо йе ’ртты æмбæхста, афтæмæй. Йæ къабайы хæр- рæгъ сыстыхст уæлæмæ æмæ йæ мæллæг зæнгтæ урсæй •æрттывтой. Лæппу сгæпп кодта уæрмæй æмæ Дуняйы ’рдæм абырыд йæ гуыбыны цъарыл, йæ цæстдзы лæ иста, афтæмæй. Сал- дат фæцæлхъ кодта æмæ йын йæ къах ацахста: — Æрхау дæ бынаты! Фæлæ уый хылди размæ, кæйдæр къух æЯг йæ тых йæ •бонæй фæстæмæ куыд ласта, уый хъуыды дæр нæ кодта— хылди, фæлæ йын размæ не ’нтыст, фæлæ уæддæр чызгæй йæ цæст нæ иста. Æвиппайды чыдзжы сæр фестъæлфыд -æмæ ма йын Титка ауыдта æрмæст йæ пырхæнтæ. Туджы ■æртæхтæ сымбæлдысты комкоммæ йæ цæсгомыл. Йе ’муд куы ’рцыди Титка акоппы, уæд ыи саладат мæс- тыйæ дзырдта: — Хъыгдаргæ кæнут ам æрмæст, хæйрæджы хай фæ- уинæгтæ! Не ’намондæн ныппарахат стут сымах, хæффындз- хортæ!.. Æнæхъæн быдырыл, суанг далæ кæмдæр арвы кæро- ны онг сыджыт æмæ кæрдæгæй уад сыстад æмæ стыр сау куыристæй хæрдмæ, арвмæ тахти. Афтæ зынди, цыма уæл- дæф нал уыд бынтондæр, æрмæст ма хъуысти хъыллист- гæнаг æмæ хыр-хыргæнаг уынæр. Титка ногæй Дуняйы туджы æрхæмтæм куы бакаст, уæд бамбæрста хъуыддаг æмæ уынгæг хъæлæсæй ныб- богъ-богъ кодта. Стæй æвиппайды куыддæр басабыр æмæ йæ сæр уæрмæй радардта æмæ дард кæдæмдæр ныхъ- хъавыд. 5 Уый згъордта æфсæнвæндаджы сыджыт бруйы фæрс- ты. Ам æдас уыд: иæмгуытæ мыдыбындзытау гуыз-гуыз- гæнгæ тахтысты йæ сæрты æмæ-иу стæм хатт сæ дзæхст фæцыд рельсытылГ Дæрддзæфты цыд Шептухов—æрхъæц- мæ нæ лæууыд, ахæм даргъ къахдзæфтæй., Уый йæ дæн- дæгтæ фæзыхъхъыр кодта æмæ цыдæр дзырдта Титкамæ. 140
Титка йæм йæхи хъæлдзæгæй раппæрста, фæлæ Шепту- хов æвиппайды расыгау ныццух-мух кодта, нынниудта æмæ дæлгоммæ зæххыл сымбæлд. Титка хорз бахъуыды кодта, уымæнйæ онтæ куыд бæрзонд фæцыдысты æмæ гим- настеркæйæ къуыпп куыд радардтой, уый. Титкайæн йæ къах аирвæзт, къæвдатæ кæй æрыхсад- той, ахæм фаджысы, йæхи дзы уыцы иу риуыгъд акодта æмæ йæ фыртагъдæй æрхы амидæг. Хус быдырты уыцы иугъуызонæй къæр-къæр кодтой пулеметтæ, æрмæст винтовкæтæн нæ уыд фæтк: уыдон- иу куы иугай гæрæхтæ кодтой, куы та-иу цыбыр залп радтой. Титка хорз бадардта йæ зæрдыл хуымæтæг æмæ зæрдæ- мæ ’ввахс цъæх-цъæхид арвы, æмæ дыууæ æвзагы фæр- сæй-фæрстæм,—сæ иу—стыр, иннæ—чысыл, æмæ хурджын уæлдæф, æмæ уалдзыгон зæххы æмæ æмбыд кæрдæджы тæф. Станицæ хæстæг уыд, фæлæ сыджыт бруйæ нæ зынд, æрмæст пæлæхсарæй хæрдмæ фæцыдысты дымгæйыкуыро- йы дыууæ базыры. Станицæмæ хæстæг сыджыт бруйы бынты уыд уæрæх ахизæн. Ууылты быдырмæ цыди, йæ фæйнæ фарсы стыр цъыфы къуыбæрттæ кæмæн ныххус сты, ахæм саусауид фæндаг. Дæрддзæф сыджытбру мо- рæхуыз обаугондмæ кæм бахæццæ æмæ быдыримæ кæм баиу, уым станицæйæ иуфарс, станцы казарматы ’хсæн фæздæгкалгæ лæууыд броневик. Броневикмæ згъордтой адæм къордгæйттæй .æмæ быгъдулæг кодтой æфсæнцъар стыр вагæтты цур. Сыджытбруйыл хæрдмæ сцæйуад ахуыргæнæг, йæ вин- товкæ йæ дæларм, афтæмæй. Сцæйцыд уый æнцад-æнцо- йæ, фæстæмæ æнæфæкæсгæйæ. Иу дыууæ хатты фæбы- рыд уый, фæлæ уæддæр тых æмæ амæлттæй хылди уæлæ- мæ. Бынтон æдæрсгæ, уыцы иу растæй рахызт, уый рель- сыты сæрты. Титка ма ауыдта топпы лулæйæн йæ кæрон æмæ топпыхосы фæздæг. Уынджы цъиузмæлæг нæ уыд. Станицæйы кæрон рахи- зырдæм арæхысысты бæхджын æфсад. Цас хæстæгдæр цыд уыцы рæхыс, уый бæрц даргъцæр æмæ тæнæгдæр кодта, станцæйыл сау рон æрбабæтгæйæ. 147
Афтид, мард уынджы астæу иурæгæй Титка фыццаг- хатт банкъардта тас. Кæлгæ-кæлгæ, тыхæй-фыдæй бахæц- цæ иу хæдзары тигъмæ. Кæрты астæу тарет хъæлæсæЙ! ныхас кодтой устытæ æмæ сабитæ, дзидзидай сывæллош богъ-богъ кодта. Калиткæ уыди æхгæд. Титка забормæ сгæпп кодта æмæ- йыл бæхбадт акодта, хъуамæ мидæмæ бахызтаид, фæлæ уайтагъд йæхиуыл фæхæцыд. Йæ размæ, стыр мæцъиси- мæ, мард, дзуар ыал уагЪта, афтæмæй рацæйлæбурдта иу боцъоджын хъазахъхъаг. Титка фæстæмæ уынгмæ куы агæпп кодта, раст уы- цы уысм мæцъис сымбæлд заборы цъуппыл æмæ йæ сæр- ты атахт. Титка дарддæр згъордта æмбонды цурты, фæ- лæ йæм кæртмæ мидæмæ бацæуыны фæнд нал уыд. Уый< аззад иунæгæй знæгты æрхъулайы. Уыдон æм нæма æр- • бахæццæ сты, фæлæ ам æввахс алы ран кæй уыдысты, уый. бæрæг уыд... Тох цыди станицæйы кæрæтты. Стæм хатт-иу райхъуыст топпы гæрах уынджы д’æр.—Чи зоны исчи бабадт ам дæр.. Уынджы фæзилæнæй разынди иу къуылых, цæгæрсæр лæг, йæ хъæбысы сывæллон. Йæ фæдыл уæлбæхæй ратард- та черкес, стыр пæлæхсар фысдзарм худ йæ сæрыл, урс хъуымацы уаццаг ыл зулмæ хуыд ныхырдыгæй. Уый æр- баййæфта цæгæрсæры, дард фæхаста æмæ йын йæ сæр ныххафта. Сывæллон йæ къухæй феуæгъд æмæ зæххыл сымбæлд. Лæг ма бакодта дыууæ-æртæ къахдзæфы, йæ тъæпп зæххыл фæцыд æмæ фæтымбыл. Черкес ма уæддæр хъиллæй дардта тугæйдзаг æхсаргард. Йæ бæх йæ быцъы- нæг размæ скъуыдта, фæлæ йæ уый нæ уагъта, йæ бына- ты йæ удхарæй мардта. Цырд хъахъхъæдта фæйнæрдæм, æмæ, хъæрццыгъайау, æвæццæгæн, агуырдта йæ амæтта- джы афтид, тасæфтауæг уынджы. Титка æрымбæхст чысыл хæдзары назбæласдоны фисы- ны. Уый дзуццæг æрбадт, йæ цæсгом аныхæста æмбонды зыхъхъырыл, æмæ йæ цæст нæ иста барæгæй. Вæх цъилау ныззылд йæ бынаты, йæ фæстаг къæхтыл слæууыд æмæ фæрсырдæм агæпп кодта, Титка кæм бадт» уыцырдæм. Черкес, йæ дæндæгтæ фæзыхъхъыр кæнгæйæ, 148
бæхы рохтыл æрбахæцыд йæхимæ, æрурæдта йæ æмæ ног- æй лæбурæг æмæ расыджы хаст акодта йæ цæст йæ ал- фæмблай, стæй фездæхта бæхы, фæцæф ын кодта æхсар- гардæй йæ фарс æмæ уый дæр гæппдугъæй фæзилæны фæаууон. Бауадзыгмæ йæ бирæ нал бахъуыд Титкайы, аф- тæмæй рацыд йе ’мбæхсæн бынатæй, фæгуыбыр кодта æмæ ногæй згъорынтæ систа уынджы, æмбондыл баныхæст, афтæмæй. Фæзилæны тигъæй уый фæкаст, черкес чердайм; атардта, уыцырдæм. Далæ, гъе, йæ акомкоммæ рыджы мигъ къуыбылæйттæй бады æмæ кæрæдзийы ныхмæ сонт уад кодтой иу фондз барæджы, раст ахæм худтæ сæ сæртыл уыдонæн дæр, æхсаргардæлвæстæй. Дард уынджы кæрон черкестæ ахстой адæмы. Сæнт •æрттывд кодтой се ’хсаргæрдтæ хурмæ. Кæмдæрты сир- «вæзт зынг. Сыгъдысты æртæ раны хæдзæрттæ иу кварта- ’лы. Æрбайхъуыст сылгоймаджы знæт ниуд, иу дыу- уæ хатты ма йæ сфæлхатт кодта æмæ бамыр. Уырдыгæй ма æрбайхъуыст цалдæр гæрахы æмæ ногæй æппæт дæр •басабыр æмæ станицæ ногæй, æхсæвау, фестад æнæзмæл- гæ æмæ æдзæрæг. Титка фездæхт фæзилæны, цæхгæрмæ фæлыг кодта уынг æмæ багæпп кодта кæйдæр афтид кæртмæ, йæ фыр тагъдæй бахауд хуыйыл, йæ къахæй йæ скъуырдта æмæ уый дæр ныхъыллист кодта. Йæ иу фарсыл хуысгæйæ, хуыдоны куыд февзæрд, уый нæ базыдта, æмæ нæ раха- тыд, йæ уæхск æмæ йæ уæрджытæ цы сымаггæнаг цъыфы аныгъуылдысты, уый дæр. 6 Фыццаг уый афтæ æнхъæлдта ницы тæссаг раны ис. Хуыдоны уыди талынг æмæ адæмы хъæлæба ардæм рæст- мæ нæ хæццæ кодта. Стæм хатт-иу анæрыдысты топпы гæрæхтæ, дард~кæмдæр зæхх сæ къахæй надтой бæхтæ. Йе ’ттаг хæдон æмæ йæ хæлаф æгасæй сахуырстысты сы- маггæнаг тæнгъæдæй æмæ йын зынуыд уым дæргъæй-дæр* гъмæ хуыссын, тыхæй-фыдæй ма дзы фæрæзта, йæ цырыхъ- :хъытæ зындысты æттæмæ æмæ уый куы фæфиппайдта, уæд 149
ноджы старст. Бафæндыд æй куы стымбылтæ уыдаид æмæ? йæ къæхтæ мидæмæ уыцы хуыггоммæ куы байстаид, фæ- лæ хуыдон уыд нарæг æмæ дзы æгасæй нæ бацыдаид. Æввахс кæцæйдæр фæцыд дуары хъынцъ. Титка фæй- нæджыты зыхъхъырæй акаст æмæ федта: хæдзарæй ра- цыд арвзонг хъазахъхъаг æмæ, йæ дыууæ къухæй винтов- кæйыл хæцгæйæ, æрбацæйхъуызыд хуыдонмæ. Уый уыдис Ехим, скъолайы иу партæйыл кæимæ бад- тдсгы, хæлар кæимæ уыд æмæ чызджытæм дæр кæимæ цыд, уыцы Ехимæ. Тас æмæ ныфсимæ ралæст Титка хуы- донæй æмæ йæ уæрджытыл слæууыд. —Æфсымæр Ёхим! Хъарахъхъаг фергъуыйау, стæй йæ дæндæгтæфæзыхъ- хъыр кодта æмæ йæ виытовкæ йæ уæхскмæ сьшпæрста. — Æнцад дæ бынаты лæуу, хæйрæджы лæппын!.. Титка йæ тых йæ бонæй йæхи ауагъта, фароны х’ус- кæрдæг æмæ акъацийы лыстæг къутæртæй едзаг чи уыд, уыцы æдзæрæг быдыры, ’рдæм. Фæстийæ йæм хъуыстиг сурæджы къæхты хъæр æмæ винтовкæйы затворы къæрцц- къæрцц. Топпы гæрах æй размæ схойæгау акодтаæмæйын йæ бæрзæй цыдæр асыгъта. Уæдмæ уый бахæццæ ныллæг кауæмбондмæ,уыцы иу гæпп акодта йæ сæрты æмæ аз- ^ъордта картофы цæхæрадæтты. Фæлмæн зæххы йæ къах цыгъуылди, картофы хъæдтыл-иу фæкалд. Афтæмæй та ногæй уынджы февзæрд. Иннæрдыгæй фарс уыд урс хæ- дзæрттæ. Цады сæрмæ, цады алцвар^ æмыхгæд уыд хъа- мылгæрдæгæй, æмæ уыцы фарс къуыпиыл ноджы бирæ- урс хæдзæрттæ. Титка фæстæмæ фæкаст æмæ федта: Ехим, йæ винтов- кæ йæ къухы, афтæмæй йæм æрбауадзы йæхи, ахæмцæс- тытимæ, цæсгомимæ, цахæм уыд, мæцъисимæ йæ чи ра- сырдта, уыцы хъазахъхъагæн. Титка æрлæууыд. Ехим фæхъыллист кодта, йæ дæндæгтæ фæзыхъ- хъыр кодта æмæ дард фæхаста винтовкæйы хъæд. Тит иуфарс фæлæууыд æмæ йын йæ тых йæ бонæй фæ* рæф кодта йæ къухтæ. Винтовкæ æрхауд зæхмæ æмæ,. дзыгъал-мыгъулгæнгæ иуфарс асхъиудта. Ехим ын æр- 150
балхъывта йæ бæрзæй æмæ йын йæ риумæ дæндагæй бавнæлдта. Титка йын йæ уæрагæй йæ сагæхтæ сцавта, Бхим фæтымбыл, ныккæрзыдта æмæ тас æмæ рисимæ агæпп кодта иуварс. Фæзилæнæй æрбазынд урсыты къорд, уыдон семæ хас- той рыг æмæ сæ уый фæздæгау йæ хъыбысы нуæртса. Сæ цæсгæмттæ уыдысты сау. Ферттывтой-иу æрмæст сæ- цæстытæ, фæзыхъхъыр-иу кодтой сæдæндæгтæ, афтæмæй сегас дæр зындысты карз, æгъатыр. Ехим бацин кодта, фæныфсджындæр æмæ Титкайм ацахста ногæй. — Мæнæ ис, мæнæ... Титка! Марынмæ мæм хъавыд... уæдæ, уæ бæрзонддзинад. Кæсут, байста мын... мæ винтов- кæ... Болыпевик у, куыд уынут, афтæмæй! — Хъазахъхъаг, уæ бæрзонддзинад! Ехим Топчий. — Уый та? — Уый тахæстон, уæ бæрзонддзинад... акошштæй фæ- цæйлыгъд. Нæ хуыдоны бамбæхст... Стæй та уырдыгæй дæр лидзынмæ фæци... Фæлæ йæ æз æрцахстон... Ехимка гуым-гуым кодта тыхулæфт кæнгæйæ, йæ цæсгом фестырдæр уæлахиздзинады æнкъарæнтæй. — Уæдæ, уæ бæрзонддзинад, æз æй æрцахстон. Титкайы сæ разæй ракодтой æмæ рараст сты уынджы. Фæндагыл æй иу-æртæ хатты асхуыстой винтовкæйы хъæдæй. Фæхъæр-иу ыл кодтой: — Гъы, сæпп кæн, цалынмæ ма удмидæг дæ, уæдмæ! Хæстон мын у айдæр, кæйдæр дзидзидайцыдæр! Уынгтæ раздæрау уыдысты афтид. Топпы гæрæхтæ’ нал хъуыст æмæ барджытæ сындæгдæр ауагътой сæ бæх- ты. Фæндагыл дæргъытæй лæууыдысты мард хæстонтæ. Уыдон уыдысты ардыгон, станицæйаг хæстонтæ. Уыдон, æвæццæгæн, хъахъхъæдтой фæндаг æмæ фæмард сты то- хы рæстæджы. 7 Станицæйы астæу фæзуатмæ куы бахæццæ сты, уæд- уацайрæгтæн бардзырд радтой, цæмæй дзуары кæртæн æт- 151
тийæ зæххыл æрбадтаиккой æмæ раластаиккой сæ къахы дарæс. Хъазахъхъæгтæ, салдæттæ æмæ барджытæ алы- рдыгæй чыртæ-чыртæй æмбырд кодтой ардæм. Коммæгæс, ризгæ къухæй уацайрæгтæ ластой сæ къахы дарæс. Æнæ- даст черкес сæм бацыд ,æмæ сæ иу рæдзагъдмæ калдта. Уый фæстæ та бардзырд радтой, цæмæй раластаиккой сæ уæлæдарæс. Æмæ та уыцы бардзырд дæр сæххæст код- той æнæ коммæгæсæй. Уыцы иугъуызон æнæахуысгæ тас сыгъдис сæ цæстыты, афтæмæй. Уыцы æнæдаст чер- кес та æрымбырд кодта уæлæдарæс дæр æмæ сæ бакалдта къахдарæсы рæдзагъдыл. Титка æдзынæгæй лæууыд æмæ касти, скъолайы кæрты ■сывæллæттæ куыд хъазыдысты, уымæ. Уый иннæтау нæ дæр йæ къахыдарæс раласта, нæ дæр йæ уæлæдарæс, гъе, нæ фехъуыста бардзырд, гъе, йæ нæ фæндыдис йæ сых- хæст кæнын. Черкес æм бацыд æмæ йæ топпы хъæдæй басхуыста: — Ды цæуылнæ æххæст кæныс бардзырд? Ралас дæ цырыхъхъытæ, дæ хæрдгæ хæлаф! Титка иннæрдæм азылд æмæ йæ къухтæ йæ дзыппыты фæцавта. Черкес фæкарздæр æмæ йыи йæ чъылдым топ- пы хъæдæй фæцæф кодта. — Ралас дын зæгъын, болыпевикты къæбыла! Титка фыдæхы цъынд æркодта йæ цæстытæ æмæ мæс- тæйдзагæй* фæхъæр кодта: — Нæ раласдзынæн! Ралас мын сæ ды, кæд дæ ныфс хæссыс, уæд... Черкес ацъæхтæ-буртæ, йæ дæндæгтæ фæзыхъхъыр кодта æмæ та ногæй фæхъил кодта топпы хъæд, фæлæ Титкайы цæстытæм куы фæкомкоммæ, уæд йæхи фæ- урæдта, æвæццæгæн æм æвзонг лæппуйы хъæбатырдзи- над дисау фæкаст æмæ йæ уый фæсаста. Уый ацыд иу- фарс, йæхирдыгонау цыдæртæ хъуыр-хъуыргæнгæ. Æрбацыд ма ноджы иу афицерты къорд ног уацай- рæгтимæ. Уыдон дæр зонгæ хæстонтæ. Се ’хсæн Титка федта чысыл лæппуйы, абон ревкомы цур кæуыл фембæлд, уыцы чысыл лæппуйы æмæ ноджы зæронд ус Передери- хайы—æрæджы сыхаг станицæйы махонтæ цы инæлар 152
•æрцахстой, уымæн йæ сæр лæдзæгæй чи фæцæф кодта, æмæ йын йæ цæсгомыл чи бату кодта, уыцы зæронд усы. Зæронд ус къæмдзæстйгæй худт йæ мидбылты, рацу-бацу кодта адæмы бардзы ’хсæн æмæ уыцы иугъуызонæй ды- гъал-дыгъул кодта: — 0, хорз адæм! Цы сæ хъæуы мæнæй?Æз зæронд дæн •æмæ уыимæ ноджы куырм... Зæронд æмæ куырм.,. Æмæ мæ дыууæ хъæбулы та хæсты фæмард сты. Фесæфтысты Германы хæсты... Æз та зæронд æмæ куырм дæн... Цы сæ хъæуы мæнæй? Гъе, афтæ нæ ардта æнцой, фæлæ йæ ничи хъуыды кодта. Дыууæ чысыл лæппуйы хъазыдысты скъолайы кæрты. •Сæ иуыл цыдаид æхсæз азы. Уый уыд бур коцораджын, йæ уæлæ чысыл, сау кастюм, иннæ та бæгънæг, цъыфты ’вдылд, æвæццæгæн, скъола хъахъхъæнæджы фырт уыди. Уыдон-иу порти сыппæрстой агъуысты къулмæ æмæ-иу æй фæстæмæ ацахстой. Передериха та фыццагау æнæсцухæй рацу-бацу’кодта, айдагъ мидæггæгты чи бадт, уыцы уацайрæгты ’хсæн æмæ сын аенæаскъуыйгæ дзырдта: — Исты мын бацамонут, хорз адæм! Науæд æз зæронд æмæ куырм дæн!.. Æттæдæр райхъуыст камандæ æмæ йæ ам хæрз хæстæг сфæлхатт кодтой. Хæристы бын цы афицертæ æмæ хъа- захъхъæгтæ улæфыдысты, уыдон фæгæппытæ кодтой, дыууæ рæнхъыл алæууыдысты, сæ винтовкæтæ сæ къæх- ты цур авæрдтой æмæ сæ цæсгæмттæ уынджы ’рдæм æз- дæхтой. Булвармæ æрбацæйцыд уосхил инæлар, урс цухъ- хъайы, урс бæхыл. — Смир-но! Инæлар хæрз хæстæг батардта салдæтты рæнхъмæ æмæ дыдæр æнæмбаргæ хъуыр-хъуыр бакодта. —• Де ’нæниздзинад нæ бафæнддзæн, дæ бæрзонддзинад! Инæлар рæнхъы цурты араст. Титка фехъуыста уый -æнæбары карзæй куыд бакодта: — Бузныг, лæппутæ, уæ хорз куысты тыххæй... — Æхсызгонæй архайдзыртæм ноджыдæр, дæ бæрзонд- дзинад! 153
Инæлар йæхимæ фæсидти иу афицермæ æмæ йын йæ- хъусы цыдæртæ адзырдта. Афицер тыхстхуызæй йæхи баппæрста булвары ’рдæм æмæ фæхъæр кодта: ~-Æй, цы фестут, азиаттæ! Раласут сæ ардæм! Тагъд- дæр! Черкестæ сæ винтовкæтæ се уæхсджытæм сыпнæрстой æмæ се уæнгтæ базмæлын кодтой. — Цырддæр! Æмæ уацайрæгты æрбакодтой инæлармæ. Инæлар булвармæ бацæуæны йæ ехс фæтылдта æмæ сæ фæурæдта. Уый уæлбæхæй батардта бардзы тæккæ астæумæ. Æрдæг къæлæтау ын уацайрæгты йæ алыварс æрлæууын кодтой. Кæцæйдæр фæзындысты станицæйæг- тæ æмæ уыдон дæр ахæм æрдæг къæлæт ацарæзтой хъахъ-; хъæнджыты хæд фæстæ. — Ацы æнахъом лæппуйы та цæмæн æрцахстат? Алæ- ма, хæйрæджы ^ай фæуинаг, чи дæ ды?—загъта инæлар. — Хионтæй дæн... Мæнæ...-—дзуапп радта лæппу. — Цы, цы? — Афтæ... Æрра уыдтæн æмæ бахаудтæн уæ къæп- хæны... фæлæ иуыл мæ хуызæн æрратæ не сты—ис нæм: зæндджынтæ дæр. — Цы загътай, цы? Гъы, хуыйы хъыбыл! Адæмы бардзы ’хсæн бирæтæ сæ мидбылты бахудтысты. Кæцон у ацы сывæллон? — Æрцахстой йæ станицæйæн æттийæ æд æхсæнгарз. Æхсæнгарз дæм цæмæн уыд? Кæм дын уыд дæуæн- æхсæнгарз? Лæппу инæлармæ нымдзаст, йе ’мбæлттæм-иу бакаст æмæ-иу йæ мидбылты бахудт. Уый фæкомкоммæ Титкамæ,. æхсызгон ын уыд йæ фенд æмæ цыма фæхъæлдзæгдæр, уыйау йæ сæр банкъуыста: „Ом^, тæрсгæ мацæмæй кæн"! — Кæм дын уыд дæуæн æхсæнгарз? Болыневиктимæ уыдтæ? Цы ми кодтай станицæйæн æттийæ? — Мæнæ халæтты ’хстон... — Уый та куыд—хæлæтты ’хстон? — Афтæ.., Урс халæтты... Кадеттæн-иу рыппæрстон сæ пъагæттæ... 154
Лæппу уæндонæй касти инæлары цæстытæм. — Поручик!—йæ ехс фæхъил кодта инæлар, — Хъусын дæм! Поруадк лæппуйы цонг ацахста æмæ йæ адæмы æх- сæнæй раласта. Лæппу фæмæсты æмæ йæ дыс афицеры къухтæй рарæдывта. Стæй йæ къухтæ йæ дзыппыты нывзылдта æмæ йæм мæсты каст бакодта. Ныр уымæн йæ фæлурс цæсгомыл рызтысты йе ’лхынцъ æрфгуытæ. — Рахиз, рахиз æттæмæ, дын, зæгъын! -—Армæй мæм ма ’внал! Цы мæм лæбурыс бирæгъау?! — Ацы маймулимæ дæр ничи кæсы! Зæххæй ма уæ- лæмæ дæр куы зынид! — Ды талæбургæ ма кæн! Æнаккæгтæ! Ноджыуæ æгæр- цъус барвыстон барастыры къухмæ... Афицер дисгæнгæ бакаст лæппумæ. —, Гъы, гъы, дзынгайы къæдзил, цытæ дзуры! Фыдæцæн ын йæ хъус сивæзта. Лæппу йын ,йæ къух мæсты цæф фæкодта. — Ма мæм агай, урс куыдз! Афицер йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта æмæ асырх. Бæрæг нæ уыд æфхæрдмæ йæ райста, æви къæмдзæстыг фæци. Уый аздæхт иннæрдæм æнæссыбырттæй, лæппуйы бакодта зæронд усы цурмæ æмæ йæ æд хотых черкесы цур æрлæууын кодта. Титка уайтагъд нæ фæхатыд, чидæр ын йæ дыс куыд ацахста æмæ йæ йæ фæдыл булвармæ куыд аласта, уый. Йæ цурты цыд бæрзонд адæймаг, къæдзæхау уæззау,—хид, спирт, арахъхъ æмæ махоркæйы тæф кодта æгасæй. Тит- кайы бон улæфын нал уыд уыцы тæфмæ. — Дæхи айс иуфарс, голлагау цы ныхъхъил дæ мæ. цуры, æз мæхæдæг ацæудзынæн. Хъазахъхъагæн райхъуыст йæ сым-сым æмæ йæ сæт йæ хъуыры фæбадт... — Ныммардзынæн дæ, куыдзы фырт! Титка даргъ къахдзæфтæй араст йæ разæй, фæстæмæ дæр æм нал фæкаст, афтæмæй. Афтæ йæм каст, цыма уый дыууæрдæм дзедзлой кæны стыр хъеллаугæнæныл æмæ йæ разы хæрис бæлæстæ æмæ æврæгътаз ленк кæнынц. 155
Дард кæмдæр, гъе, донæн уыцы фарс, гъе, йæхи зæрдæ- *йы арфдæр ран, диссаджы зарæг кодта адæмы стыр бардз, æмæ уыцы зарæг зæлланг кодта стыр дзæнгæрæгау. Лæппу йын йæ къух ацахста æмæ ризгæ хъæлæсæй, >стыр фыдæхдзинады хуыдуггæнгæйæ, хъæр кодта: — Æз ’сын мæхимæ агайыны бар нæ ратдзынæн, сывæл- лон сын мыййаг куы нæ уал дæн... Æз уыдонæй бирæ фæ- цагътон,—фехсæнт мæ уыдон дæр, фæлæ мæм армæй ма агайæд! Дæуæн дæ ном цы хуыйны? Æз Барис хуыйнын. Мах уыдзыстæм иумæ... Кæд нæ æхсой, уæддæр лæудзыс- тæм фæрсæй-фæрстæм. Хорз? — Дойны мын у...—загъта Титка, йæ хъусты цы зарæг нæрыд, ууыл хъуыдыкæнгæйæ. 8 Инæлар ацыд æмæ йын уацайрæгты дæр акодтой йæ •фæдыл уынгты, фурдмæ. „Кæцæйдæр фæзындысты цыппар хъазахъхъаджы æд ^хсытæ, сæ цыппар дæр æвзæнгтæ, хъæлдзæг лæппутæ. ’Уыдон сæ дæндæгтæ ныззыхъхъыр кодтой, афтæмæй фыд- уаг митæ кодтой Передерихайы цур. Сæ иу ын йæ дæ- ларм фæцавта йæ къух, йæхицæй усгур лæппу „ацарæзта" æмæ зæрондусы хæрисы бынбандонмæ акодта. Иннæ æртæ йæ фæдыл цыдысты æмæ фыр худæгæй фæрстæхæлд код- той. Передериха æнæзондау дыгъал-дыгъул кодта: — Æз куырм æмæ къуырма дæн... Лæппутæ! Исты уын æвзонг чызг куы нæ дæн. Сымах уæхæдæг дунейы рæ- •сугъдтæ, хъæлдзæг. Хъæлдзæг æмæ рæсугъдтæ. Хъазахъхъæгтæ фыр худæгæй сæ артæнбынтæ калдтой. Передерихайы æрбадын кодтой бандоныл. Æмæ йæ дæ- лæртты цы хъазахъхъаг цыд, уый йыл уыцы иу æдзæс- гом хъæр фæкодта: — Æрхуысс! Передериха ногæй райдыдта дыгъал-дыгъул кæнын кæ- уынхъæлæсæй: Хъазахъхъаг ехс æрцъыкк кодта. Пере- дериха ныккуыдта, стæй бамыр. Хъазахъхъаг æй басхуыс- та. Уый адæргъи бандон^л æмæ нал стæлфыд. Иннæ 156
дыууæ йын йæ къаба йæ чъылдымы онг сыстыгътой æмæ Титка федта зæронд усы лæмæгъ зæнгтæ йæ уæрджыты> бын урс бæттæнтæй бæстытæ æмæ зæронд хус хæцъæфтæ. — Дзæбæх ма фен ацы зæронд холыйы! Иу хъазахъхъаг ын æрбадт йæ сау бæгъæмвад къæх- тыл, иннæ та йын хъæцыд йæ сæрыл. Æртыккаг йæ зы- лынтæ цæсгомимæ ехсæй цъыкк-цъыкк ралæууыд зæ- ронд усы хус буарыл. Сæ амæттаг уайтагъд бамыр, фæлæ хъазахъхъаг уæддæр нæ уагъта йæ кæнон, æмæ-иу алы цæфæн дæр хыр-хыр кодта: —-Х-хекк, х-хекк! Йæ къæхтыл ын чи бадт, уый рахызт бандонæй æмæ йæ къух ауыгъта, — Фæлæуут-ма, лæппутæ. Хъазахъхъæгтæ тамако здухыныл фесты. Сæ иу йæ дзыппæй сласта бæндæн, бандоныл слæууыд æмæ йæ арæхстгай абаста бæласы цонгыл. — Æриут-ма йæ ныр ардæм, лæппутæ! Æппæт дæр са- разын хъæуы, дзуары чиныджы куыд фыст ис, афтæ... Хъазахъхъаг зæронд усы къаба сысчъил кодта суанг йæ гуыбыны онг, голлаггонд дзы ацарæзта, Передерихайы къухтæ йын йæ мидæг амбæхста æмæ йын уæлейæ йæ ком фидар бабаста. Дыууæйæ йæ систой æмæ йын сæ иу йæ хурхыл бæндæн æртыхта. — Цæттæ у ныр, ахъеллау æй кæнут! Æмæ сæхи иуварс айстой. Барис сæ фæдыл хъæр кодта æмæ фырмæстæй худти*. — Æрратæ, сæрхъæнтæ, халæттæ! Кулæктæ!. бæронд усыл фæтых стут?! Зыд бирæгътæ, гæвзыкк мæгуыргур- тæ! Уе сæфт æрцæуы æмæ уыл базыртæ базад! Хъазахъхъæгтæ йæм фæкастысты æмæ йæчнæфсар- мæй сылгъыстытæ кодтой. Иу æм дзы ехсæй бартхъирæн кодта. — Фæлæу ды дæр, дæуæн дæр тагъд ныкъуырдзысты дæ хъуыры къæрмæг. —- Урс халæттæ. Сылгоймаджы марджытæ! Фурды ’рдыгæй æрбайхъуысти топпы гæрæхтæ. Титка. æмæ Барисы чи хъахъхъæдта, уыцы дыууæ черкесьг 157*
фæхæцыдысты сæ амæттæгтыл æмæ сæ дзуары кæрты ’рдæм акодтой. Лæппу фидар дардта йæхи, ас адæймагау, æрмæст-иу хатт куыддæр йæхи фæтымбылкодта, цыма йын уазал уыд, уыйау. Арæх-иу ату кодта. — Уыдон афтæ æнхъæлынц, æз сæ тæрсгæ кæнын...Би- рæты уæ фæуын кодтонæз, цъаммæрттæ... Æз уæ куыдзы хъуыды дæр нæ кæнын, ту дæр уыл нæ бакæндзынæн!.. Тæрсгæ ма кæн, Тит! Æри мæм дæ къух! Титка цыма фынæйæ хъуыста лæппуйы хъæлæс, не ’мбæрста, цы дзкрдта, уый. Уый æнкъардта æрмæст, æн- къардта—цæугæ нæ, фæлæ ленк кæй кæны, цыдæр æвир- хъау улæдтæ йæ кæй скъæфынц кæдæмдæр. Афтæ йæм касти, цыма уый ленк кæны уæларвон хъеллаугæнæныл æмæ йемæ иумæ ленк кæны æмæ тæхы æгас дуне дæр. Æрлæууын сæ кодтой бруйы цур. Иу цалдæр къахдзæ- фы æттæдæр сæ ныхмæ æрлæууыдысты черкестæ æмæ сæ дыууæ дæр æвиппайды скамандæ кодтой: — Æрхуыссут! Титка сæ рæстмæ не хъуыста æмæ нæ бамбæрста, цы дзы домдтой, уый, фæлæ лæппу, цыма баст уыд, уыйау йæ цурн фидар æрлæууыд, хæстæг æм йæхи байста æмæ знæт хъæр фæкодта: — Нæ, не ’рхуысдзынæн! Нæй,. мах нæ дыууæ дæр не ’рхуысдзыстæм! Мæнæ стæм уæ разы, гъе! Черкестæ сæм сæ винтовкæтæ фæдардтой æмæ лæппу- йы знæт цъæхахст семæ ахастой дыууæ топпы гæрахы:.. ]58
Иванов Вс. ЛИТЕР „Æ" Иван Семеиич Панкратов арæх уарзта æнæмæтæй дзу- рын, зæгъгæ, мæлгæ дæр акæндзæн дамгъæты кассæтæ æвæрд«тарвазы цур лæугæйæ, æмæ йын типографийæ йæ мард рахæсдзысты, наборæй дамгъæтæ куыд сисынц, уыйау, ома^ йæ ных хæрдмæ нæ, фæлæ иуфарсырдæм, афтæмæй. Йе ’мбæлттæ йын аргъ кодтой, æнæмæт, цæр- дæг урс сæры хил æмæ йæ цæсгомы фондз æнцъылды тыххæй. Нуæстау йæ мор&хуыз цæсгомыл цæхгæрмæ æнцъылдтытæ дзурæг уыдысты, цæсгом дымгæтæ æмде хурмæ кæй сфæлтæрдта, ууыл. Иван Семенич раджы бафиппайдта цæстæй кæй фæцух æмæ йыл дуне кæй тар кæны. Айсæфынц хъæлдзæг мигъ- тæ, раджы ралæууы фæныкхуыз изæр. Таблицæйы набо- рæй йæ афйшæты набормæ рарвыстой, бахæс ын кодтой къухфысты оригиналты уарын æмæ уыдон æвзарыны хъуыддаг. Фæлæ уым дæр Иван Семеничæн йæ ньгфс нæ асаст, æрмæстдгзр фехъусын кодта, æвæццæгæн, кæй фæ- зæронд, уый тыххæй йæ къухтæ кæй ризынц, уый. Фæлæ йæ цæстыты кой не скодта, цард æмæ-иу куысты бирæ цæйдæрты тыххæй ницы фæдзырдта. Ахæм æнæмæтдзинады тыххæй йын сæ зæрдæйы хæлар- дзинады охыл йе ’мбæлттæ, цалынмæ Иван Семенич æвза- рын нæ райдайы, уæдмæ, дамгъæты кассæты æрывæрынц тар гæххæттытæ. Иван Семенич равзары бахæсгонд урок æмæ та йын сæ йе ’мбæлттæ дыккаг райсом ногæй рав- ^гæнын кæнынц, сисынц гæххæттыты æмæ та йæ ногæй 159
куыстыл бафтауынц. Иван Семенич цæстæй цух кæй уыд, уый тыххæй дамгъæты хæццæ кодта, ныппæрста-иу сæ, кæм хъуыди, уыцы чырынты нæ, фæлæ æндæр рæтты. Зæгъæм, литер „К"-иу ныпиæрста йæ чырыны æмæ уый’ уым нæ, фæлæ ныххаудзæн „Л"-йыл. Куыстмæ-иу ногæй кæй айстой, уыцы кусджытæй йæхи хызта Иван Семенич.. Ног адæймæгтыл фæцахуыр уæвын æм зын касти, сæ цæс- гæмттæ-иу ын фæхæццæ сты. Ацы хабар куы æрцыд,. уыцы бон, фыццаг хатт куыстмæ рацыд накладчик Миш- кæ Благовещенский. Мишкæ уыд æвзонг, æхсæрдæсаздзыд^ къæсхуыр лæппу. Æнæхицауæй йын йæ цыбыр царды бантысти æгас Уæрæсейыл æрзилын, уыд столицæты. Мишкæ куыстмæ æрбацыд мæстыйæ, уымæй дæр горæты хъус-хъус кодтой, цыма æдзæрæг быдыры ’рдыгæй бас- маччытæ сæ атаманимæ æрбабырсынц, æмæ, зæгъ, размæ- бырстæн къухдариуæг кæны атаман Кашимиров, йе ’гъа- тцрдзинады тыххæй йæ ном кæмæн ныхъхъæр, ахæм афи- цер. Мишкæ та тæппуд уыди, æппæлыди-иу йæ тæппуд- дзинадæй æмæ йын уый тыххæй ничи æууæндыд йæ тæп- пуддзинадыл. Типографимæ æрбацыд райсомæй раджы. Лæппу, æрвылхаттау, æмбырд кæныныл схæцыд, Иван Се- меиич цы набор схæццæ кодта, уый. Рахъаст кодта йæ* ницæйаг хъысмæты тыххæй. Иван Семеыичыл Мишкæ сымбæлд зæрдæрæхойæн худтимæ. Зæронд лæг уыд цæр- дæг, æнæгуызавæ уæнгты айстимæ. Тæккæ къæсæргæрон æрлæууыд, йæ сæры фарсы урс хъуынтæ дуары уæлкъæ- сæрæй бæрзонддæр сыстадысты. Уæд хистæр дамгъæвзарæг Ершов басидт Мишкæмæ- машинæйы фæстæмæ. Скипидарæй дзаг тымбыл къух ывг йæ фындзмæ бахаста, фырмæстæй йæ цыбыр æрфгуытæ; алхынцъ сты. Мишкæ ныхъхъус. Иван Семенич бамбæрста, Ершов Мишкæйæн сныхасы бар кæй нæ радта, уый. Уыди асæст, хъуынтъыз бон. Дыууæ къуырийы бæрц- уарыди къæвда. Зæххы бынæй змисы æхсæнты сзынд зæр- дæхалæн æнуд тæфимæ æлыг сыджыт, Сабыргай Аму-Да- рийы доны улæнтыл горæт П.-мæ цыди нау „Революци- йы фæйлауæн". Тæфдзуйыл уыдысты сырхæфсæддонты. • Дыууæ ротæйы, сармадзантæ æмæ сармадзаны нæмгуытæ- 160
Нау цыд горæтæн æххуысмæ, уымæн æмæ æцæгæй дæр тыгъд быдыры æрдыгæй горæтмæ æрбацæйцыдысты бас- маччытæ. Сабыр та уымæн уыди æмæ Аму-Дари цæуы змис тыгъд быдырты æхсæнты, арæх йæ донвæд ивы, донвæды бирæ тæнæг бынæттæ ис, доны цыд тæссаг æмæ лæбурæ- гау у, уымæй дæр бандиттæ нышшрх кодтой донвæды тæнæг бынæтты амонæг нысæнтты, уыцы нысæнттæм сæ хъус чи дардта, уыдонæй дæр ничи уал баззад. Æхсæвы- иу ыау аппæрста науæнгуыр, æмæ алы æхсæв дæр хъуыст æлгъыст: салдæттæ домдтой, цæмæй вау уæддæр ацы- даид!.. Æмæ раст уыди, цæуынæй фынæй кæнын тасдæр уыди. Басмаччыты тъæпæн къуырф бæлæгъты уынæр ни- куыцæй хъуыст. Хъазты сыбар-сыбур кодта дымгæ. Нау- иу ахуыссын кодта рухсытæ; матростæ-иу басгæрстой винтовкæты æхгæнæнтæ. Уалынджы салдæттæн фехъусын кодтой горæтмæ ма иуыл фылдæр кæй баззацис дæс- фынддæс версты бæрц. Фæлæ райдыдта стыр къæвда, арв ныссаудалынг. Бур-бурид змис къуылдымтæ æрхъула кодтой Аму-Дарийы цырд дæттыл. Къуылдымтæй сæ иуыл зынд æвæджиау бæгънæг бæ- лас, халоны ахстонæй фæлындзыдгондæй. Матростæ ра- хызтысты былмæ, схызтысты къуылдыммæ. Халон сæ нæ уагъта бæласмæ, йæхи сыл цалдæр хатты рауагъта (бæ- ласы бын лæууыдысты æвзонг уартджын хæфсыты цал- дæр уарты: халоны лæппынтæ, æвæццæгæн, хордтой уарт- джын хæфсыты). Арв куы ферттывта, уæд арæхстджын матрос халоны фехста, æмæ арвы нæрды бын нал рай- хъуыст топпы хъæр. Æрвгъуыз-бурбын æнæкæрон тыгъ- дад лыстæг хуырæй æхгæдæй айтынгис сæ цæсты раз. Ноджы дарддæр та зындысты игæргъуыз къуылдымтæ. Командæйæ алкæй зæрдæ дæр уыд змæсты хуызæн. Бирæ рæстæджы ныллæг хъæлæсæй быцæу кодтой æмæ уæддæр сфæнд кодтой науæнгуыр аппарын. Мæры бынæй донбыл- гæрæттæй раулæфыд æмбыд тæф. Науы æнгуыры æл- гъывд рæхыс рызтис лыстæг æмæ карз улæнтыл. Уæззау æмæ уазал бур-змæст цæугæдон тагъдæй згъордта нæ иуфæрсты... 11 т
Горæты Ревком рагæй æнхъæлмæ касти наумæ. Ныр дыккаг бон науæрлæууæн фæлындзыдгонд уыд чысыл сырх тырысатæй (æгæрстæмæй ма сæ хуыз дæр аивтой æмæ’сæ тæрккъæвда аскъуыдтæ кодта). Горæты цæрджытæн се *мбис уыдысты хъазахъхъæгтæ, æмæ Ревком тарсти уы- донæй, зæгъгæ, сæ бирæтæ басмаччытьа æмæ атаманы фарс куы алæууой, (уыцы рæстæджы иннæтæ уыдысты мобли- зацигонд æмæ тарст хъазахъхъæгтæм горæт бахъахъхъæ- нынмæ æрсидын). Хъазахъхъæгтæ, къæвда æмæ цъыфмæ нæ кæсгæйæ, уынгты лекка кодтой фронтæй æрхæссæггаг хæцæнгæрзтæ, зарджытæ æмæ фæндыртимæ, уыцы хабар ноджы цырындæр кодта тасдзинад. Горæтгæрон акоппы- ты чи бадтис, ^емæ тыгъд быдыры ’рдæм чи хъахъхъæд- та, уыдон фылдæр кастысты горæтмæ, æмæ йæм сæ хъус дардтой тасимæ. Тыгъд быдыры уыд тар æмæ умæл. Дарддæр, ссæдз версты æттæдæр, къуылдымты астæу, цалдæр къутæры цъуппы кæрæдзимæ æрбабæтгæйæ, æмæ <ж уæлийæ саргъы базтæй æмæ æфтаугæтæй æрымбæрз- гæйæ, фынæй кодтой басмаччытæ: сæ атаман, генерал Кашимиров уыд семæ. Уыдон рацыдысты æг&с Къизил- Къумыл; ныр горæт дард нал уыди. Аму-Дари та базза- ди фæстийæ, Аму-Дарийы фæстæ та уыди хæрзтæфгæнæг Хива! Фæлæ уæддæр басмаччытæ дæр æмæ атаман Каши- миров дæр тарстысты горæтæй! Боны фæстагмæ, Хивайæ Бухарамæ фæцæйцæугæйæ, æрцахстой хæтæгцардгæнæг зарæггæнæг хъыргъызаджы æмæ сын уый загъта, уырыс- •сæгтæ ныр æртыккаг бон Аму-Дарийыл иуырдæм кæй хи- зынц, зæгъгæ, уырыссæгтæм зарæджы дæр зæгъæн кæмæн нæй, ахæм тых кæй ис æмæ уыдон стыр бæгъатыртæ кæй сты. Уый фехъусгæйæ, атаман Кашимиров зарæггæ- нæджы дзыхыл нæмыг фæкодта. Басмаччытæ хъуыды код- той, зæгъгæ, зарæггæнæг дзырдхæссæг у. Стыхтой хук- лыдз дзаумæттæ, сдзыгъал-мыгъул кодтой æгъдынцæйт- тæ. Басмаччытæ æфсæрстой горæтмæ. Æцæгæйдæр, горæт, къæвда æмæ лæхъир цъыф ницæмæ даргæйæ, ныр æртыккаг бон къахта канау. Нау „Револю- цийк улæн", горæтæй фынддæс ферсты æттæдæр ап- пæрста науæнгуыр, æхсæвы æваст нау фæцудыдта. Ко- 162
манда хуыссæгхъæлдзæгæй æхсын райдыдта. Доны цæл- лахъ банцади. Къæвдаджын райсомы салдæттæ федтой, цæугæдон сæдæ ивазын иу фарсы ’рдæм кæй ацыди, уый- Нау хъуынайыл æнарæхстæй ныхъили. Сæ уæра- джы сæрты онг цъыфы аирвæзгæйæ, матростæ сластой бæлæгъы цæугæдонмæ. Сау хъуына донласт къуыдыртæ фæйнæрдыгæй хæрдмæ ныхъилтæ сты. Æвæджиау стыр кæсæгтæ, бамбæхсын кæмæн нæ бантыст, уыдон мынæг тыбар-тыбур кодтой къæвдайы чысыл цæдты. Матростæ бæлæгъ тардтой горæты ’рдæм. Æмæ уæд Ревком расидт ног мобилизаци. Сконфискаци кодтой белтæ æмæ джир- къаты. Къордтæ, æнæарæхстæй слæугæйæ, ацыдысты канал къахынмæ, цæмæй наумæ дон рауагътаиккой. Къæвда сæлфынæг хаста, арв уыд ныллæг, цъæх... Типографийы уыд уазал, шрифттæ кæрæдзийыл нын- дæгъдысты, уымæн æмæ ахорæн цæмæй сæхсадтаиккой, уый нæ уыд; нæ дæр скипидар, нæ дæр фæтæген. Ахорæн сбæзджын; машинæйы валиктæ гæппытæ кодтой, шрифт- тыл нæ нындæдзгæйæ. Кусджыты акодтой канал къа- хынмæ, баззадысты ма æрмæстдæр Иван Семенич æмæ Мишкæ. Иван Семенич нырмæйау уæнгрогæй рацу-бацу кодта реалты æхсæнты, йæ къухтæ йæ чъылдымыл сæвæргæйæ. Хуыфыд æмæ сагъæс кодта, йæ сæры цы ног хъуыдытæ фæзынд, уыдон кæмæн радзырдтаид, уый кæй нæ уыд, уый тыххæй. Мишкæ, цæмæй йæ ма смобилизацл кодтаик- кой, уый тыххæй ныммырхта зæгæлæй йæ къах, къуылых цыд, мæсты кодта æмæ гæххæттæй лыг кодта нарæг уац- цæгтæ, цæмæй фæрссæгты дзуарæвæрд сæхгæдтаид: фæрссаджы æвгтæ уæд нæ цъæл кæнынц бомбардировкæ- йы рæстæджы. Иван Семенич арацу-бацу кодта, æвгтæм бакаст æмæ загъта, зæгъгæ, сын нырмæ дæр ныхсыны афон уыд—æгæр тар сты! Мишкæ амæсты: „æвгты нырма райсом ныхсадтой, науæд сæ къæвда не ’хсы æви цы! Фæлæ зæронд уæддæр æнæмæтæй каст иуæрдæм, бынтон- дæр кæй нæ уыдта, уыцы фæрссæгтæм. Уалынджы типо- ^рафийы дуарыл фæзынд горæты военком Тулумбаев. 163
Тулумбаев, гуыбыр æмæ ныфсхаст адæймаг, йæ къухы биноныг фыст гæххæтты сыфыл хæцгæйæ, загъта, зæгъгæ, цы бæлвырдгæнæнтæ райстой, уымæ гæсгæ, басмаччытæ æмæ атамантæ генерал Кашимировы сæргълæудæй горæт- мæ æрбабырсынц тыгъд быдыры ’рдыгæй æмæ акоппы- ты цур уыдзысты иуыл фылдæр сахат æмæ æрдæг—дыу- уæ сахаты фæстæ. Ревком хъусын кæны типографийы кусджытæн: уыдон къухы ис горæты хъысмæт. Хъазахъ- хъæгты клубы æрсидтысты митинг, фæлæ хъазахъхъæг- тæ не ’рцæудзысты, кæд æмæ горæты уынгты нæ баны- хæстæуа æрсидт. Æрсидты мидæг хъусынчындæуыд цент- рæй телеграммæйы текст хъазахъхъæгтæ æмæ туркмен- тæн сæ угæрдæнтæ æмæ хосгæрстты сæмхуызон кæныны барты тыххæй. Наумæ цы кусджытæ ацыд, уыдонæн хъуыддаг фехъусын кæнын нал бантысдзæн, æниу сæм кæй арвыстæуа. Хъæуы, зæгъгæ, архайын! Тулумбаев æрсидти, оригинал радта зæронд лæгмæ. — Кæд æм æрбацæуон?—бафарста уый. Зæронд лæг ын дзуапп радта: — Цыппор минуты фæстæ! Военком ын йæ къух райста, февнæлдта йæ худаууон- мæ æмæ стæй цæхгæр фæзылд æмæ рацыд. Рудзынгæй нырмадæр уарыд лыстæг къæвда, уыд сабыр, фæлæ горæ- ты ныридæгæн сымтъери, нæ зыдтой пулеметтæ кæдæм ласын хъæуы—æххæсткоммæ, æви горæты фæстæ акоппы- тæм. Уынгты цæхгæрмæты айвæзтой телтæ. Иван Семенич лæууыд, гæххæтт йæ къухы^ афтæмæй, æмæ йæ размæ федта цъæх хъæбæр кæттаг раст рæнхъы- ’пшæ. Йæ бæрзæй æнæмбарæджы къуырма рыст кодта, йæ къæмисæнтæ рæхойгæ рыст кодтой афтæ тынг, æмæ йæ фæзилæн дæр нæ уыди. Мишкæ йæ разы дыууæрдæм хъел- лау кодта тæригъæдтаг æмæ мæстыйæ. Йæхæдæг дæр йæ~ хи хъæртæй тæрсын райдыдта—астæрдыл цыд дзабырты зæвæтты унæр. Хъæр кодта, кæй йæ нæ фæнды, алы хатт йæхицæй дамгъæ æвзарæг чи акæны,. уыцы зæронд хæй- рæджы аххосæй уый дæр фехсой, уый: Фæсмон кæны, йæхи утхарæй хæры, йæ афоныл кæй нæ ахъуыдц кодта, уæд та хæрз чысылтæ дамгъæтæ ’взарьпг сахуьгр кæнын^ 164
уæд та дамгъæты чырынты чысылтæ куы зонит! Мишкæ фырмæстæй йæ хъуырмæ схæццæ, ацахста Иван Семени- чы йæ къухæй: зæрондæн йæ къух уыд даргъ æмæ æна- хуыр уæззау. Мишкæ) зæронды касеæмæ бакодта, реалы алыварс æрзылд, иннæрдыгæй ахорæнтæй змæст хъæ- дыл йæ рæмбынкъæдзтæй æрынцой кодта, йæ риуæй йыл æрхауд æмæ та ноджы нырдиаг кодта: — Фехсдзысты нæ дæу тыххæй! Нæхиуæттæ нæ фехс- дзысты! Æвзар! Тагъддæр! Гæххæтт дыдæгътæ кодта. Рæнхъытæ тадысты. Иван Семенич æнæнхъæлæджы æрхъуыды кодта, æрæджы чи амард, уыцы зæронд ус йæ мæлæты агъонмæ, Иван Семе- ничмæ тæригъæддаджы кастгæнгæйæ кæй дзырдта, зæгъ- гæ, „Мæнæ ды, Иван Семенич, дзынгайы хуызæн дæ: тæ- хыс маргъау, уасыс галау" æмæ дарддæр та... Зæронд усæн йæ цæссыгтæ фемæхстысты. Уæд уыцы цæссыг- тæ тынг дисау фæкастысты Иван Семеничмæ, æмæ сæ уæд уый ахæм хуызы бамбæрста, зæгъгæ, зæронд усы мæлын нæ фæнды, зын æм кæсы цардæй ахицæн уа. Æмæ мæнæ ныр, йæ текст кæмæн нæ уыдта, уыцы гæх- хæттыл йæ къухтæй хæцгæйæ, бамбæрста, бирæ азты йæ- хи куыд сайдта æмæ йæ куыд сайдтой, тæригъæд ын кæй кодтой, уый тыххæй. Бамбæрста бирæ ныхæсты, бам- бæрста æрвыл хатт-иу цæмæн афтæ чысыл уыди равзæрст æрмæг, æмæ йын дамгъæвзарджытæ цæмæн дзырдтой, чысыл куыст дзы кæй ис, уый тыххæй Иван Семеничæн йæ бон у баулæфа, сæхимæ ацæуа. Иван Семенич-иу ацыд, ирхæфста-иу йæхи горæты æмæ-иу хъуыды кодта: æнцон æмæ йын арфæйаджы зæронды бонтæ кæй ис, уый тых- хæй. Æмæ афтæ цæуы, уый хуызæн зæронд дзæгъæлдзых æмæ хицæй æппæлойы типографийы цæй тыххæй дард- той, уый бæрæг кæй нæй, йæ бæсты. куыстой, хæрын ын кодтой... Æмæ ныр уый æнæсæрæны аххосæй, уый трх- хæй... Йæ зæрдæ фæллад цæфтæ кодта. Ау, уанцон нæу •æмæ уый тыххæй горæт фесæфа? Мишкæ нырма дæр æрдиаг кодта: —-Равзар, равзар!..-—Йе ’лгъыстæн æвидийæн нал уыд- Иван Семенич зяæтæй рахæцыд кассæйыл, йæ нымæц 165
мæ гæсгæ уæлийæ æртыккагыл. Реал фæцудыдта. Верстк^- йы дæс квадратыл рафтыдта; аппæрста кассæйы реалыл. (Цалдæр квадраты дзы ахаудта). Уадидæгæн фæлæбурдта дамгъæ „æ"-мæ, афтæ-иу райдыдтой æппæт æрсидтытæ, æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма, дамгъæ „æ" нæ, фæлæ систа æндæр дамгъæ, йæ размæ, кæнæ йæ фарсмæ чи уыд, уыдонæй. Æркаст литермæ. Литер уыд уазал, уæз- зау æмæ тар, бынтондæр ихсыды хуызæн. Иван Семенич фæрссагмæ æвæрæзы каст бакодта, æмаз йæм: фæрссаг дæр касти ихсыд, розæхуыз, тыбар-тыбургæнæг хæлуа- рæджы ахстонау. Литерьг йæ цæстытæм æввахс схаста. Æбæрæг æмæ зынæвзарæн дæргъдымбыл дамгъæ æрттыв- та йæ лæгъз, лæкъуындзæг, æмæ, цыма февзонгдæр æн- гуылдзты. Фæлæ кæцы дамгъæ у—базонæн ын ницы ама- лæй уыд. Ницы кæны!.. Версткæ ныррызти йæ къухы. Ницы кæны?.. Уый нысан кæны, ницæмæй æмæ ницы хуызы зæронд дамгъæвзарæгæн йæ бон баххуыс кæнын кæй нæ у социалистон революцийы бахъахъхъæныны сæ-- рыл слæууæг кусæг класс æмæ мæгуыр зæхкусджытæн?.. Ау, уанцон нæу, уымæй зæронд кусæгæн йæ бон нæу æмæ æппæт йæ тыхтæ афтæ æртымбыл кæна æмæ дамгъæты фена, уый? Уанцоп нæу, уыцы минуты, бирæ советон адæй- мæгты хъысмæт скъуыддзаг-куы цæуы, уæд уымæн йæ бон саразын ницы у? Уанцон нæу, йæ бархъомыс афтæ- слæмæгъ?.. Уый гæнæн нæй, æмæ нæ дæр уыдзæн! Йæ хъуыды куыста æвæллайгæ. Банкъардта йæ къах- къухтæ рог ихæн кæй кæнынц. Йæ сæр сыгъд, йæ хъæ- лæс ныххус. Уый сараздзæн, сараздзæн йæ хъуыддаг, •бантысдзæн ын, йæхицæй суынынкæндзæн дамгъæты!.. Йæ сæры магъз, цыма тынг скуыста. Сфæлдыстадон куысты æвæджиау цин ын æвиппайды хъару радта. Йæ цæстысыгтæ æрызгъ-æлдысты, æмæ йæм афтæ фæкаст^ цыма йын йæ цæстыты мигъ фæсырдтой. Ирдæй федта кассæты дæр æмæ шрифты дæр... „æмбæлттæ!"--мæнæ фыццаг дзырд, иуыл ставддæр шрифтæй кæй равзардзæн*. уый. Литертæ йæ армы тъæпæнæй фæстæмæ аздæхтысты йе ’нгуылдзтæм, ныр, цыма, фæхъæдтыхысты, æмæ, йе> 166
’нгуылдзтæм кæсгæйæ, зæронд лæг æрымысыд, рагæй сын кæй нæ уал федта се ’нцъылдтытæ, уый. Фæлæ ма йæ ныртæккæ æнгуылдзты æнцъылдтыты мæт уыди, цы! Æв- зæр мд куы уыдта, уæд кассæйæ систа литер „Æ" нæ, фæ- лæ литер »С", зæронд лæг фæстæмæ аппæрста литер „С" æмæ хъæрæй загъта: — Рæдыд у!—йæ фидар æнгуылдзтæй, версткæйы раз- мæ æрдæг зиллакк афысгæйæ, æрхаста литер „Æ", уый фæстæ „Мæ", стæй „Б" æмæ афтæ дарддæр... Накладчик Мишкæ, уый фенгæйæ, сабыргай ацыд реа- лæй, тæрсæджы ракæс-бакæс акодта, цæмæндæр йæ сæры хъуынтыл йæ къух æрхаста æмæ æвзæрст дамгъæты фæлгæты бакæныны тыххæй марзанты цæттæ кæнын рай- дыдта. Фæлгæты æвзæрст дамгъæтимæ иумæ æвæрдæуы машинæйыл æмæ гæнæн ис мыхуыр кæнын райдыдтаид. Фыццаг равзæрста иуыл нæуæгдæр фæлгæты, уый фæстæ фæныфсхаст, йæ цæст хинæйдзаг ныкъуылд æркодта, ома, зонын æй зæронд магуса кæй у, æмæ сæ иуылдæр куыд сайдта, уый! Æмæ уæд систа иуыл чъизи æмæ згæдæр фæлгæты. Иван Семенич, йæ диссаджы циндзинад æн- къаргæйæ, æгæрыстæмæй уыцы циндзинадæй тыхсгæйæ, хъуырдухæн кодта (йæ риу æй рæхуыста, рыстысты йæ къæмисæнтæ), тагъд-тагъд æвæрдта ,иу версткæйы иннæ- уыл. Уымæ афтæ фæкаст, цыма ныхас рауагъта, басгæрс- та йæ, бакаст æй — алцы дæр уыд йæ уагыл. Ногæй та æвзарын райдыдта æмæ та йæм ногæй афтæ фæкаст, ныр æндæр цахæмдæр ахсджиаг ныхас кæй ауагъта. Ату код- та æмæ хъынцъымхуызæй тухын райдыдта лыстæг сина- гæй наборы, раппæрста йæ таллермæ æмæ ацахста маши- нæйы хæцæн, цæмæй фæзылдтаид машинæйы æмæ валик- тæ дамгъæты ахорæнæй сахуырстаиккой. Йæ къухтæ схуылыдз сты хидæй; калд йæ цæсгомы фæздæг. — Æрзил!—-фæхъæр кодта Мишкæ, барабаны дæндæг- ты бын къуластæрæн гæххæтт æвæргæйæ. (Æрсидты сыф- тæ мыхуыр кодтой къуластæрæн гæххæттытыл). Иван Семенич федта наборы оттиск. Цал азы дæргъы нал федта йæ наборты оттискты? Ууыл хъуыды кæнынмæ йæ не ’вдæлд. Мишкæ цъæхаст кодта: 167
— Корректурæ ма кæ, дада! Иван Оеменич бафиппайдта оттискы рæдыд: дзырд „Мæ- лæты" бæсты дзы уыд „бафидауын". Зæронд лæг туас фелвæста, цæмæй рæдыд дамгъæйы наборæй сæппæрстаид æмæ йæ æндæрæй баивтаид, фæлæ уалынджы цыргъ туас фæтары йæ цæсты бынæй, уый фæстæ фесæфта хæцæн, йе ’нгуылдзтæ аныгъуылдысты мигъы, йæ къух фæтары. Йæ къухтæй туас ахаудта æмæ машинæйы хæцæныл йæ фидар æнгуылдзтæй фæхæцгæйæ аракæс-бакæс кодта. Ти- пографийы къуымты нал ацыди. Змæст туджы зылд мигътæ йæ^ алы фарс æртыхстысты. Загъта. — Æрывæр, Мишкæ! Мишкæ сыхсидт кодта, бардзырд радта зæрондæн, зил, зæгъгæ. Чысыл фæстæдæр æрсидти, сыфтæм æр- базгъорста салдат—иуылдæр сæ радтой—æдыппæтæй æв- дай сыфы—сæхицæн дзы ныууадзын ферох. Иу сахаты фæстæ акоппытæ байдзаг сты хъазахъхъæгтæй. Нæмыг- згъалтæ сæ дзыхтæ скомкоммæ кодтой æдзæрæг быды • ры ’рдæм. Уымæй ноджы фондз сахаты фæстæ та, нау, цы канал скъахтой, ууыл рацыд Аму-Даримæ. Æгас го- рæт сæмбæлд науыл. Ракодтой науыл сæмбæлынмæ Иван Семеничы дæр, йæ къухыл ын хæцыдысты, афтæмæй (йæхæдæг дæр æй нæ бафиппайдта: куыд æмæ, цæмæн?). Хъазахъхъæгтæ, рæнхълæугæйæ æмæ, æвæццæгæн, хицæй æппæлды хуызы, наумæ хъæр кодтой „ура!" Къæвда йæ уарынæй нæма банцад æмæ лыстæг æртæхтæ хаудтой Иван Семеничы цæсгомыл. Чидæр æй бафарста: — Уыныс, цæй æвæджиау стыр нау у? Уый йын дзуапп радта. — Уынын,—æниу йæ разы айтыгъди æнæкæрон мигъы фæлм æмæ йæ хæд астæу хæрз чысыл æрттиваг зиллак— хур. 168
Коновалов Григорий МОХНАКОВ I Мохнаков дохтырмæ хъуыста æдзынæг. Ие ставд æн- туылдзтæ сабыргай змæлыдысты, архайдта сæ йæ урс хæдоны æфцæгготимæ, фæндыд æй йе ’гънæджытæ бафта- уын, фæлæ йын не ’нтыст. Йе ’рвгъуыз цæстытæй цы- дæр æнкъард каст кодта: — Лука Лукич, уæдæ фесæфтæн? Дзидза хæрæн мын иал ис? — Нал, Фома Титич,—йæ ныхас ын фескъуыдта дох- тыр. — Æмæ мæнæ... арахъхъ та? — Хуыцау бахизæд! Мæрд’тыл дæ бафтаудзæн. Мохнаковы галбæрзæй туджы азылд, йе ставд фындзы хуынчъытæ æвиппайды сызмæлыдысты. — Ма мæм фæхъыг у, Лука Лукич, фæлæ фыд-зæрдæ дæ. Иу куыдз, дам, хосы сæр хуыссыд æмæ дзы нæ йæ- хæдæг хордта, нæ йæм фосы уагъта. Дæхæдæг дæ мæл- .лæг, хиталæджы уызæн, ницы хæрыс æмæ ма де ’мбæлт- ты дæр хæрын нæ уадзыс. Дохтыры цæсгом фæтар. Уый уыд чысыл, мæллæг, ирддзаст зæронд лæг. — Уæдæ афтæ. Æвæццæгæн, мæ адзал æрцыд,-—дард- дæр дзырдта Мохнаков. Мидæггагон хæсты нæ фæсахъат дæн, кулæктæ нæ цъайты калдтой, уæддæр удæгас баз- задтæн, Фыдыбæстæйон хæсты æрвыл бон дæр мардтой, фæлæ сын мæн амарьш нæ бантыст æмæ мæ ныр стуры 4ыд амардзæн. Кæм ис рæстдзинад, Лука Лукич? Ды раст 169
загътай, гæнæн ис тамако ма дымай: се ’хцаты æрмæст- дæр æрратæ судзынц, уыдон саразкнц сæ фындзы хуын- чъытæй фæздæгдзæуæн трубатæ. Фæлæ хæринагыл „нæ" чи зæгъдзæн? — Кæд дæ бирæ цæрын фæнды, æфсымæр, уæд дæ удæн æнцойад дæтт. — Ахæм хуызы удæн цæй æнцойад дæттæн ис. Уый хæрд нæу, фæлæ ма-амæлайы къæбæр у. Ды дæ гуыры кондмæ гæсгæ гæнæн ис афтид цæхæра æмæ туаг æхсырæй даёр фæцæрай. Фæлæ æз ацы гарз цæмæй бай- дзаг кæнон?—фырмæстæй йæ гуыбын хоста Мохнаков,— кæрдæджытæй йæ байдзаг кæндзынæн? Афтæ æнхъæл дæ, уæд мæ мæцъистæ змæлдзысты?—йæ уæхсджытæ бан- къуыста æмæ йæ хæцъæфджын даргъ цæнгтæ фæйнæрдæм байтыдта. — Кæрдæджытæ куы хæрон, Лука Лукич, уæд мæ агре- гат йæ кусынæй банцайдзæн* — Мæлгъæвзаг дæ, Фома Титич, мæлгъæвзаг. Æнæ- усæй скъулбадæг дæ, æппынæдзух хæрыс, нуазыс. Адæм дыргътæ æмæ халсæрттæй цæрынц, æфсымæр, æмæ сæ ды дæр бафæлвар. федтон халсархæрджыты! Противогазы хызыны бын-иу’ ныкъæдз сты æмæ мардысты. Халсарæй хаст лæджы топп æхсгæ-æхсын куы рариуыгъа, уæд æй иу верст фæстæ- мæ аппрадзæн. Æз мæ удæй фылдæр уарзын дзидза, лод- кæ ратеутеу кæнын дæр уымæн уыд мæ бон Волгæ- йæ Воложкæмæ. Сармадзан Мамаевы обаумæ тылдтон. Æмæ ныр цы уыдзынæн? Цæхæрадоны тæрсынгæнæн быдыргъы! Уый æнхъæл дæ нæ уыдтæн, мæ хæлар, æмæ* мын знаджы тæрхон скæнай. Мæн тæрсын кæнын дын æмбалдзинад нæу, Лука Лукич. Уый тыххæй нæ ахуыр кодтай, мыййаг. — Адæмы æз куы сфæлдыстаин, Фома, уæд алы адæй- магæн дæр сцæттæ кодтаин фæсауæрц хæйттæ. Уæлдай фылдæр та сцæттæ кодтаин зæрдæтæ. Нæ рæстæг зонд æмæ зæрдæйыл баст у, Æмбарыс, Фомка, зæрдæйы тугтæ ныттæдзынц марды акъæртткæнгæйæ. Иæ къæхтæ, йæ къухтæ сты фидар, фæлæ йæ зæрдæ* 170
байхсыд. Æндæр зæрдæ йын йæ риуы нывæр, уæд ма иу фæндзай азы уæддæр фæцæрид. Зæрдæнизæй дарддæр ма адæмы цæгъдæн кæны тудяш стыр æлхъывдад. Дуг адæй- магæй домы иуыл зынаргъдæр: магъз æмæ зæрдæ. Ды, Фома, дзæбæх ахъуыды кæн. Æрхауын кæндзыстæм ту- дяш æлхъывдад, сдзæбæх кæндзыстæм зæрдæ. Ды куыс- тай æртæ лæджы бæрц, фондз лæджы бæрц хæцыдтæ, фæлæ улæфгæ та... æрдæг адæймаджы бæрц, æмæ уый дæр æххæст нæ улæфыдтæ. Ацу уæхимæ, æмæ ныууадз æфсæйнæгтимæ тухæн кæнын, радт куырдадз æндæр ис- кæмæ, дæхæдæг та... мыдгæс ныллæу. — Хорз. Ныффысс гæххæттыл цы куыст кæнын у мæ бон æмæ цы нæу... Фæлтау мыл минæ куы фехæлдаид... Мохнаков йæ худ йе ’рфгуытыл æрфæлдæхта æмæ рын- чындонæй рацыд. „Иугæр мын зæронд æргом дзуры, уæд, æвæццæга^н, мæ хъуыддаг æвзæр у... Мæлæтдзаг адæймагæй чи ар- гъуц кæыы, куыд тызмæг уыд нæ раздæры сæрдар, фæлæ куы мард, уæд адæм се ’взæгтæн сæ бар сæхи ауагътой æмæ хынджылæг райдыдтой", — ахъуыды кодта Фома,— хъæддых куырд ма куы уыд, Лука Лукичы сæр æй куы нæ ма хъуыд, уæд ын куыд цыт кодтой, ныр афтæ нал кæнынц. Тыргъæй чысыл æттæдæр айтынг сты æнæкæрон бы- дыртæ. Уалдзыгон мигътæ таргъуыз бафтыдтой цъæх ар- выл. Апрелы дымгæтæ семæ хастой æнхъызт миты зæр- дæуынгæггæнæн тæф. Хæдзæртты агъуыстытæй зæхмæ хаудысты æвзистхуыз доны æртæхтæ чысыл цæдтæм æмæ авджы хъæр кодтой. Уасыд сыгъзæрингъуыз уасæг, йæ базыртæ-иу митыл асæрфта æмæ дзы зиллаггонд хæх~ хытæ арæзта, йæ уарзон бæдулты раз цæстмæ митæ кодта. Хæрз æрæджы ма хæтыд Фома Мохнаков уалдзыгон бонты, йе ’рыгон тых æй ссыдта Волгæмæ, куыстыл-иу сбæндæн, куыддæр-иу дæттæ ивылын райдыдтой, афтæ æмæ куыстæй æнцой нæ зыдта, цалынмæ-иу дæттæ их кæ- нын райдыдтой, уæдмæ. Йæ къухы цы ’фтыд, уый хордта, хуыссæг-иу æй кæм æрцахста, уым-иу афынæй, Нæ дæр* 171
йе стджытæ рыстцсты, нæ дæр йæ фæрстæй хъæрзыдта. Цардис, æнæниз адæм куыд цæрынц, афтæ: кусгæ, уæд— кусгæ, тезгъо—уæд тезгъо. Хæсты æппæт дæр вæййы: æххормагдзинад, уазал, цъыф, тугкалд... Æмæ уыдон дæр бавзæрста. Ныр мæнæ йæ зæрдæйы бын рæсийын райдыд- та. Йæ сæр зилы, йæ хъустæ гуыз-гуыз кæнынц. Иу хатт та йæ зæрдæ бахъарм æмæ йæ куынцы цур æрхауд, чы- сыл ма бахъæуа йæ сæр цæхæры атъысса. Хорз уыд дзæбугæй цæвæг æм фæлæбурдта æмæ йæ æттæмæ уæл- дæфмæ раласта. Æхсæв цыфæнды тезгъо кодтаид, уæд- дæр-иу райсом хурыскасты агъонмæ йæ куырдадзы дуар кæддæриддæр байгом. „Ех, Фома Титич, дæ цард фæци!—ныуулæфыд Мох- наков,—дзæгъæлы ма басхъæл дæ Лука Лукичмæ. Дæхи зондæй цардаис, æмæ дæм удхæссæг куы ’рцыдаид, уæд æй æнæ дохтыры рецептæй дæр суазæг кодтаис, Цы у дохтыр? Кæмдæриддæр хъæн ссардзæн. Йæхи дæр æрба- мардзæн, чи фæнды йæм бацæуæд, уæддæр æм куы ницы ^сахъат ссара, уæд!" Цыма Мохнаковæн йæ бæрзæйы тæвд судзин фæиыхст, уыйау къулыл бахауд. Кауы раз зæронд Гнедуха йæ къæхтæ фæйнæрдæм ных- хæлиу кодта, афтæмæй йæ хъæбæр былтæй уыгъта, тоф- райы ма цы иугай сысджыйы нæмгуытæ уыд, уыдон. Æв- зонг, æдзæсгом кæрчытæ йын сæ чысыл ма бахъæуа йæ дзыхæй дæр раскъæфой. Зылынцæст ефс-иу сæм йæ хъустæ батылдта. Йе ’рагъыл та йын цъиах рагæпп-ба- гæпп кодта, уыгъта йын йæ ивзигæ хъуынтæ æмæ сæ æмбырд кодта ахстонæн. Гнедуха-иу йе рагъы хæцъæфтæ базмæлын кодта. Æнхъæл дæн, иу фæззæг ын Мохнаков «ныссагъта цæфхад йæ æрыгон цырд къæхтæн. Уалдзæджы йын сæ рафтыдта æмæ цъæх нæууыл радугъ-бадугъ код- та рæсугъд уырсимæ. Уæдæй фæстæмæ фондз байраджы схъомыл кодта Гнедуха. Йæ къæхтæ ныззылынтæ сты, йæ иу цæстæй бакуырм, йæ гуыбын ныстыр, йæ былтæ æры- вæзтысты. Ныр уæртæ Гнедуха судзгæ хурмæ йæ былтæ сынцъылдта, уæззау ныуулæфыд æмæ арæдзæ-мæдзæ код- та. Чи зоны йæ фыны уыны æрвгъуыз майы райдзаст бон, 172
коцораджын байраджы йæ зæлдаггъуыз былтимæ. Уый> йын йæ хъарм мылытæй æлхъивы йæ фæдæг, раафтид ын кодта йæ фæздон, стæй йæ мады алыварс кафын райдыд- та. Мад æм бауасы, тæрсы йын искуыдæм дзы куы алидза^. „Ех, Гнедуха, мæнæ,цытæ æрыййæфтам нæ царды. Кæр- чытæ æмæ дæ æдылы цъиахтæ мæстæй марынц!" Æмæ Мохнаков сеппæтæн дæр райдыдта тæригъæд; ефсæн, йæ- сыгъзæрин къоппа туджы кæмæн сывдылд, уыцы уасæгæн, уæртæ дард митдяшн фæзы иунæг, æнкъард тар хъæдæн.. Афтæ йæм фæкаст, цыма йын бирæ рæстæг нал бантыс- дзæя райдзаст арв æмæ рæсугъд цæдтыл цинкæнын, йæхи* нæ аирхæфсдзæн йæ чызг Солкæйы чындзæхсæвмæ... 0, не сразы уыдзæн идæдз ус Маркæйы курыныл дæр: цæй’ усгур ма у, уымæй æмбыд къодахæй ма цы уæлдай ис. Уадз æмæ Гаврик Калугин ракура рæсугъд идæдзы. Æз та Маркæйæн зæгъдзынæн: „амондджынæй цæрут, мæнæн дзæнæтмæ цæуын афон у". Лодкæйы мотор дзоныгъмæ бæндæнæй бабаста æмæ йæ хъæмпæй æрымбæрзта. Бæхæн дон бадардта, йæ фæрс- ты хидумæл хъуынтæ йын асæрфтытæ кодта. Рахызт рынчындоны кулдуарæй, фæстаг хатт ма йæ цæст ахаста^ Лука Лукичы кабинеты стыр фæрссæгтыл. Уырдыгæй йæм зæронд ’лæг йæ къух фæндарастгæнæджы тылд бакодта, стæй рудзынгæмбæрзæн æруагъта. Мохнаковмæ афтæ фæкаст, цыма Лука Лукич скуыдта æмæ дзы уымæн< тагъд амбæхст. II Мохнаков хъуыдыты ацыд. Раздæр-иу хъæлдзæгæй йæ* зонгæ хæринаггæнæгмæ хъæбæнтæ хæрынмæ цы хæрæн- донмæ бауад, æгæрстæмæй уырдæм дæр нал фездæхт. Быдыры кæрон фæлладуадзæндоны дæр не ’рурæдта йæ бæх. Ам фæуæй кæнынц алгъуызон гагадыргътæй арæзт сæнтæ. Дæ хорз зонгæтæй дзы алы хатт дæр искæуыл» фембæлдзынæ. „ Бауайдзынæн мæ хæстон æмбал сержант Авташш Налдеевмæ æмæ йын мæ хъæстытæ фæкæндзынæн. Ахæм ПЗ’
у ныр мæ амонд: æндæртæм кæс æмæ сæ цардæй куыд æппæлынц, уымæ хъуса. Æндæр хатт Мохнаков цыфæнды хæлары тыххæй дæр нæ сарæзтаид дæс версты. Ныр æй йе ’нкъард хъуыдытæ басастой, нал æрмæт кодта йæ рæстæг æмæ йæ бæхыл дæр, нал фæтарст дон раивылынæй дæр, кæм ма ахъуыды кодта, артелы сæрдар Маркæ йын кæй бауайдзæф кæндзæн, ууыл дæр. Мохнаков дымгæмæ йæ фæсонтæ сыздæхта, афтæмæй бадт дзоныгъыл. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, дох- тыримæ куыд ныхас кодта, уый. Царды æппæтмæ дæр акаст куыдфæндыйы цæстæй. Йæ къух ауыгъта, хæлд фæндагыл доыхæццæ миты йæ урс хъуынджын къæхтæй чи лæгæрста, уыцы куырм бæхыл. Йæ зæрдæ нæ барухс, æппынфæстаг йæ бæлæгъæн матор кæй ссардта, уымæй дæр. Нал æй æндæвтой, йæ рæмбьшкъæдзы бын-иу голла- джы цы аддяшн гуылтæ скъæбар-къыбур кодтой, уыдон дæр, цалынмæ Лука Лукичмæ бацыд, уæдмæ сæ йæ чыз- гæн балхæдта. Мохнаков уый размæ дæр зыдта йæ низы хатт. Сæ мыггагæй „уыцы низæй" бирæ амард. Йæ фыд æмæ йæ фыды фыд æдзæммард фесты. Йæ фыды фыд бæ- /хыл хамут кодта, æвиппайд æрхауд, йæ сæр хамуты атъыстаæмæ цæрæнбонтæм ныссабыр, йæ фыд æнцондæр- æй ацух цардæй: Фьщцæгæм майы сихор хæрыныл æрбад- тысты, уый загъта: „Бæрæгбоны хорзæх уæ уæнт!"—æмæ агуывзæ бакъуырцц кæнынмæ куыд хъавыд, афтæ размæ фæцудыдта æмæ йæ разы тæбæгъы йæ сæр ацавта. Сæ мыггагæй сын дзырдтой, ома Мохнаковтæ æртхæрæны тых- джын кæй сты, æнцонæй уымæн амæлынц. Уыдон тых- джын кæй уыдысты, уый тыххæй æфсæрмы кодтой, сæ цæсгом æй æргом кæнын нæ хъæцыд. Фомайæн йæ фыды фыд донласæг уыд æмæ-иу афтæ кодта: Йæ алыварс-иу акаст æмæ-иу дзы куы ничи уыд, уæд-иу боцкъа доны фæтъыста æмæ-иу æй йедзагæй дзоныгъыл сывæрдта. Иу хатт бирæдзураг Гаврил Калугин уыцы диссаг федта æмæ йæ алкæмæн дæр дзырдта. Зæронд лæг ма йæ кæуын тых- хæй урæдта, нæ састи: „Æз фондз ведрайы дæр куы нæ сисдзынæн!4', зæгъгæ. Фома нæ дæр йæ фыды хуызæн уыд, нæ дæр йæ фыды 174
фыды хуызæн. Уый æргомæй æппæлыд йæ тыхæй. Адæм- иу ыл цас^тынгдæр бадис кодтой, уый ас æм æхсызгон- дæр каст. Йæ дзæнæты бадинаг мад ын йæ цæстмæ арæх дардта: „Дæхицæй ма æппæл, Фомка, науæд д& низ æр- <зурдзæн! Æппæлой дæ, æппæлой". Фома-иу дзуапп дæт- тыны бæсты йæ дæндæгтæ схъаудта: „Тых дон нæу æмæ байсыса!" Æмæ мæнæ байсыст йæ тых. Изæрдалынгты Мохнаков бахæццæ нефткуыстгæнджыты поселокмæ. Бæрзонд æрхджын нæзы бæлæстæ арæгъ сты фæндаджы дыууæ фарс урс хæдзæртты раз. Уымы адæм, æвæццæгæн, мæргъты бирæ уарзтой. Бæлæстæ саутар дардтой цъиахты ахстæттæй. Уыдон цъыбар-цъыбур код- той бæлæстæй. Нефтуадзæг заводы уынæр нæ бамыр код- та ног æрыздæхæг мæргъты цъыбар-цъыбур. Уыдон цал- цæг кодтой сæ ахстæттæ. „Уыцы цъиахтæ цæуылнæ уой хъæлдзæг, кæнæ цæуыл- нæ уасой: дохтыры документ сæм куы нæ ис, мыййаг! Мæн та æндæр ахстоныл ныхъхъуыды кæнын кодта",— ахъуыды кодта Мохнаков æмæ йæ адзалыл сразы. Сырхæмбæрзæп дурæй агъуыст хæдзары кулдуары цур æрлæууыд Мохнаков æмæ йæ бæх цæджындзыл æрбаста. Йæ зæрдæ сгуыпп-гуыпп кодта фырцинæй, мæнæ ныр- тæккæ фендзæн йæ рагон хæлар сержант Автоном Нал- деезы. — Мидæмæ, салдат Фома!—фехъуыста нæргæ хъæлæс, цыма йæм хæстон трубайæ радзырдæуыд, уыйау æмæ йæ сæр фæхъил кодта. Тыргъы, йæ цинел йæ уæхсджытыл æппæрст, афтæ- мæй хæлиу лæууыд сержант Автоном Налдеев æмæ йæ даргъ, халасгъуыз рихитæ здыхта. Мохнаков æм чысыл цады сæрты багæпп кæнынмæ хъавыд, фæлæ дохтыры фæдзæхст йæ зæрдыл æрбалæууыд: æвиппайды змæлдты- тæ, сæнт гæппытæ ма кæн, зæгъгæ, æмæ йæ мидбынат дзыхълæуд фæкодта, стæй сабыргай бараст йæ рагон хæ- лармæ. — Мæлын, æмбал сержант. Автоном Налдеев тарстхуызæй фестъæлфæгау кодта, йæ с’алдаты къухыл фæхæцыд æмæ йæ хæдзармæ сабыр- *гай бакодта. 175
Тыргъы, йæ худын йæ рихиты бын æмбæхсгæйæ, сер- жант цъылынæй асыгъдæг кодта Мохнаковы цырыхъ- хъытæ. — Цы дыл æрцыд, салдат? Чи дæ афæлдæхта? — Медицинæ, йе ’ппæт.. рецепптимæ, быны сæфт фæуа! Мæ къæхтыл ма цы лæууын, уый йедтæмæ ницы уал мæ бон у. Мæ зæрдæ æмæ меннæ уæнгтæ бырондонмæ аппа- рын йедтæмæ ницæмæн уал бæззынц. Ацы ныхæстæ Мохнаков иу цалдæр хатты сфæлхатт кодта стъолы фарсмæ бадгæйæ, Налдеев æмæ йæ йæ сырх- уадул ус цæхджынтæй куы суазæг кодтой, уæд. Хæлар- зæрдæ æмæ уазæгуарзон кæй уыдысты, канд уый тых- хæй йæ не сбуц кодтой, мыййаг. Оæ> фырт Семкæ фыстæ- джытæ фыста Фомайы чызг Солкæмæ æмæ йыл тынгдæр уымæн бацин кодтой. Мохнаковы æрбацыдæй сахат раздæр* Автоном загъта йæ фыртæн: — Ракур æй, нæ дæ бахъыгдардзынæн. Æрмæст хуы- цау бахизæд Солкæйы йæ фыды характерæй. Семкæ йæ къæбут аныхта: — Йæ фыд Фома Титичы нæ фæнды иунæгæй баззайын, йæ чызгмæ мидæгмоймæ æрбакæнынмæ хъавы. Ауадз- дзынæ мæ, и? — Фома тыхджын лæг у, йæхицæн иу идæдз æрцагур- дзæн. Дæ уарзонмæ ныффысс æмæ йæ фыдæн бамбарын кæна, æнæфæхицæн сын кæй нæй, уый. — Уæд та нæм Фома Титич дæр æрбацæуæд цæрын- мæ,—загъта Семкæ. Йæ фыд ын йæ ныхас фескъуыдта: —- Цæйнæфæлтау Фомаимæ иу агъуысты цæрон, фæл- тау та ногæй хæсты зындзинæдтыл сразы уыдзынæнГ Хæсты быдыры йемæ фаг фæхъизæмар кодток. Дæ хæлар дæм цас дарддæр цæра, уыйас дын адджындæр уыдзæн. Ды, Семкæ, дзæбæх ахъуыды кæн, чи зоны Солкæйæн дæр йæ фыды характеры хуызæн ис, уæд нæ рухс дуне- йæ фæхицæн кæндзæнис, æмæ фесæфдзыетæм. — Уый хæларзæрдæ чызг у, тæригъæдгæнаг,—загъта. Семкæ. Семкæ бæх суагъта, хос ыннывæрдта, йæдзаумæттæра- 176
ласта, стъолы цур сбадти æмæ йæ бæзæрхыг уæхсджытæ фæйнæрдæм байтыгъта. Семкæ бæзæрхыг лæппу уыд, фæлæ Фома æмæ йæ фыды цур зынд, стыр тулдзы фарсмæ тала цы хуызæн эына, раст афтæ. Уый хордта æнæдзургæйæ, аивæй-иу бакаст Мохнаковмæ, Не ’мбæрста йæ фыд цæмæн æфхæры ацы æнкъард, æрвгъуызцæстджын стырлæджы? Фæлæ Фома цæмæй зыдта фысьшты хъуыды. Æппæлыд, зæры бонты ма йæ зæрдæ кæуыл æнцой кæны, уыцьг иу- нæг чызг Солкæйæ: — Асæй мæ Соломея йæ мæгуыр мады бæрзæндæн у, йæ февнæлдтытæ та мæ февнæлдтыты хуызæн сты! Куыс- тæй йын бафсис нæй. Волгæйы афтæ бирæ уарзы, афтæ æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Æмæ йæ куыд нæ хъуамæ уарза йе схъомылгæнæджы? Уый йын куы дæтты хæри- наг, дон, рæсугъддзинад. ’Налдеевы ус-иу йæ урс сæр разыйы тылд бакодта, æмæ-иу Фома йæ ныхасæй куы фенцад, уæд-иу тагъд- тагъд дзурын райдыдта: — Ех, цæуыл дзурæм, Фома Титич, федтон дын дæ булæ- мæргъы: куыд урсцъар у, куыд рæсугъд цæстытæ йын ис. Мойаг дæр ьш волгæйаг ссарынхъæуы, быдираг нæ, фæлæ. Куыд хъуамæ цæра чызг æнæ Волгæ! — Æнæ Волгæ Солкæ иу бон дæр нæ бафæраздзæн. Æнæ дон кæсагау бабын уыдзæн. Куы райгуырд, уæдæй фæстæмæ æппынæдзух доны ис, цал æмæ мын цал хат- ты фæдæлдон! Кæсаг ахсын бирæ уарзы. Цæрдæг æмæ арæхстджын у. Кæсæгтæ дзыгуыртæй комкоммæ баленк кæнынц йæ хызмæ. Мæйдар æхсæв уа æви тых дымгæ, уæддæр Солкæ æдасæй фескъæрылодкæ. Лодкæйæн мотор куы нæ уа, уæд та йæ фыййæгтæй скъæры. Ленккæнын- мæ та кæсагæй уæлдай нæу. Æз æмæ мæ чызг нæхи на- йын райдайæм, дон ма их куы вæййы, уæд. Сайгæ уæ нæ кæнын! — Мæ зæрдæмæ дæр тынг цæуы дæ чызг,—агуывзæты сæн кæнгæ кæныи, ныхасы йæхи фæхæццæ кодта Авто- ном.—Ныр ыл стдæс азы цæудзæн, æвæццæгæн? Мæнæ мит куы батайа, зæхх цъæх-цъæхид куы адара, уæд чызджы мой кæнын æрфæнддзæи. 12* 177
— Уымæй гæдыныхæстæ кæныс, сержант. Нырма йын раджы у йæ фыды иунæгæй ныууадзынæн. Нырма æры- гон у, стæй лыстæг. Нæма йыл риу ис, нæма... Йæ сы- вæллоны йе ’нгуылдзæй хъомыл кæндзæн? Нæ, сержант, нырма мой кæнын йæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Суа- доны донæй сыгъдæгдæр у.— Мохнаков йæхицæй аиуварс кодта агуывзæ æмæ Семкæмæ тызмæгæй бакаст.—Лæппу, ус курын куы рымысай, уæд-иу мæнмæ æрцу. Æз дын нæхимæ Усть-Курдюмы ахæм чызг ссардзынæн æмæ цæргæ- цæрæнбонты дæ цинæн кæрон кæ уыдзæн! Усть-Курдю- мæгтæ хицæн адæмы хатт сты: бæрзонд, урсцъар, ис сын урс сæры хъуынтæ, æрвгъуыз цæстытæ, сты хъæл- дзæг. Фыццагон рæстæджы, дам, купецтæ махмæ цыдыс- ты усгур. Хурскæсæны адæмтæ—мæнæ персæгтæ, буртæ, къуыппрагъ фындзтæ та-иу сæ былтæ астæрдтой Усть- Курдюмы сылгоймæгтæм. Иу дзырдæй, æрцу-иу, Семкæ. Цæрæнбонтæм дæр нæ ферох кæндзынæ дæ чындзæхсæвы зарджытæ. Усть-Курдюмы сывæллæттæ алкæмæй дæр хицæн кæнынц. Æндæрты зарын тайтайы хуызæн у, уы- донмæ хъусгæйæ дæ бафæнддзæндæ хъусты къæрмæджы- тæ бакæнын. Махæн та сæ хъæлæба дæр булæмæргъы зарæджы хуызæн у. Сывæллæттæ не сты, фæлæ — зар- джытæ. — Дæ хорзæхæй, Фома Титич, иу уæддæр баназ,— лæгъзтæ йын кодта Автоном.—Нæ хæстон хæлардзинады тыххæй, нæ уæззау службæйы тыххæй, фидыдады тых- хæй. — Цæй, а, сержант, дæ ныхас фæуæд, фæстаг хатт ма нуазын. Уый фæстæ та мæ комы къулты дæттæ ныхъ- хъуырдзынæн. — Не знæгтæ баназæд фæстаг хатт. Æз æмæ ды та, æмбал гвардийы салдат, кæсаг ахсгæйæ нуаздзыстæм,— Автоном, йæ армы тæпæнтæй йæ рихитæ адаудта æмæ йе ’мслужбæгæнæджы схуыдта чызгамонæг: — Капуста хæрæн дын ис, чызгамонæг? Памидортæ та? Марадз-ма, мæ рæдау æфсин, йæ разы йын бедра авæр! Уадз æмæ дзы йæ чызгæн аласæд. — Халсар хæрæн мыи ис,— Мохнаков йе стыр дзыхы 178
сырх памидор анадта æмæ йæ цæсгом фенцъылдта.—Хæрз фых дзидза хæрын дæр мын уадзынц, æрмæст æнæ хре- нæй. — Хæйрæджы хай фæуæд сæ хъуыддæгтимæ! Марадз м:а, лæппу, уазæгæн фысы агъд афыц. Дыргътæ дын ницы хъыг кæнынц? Æфсин, иу къусдзаг ма нын фæткъуытæ нæ разы авæр. Туаг организмæн пайда у. Мохнаков банызта. — Цыма мын фенцондæр,—-загъта Фома. — Мах, салдат, хъуамæ низты коммæ кæсæм? Хъуыс- тай, нæ раздæры æмцæдисонтæ—генералтæ цы хæстæн- .дзарæн ныхæстæ кодтой, уымæ? Мохнаков хæсты быдыры фæцахуыр сержанты полити- ^кон беседæтæм хъусын æмæ та йæм ныр дæр зæрдиагæй хъуыста. Нуазгæ кодта цъус, хæргæ та—алцы дæр, дох- тыр ын цы хæрын уагъта, цы нæ уагъта, уæлдай йын нæ уыд. Автономимæ кастысты дохтыры гæххæттытæ æмæ-иу €æ нозтджын сæртæ банкъуыстой. Куы медицинæйы ных- ^мæ дзырдтой, куы та-иу йемæ сразы сты. Фæбадтысты суанг æрдæг æхсæвмæ. Мад æмæ фырт бафынæй сты, ’фæлæ ма раздæры хæстон æмбæлттæ бадтысты æмæ ны- хас кодтой, сæ раздæры хъуыддæгтæ, низтæ æмæ сæ ’фыдæбæттæ ферох сты. III Куыддæр хур йæ был сдардта, афтæ Мохнаков ацыд. Æхсæв зæхх фæсалд, фæндаг фæхъæбæр. Волгæйы был- тыл уыд сабыр, чысьтл цæдты сæрты цæугæйæ, ихтæ састысты æмæ сæ къыбар-къыбур хъуысти. Райсомы уазал, сыгъдæг уæлдæфы апрелы уазал мигътæ арвыл рæ- сугъд нывтæ арæзтой, афтæ вæййы æрмæст уалдзæджы къæсæрыл. Фæндаджы былгæрæтты миты бынæй сæ ло- пъо сæртæ сдардтой къуыппытæ, йæ рахиз былгæрон уырдыгмæ лæдæрстысты бурбын, зетигъуыз дæттæ. Мохнаков уарзта ацы æнæбанцайгæ уалдзыгон нывтæм кæсын æмæ хъуыды кæнын: мит ссæлæф, схæмпус, мæнæ ма иу чысыл, æмæ митдонæй æфсæст зæхх сау кæнын 179
райдайдзæн, хъарм уæлдæф апырх уыдзæн алырдæм æмæг та адæймаджы хъуыдытæй айсæфдзæн фыдуаг зымæг* Æр- мæст ма уæд арф адгуыты фæтайы рыгæй æмбæрзт мит> Болгæ йæхицæй æттæмæ ссоны хырыз ихы пырхæнты, уыдон дæр фæд-фæдыл ленк’ кæнынц доны сæр. Лодкæ доны куы баскъæрай, уæд æй авдæнау узын райдайдзысты йæ рог улæнтæ. Донбылгæрон дæ куырдадзæй къардиумæ схъиугæ ахæсдзæн лодкæ, йæ разæй улæнтæ фæйнæрдæм фæйлаугæ. Лодкæйы бады Фома, скъæры йæ йæ чызг, йæ бæмбæджджын къандзол фæйнæрдæм ныппака кодта, афтæ- мæй. Хурмæ тагъд ныссау уыдзæн йæ урс цæсгом. Йе ’рв- гъуыз цæстытæ ныссутыр уыдзысты. Иу къуырийы фæс- тæ та... сывгæндзынæ астæумæ раивылгæ дæтты ’хсæн сурæй аззайгæ зæххыл кæсæгтæ, срæдзагъд сæ кæндзынæ лодкæйы æмæ дæ фæндаг дарыс, фæскъуылдымæй дæм æрбазындзæн дæ райгуырæн хъæу, йæ дурæвзалы æмæ дыл йе ’фсæйнаджы тæф калгæ сымбæлдзæн дæ куыр- дадз. Йæ фæскъул гæзæмæ чи фæцъæх, уыцы кæрдæг кæны умæлы тæф, кæрдæджы бындзæфхæдты цур дыу- уæрдæм рабыр-бабыр кæнынц куадзæны хъæндилтæ æмæ дæ се змæлдæй бахъæлдзæг кæндзысты. Адæм цæуынц сæ пиджакты, æйттмардзæ сылгоймæгтæ та—афтид къабаты дæр. Фомамæ афтæ кæсы, цыма нырма хæрзæрæджы рыз- дæхт хæстæй, йæ фондз аздзыд сидзæры ссардта Волгæйы фалейæ быдыры йæ дард хæстæгмæ. Йæ хæдзары фæрссæг- тæ æмæ дуæрттыл цы дзуарæвæрд хуыд фæйнæджытæ уыд, уыдон раппæрста, изæрдалынгтæм фæрæтæй фæцал- цæг кодта йæ кулдуар æмæ асины схизæн. Ныхсадта пъол- тæ, байгом кодта рудзгуытæ, дуæрттæ, æмæ хæдзар ссыгъ- дæг æнуд, æдзæрæг уæлдæфæй. Йæ чызгыл уыд, хъæдын- дзы цъæрттæй арæзт ахорæнæй ахуырст хомхъуымац хæ- дон, афтæмæй йын æххуыс кодта. Салдаттаг аджы дон æр- кодта æмæ йæ хæцъилы бызгъуырæй æхсадта. Фыд хæри- наг сарæзта, Солкæйæн бахæрын кодта æмæ йæ схуыссын кодта. Уый фæстæ тамако бадымдта æмæ куырдадзæй ра- калдта, æфсæйнаджы тæф чи кодта, ахæм зæронд фæнык... Ну хатт уыгæрдæны æргуыбыр кодта æмæ лыг кодта ]80
хихгæрдæг, æвиппайд йæ хъустьтл цыдæр унæр ауад. Фома йæ сæрыл схæцыд æмæ дидин æфтауæг къутæрты ’хсæн федта иу сылгоймаджы. Дымгæ йын разæй йæ хъу- лон джиппæйфыст къаба йæ буармæ нылхъывта æмæ йæ чысыл къуыппгонд гуыбыныл чысыл гæзæмæ дзыхъхъ ра- зынд, дидинджыты цупæлттæ та йæ сыгъзæрингъуыз бæ- гъæввад къæхтыл тыхстысты. Фома йæ фæрæт æрывæрдта, йæ хæдон бадзæбæхтæ кодта æмæ сылгоймагмæ къæзгæйæ бацыд. Æвиппайд нæ базыдта, хæсты чи фæмард, йæ уыцы æмтохгæнæджы ставд ус Марькæйы. Уый хæсты агъонмæ цæсты нæ ахадыдта, уыд мæллæг куыд уонгæй, афтæ цæсгомæй дæр. Æрмæст йæ цыдæй хицæн кодта ин- нæтæй, цыд, йæ риу-иу размæ аппæрста, афтæмæй: Æнхъæл дæн, йæ хæрзконд, мæгуыр, дзæнæты бадинаг лæг æй дзæбæх нæ рæвдыдта. — Дæ лæг хæсты мæ цуры фæмард,—загъта йын Фома. — Уæууа!—• загъта йын ус,—йæ армы тъæпæнтæй йæ цæстытæ амбæрзта, йæ къæхтæ сындæггай æркъæдз код- та æмæ кæрдæгыл æрбадт. Лæг дæр йæ фарсмæ æрбадт æмæ тамако сдымдта. Аивæй-иу æм бакаст, афтæмæй йемæ ныхас кодта. Сылгой- маг дондзæстæй каст, сабыргай чи тад, уыцы зæрæхсидмæ. Йæ лыстæг цæсгом нынкъард, нырхæндæг. — Мæнæ æз дæр идæдзæй, баззадтæн. Нæ мын фыд ис, 'Нæ мад. Сывæллæттæ дын нæй? Марья йæ сæр батылдта: — Мæ фырт амард. — Гæнæн ис æмæ дæм хæдзармæ бацæуон? Сылгоймаг æм æвиппайд фсздæхт æмæ йæм йæ цъæх цæстытæ тызмæгæй ныццавта. — Цæмæн мæм цæуыс? — Дæ лæджы тыххæй аныхас кæндзыстæм, стæй æнæ- уый дæр. — Мæ зæрдæ сцъæх ис уыцы „æнæуый дæр"-æй æнæ- хъæн хæсты рæстæджы. Бирæ кæйдæрты мæм фæнды æр- бацæуын уыцы „æнæуый дæры" тыххæй. Худинаг дын нæу? Ацæргæ лæг куы дæ. Сылгоймаг цæрдæг фестад æмæ дидинæфтауæг къу- тæрты ’хсæн æрбайсæфт. Райсом Фомамæ правленимæ фæ- сидт æмæ йæ æнæбары бафарста, зæгъгаз, уыцы куырдадз æрæгмæ сцæттæ казндзынæ. 181
Фома йын, мидбылты худгæйæ, йæ тызмæг æлхъывд. былтæм бакаст æмæ загъта, райсом хурскасты агъонмæ* дзæбуг æмæ хъæсдарæджы хост сæрдары кæй райхъал кæндзысты йæ хъарм хуыссæны йæ адджын фынæйæ. Йæ- хæдæг дæр нæ зыдта, йæхицæй йын цæмæн раппæлыд, уый, фæлæ дзы иугæр дзырд сирвæзт, уæд æхсæв бонмæ- нал схуыссыд æмæ куынц сцалцæг кодта. Райсом сæумæ^ дъæхæй æвзалытæ æххæст нæма ссыгъдысты, афтæ Марь- кæ ’куырдадзмæ æрбахаста иу æфсæйнаг’ сынтæг. Фома йын йæ къæдз фæрстæм æркæстытæ кодта æмæ загъта: — Хорз, сцалцæг æй кæндзынæн æмæ йыл зæрдæрайæ фынæй кæн. — Марькæ йæ къухтæ йæ синты сæр авæрдта, йæ риу размæ ракодта æмæ Волгæйы фаллаг фарсмæ æнæ сыбырт- тæй каст. Йæ цæсгом райсомы сæуæхсиды зынггъуыз тын- тæм тæмæнтæ калдта. — Ацы сынтæгæй, куырд, стыр зæгæлтæ сараз. Фæй~> нæджытæ цæмæй бахуыйæм, уый нын нæй. Фермæ та гом у, æнæмбæрзт. Фомайæн йæ зæрдæсгуып-гуыпп кодта: иугæр идæдз йæ сынтæг зæгæлтæн радта, уæдбæрæг у йæмулкылйæ къух кæй ауыгъта. Уæвгæ та ацы сынтæг чи зоны йæ чындз- дзон дзаума у, æмæ йæ йæ ныййарджытæ чындзы цæуын- мæ куы цæттæ кодтой, уæд йæхинымæр цас сусæг, ад- джын хъуыдытæ кодта йæ амонды тыххæй. — Цы ми кæныс, Марья? Æндæр исты æрхъуыды кæн- дзыстæм... Æз уæддæр бæрзæй зæгæлтæ аразын нæма са- хуыр дæн... Сынтæг дын бабæздзæн... — Райсоммæ мын зæгæлтæ цæттæ куыд уа! Марькæ куы ацыд, уæд Фома сынтæг апырх кодта æмæ. йæ лыггæнæнæй лыгтæ райдыдта. Иу хатт æм æдылы Панькæйы æрбарвыста, цæмæй Фома æрбацæуа Марьямæ хæдзармæ. Фома йæм хорздзииадмæ не ’нхъæлмæ каст, фæлæ уæддæр йæхи адаста, йæ рихитæ- бамхуызон кодта, йæ хæдоныл иту сывæрдта æмæ йæ цырыхъхъытæ ныссæрфта. Ус хæдзары бадт иунæгæй. Уыдис ыл хъулон къаба.. Иæ дзыккуты йæ хъусты сæрмæ стьшбыл кодта. — Цæй дзур, куыд амард мæ лæг? 182
Стъолыл æрывæрдта цæхæрайæ конд арахъхъ, тæбæгъы чысыл гуылтæ æмæ хус кæсаг. Марья йæхæдæг нæ нуæз- та, йæ къухтæ йæ риуыл дзуарæвæрд скодта æмæ хъуыс- та Фомамæ. Йæ лæджы амарды уый бæрц диссагæй ницы уыд: атахъы ацыд удæгасæй æмæ йæ уый фæстæ та ссардтой мардæй. Фæлæ Мохнаков архайдта идæдзы зæрдæ балхæ- ныныл æмæ йын райдыдта зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ кæ- нын: Иван дæс немыцаджы сфæлдæхта, стæй тугæрхæмт- тæй размæ згъордта... Мохнаков æм куы ныггуыбыр кодта, уæд ын загъта: „Салам-иу мын радт мæ Марусяйæн". Æфсин ын дыккаг авг йæ разы æрывæрдта. Ацы хатт уыд донхæццæ спирт. Фома баЕ^уæзтджын, стъолы цурæй сыстад, фæцудыд- та, сынтæгыл бахауд æмæ фæлмæн базтыл ныффæлдæхт. Лæг райхъал йæ хъусты фыд рыстæй. Æфсин ын сæ æгъатырæй æууæрста. — Æз цæсгомджын дæн, хъусыс!—хъуыр-хъуыр кодта ус —Уæлæмæ сыст, дзæгъæлы ма ’фсæнттæ кæн! Лæг фестад, ног та ацух-мухтæ кодта æмæ йæ ных дуарыл сымбæлд. Марья йæ загъдгæнгæ акодта цæхæра* доныл футджыты ’хсæнты, афтæ фæзагъд кæнынц, æв- зæрдзинæдтæ чи нæ фæкæны, ахæм сылгоймæгтæ. Фома худинагæй фæтарст, йеппæт тыхтæ æрбамбырд кодта, йæ къухтæй футджытыл фæйнæрдæм ахæцыд, йæхи размæ аппæрста æмæ зæххыл абырæгау кодта. Мохнаков куы райхъал, уæд йæ русыл банкъардта цыдæр хъарм æмæ фæлмæн. — Цæй сыст, мæ къæхтæ бандзыгысты,—загъта Марья. Лæг йæ иу фарсыл æрзылд, стъалытæм йæ цæстытæ стъæбæртт-тъæбæртт кодтой æмæ та ногæй афынæй. Ус ын къухтæсæрфæнæй йæ былтæ асæрфта æмæ йæ уа- дул лæджы цæсгомыл æрывæрдта. — Суадз мæ, худинаг у,—дзырдта Фома æмæ йын йæ къухтæ нылхъывта. Уæдæй фæстæмæ бирæ азтæ рацыд. Марья бампылд, Фома дæр базæронд, йæ сæр сурси, фæлæ уæддæр сæ уарзты къуыбылой нæ хæлы. Тынг сæ схæлар кодта сæ 183
иумиаг куыст, адæмы мæстæймарæн ныхæстæ, — сусæг уарзæттæ сæ хуыдтой. Фома æххуыс кодта Маркæйæн йæ уынаффæтæй, хаттæй-хатт та-иу армæй дæр. Фома йæ нæ ракуырдта, фæлæ цыма Марья йæ уæлæ æрзад, уыйау æй уæгъд нæ уагъта. Лæджы йæ хъуырмæ скодта, чысыл ма бахъæуа йæ куыст ныууадза æмæ дзы искуыдæм фæ- лидза. Фома йæ раджы æрбакодтаид йæ хæдзармæ, фæлæ йæм Солкæ удхæесæджы цæстæй кæсы. Лæг та йæ чыз- гæй тарст. Чи зоны Солкæ чындзы куы ацæуа, уæд... — Хур арвыл стылди хъазгæ, ихтæ ленк кодтой, къада дæттæ згъордтой —куы æвзист æрттывд кодтой, куы та згæгъуызæй зындысты, цæхгæр-иу фæлыг кодтой фæндаг. Бæх бафæллад, уæддæр йæ цыды хай кодта. Цыдæр æн- къардгъуызæй каст йæ иу цæстæй, емыста лæхъир зæх- мæ æмæ ’хснырста. Быдыры иу адæймаг дæр нæ зынд, æр- мæст-иу цъиахтæ æвæндон тахт скодтой фæндагæй, æр- бадтысты-иу митыл æмæ-иу Фомамæ афтæ зындысты, цыма митыл сау стъæлфæнтæ бапырхчындæуыд. Хъæуы цур æрхыл колхозонтæ хæлдтой постатæй арæзт хид. Фома ма йæ æнæхæлдæй баййæфта æмæ йыл ахызт. Алырдыгæй йæм хъæлдзæг ныхæстæ кодтой. — Фæцырд кæн, мæ фыды хай, науæд æй ныртæккæ апырх кæндзыстæм æмæ маквуылты æрбахиздзынæ! Æмæ, æцæгдæр, хид апырх кодтой. Ныр ыл ардыгæй хуымгæнæнмæ ничиуал ацæудзæн, цалынмæ æрхы дон йæ ивылынæй æрынцайа, уæдмæ. Фæндаг уыд хуырджын. Мохнаков бæхы рохтæ дзо- ныгъыл разæй æрбаста, голладжы йын Автоном Налдеев цы фæидаггæгтæ нывæрдта, уыдон систа: къабускаджын æмæ чысыл авджы дзаг хъæууон хос. Авгыл ныхæст гæххæттыл уыд сержанты къухæй фыст: „Дæ зæрдæ æмæ йæ иннæ рыстыты тыххæй нуаз æмæ фидар кæн, салдат!" Мохнаков йæ цæстытæ фæтъæбæртт кодта æмæ авгмæ æдзынæг ныккаст. — Ох, дæлимонты хай фæуинаг!—сдзырдта, стæй авг хосты быи фæтъыста æмæ ефсы синтæ ехсæй æрцавта,— ух, зылынцæст, цы дæ ком ивазгæ цæуыс, расыг дæ æви’. 184
Гыедуха фырадæргæй иу чысыл азгъордта, стæй та са- быргай араст хохрæбынты Волгæйы ’рдæм. Хъæдмæ æввахс ныллæг ленк кодтой уалдзыгон сау мигътæ. Арвæй хауьш райдыдта иугай уазал æртæхтæ. Фома йæ цыбыр кæрцы æттейæ ’рбакодта йæ плащ æмæ йын йе ’фцæггот хæрдмæ сфæлдæхта. Къæвда фæтынг- дæр. Мигътæ сæхи уæлæуæз систой æмæ æрынцадыс- ты тайгæ миты сæрмæ, доны сæрмæ, хъæды сæрмæ, æмæ зæронд хурсыгъд кæрдæджы сæрмæ. Æхсæркъутæртæй цъиуы лæппынтæ цъыбар-цъыбур кодтой. Фома мæргътæм бахæлæг кодта: рагуалдзæг сæхи хур- мæ тавынц, уадзынц сæхицæн лæпяынтæ! Сау халон дæр ма æйчытæ æфтауы йе ’нæбары, зыхъыртæ арæзт .ахстоны. Йæ къухæй хосы мидæг авг ацагуырдта. Фома авг бан- къуыста, йæ сæр хæрдмæ схъил кодта, йæ дзых схæлиу кодта æмæ йæ анызта. Хæсты-иу танкæты ныхмæ гранат- тæ куыд цæрдæг фехста, афтæ та ныр дæр авг тулдзыл андæгъта. Усть-Курдюммæ бацæуæны мит æрвгъуыз дон фестад. Ададжы фалейæ куыддæр Гнедухайæн бæхдоны тæф йæ фындзы хуынчъытыл ауад, афтæ размæ атындзыдта, »йæ гуыбыны онг митхæццæ доны аирвæзт, коммæгæсы лæуд æркодта æмæ сабыргай бауасыд, цыма уымæй Фома- ’йæн æмбарын кодта: „Гъе, уый дын, гъе, æндæры фаг нал дæн". Мохнаковыл цы æнамонд хабарæрцыд, уыйартелыправ- ленийы фæрссагæй федтой. — Цомут, лæппутæ, Фома Титичæн аххуыс кæнæм. Рынчын лæг у æмæ йыл уæд та исты æрцыди,—йæ сæрыл йæ кæлмæрзæн кæнгæ-кæчын загъта правленийы сæрдар Марья Никъалаевна. Хынцæг Гаврил Калугин йæ цъæх тæнæг былтæ ан- цъылдтытæ кодта æмæ йæ къух ауыгъта: — Уымæн ницы уыдэæн! Фæлæ бæхыхъизæмарæйамар- дзæн. Фæтæнбырынкъ та сæн нынцъырдта! — Ех, фыд-зæрдæ дæ, Гаврия!—Марья Никъалаевна йæм йæ цæстытæ базылдта æмæ йæм йе ’нгуылдз æртхъирæны тылд бакодта. Йæ бæрзонд риуыл йæ бæмбæджджын къан- дзолы æгънæджытæ бафтыдта æмæ правленийæ рацыд. 185
Гаврил стъолмæ йæ папкæ баппæрста æмæ усы фæ~ дыл рацыд. Марья тыргъы æрлæууыд, йæ къухтæ фæй- нæрдæм аппæрста, йæ цæстытæ бацъынд кодта, йæ роцъо- хæрдмæ сдардта æмæ уæлдæф зыдæй улæфыд. Гаврик- æм йæ къахфындзтыл бахъуызыд æмæ йын куыддæр йæ- рæсугъд, хурсыгъд цæсгоммæ февнæлдта, афтæ йæм уый æвиппайд фæзылд. — Гæды æхсыры сæртæм йæхи куыд æппара, уыйау мæ- фæдыл мауал зил, Гаврил! Æппæт дæр ферох кæн. Калугин фыр мæстæй нытту кодта. — Уыцы хивæнд дын дæ сæр разилын кæндзæн. Æз та дæ рæвдаугæ бакодтаин, Маша. Марья Никъалаевна йæ лыстæг цырыхъхъыты тагъд- тагъд ратындзыдта. Калугин дæр уад йæ фæдыл. Æхсыз- гон ын уыд сылгоймаджы уæнгты цæрдæг фердæхт^ йæ синты змæлд, уæлдай дæр та йæ сæр фæстæмæ кæй< аппæрста, йæ риу та размæ. Æрхмæ куы æрбахæццæ сты, уæд Марья æмæ Гаврил. фыццаг федтой бæхы: Гнедуха уæгъдæй лæууыд æрхы фаллаг фарс æмæ йæхи мидæг рызт. Чысыл дæлдæр Мох- наков астæумæ митхæццæ, змæст доны ласта дзоныгъ. Марья йæм æххуысмæ фæцæйцыд, фæлæ йæ цырыхъ- хъыты ихджын дон ныккалд æмæ фæстæмæ фездæхт. Мохнаков дзоныгъ æрхы былмæ раласта. Йæ худæй асæрф- та йæ сырх цæсгомы хид æмæ йæ нозтджын цæстытæй худгæ загъта: — Гнедуха йæ кæм раластаид, æз æй тыххæй куы ра- фæрæзтон! Уæдæ афтæ. Дзоныгъ уал ам ныууадздзынæн æмæ уал матор ахæсдзынæн, дæс путæй фылдæр нæ уыдзæн.. — Нæ дын æй ауадздзынæн, Фома Титич, исты дæ ас- къуыйдзæн,—загъта Марья æмæ матор цы асыччы уыд, ууыл сбадт.—Хъусыс, нæ дæм æй ратдзынæн! Гав-т рик ацæудзæн æмæ адæммæ фæдзурдзæн. — Уæртæ йæ афтæ ахæсдзæн, бакæс-ма йæм!—Гаврил ныххудти.—Уый æфсæнттæ фæкæны, дæу та сонт сывæл- лонау йæ ныхæстæ фæуырнынц. Мохнаков æм йæ цæстытæ фыдæхы зылд бакодта, стæй йæ иу къухæй Марьяйы уæрджытыл ныххæцыд, иннæ 186
къухæй та йæ бæрзæйыл æмæ йæ былмæ рахаста. Уыш фæстæ бацыд асыккмæ, æмæ йæ йæ уæхскмæ систа. Хæр- ды цыд сабыр, стыр къахдзæфтæ гæнгæ. Марья Фомайæн куы йæ рахиз фæрсты уад, куы та йæ галиу фæрсты. Гаврик та хæцыд иуцæстон ефсы дзы- ларыл, йæ фæдыл æй ласта æмæ-иу йæ былтæ сзылынтæ кодта. — Ницы уал пайда мæ ис, Маруся, фесæфтæн,—æр- хæндæг хъæлæсæй хъаст кодта Мохнаков.—Ма нуазгæ кæн, ма хæргæ. Æвиппайд змæлдтытæ мын нæ уадзынц, æмæ ма стæй мæнæй цæй лæг ис? Марья йын зæрдæхæларæй кастис йæ цæстытæм. — Æнамонд... Изæры æрбацу æмæ иумæ фæмаст кæ- нæм. — Хорз, бауайдзынæн дæм мæ амæлæты агъонмæ. IV Уалдзыгон дæттæ куы раивылдысты, уæд Налдеевтæ* Фоматы хъæумæ хæдзары дзагæй æрцыдысты æмæ æр- фысым кодтой Марья Никъалаевнайы хæдзары. Мохнаков сын сæ хъуыды не ’мбæрета æмæ йæхины-- мæр дис кодта: дыууæ лæг æмæ иу ус цæй тыххæй рацы- дысты уыцы æвзæр фæндагыл, кæнæ абухаг Волгæйы/ сæрты, стæй сæ рагон хæлар Мохнаковмæ цæмæннæ æр- фысым кодтой, цæмæн æрынцадйсты æнæзонгæ еылгой* магмæ. Се ’ттаг бакаст дæр диссаг уыд: се ’ккой хастой цыдæр- над голджытæ, цыма зынгсирвæзтæй лыгъдысты, кæнæ та ног цæрæн бынатмæ цыдысты, уыйау. Марья зæрдæхæларæй райста Налдеевты. Фомайæн ацы хабæрттæ радзырдта сæ сыхæгты лæппу. Уый дзырдта куырдæн, цыма сæрдар самовар ссыгъта, Автоном та йын арт сцырын кæнынæн-æххуыс кодта. Сæ уæлæ цы дарæс уыд, уыдон раластой, голджытæй ног дарæс сис- той æмæ сæ скодтой. Диссаг, семæ такæд æрхастой сара- товаг фæндыр. Æппæт уыдон лæппу Фомайæн куы дзырд- та, уæд-иу бакаст Солкæмæ дæр. 187'
Чызгæн йæ цæсгом тæмæнтæ скалдта, йæцæстытæ ци- ны æрттывд кодтой. Лæппуйæн балæвар кодтой, домбайы ныв кæуыл уыд, ахæм æртхос. Æртхосы къæдзилйл-иу куы æрхæцыд, уæд- иу цæхæртæ акалдта. Хабархæссæг лæппу йæ мидбылты бахудт æмæ Солкæ- йæн йæ хъусы цыдæртæ адзырдта. Чызг дæр ын йæ хъу- сы цыдæртæ асусу-бусу кодта. Лæппу фатау атахт Марья- тæм. Æрмæстдæр ныр бамбæрста зæронд салдат, лæппу хъуыддæгтæ кæй хъусын кодта дыууæ ранмæ нæ, фæлæ ма чи зоны æртыккаг ранмæ дæр. Солкæ уаты змæлыд зæр- ватыккау, фæрссæгтыл кодтарæсугъц æмбæрзæнтæ, бæрæг нæу кæд сæ балхæдæуыд. Сынтæджытыл та бамбæрзта -бур, хурытынгъуыз хъæццултæ. Йæ фыдæн йæ сæр ных- сын кодта æмæ йын йæ сау цæсгом одекалонæй бапырх лсодта. Йæхæдæг та скодта хъулон крепдешин къаба. Уæд фыццаг хатт бамбæрста йæ фыд, Солкæ раздæры чысыл чызг кæй нал у, уый, фæлæ байрæзт, ныррæсугъд æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсы йæ амондмæ. Фома бамбæрста Солкæйыл алырдыгæй кæй æрхъула сты сусæг- вæндгæнджытæ, фæлæ йæхи афтæ æвдыста, цыма сæ нæ зоны. Æмæ кæсагахсæн хызтæ бийыныл сбæндæн. Хатгай- иу Солкæмæ ницыæмбарæджы каст бакодта. Изæрдалынгты сæм æрбацыдысты Налдеевтæ. Сæ фырт Семкæ Солкæйы акодта Волгæйы былмæ. Автоном йæ хæ- лары ныхæсты бын фæкодта: — Цæй счындзæхсæв кæнæм. Цы ныхъхъус дæ, мемæ дæ бахæстæг кæнын нæ фæнды? — Мæ чызг мæ сидзæрæй нæ ныууадздзæн,—дзуапп радта Фома. — Ех, нæ хæстæг, нæ хæстæг, — тагъд-тагъд дзырдта Налдеевы ус,—чызджы хъуыддаг алчи дæр зоны, цæргæ йæ фыдимæ фæкæны, кæсгæ та æндæрырдæм. Ды дæр дæ мæгуыр усы кæддæр йæ ныййарджытæй расайдтай. — Иу цыбыр дзырдæй, дæ чызгыл дæ зæрдæ ма дар, сразы нын. Æнкъард ма кæн, салдат,—загъта Автоном. — Куы амæлон, уæд ацæуæд, кæимæ йæ фæнды, уыимæ. >188
Автономы цæстытæ фыр мæстæй ахъоппæг сты. — Мæлæты кой ма кæн! Æз æмæ ды хъæуæм не ’фса- ды. Фæстаг хæстæндзарæг сау сыджыты куы бамбна, уæд æнусы бонтæм æрулæфдзыстæм. Ныр та уал баххуыс кæ- нæм æвзæнгтæн, цæмæй сæ цард сиу кæной. — Уадз æмæ æвзæнгтæ сæхæдæг зæгъæнт сæ хъуыды! — Зондджын ныхæстæ кæныс, фома Титич, зондджын,— йæ ныхас ын фескъуыдта Налдеевы ус æмæ голлагæй сæн æмæ къалбас систа. Автоном асины сæрмæ рацыд, йæ дыууæ æнгуылдзы йæ дзыхы акодта æмæ ныхсидт кодта, стæй хъæлдзæгæй æрбахызт хæдзармæ. — Ныртæккæ нæ сыл цæргæс æмæ нæл цæргæс æрба- тæхдзысты. Мохнаков йæ чызгмæ фæрсæджыкаст бакодта, стæййæ æнæдзургæйæ æрбахъæбыс кодта æмæ Гшн йæ фæсонтæ йæ къухæй æрхоста. Райсомæй Налдеевтæ Солкæйы акодтой æмæ Фома йæ къæбылаимæ иунæгæй баззад. Æрбацыдысты йæм йæ сы- хæгтæ æмæ семæ сасирвæд скодта. — Чызджытæ!—сдзырдта Фома йе ’мкарæн сылгоймæг- тæм. Уыдон æхсæн уыд урс сæртæ æмæ æнæдæндаг ус- тытæ.—Азарут-ма, чызджытæ, рагон æнкъард зарæг! Сылгоймæгтæ стъолы фарсмæ бандæттыл рабадтысты^ къухсæрфæнтæй се ’нцылд былтæ асæрфтой æмæрайдыд- той: Æрзадт&н æз хиталæгау (шдыры... Зарæг хъуыст кæуынау. Æмæ Мохнаков йæ сæр дæл- дæрæй-дæлдæр уагъта. Йæ къухтæй та æууæрста къæ- былайы хъустæ. „Ех, куыд тæригъæддаг сидзæр дæн! Нæй мын мад æмæ фыд. Мæ ус та умæл сыджыты ис. Цалынмæ мæ чызг байрæзт, уæдмæ мæхи ныффидар кодтон. Ныр уый ацыд æмæ мыл зæрондад йæ уæз æруагъта", — хъуыды кодта Фома, йæ цæссыгтæ нæ сæрфта, афтæмæй. Сылгоймæгтæ йæ йæхи аирхæфсыны тыххæй уынгмæ ракодтой. Чи йыл кæрц скодта, чи та худ. Цыди йæ зæ- 189'
фонд хæлæртты ’хсæн æрхы былтыл Волгæмæ. Уалдзыгон хъæргæнаг дон дурты ’хсæнты згъордта лæджы бæрзæн- .дæн цадмæ. Цад йæхи мидæг фыцæгау кодта æмæ йæ сæрыл фынк сбадти. Фома йæ кæрцы ’гънæджытæ бафтыдта, йæ цырыхъхъы- ты хъустыл уæрджыты сæрмæ схæцыд æмæ уыцы цады ныггæпп кодта. Устытæ йæм къуырттон кæрчытау æрбаз- Фъордтой, оффытæ кодтой. Лæгъзтæ кодтой Фомайæн, цæ- мæй рахиза цадæй. Уый куыдта æмæ æппынæдзух дзырдта: — Сидзæр дæн, никæй хъæуын. Кæсагахсджытæ йыл æрымбырд сты, фæндыд сæ бæн- дæн ын йæ астæуыл бабæдтой æмæ йæ раласой. — Ацæут, ницæйæгтæ!—хъæр кодта Фома.—Былгæ- рæттæй дуртæ уыгъта æмæ сæ кæсагахсджытыл æхста. — Амæн йæ фыд дæр афтæ фыд-зонд уыд,—загъта иу зæронд лæг.—Куы нæ-иу банызта, уæд бындзы дæр нæ бахъыгдардтаид, фæлæ-иу куы анцъыхта, уæц-иуцæлæн- дой никæй уал уагъта. Иу къуыммæ йæ басайут æмæ йæ архъанæй æрцахсут. Фæлæ сын Фома сайын нæ куымдта. Йæ фæсон.тæ дон «æркæлæнмæ сыздæхта æмæ сыя хъæртæ кодта. —-Лæг амæлдзæн æмæ тæригъæд у,— дзырдта зæронд— дæсны куырд у, стæй хæларзæрдæ. Йæ кæрцы дæр фе- 'Сæфта. Фæдзурут-ма сæрдар Маркæмæ. Уайтагъд æрбахæццæ Марья Никъалаевна, адæмы аиу- варс кодта æмæ цадмæ ныггуыбыр кодта. — Дæхи найыс, Фома Титич?—фæлмæн мидбылхудгæ йын загъта Марья.—Мæнæ дын сапон æмæ æууæрдæн «æмæ дæхи дзæбæх ныннай. Мохнаков йæ астæу сраст кодта, иу дзæигар фæкаст Марьямæ, стæй сдзырдта: — Бæндæнмæм æрбаппарут, дæлимонтæ! Былмæ йæ куы раластой, уæд ын Марья тызмæгæй загъта: — Дæ кæрц аппар æмæ лидзгæ кæн уæртæ уыцы аба- намæ! Фома згъордта æмæ йæ цырыхъхъытæй доны цъæлф- цъæлф цыд. Куыддæр абанайы йæ дзйумæттæ раласта, 190
-афтæ Марья æд бæмбæджджын къандзолуыцы тæвды фæ- мидæг. Фома къуыммæ йæхи баласта, цъылынæй йæ раз .амбæрзта æмæ йæ былтæ гомыджы тылд бакодта. — Тæрхæгмæ схиз, æдылы къоппа!—йæ къухæй йын цъылын ратыдта Марья æмæ йын . дзы йæ буар цъыкк- дъыкк райдыдта. Лæг фæсмонгæнæг æмæ разыйы оффы- тæ кодта. Хъарм, бæзджын тæфы сæ кæрæдзи нæ уыд- той. Цалынмæ Фома тæрхæгыл хуыссыд, уæдмæ йын Ма- рья мидæггæгтæ æмæ сур бæмбæджджын къандзол æрба- хаста æмæ йæм абанайы рацæуæны банхъæлмæ каст. Кæ- рæдзимæ фемдзаст сты æмæ бахудтысты. — Мæ хæдзары нын хуьгздæр уыдзæн,—загъта Фома. — Æз æмæ дæуæн иумæ кæмдæриддæр хорз уыдзæн, Фома. Райсомæй Фома фæхъæлдзæгдæргъуыз æмæафтæзынд, цыма февзонгдæр, йæ матор рæвдз кодта æмæ йæхи ми- дæг цыдæртæ зарыд. Æмæ алчи дæр хъæлдзæг уыд; цы- мæ хур кæй ракаст, уымæн æви Марья хъæлдзæг кæй уыд, уымæн, гъе, та Фомайæн зæронд лæг куыд тарст, афтæ уазалы кæй нæ амард, уый тыххæй. 191
Караваева Анна ЗОНГÆ АДÆЙМАГ Поствæндагмæ хæстæг, мæнгагъуысты къулмæ, къæв- дайæ сæхи хъахъхъæнгæйæ, лæууыдысты дыууæ чыз- джы. — Нæй, мах уымæ нæ фенхъæлмæ кæсдзыстæм,—мæт- гæнгæйæ загъта саулагъз чызг сырх береты.—Къæвда ар- дыгæй изæрмæ нал банцайдзæн. — Мах фыдæнæн нæ цурты машинæтæ дæр нал цæуы... аластаиккой нæ,—фæсмонгæнгæ, загъта йе ’мбал, бурдза- лыг фыдуындгомау чызг чырынтæ сæрбæттæны. — Кæс-ма, Тоня, кæс!~æвшшайд бацин кодта уый.— Кæс-мэ, хъæдæй фæндагмæ цахæмдæр машинæ куыд æр- базылд! Тоня йæм лыстæг ныккаст æмæ, уæззау ныуулæфгæйæ, тарстгъуызæй сдзырдта: — Мæ боныл... Катя, мæ зонгæ у! — Омæ хорз, æгайтма дæ зонгæ у, цæмæй дзы фæтар- стæ? — фæдисау йе ’мбал. Тоня мæстыгъуызæй йæ къух уыгъта: — Дæуæн æнцон зæгъæн у, фæлæ мæнæн уыимæ мæ хъуыддаг æндæргъуызон уыд. — Ды ам рагæй нæ цæрыс æмæ бирæ х*ьуыддæгтæ нæ зоныс. — Уагæры цы хъуыддаг у, кæд сусæггаг нæу, уæд?— бафарста йæ Катя. — Цæй сусæг æмæ цæй цыдæр... алчи дæр æй зоны, æз уымæй мойкæнинаг кæй уыдтæн, дзырд уыдыстæм. Уа- 192
лынмæ хæст фæцис, йе æмæ уайтагъд Сережа рыздæХт.. . раздæр кæимæ цыдтæн, растдæр уый... — Æмæ хъуыддаг афтæ мæгуырау цæмæн рауад?—ба- фарста йæ йе ’мбал. — Уый .. мæнæ... афтæ...—къæмдзæстыгæй сулæфыд Тоня. Сергейы ’мбæлттæй иу хæстæй йæ мадмæ ныффыста, зæгъгæ, фехъуыстон, цыма дæ фырт тохы быдыры фæ- мард. Мардыл æй банымацтой æмæ йыл фæкуыдтой. Фæлæ рæстæг рацыд æмæ саг сæгуыты хуызæнæй: рыздæхт... Æмæ цæй ныр райдай ногæй... Мæ къонайыл, ныр уæртæ, гъе, æрбацæуы... аив нæу, ш кæй лæууын, уый. Райкомы машинæ „газик" гæппытæ- гæнгæ, къæвдайæ æхсад фæндагыл тахти. Шофыр кабин- кæйæ йæ сæр радардта æмæ, цингæнгæйæ, фæхъæр кодта: — Тоня! Тонечкæ, ам дæхи цæмæн хуылыдз кæныс?4 Чызджытæ, мæнæ мæ машинæйыл абадут æмæ уаё уæхимæ фæхæццæ кæнон! — Æмæ, чи зоны, нæ фæндаг иунæу...—дызæрдыггæн- гæйæ, сдзырдта Тоня. —Мах Кузовлевомæ цæуæм... дар- дыл зилын дæ бахъæудзæн. — Ницы мын у, йæ дзурыны аккаг нæу. Сбадут, сба- Дут... Тоня сбадт шофыры фарсмæ, йе ’мбал та гуыффæйы. Шофыр чызгмæ бакаст æмæ йын йеуæхсджытыл йæ дæрд- джын кæрц баппæрста. — Тоня, бынтон басыдтæ? — Æмæ ды дæхæдæг нæ басыдтæ? — Вад, бад, мæн газ хъарм кæны. Ныхъхъус сты, Шофыр асгæрста, йе ’мбæлццоны ’рдыгæй дуар фидар æхгæд у, уый æви нæ æмæ хъуы- дыгæнгæ сдзырдта: — Тоня, рагæй дæ нæ федтон, рагуалдзæгæй фæстæ- мæ. Иу хатт дæ Эмтэсы цурты рацæйцыдтæн, дæуæй сæ фарстон æмæ мын уæ хистæр Иван Алексеевич загъта, зæгъгæ, уый ам нал кусы. — Раст у. Иыр æз æндæр станцы, Петр Навловичмæ кусын: 13 19»
— Æмæ Иван Алексеевичимæ нæ бафидыдтат. Хорз лæг куы у. — 0, афтæ... о, афтæ...—-æмæ чызг йе уæхсчытæ баз- мæлын кодта.—Мæнæн раст нæ бакодта! Алкæмæн зæххы фадгуытæ кæм хъуыд, уым радта, мæнæн та къуыппытæ, фæз бынат дзы нæ фендзынæ. Худинаг ын уæд Иван Алексеевичæн афтæ бакæнын —куы йæ зоны, искæйтау æнарæхст нæ дæн. Экзаменацион къамисы сæрдар йæхæ- дæг уыд, æппæт тракторы хæйттæй мæ булкъау фæкъах- та æмæ йын æз дæр лыстæггай дзуапп лæвæрдтон йе ’ппæт фарстытæн. Иннæты цур мæ феппæлыд, тынг хорз бæрæггæнæн мын нывæрдта... æмæ мын ныр та æппæ- ты мæгуыраудæр зæххы фадыг радта. Æз æм, кæй зæ- гъыи æй хъæуы, фæхъыг дæн, мæнæн дæр хиуарзондзи- надис! —-Эх, æнæрцæф сæр! Æмæ дæ, чи зоны, фæлваргæ кодта? Раст куы зæгъæм. уæд Иван Алексеевич тракто- рон хъуыддаджы дæсны у, дæсгай хорз трактористтæ схъо- мыл кодта. — Адæмы мæстæй марай, афтæ ничи хъомыл кæны. — Кæсыс, ды уæддæр дæхи дзырд кæныс... Иван Алек- сеевич раст хъуыды кæны: тракторист йæ трактор æр- мæст итувæрд фæндæгтыл скъæрын куы зона, уæд уый стыр цыт у мыййаг? — нæй, хъуамæ цыфæнды ныхдуртæ дæр басæттай! Кæд æмæ уый дæр афтæ хъуыды кодта, Андрей Ива- нич, уæд йæ бон уыд æмæ мын æй бамбарын кодтаид... Дæхæдæг ахъуыды кæн. Иу æмæ дыл ссæдз азыцæуы, стыр дæ ныр. Хъуыды ма кæныс куыд-иу дæ фæдзæхс- тон: хъуамæ адæмимæ цæрын зонай, науæд фыдрæдыд фæкæндзынæ. Тоня, мыййаг дын æвзæр фæдзæхстон. — Ды мæ алхатт дæр хорзыл ардыдтай...—йæ сæр ныл- лæг æруадзгæйæ, сабыргай сдзырдта • чызг.—Ды куы нæ уыдаис, уæд чи хъуыды кодта мæ хуызæн гыццыл, зы- быты сидзæры. Чи зоны, æз мацарды фæндаг афтæ тагъд не ссардтаин... — Уыцы ныхæстæ ныууадз, дæ хорзæхæй! — йæхими- дæг схъуыр-хъуыр кодта шофыр æмæ, æгæрыстæмæй, 194
йæ къухы ’нгуылдзæй бартхъирæн кодта.—Цыдылне ’мбæ- лы, ахæм ныхæстæ ма кæн, алæ-ма цавæр „гыццыл" адæй- маг дæ? Кæй зæгъын æй хъæуы, дæс азы размæ æнæм- баргæ уыдтæ, стæй авдазон скъола каст фæдæ, уый фæс- тæ трактористты курсытæ, профцæдисы уæнг дæ, хъæу- уон хæдзарадæн ахсджиаг чи у, ахæм дæсныйад дæм ис. Æндæр ма? — Андрей Иванич, уымæй раст зæгъыс. Ныхъхъус сты. Андрей Иванич-иу зулмæ бакаст йæ худы бынты чызджы тымбылдзæсгоммæ, йæ чысыл схъæл фындзмæ æмæ сывæллонау йæ таппуз былтæм. Стæй ба- : хуыфыд æмæ йæ бафарста: — Тоня, хъуыды ма йæ кæнын, дарддæр дæ цыма ах- уыр кæнын нæ фæндыд? — Бæгуыдæр! Автомобилты фæндаджы транспорты ин- женер суæвын мæ фæндыд!—хъæлдзæгæй загъта чызг. , — Гъе, уæдæ уыдзынæ, æрмæст раст намысджынæй кус, уый йедтæмæ дæ фæндæгтæ алырдæм дæр гом. Гъе, ме ’фсымæры хай, æз ме ’взонджы бонты цы маст бавзæр- стон, уымæн ды йæ аууон дæр никуы федтай! 0, ныр фæ- зæрондгъуыз дæн. — Андрей Иванич, нырма дьтн зæронд кæнын афон нæу...—тæригъæдгæнæджы хъæлæсы уагæй йын, ныфсæ- вæрæгау, загъта Тоня. —-Цафон ма...~багуым-гуым кодта шофыр. — Йæхи дасгæ-дасын цы рус алыг кодта, уыцы цæх- гæрмæ ракъуыпп уæвæг рус-иу гæзæмæ базмæлыд, цыма йæ дæндæгтæ рыстысты, уыйау. Тоня йæм æнæнхъæлæ- джы фæкаст, цыдæр зæгъын æй фæндыд, фæлæ фæстæ- дзæг йæхи ауагъта æмæ кæрцы æрныгъуылд. — Уазал дын у? —- фæфиппайдта йæ йæ фезмæлдæй шофыр. — Нæ, бузныг... нæуый базмæлыдтæн... — Къæвда уæддæр сæх-сæх кодта. Зæронд машинæ гы- бар-гыбур гæнгæ бахæццæ хъæдрæбынмæ. Фæндагыл цæугæйæ йыл цы игæргъуыз æмæ бур хуылыдз, пыхцыл 195
бæлæстæ æмбæлдысты, уыдон, расыг лæгау, дыууæрдæм размæл-базмæл кодтой æмæ машинæйы гуыффæмæ калд- той ставд уазал къæвдайы æртæхтæ. — Ой!—-æваст фестъæлфыд Тоня æмæ, йæхи растгæнæ- гау сгуым-гуым кодта: — фæззæг афтæ куыныддаргъ вæй- йы, уæд уымæй æвзæрдæр ницы ис. Хъæуы къæвда афтæ. нынкъард кодта æмæ уынгмæ рахизæнтæ нæ уыд. Æрæ- джы нæ хистæр Петр Павлович Мæскуыйæ ’рцыд æмæ дзы тынг æппæлыд: Мæскуы та ногæй ахæм хорз сси! Мет- ройы ног станцтæ федта: гъемæ, зæгъ, афтæ рæсугъд сты, иуыл мраморæй, растдæр галуантау. — Æмæ цы, Мæскуы дæр уымæн хъуыйяы, советон Цæ- дисы сæйраг горæт. — Æвæццæгæн, Мæскуыйы фæззæг дæрнæ рахатдзынæ... Андрей Иванич. Мæскуыйы цæрын дæ нæ бафæндид? -—Мæскуы, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг хорз горæт у...-~йæ сæр разыйы тылд бакæнгæйæ, загътаАндрей Ива- нич.—Фæлæ æз хъæууон шофыр дæн æмæ нæхи хъæуы Мæскуыйæ къаддæр нæ уарзын. Ам, мæнæн алы къахвæн- даг дæр зындгонд у, адæм мæ иуыл зонынц æмæ сæ æз. дæр зонын. Æнæхъæн районы куы фæзилай, уæд дзы уый бæрц диссаджы цаутæ фендзынæ, алгъуызон адæм имæ зæрдæйæ-зæрдæмæ фæныхас кæндзынæ, æмæ алы хъуыд- даджы дæр дæ хъуыды куы уынай, уæд ахæм æхсызгон у æмæ дын куыд зæгъон!.. Мæнæ, гъе, ды дзурыс—фæз- зæг, фæззæг... æмæ фæззæг та æппæты хъæзныгдæр рæс- тæг у! — Ныр уый тыххæй цы дзырдæуа...—æмæ Тоня æваст ныкæл-кæл кодта. — Цы кæныс, Тоня?—Андрей Иванич æм бакаст æмæйæ мидбылты бахудт. Уый хъæрæй худт. Йæ хæмпус былты сæрмæ йæ уа- дултыл дыууæ гыццыл дзыхъхъы февзæрд. Йæ дыууæ бæзджын морæгъуыз æрфыджы йæфæтæн урсныхыл хъæл- дзæгæй дыууæрдæм кодтой. Йæ лыстæг дæндæгтæ урс- урсидæй зындысты, пырындзы хуызæн. — Уæдæ афтæ, Тоня, цы гæнæн ис?—шофыр æй æн- къардгъуызæй монцæй кæсгæйæ афарста. 196
— Уый знон уыд...—йæ худынæй рынцайгæйæ, Тоня райдыдта дзурын.—Лубковты цурты рацæйцыдтæн. Хъу- сын... сæ худын æмæ сæ къухæмдзæгъд цæуы. Æз бадис кодтон, æмæ сæм бацыдтæн. Кæсын, цы хабар у? Зæронд Лубков хатæны кафы, фæлæ йæ цæсгомыл та зыны, цыма мæсты у. Ницы йын бамбæрстон!.. Стæй мын æй бамбарын кодтой, зæгъгæ, зæронд лæг хæснаг уыд æмæ уымæн .ка- фы. Цавæр хæснаг у?.. Уалдзæджы сæм йæ фырт Ди- митр Федоровичимæ стыр быцæу рауад... — Æз уыцы быцæу зонын!—йæхимидæг бахудт шофыр. Нæ районон газеты уый тыххæй Димитр Федорович а-уал- дзæджьг фыста, знонау æй хъуыды кæнын. Ныхас цыд кар- тофы тыххæй... — Раст у, раст, картофы тыххæй!—йæ худын дарддæр кодта, афтæмæй йын разыйы дзуапп радта Тоня. Димитр Лубков, куыд раззагон колхозон, афтæ ахсджиаг фарст бахаста картофы гъæды тыххæй: хисæрмагонд зæх- хы фадгуыты картоф тыд кæмæн вæййы, уыдон вæййынц ^куыд æмбæлы, афтæ—ставд æмæ сæртæг, фæлæ колхозон ^быдырты та æгæр гæрæмтæ: кæм ставд, кæм астæуккаг, кæм та бынтон æвзæр, сæгъы бæгаты хуызæн... Афтæ гæ- нæн, зæгъ, кæм ис æмæ нæ тых æрмæст колхозы картоф- тæм радтæм? Мæн, — зæгъы Лубков, — ныфс ис хисæр- мангонд зæххы фадгуыты картофт’æй нæ, фæлæ кол- хозы картофтæй. Æз, зæгъ, мæ бригадæн диссаджы кар- тоф æрзайын кæндзынæн, æппæт мæ фæлтæрддзинад рат- дзынæн колхозæн, мæхи зæххы фадгуыты та картоф æп- пындæр нæ байтаудзынæн. — Раст афтæ дæр уыд!—хъæлдзæгæй бафиппайдта Тоня. — Мæнæн, зæгъ, мæхицæн æхсызгон у мæ куыстбон- тæм иттæг хорз картоф куы райсон æмæ паддзахадмæ дæр ахæм куы радтæм. Æмæ, зæгъ, мæхи зæххы фадыджы та картофы бынаты ныссадздзынæн алыгъуызон гагадыргътæ. — Гъемæ раст афтæ дæр уыд! Æмæ зæронд лæг Луб- ков тынг смæсты, йæ фырты ма сæлхæр дæр рахуыдта... Уый йæхи дзырд акодта æмæ зæронд лæгæн загъта: „Мæ ,фыд, дæ хæснаг бафидын дæ бахъæудзæн!" Уæд зæронд 197
лæг бынтон смæсты æмæ виппайд срæцыгъта: „Куы фæивар уай, уæд уыдзынæ бынтон æнæзонддæр, æдылы, æнæхъæн сахат æнæрлæугæйæ адæмы раз кафдзынæ!" „Димитр Феодорович ныххудт æмæ йын дзуапп радта: „Æмæ мæ хъуыддаг куы атула, уæд, мæ фыд, дæ æхсай фондз азмæ нæ кæсгæйæ, адæмы раз æнæхъæн сахат каф- дзынæ, нæ!.." Димитры бригадæн преми радтой, центрон газеты фыс- той уый тыххæй,—разыйы худт бакодта шофыр. — Æмæ зæронд лæджы кафын бахъуыд!.. Гъе æмæ Анд- рей Иванич худæг уыд! Фынгыл алыгъуызон хæринæг- тæ, йæ фарсмæ уазджытæ... æмæ зæронд лæг лæппу-лæгау кафыд!..Кафыд æмæ-иуйæхид йæ къухмæрзæнæй асæрф- та: „0, лæппутæ мæ уæрджытæ бадон сты!" Æмæ Ди- митр Федорович ныххудт: „Каф, каф, мæ фыд, нырма дæ ссæдз минуты хъæуы!" Уазджытæ бадынц æмæ зæронд лæджы цæрæнбон кувынц, худынц, æмдзæгъд кæнынц, хъæр кæнынц: „Иттæг хорз!" Мæн дæр фынгмæ баластой æмæ æз дæр хъæр кодтон: „Иттæг хорз!"... Ой, мæ бон нал у... Тоня та хъæрæй ныкъæл-къæл кодта æмæ, йæ бынаты базмæлгæйæ, йæ сæр æркъул кодта шофыры уæхскыл. Уый фестъæлфыд æмæ йæ былтæ сыйцъылдта. — Андрей Иванич, бахатыр мын кæн... Тоня фефсæрм æмæ дарддæр абадт. Андрей Иванич руль тынгдæр æрзылдта æмæ, рудзын- гæй къæвдамæ кæсгæйæ, къæвдайæ æхсад фæндагыл карст хуымты кæрæтты æрзылд. — Адон мæнæн мæ зонгæ фæндæгтæ сты...—йæ рус аныхгæйæ сдзырдта уый.—Цæуын сыл, цæуын, фæлæ сыл уæддæр нæ цайдагъ кæнын! Тоня йын разыйы нысанæн йæ сæр бытылдта, йæ морæ- гъуыз цæстытæ, фергъуыйау уæвгæйæ, æрныкъуылдта. Шофыр æм цалдæр хатты бакаст, цыма йын исты зæгъын- мæ хъавыд, уыйау, стæй æппынфæстаг аскъуыддзаг кодта. — Тоня, цы хабæрттæ дæм ис... моймæфæцыдтæ?—йæ« химидæг бахуыфгæйæ йæ бафарста шофыр. 198
— Нырма нæ, фæлæ тагъд ацæудзынæн...—Тоня сабыр- гай сдзырдта, фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта æмæ йæ- сæр æруагъта. — Уæдæ афтæ... Сергийæ нæ?—размæ комкоммæ кæс- гæйæ, дарддæр дзырдта шофыр. — 0... Уымæй. — Гъы, гъы... Æмæ ныр куыд у, хæстæй куы рыз~ дæхт, уæдæй йæ ахаст фæхуыздæр? — Цы гæнæн ис... цас уадиссаг ахаст ын ис? — Афтæ фехъуыстон аназын уарзы, æмæ расыгæй та загъдкъахаг у. Куыд фæнды дæр ма уа... бахатыр кæн^. фæлæ... Тоня, дæ аккаг нæу,—цытæ дзурыс...— ивазгæйæ сдзырдта чызг. Йæ дзыппæй айдæн систа, йæ ног сырх худæй йæ дзыккутæ ’ркалдысты æмæ сæ рæстытæ кодта. Шофыр йæ цæстызул дардта чызг йе ’рфгуытæ куыд рылхынц кодта, стæй тарæрфыгæй бахудт: — Фæхъыг та дæ? Цæй, бахатыр кæн, хъыджы тых- хæй дын æй нæ загътон... — Нæ... нæ... цæй тыххæй...—арф ныуулæфыд Тоня.-— Адæм дæр мын афтæ дзурынц: мæгуырау у, дæ аккаг нæу^ зæгъгæ!.. Иуыл адæм хорзтæ кæм ссардзысты. Æвзæртæн дæр цыдæр амал хъæуы... — Мæнæ, гъе, уарзондзинады хъуыддаг...—æнкъардæй йæм бахæлæг кодта шофыр. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, дæхи хъуыддаг у. Æг æрмæст ууылхъуыды кæнын, уы- имæ дын автотранспортон инженер суæвыны тыххæй ах- уырмæ бацæуæн уыдзæн æви нæ? — Ныфс мын бавæрдта, уыцы хъуыддаджы мæ кæй нæ* бахъыгдардзæн,—фæлгъуыз загъдкъахæджы дзуапп ын радта Тоня. — Æ... æндæр афтæ загътаид: дзырд дын зæгъын,. зæгъгæ, дын æппæт тыхтæй æххуыс кæндзынæн, цæмæй слæууай ног, ноджы бæрзонддæр къæпхæныл... Ех, То- ня, Тоня... Чызг йæ цæстытæ тыхстæй базылдта йæ фарсмæ ба- дæджы тарæрфыг цæсгоммæ: — Андрей Иванич, цМ-ма, ма мæм мæсты кæн!.. Куыд рауад, уымæн мæхæдæг дæр ницы зонын... 199'
— Æмæ цæй тыххæй хъуамæ мæсты кæнон?.. Афтæ ’нæмбаргæ дæн æмæ дын дæ уавæр не ’мбарын? Базæроня дæн, дыууиссæдз азмæ ’ввахс мыл цæуы, хъазтизæрты нал кафын, зарын нæ зонын, фæндырыл дæр нæ цæгъдын... иудзырдæй, бынтон æнкъард адæймаг... ~Нæ, Андрей Иванич, æнкъард нæ дæ... мæнæн демæ алхатт дæр æнцон уыд... демæ мын... æмæ Тоня æвшшайд фæтыхст, асырхи æмæ, æгæрыстæмæй, сабыргай дæр скуыдта. *— Цæй-ма... мæсты кæнын та цæмæн хъæуы?—бамæт кодта шофыр æмæ Тоняйæн, зæрдæфидаргæнæгау, йæ сæр батылдта,—куы дын дзурын, хъыджы тыххæй дын æй нæ загътон. Æз... дæхæдæг æй æмбарыс. — Æмбарын æй...—мынæг хъæлæсæй сдзырдта чызг æмæ йæ цæсгом йæ къухæй бамбæрзта. — Æз загътон... мыийаг дæ искуы æххуыс куы бахъæ- уа... царды алцы дæр вæййы... уæд-иу, Тоня, мæнмæ уæндонæй баулæф, хорз? — Бузныг, Андрей Иванич...- сдзырдта чызг. Иннæрдыгæй æрбацæуæг машинæ, къæвдайы цæдтæ пырхгæнгæйæ, къуылдымы цур разылд æмæ йæ бынаты æнарæхст зылд ныккодта. — Цæй ныр, ахæм æнарæхсты акæн!—Андрей Иванич «бамæсты. — Фæндаг фехæлд, цæлхытæ сыфцæй ласинаг фесты, æмæ уымæн машинæ хуымы кæрæтты аокъæрын йæ фæ- «сонæрхæджы дæр нæй... — Ех!—нæргæ хъæлæсæй ныхъхъæр кодта шофыр, кабинæиы авгыл къæвдайы æртæхты ’хсæнты гæзæмæ уынгæйæ, кæмæдæр йæ къухбатылдта.— Дæ сæр кæм ис, канау дæ фæстæ куы ис! Галиуырдæм æй азил æмæ цу карст хуымты, науæд канауы ныххаудзынæ!.. Ее, сыф- цæй ласинаг дын куы фæци дæ машинæ! Уый йæм йæ машинæ æввахсдæр баскъæрдта æмæ ^енæзонгæ шофырæн баххуыс кодта, стæй ма йæ фæстæ райгонды цæстæнгасæй акаст: — Огъо, фервæзт!.. йæхи дæр æмæ машинæйы дæр тагъд бабын кæндзæн: раст не ’рзылдта, раст æй нæ ас- къæрдта æмæ машинæ бынтон фехæлд! 200
Тоня фестъæлфыд æмæ æвиппайдцæхгæр загъта: —-Ее, Андрей Иванич, адæймагыл цы ’рцæудзæн, уый рагагъонмæ куы зонпд! Зоныс, адæймаджы цард диссаг у: адæймагмæ дæ цыдæр æввахс кæны, цыма дæ фæнды æмæ дæ фæндгæ дæр нæ кæны, æгæрыстæмæй, дæбонуый базонын дæр нæу, хъуыддаг хорз уыдзæн æви æвзæр. Хпуæттæ мын куы уаид, уæд мын æнцондæр уаид, науæд а-дунейыл æз иунæг дæн. — Ныр цы гæнæн ис... æнæмæнг хъуамæ хъыг кæ- нон?—сабырæй йын йæ ныхас фæлыг кодта Андрей Ива- нич. Цы гæнæн ис, куыд зыны, афтæмæй кæуыл бау- уæндай, ахæм дын ничи ис, нæ? Æз дын цы дæн уæдæ? Мыййаг дын ахæм хъуыддаг æмбæрстгонд нæу! Ау, нæ мæ мбарыс? — Æмбарын, дæ кæй зæгъын æй хъæуы, æмбарын,— ныллæг хъæлæсæй сдзырдта чызг. — Андрей Иванич, мæ дшхæстыл мын-иу æууæнд... — Хорз, Тоня, хорз... Сæ дыууæ дæр та ныхъхъус сты. Кæвда уæддæр кабинкæйы авгыл цъыкк-цъыкк кодта. Йæ морæгъуыз ’бæзджын æрфгуытæ фелхынцъ кæнгæйæ, йæ рог зæронд машинæ къæвдайы скъæрдта иугъæдонæй. Мигъты асæс- тæй зына-нæзына зындысты гакъон-макъон доны был- тыл хуылыдз къохтæ, талынг къутæрты нывтæ, хъæу- гæрон æмбæндты, тарвæндаг, сойдзыд æмæ уазалæй, донгуырæнтæй æрттивгæйæ, цыка умæлы суæззауис, уый- ау æнæбары хохы ’рдæм фæхæрд кодта. Тоня сусæгæй каст Андрей Иваничы тар æрфгуы- тæм, æмæ йæ цæстытыл зынд тæригъæдгæнæджы ’нгас. Æрæджиау, чызг рæвдаугæйæ æмæ æнкъардæй сдзы- рдта: — Андрей Иванич, цыхуызæн боныхъæд у... къæвда- йæн чысыл фæлæууæн куыннæ ис... — Гæнæн нæй, фæззæг у, мæ хур, æмæ цы бачындæ- уа,—йæ ныхасæн ын дзуапп радта шофыр. — Дæлийæ сæм хъæу разынд. — Дæлæ, гъе, Кузовлево дæр,—сдзырдта Тоня арæхст- джынæй æмæ <йæ уæхсджытæй шофыры, кæрц ласын рай- 201
дыдта,—фæхæццæ кæнæм... бузныг, Андрей Иванич, дæ* лæггады тыххæй. — Табуафси... æниу макуы цыдаис дарддæр дæр мемæ„ мыййаг дын бынат хæлæгкæнын,—йæ къух ын тыхджын нылхъивгæйæ, хъазгæмхасæн загъта шофыр. Цæй, уæдæ, Тоня, амæндты хуыздæр дæ хай. — Андрей Иванич, стыр бузныг алцæйы тыххæй дæр,— машинæйы дуары гуыппæй фестъæлфгæйæ, йын дзуапп радта чызг. Шофыр æм йæ худ батылдта. Машинæ феккуырсыд æмæ та ногæй сгæпп-гæпп кодта бырæнцъаг фæндагыл. — Кæсыс, нæ дын дзырдтон, ма тæрс уыцы зонгæ адæй- магæй, цæмæй дзы тарстæ,—сцæйдзырдта йе ’мбал æмæ Тоняйы цæстытæ донæй йедзагæй куы ауыдта, уæд фæ- сыккис. — Мæ боныл, цæуыл кæуыс, хæйрæг дæ макуы бахæра?' Хъыгагæй дын куы ницы загъта... хорзæй дарддæр. — Гъемæ æз дæр уый тыххæй кæуын...—йæ былтæ зы- лынтæ гæнгæйæ сдзырдта Тоня æмæ ноджы тынгдæр- ныкуыдта. Машинæ дарддæр фæндагыл уад æмæ уайтагъд фæ- зилæны фалейæ фæтары 1947 202
Лукин Никалай АДÆЙМÆГТЫ ÆМÆ СТЪАЛЫТЫ ТЫХХÆЙ Мæ сабийы бонтæй фæстæмæ, мæхи куы базыдтон, уæ- дæй нырмæ уынын стъалыджын арв дæр. Æз алы хатт дæр уарзтон уымæ кæсын. Фæлæ ма чысыл куы уыдтæн, уæд мæм стъалытæ зындысты, изæр арвы æнæмæнг чи хъæуы, æрмæст ахæм дзаума; уыдон мингай тæппытæй, зынджытæй рухс кодтой, мæ цæстæнгас сæхимæ здæхтой. Æвæццæгæн, иу хатт кæддæр бафарстон: — Гыцци, цы сты стъалыт;æ? Æз нал хъуыды кæнын, мад мын цы дзуапп радта„ уый. Фæлæ мын уæдæй фæстæмæ дун-дунейы арæнтæ сæхиуыл фæйнæрдæм ахæцыдысты, райтынг сты уæрæх, æнæзонгæ æмæ æнæном тыгъдады зæххæй æнæкæрон дард. Æвæдза, ууыл æз фыццаг дис нæ бакодтон, фæлæ- йæ афтæ мæ зæрдыл бадардтон, цыма æппæт уыдон сты, цы ’мбæлы, уый æмæ йын æндæргъуызон уæвæн нæй. Дунейы сконды вазыгджындзинады фæдыл хъуыды мæм æрцыд фæстæдæр. Дыууынæм азты нæ чысыл бинонтæ цардысты Хур- ыскæсæн Сыбыры иу сабыр уездон горæты. Цардыстæм мах, растдæр зæгъгæйæ, фæсгорæт, хъæдфадæн заводы поселочы. Завод уыди бæрзонд донбылгæрон. Заводæй æнæхъæн километр доябылтыл арæгъысты хъæдты рæ- дзæгъдтæ;хъæдрæбын, поселочы иннæ агъуыстытæй дæрд- дзæф уыди, нæ бинонтæ цы чысыл хъæдын хæдзарьГ’ цардысты, уый. Уьтцы чысыл хæдзары дыууæ рудзынджы* дæр арæзт уыдысты доны ’рдæм æмæ фурды сæрмæ цы- 20^
•6е>гл æрцауындзæг ис, нæ хæдзарæй уырдæм та уыди æр- мæст фондз-æхсæз санчъехы. Мæ мады æнæниздзинад кодта бонæй-бон æвзæрдæр: йæ хъуыддаг кодта рæуджыты низ. Рæстæгæй-рæстæг- мæ-иу мæ мады уадултæ зынгæрттывд ракодтой фыр- тæвдæй. Хуыфæг æй дзурын нæ уагъта. Хуыссæнæй ма фæстаг хатт сыстади иу уалдзыгон изæр. Ме ’нцæйтты рацыди къæсæрмæ. Мах чысыл абадтыстæм асинты къæп- хæнтыл: Æз—æнæфенæг лæппу — уыдтæн бæмбæджджын рæтыд къандзолы, мæ мад та йæхи æрбатыхта зæронд кæр- цы, тынг сыдых æмæ смæллæг низæй. Бадтыстæм æнæдзургæйæ. Уыди уазал. Æз хъуыстон, фурды улæнтæ дурты ’хсæнты куыд сыр-сыр кæнынц, уы- мæ. Изæрмилты тынг æввахс зынд талынг хъæд: хъæды иу- миаг хуызыл гæзæмæ зындысты дидинæфтауæг хæрисы æрттиваг тæппытæ. Хъуысти æхсæвы мæргъты уынæр. Нæ сæрмæ райтынги арв: горизонты цур—зæрæхсиды уац- цаг. Æмæ астæуæй та—æрттиваг стъалытæ. Мад касти хæрдмæ. Æваст сабыр, хæрз сабыр хъæ- лæсæй сындæг загъта: — Байгоми стъалытæй йæ тæккæ дзаг æгæрон тыгъ- дад... Стъалытæн нымæц нæй. Тыгъдадæн та—кæрон. Æмæ тыхджын хуыфын райдыдта. Æз æй уатмæ ба- кодтон, фыртæсæй ,мæ бон ницыуал уыд, афтæмæй. Мæ мад амарди сæрды. Мæгуыр æмæ æнкъардæй æз баззадтæн мæхи æвджид. Горæты библиотекæйы мын лæвæрдтой чингуытæ—æз хæ- дзармæ хастон чингуыты æнæхъæн бæстытæ æмæ се ’ппæ- ты дæр зыдæй кастæн фæд-фæдыл, æмбæлы æви нæ, уымæ нæ кæсгæйæ. Нæ чысыл хæдзарады хъуыддæгтæ кæнын дæр касти мæкмæ: уырыссаг пец тæвд кæныя, æрвыл бон дæр сихормæ исты хуыппаг цæттæ кæнын, къуыри иу хатт дзултæ сфыцын. Нзæрыгæтты-иу дон ныккодтон нæ цæхæрадоныл. Уый тыххæй бедраты мидæг дон хæссын хъуыди дæлейæ, фурдæй, нарæг æмхæрд фæндагыл. Цæхæрадоныл донкæныны куыст-иу фæдæн изæрмилты. Бедратæ нывæргæйæ-иу æз сбадтæн мæ фæллад суадзыны тыххæй, раздæр-иу мæ мадимæ цы асины къæпхаёнтыл бад- ;204
тыстæм, раст уым. Хатгай мын-иу бадын ацайдагъи. Та- лынджы-иу уæлдæф дæр фæуазалдæр. Ногæй та-иу мæ сæрмæ тæмæнтæ калдтой стъалытæ. Мæ %фыд райсомфй изæрмæ куыста з&воды: куы-иу рулеткæйæ барста хъæды рæдзæгъдтæ, куы та-иу къант< - ры цыдæртæ нымадта, хъæдæрмæджы кубометртæ хынц- гæйæ. , Бон-иу сихор хæрынмæ æрбацыди хæдзармæ, изæры та-иу—бирæ хæттыты комкоммæ куыстæй—арасти горæтмæ, йæ ног хæлæрттæм. Уыцы хæлæрттæ мæнæн уы- дысты æцæгæлон. Фæлæ йын сæ хатыр кодтон, æз сæры- стыр уыдтæн мæ фыдæй æмæ мæм уæд мæ фыд зынди цавæрдæр романтикон хуызы—æнхъæлдтон æй зондджын, ахуыргонд лæг, тынг сыгъдæгзæрдæ æмæ стыр куыр- диатджын, фæлæ йæ хуымæтæгдзинады тыххæй царды чысыл бынат чи ахсы, ахæм лæг. Хуыцаубонтæ нын кусгæбонтæй цæхгæр хицæн код- тои. Хуыцаубонты-иу мæ фыд раджы сыстади, цæмæй мæн ма сыхъал кодтаид, уый тыххæй-иу арæхстгай ар- хайгæйæ, ныддаста йæхи, хæсгардæй-иу, бадзæбæхтæ кодта йæ зачъе, скодта-иу йæ бæрæгбоны хæдон æмæ-иу ацыди аргъуанмæ. Фæстæмæ æрбаздæхгæйæ-иу дыууæйæ райдыдтам хъæбæрхорæй тæнæг кофе сахаринимæ цымын, Кофе цымгæйæ сындæггай ныхас кодтам. Нæ ныхæстæ-иу арæх æнхъæвзтой цыдæр стыр хъуыддæгтæм. Фæлмæн мидбыл худгæ æмæ, уыимæ мæ цæстытæм фæрсæджы каст кæнгæйæ-иу мæ фыд дзырдта æрдзы стырдзинадыл æмæ æрдзы, цы хуыцау æй скодта, уый раз куыд гыццыл у, уый тыххæй. Мæ зæрдыл ма лæууы, иу ахæмы æз æфсæрмы кæнгæ-. йæ, загътон мæ фыдæн, зæгъгæ, мын дæхæдæг куы дзырд- тай, сæдæгай милуан азты зæххы историйы цы эрæтæ уыд, уыдон тыххæй, мамонттæ æмæ дзы динозавыртæ куы цардысты, уыцы заманы тыххæй... — Гъе, æмæ цы?—бафарста мæ фыд. — Аргъуаны чиныджы фыст ис: хуыцау иу къуырийы дæргъы сфæлдыста дун-дуне. — Дæу зæгъын фæнды, зæгъгæ, уым ныхмæ лæуддзи- над ис? 20&
Æз разыйы æнкъуыст бакодтон мæ сæр. Мæ фыд йæ иеофс азмæста уидыгæй æмæ мæм тигъмæ бакасти. — Ахæм фарст радтыымæ дæм æнхъæлмæ каетæн,— загъта уый.—Фæлæ куыд æмбæлы, афтæ куы ахъуыды кæ- най, уæд ацы ран иунæг ныхмæлæуддзинад дæр нæй< Биб- ли цы зондджын лæгтæ фыстой, уыдонæн сæ бон уыд дæл- гом ныхасæй дзурын. Фыст у: æхсæз боны, зæгъгæ, æмæ йæ æмбарын та хъæуьт: сфæлдисыны æхсæз заманы, гео- логийы æхсæз дуджы. Ды бафæрсдзынæ, дæлгом ныхас дзы цæмæн хæуы, зæгъгæ? Уымæн æмæ раджы заманы адæм уыдысты æнæмбаргæ, æппæт дæр сын æмбарын кæ- •нын хъуыди хуымæтæг æгъдауæй... Мæ цæстæнгас, æвæццæгæн, æвдыста цымыдисдзинад. Æз уайтагъд фæлыг кодтон мæ фыды ныхас: — Баба, æмæ уыдон бынтон æмхуызон сты—дуне сфæл- дисыны бонтæ æмæ геологийы замантæ? Уæдæ геологи -библийы хуызæн у?.. Чысыл ахъуыды кæныны фæстæ мæ фыд загъта, зæгъ- гæ, нæ, бынтон æмхуызон не сты. Фæлæ, зæгъы, адæйма- гады зонындзинæдтæ иугъуызон сты? Зонады æппæт ис- тори арæзт у рæдыдтытæй. Адæм куырмæджыты агурæгау архайынц дунейы арæзты сусæгдзинæдтæ бамбарыныл, адæймаджы зонд лæмæгъ у, сусæгдзинæдтæ та~-стыр. Адæймаг дзынгайы хуызæн у зæххыл: йе скондмæ гæсгæ уый у хæрз æдых. Мæ зæрдæйы рæзыди æбæрæг ныхмæлæуды æн- къарынад. Æз ныхъус дæн æмæ хъуыды кодтон, хъуыддаг куыд У, УУыл. Фæззæджы та ногæй райдыдтон скъоламæ цæуын. Уæд ахуыр кодтон астæуккаг скъолайы хистæр кълæстæй сæ иуы. Мæ сæрды иунæгдзинад фæци. Æрцыди зымæг, схæ- лар та дæн скъоладзау æмбæлттæй бирæимæ. Уыдонæн-иу уыди хъазтизæртæ. Уым мах зарыдыстæм иумæ, хъæлдзæг рæстæг æрвыстам. Æмбæлтты ’хсæн мæхи дардтон æф- сæрмдзæстыгæй, уæлдай тынгдæр та æфсæрмы кодтон чызджытæй. Урокты фæстæ-иу мах хъæрæй кастыстæм Эразм Роттердамскы. Уый æз мæ фыдæй æмбæхстон, уы- 206
мæн æмæ мæ фыд нæ уарзта, сауджынтæ æмæ монахтыл исчи æвзæр дзырдтаид, уый. Не скъолайы сырæзти драм- кружок, уым æз дæр архайдтон: хъазыдтæн дзы Пушки- ны", „Борис Годуновы" — Отрепьев Григорийы роль æмæ „Скупой рицары"—Альберты роль. Хъазыдтæн, æвæццæ- гæн, æвзæр. Иу хатт, æмбисæхсæвмæ ’ввахс æз репетицийæ цыд- тæн нæ хæдзармæ. Уазал сыгъта цæсгом. Æмæ горæтæй хъæдфадæн заводмæ фæндаг та цыд быдырыл. Мæ алфæм- блай уыди афтид,—цъæх мæйдар æхсæв, мит, къæхты бын хъæпæнтæ. Арвæй тæмæнтæ кодтой Орионы стъалытæ. Æз сæм кастæн цымыдисæй, кастæн хицæн стъалытæм—Ригелмæ, Бетейгезмæ, мæхинымæры арвыл ныв кодтон уæларвон эк- ваторы хахх. Орионæй дæлдæр æмæ галиуырдæмдæр Стыр Куыдзы стъалыты къордæй зыны тынг æрттиваг Сириус. Мæ алы къахдзæфæй дæр хъыррыст кодта мит. Æз цыд- тæн æмæ хъуыды кодтон мæ фыдыл. Мæ фыд мын æрæ- джы цыбæл аргъауы хуызы цы хъуыды радзырдта, уымæ гæсгæ адæймаджы зонд кæдæм не ’ххæссы, ахæм плане- тæтæ.—Марс, кееяæ искæцы æндæр дард стъалыджын ду- нетæ,—чи зоны, æмæ сты, Зæххыл чи амæлы, уыдоны уд- тæ кæм цæрынц, уыцы дуне. Цалдæр’мæйы дæргъы мæ хъуыды тыхджын куы куыс- та, уый фæстæ, ныр æз тынг бæлвырдæй банкъардтон: ахæмтæй бынтон дæр ницы ис. Хуыцау æрæмысгæ хъуыд- даг у. Уд адæймаджы буарæй хицæнæй нæ вæййы. Æмæ, æвæццæгæн, фыццаг хатт бахудтæн мæ фыды митыл, ди- ны чингуытæ æмæ наукон-популярон брошюрæтæ баиу кæ- ныныл кæй архайдта, ууыл. Арв æнæхъæнæй дæр йе ’мдзаг уыд стъалытæй. Уыдон уыдысты, алы хатт кæй уыдтон, уыцы стъалытæ, фæлæ мæм ныр фæзындысты бынтон нæуджыты хуызæн. Цыма дуне æппæтæй дæр æрлæууыд мæ разы, бæлвырдæй, уыд- тон æй, цыма, кæрæй-кæронмæ сахаты гом механизм уьт- ди, цы ран æнæнымæцæй зилынц чысыл цæлхытæ. Уыцы минут æз бæлвырдæй банкъардтон, биноныг бамбæрстон, кæддæр чингуыты кæй бакастæк: химæ ’лвасынады закон- 207
тæ куыд архайынц æмæ орбитæйыл куыд уайынц, дардчи ис, уыцы стыр буæрттæ, æнæкæрон фæндæгтыл куыд тæ- хынц рухсы æмæ хъармы тагтæ, æдзух ивындзинæдты куыд цæры буаргъæд—йæ æнусон миниуджытимæ, куы космосы рыг, куы та гигантон мигътæ фестгæйæ, куыд фе- сæфынц æмæ та ногæй куыд райгуырынц хуры миллиард- гай системæтæ. Хъуамæ йыл басæттон: исдуг мæхиуыл фервæссыдтæн. Февзæрди мæм сæрыстыр хъуыды, зæгъгæ, æз æппæт дæр^ зонын, зæгъгæ, æз цы нæ зонын, дун-дунейы ахæмæй ни- цы уал ис. Кæд мæхиуыл хæцыдтæн, уæддæр мæм фæ- зынд лæппуйы хиуыл фервæссындзинад. Æмæ уæд æз цыд- тæн канд мит быдыры нæ, фæлæ мæ нымæт дзабыртæй лæгæрстон Зæххыл. Мæ фыд уыди хæдзары, уый æхсадта гæрзтæ. Бандо- ныл æвæрд уыд тас, сапоны бæсты — фæнык, тæвд пе- цыл хъарм кодта дон бедрайы мидæг. Мæн фенгæйæ, ба~ цин кодта мæ фыд. Йæ къухтæ сæрфгæйæ мыл фембæлди хъазæн ныхæстимæ. Фæлæ йын æз дзуапп радтоы æнæбы- нат тызмæгæй æмæ, зулмæ кæсгæйæ, бынтоыдæр несразы дæн æхсæвæр хæрыныл. Уайсахат мæ гæрзтæ раластон æмæ схуыссыдтæн. Сиъолайы нæ къласы лæппутимæ иумæ ахуыр коцта аст- чызджы. Мах бадтыстæм партæты дыууæ рæнхъы рудзынг- гæрон, чыздяштæ бадтысты къулгæрон. Урокты рæстæ- джы æз чызджыты ’рдæм кæнæ бынтон нæ кастæн, кæн- нод та-иу сæм бакастæн къæмдзæстыгæй. Фæлæ-иу сыл. куы фембæлдтæн скъолайæ æттæдæр, уæд та-иу, мæсты- гæнгæйæ, цæйдæр тыххæй райдыдтон тыхсыкГ, æмæ мæхи; хызтон сем’æ цыфæнды уæлдай ныхасæй. Мемæ чи ахуыр кодта, уыцы чызджытæй сæ иу зымæ- джы кæрон сси мæ фыццаг романы хъайтар. Йе ’мгар чыз- джыты ’хсæн уый ницæмæй хицæн кодта. Уыди саулагъз, асæй рæстæмбис, хæбуздзыхъ цæсгом. Уроктыл дæр уа- диссаг хорз дзуапп нæ лæвæрдта, уæлдайдæр та геомет- рийæ æмæ алгебрæйæ. Хуыдтой йæ Каненкова Надькæ. Хъуыддаг рауади афтæ. Ахуыры фæстæ нæ къласы ах- уыргæнинæгтæ иумæ рацыдысты скъолайæ; уый мын загъ-* 208
та, зæгъгæ, абон ардыгæй ацæудзæн хæдзармæ нæ, фæлæ фæсгорæтмæ, хъæдфадæн заводы поселокмæ, йæ рынчын мадыхойы фенынмæ. Мах дыууæйæ ацыдыстæм. Фыццаг мæ нæ фæндыд, фæлæ, æппæт фæндаг æнæдзургæйæ ацæ- уыны фаестæ, æваст бавнæлдтон Надяйы цонгмæ æмæ йын, æфеæрмыгæнгæйæ, загътон, уынджы йæм кæй банхъæл- мæ кæсдзынæн, стæй йæ фæстæмæ горæтмæ дæр кæй ба- хæццæ кæндзынæн, уый. Уыцы бонæй фæстæмæ мæ нал фæндыди, Каненкова фыццаг куыд уыди, уый хуызæнæй фенын. Уый æцæг цы хуызæн уыди, афтæмæй мæнæн уæвынад нал кодта. Цы Надяйы зыдтон, уый бæсты мæ хъуыды сарæзта æндæр— уæдыонг бынтондæр кæйнæ зыдтон, фæлæ цыма романты кæй бакастæн, ахæм Надя. Уыцыхабар дæргъвæтин кодта къуыритæ æмæ мæй- гæйтты. Мæнмæ сæвзæрди, æттейæ кæсджытæй, фыцца- джьтдæр та, Надяйæн йæхицæй бæстон кæй æмбæхстон, ахæм сусæгдзинад. Æцæг-иу, къласы мæнырдæм кæсгæйæ, уый.худæндзастæй хатгай цыдæртæ дзырдта партæтыл йæ цуры бадæг чызджытæн, æмæ-иу мæм уыдон дæр кастыс- ты, худгæйæ, фæлæ æз ахæм хъуыды мæ сæрмæ ’ввахс никуы бауагъон, зæгъгæ, мæ сусæг æнкъарддзинад æмæ циндзинад исчи бафиппайдта. Ныр хæдзары фыссын рай- дыдтон æмдзæвгæтæ Н. К. номыл. Уыцы æмдзæвгæты мидæг-хъаст кодтон адæймæгты зæрдæты уазалдзинады тыххæй, уайдзæфы дзырдтæй сидтæн æгъатыр, æмбал кæ- мæн нæй, уыцы саурæсугъдмæ. Мæхи арæзт тетрад æм- бæхстон арф ран, ахуыргæнæн чингуыты рæдзагъды бын, цæмæй æмдзæвгæтæ мæ фыды къухмæ нæ бахаудтаиккой. Цыма мæ адæм не ’мбарынц,—цыма мын ме стыр уарзон- дзинад ницæмæ дарынц, афтæ мæм каст æмæ æз изæры- гæтты рацу-бацу кодтон донбылты æмæ нæ фæсхъæу цы хъæд уыди, уый нарæг фæндæгтыл. Æмæ мæ фарсмæ та цыди бынтонæндæр цард. Не скъола- йы нæма уыди фæскомцæдисонтæ, фæлæ ме ’мбæлтты хæ- лæрттæй чидæртæ бацыдысты æфсæнвæндæгты æрмадзы фæскомцæдисы чырмæ. Уыдон чырмæ-иу æз искы иу хатт бауадтæн, ме ’мбæлтты къордæй куыннæ фæхицæн уыдаин, 14 209
афтæмæй. Фæскомцæдисоытæ иудадзыг зæрдиагæй архайд- той цавæрдæр ахсджиаг хъуыддæгтыл. Уыцы хъуыддæгты ахаст мæнмæ касти сусæгдзинадау. Уым цы арæзтой, уы- дон мæнмæ афтæ кастысты, цыма уыдысты, мæ хъуыды- мæ гæсгæ, революцийы штабтæй сæ иу,—фæскомцæдисон- тæй бирæтæн уыд æфсæддон æнгæс: сæ фылдæрыл уыди сойæдзаг сæрак цыбырдым кæрцытæ, кæрцыты мидæгæй та—хуызивд хæдæттæ, иуæй-иутæ ма дзы дардтой писто- леттæ дæр хуымпырты мидæг. Фæскомцæдисон чызджытæ та сеппæт дæр сæ сæртыл дардтой сырх касинкæтæ. Скъола- дзауты цур фæскомцæдисонтæ зындысты асдæр. Уыдон- иу нæ цæсты раз æрбацыдысты чыры уатмæ, стæй та-иу ацыдысты, махоркæ дымдтой, цæуылдæр тыхст уынаффæ кодтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз сæм кастæн хæлæг- гæнгæйæ. Æгæрыстæмæй уым æз цы дзырдтæ хъуыстон, уыдон дæр мæм æвзæрын кодтой мæхимæ мæсты кæныны •ахст,—-ме ’взаджы уæд ахæм дзырдтæ нæма уыди: „пре- -зидиум", „агитбригадæ", „бюройы æмбырд"... Райдыдтой сæрды сæ каникултæ. Иу хатт, горæтмæ ацæу- гæйæ, æз куыддæр бацыдтæн иу хæлармæ æмæ æнæнхъæ- лæджы базыдтон: нæ къласæй æртæйы уыцы бонты райс- той фæскомцæдисмæ. Уыдонимæ Коненкова Надя дæр. Надя сси фæскомцæдисон! Уыцы ног хабар мæм фæзынци тынг диссаг. Мæнæй фæскомцæдисы ’хсæн цы дæрддзæг уыди, уый мæм куы зынди, баххæссæн кæмæ нæй, ахæм стыр, куы та—уадис- €аг стыр чи нæу, æхæм. Тыхсгæ æмæ фæлмæцгæйæ, æз ууыл хъуыды кодтон æнæхъæн суткæты, æхсæв-иу рафт- «бафт кодтон мæ хъæмп гобаныл. Æмæ, æппынфæстаг, иу райсом, нæ хæдзары раз мæ фыдимæ сугтæ куы лыг кодтам, уæд ын æз загътон, фæс- комцæдисы мæхи ныффыссынмæ кæй хъавын, уый. Мæ фыдæй райстон, бынтондæр æнхъæл куыд нæ уыд- тæн, ахæм ныхкъуырд. Йæ цæсгом, нырма зæрондхуыз уæвгæйæ, хæрзаив бурбын боцъоимæ, æваст равдыста æн- -ахуыр тарстхуыз. Стæй йæм, цыма, цыдæр æхсар фæзынд, уыйау мемæ дзурын райдыдта карз, тызмæг, чи йыл нæ фидыдта, ахæм хъæлæсы хаттæй. Ферхæц-ферхæц кодта 210
фыр тыхстæй. Куыдзы къахæй мæ надта, дзырдта мын, з«вгъ- гæ, уыцы хъуыддаг æз раджы фиппайдтон, мæ зæрдæ рыс- ти, дæ хъуырыл дзуар кæй нал дарыс, фæндаг кæй фе- рох кодтай аргъуанмæ; дæ сывæллоны карæй, дам, ахыз- тæ æмæ, дам, дæ ныр æппæт домæн дæр ис: цы бар, дам, дын ис дæ фыдæлты сыгъдæг зæдтæм æлгъгæнæджы цæс- тæй кæсынæн? Уыдоны цæссыгтæм? Уыдоны куывты- тæм? Цæмæ, дам, тырнын хъæуы—кæм ис бæрзонд рæст- дзинады тыххæй амынддзинад? Евангелийы! Уый, дам, ды хъуамæ дæ зæрдыл бадарай! Чырысти, дам, цы загъта мæ- гуырты æмæ хъæздыджыты тыххæй?.. Æмæ ма, дам, уæ- дæ мораль цæуыл æнцой кæны, кæд лæг хуыцауыл не ’ууæнды, уæд? „Æппындæр, дам, ницы уал æмбарын!" Æмæ мæ фыд фæхъæр кодта: нæй, мæ мæлæт, дам, ууыздæр „у, цæйнæфæлтау, дам, мæхи фырты фенон, не сфæлдисæгыл чи ые ’ууæнды, уыдон рæнхъы! Ие ’хсæн уыди суглыггæнæн, йæ уæлæ — суджы лыг- гаг. Æз æмæ мæ фыд кæрæдзимæ кастыстæм фыдæхы цæстæнгасæй. Мæ фыд тыхулæфт кодта. Мæ зæрдæ дзæ- бугæй хойæгау кодта мæ риуы, æвæццæгæн, æз тынг афæ- лурс дæн. Мæ хъуыдытæ хæццæ кодтой. Æз батæригъæд кодтон мæ фыдæн. Æмæ тынг зæрдиагæй архайдтон, мæ ’ фыды ныхмæ цы æрывæрдтаин, ахæм аххостæ ссарыныл. Уырныдта мæ раст кæй дæн. Фæлæ уæд мæ сæрмæ цы аргу- менттæ цыди, уыдон мæм зындысты æгæр ницæйаг, æз тарстæн, зæгъын, мæ фыд сыл фæхуддзæн æмæ сæ ныд- дæрæн кæндзæн. Фæлæ уæддæр мæхи цæттæ кодтон кæронмæ тох кæ- нынмæ. Фæлæ мæ фыдæн бантысти мæн æруромын, æрмæст ныртæккæ куыд æмбарын, афтæмæй уый уыцы хъуыддаг сарæзта хинæйдзаг фæнды фæрцы. Йæ цæстæнгас мæнæй нæ фæхицæн кæыгæйæ, ныллæг хъæлæсæй загъта: —-Дæ мæгуыр мады номæй дын дзурын. Фæскомцæ- дисмæ нæ бацæудзынæ... кæд уый номæн аргъ кæныс, уæд. Йæ архайд разынд раст: мæ мады номы сæрты ахизын мæ бон нæ уыди. Æз ме ’взагыл фæхæцыдтæн. Æмæ, уы- цы тыхдзинадæй ссæст уæвгæйæ, мæ фыдмæ фыдæхдзи- 211
над мæ зæрдæйы æнкъаргæйæ, ныхъус дæн. Æнкъард æмæ æнæсыбырттæй, хырхы хæцæнтæм мæсты каст кæнгæйæ, æрæвнæлдтам нæ куыстмæ. Уый фæстæ цалдæр боны дæргъы æз иунæг ныхас дæр нал скодтон мæ фыдмæ. Ме скъолайы æмбæлттæ та кани- култы рæстæг цыма мæнæй файиппæрдысты. Уымæй уæл- дай ма, мæ зæрдæйы уагмæ гæсгæ, мæнæи мæ бон нæ уы~ ди мæ хъуыдытæ æмæ мæ сагъæстæ искæмæн радзурын. Уыцы рæстæгыл хъуыдыгæнгæйæ, уæд-иу сæрдыгон изæр чиныг кæсгæйæ; фæбадтæн фæсбайдианмæ,—уыцы рæстæгмахмæ заводы фæзынд электроны рухс, фæлæ элек- троны рухс сыгъди æрмæст æмбиоæхсæвмæ. Иæ уаты цы- рагъ ферттив-ферттив кодта æмæ ахуыссыди. Чиныг æрæвæрдтон æмæ хæдзарæй рацыдтæн донбылмæ. Уыди мæйрухс. Арв уыд фæлурс, æрвгæрæтты зынди зæрæхсид, ленк кодтой мигъы стæм бындзгуытæ. Уыцы фæлурсæй уыдон хæццæ кодтой арвы цъуппмæ, бырстой мæймæ æмæ афтæ зынди, цыма лæууыдысты йæ æвзист- хуыз цалхмæ бацæуæнты. Мæ тæккæ къæхты раз гæзæмæ- чи зынди талынджы, доны уыцы айдæны сæрмæ уыд цæх- гæр ауыгъдгонд къул бын. Æттæдæр, хъæды склады ’рдыгæй тар дардтой, донбылгæрæтты цы тъиуитæ арæнхъ ис, уыдоны алыгъуызон нывтæ. Комкоммæ мæйы бын зын- дысты доны иннæ былы сау къутæртæ. Æмæ фурды арфы тагъдцæуæг дон, астæуæй дуртыл йæхи кæм хойы, уым та афтæ æрттывта, цыма дзы цæхгæрмæ авæрдæуыд змæ- лæг фæндаг. Æз фæлæууыдтæн бирæ. Æнахуыр æндыгъд хъуыды- тимæ кастæн мæ алфæмблаймæ. Афтæ мæм касти, цыма рог дымгæ, хæрздæф, уыцы æхсæвы унæртæ æппæт дæр баиу ис мæнимæ. Мæ цæстæнгас та мын сæхимæ аздæхтой стъалцтæ. Уы- дон зынджытæ гæзæмæ æрттывтой мигъы гæбæзты ’хсæ- нæй. Мæ фыд мæ чысылæй бацамыдта стъалыджын арвы картæ сахуыр кæныныл, фæлæ ныр æз нæ агуырдтон зонгæ стъалыты къордты нывæфвддтæ, æз æнæуый кастæн, стъа- лытæкæм апырхысты, уырдæм, æмæ мæ зæрдæйы та улæн- тæ кодта æнкъарддзинад. Æз мæхи æнкъардтон æбар æмæ- 212
ницæйаг. Мæнæн цæуылнæ ис æппæт иннæты æмрæнхъ цардмæ цæуыны бар, цъиу уæлдæфы куыд тæхы, афтæ? Стъалытæ бæрзондæй фæлурс æрттывд кодтой. Æз тыхс- тæй хъуыды кодтон Надяйыл. Мæ хъуыдыты мæхи фед- тон донбыл чысыл хæдзары раз лæугæ. Хъуыды кодтон амондджын, хæлар, æнæрынцой фæсивæдыл, мæ фыдыл, мæ мады ингæныл æмæ мæ уæззау хæсыл—о, мæ хæсыл, æргом зæгъгæйæ, уæд раст кæй не ’мбæрстон, уыцы хæ- сыл. Æвæдза, дыууæ-æртæ къуырийы фæстæ мыл мæизæр- тæ афтæ иунæгæй нал ивгъуыдтой. Уыди-иу афтæ: дар- дæй æрбайхъуысынцмузыкæйылæмæгъ мыртæ—уыйгорæ- ты цæхæрадоны цæгъды оркестр. Бафæнды мæ адæммæ. Фæнды мæ Надямæ дардæй уæддæр бакæсын,—-чи зоньт, йæ чырæй йегъау лæппутæ йæ алыварс лæууой, афтæ- мæй, уыдон мын, æгæрыстæмæй, салам дæр нæ радтой, фæлæ мæнæн мæ бон нал у хæдзары бадын. Тындзгæ сан- чъехтæй æз уайтагъд фæуайын поселокæй горæтмæ фæн- дагыл. Орекстр, хъæрæй, æнкъард зарæджы хуызæн хъæ- лæсæй уынæргъы куы бæрзы тыххæй, куы та Дунайы кæнæ Амуры улæнты тыххæй. Къуындæг у цæхæрадон: йæ цалдæр аллейы сæ тæккæ дзаг сты тозгъогæнджытæй. Мæ къухтæ дзыппыты нглтъысгæйæ æмæ уæхск размæ фæзилгæйæ, æз размæ бабырыдтæн сабыр цæуæг адæмы улæны ’хсæнты, æмæ хъуыддаггъуызæй зылдтытæ кæнын райдыдтон аллейтыл. Мæнырдæм чи цæуы, уыцы адæмы фылдæр хайæн зыд- тон сдз нæмттæ, сæ мыггæгтæ. Зыдтон, уыдон кæм цæ- рынц, уый. Фæлæ уыдонæй мæнмæ хъуыддаг никæй уы- ди. х\м дæр алы хатт къухы не ’фты ие скъолайæ искæимæ аныхас кæнын, æмæ уымæй къаддæр та нæ къласæй ис- кæимæ. Фæлæ дыргъдонмæ æз уæддæр цыдтæн. Æмæ мын иу хатт фæрæстмæ ис: æз æнæхъæн нзæр арвыстон На- дямæ. Уыцы изæр, æвæдза, куыддæр æндæр хуызон рауад. Оркестр ацагъта æрмæст дыууæ маршы æмæ уый фæстæ ныхъхъуси. Музиканттæ ахастой сæ трубæтæ. Аллейты уæ- ^æг адæм мæм фæзындысты цыдæр æнахуыр: алы хатт 213
дæр ам чи вæййы, уыдоны уæлдай ма ам фæзынди бирæ зæронд лæгтæ æмæ зæронд устытæ, раздæр ам кæй никуы федтон, ахæмтæ. Сеппæт дæр сбадтысты зстрады даргъ бандæттыл—музикантты бынаты раз. Уьш еæвæрдтой дыу- уæ чысыл стъолы æмæ сæ фарсмæ фæйнæ бандоны. Абон музикæйы бæсты цы уыдзæн, зæгъгæ, бафæр- сынмæ куыддæр рахъавыдтæн, афтæ мын мæ чъылдым; чидæр уæлæнгай æрцавта. Фæстæмæ фæкæсгæйæ, æмæ федтон Надяйы. — Ды дæр диспутмæ æрбацыдтæ? Цæуæм? Дзæгъæл^ ма кæс, фæлæ сбад,—загъта чызг,—науæд дæ стæй лæу- уын бахъæудзæн. Сæхимæ йæ хуыдтой даргъбандоныл бадæг фæском- цæдисонтæ. Мæн размæ схойгæйæ, Надя бацыди уырдæм, уыдон дæр кæрæдзимæ æнгомдæр сбадтысты, æмæ дзьг бннат разынди мæнæн дæр. Цыдæр æнæпълан æфсæрмы* фæдæн, афтæмæй сбадтæн. Цы диспут уыдзæн, уый æз нæма зыдтон. Уынгты цы афишæтæ ныхæст уыд, уыдон æз, æвæццæгæн, нæ бафип- пайдтон. Зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ дыууынæм азтьн райдайæны ахæм диспуттæ арæх арæзтойалыгорæтты дæр. Мæ къухтæ цы фæкодтаин æмæ дзурын цæй фæдыл райдыдтаин, уый нæ зыдтон, мæ хъуыдыты тыхстдзи- над æнкъардтон, афтæмæй æз цæсты зулæй бакæс-бакæс кодтон Надямæ. Уæдмæ эстрадæмæ рацыдысты дыууæйæ: ныллæггомау, къæсхуыртæ конд, ацæргæ лæг,—фæстæ- дæр мын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй уый уыди дис- путы архайынмæ губернийы горæтæй æрцæуæг агитатор,-— уый фæстæ асиныл схызти бынæттон аргъуантæй сæ иуы сауджын—бакастджын лæг, Кирилл, неппæт дæр кæй зыд- там, .йæ уыцы домбайы барцы хуызæн бур бецыккимæ. Ки- рилл цы ’гъдауæй фæзынди уым, уый уыд æнæыхъæлæ- джы. Сауджын Кирилл оркестры бынат сценæгондыл кæй февзæрди, ууыл афтæ бадис кодтон, æмæ мæ рæстæгмæ айрохи, Надя мæ фарсмæ кæй бадти, уый дæр. Агитатор йæ сæрæй акуывта адæмæн. Сауджын Кирилл салам ни- кæмæн радта, афтæмæй бацыди, рахизырдыгæй цы стъол. уыд, уый размæ æмæ уайтагъд æрбадти бандоныл. Ан— 214
дзыггонди æдзынæг позæйы, фæстæуæз йæхи уагъта æмæ хæстæввонг басчъил кодта йæ игæрхуыз хъæдабæ пæлæ- зы дыстæ. Диспут уыди „хуыцау ис æви нæ", зæгъгæ, ахæм темæйыл. Ныр æз бæстон нал хъуыды кæнын, уым цы бы- цæу ныхæстæ рауад, уыдон. Фыццаг раныхас кодта аги- татор, раарфæ кодта сауджынæн, йæ фæсидтыл ын афтæ зæрдиагæй кæй сразы, уый тыххæй, æмæ, адæммæ раз- дæхгæйæ, фынддæс минуты бæрц рæстæг ныхас кодта. дарддæр цæуыл дзурдзæн æмæ цы бæлвырд кæндзæн, уый фæдыл. Ныхас цыди, дин, сæрмагондæй та чырыс- тон дин фæзындмæ материалистон цæстæнгасыл æмæ дины дунембарынадæн зонадимæ иумæйагæй кæй ницы ис, уый фæдыл. Уый фæсæ агитатор дзырды бар радта йæ оппо- нентæн. Сауджын ын дзуапп лæвæрдта бадгæйæ, цыма уымæй йæ пæлæзы кадджындзинад бæрзонддæр кодта, уыйау. Сауджын Кириллы бæзджын хъæлæс нæрыди тыхджын, зæрдæмæ хъардта. Йæ цæстæнгасы фæдыл уый дзырдта цыбыр хъуыдыйадтæй. Уый йæ ныхасы сæй- раг тых сарæзта уымæ, зæгъгæ, адæймаджы зоидæн йæ бон нæу, мæлæты фæстæйы æбæрæгдзинад æмæ зæххы æттейы цытæ цæуы, уыдон базонын, æмæ, дам, кæд уы- донæн базонæн нæй, уæд хъуамæ лæг æууæнда, æппæт йæ бон кæмæн у, уыцы хуыцауы зондджындзинадыл. Ате- изм, дам, ног фæдзæгъæлдзинад нæу, æмæ алы хатт дæр у афтид, æнæуд, фæлæ диныл æууæндын æппæт рæстæ- джыты дæр йæпайдатæ дæтты хорз хъуыддæгтæй,—уæдæ, дам, хуыцау ис. — 0, фæлæ ды хорз хъуыддæгтыл цы нымайыс?— йæ- хиуыл хæцгæйæ, ^бафарста агитатор. — Зæгъæм, кæд ку- сæг-болыпевик фæллойгæнæг адæймагады интересты сæ- раппонд паддзахы заманы, хъуыддаг æмбаргæйæ, цыди каторгæмæ, мæлæтмæ, уæд ахæм хъуыддаг ды нымайыс хорзыл? Йæ цæстытæ ныкъулгæйæ, сауджын загъта: — Мах ам æрæмбырдыстæм политикæйыл нæ, фæлæ хуыцауы уæвынадыл дзурынмæ. Ноджыдæр ма зæгъын: уæдæй ньтрмæ рацьтди дæсгай 215
азтæ, æмæ ма диспутæй ныртæккæ мæ зæрдыл лæууы æрмæст гæзæмæ цыдæртæ. Фæлæ уæд æз . цымыдисæй хъуыстон быцæугæнджыты ныхасмæ. Куы-иу сауджын дзырдта, куы та ногæй—агитатор. Фарстытæ кæрæдзи ивтой тынг тагъд, тох карзæй-карздæр кодта: сауджыны тезистæй иуæй-иутæ райдайæны зындысты зæрдæмæдзæу- гæ, фæлæ та-иу сæ уайтагъд ныддæрæн кодтой агитаторы тыхджын, логикон æгъдауæй фидар дзуаппытæ. Уый бæрц тых кæцæй цыди агитатормæ! Гуыбыраив, хуымæтæджы æфсæйнаг агъудджын кæсæнцæстытимæ, уый лæууыди эстрадæйы тæккæ былыл. Æз æм кастæн дисгæнгæ цæстæнгасæй. — Уæдæ афтæ,—да^ддæр дзырдта уый,—знон ма хуы- цауы сусæгдзинад цы хуыдтам, уыдон абон раргом кодтой нæ ахуыргæыдтæ. Абон ма æнæзынд цы ис, уый адæймаг базондзæн райсом. Кæд, оппонент мæнæн куыд зæгъы, аф- тæмæй æппæт дæр хуыцауы фæндонæй у, уæд æрдз ахуыр кæныны хъуыддаг никуы сбæлвырд кæны хуыцауы тых- хæй гипотезæ/фæлæ алы къахдзæфыл < дæр цæмæн æвди- си уыцы гипотезæйы мæнгдзинад?.. Курæг дæн зынаргъ оппонентæй, цæмæй мын дзуапп радта. Сауджын бандонæй сыстад—уый уыди диспуты рæс- тæджы сауджыны фыццаг сыстад. Йæ цæсгом асырхи, афтæмæй мæстыйæ загъта: — Æппæт дæр хуыцауы бар у, уыцы зæдтолæй бади- каджы куы нæ бафæнда, уæд лæджы сæрæй нæ ахаудзæн иунæг æрду дæр. Æмæ уæ кæд хуыцау нæ уырны, уæд кувут... „стыр хуыцау, баххуыс мын кæн менæуырнын- дзинады", зæгъгæ. Агитатор гæзæмæ базмæлын кодта йæ къухтæ æмæ <5афиппайдта: — Йе уый æцæг у: „Уырны мæ, уымæн æмæ уый бын- тон мæнг у,—уæ дины лæг Тертуллианы загъдау, уæдæ диспуты бæсты кувын хъæуы! Бандæттыл чи бадти, стæй уыдон алварс чи æрæмбыр- ди, уыдон æваст ныххудтысты, стæй æмдзæгъд кодтой бирæ рæстæг. Æвæццæгæн, æз иннæтæй фылдæр æм- дзæгъд кодтон. Дис мыл ’бафтыди: мæ мидбынаты сгæп- 216
пытæ кæншшæ мæ бирæ нал хъуыд, мæ рæмбыныкъæдзæй чцалдæр хатты фесхуыстон Надяйы, худтæн æмæ кастæн, Надя куыд кæл-кдзл кæны, æмæ куыд æмдзæгъд кæны, уымæ, æз ын мæ сæрæй ацамыдтон агитатормæ, æмдзæгъд чи кодта, уыцы фæскомцæдисонтæм, сæ былтæ æнкъард æлхъывд чиныккодта, уыцызæронд устытæм. Æмæ æваст мæ цæстæнгас андæгъди мæ фыдыл; Уый дæр уыди уым, цæхæрадоны! Раст уæдæй фæстæмæ райдыдта мæн æмæ мæ фыды ’хсæн хъаугъа æмæ бирæ азты дæргъы кæрæдзийæ бын- тон фæхицæны аххос. Æз æй федтон мæхицæй иу æртæ санчъехы бæрц æт- тæдæр, разæй, эстрадæйы тæккæ цур. Эстрадæмæ чъыл- дымырдæм лæугæйæ, уый комкоммæ касти мæнмæ. Йæ цæсгомыл зынди тыхджын мæсты хуыз, суанг ма йе ’фсæр дæр чысыл’ фæзылыни. Нæ цæстытæ кæрæдзиуыл куы фембæлдысты, уæд уый," кæйдæр ахсойгæйæ, цырд æрбаввахси мæнмæ. Æрбайхъуыст мæм йæ тызмæг ны- хас: — Сæрхъæн! Ныртæккæ цæугæ кæн хæдзармæ. Мæ буар иуылдæр ныддыз-дыз кодта. Мæ цæсты зул дардтон Надямæ. Уый, йæ худын фæуадзгæйæ, фæзылди мæнырдæм. Фæзылдысты иннæтæ дæр. Æз дзуапп радтон мæ фыдæн. — Мæ къах дæр никуыдæм авæрдзынæн. — Гъе!—загъта уый æмæ мын мæ къух ацахста. Æз мæ къух ратыдтон йе ’ртты ’æхсæнæй. Диспут куыд ахицæн, уый æз нæ зонын, уый мæ нал æндæвта. Цæхæрадон раафтид. Мах — æз, Надя æмæ æф- сæнвæндаджы мастерскойы фæскомцæдисонтæй цалдæр— ноджы сахаты æрдæджы бæрц рацу-бацу кодтам аллейтыл, стæй не ’ппæтдæр араст стæм кулдуары ’рдæм. Разæ# цыди Надя цавæрдæр чызджимæ; уыдоны фæстæ—лæппу. Уый-иу йæ алы дзырдмæ дæр афтыдта „эх, Самар!" Уы- доны фæстæ цыди чыры секретарь, йæ алыварс та цы- дысты æнæхъæн къордæй, æнæрынцойæ дымдтой æмæ дзырдтой агитатор, æмæ сауджыны быцæу ныхасыл; се ’ппæты фæстæ хылдтæн æз. Уыцы хуызы мах араст стæм 217
дыууæ чызджы сæ хæдзæрттæм бахæццæ кæныны тых- хæй. Фæндагыл, йе ’мбæлттæй чысыл фæстийæ аззайгæйæ,. Надя мемæ ныхас кæнын райдыдта: — Дæ фыд дæм, æвæдза, абон æгæр бавзыста. Йемæ рагæй хæцыс? Æз та афтæ æнхъæлдтон, зæгъын, коммæ- гæс фырт дæ. Йæ хъæлæсы уаг мæм афтæ фæзынд, цыма мыл худæ- гау кæны, стæй мын цыма ныфс дæр æвæры, хорз адæй- маджы хъæлæсау. Уый мын гæзæмæ февнæлдта мæ къух- мæ. Мæн бафæндыд йæ разы мæ зонгуытыл æрхауын, чи зоны скæуын, мæ зæрдæ æнæхъæнæй дæр иннæрдæм фæфæлдахын дæр. Фæлæ уыцы рæстæг Надя фæхъæр кодта, кæмæндæр дзуапп дæтгæйæ: —А-у, Васька! Ныртæккæ дæ баййафдзынæн!-—æмæ та, мæнмæ æрбаввахс уæвгæйæ, чызг бадзырдта мæ хъусы:— Байхъус-ма, æрмæст дыл дæ фыды дины уырнындзинад ма фæтых уæд. Уый иууылдæр зонынц. Фæлæ ды у æцæг лæг. Фæскомцæдисы дæхи цæуылнæ фыссыс? Надяйы цур февзæрди стыр лæппутæй иу. — Æмæ, гъа,—æбæрæг дзуапп радтон æз, да^ддæр ны~ хас кæнын мæ бон кæй нал у æмæ мæ кæй нал фæнды> уый æвдисгæйæ. Нæхимæ, заводмæ бацыдтæн бынтон æвзæр зæрдæйы уагимæ. Нæ хæдзары нæ сыгъди рухс, фæлæ, æнхъæлмæ кæсын куыд хъуыд, афтæ, стыр уаты рудзынг уыди гом, дæгъæлæй æхгæд нæ уыд æттаг дуар дæр. Салдаттаг æнæхсæст батинкæты гуыпп-гуыпп гæнгæ бацыдтæн кух- нæйыл. Мæ фыд хуыссыд сынтæджы, фæлæ фынæй нæ уыд. Фæйыæг къулы фæстæйæ хъуысти йæ сынтæджы къæс-къæс. Æз æрлæууыдтæн талынджы. Хъуысти мæм* мæхи улæфт. Мæ сæры æвзæрдысты, куы мæ фыдæн цы дæрзæг дзырдтæ зæгъдзынæн, уыдон, куы та искуыдæм^ ацæуыны фæнд, æппæт дæр мынæг кодта æнæкæрон масты раз. — Цалынмæ мæ къæбæртæ хæрыс,—дзырдтæ уæнгтыл, дихгæнæгау загъта мæ фыд,—уæдмæ ды мæ разы хъуа- мæ æххæст кæнай элементарон минимум. 218
Уый уыди, мæ маст байдзагæн ма цы æртах хъуыди,. уый. Иунæг сыбыртт дæр не скæнгæйæ, талынджы ссард- тон Лермонтовы иутомон чыныг „Дон-Кихот" æмæ ма но- джы дыууæ æндæр чиныджы, кæддæр мын сæ мæ мад балæвар кодта. Кухнийы синагыл ауыгъд уыди, картоф- тæй цы голлаг раафтиди, уый —иу къуыри раздæр æи фурды ныхсадтон æмæ раджы бахуси. Æз райстон голлаг. Ныппæрстон дзы чингуытæ æмæ мæ тетрæдтæ. Чысыл фæгуырысхо дæн, стæй бакодтон, нæ кæрдзыны фæсауæрц- тæ-иу цы чысыл скъаппы æвæрд уыдысты, уый дуар æмæ дзы райстон æнæхъæн дзул. Æмæ уый дæр уым нып- пæрстон. Зын зæгъæн у талынджы, æнæдзургæйæ, кæй рацу- бацу кодтон, стæй кухнийы скъаппы дуары гуыпп куы* фехъуыста мæ фыд, уæд уый куыд бамбæрста. Фæлæ та* къулы фæстæйæ райхъуысти йæ ныхас, ацы хатт йæ хъæ- лæсы хатт куыд æвдыста, афтæмæй цыма сидти ме ’мбар- гæдзинадмæ. Хъуыр-хъуыр кодта бирæ рæстæджы, куы философи кæсгæйæ, куы та мæсты кæнгæйæ. — Бынтондæр бахаудтæ кæйдæр æвзæр æндæвдадьг бын... Бадыс чызджытимæ æмæ лæппутимæ, æвæццæгæн, фæскомцæдисонтæ сты... Æнæсмудæн, къæхтæсæрфæнæй æвзæрдæр дæ. Диспуты дæхи куыд дардтай, уымæ кæсын мæм æгаддзинад зынди. Кæуыл худтæ, сæрхъæн! Ды нæ бамбæрстай, дыууæ быцæугæнæджы дæр уæлæнгæйтты кæй ленк кодтой, арф ахъуыды кæныныл сæхи кæй нæ- батыхсын кодтой, уый... Цæй, дæхæдæг ахъуыды кæн. Дæ сæры магъзы фезмæлын кæн. Зæгъæм, цæвиттон, цал æнусы рæзы наукæ. Цыма нæм,æппæт дæр ис: ис нæм ави- аци дæр, электроны рухс дæр, стæй парæй кусæн ма- гаинæтæ дæр... Аивгъуыйдзысты ма ноджы æкустæ. Ма- шинæтæ бирæ фæхуыздæр уыдзысты, сæдæ хатты аив- дзысты теоритæ æмæ цæстæнгастæ. Фæлæ ахуыргæндты цыфæнды хиндзинæдтæ дæр нæ фендæрхуызон кæндзыс- ты адæмы ахаст. Дун-дунейы тыххæй адæймагæн йæ бон у æрмæстдæр алыхуызон аргъæуттæ кæнын. Афтæ уыдн æмæ афтæ уыдзæн. Зæххыл адæймаджы скодта хуыцау, Зæххыл ын банысан кодта бынат... Æмæ ды дæ зоыгуы- 219
тыл цы бæрзонддзинады раз хъуамæ лæууай, ууыл ма нс- куы иунæг хатт дæр æвзæр куы ахъуыды кæнай, иунæг æдылы мидбылхудт дæр ма куы бакæнай, уæд... Голлаг мæ къухы уыд. Талынджы æз зынтæй æвзæрс- тон предметты нывтæ. Мæнæ нæ хæдзар, ам царди мæ мад... Мæ фыды хъуыр-хъуырмæ нал хъусгæйæ æмæ тыхст улæфт скæнгæйæ, æз цæхгæр фæзылдтæн æмæ ацыдтæн: фыццаг æрхызтæн асинæй æмæ акастæн фурд- мæ, стæй зонгæ нарæг фæндагыл ахызтæн хъæдæрмæджы склады иувæрсты, æмæ, æппынфæстаг, мæ алфæмбылай быдыр, къæхты бын сыр-сыр кæны кæрдæг. Фæстейæ аз- зад хъæдфадæы завод... Уыди августы талынг æмæ чысыл уазалгонд æхсæв. Нæ уездон горæт тарф фынæй кодта., Æхгæд кулдуæртты фæстæйæ рæйдтой куыйтæ. Цард йæ алы хатты уагыл цыди æрмæст станцы: сыгъдысты электроны цырæгътæ, маневргæнæг паровоз йæ разæй схуыста вагæттæ, цыппæ- рæм фæндагæй хъуамæ ацыдаид товартæласæг поезд; уы- мæ вокзалы агъуыстæй рацыд поезды бригадæ, хистæр кондуктор фæндагыл цыдæр æууылдта. Поезд хурныгуылæры, æви хурыскæсæны ’рдæм цæуы, уый рахатгæйæ, æз вагоны бын фæмидæг дæн æмæ иннæ- рдыгæй агæпп кодтон. Мæн ничи æрхъуыды кодта. Тор- мозты площадкæтæй сæ иу равзаргæйæ, æз æрæмбæхстæн уымæ æввахс æмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдтон, поезд кæд араст уыдзæн, уымæ. Вагоны ауæтты мæ иувæрсты рацыдысты кондуктортæ, • фæлæ мæ площадкæйы раз не ’рлæууыдысты. Минут фæстæдæр ныууасыд паровоз, ныдздзæяг-дзæнг кодтой вагæттæ кæрæдзийыл бæттæн рæхыстæ. Дзоныгъ митыл куыд хъыс-хъыс фæкæны, аф- тæ кодтой вагоны цæлхытæ рельсытыл. Æз мæ голлаг баппæрстон площадкæмæ, стæй фæхæцыдтæн вагоны хæ- цæнтыл &мæ сгæпп кодтон асинмæ. Фæстейæ аззадысты станцы цырæгътæ. Æз тыхстæй архайдтон, цы ’рцыд, уый бамбарыныл. Мæ фыды зæрдæ æгæр тыхджын нæ фæриссын кодтон, мыййаг, зæгъгæ, уыцы хъуыды уæд мæ сæрмæ нæма ’рцыди. Поезд, æн- дон хъандзалтæй зæлланг гыбар-гыбур кæнгæйæ, ауади 220
хидыл, боныгон уыцы хид доны сæрмæ зыны- нывæфтыд тæлмы хуызæнæй, суанг нæ хæдзары къæсæрмæ. Буары хызти дымгæ, фæлæ ныртæккæ мæ зæрдæ ахæм уагыл уыд, æмæ уазал нæ фиппайдтон. Ферттив-ферттив кæнгæ, иудадзыг кæрæдзи ивтой бæ- лæсты, телы хъæдты, фæндаг хъахъхъæнджыты чысыл хæдзæртты æндæргтæ. Дымгæ мын мæ уæлæйæ скъæфта мæ дарæс. Цæлхытæ уыцы иухуызон тыхджын гуыпп- гуыпп кодтой. Асины æнцойгæнæныл хæцгæйæ, æз тах- тæн æбæрæг кæдæмдæр, мæ зæрдæ, мæ риуы уæрæхæй- уæрæхдæр кодта сæрибардзинад æмæ æрра ногдзинад æн- къарынæй. Цæй, цы уа, уый уæд! Мæ сæр радаргæйæ, æз кастæн размæ. Хъæды сау контуры сæрмæ фæззыгон æрттывд кодтой< ирд стъалытæ. Уыдон уыдысты тынг зонгæ, сабыр, æмæ уыимæ—цахæм- дæр диссаг. Раст цыма уыдоны мидæг ис мæ фыдимæ хъаугъайы аххосаг. Адæймаг зæхмæ баст у, цы ран уый хъуамæ лæууа йæ зонгуытыл æмæ кува, æви, фæуæлахиз уæвгæйæ, искуы балæудзæн стъалыджын дун-дупейы? Разырдыгæй æввахсдæр кодта хъæд æмæ фæрсырды- гæй та даргъ аууон фæсте зади. Поезд, гыбар-гыбургæн- гæ, згъордта æнæзонгæ дард кæдæмдæр. Æмæ стъалытæ та цыма мемæ згъордтой, афтæ зынди, цыма сæ аив рæн- хъытæ нæ халгæйæ, уыдон махæй фæстæдæр нæ зайынц, фæлæ згъорынц поезды æмрæнхъ, хъæды сæрмæ, зæххы сæрмæ—мæ хъысмæт кæм æрбиноныг уыдзæн, уырдæм. ...Гъе, æмæ кæрæдзийы фæдыл арæнхъысты азтæ. Æмæ-иу стыр сагъæсты сахат, зæрдæйы кризисты æмæ тыхстдзинады сахаты мæ цæстæнгас арæх арæзт уыди стъалытæм. Æз куы ацыдтæн, уæд уайтагъд Надяйыл хъуыды кæ- нын мæ цæсты ницы уал ахадыдта. Цыма æвигшайды фæасдæр дæн, уыйау мæ уыцы сывæллоны уарзондзинад- мæ кæсын байдыдтон æнæввæрсонæй. Мæнæн карз цауты фæззæг раивта зымæгмæ, зымæджы фæстæ æрлæууыд сæрд. Æз цардтæн губернийы горæты, педагогон технику- мы иумæйаг цæрæндоны. Æрцыди мæм æйдæр зæрдæйы ахастытæ. Фæлæ Надяйыл уæддæр фембæлдтæн. 221
Нæ ног фембæлдтытæй фкццаг уыди цалдæр азы фæстæ, техникум каст куы фæдæн æмæ математикæйы ахуыргæнæг суæвынмæ мæхи куы цæттæ кодтон, уæд. Куыд рабæрæг, афтæмæй Надя дæр уыцы аз уыцы горæ- ты ахуыр кодта совпартскъолайы. Уый уыди чындзы цыд; йæ лæг дæр ахуыр кодта уым, совпартскъолайы. Надя- имæ æнæнхъæдæджы фембæлдыстæм уынджы. Уый мæ <ахуыдта сæ фатермæ. Бандæттæ сæм кæй нæ уыд, уый тыххæй æз æрбадтæн рудзынджы фæйнæгыл, уый та— æфсæйнаг сынтæгыл. Уаты цы иунæг бандон уыди, ууыл, •стъолы фарсмæ бадти йæ лæг, фæлурс бур сæрыхъуынти- мæ, æз æй бынтондæр нæ зыдтон. Уый, мæнмæ ацамон- гæйæ, бафарста: „Чи зоны дæ цай хъæуы?" æмæ дарддæр фæлдæхта бæзджын чингуыты рæдзагъд, стæй ма уыимæ кърандасæй фыста блокноты. Надя нал уыди раздæры æрыгон чызджы хуызæн æмæ, æгæрыстæмæй, мæн карæны хуызæн дæр, цыма йæ кармæ гæсгæ цыдæр æгъдауæй мæ разæй фæци. Йæ цæстæнгас уыди бынтон сабыр. Æз дзуапп лæвæрдтон йæ фарстытæн: ныртæккæ кæм дæн, цы архайын, цахæм сты мæ сомбоны пълантæ. Æваст, ны- хас фæлыггæнгæйæ,, æз сыстадæн æмæ сын хæрзбонтæ кæнын райдыдтон. Мæ хъæлæс мæм фæзынд сывæллоны хъæлæсы хуызæн, чи хъæуы æнæ ахæм сæрыстырдзинад, мæ дзуаппытæ та цыма æгæр> нытъангысты, стæй цæуыл- дæр фæхъыг дæн, суанг мæм æгад куыд æркасти, уый бæрц. Хæрзбон зæгъгæйæ, æз ацыдтæн, фæлæу уал, зæгъ- гæ, мын нæ загътой,, афтæмæй. Уый фæстæ тынг бирæ рæстæг æз ницы уал фехъуыс- тон Надяйы тыххæй. Стæй йыл хъуыды дæр арæх нæ кодтон. Иннæ хатт та фембæлдыстæм дыууадæс азы бæр- цы фæстæ—æртын стæм азы. Уæды онг уал æз ахуыргæнæгæй акуыстон Байкалы донбылгæрон иу стыр хъæуы, фæстæдæр та—Харьковмæ æввахс совхозтæй сæ иуы, уый фæстæ та ногæй—Сыбы- ры—ацы хатт, Иртышы цур раздæры хъазахъхъты стаи- цæйы, гигантон элеватор арæзт кæм цыд, уым, æмæ æп- пынфæстаг та Мæскуымæ ’ввахс ну сæудæджерадон по- селочы. 222
Ныр мын уыди бинонтæ, ме ’фсинимæ нын рæзыдысты дыууæ фырты. Кандидатæй мæ аргъæвтой партийы уæнг- мæ. Мæ фырттæ-иу куы ныхъусысты изæр, уæд-иу мæ- хиуыл кусын райдыдтон æмæ мын бирæ хатты антысти тынг æнафонмæ фæбадын, фæсаууонмæ каст фæдæн уни- верситет. Кæд мæ нæ фæндыдй, уæддæр мæ хъуыдыты æвзæрын байдыдтой математикæйы цавæрдæр мæхи сæр- магонд теоритæ, æмæ уыдойы мидæг ленк кодтон куы бынтон æдыхæй, куы та сый исты пайдайы практикон бы- нат ссарыныл архайгæйæ. Мæ фыццаг наукон статьяйы дзырд цыди, чи нæ ма уыди, фæлæ мæ хъуыдыйы чи сырæзти, стæй, мæ хъуы- дымæ гæсгæ,- сæ техникон фадæттæй та æмбал кæмæн нæ уыди, ахæм ног типы нЫмайæн машинæты фæдыл. Æцæг уыцы статьяйы бирæ рæдыдтытæ уыди. Æмæ йæ куыд- дæр ныммыхуыр кодтой^ афтæ йæ ахуыргæндтæ тынг раст критикæ кодтой. Æмæ мæм уый тыххæй та уæлдай дис- сагдæр фæзынди, партййы Мæскуыйы облæстон комитетмæ мæм кæй фæсидтысты æмæ, институттæй сæ иумæ нау- кон кусæгæй рацу, зæгъгæ, мын кæй загътой, уый. Ахъуыды кодтон æмæ сразы дæн уыцы фæндыл. Уæд, Мæскуыйы областон комитеты, æз къæлидоры ра- цæйцæугæ федтон<*иу сЫлгоймаг. Уый. цыди хъуыддаг- хуызæй, хаста пайкæ гæххæттытимæ. Йæ цæсгомы кон- дæй мæм цыдæр зонгæ фæзынди. Бæстондæр бакæсгæйæ, æз базыдтон Конейкова Надяйы. Уый дæр бадис кодта æмæ йын æхсызгон уыд мæ фенд. Мах исдуг алæууыдыстæм къæлидоры. Аныхæстæ код- там. Алчи нæ йæхи тыххæй дæр радзырдта, йæ царды сæйрагдæр цы уыд, уый. Ныхас нæ дыууæйæн дæр æх- сызгон уыд, афтæмæй та ныры онг уыимæ сæмбæлдты рæстæджы ахæм хабар никуы бафиппайдтон. Ныр мæ ни- цы уал хъыгдардта, Надя æцæгæй цы уыди, уый фенын. Æз ын радзырдтон мæ бинойнаджы тыххæй, сывæллæтты тыххæй, мæ математикæйы теориты фæдыл. Уый мын-иу фæлыг кодта мæ ныхас—æрымысыди-иу скъолайы ма куы ахуыр кодтам, уЬгцы рæстæг, куы та-иу мыл худгæ дæр -акодта, дзырдта, нæ алфæмблайы цард дыууынæм азты 223
хуызæн куыд нал у, уый фæдыл. „Ды фендзынæ, тагъд- нын цытæ бантысдзæн, уый!" Рабæрæг, Надя æрмæст Мæ- скуыйы цæрæджы ном цы хæссы, уый йедтæмæ ма альг цыппар къуырийæ дæр æртæ фæндæгтыл кæй æрвитъг партийы бафæдзæхстмæ гæсгæ. Обпæсты, æвæццæгæн, ахæм къуым, ахæм колхоз, фабрикæ, ног арæзтад нæ уыд„ уый кæдæм нæ арвыстаиккой, исты-иу дзы йæ уагыл куы- нæ уыди, уæд. Уый рагæй кусы обкомы инструкторæй. Къæлидоры рудзгуытæм зулаив тæшштæй цыд хуры рухс. Мæ цуры лæууыди хæрзконд сылгоймаг, æмæ йæм кастæн, æмæ мысыдтæн, кæддæр диспутæй куыд цыдыс- тæм, куыд мæ бафæндыд йæ разы мæ зонгуытыл æрха- уын, мæ зæрдæ иннæрдæм фæфæлдахын. Уый куы нæ уыдаид, у&д, чи зоны, мæ фыдæй дæр нæ фæхицæн уы- даин, афтæ ныфсджынæй нæ ацыдаин æбæрæг фæидагыл- Æмæ, чи зоны, куы нæ ацыдаин, уæд... Ныр æз бафиппайдтон, йæ цæсты бынты æнцъылдтытæ æмæ раздæр йæ фындзыл цы тæппытæ уыди, уыдон. Мæн тынг бафæндыд уый къух райсын, уыцы къухмæ тыхс- тæй æртуыбыр кæнын æмæ йын апъа кæнын. Æз афтæ ба- кодтон, зæгъгæ, уæд уый зæрдиагæй ныххудтаид. Надя йæ мйдбыл худти, рухсмæ йæ цæстытæ æрцъынд- æрцъынд кодта, змæлыдысты йæ цæсты хаутæ. Уый йе ’нгуылдзты цъуппытæй гæзæмæ февнæлдта мæ цонгмæ: — Цæй, ныффысс мæн æмæ мæ лæджы адрес. Æнæ- мæнг нæм æрбацу! Адрес ныффыстон, фæлæ уæддæр дывæнд кодтон, ба- цæуон, æви нæ, ууыл. Уыцы хъуыддаг æргъæвтон бонæй- бонмæ, мæйæ-мæймæ. Стæй мын институты мæ ног хæстæ райдайæны нал лæвæрдтой иунæг сæрибар сахат дæр. Æз бафиппайдтон теоретикои проблемæтыл кусынмæ фаг цæттæ кæй нæ дæн, уый. Мæн бахъуыди бынæттон шефы, профессоры разамындæй мæ зонынады цухдзинæдтæ баххæст кæныныл æрвыл бон биноныг кусын. Хæдзары дæр мын уыди зын- дзиндтæ: мæ фырттæй сæ иу рынчын уыди, æмæ уый куы сдзæбæхи, уæд та иннæ райдыдта сæйын æнæхъæн зы- мæджы дæргъы. 224
Æрбалæууыди цыппор фыццæгæм азы дыууын дыккæ- гæм июнь. Хæсты райдайæнæй дыууæ—æртæ къуыри фæс- тæдæр, сæдæгай мин мæскуыйæгтау, æз дæр бархийæ ацыдтæн фронтмæ. ...Æппæт адæмæн дæр куыд дард æмæ зын разынд фæстæмæ лæууыны тухийаг бонтæй, Мæскуыйы цур карз хæстытæй, знæгты Советон Цæдисы арæнтæй фетте кæныны онг фæндаг! Гъе, æмæ фашистты сургæйæ, мах февзæрдыстæм нæ бæстæйы арæнты æттейæ. Цыма нырма дæр мæ цæстыты раз лæууы немыцаг къаннæг горæт. Амайгæ дурæй астæрд, сабцр уынгтæ, тротуарты кæрæтты цырæгътæ, ныллæг хæдзæрттæ, ра- нæй-рæтты агъуындæндурæй æмбæрзт цыргъ уæлхæдзæрт- тимæ. Хæдзæрттæ зынынц афтиды хуызæн—-сæ мидæг æрæмбæхстысты сæ цæрджытæ. Астæуккаг æнусты готи- кон кирха: йе стыр. дуар нысхъистæис сармадзаны нæ- мыджы къæрттытæй. Амыты-уымыты зынди бомбæты срæ- мыгъды дзыхъхъытæ. Стæм рæтты цъæл рудзгуытæ. Цæуы сыгъды тæф: кæцæйдæрты ма зыны сыгъдæтты фæздæг. Фæззæг. Цадтæ фæихысты. Бæлæстæ зымæгон бæгънæг аисты, æмæ хус сыфтæртæ алы ран згъæлынц уынгтæм, дымгæ сæ тæры йæ разæй, сыбар-сыбур кæнынц. Ардæм мæ æрбарвыстой райсомæй. Æмæ изæры та уы- цы горæт æйттæй сыгъди. Æхсæвы арвы, кæрæдзи фæс- тæ, сæ матортæ ниудтой, афтæмæй зилахæрттæ кодтой дæсгай гитлерон хæдтæхджытæ. Æфсæнвæндаджы станцмæ æввахс уыцы изæр равдæ- лон кодтой бензины боцкъаты эшалон. Боцкъаты аласын нæма бантысти, афтæмæй сæ знаг базыдта. Знаджы бом- бæты æвирхъау срæмыгътытæ пырх кæнынц, станцы ал- фæмблай цыдæриддæр ис, уыдон. Кирхийы иу хай нып- пырхи. Æртаг кæм уыди, уый сæрмæ тынг бæрзонд цæуы пиллон. Боцкъатæ тонын байдыдтой сæхæдæг. Арты цæ- джындзгæпдтæ арвмæ хауынц; судзгæ тæнгъæд, фонта- нау, цæуы хæрдмæ, лæсæнтæ кæны шпалтыл, зынг хæц- цæ кæнын байдыдта æввахсдæр агъуыстытæм, хæцæн- гæрзты æфтауцдæттæм, фæндагыл цы вагæттæ уыди, уы- донмæ. 15* 225
Знаджы хæдтæхджыты æртахт мæн æрыййæфта æф- оæнвæндаджы цур. Мигъау ныббадти рыг. Амыты-уымы- ты, тызмæгæй мæнырдæм бырсгæйæ, хæлдысты бомбæтæ. Ногæй та ниудтой бомбæтæ. Ихуарæгау кодтой бомбæты схъистæ, кæцæйдæр тахтысты агуыри дуртæ. Бирæ æн- дæртау, æз дæр хуыссыдтæн, зæхмæ мæхи нылхъивгæйæ» земæ мæ тынг фæндыд, цæмæй æппæт уый тагъддæр ныхъ- хъус уа. Уæд æз æшшндоер æнхъæл нæ уыдтæн, зæгъгæ, фондз минуты фæстæ æз ам фембæлдзынæн Надяйыл æмæ нæ ацы фембæлд уыдзæн фæстаг хатт. Вокзалы ’рдыгæй ныхъхъæр кодтой: — Æмбæлттæ, лæгдыхæй вагæтты атулын хъæуы... Бах- хукс кæнын кæй бон у, уыдон рацæуæнт! Йæ бон кæмæн у, уыдон се ’ппæт дæр... Æмбæлттæ! Мæ ; æндзыгдзинад аиуварс кæнгæйæ, æз фестадтæн æмæ азгъордтон, чи хъæр кодта, уый ’рдæм. Уыди бонау рухс. Фæйлыдта æвирхъау стыр арт. Æрмæст ма арв баз- зади мæйдарæй. Ууыл, æнæзмæлгæ стъалыты ’хсæнты тæппыты даргъ рæнхъыты хуызæнæй хæрдмæ лæстысты рухсгæнæг сармадзаны нæмгуыты зынджытæ. Æхстой мах зениткæтæ. Æрмæст, æфсæнвæндагыл ауайгæйæ, бамбæрстон, уа- вæр куыд тæссаг у, уый: знæгты хæдтæхæджы фæзынды хæдагъонмæ станцмæ æрцыд поезд минæтæ æмæ халæн æрмæгимæ. Тæссаг вагæттæ лæууынц, зынгсирвæзт кæ- дæм æрбахæццæ кæны, раст уым. Вагæттæй чи ахицæн- ис æмæ дон ныккæнынмæ чи ацыд, уыцы иунæг паровоз дзæгъæлы лæууы, уымæн æмæ йæ машинист фæмарди. Мах уыдыстæм фæндзайы бæрц салдæттæ æмæ афицер- тæ. Се ’лпæт дæр уыдысты, кæй нæ зыдтон, ахæмтæ. Нæ алфæмблай цы зынгсирвæзт фæйлыдта, уый судзаг тæвд æнкъаргæйæ, мах кæрæдзийæ хицæнтæ кодтам вагæттæ, æмæ сæ, нæ уæхсджытæй размæ схойгæйæ, тылдтам сæ кæрæдзийы фæдыл. Æввахс кæцæйдæр фæд-фæдыл рай- хъуысти цалдæр бомбæйы тыхджын срæмыгъды. Фес- хуыста мæ уæлдæфы улæн. Нæрыдысты мæ хъустæ. Æмæ нæм æваст æххуысмæ æрбацыд паровоз. Уый нæ иувæрс- ты æрбауади стрелкæмæ, цæмæй уырдыгæй æрбаздæха, 226
’мах цы фæндагыл лæууæм, уырдæм. Æз бæлвырдæй фед- тон, паровозыл сылгоймаг кæй лæууыди пилоткæ æмæ ци- /нелы- мидæг афицеры пагæттимæ. Уымæ рухс кодта -зынгсирвæзты пиллон. Æваст мæм афтæ фæзынди, цыма уый у Надя Коненковайы хуызæн. Æппæт уый мæм ныр- тæккæ зыны фынфенæгау. Æз ма йыртæккæ дæр не ’мба- рын, æнæ катастрофæйæ, куыд ахицæнис хъуыддаг. Æз .ф)ыццаг вагон паровозыл куыддæриддæр абастон, æмæ •сгæпп кодтон тендеры асиныл, афтæ паровозы иннæрды- тæй’ фарс фехæлди бомбæ æмæ поезд фæфæлдæхынмæ би^ рæ нал бахъуыд. Æттæмæ кæлын байдыдта пар. Фæлæ поезд уæддæр цыд, арæхстгай, йæ цыд тагъддæр кæнгæ- *йæ. Нæ амондæн рельсытæ æнæхъæн разындысты. Æп- пынфæстаг, поезд ахизын кодтам горæты кæронмæ. Зынг- <зирвæзты цæхæр фæстейæ аззад. Иннæ станцмæ фæнда- гыл мах мæйдары фæаууон стæм знагæй. Поезд ма змæлыди хæрз сындæг, стæй æрлæууыди. Поезды кæрон, мæнмæ дæрддзæф, чидæр уæззау хъæр- зыдта. Æмæ мæ цуры, паровозæй та райхъуыст нæлгоймаджы хъæлæс: — Уым исчи ис, æфсымæртæ? Мæнæ помполит фæцæф! Дзуапп ын радта цалдæр хъæлæсы. Фæлæ йæм ^ез ин- нæтæй æввахсдæр уыдтæн—лæууыдтæн тендеры цур. Уы- цы секунд бæлвырдæй мæ цæстытыл ауад, нæ иувæрсты азрбатæхæг паровозыл æвиппайды цы сылгоймаджы ауыд- тон, уый. Мæ зæрдæ нынкъуысти, срастгæнæн кæмæн нал ис, уыцы æнамонд хабар банкъарынæй: ныр æз цæйдæр тыххæй зыдтон уый æнæмæнг8 Надя кæй у, æмæ дзырд ууыл кæй цæуы—æнамонд хабар сæм!бæлд Надяйыл. Шпал- тыл мæ къæхтæ къуырдтытæкæнгæйæ, æз азгъордтон ма- шинисты буркæмæ. Паровозимæ архайæг салдат гæзæмæ базыхъхъыр кодта артгæнæны дуар. Уырдыгæй цы дыдзы рухс цыди, уый фæрцы федтам, æвзалыйы люкы цур хаудæй цы сы^лгой-,. маг уыд, уый цæсгом. 0, паровозыл уыд Надя. Æз нæ фæрæдыдтæн... Уый хуыссыди æнæзмæлгæйæ; йæ цинел ын ныскъуыдтæ кодтой бомбæйы схъистæ æмæ уыди ту- 227
гæй змæст, йæ алфæмблай æфсæйнаг шштæйыл дæр тар дардта ахст туг. Йæ цæсгоммæ йын æргуыбыр кæнгæйæ, æз фехъуыстон мæхи тыхджын хъæр. Уый анæрыд раджы, скъолайы бон- ты-иу куыд уыд, афтæ: — Надькæ! Байхъус-ма, Надькæ!.. Уый мæ базыдта: уый æз бамбæрстон йæ цæстæнгасæй. Уый скасти, бынтондæр дис нæ кæнгæйæ. Æмæ уайтагъд,, цыма мæ æваст æрбайрох кодта, уыйау та кæсын рай> дыдта æндæры ’рдæм. Стæй йæ былтæ зынтæй сдзырдтой— æз банкъардон мæнмæ кæй дзуры: — Гъе, æмæ ууыл ахицæни. Цæй, ницы кæны... Машйнисты будкæмæ ма мæнæй дарддæр схызтысты æртæйæ, æви цыппарæй. Рухсы тынтæ тыбар-тыбур код- той Надяйы уадултыл. Уыцы рæстæджы поездæй чидæр азгъордта, æфсæнвæнда- джы фæрсты цы сосæ фæндаг цыд, уырдæм. Уым бау- рæдта уæзласæн машинæ; цæмæй аласой цæфты, уый тыххæй йæ бакодта поезды размæ. Хъуысти вагæттæй машинæмæ кæй хастой, уыцы цæф лæгты хъæрзын. Æрбацыдысты Надяйы ахæбсынмæ дæр. Мæныл иувар- сырдæм ахæцыдысты; растдæр зæгъгæйæ, æз лæууыдтæн, цыма бынтондæр ницыуал æнкъардтон. Æмæ йæ паровозы площадкæйæ арæхстгай куы æрцæйистой, уæд æз бам- бæрстон удæгас кæй нал у, уый... Тынг ныддæргъвæтинис уыцы ’хсæв. Никæмаён ницы загътон, афтæмæй æз дæр рахызтæн паровозæй, бацыд- тæн сосæмæ æмæ уый кæрæтты сындæггай хилын байдыд- тон горæты ’рдæм. Разæй, фæскъуылдым, раздæрау, цæхæр калдта зынг- сирвæзт. Сосæйы асфальтыл ранæй-рæтты æрттывта тæнæг их. Бæстæуыд сабыр. Фæззыгон стъалыджын арв райтынги, мæ сæрмæ, раздæр-иу куыд уыди ирд æхсæвы, раст афтæ. Æрфæныфæд цæхгæрмæ алыг кодта арвы тыгъдад, стъа- лытæ зындысты уæлдай фылдæр; уыдон æрттывтой, тæ- мæнтæ калдтой арвыроны ахорæнты хуызæн. Афтæ æрт- тывтой, раст цыма сæ быны æппæт\ дæр йæ уагыл уыд. Лсфальты дзыхъхъытыл цы тæнæг ихы цъар фæхæцыд,. 228
уый бирæ рæтты ныцъцъæли, ихы муртæ ленк кодтой чы> еыя цадгæндты, дон ногæй нæма æмбæрзтой ног ихы цъæрттæ. Æз зыдтон: Уый уыди, Надяйы цы машинæйы аластой, уый фæд. Æнустæм æй аластой цардæй. Арвы экваторы бæрзонд стылдыстьх зымæгон стъалы- тæ. Уым уыди Орион йæхæдæг дæр. Орионæй галиуæр- дыгæй фарсæй. æрттывта Сириус. Уый уыди саулагъз чызджы хуызæн. Йæ цæсгомыл хæбуздзыхъхъытæ. Цыма худæджы æфсæрмытæ кодта, уроктыл дзуапп дæтгæйæ, къласы фæйнæгмæ-иу æм куы фæдзырдтой, уæд... Æз цыдтæн æмæ афтæ æнкъардтон, цыма цæрæнбон- тæм ахуыссыд мæхи зæрдæйы иу хай.' Надяимæ кæрæдзи хæрз стæм хатт уыдтам. Фидæны дунейы фыццаг арæз- тадты сæйрагдæр уæз йæ уæхсджытыл ахаста мæн æмæ Надяйы фæлтæр. Йæ мыдгъуыз, æдыхст цæстытимæ, ныфсхаст æмæ сæрыстыр чызг, уый зын фæндаг равзæр- ста йæхицæн. Уый-иу февзæрди, зын кæмдæриддæр уыди, уым. Гъе, æмæ ныр нал æрæздæхдзæни, нал ис. Цæуыс æмæ хъуыды кæныс, æвирхъау зын у уый тыххæйхъуыды кæнын. Мæ разæй цы арт сыгъд, уый æрнымæгмæ хъавыд. Хæсты арт. Æмæ мыййаг мæн æмæ Надяйы. хъуыди хæст? Мæ къухы уыди пилоткæ. Æз æй æвиппайды бафип- пайдтон, куыд рабæрæги, афтæмæй Надяйы худ æрхауд паровозы æмæ йæ æз рахастон—уый уыди хуымæтæджы сукнойæ пилоткæ, чысыл сырх стъалыимæ. Æз цыдтæн, фæлæ мæ цæсгом, æвæццæгæн, ныффыдхуызи, æваст мæ цы æгъатыр цæссыгтæ сбырстой, уыдонæй. Арвыл йæхи райтыгъта Орион, алмазгъуыз стъалщты рæдзагъд, уыдон нывæфтыдтæм ма-иу цымыдисæй кастæн хъæдфадæн заводы раз фурды былæй дæр. Мæ армы дзыхъхъытынг нылхъывтончысыл тасмачъи стъалы. Æмæ æнæкæрон стыр цыдæр—адæймагады æнусон фæндац куыд стыр у, ахæм цыдæр—мæн тыххæй иумæ сбаста, арвыл •цы стъалытæ ис, уыдон æмæ мæнæ ацы тугæйдзаг пилот- >кæйыл цы гыццыл стъалы ис, уып. ... Мæ фыд Сыбырæй раджы рацыди. Хæст æй æрæй- 229
йæфта Советон Цæдисы Хурныгуылæн хайы спичкæтæ аразæн фабрикæтæй сæ иуы. Стæй эвокуацигонд адæм- имæ, йæ ног бинонтæ, йемæ, афтæмæй бахауд Астæуккаг Азимæ. Педагогон техникумы ма куы ахуыр кодтон, уæд мæ- ссардта почтæйы фæрцы æмæ мæм писмо сæрвыста хъæд- фадæн зазодæй. Уый мæ тынг æфхæрдта. Уый мæсты< писмотæн æз иу къорд рæстæг бынтондæр дзуапп нæ- лæвæрдтон. Æмæ техникумы хистæр курсы куы ахуыр- кодтон, уæд мæм хабар сæмбæлди, зæгъгæ, мæ фыд уа ракуырдта. Уæд мын куыд загътой, афтæмæй, йæ ус уыди, афæдздзыд чызг кæмæн баззад, ахæм идæдз. Мæ фыд: ус æрхаста, зæгъгæ, фехъусгæйæ, æз ’æваст æнкъардæй- ахъуыды кодтон мæ сабион бонтыл. Æрбаймысыдтæн мæ« мады цæстæнгас, уый рæвдыдтытæ, мидбыл худт, æмæ’ мын изæрыгæтты куыд касти æмдзæвгæтæ; мæ фыд—йæ* ахуыр нæ фæуæг студент, йæ цард зындзинæдтæй цух, кæмæн нæ уыд, уый мæ, йæхирдыгонау, аудгæ, куыд. хъомыл кодта, мемæ йæ уæрджытыл куыд рабыр-бабыр* кодта нæ кæрты, зæххыл къæцæлæй стыр, рельефон гео~ графион картæтæ нывгæнгæйæ. Æппæт уыдон раджы< уыдысты, Мæ фыдмæ уæды онг бирæ рæстæг цы хæрам зæрдæ дардтон, уый, цыма, йæ усракуырды фæстæ бып- тон ныббиноныги. Фæлæ мæ зæрдæйы цы хæрамдзинады ’нкъарæнтæ агайдтой, уыдоны иувæрсты мæ сæрмæ æр- цыд æндæр хъуыды, зæгъгæ, мæ фыд—уый мæхи фыд у æмæ уымæй дæр тынг раст адæймаг, æмæ мæ сæры фе- взæрд, æнæбары нæ бинонтæм цы гыццыд чызг æрбахауд,, уый хъысмæтыл сагъæс. Нырма фыццаг къахдзæфтæ чиг кæны æмæ чи ницы æмбары, уыцы сабийыл æз куыддæр ныхъхъуыды кодтон хорзырдæм. Цыбыр зæгъгæйæ, уæд. æз писмо ныффыстон мæ фыдмæ. Ныффыстон æм, зæ- гъын, фæнды мæ, цæмæйамондджын уай дæхæдæг дæр, дæ ус æмæ де ссаргæ чызг дæр. Афтæ райдыдта мæн æмæ мæ фыды кæрæдзимæ ахас- тыты ног тæлм. Мах цардыстæм хицæнтæй, кæрæдзимæ^ тынг дард, фæлæ мæ фыццаг писмойы фæстæ кæрæдзи- мæ фыссын кæй райдыдтам, ^ый азæй-азмæ дарддæр цыди~ 230
Мæ фыд. цымыдисæй фарста ме ’нæниздзинады тых- хæй, мæ ахуыргæнæджы куысты тыххæй, æз цы скъола- йы куыстон, уый уавæры тыххæй; уый ма фæлвæрдта, хæсты агъонмæ æхсæвæй-бонæй мæ сæр цы математикæйы теорийыл састон, уыдон ахаст бамбарыныл дæр. Фæлæ уыди, кæрæдзимæ нæ писмотæ фыссын чи хъыгдардта, ахæм пæлхдуртæ дæр: нæ дыууæ дæр нæхи хызтам нæ цæрæн- бонты хъаугъайы темæйæ, æнæбафидаугæйæ дыууæ цæстæнгасы—темæмæ хæрз уæлæнгай февналын дæр. Уы- цы темæ, мах фæндыди, æви нæ, уæддæр зынди писмоты рæнхъыты æхсæнæй, нæ фæдыл зылди, къуызитт кодта алы писмойæ дæр; фæлæ æттейæ бакæсгæйæ афтæ зын- ди, цыма мæн æмæ мæ фыды ’хсæн ницы ныхмæлæуд- дзинæдтæ ис. Фæцй хæст. Цыппор фæндзæм азы нæхимæ куы ’рцыд- тæн, уæд мæ фырттæ уыдысты егъау лæппутæ. Хистæр уыди бурхил, сабыр, цыбæлгонд, хорз цагъта роялæй. Кæстæр уыд хъæлдзæг, цырд лæппу, ахуыр кодта дык- каг къласы, иудадзыг йæ алфæмблай къордтæ кодтой йе ’мбæлттæ æмæ-иу арæх æрхаста æвзæр бæрæггæнæн- тæ дæр йæ ахасты тыххæй. Уый æвзæр бæрæггæнæнтыл тынг хъыг кодта ме ’фсин. Фæлæ сыл æз уый бæрц нæ тыхстæн. Нырма мыл уыди æфсæддон дарæс, афтæмæй та ку- сын райдыдтон, фронтмæ кæцæй ацыдтæн, уыцы инсти- туты. Иу сабат изæры нæ хæдзармæ æрбацыд постхæссæг. Уый æрбахаста телеграммæ мæ фыдæй. Мæ фыд хъусын кодта, зæгъгæ, æппынфæстаг, Астæуккаг Азийæ раирвæз- гæйæ, уыдон æртæ дæр рацæуынцахæм æмæ ахæм поезды æмæ æндæр поездыл бадыны тыххæй æрхиздзысты Мæс- куыйы. Ам уыдон аззайдзысты иу цалдæр боны. Æмæ зæгъынц, зæгъгæ, кæд уын фадат ис, уæд ныл фембæлут. Æрæввахси, мæ ныййарджыты хæдзарæй фæлидзынæй дыууын азæй фылдæр рæстæг куы аивгъуыдта, уый фæстæ мæ фыдыл ф’ыццаг хатт фембæлды сахат. Ныр мæм мæ фыд фыццаг хатт бадзырдта куырдиа- тимæ. Телефоны бадзырдтон вокзалмæ. Базыдтон, поезд 231
абон кæй æрцæудзæн, уьтй. Æмæ æз уайсахат ацыдтæн ууыл фембæлынмæ, мемæ акодтон мæ кæстæр фырты дæр. Лæппутæ нæма зыдтой сæ фыды фыды. Йæ кой сын бирæ хæттыты кодтон. Мах цардыстæм фæсгорæт æмæ нæ вокзалмæ бирæ цæуын хъуыд. Мæ фырты тынг тыхсын кодта цымыдисдзинад. Фыды фыд уымæ зынди, комкоммæ æнудæсæм æнусæй цы историйы гæбаз æрбатахти ардæм, уый хуызæн. Дзуапп ын лæвæрдтон цыбырæй: цæйдæр тыххæй мæм афтæ зынди, цыма æз дæн гыццыл лæппу æмæ мæ фыдимæ фембæлынмæ бирæ кæй нал хъæуы, уый мæ цыма гæзæмæ тæрсын кæны. Мæнæ æрбахæццæис тагъдцæуæг поезд. Перроныл æнгом рæнхъытæй уадысты бæлццæттæ. Уæртæ сты, мах кæй агурæм, уыдон дæр, уыдон лæууынц сæ чемодантæ æмæ тыхдæтты цур æмæ фæйнæрдæм хъахъхъæнынц. Мæ фыд цыма асæй дæр фæныллæгдæрис, цыма йæ хуыз ивгæ скодта, фæтарбынис, æмæ уый хыгъд та фæ- тæнтæ ныцця, йæ цыргъ урсхалас зачъе уыди раздæрау хæрз зылд. Уый мæм тыхстæй худти йæ мидбыл. Мæ кæнгæ хо зынди, æппæт дæр чн ницæмæ дары, ахæм чыз- джы хуызæн: астæуккаг скъола каст фæугæйæ, уый дыууæ азы бакуыста госпиталы медицинон хойæ. Сау цæстдяшн, йæ сæрыл фæстæмæ саст къæбæлдзыг худ, уый мæм кас- ти æнæсæрыстыр мидбылхудтимæ. М& дыккаг мад та, мæнимæ зонгæ кæнгæйæ, стæй мемæ ныхасы мæм куы дзырдта „ды", куы та „сымах". Рæстæг кæд æнафон уыд, уæддæр нын ме ’фсин æры- вæрдта æхсæвæр. Нæ уазджытæ æхсæвæрыл сæхи æдыхст æнкъардтой, зæгъгæ, уый зæгъæн нæй. Дзырдтам иу- миаг хъуыддæгтыл, фæлæ ныхас цыди бавзаргæ æттагон уавæртыл: дзырдтам эвакуаций^гл, Астæуккаг Азийыл, алгъуызон лыстæг хабæрттыл. Мæ фыды бафарстон, цы куыст кæны, уымæй. Уый мын дзуапп радта, зæгъгæ, куыд хъæдырмæджы специалист, афтæ та йæм фæдзырд- той, раздæр цы спичкæтæ уадзæн фабричы куыста, уый ногæй скусын кæнынмæ. Æрымысыд æй зæронд дирек- тор. Фæлæ йæ Астæуккаг Азийæ ауадзынвæнд нæ- кодтой. 232
Стыр аргъ ын кодтой. Афтæ уыд профцæдисы хаххыл дæр—уый æвзæрст æрцыд бынæткомы уæнгæй... Мæ дыууæ фырты æрсабырысты æмæ сæ цæстæнгас нæ ястой мæ фыдæй. Хистæр хъуыста æфсæрмдзæстыгæй, кæстæры цæсгомыл та зынди æнæразыдзинады хуыз. Уымæн æмæ йæ дада цыдæриддæр радзырдта, уыдон иу- уылдæр уыдысты нырыккон хабæрттæ, ницы дзы уыди уадиссагæй! Дыккаг райсом, хуыцаубоны, мæн тагъд кæнын никуы- дæм хъуыди. Æхсæвы æрæгмæ кæй бафынæй стæм, уый тыххæй нæ сыстадтæн æмбисбонмæ. Уазджытæ цы уаты уыдысты, уырдыгæй хъуысти сылгоймаджы ныллæг хъæ- лæсы ныхас. Мæхи ныхсын æмæ мæ дарæс скæныны фæс- тæ сæм дуар бахостон, салам сын радтон. Куыд рабæрæг- ис, афтæмæй мæ фыд горæтмæ ацыди, æххæст нæма æр- бабони, афтæ. —Кæдæм ацыд?—бадис кодтон æз. — Елоховскы аргъуанмæ, — æрæджиаугомау мын бам- барын кодта мæ дыккаг мад,—хуыцауæн кувыымæ! Мæ фырттæ мæ фæсчъылдыммæ фæуагътой сæ хъæл- дзæг хъазт. Ныхъхъусысты сæ дыууæ дæр. Æз сæм бакас- тæн: сæ дыууæйæн дæр астыртæ сты сæ цæстытæ. Уыцы рæстæджы мæ кæнгæ хо, айдæнмæ кæсгæйæ, иу къухæй дзæбæхтæ кодта йæ сæры хъуынтæ. Æнæфæзил- гæйæ, уый загъта: — Пушкинæй ахæм бынат хъуыды кæныс: „Тьмы низ- ких истин мне дороже нас возвышающий обман?..." Уыцы репликæйæ æз уайсахат бамбæрстон уавæры æп- пæт вазыгджындзинад. Чысыл мæм худæггонд зынди, аф- тæмæй батæригъæд кодтон мæ фыдæн. Хъæрæй мæ зæгъын фæндыд: „Мæнмæ гæсгæ, дзы уый бæрц „возвышающий"- йæ ницы ис", фæлæ уыцы рæстæг мæ дыккаг мад бауай- дзæф кодта йæ чызгæн: —-Кæм не ’мбæлы, уым дæхи ма тъысс!.. Дæ фыд дæ- уæй фылдæр æмбары! Аходæн хордтам, мæ фыд немæ нæ уыд, афтæмæй. Мæ фырттæ ацыдысты се ’мбæлттæм. Уый фæстæ æрцыд мæ фыд—хъæлдзæг, рухсдзæсгомæй. Ме ’фсиы ын загъта, ис- 233
ты бахæр, зæгъгæ. Уый йын дзырдта алгъуызон арфæйыг- ныхæстæ, æмæ бæрæг зынди, махмæ уæвын ын æхсызгон кæй у. Цæмæй стъолы цур иунæг ма уыдаид, уый тыххæй йæ>. цуры æрбадтæн. Ме ’фсин мæнæн дæр æркодта кофе. Стæй уый, фæстæ ацыд, мах уым ныууадзгæйæ. Мæнæ та æз æмæ дыиумæ кофе цымæм хуыцаубоны,— ныллæг хъæлæсæй загъта мæ фыд. Æз, мæ сæр разыйы æнкъуыст бакодтон. Отъолы иннæ фарс бадгæйæ, уый сындæггай хордта ад- джын гуыл, хъулпытæ. кодта кофе æмæ æдзух æрбакæс- æрбакæс кодта мæнмæ. — Зоныс,—-æваст мын загъта уый, — Советон хицауад набм куы нæ уыдаид, уæд ацы æвирхъау хæсты ницы ама- лæй фæуæлахиз уыдаиккам, Æмæ æнæуи дæр’хорз цы у,„ уымæй хорз зæгъын хъæуы. Æз та ногæй мæ сæр банкъуыстон: зæгъын, раст- дæр афтæ. — йунæг æвзæрдзинад: æрмæсг ацы атеизм ницæ-. мæн хъæу, — цыма йæхйнымæр сдзырдта, уыйау бакодта мæ фыд. Мæ фыдимæ нæ цæстæнгастæ куы фембæлдысты, уæд, æз зæхмæ ныккастæн. Мæ зæрдæйы тох кодтой дыууæ фæн- доны: йемæ ныхас кæнын райдайын æмæ йын бамбарын, кæнын, нæ раздæры хъаугъайы уый састы бынаты кæй баз- зади, уый æви йын мацы-зæгъон, уымæн æмæ махæй ал- чи дæр дуне æмбары йæхирдыгонау, æмæ ныртæккæ нæ ныхасæй ницы рауайдзæн, æрмæст та æнæхъуаджы смæс- ты уыдзæн мæ фыд. —-Мæныл цæуы æхсай фондз азы,—загъта мæ фыд. Уый: мæм раздæрау касти хæларзæрдæйæ æмæ чысыл сæрыс- тырæй.—Мæ царды дæргъы бирæ фæхъуыдьгкодтон. Æмæ* ныр: историйы æппæт дæр, кæд алхатт уыцы иугъуызон нæ, уæддæр -æмткæй фæлхатт кæны. Адæймагад згъоры тымбыл зилаккыл. Паддзахадтæ фæзынынц æмæ та баны- мæг вæййынц. Давид хæцыд Голиафимæ, Наполеон — Ку- тузовимæ... Æмæ, æгæрыстæмæй, лыстæг хъуыддæгты,,; адæймæгты сæрмагонд хъысмæтты дæр... Æз дын нæ загъ- 234
тон, уыцы зиллакк кæй фæци æмæ та иумæ кофе кæй цы* мæм хуыцаубоны... —- Æмæ зиллаккыл* уыцы зылды фæстиуæг цахæм у?— арæхстгай бафарстон æз. — Мæнæ йæ фæстиуæг: адæймаджы æппæт бафæлвæрд- тæн сæ бон нæу, не сфæлдисæг цы сныв кодта, уыдон^ аивын... —-Фæлæу, фæлæу!..—мæхи нал баурæдтон æз.—Ды зил- лаччы кой кæныс, æмæ ахæм зиллак уæвгæ дæр нæй! Æмæ æз райдыдтон дзурын, зæгъын, æмном цаутæн, кæй зæгъын æй хъæуьг, сæ бон у фæлхатт кæнын, фæлæ^ алы фæлхатты рæстæджыдæр цауты гъæдвæййы æндæр- хуызон Наполеоны хæст нæ уыди Давид æмæ Голиафы хъаугъайы хуызæн: хæсты фæрæзтæ уыдысты æндæр- Гъуызон, уæлдайдæр та йæ иысан. Наполеоны фæсчъылдыж5 лæууыд буржуази, фæлæ Давиды заманы та æхсæнад уы- ди æндæргъуызон арæзт. Цаутæ искуы иу хатт сфæлхатт вæййынц, уый раст у. Фæлæ адæймаджы фæллой иудадзыг вазыгджындæр кæны. Æмæ адæймæггы кæрæдзимæ ахас- тытæн дæр, куыд фæнды иугъуызон куы зыной, уæддæр, æнæ фиппайгæйæ, æрвыл бон, æрвыл сахат цæттæ кæнынц. ног миниуджытæ. Стæй уыцы миниуджытæ куы ’рымбырд вæййынц, уæд сæ æваст рауайы ног фæзындтæ. Уый тых- хæй фыссынц—æмæ раст фыссынц, зæгъгæ, историйы цыд" у зиллаччы хуызæн нæ, фæлæ гакъон-макъонтæ. Ахæм гакъон-макъонтæ фæндаг адæймагады кæны бæрзонд æмæ^ размæ. Уый уымæн æмæ ам архайынц миллиардгай адæймæг- ты тырнындзинæдтæ, алгъуызон ныхмæлæуддзинæдты тох. Æз бамбæрстон, æгæр иппæрд ныхас кæй кæнын, уый,, æмæ мæ монолог фæдæн афтæ: Дæ зæрдыл бадар ахæм хъуыддаг: раджы цардысты, зæхх тъæпæн нæ, фæлæ тымбылæг кæй у, уый сбæлвырд- гæнæг зондджын лæгтæ. Ахуырад ныртæккæ уыны, æнкъа- ры, бæрæг кæны дард галактикæты. Уый ныхмæ исты зæ~ гъын дæ бон у? Мæфыдйе ’нгуылдзтæй къуырцц-къуырццкодта стъол.. Йæ къух уыди куыствæлтæрд зæрондæн куыд вæййы^ афтæ, фæлæ уæддæр уыди раздæры къух, мæ фыды къух.. 235.
Мæ фьгды цæсгомыл ныр æз нал уыдтон хæлардзинады фæд. Йæ цæсгом равдыста сагъæс æмæ мæсты хуыз. Æп- пынфæстаг загъта: — Ды дзурыс гакъон-макъонты тыххæй! Фæлæудæн мæ- лæн кæй нæй, ууыл æнæсразыгæнгæ нæй. Ууыл нæ разы кæнын у лæджы, куыдзы кæнæ нæл сæгъы æмсæр кæнын. Стыр бузныг! Галактикæтæ барынц зæгъыс? Æмæ чи зоны уыцы галактикæтæ бынтондæр никуы сты. Чи зоны, æмæ планетæтæ, стъалытæ, мæй дæр материалон буæрттæ не •сты. Чи йæ зоны: кæд мыййаг зæххæй æттæмæ уыцы тыгъ- дæдтæ дæр, мах куыд æнхъæлæм, ахæмтæ не сты. Махæн ис, иудадзыг лæмæгъ, бындур кæмæн ис, ахæм базон- базонты область. Уыцы сусæгдзинæдтæ бамбарыны хъару • лæвæрд нын нæй. Цæмæннæ нын у лæвæрд? Дзуапп Дын ратдзынæн: адæмы хуыцау сфæлдыста зæххыл! Сæ архайд- тытæн дæр сын арæн скодта зæххыл! Æвæццæгæн, уый æнхъæлмæ касти, зæгъгæ, æз карзæй йæ ныхмæ ныллæудзынæн. Фæлæ æз йæ ныхæстæй ахæм зенуд æмæ æмбыд тæф банкъардтон, раджы кæддæр мæ сабийон æппæт хъарутæй сæ ныхмæ кæмæн растадтæн. Нæ зонын, фæлæ, зæгъæм, æрдзы сусæгдзинæдтæ нæ фы- дæлтæн иу цасдæр æмбарын кодта хуыцауы идея. Гъе, земæ уыцы æндæдзаг хъуыды ныххызти мæ фыды зæрдæйы æмæ ницы уал æмбарын кæны, фæлæ, цæмæй фактты зæйы раз фæлæууын бафæраза, уый тыххæй кæнæ зыгъуыммаз кæны факттæ, кæннод та сыл афтид дзырдтæй разы нæ кæны. Аразы æвирхъау хæццæдзинад. Мæ фыдмæ хъуыстон æмæ дис кодтон мæхинымæр. Æз выдтон, куысты йын аргъ кæнынц, тынг раст лæг у, кусы иудадзыг, практикон хъуыддæгты пайда у æхсæнадæн. Æмбары, бæстæйы цы бындурон ивддзинæдтæ æрцæуы, уы- дон. Йæхæдæг дзуры Советоы хицауад хорз у, зæгъгæ. Æмæ ма уый фæстæ йæ зæрдæйы бынат куыд ис адæйма- джы тыхтыл неууæндыны философийæн?! Æз сыстадтæн стъолы цурæй, Æнæдзургæйæ арацу-ба- цу кодтон уаты къуымты. Чингуыты скъафтæй сæ иуы раз æрлæугæйæ, бакастæн бинаг рæнхъмæ. Æрмыдул, скъуыд- тæ хъæбæрцъар чингуыты ’хсæн ссардтон „Дон-Кихот". 1236
Бæзджын том, мæ мад мын цы чиныг ралæвар кодта, уыцы хуьшæтæг рауагъд чиныг. Уыцы чиныг æз райстон хъæд- фадæн заводы поселочы. Уый уыди, мæ фыдæй ахицæн кæ- нын мæ æнæмæнг куы бахъуыд, уыцы ’хсæв&н æвдисæн. Æз ахъуыды кодтон: æгъатьф у царды логикæ, æмæ бирæ мæстытæ скодтон мæ фыдæн. Фæлæ дыууынæм аз- ты, ногдзинад æмæ зæронддзинады æхсæн карз тохты рæс- тæг, нæ дунембарындзинæдты кæрæдзийыл сæмбæлдæн йæ бон нæ уыди мах карз быцæумæ ма рак^дтаид. Æнуе- ты дæргъы ’цы агъуыст аразынц, уый бындур арæзт у гуырымыхъ дуртæй. — Ау, дæ бон зæгъын ницы уал у? — бафарста мæ фыд.—Æнæхуыцауæй дуне талынг нæу? Уыцырæстæджы иннæуаты дуарæйракастимæхо.Куыд рабæрæги, афтæмæй уый хъуыста, мах цыдæриддæр дзырд- там, уыдон. — Ныууадз-ма, баба, мæ зынаргъ, — балæгъзтæ кодта уый.—Дæхиуон тарайдыдтай. Æууæнд, табуафси, алгъуы- зоц ницæйаг хъуыддæгтыл. Фæлæ уый, дæхицæй дард- дæр, кæй цæмæн хъæуы?! Æвæццæгæн, ахæм хъуыддæгтыл сахуыр уæвгæйæ, мæ фыд хъуынтъызæй бакасти уый ’рдæм. Чызг исдуг алæу- уыд, йæ мидбылхудгæйæ, æмæ йын мидбылхудтæй дзуапп куы нæ радтон, уæд дуары аууон фæци. Æз æмбæрстон мæ хойы зæрдæйы уаг; ноджы федтон, мæ фыды зæрдæйы цытæ цæуы, уый дæр. Уый бадти хъуынтъызæй. Диссаг уый у, æмæ мах кæрæдзийæ цы хицæн кодта æмæ нæ дарддæр дæр цы хицæн кæндзæн, уымæ нæ кæсгæйæ, мæм уый ныртæккæ фæзынди, мæ са- бийы бонты мын куыд зынаргъ уыд, асртæ. Æввахс æм бацыдтæн, мæ армы тъæпæнæй йын æрлæгъа кодтон йæ уадул, раджы мæ чи ферохи, ахæм сывæллоны фезмæлдæй. Æмæ йын, æфсæрмгæнгæ, загътон: — Цæй хорз, сывæллæттæ тагъд æрбацæудзысты. Ды сæ нырма æххæст нæ зоныс. Хистæр лæплу нын ацæгъд- дзæн роял! Уазджытæ нæм ацардысты иу къуыри. Мах иумæ уы~ дыстæм театры, Третьяковскæйы, мæ фыдимæ ма уыдыс- 237
тæм нывкæныны аивады Музейы дæр. Ныхас кодтам хæ- ларæй. Ныхмæлæуддзинæдты кой нал кодтам. Уый тынг •азппæлыд мæ сывæллæттæй, уæлдайдæр та—ме ’фсинæй. Йæ зæрдæмæ цыдысты ме ’фсины æттийæ бакает, сыгъдæг зæрдæйы ахаст, зоыдджын хуымæтæгдзинад, стæй йæ алы къахдзæфæй дæр цы хæрзæгъдаудзинад æвдисы, уый. Хæст райдайыны фыгщаг мæйтæй фæстæмæ уый куыста, политикон плакаттæ кæм уагътой, уыцы литографийы, ныр ^мæ фыд бафиппайдта ме ’фсинæн куыд з’ын уыди уыцы иу рæстæг служб&йы, хæдзары ’фсины æмæ йæ сывæллæт- ты мады хæстæ æххæст кæнын. Æрлæууыди уазæджы фæндараст кæныны сахат. Мах æнæхъæн бинонтæй арастыстæм вокзалмæ. Мæ фыды зæр- ,дæ тынг бацагайдта уыцы хъуыддаг. Уый* кодта тыхулæфт, .лыхцыл кодта йæ зачъе. Поезды ацыдмæ ма иу минут куы уыди, уæд æрхызти вагоны асиныл, зыд пъатæ акодта ма- .хæй алкæмæн дæр. Хæрзбон кæнгæйæ, тыхст хъæлæсæй загъта: — Хуыцау уын радтæт æиæниздзиняд æмæ æнтыстд-ъи- нæдтæ! Хуыцау уын радтæд!.. ...Институты не ’ппæт коллектив дæр цæттæ кодта ал- гъуызон уникалон нымайæн машинæты * тынг вазыгдлшн проектæ кæнынмæ. Мæнæн тынг æхсызгон уыди нымаиæн машинæты теоримæ та ногæй æрывналын. Фæлæ хæсты агъонмæ æз цæуыл сагъæс кодтон, уый мæм ныр фæзынд -бынтон хуымæтæг. Наукæ домдта æнæкæрон бирæ фыл- дæр. Ног машинæтæ хъуамæ æххæст кæной математикон хынцынады æнæхъæн комплекстæ, бирæ бонтæ хардз кæ- нын кæуыл хъæуы аемæ æрмæст квалификациджын матема- тикты стыр къорды бон кæй сæххæст< кæнын у, ахæм хын- цынæдтæ. Уым хъуамæ машинæтæ аразой цæсты фæны- къуылдмæ. Ахæм машинæтæ саразыныл куыстмæ мах æрывнæлд- там хæсты фæудæй дыууæ азы фæстæ. Æмæ нæ бæстæйы та цард размæ бырста тынг тагъд. Пырхæнты рæзыдысты нæ горæттæ, æндидзыд цыдысты ]заздæры заводтæ æмæ арæзтой нæуджытæ. Сæйраг Совет райста закъон ног фон- дзазон пъланты тцххæй; æмæ æрæджы цы уæззау хæсты- .238
-тæ уыди, уыдон фæд цадæггай сæфти, æмæ ивгъуыд дуг- нæ цыди хæсты азты аскетизм. Æвæдза, бирæ цыдæртæ аивгъуыдта ацæугæ рæстæг- мæ: уымæл блиндажтæ цадбын хъæды, срæмыгъдтыты нæрд, пулеметты карз æхсты бын атакæтæ, танкæтæй кæй ^шцъцъист кодтой, уыцы знæгты мæрдтæ, æмбæлтты мæрд- тæ, салдаты зæрдæ риссынгæнæг æнкъарындзинад... Тынг стыр зындзинæдтæ уыди нæ ног куысты. Кол- .лективæй æз цы къорды уыдтæн, уым хъуыддаг райда- йæны хæццæ кодта æвадатдзинады уавæрмæ, уæнгцард- дзинады онг. Æмæ дзы диссагæй дæр ницы уыд, уымæн æмæ мах фæндаг æгæрстам зæрæстæтты. Мах æмбæлдыс- чгæм алгъуызон æнæнхъæлæджы цæлхдуртыл: мæйгæйтты мах дзæгъæлтæ кодтам алгъуызон вариантты лабкринт- "ты, æмбæрстам, зæгъгæ, кæд нæ æппæт хъарутæ дæр дæттæм, уæддæр нын размæ акъахдзæф не ’нтысы. Мæ зæрдыл ма лæууы, иу хатт куыд фæтыхстыстæм, "фыццаг бакастæй бынтон хуымæтæг чи зыны, уыцы инте- гралыл,—æмæ уый та уыди, нæ сомбоны магаинæйæн хыгтэ- ды процессы æнæмæнг чи хъæуы, ахæм. Гъе, æмæ уыцьг интеграл æндæр, сыхаг уавæртимæ, нæ разы ныццæхгæ- ри, математикон æгъдауæй лыггæнæн кæмæн нæ уыди, ахæм уровнениты системæйы хуызы. Афтæ нæм фæзынди, цыма машинæты архайдæн ныр- жæ цы схемæ æвзæрстам, уый арæзт уыд мæнг принцип- тыл æмæ цыдæриддæр фæкуыстам, уый æппæтæй дæр ап- иарын хъæуы. Фæлæ гæнæн цы иннæ варианттæн уыди, уыдон се ’ппæты дæр бафæлвæрдтам раздæр æмæ сæ ба- нымадтам æнæбæззонтыл. Институты конференцзалы дуæрттæ нæхиуыл сæхгæн- гæйæ, нæ къорды уæвгтæ сеппæт дæр суткæйæ фылдæр бадтысты, кърандастæй тыхст фыст кæнгæйæ, кæрæдзи- мæ-иу стæм хатт сдзургæйæ æмæ та формулæты комби- тациты ногæй аныгъуылгæйæ. Стæй чидæр ныфсаст уагъд- акодта йæ къух. Ноджы чидæр загъта: — Дæ сæрæй бæрзонддæр не сгæпп кæндзынæ! Фæлладæй, тынг æнкъард зæрдæйы уаджимæ мах нæ хæдзæрттæм фæцыдыстæм, цæмæй фаг бафынæй кæнæм. 239
Мæн цæуын хъуыди метройыл, стæй троллейбусыл, ;æртæ кварталы бæрц та мæ къахæй ауайын хъуыди. Тынг æн- къард уыдтæн æмæ фæндаг нæ бафиппайдтон. Æваст бам~ бæрстон, нæ хæдзарæй иу сæдæ санчъехы дарддæр чысыл бульвары бандоныл кæй бадын, уый. Изæр кодта. Хурныгуылæны зынг тæлм хицæн ярус- тыл фæлыгтæ кодтой мигъты тæнæг фæлурс фæлтæртæ. Мигътæ бынæй сыгъзæрин æрттывд кодтой. Æз кастæн, арвыл цы ирд ахорæнтæ зынд, уыдонмæ. Цæйдæр тыххæй мæ зæрдыл æрбалæууыд, студентты иумиаг цæрæндоны цур цы уынг уыди, дард Сыбыры, уый. Мах тротуарыл цыдыстæм ме ’фсинимæ; уый уæд уыди æрмæстдæр мæ зонгæ чызг. Æз æм æрцыдтæн, ахуыргæнæгæй кæм куыс- тон, уыцы хъæуæй. Нæ дыууæ дæр æнхъæлмæ кастыстæм уыцы фембæлдмæ. Фæлæ æцæг фембæлдыстæм, ууыл баууæндын мæм тынг зын касти. Уый йæхи бакъул кодта„ мæ уæхскыл. Бафарста мæ: „Мæнæй дарддæр ма ио- кæй уарздзынæ?" Æмæ ныр нæ дыууæ дæр æрыгæттæ нал стæм. Ис нын лæппутæ. Зæрдæмæ æввахс цы ис, æнæкæроц зынаргъ цы у, уыдон, уæлдæфау æнæмæнг цы хъæуы, уый... Æмæ цымæ хатгай афтæ цæмæн зыны, цы- ма амонд мæ иувæрсты ауади фынфенæгау æмæ æнустæм фæсте баззад? Хурскæсæны ’рдыгæй арв адардта тарбын-сырх. Мигъ- тæ сыгъзæрин æрттывд нал кодтой. Уыдон сæмбырдысты тарбын тæлмы æмæ зындысты æввахсдæр хæдзæртты фæс- дзæгатæй. Сæуæхсиды сæрмæ цъæхбын быдырæй рухс кодта æрттиваг æхсырфы хуызæн мæй. Æз барызтæн уа- залæй<— изæрырдæм уазал кæнын байдыдта; нырма уыди фæззæджы тæккæ райдайæл. Ахъуыды кодтон, зæгъын, сыстын æмæ хæдзармæ ацæуын хъæуы; æз суазал дæн> фæллад æмæ стонг, æмæ мæуайтагъд, æнæдзургæйæ, бам- бардзæн ме ’фсин, мæт дыл кæнын, зæгъгæ, мын цæстмæ митæ нæ кæндзæн, мæ цæстытæм йæхирдыгонау бакæсгæ- йæ, зæгъдзæн: .иу хъуыддаг бантысы, иннæ нæ бантысы— царды алкæддæр афтæ вæййы. Куы сыстадтæн, уæд бафиппайдтон, мæ къæхты бын тæнæг их куыд фæхъыррыст кодта, уый. Мæйдары авг- 240
æрттывд кодтой чысыл цæдтæ. Уыдон æрæмбæрзта ихæй тæнæг цъар. Æз цы бандон ныууагътон, уый æмæ ал- лейы асфалты æхсæн сау æрттывдгæнæг доны ленк код- той тæнæг ихы къæрттытæ. Мæйдар. Асфальты дзыхъхъытæ. Ихы къæрттытæ ленк кæнынц доны сæрмæ. Æз æрлæууыдтæн æмæ сæм кæсын, фыццаг дисы фæдæн. Зонгæ æнкъарддзинад агайдта мæ зæрдæ: ныртæккæ ихы къæрттытæ талынджы куыд æрт- тивынц, уый мын æрымьтсыд æвирхъау хъуыддаг, кæддæр чи уыди, уый. Кæм уыди? Кæд? Тыхст цæстæнгас скодтон дардмæ. Арвыл амыты-уы- мыты фæзындысты стъалытæ. Нырма бирæ нæ уыдысты, уыдон лæмæгъ рухс кодтой, нырмæ уыдысты фæлурс, изæрыгон куыд вæййынц, афтæ. Хуссары ’рдыгæй фарс, хæдзæртты æмæ заводы агъуыс- тыты сæрмæ бæлвырдæй разындыоты Ригель, Бетейчгёзе. Уырдыгæй мæм кастысты Орионы стъалытæ... Цыма æз, мæ къæхтæ къуырдтытæгæнгæ, хилын соссæ фæндагыл; саст ихыл уынын автомобилы фæд; уæлейæ та йæхи райтыгъта алмазы хуызæн Орион, цыма мæ къухы ис тугæйдзаг пилоткæ. Цыма пилоткæйыл уынын хъæбæр чы- сыл стъалы... Надя! Ды æцæг ацыдтæ ивгъуыд рæстæгмæ?! Нæ, ды ам дæ, мемæ! Куыд авæджиаг сыгъдæг, куыд намыс барæн!.. Мæ алфæмблай сыгъдысты фонартæ. Æндзыггондæй лæууыдтæн, раздæрау, аллейыл. Мæ зæрдæ мын сагайдта, цæ фыд мыл куыд архайдта, уымæ нæ кæсгæйæ мæм нс ’взонджы бонты цы æууæнкдзинад æвзæрди. коммунистон æхсæнады æгæрон фадæттыл, уыцы æнкъарынад. Æмæ цыма мæ цæстыты раз æрлæууыд уæрæх къæлидор. Йæ рудзгуытæм зул тæгшытæй кæсы хуры рухс. Хуымæтæг хуыд къабайы мæ цуры лæууы уындджын æмæ фидæрттæ конд Надя. Йæ хъæлдзæг, зондджын цæстыты бын гæ- зæмæ фæзынд æнцъылдтыты фæд, йæ саулагъз цæсго- мыл — хæбуздзыхъхъытæ... Байхъус-ма, Надя! Мæ сæрмæ дæр уыцы стъалытæ сты! Æмæ дын æмбалæн нæ бæздзы- нæн, мыййаг мæм искуы хæрдфæндаг æгæр зын куы фæ- зына, уæд! 16 241
Мæ фæсчъылдымæй, раст цыма æндæр дунейæ, мæн- мæ æрбайхъуысти ме ’фсины хъæлæс: — Цæуыл ныхъхъуыды кодтай, мæ хæлар? Хæдзармæ цæуылнæ цæуыс? Институтæй куы цыдтæн, уæд æм телефоны бадзырд- тон; уæдæй нырмæ, æвæццæгæн, аивгъуыдта дыууæ са- хатæй фылдæр, æмæ, йæ зæрдæ ’хсайгæйæ, уый рацыди мæныл фембæлыны тыххæй. Уый мæм бацыди, дæларм-уæларм мыл ныххæцыд, уæ- лæнгай балхъывта мæ цонг. Йæ уыцы фæлмæн февнæлд бирæ цæуылдæрты дзырдта: мæнæн кæй ис æнувыд хæ- лар, æмæ уый кæй зоны, мæ зæрдæ мын цы ахсджиаг хъуыдытæ агайынц, æппæт уыдон æмæ йæ кæй фæнды мæн циндзинад æмæ рухсмæ ахонын, æмæ мах уыимæ иу- мæ кæй басæтдзыстæм цыфæнды зындзинад дæр. Фæндагыл ын дзырдтон, институты ныр дыууæ боны куыд тухæн кодтам, лыггæнæн кæмæн нæй, ахæм хъуыд- даг алыгкæныны фадатыл æвирхъау тыхджын архайгæйæ. Ахæм ныфс мæм кæцæй фæзынди, уый бамбарын кæнын мæ бон нæу, фæлæ мæ ныр æххæстæй бауырныдта, зæгъ- гæ, нæ куысты уыцы цæлхдурæн аиуварсгæнæн ис, æмæ тыхджындæр куы ’рцагурæм, нæ хъарутæ дыууæ, æртæ хатты куы фæфылдæр кæнæм, уæд нæ уравнениты снс- темæ алыг кæнынæн æндæр амал æнæмæнг ссардзыстæм. Æмæ йæ ссардзыстæм, уыцы фæндаг, цалдæр къуыри- йы фæстæ. Фæлæ уæддæр машинæтæ саразыны куыст размæ цы- ди хæрз сындæг. Ноджы дæр ма зæгъын: æнцон хъуыд- даг нæ уыди. Иппæрд схемæтæй рахизын хъуыди автома- тикон æгъдауæй хицæнæй архайæг электронон нымайæг блокты конструкцитæм, æмæ дарддæр, уыцы бирæнымæц блоктæ баиу кæнгæйæ, мах цадæггай бахæццæ стæм ма- гаинæты æнæхъæнæй бафæлварынмæ. Алы машинæ дæр, куы йæ сарæзтам, уæд бацахста институты иу стыр зал. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт уыдоныл мах кусын ба- хъуыди дæсгай мæйтæ. Мæ фырттæ та рæзгæ кодтой. Окъола æмæ музикалон ахуыргæнæндон каст фæугæйæ, хистæр лæппу ахуырмæ 242
•’бацыд консерваторимæ. Уый стыр цау уыди нæ бинонтæн. .Лæппу ахуыр кодта зæрдиагæй, æмæ ме ’фсин кæмæйдæр рæстæгмæ цы зæронд рояль райста, уый райсомæй изæр- мæ нæрыд гамматæй æмæ этюДтæй, алыгъуызон сонатты æмæ фугты такттæ фæлхатт кæнгæйæ. Бирæ азтæ аивгъуыдта хæсты рæстæгæй нырмæ. Æз, хъуыдытæ кæнгæ, кастæн алы ран—нæ бæстæйы дæр æмæ уый æттийæ бæстæты царды дæр цы ивддзинæдтæ цыди, уыдонмæ. Зæххы къорийыл цæрджыты иу æртык- кæгæм хай бафæзмыдта мах, бакъордысты нæ алфæмблай. Уый раз цы сты иуæй-иуты лыстæг хъыгдзинæдтæ, алы- тъуызон адæймæгты рæдыдтытæ, уæлдай хъæр дзырдтæ! Парти фаг тыхджын æмæ æнгом у, цæмæй, хъæдындзы цъæрттау, йæ фæндагæй иуварс амæрза, цы йæ хъыгдары, æппæт уыдон* Фæлæ сæйраг хъуыддаг сырæзти: райдыд- та, раджы уа, æви æрæгмæ, уæддæр, æппæт адæймагады æфсымæрон иудзинадмæ чи ’ркæндзæн, уыц^ стыр про- цесс. Æз кастæн мæ фырттæм. Мæ хистæр фырт, цырдуæнг- тæ æмæ даргъ цæнгтимæ, бурбын, пыхцыл, бæзджын сæ- ры хъуьштимæ, йæхи сæрмагонд хъуыдыты арæх чи -аныгъуылы, куы йæ фæрсай, уæд æнæзивæг æмæ бæстон дзуапп чи фæдæтты, æрмæст хатгай кæй нæ фембарын, уый дарддæр дæр зæрдиагæй хоста йæ сæрсæттæн пас- сажтæ. Кæстæр фырт уыди æндæргъуызон. Уый зæрдæ æдзух агуырдта архайын. Уымæн цыдæр диссаджы æгъдауæй -æнтысти скъолайы фæскомцæдисон бюройы архайын дæр, æмæ футболон командæтæй сæ иуы хъазын дæр æмæ ли- тературæ æмæ театры æппæт ногдзинæдтæ зонын дæр, <стæй ма райсомæй изæрмæ йæ бирæ хæлар æмбæлтты уынын дæр. Уый-иу сахатгæйтты дзырдта телефоны—хат- тай-иу уый аххосæй хæдзармæ бадзурын мæ къухы ницы амалæй æфтыди. Диссаг уый уыди, æмæ йæ æппæт уы- дæттæ кæй нæ хъыгдардтой скъолайы хорз ахуыр кæ- нын. Цыфæнды вазыгджын фарстытæ дæр-иу уайтагъд <бамбæрста. Йе ’взыгъддзинад уæлдай тынгдæр та æргом жодта дырыс наукаты мидæг. Уый нырма дæсæм къласы 243
ахуыр кодта, афтæмæй йын йæ къухы федтон, специалист* тæн фыст чи уыд, атомы аппы сконды фæдыл ахæм чиныг - æмæ уый фарсмæ та—дифференциалон хыгъддзинады ахуыр- гæнæн чиныг. Дыууæ чиныджы дæр æнæмæтæй баппар- гæйæ, уый кæдæмдæр ацæуыныл тагъд кодта. — Фæлæу, фæлæу!-—схъæр кодтон æз.-~Ды æцæг исты > хыкпырыс дифференциалон хынцынады? Уый йæ мидбыл бахудт æмæ загъта: — Бафæрс мæ! Фыццаг æм радтон, раздзырдмæ чи хауы, ахæм фарст. Уымæй фæфæрсынц райдайæг студентты. Мæ фарстæн ■ дзуапп радта. Уæд æз загътон, цæмæй сдифференци кæна. цавæрдæр функци. Уый райста кърандас æмæ тагъд сарæз- та хъæуæг формулæ. Боныфæстагмæ йын радтон зынхæс „минимум" æмæ „максимум"-ыл. Йæ къæбу аныхгæйæ, уый ахъуыды кодта æмæ сарæзта, цы хæс ын радтон, уый; стæй мæм фæуæлахизуæвæджы каст бакодта. Æз дис код- тон. Мæ фырт ацыд, мидбылхудгæ. Атомон аппы тыххæй чиныджы кæрæттыл фæстæдæр федтон уый скæнгæ ны- сæнттæ. Уыдон мæ ноджы стырдæр дисы бафтыдтой. Уæдæй фæстæмæ сагъæс кæнын райдыдтон кæстæр фырты сомбоныл. Скъола каст фæуыны фæстæ ахуырмæ бацæудзæн физикæйы факультетмæ. Æмæ æз æнхъæлдтон, зæгъын,. уый фæстæ суыдзæн йæ дуджы стырдæр физиктæй сæ иу. Ногæй та æрлæууыд сæрд; уый хъæздыг уыди цау- тæй. Газеттæ фехъусын кодтой: ССР Цæдисы кусын бай- дыдта, атомон энергийæ хуымæтæг электрон тых чи аразы, дунейы фыццаг ахæм электростанц. Уыцы сæрд мæ кæс- тæр фырт райста хомылдзинады аттестат æмæ хъуамæ бацыдаид университетмæ. Æвиппайды мын йемæ рауади, мæн дисы æмæ мастыи хай чи фæкодта, ахæм ныхас. Мæ фырт загъта, зæгъгæ,. чи зоны, уый искуы бацæуа университетмæ ахуырмæ, фæлæ йæ ныртæккæ уый саразын нæ фæнды. Фæскомцæ- дисы сидтмæ гæсгæ уый фæнд кæны Казахстанмæ ацæ- уын, æдзæрæг бæстæм, нæудзарм зæххытæ сæттынмæ. Зондæй æз æппæтдæр æмбæрстон, Хъæууон хæдзара- - 244
дæн сæдæгай мин гектартæ хуреыгъд зæххытæ сцардæгас кæныны фарст лыг кæкыны æз федтон нæ партийы гени. Уый ахæм къахдзæф у, мах æваст дæс азы бæрц размæ чи алæууын кæна. Махæй дарддæр йæ ахастмæ гæсгæ ахæм ныфсхаст къахдзæф акæнын никæцы бæстæйы бон у. Æмæ уыцы ахсджиаг хъуыддагмæ фæсивæдæй раздæр чи хъуамæ ацæуа? Фæскомцæдисонтæй раздæр чи хъуа- мæ радта дзуапп фæсидтæн, чи слæууа фæсивæды сæргъ? Уыдон иууылдæр раст сты, фæлæ... Мæ фырт лæууыди мæ разы. — Байхъус-ма,—загътон ын æз.—Ды рæдийыс. Ды дæ райгуырдæй физик куы дæ! Уый мæм æрыгон уасæджы каст кодта. Стæй тызмæгæй загъта: — Æз фæскомцæдисон дæн, баба. Фæскомцæдис сиды балцмæ! Æз тыхст худт бакодтон: — Зæлланггæнæг дзырд у! Дзырд дæр ылнæй! Æрмæст ды ахъуыды кæн: Советон Цæдисы фæскомцæдисонтæ сæ- дæ процентæй ацæудзысты нæудзарм зæххытæм? Иутæ ацæудзысты, иннæты та ам баззайын хъæуы. Алы хатт дæр рох кæнын нæ хъæуы, хуыздæр цы у, уый... — Гъе, æмæ æз хуыздæрыл нымайын ацæуын! — Æдылы ныхæстæ ма кæн! — Æмæ æдылы ныхæстæ куы нæ кæнын! Быцæу кодтам бирæ рæстæг, æмæ хъуыддаг ахицæн хъаугъайæ. Уый размæ схуыста сгуыхтдзинæдты æмæ балцты романтикæ. Мæнмæ та æвирхъаудзинад зынди, лæппу, йæ зонды фæдыл ацæугæйæ, афтæ рогзондæй кæй фæнд кæны стыр ахуыргонд суæвыны фадат аппарын. Йæ ацæуыны рæстæг æрхаеццæ куыддæр тагъд. Суанг ма хистæр фырт уыцы бон рояль дæр нæ байгом кодта. Æфсымæртæ цæуылдæр сусу-бусу кодтой. Фатер уыди æнахуыр сабыр. Æз, институтæй хæдзармæ æрбацæугæйæ, бадтæн диваныл, мæсты фæлдæхт кодтон журналы сыфтæ æмæ мæ цæсты зул дардтон ме ’фсинмæ; уый мæтхуызæй кæстытæ кодта балцыцæуæг фырты цъындатæм, кæд скъуыд никуы сты, зæгъгæ, æмæ сæ, фæлыст фæлысты 245
фзедыл, æвæрдта чемодаыы. Мæ фырт кæй цæуы, уый ты- хæй хъуыды мæм зынди уый бæрц æдылыдзинад, æмæ уыцьг* хъуыдцаг тагъд æрцæудзæн, зæгъгæ, уый мæ нырма-дæри нæ уырныдта. Стæй вокзалы уыди æнахуыр æнæнцойдзинад. Цагъ-> той оркестртæ. Нæудзарм зæххытæм цæуджыты тыххæй цы поезд æрбалæвæрдтой, уый йæ тæккæ дзаг уыд фæс- сивæдæй. Перроны цы бирæ адæм æр’æмбырци, уыдон мæн æмæ ме ’фсины фæстæмæ ассыдтой суанг æрбацæуæны онг, æмæ æрмæст хистæр фырт суанг поезды ацæуыны онг лæууыд æндæртимæ, мах кæстæр лæппуйы бындзарыл æлвыд саухил сæр цы вагоны рудзынгæй зынди, уый раз. Нæ фырты куы афæндараст кодтам, уыцы æхсæв мæн хуыссæг нал ахста. Ме «фсин фынæйæ тыхст змæлд код- та. Райсом сихор хæрæн стъолы цур æрбаддзыстæм цып- парæй нæ, фæлæ æртæйæ. Мæйдармæкæсгæйæ, æз æнкъар- дæй хъуыды кодтон, чи ацыд, ууыл. Ницæмææрдардта мæ фæнд. Æмæ, мæ цæстытæ æрцындгæнгæйæ, æз цыма уыд- тон мæ фырты ласгæйæ, ныртæккæ поезд кæмдæр куыд згъоры, уый. Суанг ма мæм, цыма, цæлхыты уыæр дæр хъуысти. Æз мæхæдæг, цыма, дыууæ дихы кодтон мæхи сæрма- гонд хъуыдыйы. Иуæй хуыссын диваныл, мæсты, тыхет,, фæсмонгæнæг, мæхи зæрдæмæ нал цæуын, афтæмæй. Ин- нæмæй та, мæнмæ афтæ зыны, цыма гыбар-гыбур кæнынц„ цæлхытæ, цыма æз бадын вагоны асиныл, тæхын æнæзон- гæ кæдæмдæр, æмæ мæ зæрдæ уæрæх кæны мæ риуы сæ- рибардзинад æмæ æрра ногдзинад æнкъарынæй. Цы уа, уый уæд! Афтæ уыди æртын азы размæ. Мæ фыд баззади дард. кæмдæр, хъæдфадæн заводы паселочы. Дымгæ мæнæй ато- нынмæ хъавыд мæ дарæс. Асины æнцойгæнæнтыл хæцгæ- йæ, æз хъæлдзæгæй кастæн размæ. Хъæды тар контурты сæрмæ тæмæнтæ калдтой стъалытæ. Цыма уыдон мидæг бацыди, мæ фыдимæ мын цы быцæу ныхас рауади, уый æппæтæй дæр. Хъæд æввахсæй-æввахсдæр кодта разæй æмæ даргъ аууонæй фæрсырдыгæй фæстæмæуади поездьг иувæрсты. Поезд мæ скъæфта æнæзонгæ дард ранмæ. Æмæ 246
стъалытæ та, цыма, мемæ цыдысты, афтæ мæм зынди цыма, сæ аив рæнхъытæ нæ халгæйæ, фæстæ нæ зайынц, фæлæ згъорынц поездимæ æмæ мæнмæ хъæды сæрты, зæххы тыгъдæдты сæрты—мæ хъысмæт кæм æрбиноныг уыдзæн, уырдæм. Раст афтæ ныр та мæ фыртимæ цæуынц стъалытæ. Æз рабадтæн, мæ цонгæй диваныл æрынцой кæнгæ- йæ. Æнцонæй сулæфыдтæн, дуне мæ фырты цæстæнга- сæй кæй уынын, уый тыххæй. Кæддæр мæн æмæ мæ фьт- ды цы дурынкъул хицæн кодта нæ кæрæдзийæ, ахæм нæй мæн æмæ мæ фырты ’хсæн. Мæ фыртимæ махæн ис иумиаг хæстæ. Уый фæндаг у мæн фæндаг. Æмæ кæй ацыди, уый хорз у. Æмæ кæд лæппу хуыздæрыл банымадта, æваст сфæнд кодта. æвæлтæрд фæндæгты зындзинæдтæ бафæлварын, уæд уымæй æз хъуамæ буц уон. Æз ын куы дзырдтон: уадз æмæ нæм цыфæнды хæрдвæндаг дæр æгæр зын макуы фæзына. Æмæ йæ хъа- ру цæй бæрц амоны, ахæм бынат царды уый кæддæрид- дæр ссардзæн! ...Æртæ азы фæстæ, фæззæдяш, æз базыдтон: Казахс- таны—уый кæм кусы, уым,—мæ кæстæр фырты равзæрстой фæскомцæдисы райкомы секретарæй. Уыимæ, куыдфæсау- уонмæ чи ахуыр кæны, ахæм студент, уый æргъæвд æр- цыд Алма-Атайы хъæууон хæдзарады институты дыккаг курсмæ. Оентябры писмо райстон мæ дыккаг мадæй, ур^й хъу- сын кодта, зæгъгæ, мæ фыд тынг рыычын у. Отпуск райс- гæйæ, уайсахат телефонæй ныззакъаз кодтон билет хæд- тæхæгхмæ, æмæ дыккаг райсом æз февзæрдтæн Мæскуыйæ дард областон горæты. Аэродромы мыл фембæлд мæ кæн- гæ хо; уый уым цард йæ лæг æмæ йæ сывæллонимæ. Уы- цы горæтмæ рынчындонмæ иу къуыри раздæр æрластой мæ фыды, уымæн æмæ йын хъуыд тагъд операци скæ- нын. Кæрæдзийы ивгæйæ, мах иудадзыг уыдыстæм рыи- чындоны. Нæ амондæн, операци дзæбæх рауади. Ме ’рцы- дæй дæс боны фæстæ нын рынчындоны хистæр дохтыр загъта, зæгъгæ, рынчын кæд ацæргæ у, уæддæр тæссаг уавæрæй æххæст фервæзти. 247
Мæ фыд дзæбæхæй-дзæбæхдæр кодта, фæлæ нырма уыд æдых, хуыссыд сынтæгыл. Мæн тагъд кæнын хъуыд Мæс- куымæ, фæлæ æз фæстиат кодтсн æмæ сахатгай бадтæн йæ цуры, куы-иу ь!н хъæрæй кастæн истьг, куы-иу дзырд- тон мæ фыртты тыххæй исты хъæлдзæг хабар, куы та-иу бадтæн æнæдзургæйæ. Уыди-иу афтæ дæр, æмæ йæ къух сæвæры мæ къухыл, мидбыл худгæ, тъæбæртт кæны йæ цæстытæ, фынæй хуызæй. Æз бæстон æмбæрстон: йæ ныууадзын нырма мæ бон нæу. Райдыдта октябрь. Иу райсом æгас дуне сызмæлын кодта хабар, зæгъгæ, зæххы къорийы алыварс зилы, совтон инженертæ æмæ ахуыргæндтæ кæй сарæзтой æмæ йæ арбитæмæ кæй арвыстой, зæххы уыцы хæдкæнгæ æм- дзугæнæг. Уыцы хъуыддаг мæнæн бынтон æнæнхъæлæджы хабар нæ уыд: æмдзугæнæг суадзынмæ цæттæгæнæа куыстытæ кæй цыдысты, уый тыххæй чысыл цыдæртæ зыдтон, уы- мæй уæлдай ма: ракетæтæ æмæ сомбоны æмдзугæнæджы змæлд хынцыны Спайда кодтой, æз дæр цы нымайæн ма- шинæтæ аразыны архайдтон, уыдонæй сæ иу. Æппæт уы- дон афтæ фæуæнт. Фæлæ ныр, уæлдæфон буары, адæй- мæгтæ реалон æгъдауæй кæй сарæзтой, уазал бæрзæндты чи зилы æмæ зæххы разæй чи фæвæййы, уыцы чысыл планетæйы тыххæй радиойæ куы фехъуыстон, уæд уый бæрц фæдис кодтон, цыма ахæм хъуыддаг æнхъæл æп- пындæр никуы уыдтæн. Уыцы райсом, рынчындонмæ, мæ фыдмæ цæугæйæ, æз скæс-скæс кодтон ’арвмæ, раст цыма уый цъæхбын тыгъдады, мигъы тæнæг базырты аууонæй фендзынæн, адæймаджы фæндæй зæххæй арвыст чи æрцы- ди, дун-дунейы уæрхæджы сæрыстырæй чи лæгæрды, уы- цы космосы снаряд. Уынгты чи цыди, уыцы адæм зæр- диагæй ныхас кодтой, алы рæттæй хъуысти: „Æмдзугæ- нæг",—стæй ма сæ иуæй-иутæ арвырдæм дæр скæс-скæс кодтой, сæ къухтæ дардыл тилгæйæ, сæ кæрæдзийæн цыдæр амонгæйæ. Скъолайы агъуысты раз, мæ цыд фæ- сабыр кæнгæйæ, æз рудзынджы раз федтон иу къорд æрыгон лæппуйы, уыдон сæ ахуыргæнæджимæ бакъорд сты сæхи саразгæ радиоприемничы алыварс. Сæ цæс- гæмттыл зынди цыдæр: ахсджиаг хъуыддагмæ кæй æн- хъæлмæ кæсынц, уый бæрæг уыд. Уыдон æнхъæлмæ кас- 248
тысты æмдзугæнæджы снгналтæ космосæй райсынмæ! Уынгтæм парахатæй касти хуры рухс. Мæ зæрдæйы тынгæй-тынгдæр рæзыдысты циндзиыады, бæрæгбоны æн- къарæнтæ, дисы мæ чи æфтыдта, æнæкæрон циндзинады ахæм æнкъарæнтæ. Мæнмæ афтæ зынди, цыма мæ зонд нæма ахсы, ныртæккæ цы иттæг стыр хъуыддаг æрцыди, уый æцæг ахадындзинад. Рынчындоны кофелон къæлидортыл æз бацыдтæн мæ фы- ды палатæмæ. Ацы хатт уый? бадти сынтæгыл, уæзбын, пæ цæсгомыл арф æнцъылдтытæ, фæйнæрдæм тынг чи айрæзти, уыцы урс-урсид зачъеимæ. Уый хъæлдзæг каст кодта. — Ды фехъуыстай? Уым, кæмдæр тæхы?—бафарста мæ . уый. Æз ын дзуапп радтон, мидбыл худгæ: — Фехъуыстон. Ноджы йæ раздæр фехъуыстон. — Гъе, æмæ уый тыххæй цы зæгъдзынæ?.. Мæ зæрдыл æрбалæууыд: „Адæймаг зæхмæ баст у, цыран уый хъуамæ йæ зонгуытыл лæууа æмæ кува, æви, искуы фæуæлахиз уæвгæй, бацæудзæн стъалыджын су- сæг дунемæ?" Ацы ран æз фембæлдтæн мæ фыды цæстæнгасыл. Пых- цыл æрфгуыты бын йæ цæстытæ уыдысты æрвгъуыз, раздæрау, уыдоны гагуытæй æрттывта, кæнæ мæнæй кæй æмбæхста, ахæм тарст фарст, кæннод та стыр цымыдис- .дзинад. Æвиппайды мæ сбырстой мæ фыдæн тæригъæд кæныны æмæ цавæрдæр æнкъарддзинады æнкъарæнтæ. Уый мын уыди тынг зынаргъ. Æмæ мæ тынг фæндыд уыимæ иумиаг æвзагæй сдзу- рын. — Зоньтс, баба,—загътон æз,—-ацы хъуыддагыл бирæ фæллой кæнын бахъуыд. Уыныс, адæймæгтæ иугæр зæх- хæй сæхи атонын бафæрæзтой, уæд афтæ дзынгатæ дæр нал сты... — Гъай-гъай!—сындæггай загъта мæ фыд. Бахудæгау кодтаæмæ та загъта:—Гъай-гъай!—æмæ хъуыдытæ гæнгæ, йæ сæр тилын байдыдта,—нæ, ды мын æнæхъуаджы æры- мысыдтæ дзынгаты тыххæй. Дуне духовону, зæгъгæ, уый, æвæццæгæн, материалои дунейæ æттæмæ у!.. Мæхинымæр бахудгæйæ æмæ зæрондæн хатыргæнгæйæ 249
æз мæ хъусты иувæрсты рауагътон йæ уыцы . ныхас Стæй мæ мæ фыд фæрсын байдыдта, æмдзугæнæг куыд тæхы, уый принципты тыххæй, куыд арæзт у. Æз ык дзуаппытæ лæвæрдтон, цас зыдтон, уый бæрц. Бон-изæрхмæ мæ æнцой нал æруагътой, адæм цы ног планетæ сарæзтой,* уый тыххæй хъуыдытæ. Стæй изæры æз уынджы федтон бирæ адæм. Куыд рабæрæги, афтæмæй радиойæ фехъусын кодтой: зæххы æмдзугæнæг тагъд. рацæудзæн сыхаг горæты сæрты. Чи зоны ардыгæй дæр бантыса йæ фенын. Хъæлæба. Дызæрдыг ныхас. Худыи. Адæм къордгæйт- тæй лæууыдысты тротуарыл. Скептиктæ хынджылæг кодтой. — Фендзынæ цæгæр хæйрæджы. Куы дын загътой: оптикон приборты фæрцы... Цæй, цы лæууыс? Фæлæ адæм къаддæр нæ кодтой. Æмæ æз дæр æрлæу- уыдтæн фæзуæттæй сæ иуыл. Тарбын кодта зæрæхсид; уымæй ма æрмæст бурбын тæлм баззад арвы кæроны тæккæ сæрмæ. Фанарты сæрмæ, уынгты цырæгъты сæрмæ йæхи райтыгъта стъалыджын арв. Æрфæныфæд ирд тæлмæй разынди арвы астæу.. Ногæй та мæ разы ис зымæгон æхсæвы сыгъдæг арв, стъалытæй фæлыстæй. Уымæ кæсгæйæ, мæхæдæг æй нæ бафиппайдтон, афтæ- мæй фæиппæрд дæн абоны цаутæй. Ахъуыды кодтон ивгъуыд заманыл. Адæймаджыхъару- тыл æууæндын æмæ нæ ч æууæндьшыл. Æрæмысыдтæн куысты азтæ, хæеты азтæ. Мæ хъуыдыты мидæг федтон Надяйы хъæлдзæг мидбылхудт. Ахъуыды кодтон стыр гуманизмыл, арæзтады зыи, рухс фæндагыл, нæ адæмьг æнæмæлгæ сгуыхтдзинæдтыл. Фæлæ арв та уыди раздæры хуызæн, цыма дзы бынтондæр ницы фендæргъуызон ис. Æваст фемыри адæмы хъæлæс. Чидæр мæ басхуыста æмæ мын ацамыдта Хуссар ныгуылæны ’рдæм. Сабийы бонтæй нырмæ кæй зыдтон, уыцы стъалыты æхсæнты арвыл тахти хæрз чысыл, фæлæ бæлвырд чи зынди, уыцы стъалы. ... Дыккаг бон газеты бакастæн: „Зæххы химæлхъывд- дзинад аиуварсгонд æрцыди. Адæймагад бацыди йæ уæ- вынады ног эпохæмæ—космосы эрæмæ." 250
Лавров Илъя. МИЛИЦÆЙЫ ЛЕЙТЕНАНТ Лейтенант Аркади Коготков радгæсы уатæй рахызтис ахæм хуызы, цыма цыдæр стыр хъуыддагыл лæуд уыдис. Йæ уæлæ кител, галифе хæлаф, сырх алдымбыдимæ; йæ- сæрыл уыд уæлдзарм сау къæбæлдзыг худ. Йæ кителы бынæй пистолет къуыпп дары. Коготков асæй у къаннæг. Цæуы тынг тагъд, фердæх- тæй у рæуæг. Бакастæй саулагъз, йæ сæры хъуынтæ, бæзджын æмæ сатæгсау, бæзджын былтæ, цыбыр дзырдæй, бакастæй у æвзонг негры хуызæн. Милиционертæй алкæйы дæр цы аразын хъæуы, уый сын бацамыдта æмæ сæ арвыста сæ кусæн бынæттæм. Уатæй ракалдысты тыгуырæй. Изæр уыд ихын уазал, мæйрухс. Кæрты бæхтæ сæ холлаг мыртт-мыртт кодтой. Кбготков йæ бæзджын æрфгуытæ сылхынцъ кодта. Азтæй йыл цыдаид дыууын дыууæ, фæлæ йæ карæй хис- тæр куы зындаид, уый йæ фæндыд æмæ йæхи куыддæр ас лæджы дард кодта. Патрултæй чи кæуылты хъуамæ акодтаид йæ фæндаг, уый сын бацамыдта. Уыдон дæр, сæ цыбыр кæрцытæй сæр-сæргæнгæ, се ’хсаргæрдтæй зылланггæнгæ, фæцæуæг сты фæйнæрдæм. Сержант Пляскин, æнкъардгъуыз, æнцъылдтытæ цæс- гом, пецы раз зоныгуылæй бадгæйæ, арт кодта. Йæ цæс- гомыл, йæ риуыл зынджы æвзæгтæ хъазыдысты. Æхси- дав къæрцц-къæрцц кодта. Цæхæртæ æттæмæ схъиуынц. æмæ пецы раз зестыл хауынц. Пец тынг ссыгъди. Вæгъатыртæ арæзт сержант Склян- кæ йæм йе стыр къæхтæ тавы æмæ сæ æууæрды. Йæ дысылгътæй згъæлынц æнæцæстуынон къуымбилы хъуын- 251
тæ, бьшдзгуытæ æмæ цæхæр æрттывд фæкæнынц зынгмæ» Тарвазы æвдузæнæй ихын уазалы тын урсæй мидæмæ кæлы, цыма чидæр сурдьшæнæй дымы, уыйау. У бынтондæр сабыр. Кæридоры æрфæнæй мидæмæ хъуысы зырзыргæнаг хъæлæс,—уый хайады хистæр . Дровосеков кæимæдæр ныхас кæны цæуылдæр. Коготков у хъæлдзæг, ам кæй ис ныртæккæ, уый тых- хæй. Телефоны зæлланг райхъуыст. Коготков стъолы фарсмæ - æрбадт, худ йæ цæстытыл æркодта, трубкæ систа æмæ цас гæнæн ис, уымæй æмбаргæ хуызы зæгъы: — Дыккаг хайады радгæс уæм хъусы! Ныртæккæ Коготков йæхимæ кæсы стыр лæг. Коготков телефоны хæтæл уæхскæй йæ хъусмæ æрбал- хъывта æмæ тамако сдымдта. — Цæй зæронд ус у, цæ?—ногæй бафарста уый дзурæ- „джы. Склянкæ посты лæууæг Пихтины хъæлæс хъусы, -æгæрыстæмæй иуæй-иу ныхæстæ бæлвырдæй ныдзæвынц йæ хъустыл. —- Уæдæ афтæ... Хъус-ма, Пихтин! Акæн æй уыцы -сылгоймаджы. Архай, куыд æмбæлы, афтæ!—Коготков хæтæл æртъæпп кодта, Дровосеков куыд фæкæны, афтæ. Склянкæ йе стыр рихитæ цъæл сæрвасæнæй фасы æмæ йæ фæрсы: — Цы ’рцыдис уым? —- Зæронд ус фæдзæгъæл. Йæ хæдзары адрес зоны, фæлæ йæ талынджы нал ары. -—Ех-хе-хе, зæронд скæнæг дæлæмæ æрхауæд,—ныу- улæфыд Склянкæ. Чидæр дуар ныггуыпп кодта. Дуарæй уазал урс улæнтæй æрбакалд. Уæрджытыл уазалæй сымбæлдысты. Къаннæг лæппу къæсæрæй æрбахызт, тæрхъусдзармæй урс худы. Йæ къахбырæнтæ дзыгъал-мыгъул кæнынц. Лæппу тых улæфт кæны. Йæ сырх уадултæ, йæ фындзы хуынчъытæ æрмкъухæй сæрфы. Иу уысмы фæстæ, цъæх цинел йæ уæлæ кæнгæйæ,. йæ сæрыстырдзинад ферохкæнгæйæ, Коготков радгæсы 252
уатæй рагæпи кодта æмæ комкоммæ Дровосековы каби- неты бамидæг. Склянкæ æмæ Пляскин тагъд-тагъд æфта- уынц сæ цыбыр кæрцыты æгънæджытæ, сæ астæутыл* бæттынц сæ рæттæ, дамбацайы хуымпыртимæ. — Ды гæды ныхæстæ нæ кæнрс, лæппу?—карзæй йæ • фæрсы Склянкæ. " — Нæ, мæ фыды хай! Къахбырæнтыл бырын æмæ мæм^ афтæмæй уый форточкæйæ хъæр дæны, —тыхулæфт кæн- гæйæ ныллæг хъæлæсæй дзуры лæппу. Коготков тæвдæй æрбагæпп кодта. — Лæппу, ардæм ма рацу. Къахбырæнтæ дзыгъал-мыгъул кæнынц, цыма сæгъ йæ* сæфтджытæй пъол хойы, уыйау. Коготков æй хистæрмæ акодта æмæ цалдæр минуты < фæстæ фездæхт фæстæмæ хъахъхъæнæджы уатмæ: — Пляскин, ды баззайдзынæ ам. Склянкæ, ды та цæу- гæ мемæ! Ды та ацу, лæппу, æмæ дæ къахбырæнтыл хъаз. Бæдæйнаг дæ. Кæртæй æрбайхъуысти рог автомашинæйы хъæр. Ма-- шинæйы фæрстыл уыди сырх уаццаг. Фарæты рухсы тын- тæ уазал талынджы дардмæ ферттывтой. Дровосеков дæр рацыд æттæмæ. Йæ сæр у урс, асæй бæрзонд, ис ыл майоры пъагæттæ, йæ фæстæ тагъд-тагъд рауайы опера-- тивон бæрнон Кисляев, фæдысгарæг Склянкæ æмæ Когот- ков. Лейтенанты цæсгом у цыдæргъуызон тыхст. Ахæм цæсгом ма уыди къахбырæнтыл хъазæг лæппуйæн дæр. Цалдæр уысмы фæстæ автомашинæ талынг æхсæвы> фæцæйтахт... Изæры аст сахаты йедтæмæ нæма у, фæлæ мæй арвæй* æрттивы. Горæты кæрон æфснайæн кассæйы дуæрттæ æхгæдтой. Иу стæмты йедтæмæ, кусджытæ сæ хæдзæрт- тæм ацыдысты. Сылгоймаг кассир, хъарм цъæх хæдоны мидæг, бады< æмæ æхцатæ куыристæ кæны, гæххæттын уаццæгтæ сыл ныхасы. Кассæйы рудзынг у æхсыргъуыз авгæй. Тымбыл- тæ нарст кассир ыл нымайæн бахъил кодта. Йæ фарсмæ цы рудзынг уыд, ууыл дæр æвæрд уыдис- нымайæн. Рудзынджы цур бады æфснайæн кассæйы гæс> 25*
«мæллæг сылгоймаг. Йæ фæлурс цæсгомыл хиды æртæхтæ .фæзынд. Æфснайæн кассæйы гæс йæхи дзæбæх не ’нкъары. Уый, йæхи схъуынтъыз кæнгæйæ, сæлабыр цармæй хт>арм- дарæн æрбакæнгæйæ, æвæндонæй æууилы царвæй сæрст кæрдзыны къæбæр. У бынтон сабыр, змæлæг нæй. Æмæ æвиппайды сыбар- сыбур. Кассир æмæ æфснайæн кассæйы гæс сæ сæртыл схæцыдысты. Æфснайæн кассæйы гæсы къухтæй къæ- *<5æр æрхаудта. Нымайæнтыл чидæр фæйнæрдæм ахæцыд. Рудзынгæй æрбазынд кæлмæрзæнæй баст адæймаджы цæс- гом. Зынынц æрмæстдæр йæ цæстытæ, йе ’рфгуытæ æмæ æмæ йæ ных. Кассиры цæстытыл ауадис пистолеты дзых, цыбыр кæрцы дыстæ, рæсугъд сау цæстытæ, кæрæдзимæ æввахс æрбацæугæ лыстæг æрфгуытæ. Æфснайæн кассæйы раз та лæууы адæймаг, мангой- ладжы цæстытимæ, рæсыд уæлтъæфæлтимæ. Финаг кард æм ныддардта. — Дæ бынатæй ма фезмæл!—бардзырд дæтты æвзонг лæппу, пистолет йæ къухы, афтæмæй. Æртыккаг лæг гæрæнæй мидæмæ бахызт. Уый у бæ- зæрхыг, фæтæнуæхск, цинелы мидæг. Уый телефоны хæтæлы бос сыскъуыдта æмæ кассиры раз цы ’хцатæ уыд, уыдон йæхимæ æрбассывта. Кæлмæрзæны бынæй йæ .цæстытæ къуырфæй зындысты, йе ’рфгуытæ урсæй, сæ кæрæттæ схъæлæй, къæдзыгты хуызæнæй. Бахатыр кæн, чысыл дæ бахъыгдардзынæн,—æввахс ’бацыди уый æфснайæн кассæйыгæсмæ æмæ йынйе стъолы афтид лагъзытæ æрысгæрста. Бахатыр кæн, фæлæ ма, дæ хорзæхæй, сейф бакæн,—йæ цæстытæй худы уый. Кæлмæрзæн йæ фындзы улæфтæй ■змæлы. Æфснайæн кассæйы гæс йæ хызынæй дæгъæл сласта. — Хуыцауы хатыр бакæн, æмæ тыхсгæ ма кæн. Æз мæхæдæг. Уæззау дуары хъинцъ фæцыд. Бæзæрхыг лæг æргуы- быр кодта. Кæлмæрзæн чысыл дæлæмæ æрбырыд æмæ æфснайæн кассæйы гæс уыны—уымæн йæ дæллагбыл гæ- зæмæ æмбæрзы уæллаг былы. -254
Бахатыр нын кæн, чызг, кæй дæ бахъыгдардтам, уый тыххæй. Маст æмæ^хъыг кæнын уый тыххæй. Мах номæй- иу дæ хæрæфыртæн арфæтæ зæгъ. Писмо нæм-иу ны- фыссут постмæ, мах æй уым æрцагурдзыстæм. Бæзæрхыг лæг йæ къух арфæйы тылд .кæны. Йæ къухы ис ахурæн- тæй конд ныв. Пистолет цы лæппумæ уыд, уый бардзырд дæтты: — Дыууæ сахатмæ йæ бынатæй мачи фезмæлæд! — Зонут æй, нæ хъус уæм дардзыстæм,—фæдзæхсы сæ тыппыртæ лæг монголаг цæстытимæ. Кассæйы рудзгуытыл ногæй нымайæнтæ бавæрдтой. кассæйы гæс йæхи дуарыл ныццавта, фæлæ уый æттийæ разындис æхгæд. Æппæт ацы нывтæ Коготковы цæсты- тыл аныдзæвдысты, цалынмæ фæдагурæг Киселев æмæ .Дровосеков кассир æмæ æфснайæн кассæйы гæсы фар-> -стой, уæдмæ. Уыдон сæ цæссыг сæрфынц æмæ дыууæ дæр иумæ дзурынц: — 0, хуыцау, о, хуыцау! Дыууæ сахаты нæ сæр ра- дарын нæ уæндыдыстæм. Стæй лæппумæ рахъæр кодтам форточкæйæ. Коготков йæ цинелы æгънæджытæ рафтыдта, кубай- наг худыл йæ къæбутмæ фæстæмæ ахæцыд æмæ гом сей- фы пырх гæххæттыты нывтæ исын райдыдта. Склянкæ гæрæны фæстæ пъол бæрджытæ кæны. Адæй- маджы фæдтæм кæсы, бæрæг кæны дуар. Рудзынджы цур умæл къахдзæф фенгæйæ, йæ уæрджытыл йæхи æруагъ- та. Коготков гæрæны фæстæйаз æхцаæвæрæн хызын систа, масштаб барæн линейкæ хъавгæ æрывæрдта фæ- . ды фарсмæ. — Хæц-ма йыл, æмбал Склянкæ,—загъта Коготков æмæ йæм спичкæ дæтты. Уый уыдис хуымæтæджы спичкæйы хæтæл, йæ сæр магнийæ æмбæрзт. Коготков лейкæ фæдмæ сарæзта, бары йæ. Склянкæ спичкæ ацагъта æмæ йыл бæрзонд схæцыд йæ сæрмæ, урс цæхæр калгæйæ. Цæсты тигътæ исгæ рухс байдзаг кодта уаты къуымтæ. Уаты лыстæг дзаума- тæ дæр бæлвырдæй разындысты: ахуырст пъолы скъуыдтæ, хъæмпы хал, сæры даргъ хъуын, къулы скъуыдтæ. Къах- 255
фæд хус кæнын райдыдта, фæлæ линейкæйы цифрæтимæ- иумæ уæддæр бæлвырдæй зынд. Коготков фотоаппарат æр— къæрцц кодта. — Хорз бакодтай. Уый дæр нæ бахъæудзæн, —загъта Склянкæ,—рухс ахуыссын кодта æмæ йæрихитæ сæрысты- ры здыхт акодта. Уый алы хатт дæр ахæм сæрыстыр- змæлд фæкæны йæ бынатæй. Йæ дзыхы дзырд у диссагу цыма нæргæ кæны, уыйау. Коготков алы хатт дæр хъуыдыты ацæуы, йæхи дары сæрыстырæй, фæлæ, йæхи сæрмагонд, хъыгагæн, æгæр< рог митæ фæкæны æвзонг лæппуйау. Уый радгæсæй кусы фыццаг мæй. Коготков милицимæ æрбацыдис рæнхъон милиционе-- рæй, фæлæ уый бæрц ныфсджын æмæ арæхстджын разынд. æмæ йæ афæдзы æмгъуыдмæ милицийы скъоламæ арвыс- той. Каст æй куы фæци æмæ фæстæмæ куы ’рбаздæхт*. уæд æй радгæсæй баурæдтой. Оклянкæ, махоркæйæ ставд папирос тухгæйæ, хъуы- дыты ацыд: чи басаста æфснайæн кассæ. Коготков артау ссыгъд: — Хъæддаг сырдтæ сты уыдон! Цъаммæрттæ. Закон у: кусын кæй нæ фæнды, уый кæддæриддæр æввонгхор вæй- йы!—йæ сæры æнгом хъуынтæ зыр-зыр кæнынц хъан- дзалау. * # Дыккаг æхсæв Коготков радгæсæй куы ’рбаздæхт æмæ, куы ’рхуыссыд, уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд: „Къахбы- рæнтæй хъазынмæ йæм фæсидтис Саша." Стæй цыма февзæрдис урс хохыл; Саша та, сырх кастюмы, хохы бын лижæтыл. Коготковы фæнды куы азгъорид уырдыгмæ, йæ - къухтæ цины тылд кæны. Æмæ æвиппайды музикæйы зæлтæ райхъуыстысты. Уыцы музикæ ахæм у, æмæ Ко- готковы зæрдæйы иу рæстæджы æвзæрын кæны æнкъард- дзинад дæр, тасдзикад дæр æмæ амонд дæр. Æмæ Ко- готоков æиæнхъæлæджы базарыд. Уымæ. стыр дис кæсы куыд æнцон у, куыд рæсугъд æмæ диссаджы хорз зæлы. 256
Яæ хъæлæс. Йæ хъæлæс у хъомысджын, хъæдабæйау фæлмæн, згъоры зæххыл фæйнæрдæм. Саша йæм уым бынæй хъусы: 0, æнустæм дæр афтæ куы уаид... Виолончел зары, зæрдæ тыхсы, цыма йæ йæ зынаргъæп иппæрд кæны, уыйау. Зарæг та йын лæхстæ кæны: 0, æнустæм дæр афтæ куы уаид... „0, цы диссаджы хъæлæс ис мæнæн! Ахæм хъæ- лæс мын ис, уый æз раздæр куыннæ зыдтон? Æмæ куыд амондджын ,у адæймаг мæнæ афтæ заргæйæ!"—-хъуы- ды кæны тыхстæй Коготков. Йæ хъæлæс ферхæцы зарæ- джы зæлтæй. Уый архайы ноджы арфдæр æнкъарæнтæй зарыныл. Фæлæ йæ хъус уадидæгæн баз банкъардта. Коготков ^ æй бамбæрста фынæй кæй кæны, уый æмæ стыр Шаляпин кæй зары радиойæ, æмæ йæ цæстытæ доны разылдысты уыцы .зарæгмæ. Уый у .æвзонг, амондджын, уый алкæйы дæр уарзы, цард йæхæдæг та у диссаг, зæрдæ цинæй йæхи къултыл хойы æмæ зары хъæлдзæгæй. Цъæхбын райсом йæ рухсытæ мидæмæ калы уазал рудзынгæй. Рухс йæ тынтæ æлгъинæй нывæнды мидæма^ уатмæ. Африкæйы географион картæйæ тымбыл стъол у æмбæрзт. Йæ фарсмæ тухгæ сынтæг ауыгъдæй лæууы. Коготковмæ афтæ зыны, цыма фынæй кæны дзаумæтт;æ- æхсæн тасы. Сынтæджы сæрмæ радио репродуктор, сау къусы хуы- зæн, ауыгъдæй лæууы æмæ дзы зарæджы зæлтæ кæлы. Æхсæвы афтæ уазал уыт;, æмæ рудзгуытæ ныйих сты. Рудзынджы фæйнæгыл цы конверт уыд, уый авгыл ны- дзæвы æмæ йыл урс уырынгтæ их ныббадт. Ихы бынæй бæлвырдæй зыны конверты адрес. Уыцы адрес ныффыс- та йæ фыд. Писмойы йæм фыста арфæтæ: „Абон у Ко- готковы райгуырæк бон. Сыххæст ыл дыууын дыууæ азь1. Йæ нана йæ мысы æнкъардæй." Мад Коготковы цæстытыл ауад æмæ, бахудт, йæ хуыс- сæнæй фестад. Уый нæ дзаумæттæ кæиы, фæлæ зарæджы "зæл уæддæр йæ зæрдæйыл ныдзæвы. „0, афтæ куы уаид æнустæм..." Коготков адæйиæгтимæ кæй дзурдзæн, уый æнкъары, цыдæр хьуыддæгтæ кæй кæндзæнис, уый æм- 17* 257
бары, фæлæ зарæг уæддæр нæ нымæг кæны йæ зæрдæйæ. Коготков къахбырæнтæ дзабыртимæ йæ уæхсджытыл <5аппæрста æмæ æттæмæ рацыд. Ацы зарæгæй уьшæн дунейыл æппæт дæр у уарзон: райсомы их уазал дæр æмæ бæлæсты пыхцыл урс къабæзтæ дæр, цæджындзтæ дæр земæ уазал фæздæг дæр, къæхты бын къыбар-къыбур- гæнæг уынгтæ дæр æмæ афтид стадион дæр. Коготков ихын фæндагыл къахбырæнтыл тæхæгау кæ- ны, къухтæ йæ чъылдымыл сывæргæйæ æмæ тынг раз- мæ йæхи ауадзгæйæ. Йæ уæлæ ис сау касткщ æмæ урс къуымбилæй кæнгæ худ. Къахбырæнты бынæй мит хъыс- хъыс кæны, цыма йын дзурынц: цæр, цæр æмæ цæр. Коготков ныр дæсæм хатт æрзылдис бырæн тымбылæ- гыл, фæлæ Сашæйæн йæ кой нæма ис. Цымæ куы нæ æр- бацæуа, уæд цы рауайдзæн? Уымæй алцæмæ дæр æн- хъæлмæ кæсæн ис. Уыимæ куьт уай, уæд алы минут дæр истæмæ æнхъæлмæ кæс, цы уыдзæн дарддæр^ Дыу- уæ хатты йæ уый æрбахуыдта къахбырæнтæй хъазæн бынатмæ æмæ дыууæ хатты дæр æрбацыдис * йæ хæлар Бражниковимæ. Сашæ æмæ Бражниковимæ ахуыр кæнынц иумæ литера- турон факультеты. Сашæйы фыд Артанов у нывгæнæг. Уый куыд хъуы- ды кæны, афтæмæй чызгæн лæппутимæ хæлардзинад куы уа, уæд уый у хорз. Æмæ Сашæ алы хатт дæр хъазы лæппутимæ, хыл кæны семæ æмæ йæ куы ранæмаыц, уæд мæсты нæ кæны. Сашæ арæх фæбырьг бæлæстыл, дары бæлæттæ, искæйы цæхæрадоны хурмæзиллаччыты сæртæ сыздухы. Уый куы бафæнды куы уаид зарæг— артист, куы йæ бафæнды зынгхуыссынгæнæгæй кусын, куы та йæ бафæнды куы уаид капитан. Сашæихæй хъазæн фæндагыл фæзыны æвиппайдæй. Вæййы йыл уырунгтæ сау трико æмæ хæдон дæр ахæм, тинтычъи худимæ. Уый йæ сæрыл фæбады миты тъыфы- лы хуызæнæй. Бакастæй у лыстæг, скъоладзау чызджы хуызæн. Коготков худæгæй бакъæцæл вæййы, афтæмæй цъилау фæзилы ихы уæлæ. — Раййаф-ма мæ, цæй!— хъæр æм райдайы уый уазал 258
мигъы мидæг фæцæйтæхгæйæ. Фæстейæ йæм фехъуысы йæ къахбырæнты къыбар-къыбур, салд митимæ. Коготков зæрдаебынæй ныхъхъуыры æлхыскъгæнаг уазал уæлдæф æмæ йын цал къах вæййы, уый бамбарын вæййы тыйг -зын. Æнæхъæн* æрзылд аразæй вæййы æмæ Сашæйы чъылдымырдыгæй февзæры. Йæ кастюмы сау чъылдымыл йæ хъуырдарæн кæлмæрзæны урс къабуз дымгæмæ фæйлауы. Чызг фæстæмæ ракæсы, йæ нарæг цæсгом, гыц- цыл дзых æмæ стыр рухс цæстытимæ, ферттивы. Коготков Сашæйы баййафы. Уыдон ихын фæндагæй иуфарс атæхынц æмæ миты урс кæрцæй æмбæрзт даргъ ’бандоныл сæхи æрыппарынц. Сау сæры хъуынтæ бын- дзыггай Сашæйы æрфгуытыл, цæстыты хаутыл æрхауынц. Йæ былтыл, мит халасæй, рихитæ дæр сывзæры. Коготков бацархайы. ууыл, цæмæй йыл йæ буар аны- дзæва, фæлæ цыма нæнхъæлæджы æмæ сабыргай бахуды. — Цы дыл æрцыд?—Сашæйæн йæ цæстытæ вæййынц зшнæйдзаг. . „0, æнустæм афтæ куы уаид",—сындæггай фæзары уый, йæ цæстытæ бацъынд кæнгæйæ æмæ йæ къухтæй амонгæйæ. Уый фæнды, хъæрæй куы ныззарид, фæлæ нæ арæхсы æмæ тæрсы раст ын куы нæ рауайа. — Цæй-ма, цы дыл æрцыд? — Ницы афтæ, хуымæтæджыРгъдауæй. — Æдылы гоппа,—йæ мидбыл худы Сашæ, хъæпæнæй зазбæласы къалиу сисгæйæ. — Абон æз уыдтæн Шаляпин,—Сашæйы къухæй- исы 'Назы къалиу. — Шаляпин уыдтæ зæгъыс?!—худы Сашæ æмæ назы къалиу йæхимæ исы.—Нæ дæ ’мбарын рæстмæ. — „0, уæд та-иу...—зары хъавгæйæ æмæ та назы къа- лиу йæхимæ исы. — 0, хуыцау^ лейтенант сæнттæ цæгъды! Æвæццæгæн, <стæвди!—æмæ йын Сашæ йæхи сгары.* Коготков æй æнкъары, куыд уымæн ацы райсомы йæ дæрæнбонты ферохгæнæн нæй уыцы диссаджы рæсугъд зарды тыххæй^ Сашæйы тыххæй æмæ, сæйраджы дæр та, уымæн, æмæ йыл абон сыххæст дыууын дыууæ азы, 259
Æнкъард кæны, фæлæ уыимæ иумæ цин дæр. Сашæйы къухæй назы къалиу раскъæфта, ихын фæн— дагмæ агæпп кодта æмæ, фæцæйтæхгæйæ, хъæр кæнь& фæстæмæ: — Ацы сæумæрайсом макуы ферох кæн! Мигъты ’ æхсæнæй хъуысы хъæлæс, фæлæ бæлвырд. наёу афтæ дзуры „ферох æй кæндзынæн", æвиафтæ „нæ- йæ ферохкæндзынæн." Коготков йæ мидбынаты фæлæууы- дпс, цы мæм æрбадзырдта уый? Улæфæнтыл æмбæлы ихы тæф æмæ назы к^алиуы тæф. Коготков арæхстгай фындз- мæрзæн кæлмæрзæны назы къалиу батыхта æмæ йæ йæ • риуы дзыппы нывæрдта. Ногæй та фæтæхы Сашæйы фæс^ тæ. Къахбырæнтæ митыл къыбар-къыбур кæнынц цыма. йын дзурынц, цæр, цæр æмæ цæр!" Иу сахаты фæстæ Коготков æмæ Сашæ Анатоли Браж- никовы уаты бамидæг сты. Уый цæуылдæр бады æмæ худæгæй мæлы. Пражников у цъæхдзаст, йæ сæры хъуынт.æ иудадзыг вæййынц пыхцылтæ. Фезмæлдæй у рæвдз æмæ арæхстджын. ’—Уый цæй тыххæй бадут ам уаты иунæгæй?—ныддис •кодта Коготков. — Уый нæуæг саргъ у,—амоны йæм Бражников.—-Зæ^ ронд саргъы мæ фыд ауæй кодта. Абон æнæхъæн горæ- тыл æрзилдзынæн. Каникулты рæстæджы æз иуылдæр горæты рацу-бацу кæндзынæн. Фæивар мæ кæн. Бражниковы фыд уыдис авиацийы булкон. Мотоцик- летыл цæугæйæ, уый алы хатт дæр иста лæвæрттæ æмæ йæ фырты дæр сахуыр кодта хорз скъæрæгæй. Бражников йæ мотоцикл уаты къуыммæ баласта, цæхгæр фæзылд фæстæмæ æмæ тагъд къахдзæфтæй ба- цæуы Коготковмæ. Стъолы фарсмæ æрбадт. Йæ сæрыл, цыма уæлдзарм худ ис æмæ йæ йæ ныхыл æркодта, уыйау< йæ къухыл æрхæцыд сæрæй йæ ныхмæ; телефоны хæтæл< систа, уæхскæй йае йæ хъусмæ балгъывта, спичкæ ацагъ^ та æмæ тамако сдымдта. — Цы зæгъыс? Фатер ныххафтой зæгъыс?!—хъæр кæ- ны Бражников, Коготковы хъæлæс ацаразгæйæ. Йæ хъæ- «лæс, æцæгдæр, рауадис Коготковы хъæлæсы хуызæ’н. <200
— Тынг æй афæзмыдтай! Цыма Коготков, æцæгæйдæр* йæхæдæг дзуры,—кæл-кæл кæны Сашёэ. -Цæй-ма, искæй ма афæзм иоджыдæр, — хаты йæм КогОтков,- Бражников йе ’рфгуытыл бæрзонд схæцыд. Йæ цæс- тытæ зынынц худæндзасты хуызæн, хинæйдзаг каст ын кæнынц. Йæ дзых дæр æрбагыццыл, мæстыгæргъуызæй. Йæ къахæй пъол хойы æмæ Сашæйы хъæлæсæй бардзырд дæтты: — Аркади, ардæм ма рацу! Сашæ ныддис кодта: — Ау, æз æцæг ахæм дæн? — Комкоммæ дæр ахæм,—гуым-гуыц кæны Коготков, ^Сашæйы райгонд цæстытæ фенгæйæ. — Толя, ды дæ Бундеркинд! Гъе, уый æз дзæбæхæй æмбарын—хъæлдзæг æмæ курдиатджын. Аркаша та цы у дæ цуры! Бадыс хъуынтъызæй, æнкъардæй. Толя, рав- дис-ма нын „Сæумæрайсом хъæуы", — бардзырд дæтты Сашæ. Аркади, уый ног хъуыддаг у, ды йæ яæма зоныс. — Уе ’ргом иннæрдæм аздахут, мæ уарзон гасбадатæ!— хъæр кæны Бражников клоуны хъæлæсæй. Сашæйы. зæр- дæмæ кæй цæуы, уый æмбары, æмæ тынг зæрдæбынæй архайы. Коготков хъуынтъызæй йе ’ргом иннæрдæм аздæхта. Уасæг ныууасыдис. Кæрчытæ ныхъуыдитт-хъуыдитт ^кодтой, сæ базыртæ ныццагътой. Цъиут&е дæр сцъиу-цъиу кодтой, Булæмæргъ йæ зарæг снывæзта. Мæнæ куыдз дæр схъырныдта, срæйдта Бæх ныххуыррытт кодта, хъуг ныууаоыд æмæ æмбондыл йæхи хафы. Хæдзары хицау дæр адджынæн йæ ком ивазы, йæ фынæйæ райхъал уæвгæйæ. — Хорз арæхсы, ’вæдза?—дзуры ныллæг хъæлæсæй Сашæ.—Курдиатджын лæппу у, . — Уый ахуыргæнæг хъуамæ ма уаид, фæлæ артист,— дзуапп ын дæтты Коготков æмæ йæ хинæйдзаг фарст кæ- ны:—Цас рæстæг бахардз кодтай ахæм хъуыддæгтыл? — Ех, рæстæг!—Йæ къух атылдта Бражников æмæ, бт^ доны чъылдым размæ рывергæйæ, æрбадт.—Ды уый зо- <ныс, æмæ лæг æвдай азы дæргъы дыууын æртæ азы æр- 261
мæстдæр фынæй кæны? Куыд цæуы уый дæ зæрдæмæ? Уымæй дарддæр куы зæгъæм, уæд уыцы рæстæгæй æр- тындæс азы хардз кæны ныхаскæныныл, æхсæз азы—кæр- дзын хæрыныл æмæ, æгæрыстæмæй, аз æмæ «’рдæг та йæхи æхсыныл. Цыппор æртæ азы лæг йæ цардæй сафы хуымæтæджы ницæйаг хъуыддæгтыл. Æмбарые? — Емæ ма фынæй кæн, кæрдзын ма хæр, ма ныхас кæн,—худы Сашæ, — Нæ, ды хъазгæ ма кæн, фæлæ ма сыл хъуыды акæн,„ хъуыды ацы цифрæтыл!—хъæрæй дзуры Бражников. Уый уарзы диссаджы зонæнтæ æмбырд кæнын æмæ уыимæ- стæм дзауматæ æмбырдкæнын, цæмæй сæ ныхмæлæууæ- джы ныхмæ æвæра. Раст куы зæгъæм, уæд Коготковы зæрдæмæ тынг цы- дысты Бражниковы митæ, фæлæ Сашæ куы ’рб&иу ис се- мæ, уæд æм тынг хъыг кæсын райдыдтой] йæ хæларьь хъазæн ныхæстæ. Уыцы хъазæн ныхæстæ æгæр тыхджын» цыдысты Сашæйы зæрдæмæ. — Æз та ам цы дæн! Уый, мæнæ дзыппкъахджытæ æмæ*- спёкулянттæ йæ койæ дæр кæмæн тæрсынц, уый сафы йæ рæстæг дзæгъæлы. Йæ разы ис мин фæндаджы. Йæ бон у рацæуа инженер, дохтыр, архитектор æмæ уый та дæс азы ахуыримæ милиционер ныллæууыд! Коготков фестади: — Иуыл та сæ уый фæнды æмæ. куы у^иккой инже- ’нертæ, гæстæ, алгЪуькзон хистæртæ! Æмæ ма уæд уæлæ-* дарæсхуыйæг, дзабырхуыйæг, ,кæнæ колхозон та чи уы- дзæни? Хæлаф бахуыйынкæнын стыр хъуыддаг у, нец- аразæг цæмæй ссарай, уый тыххæй дæ рауай-бауай бахъæу- ’ дзæни æнæхъæн къуыри, дæ чиныгæн цъар скæнын дæ- къухы нæ бафтдзæни! — Фæлæ куы зæгъæм, уæд ды уæддæр æнæзонд дæ./ Институты бæсты милицимæ бацæуай, уый диссаг у!—йæ* уæлныхты йæ систа Бражников. — Æмæ, цымæ, Аркади дæуæй цæ-мæй æвзæрдæр у?— мæсты кæны Сашæ. Цы, дæуæй фæстæдæр баззад? Дæ - фæстæ баззад, нæ? Гæнæн ис уай хуыйæг дæр, милиционер- дæр, дзабырхуыйæг дæр, фæлæ уыимæ иумæ ахуыргонд*. 202
науæд иуылдæр фæцайдагъ сты—инженертæ, инженертæ! Коготковæн бынтон йе уонг амардис. — 0; раст зæгъут, æфсымæртæ! Куы мæ ферох: æз знон балхæдтон иу диссаджы цыдæр дзаума!—Бражни- ков йæ дзыппæй камтæ’фелвæста, æвзист, сæр-сæргæнаг гæххæтты мидæг тыхтæй.—Хъазæм æви нæ? Къамтæ сты сау нывтимæ, цæхæр æрттывд сыл кæнынц валетты, паддзæхты, сылгойгмæгты нывтæ, алгъуызон дзау- маты мидæг. Бражников сæ стъолыл æркалдта, афтæ сæ хъазы, цыма йæ цæрæнбонты камтæй хъазыны йедтæмæ никуы ницы арæзта, алы хæйрæгдзинæдтæй сайы йемæ хъазджыты. Сашæйы худ йæ сæры цъуппыл æркодта æмæ йæ къухы дары фæздæгкалгæ папирос. Коготков Бражниковмæ зулмæ кæсы æмæ мæстыйæ дзуры: — Цæмæн цъæлтæ кæныс кæйдæр худ?—æмæ йын æй йæ сæрæй исьг. — Цæмæн ын æй систай? Хорз ыл фидауы!—Сашæта фæстæмæ Бражкиковы сæрыл йæ худ æркодта. ’ Сашæ йын æргомæй æххуыс кæны, цæуы йæм лыстæг къамтæ æмæ архайы ууыл, цæмæй Коготков схæццæ уа. Бражников уæлахиз куы кæны æмæ куы хъæркæны: „Сает дæ, саст" æмæ йын Сашæ та фарс куы балæууы: „Кæй зæгъын æй хъæуы саст у", уæд ахæм хъæртæ Коготков- мæ кæсынц дыдзæсгомдзинад. Уый афæлурс вæййы, мæс- ты кæны, фæхæццæ вæййынц йæ къамтæ æмæ та ногæй, куыд æмбæлы, афтæ нæ рацæуы. Коготков сахатмæ æркаст æмæ фæгæппкодта: — Цæуын мæ хъæуы мæн. Æмæ æвиппайды фæцæуæг. Сашæ сындæггай худы. — 0, хæйрæджы хай куыд фæдæ! Абон Аркадийы рай- гуырæн бон куы у. Мах ын арфæ дæр нæ ракодтам!—ба- къуырдта Бражниковы ных. Коготков просдектмæ бахæццæ, афтæ йæ баййæфтой. — Аркаша, мæ зынаргъ, ма мæсты кæн,—йæ дæларм ын йæ къух акодта Сашæ,—дзæнгæда кæныныл æгæр фес- 263
тæм. Арфæ дын кæнæм дæ райгуырæн боны сæраппонд. Фæнды нæ дæуæн амонд. Мæн фæнды дæуæн... — Æмæ мæн дæр,—-йæ къух ын балхъывта Бражников. — Цæй хорз, хæйрæг уæ бахæрæд,—къæмдзæстыгæй йæ мидбыл худы Коготков,—адæм мæм каьсынц. Дыууæ хæлары Оашæйы сæ хæдзармæ афæндараст кодтой æмæ сæхæдæг ресторанмæ ацыдысты Коготковы райгуырæн бон банысанкæныны тыххæй. Уыдис æмбисбон. Ресторан ма уыдис афтид. Афициант- тæ иу ран стыгуыр сты æмæ цæуылдæр дзурынц Ресто- ран у сабыр, сыгъдæг æфснайд. Астæуæй иу афицер ба- ды æмæ цай цымы, йæ уидыгæй зыланггæнгæ æмæ газет кæсгæ. Дыууæ хæлары хицæн хатæнмæ бацыдысты. Сæ разы сын авджы дзаг сæн æрывæрдтой. Бражников тамако дымы, фæлæ Коготков цыдæр арф хъуыдыты адьтд. Афтæ у, адæймагйæ райгуырæн бон ал- хатт дæр хъуыды фæкæны царды нысаниуæджы тыххæй. Коготков куыддæр тыхстæй йæ къухы æнгуылдзтæ ра- тас-батас кæны. Куы та, арф хъуыдыты ацæугæйæ, йæ мид- былты бахуды, куы та, йæ уæхсджытылхæрдмæфæхæцгæ, фæхъуынтъыз вæййы. — Ницы æмбарын, ницы æмбарын... Ех!—Коготков йæ къух атылдта. Уый куы йæ хъуыдытæ фергом кæны, куы та хъуыды кæны æрмæстдæр йæхи мидæг. Мæстыгæр худт бакæны. Куы фæсабыр вæййы, куы та иу минуты фæстæ куыддæр йæхи мидæг базмæлы. — Æмбарын æй хъæуы, æмбарын, цæй цыбыр у цард. Цæй тыххæй райгуырдыстæм? Уый тыххæй, цæмæй исты хъуыддæгтæ бакæнæм. Уæдæ кæд уый тыххæй, уæд аф- тæ бакæн, цæмæй дæ цард цæрæнбонты иу дæс пецы са- разай æмæ дæ номыл баззайой. Уадз дæ фæстæ баззайгæ фæлтæрæн хъарм уæд сæ фатерты. Æмæ ды та цы ара- зыс?—фæрсы йæ Коготков фæйнæрдæм акæсгæйæ.—Æхца ссивыс, нæ? Ницы аразыс? Сæрхъæи! Царды иувæрсты 264
•ацыдтæ. Ех," мæгуыр уа уæ бон!. Цы хорздзинад сарæзтад • адæмæн? Чи уæ ’рымысдзæн? Коготков куыддæр тыхстæй йæ бæрзæй ныхы, йæ сæ- ры сау хъуынтæ пыхцыл кæны æмæ æвиппайды, цьша Бражниковы ныртæккæ федта, уыйау йæхи баппæрста уымæ: — Хъуыды ма йæ кæныс, Горьки йæ фыртмæ куыд фыста, уый? „Ды ацыдтæ ардыгæй, фæлæ цы дидинджы- тæ ныссагътай, уыдон баззадысты ам æмæ рæзынц". Ахæм ныхæстæ цы нысан кæнынц, уый ;æмбарын хъæуы. Кæм сты мадæн та нæ дидинджытæ? — Фæлæу-ма, фæлæу, дæ хорзæхæй,—худы Бражни-ч ков.—Æз дыч ницы æмбарын æппындæр. Цæуыл дзурыс? Кæимæ дзурыс? — Цæй хорз... Уый мæцæ æз... Бражников æм агуывзæ дæтты: — Баназæм? — Баназæм. — Цæй тыххæй? Коготков хъуыдыты ацыд æ’мæ æнкъард худт бакодта. Йæ къухæй цыма кæмæндæр зарын ^моны, уыйау æй ^сабыргай æнкъусы. Йе ’нгуылдзтæй назы писийы тæф кæлы. — Цæй тыххæй баназæм, зæгъыс?—æмæ та ногæй бахудт. Дуарыл конд цъæх хъæдабæ фæйнæрдæм ацыд. Когот- ков къæсæрмæ суыдта сырхцæсгом æмæ урсæрфыг лæп- пу. Йе ’рфгуытæ сты фæлдæхт къæдзыгты хуызæн, йæ цæстытæ цъæх æмæ къуырф. Йæ дæллаг был уæллаг былы æмбæрзы. — Кæй уæ бахъыгдардтон, уый тыххæй мын ныххатыр кæнут,—йæ дæндæгтæ сæм фæзыхъхъыр кодта лæппу,— бынтондæр æнæнхъæлæджы. Хъыг æмæ фæсмон кæнын. Коготков æм лæмбынæг ныккаст. Æппæт дæр йæ зæр- дыл бадардта, æгæрыстæмæй йæ цырыхъхъы фындзыл ды урс æндахы ’мур бандæгъд, уый дæр. Æнæзонгæ лæппу нал фæзынд. Дуары æмбæрзæн та сабыргай банкъуыста.< Коготков афæлурс. Лыстæггай ай- 265
хъуыста фæйнæрдæм. Рестораны æппæт дæр у сабыр. Æ р- мæст цай цымæн уидыг дзыгъал-мыгъул кæны агуывзæ- йыл. Къустæхæссæн ныдздзыгъал-мыгъул кодта. Дæрд- дзæф ранæй, æвæццæгæн, кухнайæ, райхъуыстис чызджы- тыхджын худт. Къæхты хъæр не хъуысы, уыцы лæппу цыма дуары раз бандзыгис, уыйау. Æнцад лæууы. Хъусы. " Коготков куыцдæр йæхи сылхъывта, фæлæ Бражни- ковмæ афтæ фæкаст, цыма уый ныртæккæйыхуызæн агæпп- æввонгæй никуы уыдис. Коготков бады, йæ цæстытæ бамбæрзта æмæ æппæт тыхæй цæуылдæр арф хъуыды кæны. Стæй æвиппайды фæгæпп кодта æмæ комкоммæ дуармæ. Æмбæрзæныл фæйнæрдæм ахæцыд æмæ залмæ кæсы. — Ды...—сдзырдта Бражников, фæлæ йæмКоготков фæс- тæмæ нæ фæкаст. Йæ къухæй йын цæхгæр амоны æнцад. у, зæгъгæ, æмæ йе ’нгуылдзтæ стымбыл кодта. Йæ къу- хы æнгуылдзтæ афæлурс сты. Бражников, йæ дзыхыл фæхæцыд. Коготков уайтагъд йæ цуры алæууыд æмæйын- хъæрæй зæгъы: — Цæй аназæм, аназæм!—æмæ кардæй къус æрхос- та.—Афон дын у урокмæ ацæуынæн, Толя. Мæнæн дæр афон у. Афицианткæ! Ресторанæй куы рахызтысты, уæд Коготков ныллæг хъæлæсæй дзуры: — Цæугæ! Бражников дæр æм йæ цæст æмбарæджы ныкъуыл& æркодта. Коготков йæ урс худ арфдæр æркодта йæ цæстытыл>. къахбырæнтæ йæ уæхскыл баппæрста æмæ, уынджы ин- нæ фарсмæ ахизгæйæ, хæдзармæ бацæуæны æрымбæхст. Хæдзармæ уазал бацæуæны лæугæйæ дуары авгæй ресто- ранмæ кæсы. Коготков авд папиросы бадымдта, афтæ уыцы лæппу ресторанæй рацыд. Ис ыл цыбыр сау кæрц. Йæ дæларм цæйдæр гæххæттыты папкæ балхъывта æмæ бакæсгæйæ зыны хæдзары хъуыддæгтæ гæнæджы хуызæн. Коготков дæрдты йæ фæстæ цæуы. Къæхты бын къы- 266
бар-къыбургæнаг уынгтæ, цæст кæйонг нæ уыны, ахæш дæрддзæг, митхаласæй урс хæдзæрттæ—æппæт адон цæстытыл уайынц, фæздæг калынц æмæ фæздæгæй нæ* зынынц. Уазал йæхæдæг дæр, фæздæгау, митыл æн- цайы. Лæппу хæдзарадон дзауматы магазинмæ бацыд, стæй- уый фæстæ базары иу къаннæг дуканийы æртæ гуыдыры ^алхæдта, цас сыл бафыста, уый тыххæй гæххæтт райста æмæ æхситтгæнгæ ацыдис. ’ Коготков уæйгæнæджы бафарста: — Цы организацийы номыл райста уый хыгъды гæз> хæтт?—цæстæй амоны фæстийæ лæппумæ. Уый уæртæ завхозæй кусы паликлиникæйы. — Йæ мыггаг? Уæйгæнæг, йæ рихитæ тамакойы фæздæгæй бур, мæс- тыйы зылд фæкодта, æмæ хъуамæ фæлыг кодтаид тых- фарстгæнæджы, фæлæ йæм Коготков йæ документ бавдыс- та. Уæйгæнæг йæ цыбыр кæрцы фæччитæ кæрæдзимæ. æрбакодта: — Йæ мыггаг у Берегов, завхоз Берегов... Не ’хсæн цы ныхас æрцыд, уый зонæм æрмæстдæр æз^ æмæ ды. Бамбæрстай? Горæты цæрджыты адрестæ кæм фыст сты, уым Когот- ков йæхимæ ныффыста: „Берегов А. И., Берегова П. Л. Гоголы уынг, ]6." „Е, е, уый комкоммæ дæр Сашæйы хæдзары ныхмæ куы ис",—тыхсгæйæ хъуыды кæны Коготков. Йæ цæсты раз сывзæрдис æфснайæн кассæ, йæ хъус- тыл ауад æфснайæн кассæйы зыр-зыргæнаг хъæлæс. Чи зоны рæдийын? —хъуыды кæны Коготков.-—Йе ’рфгуытæ, йæ былтæ, стæй дзырдтæ дæр: „æнкъард æмæ хъыг кæнын" —æппæт адон бæрæггæнæг нæма сты." Коготков уайтагъд милицимæ фæцæуæг. Дровосеков лæмбынæгæй кæсы Коготковмæ. Уый лæу- уы Дровосековы стъолы раз. — Кæй зæгъын æй хъæуьг, æппæт адон ууыл дзурæг - нæма сты,—зæгъы Коготков,—фæлæ уæддæр мæн фида- рæй уырны, Берегов æфснайæн лагъзы фæхасты хайади- €æг кæй у, уый. 267'
Дровосеков, йæ къуыпп ныхыл йæ къух авæргæ, йæ цъæх цæстытæй кæдæмдæр ныккæсгæйæ, хъуыдыты .здыд. Преспапея йæ нуарджын саулагъз къухты ратил- батил кæны. Æфснайæн лагъзы ахаст ын æнцой никуы радта. Æцæгæй дæр хæрæг æмæ арæхстджын фыдгæнджы- тæ сты. Сæ фæд ссарын сын ницы æгъдауæй æнтыст. Æмæ ныр мæнæ фыццаг хатт фехъуыста Береговы ном. — Цæй хорз, ныр махæн Берегов проблемæ нал у,—дзу- ры Дровосеков.—Уавæр куы ’рдома, уæд æй кассир æмæ æфснайæн лагъзы гæс базондзысты. Ныр мах базонын хъæуы, йемæ хайад чи иста, уыдон дæр. Бере^овы куы "’рцахсæм, уæд сæ уый, æвæццæгæн, не схъæр кæндзæн^ Уæдæ уал ныртæккæ хæс ис уый мидæг, цæмæй Берего- вы иуфæрсты ауадзæм. Æрмæст æм нæ хъус дарæм æмæ ’базонæм, кæимæ æмбæлы, кæимæ фæцæуы, уыдон. Коготков фестъæлфыд æмæ раст алæууыд хистæры раз. — Æмбал хистæр! Бар мын ратдзынæ, цæмæй хъуыд-* даг кæронмæ ахæццæ’ кæнон, уымæн? Бар мын радт. Æз нырма ницы ахсджиаг хъуыддаг ахицæн кодтон. Йæ къуыпп уадултыл сырхытæ фæзынд. Йæ хъæлæс уыд тыхст. Куы.нæ йын сразы уа, уымæй тæрсы тынг. Дровосеков дзы йæ цæст нæ исы. Уый уымæй у тынг райгонд. Йе ’взонджы бонтæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Уый дæр æвзонгæй афтæ тырныдта исты саразынмæ, ис- ты хъæбатырдзинад равдисынмæ. Дровосековы карз цæс- тыты гагуытыл æнкъард мидбылты худт фæзынд—базæ- ронд æй нæ фæнды. „Фезмæлын дын нæ бантысдзæн, аф- тæмæй дын мæнæ ахæм дæ бынат бацахсдзæн",—дзуры йæ- хинымæр, Коготковмæ кæсгæйæ æмæ газетæй иу уаццаг иннæ уаццаджы фæстæ скъуыны. — Зæгъ-ма, цы бакæнынмæ хъавыс?—карзæй йæ фæр- сы Дровосеков. Коготков æм æввахс бацыд. Æниу хъæугæ ницæмæн кодта, фæлæ уæддæр йæ хъæлæс фæныллæг кодта æмæ цы бакæнынмæ ’ хъавы, уый йын дзурын райдыдта. Дрово- секов алы хъуыдыйы фæстæ’ дæр йæ сæр банкъусы. — Хорз. Æз разы дæн демæ, — дзуры уый, — дæ бон у архайай. 268
Коготковы фæнды, куы равдисид ахæм карз цæстæнгас,. стæй куы бамбæхсид йæ тыхст, зæронд фæдагурæгау, фæ- лæ йын цицы цæуы уымæй; йæ цæсгом ныссырх æмæ йæ цæстытæй цины стъæлфæятæ хауы. Дровосеков æй æмбары. Æвзонг лейтенантæн нæ бан- тыст, фæлæ уый йæ мидбылхудт бамбæхста, йе ’нкъарæн- тæ йын нæ равдыста, афтæмæй йын бардзырд радта: — Ныртæккæ паликлиникæмæ бацу æмæ Береговы тых- хæй зонæнтæ райс. Афтæ арæхстгай архай, æмæ дæ куын- нæ фæтæрса. Цы бакæнай, уый мын-иу фехъусын кæн. Дæ бон у ацæуай ныр. Коготков къæсæрæй æфсæддон лæджы хызт ракодта. Фæнды йæ тагъд куы нæ кæнид, куы нæ тыхсид, фæлæ* куыддæр къæсæрæй рахызт, афтæ йæ къахдзæфты тагъд. сæпп-сæпп Дровосековы хъустыл ауад... Æртæ изæры фæдфæдыл Коготков талынгтæм фæбадьг Сашæйы хæдзары. Сашæ дæр бады æмæ йæхи хъуыддæг- тæ кæны, чингуытæ кæсы. Коготков бады рудзынджы раз. Уый ардæм æрбаласта диван, сырх хъæдабæйæ æмбæрзт. Йæ хъæдабæ тынг баихсыд æмæ йыл сау тæппытæ фæ- зынд. Йæ уæрджытæ ныдзæвынц хъарм батареяйыл. Хъар- мы улæнтæ рæдауæй ныдзæвынц йæ риуыля йæ цæсго- мыл, змæлын ын кæнынц йæ къæбæлдзыг сæры бындз- гуытæ. Сашæйы уат у сыгъдæг, урс, цагъд. Дзаумæттæй уый бæрц хъæзныг нæу. Стъолы сæрмæ ауыгъд ис Лермонто- вы партрет, Уыцы партрет сныв кодта йæ фыд. Йæ сын- тæджы сæрмæ та ауыгъд ис Сашæйæн йæхи сурæт, сырх кастюмы мидæг, хохæй дæлæмæ рацæйтæхгæйæ лижæ-, ты уæлæ. . Æртыккаг изæр.та ардæм куы фæзынд Коготков, уæд куыддæр уыдис æфсæрмдзæстыг. — Æвæццæгæн мæ сфæлмæцыдтæ?—ныллæг хъæлæсæй йæ фæрсы уый. 269'
— Уанцон нæу. Æз уæддæр æртæ сахатмæ никуы -схуыссыи. Мæ уроктæ мæ цæттæ хъæуы. — Бахатыр мын кæн... — Ницы кæны, ницы,-йæ канспекттæ фæлдахы Сашæ. Коготков йæ къухтæ *йæ уæрджыты астæу нытъыста æмæ афтæмæй ныгъуылдæй бады сабййау. Уый кæнæ цæ- :уылдæр арф хъуыды кæны, кæнæ уынгмæ йæ хъус дары, 'Кæннод та 16 номеры хæдзармæ йæ хъус дары. — Аркаша, ды мæнмæ ма кæс, фæлæ мæм æрмæстдæр кæн хъусгæ. Ныртæккæ дын æз цыдæр дзурдзынæн,—зæ- ?гъы йын Сашæ. Иу чысыл æнæдзургæйæ алæууыны фæс- чгæ, цыма цæуылдæр дис кæны, уыйау Сашæ уымæн хъу- «сын кæны ныллæг хъæлæсæй:—Куы зæгъæм, уæд дæ æз .уарзгæ кæнын, Аркаша. Анатолиимæ хынджылæг кодтон, дæу тауарзгæ кæнын. Ме ’рдæм ма раздæх.—Сашæ йæ дзу- рынæй фæлæууыди. Коготковæн йæ сæры хъуынтæ цæй- .дæр уддзæфмæ сындæг змæлынц, йæ къухтæй та ныххæ- щыдис тæвд батареяйыл. — Цы байгомыг дæ? Æууæндыс мыл æви нæ? Коготков ын, чысыл алæугæйæ, дзуапп дæтты. — Æууæндын дыл. Коготков не ’мбары æмæ нæ уыны цы аразы ныртæккæ пСашæ, цæуыл дзурæг у йæ цæстæнгас. Сашæ ныссабыр, кæдæмдæр ауад, цыма уаты нал ис, уыйау. Стæй та йæ .хъæлæс ногæй райхъуыст æмæ уыцы хъæлæсæй бамба- рæн ис, Сашæ худгæ кæй кæны, уый: — Æмæ мыл цæмæн æууæндыс? Куы зæгъæм, уæд æз хъазгæнæ загътон ацы ныхæстæ. Æппæт дæр мæм кæсы æнкъйрд æмæ уый тыххæй загътон ацы хъазæн ныхæстæ. Коготковы сæры хъуынтæ нал змæлынц. Уый афтæ фæ- тыхст, æмæ нæ зоны, цы бакæна, цы йын зæгъа. Сашæйы цур куы вæййьг, уæд алхатт дæр йæхи æдыхæй" фенкъары. Уыцы рæстæджы рудзынджы разæй æгомыг гуыпп- гуыпп райхъуысти, цыма дзы чидæр хъæдын къæхтыл фæцæйцыд, уыйау. Куыдз дæр тарсты рæйд кæны. Когот- ;ков тыхстæй лыстæг ныхъуыста æмæ зæгъы: — Æз ацыдтæн, Сашæ. Ды бадгæ кæн, ма сыст*. — Дæ къухы бафтæд дæ фæндон, Аркаша. Дæхи хъахъ- хъæн,—ньтллæг хъæлæсæй йын зæгъы уый. -270
Коготков æвиппайды феттæдуар. Къæбицмæ ма йæ хьустыл ауад: — Раст куы зæгъæм, уæд æз хъазгæ нæ кодтон. Коготков хæдзарæй йф сæр куы радардта, уæд Бере- гов фæзилæны фæцæйцыд. Тыхджын дымы. Хъæпæнтæй æмæ уæлхæдзæрттæй фæз- дæг кæлы. Коготков фæзилæнмæ куы бахæццæ, уæд арæхстгай размæ акаст—Берегов фæцæуы, уый миты рухсмæ зыны бæлвырдæй. Йæ уæлæ ис цинел. „Боныгон та цæуы цы- быр кæрцы",—банысан кодта йæхимæ Коготков. Берегов иннæ уынджырдæм аздæхт. Коготков, разбæлас- доны цурты дыууæ кварталы рæзты азгъоргæйæ, фæзилæ- ны æрлæууыдис. Кæсы æмæ ничи зыны. Цы фæцис Бере- тов, фæзилæны фæэууон? Æви ам искæцы кæртмæ ба- цыдис? Коготковхуд йæцæстытыл æркодта, йæИалтойы æфцæг- тотыл уæлæмæ схæцыд æмæ сындæггай цæуы размæ, цуд- тытæгæнгæ, цыма расыг у, уыйау. Иу квартал ацыд раз- мæ, кæдæм цæуон? Араст комкоммæ. Йæ къæхты бынæй иуфарс ахаудта къухты ’хсæн ба- тымбылгонд гæххæтт, тарст мустæлæгау. Бæзджын митфæлдзæгъдæн къыбар-къыбур кæны къæх- ты бынæй, æмбæлы йæ хæлафы къæхтыл. Коготков дзы йæ фатхъултæм лæгæрдьт, урс фынккалгæ донау. Йæ хъус дары тынг лæмбынæгæй размæ. Цыдæр амонды æнкъарæн- •тæ йæм æвзæры. Уыдон æм æвзæрынц Сашæйы тыххæй. Æвиппайды саст кулдуарæй æртæйæ рацыдысты. Ко- готков уайтагъд базыдта Береговы æмæ цудын райдыдта тынгдæр. Оабыргай базарыд. Ой цъуй бæлас, цъуй, цы æрынкъард дæ... Пистолет йæ дзыппы æрысгæрста. Хæдзары номыр уай- тагъд банысан кодта йæхимæ. Береговимæ чи фæцæуы, уыдон æвиппайдæй æрбæрджытæ кодта. Сæ иу уыдонæй у бæрзонд, æлвæст, ис ыл сæрак палто. Уый спичкæ ацагъ- та æмæ йæ папирос судзы. Спнчкæйы рухс ын иу цæсты фæныкъуылдмæ фæрухс кодта йæ фæлурс рæсугъд цæс- том. Йæ фындз у тæнæг, æмраст. Йе ’рфгуытæ кæрæдзи- 271
мæ æввахс æрбацыдысты. Дымгæ йын йæ папиросæй стъæл- фæнтæ аскъæфы. Йеынæ æмбал у ставдгомау, тымбыл, ис ыл бæмбæгæй хъармдарæн*. „Уый уыдзæн, æвæццæгæн, монголаг цæсты- тæ кæмæн ис, уый",—хъуыды кæны Коготков æмæ цæсты фæнкъуылдмæ йæ цæстытæ фæцъынд кодта. Сæ фæл- гондзтæ йæ цæстытыл ирдæй ауадысты. „Хъуыддаг рæ- зы",—-райгондæй хъуыды кæны Коготков. Хæсрард æххæст цæуы. Береговы æмбæлтты банысан кодта æмæ гæнæц уыдис ацыдаид ныр, фæлæ уавæр фæвазыгджындæр ис. Коготковæн цыма фадат ис баййафа сæ ног фыдракæн- ды уæлхъус. „Æмæ чи зоны афтæ хуымæтæг æгъдауæй искуыдæм уазæгуаты бацыдысты?—хъуыды кæны уый.— Фæлæ цафон у уый æхсæвы дыууæ сахаты уазæг цæуы- нæн?" Коготков йæхимæ кæсы абон амондджын æмæ уымæ гæсгæ гæнæн ис æрмæстдæр уæлахиздзинадæн. Мит Коготковы галошты бынæй тынгдæр къыбар-къыбур кæны, уыдой цырыхъхъытьг бынæй дæр къыбар-къыбур- кæны. Берегов æмæ йе ’мбæлттæ цæуынц йæ иувæрсты тротуарыл, цьгдæр дзæнгæда цæгъдгæйæ. Фæзилæны ин- нæрдæм аздæхтысты. Коготков цæуы дарддæр. Хæлафы къахæй миты æмæ сыджыты къуыбæрттæ йæ зæнджы хæ- цъæфыл æмбæлынц. Коготков барæй йæ мидбынаты фæ- лæууыд, стæй хъуыр-хъуыргæнгæ æрхауди. Миты- æмæ сыджыты къуыбæрттæ йæ цæсгомыл дæр кæлынц. Фæстæмæ фæкаст. Фæзилæнæй йæ цæстытыл ауад: бæ- ласы сау бындзæфхады аууон чидæр лæууы. Коготков сыс- тад, йæ миттæ ацагъта æмæ фæцæуы дарддæр. Кулдуары æхгæнæнты дзыгъал-мыгъул райхъуыст. Уæлхæдзæрттæй донцæуæн трубатæ дзыгъал-мыгъул кæ- нынц ихтимæ. Вивескæтæ дæр змæлынц. Æмбæндтæ къæс- къæс кæнынц дымгæмæ. Коготков хæххон техникумы агъуыстмæ куы бахæццæ,. уæд кæртмæ фездæхт æмæ дуар хойьт. — Кæцы дæ уый?—тарстгъуызæй йæ фæрсы хъахъ- хъæнæг. — Телефон мæ хъæуы! Нæхионтæй дæн! Дровосеков бынаты нал уыдис. Радгæс ын фехъусын 272
кодта, зæгъгæ, дæм ныртæккæ Склянкæйы фервитын опе- ративон бæрнон Кисляевимæ. Коготков ын æмбарын кæ- ны, кæцы уынгыл сæ рацæуын хъæуы, уый. — Дæ быцъынæг ма тон, Коготков, — хъуысы телефоны хæтæлы хъæлæс,—Кисляев сæхимæ ис. Склянкæйæм ныр- тæккæ бауайдзæн. Ды иунæгæй мацы сфæнд кæн. Берегов йе ’мбæлттимæ цы фæзилæныл фæзылд, уый онг базгъордта Коготков. Уым змæлæг нæй. Дымгæ гæды бæ- лæсты цъуппытыл къуыс-къуыс кæны. Бæлæсты къа- лиутæ кæрæдзийыл тыхсынц. Иу квартал æттæдæр ис цæрмтты магазин. Коготков æм арæхстгай æввахс бацыд. Электроны лампæ рухс кæны магазины дуар, дуарыл. ауыгъд гуыдыр. Витринæйыл урс сæлабыры царм тыгъ- дæй лæууы, авгау, æрттивгæ цæстытимæ, Коготков тагъдгомау фæцæуы дарддæр. Уынг у афтид. Ювилирон магазины рудзынгæй цъæх хъæдабæйыл æвæрдæй æрттивынц сахæттæ, шкатулкæтæ, зынаргъ рæ- хыстæ, æвзистæй арæзт дзауматæ. Хъахъхъæнæг, стыр кæрцы мидæг, Коготковæн уырнын кæны, зæгъгæ, ауылты ничи рацыд. „Къæппдзыхæй мæ фæуагътой!—мæсты кæны Когот- ков,—Кæмдæр сæ хъуыддаг кæнынц æмæ æз та ам хъи- лæй лæууын". Вогзал ардæм дард нæу. Ихын уæлдæфы бæлвырдæй хъуысыпоездты хъæлæба, цæлхытыгыбар-гыбур. Буферты зæлланг хъыс-хъыс. „Æмбæлттæ мын куы нæ уа, уæд цымæ иунæгæй ницы бакæнин,—тыхстæй хъуыдыкæны Коготков,—Склянкæ æмæ Кисляев дæр фæстиат кæнынц,"—æмæ та æвæндонæй йæ- химидæг базарыди: „Ой цъуй, цъуй бæлас"... Коготков мæсты кæны, фæлæ йæ зарын нæ уадзы. Æвиппайды фæзилæнæй фæзынд адæймæгты къорд. Пос- тыллæууæг Пихтин, цыбыр урс кæрцы мидæг, тагъд-тагъд фæрсы цæмæйдæр иу бæрзонд лæджы, рæтыд хъармдарæ- 18 273
<ны мидæг* Уый хъæрзы æмæ йæ худ сисгæйæ йæ сæр <сгары. Æртыккаг лæг, фæззыгон палтойы, матоциклеты дур лæууы æмæ фæцæйтæхгæ уæзласæн машинæмæ амо- лы. Коготков стыр дисимæ Бражниковы базыдта. — Цы ’рцыдис?—базгъордта йæм Коготков. — Чидæр шофыры фехста, — æмбарын ^ын кæнын Пих- тин, йæ цæсгом дымгæмæ сырхæй. — Зæгъ-ма, шофыр, цы уавæрты дыл ныццавтой сæхи? — Кæсын æмæ лæппу йæ къухыл схæцыди. Æз хъуы- ды кæнын, зæгъын, æвæццæгæн, æй фæнды, цæмæй йæ сывæрон. Уынут уæхæдæг, уазал у,—саст хъæлæсæй дзу- ры шофыр.—Машинæ баурæдтон, кабинæйы дуар бакодтон æмæ куыддæр мæ сæр радардтон, афтæ мæ уыцы лæппу цæмæйдæр фæцæф кодта. Ме ’муд æрцыдтæн æрмæстдæр уæд, æмæ мыл мæнæ ацы æмбал куы схæцыд... — Зоныс, куыд рауад, æз уыдтæн нæхиуæттæм, рацæ- уын мæнæ мæ мотоциклетыл, кæсын — уæзласæн машинæ йæ бынатæй фезмæлыд, кæсын, æмæ митыл лæг хаудæй лæууы,—тыхстæй дзуры Бражников. Коготков йæхиуыл афтæ схæцыд, цыма йæ зæрды агæпп кæнын и. — Цы ис йæ уæлæ конд уыцы лæппуйæн? — Цинел,—хъæрзы шофыр. — Бæлвырд у ныр. Иунæг уыди? — Иунæг. — Уæзласæн машинæйы номыр куыд у? — Æртын—цыппор фондз. — Пихтин, ды æмбалмæ дæ хъус æрдар,—камандæ кæ- ны Коготков.—Радгæсæн æппæт дæр бамбарык кæн, æз цæ- уын уæзласæн машинæ æрцахсынмæ. Радгæс мын æвæс- тиатæй æххуысмæ рарвитæд адæм. Кæмдæр та стигъынц. Уæзласæн сæ бахъуыд, æвæццæгæн, давæггаг ’ дзауматæ ласынæн. Цæй хорз, Толя, архай. Дæсныдзинад равдис^ Мотоциклет фæтæхы. Уæзласæн машинæйы цъæхбын рухс æввахс кæны. Вражников ныггуыбыр кодта, Когот- ков бады фæстийæ æмæ хæцы Бражниковыл. Уазал дым- гæ æхситт кæны. Цæсгом æлхысчъытæ кæны. Кварталтæ, хæдзæрттæ, телефоны цæджындзтæ фæстийæ зайынц. 274
— Мадынфæфæлдæхæд! Зæххтынг бырынцъаг у!—хъæр :кæны Коготков. Мотоцикл уæзласæн машинæмæ тынг баввахс, фанар- тæ срухс кодтой: 30—45. — Уый у!-хъæр кæны Коготков.—Фæразæй у! Сæдæ къахдзæфы куы фæраздæр уай, уæд фæуром". — Пистолет дæхимæ ис?!—фæстæмæ йæм фæзылд Браж- ников. — Тыхсгæ ма кæн! Дыууæйæн дæр сæ цæсгæмттæ артау ссыгъдысты, сæ цæстытæ цæхæртæ калынц. Бражников куыддæр тæрсы» фæлæ уæддæр мотоциклеты цыд фæтагъддæр кодта, уæз- ласæн мæшинæйы разæй фæцис æмæ йæ фарæты рухсмæ тæхæгау кæны. Мотоциклеты цыд фæсабырдæр кодта. Коготков рагæпп кодта æмæ, фæндаджы астæу слæугæйæ, йæ къухыл хæрд- мæ схæцыд. Уæзласæн машинæ йæм комкоммæ æрбатæхы. Коготков дурдзавдау йæ мидбынаты лæууы: æртын къах- дзæфы! дыууын, фынддæс. Фарæтæ йын §йæ цæсты тигъ- тæ исынц. Коготковæн тыхтæ æмæ фыдтæй бантысти иу- фарс агæпп кæнын. Уæзласæн йæ иувæрсты ацъелфлас- га, миты къуыбæрттæ йыл спырхкодта. Бражников лæууы фæндаггæрон. Коготков æм баз- гъордта. — Æитъæрæм æй фæстийæ!—йæ дæндæгтæ ныхъхъыр- рыст кодта Коготков æмæ уазал уæлдæф хæлæфы ны- хъуырд акодта. — Федтай, хъуамæ мæ йæ быны аууæрстаид! Коготковмæ яфтæ кæсы, цыма йæ тыхтæ фылдæрæй- фылдæр кæнынц. Цыма кæны арæхстджындæр æмæ къæй- ныхдæр. Уыцы тых ын дæтты мастдзинад. Мотоцикл гуыр-гуыргæнгæ баййæфта уæзласæн мщш- нæйы- ■—Фæразæй у!—хъæр кæны Коготков. Æмæ цæмæй Вражников фæныфсджындæр уа, уый тыххæй йын йæ уæхск æрхоста. Фæлæ уыцы рæстæджц уæзласæн мапш- нæ къæдзмæдзытæ цæуын райдыдта. Мотоциклетæн не ’нтысы йæ разæй фæуа. Уæзласæн машинæйы фæстæ -гдра бындзау, гуыз-гуыз кæны. 275
— Кæсыс <æм?—фæстæмæ фæкасти Бражников. Тыхсы1: Мæнг у, мах дæуæй фыддæртимæ фембæлдыстæм!—æгæ- рыстæмæй ахæм уысмы дæр Бражниковæн бантысти йæ- хицæй раппæлын æмæ фæзилæны уæзласæн машинæйы> разæй фесты. — Дæсныдзинад!—хъæр кæны уый. Коготков йæ бадæнæй рагæпп кодта, фæлæ йын рæстмæ- гæпп нæ фæцис—акъуыбылой. Цæсты фæныкъуылдмæ * фæгæпп кодта, йæ пистолет фелвæста æмæ хæрдмæ фехс- та. Уæзласæн машинæ йæм гуыр-гуыргæнгæ комкоммæ. æрбатæхы! Коготков та тыхтæ æмæ фыдтæй машинæйнь цæстыты бынæй агæпп кодта иуварс. Машинæйы цæсты- тæ йыл парахатæй мит, лакъонау, спырх кодтой. Ногæй т&< йæ фæстæ мотоциклетыл тæхынц. Уæзласæн та къæдз- мæдзытæ кæны. Горæтгæрон хъæпæнты бын фæстаг хæ- дзар, стæй урс быдыр. — Хъус-ма!—хъæр кæны Коготков.—Сæ сурынæй æз> сфæлмæцыдтæн! Æрбаввахс сæм у тынг, фæндаг фæлыг кæн æмæ æз комкоммæ хъуамæ уæзласæнмæ багæпп кæ- нон. Бамбæрстай? — Аркаша, нæ хъæуы! Дæ бæрзæй асæтдзæн! — Уый тыххæй ма тыхс! — Æмæ йæм уæд та пистолет ис? — Толя, тæппуд ма у! Бражников газ тынгдæр радта æмæ къæдзмæдзытæ гæ- наг уæзласæнмæ хæрз æнгом бацыд. Бахъавыд æм арæхст-- гай, гæзæмæ иувæрсты фæцис. Коготков йæ бадæны слæу-- уыд, Бражниковы уæхсджытыл хæцгæйæ. Йæ тæккæ цурæй.' уæзласæны гуыффæйы æхгæнæн дзыгъал-мыгъул кæны æфсæйнæгтæй. Коготков хæрз рогæй агæпп кодта æмæ гуыффæйы бортыл æрцауындзæг. Гуыффæйы мидæг аф- тид, тæстытæ бедра гыбар-гыбур гæнгæ ратул-базул кæны. Коготков фæстæмæ фæкаст. — Бражников р^лыл, ныггуыбыр æмæ йæм йæ къух тилы. Тæхгæ машинæ- мæ’ дымгæ буары иннæрдыгæй хизы, фæлæ Коготковмæ- афтæ кæсы, цыма у тынг тæвд, йæ дзых хус кæны. Æцæ- гæйдæр Береговмæ пистолет куы разыиа, уæд куыд уыдзæн? Тагъд æмæ ныхджынæй архайын стыр хъуыддаг 9.76
у. Коготков кабинкæйы сæр тыхджын хойы. Уæзласæн цыма фестъæлфыд æмæ стыр тасы бацыд, уыйау йæхи дыууæрдæм раппар-баппар кæны. Коготков пистолет сласта, æргуыбыр кодта æмæ арæх- стгай кабинкæмæ бакаст мидæмæ. Æвгтæ ныпих сты, мит • сыл сбадт. Рулыл скъæрæджы къухтæ гæзæмæ зынынц. Коготков дуары цур лæууæнмæ ныггæпп кодта æмæ, Бе- реговæн йе ’муд æрцæуыны фадат нæ ратгæйæ, кæсæны . авгæй уымæ комкоммæ пистолет ныддардта. Береговы цæсгом уыдис карз æмæ дуры хуызæн. Уый кæсы æрмæстдæр йæ развæндагмæ, цыма йæ фарсмæ æп- пындæр ничи ис, уыйау. — Бауром!—хъæр кæны Коготков æмæ хæрдмæ фехста. Берегов пæ цæстдæр не ’рныкъуылдта, уæзласæн æнтъæ- ры къуыппыты æмæ дзыхъхъыты, цæмæй Коготковы рап- пара. Уалынмæ уæзласæн æвиппайды цæхгæр фæндагæй фæзылдта æмæ йæ нæудзарм конд хуымьт барæй аскъæрд- та. Чысыл æттæдæрæй зынынц къутæртæ. Фæлæ уыдон къутæртæ кæй не сты, уый Коготков зоны—•уыден уы- дысты ададжы бæлæсты цъуппытæ. „У, цъаммар! Машинæ ададжы смидæг кæнын рымы- •сыд",—йæ сæры февзæрдис Коготковæн. Цы бачындæуа? Агæпп кæнын мæ бахъæудзæн. Машинæйы моторы æм- бæрзæны дымгæ фæйлауы. Ададжы бæлæсты цъуппытæ сæм æввахс кæнынц. Уыцы рæстæджы йæ сæрыхуымæтæ- джы хъуыды февзæрд. Коготков пистолет йæ дзыппы атъыста æмæ маторы æмбæрзæн иуварс аппæрста. Маторы хъарм улæнтæ цæсгомыл сымбæлдысты, бензины тæф улæфæнтæ ныццавта. Коготков æрысгæрста, маторæй элек- троны ток цы телыл цæуы, уый æмæ йæ виппайды срæ- дывта. Йæ лæууæн бынатæй рагæпп кодта æмæ пистолет фелвæста фæстæмæ. Уæзласæн машинæ ададжы былгæрон ныллæууыди. Зымæгон быдыры сабырдзинад хъусты снæ- рыд. Тæхгæ машинæйы гуыр-гуыр æмæ дымгæйы къуыс- къуысы фæстæ уый адæймагмæ кæсы куыдцæр диссаг. Машинæйы дуар байгом æмæ, уæззау улæфгæйæ, худ- тæйæ Берегов рахызт. — Бæдæйнаг дæ, лæппу, дæ сæр кусы. Кæй дын æй ■ нæ ныссастон, уый тыххæй тынг фæсмон кæнын. 277
— Дæ къухтæ хæрдмæ!—бардзырд ын дæтты Коготко& æмæ тынг цырд кæсы Береговы алы фезмæлдмæ дæр. Уый æвæндонæй йæ къухтыл хæрдмæ схæцыд æмæ æвиппайды< æхснырсын райдыдта. —-Цæр, цæр,—цин кæны Коготков. Æвиппайды кæйдæр хъæр æмæ къæхты уынæр æрбай- хъуыст. ’ Коготков фестъæлфыд, фæлæ Бражников уай- тагъд йæ зæрдыл æрбалæууыд. — Басгар æй!—командæ кæны Коготков. Бражников къæзгæ бацыдис Береговмæ. Хæйрæг æй. зоны, абырæг у, æмæ дын кард дæ зæрдæйы куы нысса- дза, уæд цы. Æлгъгæнгæ йын сгары йæ хидæйдзаг буар.. Бражников зулмæ бакаст Береговмæ. Уый цæттæ у æрвыл уысмы дæр иуфарс агæпп кæнынмæ, фæлæ уæддæр йæ- хи дары сабыр. Йæ цинелы дзыппы разынд кард æмæ па- пиростæ. Бражников сæ Коготковмæ дæтты. — Сбæтт ын йæ къухтæ,—камандæ кæны уый. Бражников йæ рон тагъд-тагъд райхæлдта æмæ Бере-, говы къухтæ фæстæмæ бæтты. Йæ къухтæ йын куы бабас- та, уæд рогæй сулæфыд æмæ стыр дисгæнæджы каст ба- кодта Коготковмæ. Аркади ныртæккæ афтæ дардта йæхи, афтæ карз æмæ фидар уыд йæ ахаст, æмæ гæнæн нæ уыд йæ коммæ мачи бакастаид. Дыууæ хæлары Береговы гуыффæйы сбадын кодтой. Коготков дæр гуыффæмæ схызт. Бражников электроны тел сраст кодта æмæ арæхсггай уæзласæн машинæ фæндаг- мæ ракодта. Ам мотоциклет дæр машинæйыл сывæрдтой æмæ горæтмæ æрбаздæхтысты. Коготков йæ ных асæрфта æмæ стыр зæрдæбынæй та- мако сдымдта. Уымæ афтæ зыны, цыма уæлдæф фæхъарм- дæрис æмæ зæрдæйæн у æхсызгондæр.4 Цыма уалдзæг хцæг æвЬахс нæма у, фæлæ кæмдæр’æввахс ранæй улæ- фын^райдыдта. Февраль—зымæджы фæстаг мæй фæуд кæ- ны. Йæ хъусты та ногæй азæлыдысты: „0, уæд та æнус- тæм афтæ куы уаид..." Коготковы цæстытыл ауад, куыд бацæудзæн Дровосе- ковы кабинетмæ [æмæ йын куыд радзурдзæн: „Дæ хæс- рард дын сыххæст кодтон."—„Бæдæйнаг! Дæ цард æнæ- 278
хъуаджы нæу!" Коготковы фæнды куы ныккафид, йæ худ йæ цæстытыл æркæнгæйæ, цыма йын чидæр фæндыр ныц- цагъта, уыйау. •* -& Вокзалæй чысыл дарддæр, цы ран æрцыдис ацы цау, тагъд фæцæйцыдысты Склянкæ, Кийляев æмæ Пляскин. Коготков кабинкæ йæ къухæй фæцæф кодта æмæ цæугæ- цæуын рагæпп кодта.- — Дзæбæх рауад дæ хъуыддаг?—сæрæй йын ацамыдта Склянкæ Береговмæ. — Уазæгуаты уæм æй ласæм,—æлгъгæнæгау æмæ йын сабырæй дзуапп дæтты Коготков, фæлæ йæм кæсгæ та кæ- ны афтæ, цыма йæ зæрдæ йæ тых, йæ бонæй йæхи къул- тыл хойы. — Сержант Пляскин, ахæсты комкоммæ милицийы хайадмæ акæн,—бардзырд ын дæтты. Пляскин йæ къах уæзласæны цалхыл æрывæрдта, бæ-. хы æгъдынЦойыл æрлæууæгау, æмæ сгæпп* кодта гуыф- фæмæ. Вражников кабинкæйæ рагæпп кодта. — Де ’хсæв диссаг у абон дæуæн, æфсымæр! Байриат, æмбæлттæ.—Склянкæ æмæ Кисляевæнсæ къухтæ райста.— Стыр дисы мæ бафтыдтай, Аркаша. — Царды цы нæ вæййы, æфсымæр,—зæгъы йын Ко- готков. Бражников фæстæмæ кабинкæмæ сгæпп кодта æмæ уæзласæн анкъуыст. Уынаффæ кæнын райдыдтой. Берегов уæзласæн фæцæйтардта мæнæ ацы фæзилæны. Ацы фæзилæн цæуы комкоммæ æфсæнвæндаджы æфтауц- дæттæм. Æфсæнвæндаджы фалийæ ис иу магазин. Ко- готков ацæудзæн мæнæ ауылты, Кисляев ацæудзæн мæнæ ацы уынджы рахизæрдæм, Скляпкæ та—галиуырдæм. — Ды милицийы хайадмæ фæдзырдтай дыууæ саха-, тыл,—дзуры хъомысджын хъæлæсæй Кисляев.-~Ныртæккæ у цыппар сахаты æрдæг. Баззадис ма сахат æмæ æрдæг, Рæстæг нын фаг у. Ам кæмдæр æнхъæлмæ кæсынц ма- 219
шинæмæ, кæд æмæ никæуыл фембæлæм, уæд фæстæмæ æрбацæудзыстæм мæнæ ацы бынатмæ. Хицæнтæй архайы- нæн уын бар нæ дæттын. Коготков æфсæнвæндаджы æфтауцтæм бацыд. Змæ- лæг дзы нæй. Æппæт дæр у сабыр. Мит къæхты бын къыбар-къыбур кæны. Коготков æфсæнвæндаджы хаххмæ ссыд. Фалæрдыгæй зыны къаннæг дæугæдоны фæд миты бынæй, афтид хъæдын хид. Хиды хъус ис чысыл магазин, Электроны лампæ йæ тынг рухс кæны. Зæронд паровоз фуртт-фуртт кæны, йæ фæздæг, тым- был цæгтæй, электроны рухсмæ урсæй кæлы уæлæмæ. Вагæттæ кæрæдзийыл бæтты. •Паровоз æвиппайды Коготковы цур æрлæууыд æмæ дзы машинист йæ сæр радардта, йæ цæсгом ахуырстытæй. Йæ худы хъустæй сæ иу уæлæмæ хъилæй лæууы, йе ’ннæ хъус та йæ уæхсджытыл æнцайы. Коготковмæ афтæ кæсы, цыма йæ рихитæй дæр сæ иу уæлæмæ хæцы, иннæ дæ- лæмæ. •—Æмбал,—сусæгæй дзуры машинист,—- уæртæ цыма магазин сыгъдæг кæнынц, афтæ мæм кæсы. — Кæм? Кæцы магазин?—паровозы асины къæпхæнмæ сгæпп кодта Коготков. — Уæртæ хиды фаллаг фарс. Æз мæнæ вагæтты фæс- тæмæ-размæ ратæр-батæр кæнын. Æфсæнвæндаджы хаххы <5æрзæндæй мæимæ алцы дæр зыны. Кæсын æмæ дыууæ- йæ магазины цур цыдæр архайынц. Цыма ломæй архайд- той, афтæ мæм зыны. Ныртæккæ æттæмæ нал зынынц, яевæццæгæн, мидæгæй арахайынц. Вогзалмæ куы азгъорис, æмбал. Телефонæй милицимæ фæдзур. Æз мæхæдæг фæ- дзурин, фæлæ мын ацæуæн нæй. — Стыр бузяыг, мæ фыды хай,—Коготков æфеæнвæн- дагæй йæхи дæлæмæ аппæрста æмæ тальшджд нал фæ- зынд. — Кæдæм цæуыс иунæгæй? Оырра дæ?!~хъæр æм кæ-х ны фæстийæ машинист. Коготков уайтагъд электроны лампæйæ рухс хидыл февзæрд. „Ой, цъуй бæлас, цъуй"—-йæ сæры та февзæр- ди æвиппайды зарæг. Коготков пистолет йæ дзыппæй фел- 280
вæста æмæ магазины цур фæлæууыд. Гуыдыр йæ бынаты нал уыд. Коготков пистолетыл йæ сæрмæ схæцыд. Гæрах куы фæцыд, уæд бамбæрста, кæй фæрæдыдис, уый. Иунæ- гæй йæ архайын нæ хъуыд. Магазины дуар фегом. Иу стæвдтæ лæг дзы рагæпп кодта æмæ ломыл бæрзонд фæхæцыд. Коготков фæстæ- фæстæ лæууы, æмæ хъуыддаг цæй мидæги, уый нæ бам- баргæйæ фæкалд. Йæ чъылдымыл æрхауд, йæ къæхтæ та ауыгъдæй баззадысты дæргъæй-дæргъмæ лæууæг телыл. Уыцы тел тыгъд уыди ам æмбонды бæсты. Ломы гуыпп фæцыдис æмæ дзы стъæлфæнтæ фесхъиудта. Уыцы тып- пыртæ лæг, чи фæкалд, уымæ йæхи баппæрста æмæ та йæ лом дард фæхаста. Лейтенант йæ къухыл размæ фæ- хæцыд, гæрах фæцыд, топпыхосы фæздæг скалд. Тып- пыртæ лæг æрхауд æмæ Коготковы къæхтæ телмæ ныл- хъывта. Иннæ лæг, сæрак палтойы, иуфарсæрдыгæй æрбаз- гъордта æмæ комкоммæ фехста Коготковы. Уый фестъæл- фыд æмæ йæ къух митыл æрхауд. Йæ къæхтæй йыл æр- бакалдысты мит æмæ сыджыты къуыбæрттæ. Къæхты хъæр, æхситт райхъуыст, ногæй та гæрах фæцыд. Чи фæцæйлыгъд, уый æрхауд æмæ та фестад. Кис- ляев æй йæ быны акодта. Фæцæф æй кодта æмæ йын пис- толет йæ къухтæй стыдта. Склянкæ, тыхулæфт кæнгæйæ, Коготковмæ багæпп код- та. Æнæзмæлгæйæ лæугæ тыппыртæ лæджы иуварс ап- пæрста. — Æмбал лейтенант!—хъæрæй, тарстгъуызæй йæм: дзу- ры Склянкæ. Коготков йæ цæстытæ байгом кодта. — А-а, уый ды дæ, мæ фыды хай,—сындæггай дзуры уый,—дыккаг аирвæзт? — Нæ, æрцахстам æй. Цы ран дæ фæцæф кодтой? — Æнхъæл дæн, ме уæхск. Риссы... — Уымæн ницы у! Ницы йын уыдзæн! Ныртæккæ дæ мах рьщчындоны амидæг кæндзыстæм æмæ æппæт дæр уыдзæннс йæ бынаты!—гуым-гуым кæны бæгъатыр Склян- кæ, Коготковы йæ къухтыл сисгæйæ.—Фæтагъд кодтай. -Фæлæ ницы кæны, афтæ дæр вæййы. Бæдæйнаг. 1955 аз. 281
Мугуты Хадзы-Мурат СОВЕТОН КОЛУМб фыццаг сæр „Зонадты Академийы зонд æмæ ахуырадон хайадмæ* „Фыссын уæм, Доны областы Нижне-Кубырлицкы рай оны, кусæг къласæн зынаргъ чи у, ахæм бынат кæй ссар- дæуыд, уый тыххæй. Уый ис Алексеевкæйы хъæуы ’цур, Зоевкæ æмæ Бурунты ’хсæн; ис дзы, социалистон пъланы иумæйаг масштабыл хъæууон хæдзарады экономикон эндус- триализаци райтынгкæнынæн чи фæахъаз уа, ахæм обæуттæ. Курæг дæн Зонæдты Академийæ, цæмæй ацы бынатмæ йæ хъус фæдара, уымæн æмæ уый у æнцонвадат бынат нефты æфтауцдон æмæ нефты хъуыддæгтæн. Уымæ йæ- хъус фæдардта ССР Доны совхозы кусæг Пузанков Иван.. Уый æппæт рæстæджы дæргъы дунейон масштабыл йæ хъус дары сæудæджерады хорз рæзтмæ. Æмæ сымах, зы- наргъ Зонæдты Академи, хъуамæ рацæуат æмæ фенат,. зæххы бын цы масштаб ис, уый, мах та хъуамæ саразæм ацы бынаты 1.000.000 хæдзарады. Курын уæ, цæмæй ма бафæстиат кæнат, уый тыххæй уæ реконструкци кæнын, цæмæй сымах саразат 100%-æй социалистон арæзтады тыххæй куысты ахадындзинад. Уæ минæвар, ноджы дæр æй нысан кæнын, Пузанов Иван Ко- линович, Доны хойраджы совхозы кусæг, Зонадты Акаде- мийы редакцимæ, кусынмæ рацæут. Æз нефтгуырæн куы ссардтон, реконструкцимæ гæсгæ, уæд мын райсом йæ* тæфæй мæ фындз æрбахгæдта, æмæ æз дæр батындзыдтон, цæмæй уый тыххæй фæбæрæг кодтаин Академимæ тагъд. 282
фыстæджы. Мæн фæнды, цæмæй уын уæ зæрдæ бахъæл- дзæг кæнон, фæлæ уæм фæхæццæ уыдзæнис, уый нæ зо- нын, уыцы бынæттæм æввахс мæ фындзыл цыдæр нефты тæфау ауади. Уæдæ афтæ, уым ис минералон къахинæг- тæ æмæ уыдонæй гæнæн ис æмæ стыхджын уа ССРЦ-ы. дунейон хæдзарад. Курæг уæ дæн, цæмæй фæстиат ма кæнат, фæлæ размæ цæуат Ленинон къахдзæфтæй Ленинъь тырысаимæ. Карл Маркс йæ томты куыд дзырдта, афтæ- мæй уый баххуыс кæндзæнйс дунейон буржуази ныббыр- сынæн. Стыр дзырдтæ рох кæнын нæ хъæуы, фæлæ сæ хъæуы æххæст кæнын. Ноджы ма уæ курын, цæмæй мæм тагъддæр хæццæ кæнат, уымæн æмæ ам мæ фæндоны фарс ничи хæцы æмæ мыл ничи дæр æууæндгæ кæны. Фыссы йæ И. Пузанков. Фыстæгкæсæджы цæстытæ ферттывтой, æмæ, размæ йæ был худæджы къуыпп ракæнгæйæ, дызæрдыггæнгæ йæ уæхсджытыл хæрдмæ схæцыдис æмæ йæ сæр банкъуыста./ Иæ фарсмæ секретарь аргъуцгæнгæйæ нычыр-чыр кодта æмæ æбæрæгæй сдзырдта: — Анекдот!.. Дыккаджы дæр Зощенко! Фыстæгкæсæг хъуыдыты ацыд, æмæ рæгмæ дзуаип* кæй лæвæрдта, уый фенгæйæ йæм секрет^арь хъавгæйæ бацыди, æмæ, стъолæй зылын-мылыихъæрнывтæй фыст бур- чъизи гæххæтт сисгæйæ, уый дæр аргъуцгæнæгау, фæлæ уынаффæгæнæг хъæлæсы хаттæй загъта: — Мæнмæ гæсгæ, Сергей Львович, ацы гæххæтт Смир- новмæ арвитын хъæуы. Раст у, нæ?—фæрсæджы каст ба- кодта уый фыстæгкæсæгмæ.-— Æцæг, йæ хъуыды, кæй зæ- гъын æй хъæуы, ницæйаг у, фæлæ амы адæм хъуырмæ- гæнæг æмæ мæстыгæр сты... Уæдæ куыд, контролы ми- нистрадмæ дæр, къулы газетмæ дæр æмæ „Правдамæ" дæр арвитын хъæуы. Æмæ ма, фыстæг портфелы авæргæйæ,. йæ ныхасмæ- æлхыскъæмхасæнæй бафтыдта: 28 а-
— Уадз æмæ Смирнов „йæ цæст фæдарæд дунейон мас- яитабмæ..." Æмæ сæ дыууæ дæр, сæ худæг ныхæстæ æмæ цы фыстæг райстой, уый æнахуыр æвзаджы хаттæй разы уæвгæйæ, хæлар худт бакодтой. Машинисткæтæ, канцылары хицау æмæ секретарь хъæлдзæгæй худтысты. Ноджы дæр та коллективон æгът дауæй бакастысты хи аразгæ, ссадæй ныхæст конверты уæвæг æнæхсæст фыстæг, æмæ дзы дæс копийы бæрц «систой, афтæмæй боны фондз сахатыл фæйнæрдæм фæ- цыдысты, семæ „дунейон масштабы кусæг, Пузанков Иван Калиновичыл рымысгæ ног „хиирхæфсæн" худæг æмби- •сонд ахæсгæйæ. Уый, уыдонæн æнæзонгæ чи уыди, Доньг уыцы дард æдзæрæг ран" . сæумæрайсом йæ фындзæй ра- гхатыди" нефты тæф... Смирнов, æрыгон æмæ къуыбырфындз лæппу, дыууын- аздзыд фæскомцæдисон, дыккаг бон правленийы сæрдары •æрбарвитгæ фыстæг райста, фæлæ йæ дыууæ иттæг зын- æ аххосаджы бакъуылмпы кодтой Иван Пузанковы зын- æвзарæн рæнхъытæ бакæсынæн. Фыццаг аххосаг уыдис Зонадты Академийы адрес, афтæ тынг дисы йæ чи баф- тыдта, уый. — Цæй тыххæй нæм æй æрбарвыстой,—йæ къухтæ -афæйнæрдæм кодта уын,—цæй гуымиртæ сты, бæрæг бæл- вырдæй куы дзырдæуы: „Зонадты Академимæ," зæгъгæ,— *æмæ, Пузанковы гæлхæрд фыстæджы æнæхъæн сыфыл сырх чернилæйæ резолюци æрывæргæйæ, афыста: „Фæстæмæ ^æрвыст æрцæуæд Зонæдты Академимæ, куыд махмæ рæ- дыдæй æрбарвитгæ фыстæг, афтæ." Дыккаг аххосаг та уыди уымæй зынгæдæр, æмæ хуын- ди Соня, Соничкæ, афтæ йæ хуыдта Смирнов цинтæ кæ- •ныны рæстæджы, æмæ йæм ныр уый, уыцы аххосаг, æн- хъæлмæ кæсы къæлидоры, цæмæй киномæ иумæ ацæуой, .уый тыххæй. Афтæ ацыди хъысмæтæй нысангонд хъуыддаг. Фыстæг разил-базил кодта Мæскуыйы уынгты, Зонæдты Академийы агургæйæ, Иван Калинович Пузанков, Доны хойраджы совхозы кусæг та, кæцыйы фæндыди ленинизмы -284
тырысаимæ, Буруны цы нефт ссардта, уый фæрцы дуне- йон буржуази ныббырсын, æнхъæлмæ касти -дзуаппмæ сæйраг горæтæй. Дыккаг сæр Хъуыддаг та уыдис афтæ. Иуæндæсæм июны рæгъаугæс Панченко æмæ^ хойраджы совхоз „Маяк революцийы" бæхгæс, Пузанков Иван Кали- нович, сæумæрайсомæй, растдæр зæгъгæйæ, боны цъæ- хæй, хæтыдысты Куржиняскы хохрагъы фæныкгъуыз, дым- гæчæ ихсыд фæзты æмæ морæгъуыз хæхты фæхстыл. Ныр дыууæ боны æмæ дыууæ æхсæвы дæргъы зылдысты ефсбæх Зорькайы агурæг. Ефсбæх уыди æвзонг, хорз мыг- гагджын, æмæ хъуамæ рæхджы цыдаид хæрзмыггаг бай- рагимæ, англисаг бæхтæарæхгæнæг Барбароссы ракæнгæ чи у, ахæмимæ. Уыцы бæх куы фесæфтаид, уæд уый уы- даид æвзæр æмæ мæстаг фæстиуæг бæхгæсæн дæр æмæ совхозы централон хæдзарады директор Кузнецовæн дæр. Директор мæты бахауди æмæ знæтзæрдæ Пузанковы, Зорькайы агурæг арвыста. Дзул, нард хуыйы фыды кæр- дих æмæ цалдæр хъæдындзы йемæ айста æмæ, йæ зонгæ^ рæгъаугæс Аким Панченкойы йæхицæн æххуыскæнынмæ æрхонгæйæ, Пузанков рарасти хæдзарады централон кæр- тæй. Уыдис изæрырдæм æмæ ныгуылæг хуры нымæг тын- тæ лыгъдысты быдыры сæрмæ. Игæргъуыз зæрæхсид къуылдымтыл æрцауындзæги æмæ сындæггай уырдыгмæ- цыди арвы кæронмæ. — Никуы зыыы... Йе счъил дысæй йæ хидæйдзаг ныхг асæрфгæйæ æмæ йæ фæстæцæуæг Пузанковырдæм фæ- зилгæйæ, цæхгæр загъта Панченко:—Цæуæм, æфсымæр, хæдзармæ! Нæй æмæ нæй! Сæ дыууæ дæр фæстæуæз бадтысты дæлæмæдзыд хъыр- гъызаг бæхтыл, æмæ æрмæстдæр бæхгæсæн саргъы бæс- ты йæ бæхыл уыдис бæхы рагъыл дæргъæй-дæргъмæ ды- вæлдах кæттаг голлаг, гæрзронæй бастæй. Пузанков ны- хъуси æмæ дзуаппы бæсты йæ даргъ сæгъы къах сыздых- та, æмæ, дыууæ хатты тамакойы хъыхъхъаг фæздæг 285-.
спъæртт кæнгæйæ, æнæнхъæлæджы феетъæлфыд æмæ йæ сæр батылдта. — Æз ам баззайдзынæн... Æнæ Зорысæ мын аздæхæн ыæй,--загъта уый,—-ам, æввахс иу зонгæ хъалмыхъхъаг цæры æмæ йæм цæй æмæ бацæуон, чизоны нын исты ба- уынаффæ кæна... Æмæ ма, бæхы сæрты тутæ кæнгæйæ, сабыр æмæ сыгъ- дæг зæрдæйæ йæ ныхасмæ бафтыдта:' — Ды та, Аким Степанич, фæстæмæ аздæх. Кæд æй сса- рон, уæд хорз, кæннод нæй, нæй æмæ дурæй хъæбæрдæр, аххос мæн фæуыдзæн... Уыдон фæхицæн сты, изæрдалынгтæ тынгдæр куы рай- .дыдтой, уæд. Сæ иу фæстæмæ хойраджы совхозмæ аздæх- ти, дыккаг та» ацыди, дардæй саудалынгæй чи зынди, уы- цы Куржимы ’рдæм, цыран цардис йæ хъонагъ æмæ йæ зонгæ хъалмыхъхъаг Байсун. Рæгъаугæс æрбаздæхти æхсæвы æртæ сахатыл. Цен- тралон цæрæнуат, æгас совхозы сæйраг нуар, фынæй кодта æмæ йыл фембæлдысты æрмæстдæр хуыссæгхъæл- дзæг куыйтæ сæ дæргъвæтин рæйдæй. Райсомæй, дирек- тер Кузыецов, тымбылгомау æмæ æууæндаг бурдзалыг лæг, куыддæр йæ машинæйы сбадти, афтæ йæм бæхдонæй рæгъаугæс ралæсти æмæ, директоры цæстытæм æфсæрм- дзастæй кæсæгæйæ, арф ныуулæфыди. Чысыл ма бахъæуа æмæ Кузнецов ферхæца: рæгъау- гæсы ныуулæфт æмæ йæ къæмдзæстыггъуыз гуырыконд афтæ аив уыдысы, æмæ дын куыд зæгъон. Æмæ кæд уы- цы уысм бынтондæр æмбæлон нæ уыди, уæддæр, чысыл ма бахъæуа, æмæ директор йæ мидбылты бахуда, Панчен- койы зыгуым æмæ хосæй æвдылд сæры хъуынтæм кæсгæ- йæ. Уый йæм æпæдзургæйæ бакасти æмæ йæ, рæгъаугæ- ’сы хъуыды зонгæйæ, афарста: — Ссардтай йæ? Рæгъаугæс æм йæ хуыссæгхъæлдзæг мæтъæл цæстытæ сыздæхта æмæ йый куыддæр æфсæддон лæгау загъта: — Нæй, нæ йæ ссардтоШ 286
Æмæ та уыцы æнæхъола дзырд æмæ рæгъаугæсы уæлтъæфылтæ æмæ æрфгуытыл цы хъæмпы хæлттæ уы- дис, уыдон Кузнецовы бахъæлдзæг кодтой. „Йæ сæр хъæшш уыди"...—аскъуыддзаг кодта уый æмæ йæ фидарæй бафарста, шоферæн цыдæр амонгæйæ: — Хъуыддаг мæгуырау у, æфсымæр, фесæфтай йæ, фæлæ йæ уаргæ та... Фæлæ уæдмæ машинæ йæ бынатæй феггуырсыди æмæ директоры цзырдтæ нал фехъуыста мæты бахауæг рæ- гъаугæс. — Æмæ мах та цы аххосджын стæм?—дис кодта уый, адардуæвæг машинæйы фæдыл кæсгæйæ.-—Уым мæ аххос цы у,— хъæрæй афарста йæхи æмæ, йæ къух атилгæйæ, логæй йæ уарзон хъæмпы абырыди. Хъалмыхъхъаг Байсун æмæ Пузанков цымдтой бæзджын, быдираг, хъæбæр, кæнæ та йæ ам куыд хонынц, ахæм „хъалмыхъхъаг" цайы æртыккæгæм агуывзæтæ. Фысымы цæрæнуат уыдис иу ныллæггомау къæс, хуымæтæг æмæ мæгуыр папитимæ. Уыдис дзы æрхуы æмæ æлыгон мигæ- нæнтæ, къаннæг æгтæ, æртыкъахыг фынг, тæккæ бацæуæ- ны та-— къона. Уымæнйæ алыварсрауа’й-бауай кодта уадул- джын Айся—Байсуны æмкъай. Фысымы чызг, иу цыппæр- дæсаздзыд чызг, цыбыр æмæ уæззау кардæй фысы фыд хæйттæ-хæйттыл лыгтæ кодта. Уый хъалмыхъхъаг бинон- тæ цæттæ кодтой сихор, сæхицæн дæр , æмæ сæ уазæ- гæн дæр. Уаты, се уæхсджытæ къулмæ банцойкæнгæйæ, нымæ- тын гауызыл бадтысты уазæг, фысым æмæ дыууæ хъал- мыхъхъаджы, сыхаг уатæй сæ зонгæ адæймагимæ аныхас- 'Кæнынмæ чи ’рбауади, ахæмтæ. Нæлгоймæгтæ дымдтой цыбыр æлыгын сурдымæнтæ, рæстæгæй-рæстæгмæ сæ кæ- рæдзийæн цыбыр биноныг æмæ чъынды хъуыдытæ дзур- гæйæ. Пузанков, йæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ Ставра- лолы æмæ Доны тыгъдбыдырты чи схъомыл ис æмæ æх- хуырстæй хъазахъхъаг хуторы чи цардис, уый хорз зыд- 287
та хъалмыхъхъаг æмæ ногъайаг æвзæгтæ, фæлæ æгъда- уыл фидар лæугæйæ ныхас кодта сабыр æмæ хæрзаивæй. Сæфт ефсбæхы ничи федта. Бæрæг уыди, лæг уадидæ- гæн, уыцы ранæй æндæрæрдæм кæй ацыди æмæ дзæгъæ- лы дыууæ суткæйæ фылдæр кæй фесæфта, Зорькæйы, кæм хъуамæ уыдаид, уым нæ агуырдта, афтæмæй. Фæлæ йæ къухы кæй ницы бафтыд, уымæй мæсты уæвгæйæ, Пузанков хъалмыхъхъæгтæн уæддæр йæ тыхст нæ рав- дыста æмæ сæфт ефсбæхы тыххæй ницыуал дзырдта* Æниу уый иттæг хорз уыдта, быгъдæг быдираг адæймæг- тæ йын йæ зæрдæйы уаг кæй æмбæрстой, æмæ йæ æр- мæстдæр бæхы тыххæй уæздандзинадæн кæй нæ рафæрс- бафæрс кодтой, уый. Ныхас кодтой алгъуызон хъуыддæгтыл. Райдианы дзырдтой цалдæр азы размæ цы дунейон хæст фæци, ууыл, НЕП-ыл, стæй уый фæстæ ныхас цьтд нырыккон тематыл: дзырдтой, фосы тыххæй, байтыдты тыххæй, совхозы тых- хæй æмæ къæвдайы фæдыл, иуылдæр афтæ æхсызгонæй цæмæ æнхъæлмæ кастысты. Уыдис райсомы дæс сахатмæ æввахс æмæ Пузанков аскъуыддзаг кодта, зæгъгæ, сихоры фæстæ, ома сахат, сахат æмæ æрдæдяш фæстæ, фысы фыд æмæ бас бахæргæйæ, фæстæмæ совхозмæ ацæудзæнис æмæ йын кæд директор бар радта, уæд райдайдзæн уыцы æл- гъыстаджы ефсбæх агурын, бынтондæр æндæр ран, Став- раполмæ æмæ теркаг хъазахъхъæгтæм æввахсдæр ба- цæугæйæ. Сæнар уыдис умæл. Хус хæмпæлгæрдæджытæ йын йе- мæ æндзæрстой, фæлæ уæддæр фæздæг кодта æмæ нæ сыгъди. Фысым сылгъыстытæ кодта æмæ мæстыгæрæй Айсæмæ бакасти. Æфсин æнæдзургæйæ фæзылди æмæ, къуымгæронæй цъæл æлыгын хъуырау райсгæйæ, хæдза- рæй рацыди. Минуты фæстæ та ногæй мидæмæ. бацыди, æмæ, нæлгоймæгты фæрсты æрзилгæйæ, хъуырауæй зын- джытыл, гæзæмæ мынæг умæл сæнæрттыл. æркодта сау, тæфгæнаг æмæ бæзджын тæнгъæд. Уый уыди нефть. Уый сау æрттиваг пъæрайæ лæууы- ди артыл, æмæ иу дыууæ уысмы фæстæ ^æнартæ фæздæг калгæ ныссыффытткодтой æмæ стæй æмгурæй ныггуыпп 288
кодта æрттиваг, сыгъзæрингъуыз арт. Айся ма дзы бап- пæрста иу цалдæр сæнары, Бейсуны чызг та уæларты сывæрдта бæрзонд аг дон æмæ фыдызгъæлимæ. Йæ фæрс- тæ йын уайтæккæ арты цыргъ æвзæгтæ стæрдтой. Пузанков йæ дзыхæй сурдымæн райста æмæ æнæнхъæ- лæджы уырыссагау афарста: — Кæм уын уыди ацы мазут? Фæлæ уадид ахъуылы кодта æмæ йæ хъалмыхъхъагау афарста. Йæ фарстæн ын сæ иу, кæдæмдæр, фæрсырдæм йæ къух атилгæйæ, дзуапп радта: — Мæнæ ам, гъе... Нæ фарсмæ, цасдæриддæр дæ хъæуы! Уæд фысым дæр æмæ иннæ хъалмыхъхъæгтæ дæр сæ сæр разыйы тылд бакодтой: — Уый раст у. Афæдзы размæ нæм нæ уыди, фæлæ нæм æрæджы фæзынди... Нырыонг æнæдзургæйæ лæууæг æфсин та, йæ фæл- мæцыд цæсгомыл хæрдмæ схæцгæйæ, йæ фæздæгæй сырх цæстытимæ, нæлгоймæгтæм æнæфæкæсгæйæ, загъта: — Бирæ дзы ис... Дæс, дыууын уæрмы дзаг дзы уы- дзæни... Уадидæгæн цыма йæхи сæрмагонд уæндондзинадæй фæтарсти, уыйау йæ цæстытæ аджы фыцгæ æмæ фынчы- тæ калгæ донмæ фездæхта. Иван Калинович уыдис цъус ахуыргонд адæймаг, фæлæ уыди æмбаргæ æмæ, йæхæдæг куыд дзырта, афтæмæй „бæзджын зонды хицау". Æндæр, ахуыргонддæр æмæ ак- тивондæр адæймæгты хъусдардæй иппæрд чи уыди, бирæ ахæм хъуыддæгтæ йын æнцой нæ лæвæрдтой, тыхсын æй кодтой. Æрмæстдæр æрæджы, ас адæймагæй кæсын-фыс- сын базонгæйæ, уый тырыыдта газеттæ кæсынмæ, æмæ-иу алы хатт дæр, куыддæриддæр-иу йæ къухмæ бахаудта „Правда", „Молот", кæнæ та æндæр газет, афтæ-иу æй биноныгæй сæрæй кæронмæ бакасти, йæ зондахасты-иу, тынгдæр цымыдисдæр бынæттæ нысанкæнгæйæ. Æмæ ныр, кæд æй фæстæмæ совхозмæ ныздæхын хъуыди афтид ар- мæй, æмæ, чи зоны, исты ахæм æфхæрд байнафыыæй тарс- 19 289
тй, уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ, йæ зондахасты сывзæр- дис æмæ ныффйдарис иу хъуыды. Нефты, зынаргъ æмæ бæстæйы æнæмæнг чи хъæуы, уыцы нефты тыххæй уый бирæ хæттыты бакастис нæ сæудæджеры зонæнты. Фондз- азоны чи хъуыдис, æмæ хицауадæн нырма зындгонд чи нæу, уыцы нефть лæууыди йæ фарсмæ, зæ’хх гæрста, аф- тæмæй, æмæ йæхи тыххæй дзырдта... „Гъей, хъалмыхъхъæгтæ! Æйтт кæнут, зынаргъ хæ- лæрттæ!—февзæрдысты йæ сæры уыцы дзырдтæ.—0, буз- ныг сымахæн!" Æмæ, æргомæй быдираг æгъдау халгæйæ, уый æнæн- хъæлæджы сыстади æмæ, фысымы чъылдым йæ армы тьæиæнæй æрхойгæйæ, цæхгæр загъта: — Цæй-ма, æфсымæртæ, æйтт кæнæм!Ацæуæм нефтмæ. Æцæг дæр дзы уыдис фаг нефть. Æнæнхъæлæджы нефть байгомыл чи бацин кодта, уыцы Пузанковы цас фæн- дыди, уый бæрц бирæ нефть дзы нæ уыдыс, фæлæ уæд- дæр авд къаннæг сау цъайы æд æрттиваг бур—цъæх- гъуыз тæнгъæдимæ сæхицæн хæрдмæ фæндаг гæрстой фæ- ныкгъуыз бьтдыры. Нефть кодта тыхджын, хицæнгъуыз тæф æмæ цъайы алыварс зæхх иууылдæр ахуырст уыдис сау, сойдзыд пъæрайæ. Æгæрыстæмæй, хæмпæлгæрдæг æмæ фæлдæхт, хус хæмыцы ряхи дæр уыдысты сау, гæ- зæмæ бураив. Цъайтæм æввахс цъиузмæлæг дæр нæ уыди. Æрмæстдæр фалдæр уæгъдуадзæнæй хызтысты хъуццыты рæгъау æмæ иу цалдæр сахсæнджын бæхы. Пузанков цъайы сæрмæ йæхи æруагъта. Тыхджын æмæ карз тæф ын йæ фыпдз цавтой, æмæ бæхгæс, йæ цæстытæ бацъынд кæнгæйæ, хъæлдзæгæй йæ мндбылты бахудтис, йæ циндзинад ын чинæ æмбæрста, уыцы дисгæнæг быди- рæгтæм.. — Цæй, фенынмæ уал, хæлæрттæ, цалынмæ... Æмæ фæхъыг, фысымы протестмæ æнæкæсгæйæ, йæ урс бæхмæ сгæпп кодта æмæ цæрдæг фæстæмæ, совхоз- мæ ауади, аджы фыцгæ фысы фыд æмæ йæ фæдыл хъыгкæнгæйæ йæ сæр чи æнкъуыста, уыцы Байсуны фæстийæ ныууадзгæйæ. 290
Æртыккаг сæр Зорькайы ссардтой æнæнхъæлæджы æмæ æнцонæй. Бьь дыры алыварс æрзилынмæ ацæугæйæ, Кузнецов, изæры- рдæм, рухс ма уыди^ афтæмæй фадыгæй æрбаздæхти аг- рономы экипажимæ. Йæ бæхуæрдоны фæстæ хъæлдзæгæй дугъ кодта æвзонг, тъæпæнфарс ефс бæх. Уый агроном ссардта Мæздæджы тыгъдбыдырты арæныл, совхозы дард фадыджы. Кузнецов, тыллæджы хъæзныг æвзартæ, рай- дзаст июны бон æмæ Зорькайы æнæнхъæлæджы ссардæй райгонд уæвгæйæ, уыд хъæлдзæг æмæ йæхимæ æнкъард- та тыхджын, уæнгтæроггæнæг æвзонгдзинады хъару. „Æниу мыл цыппор азæй фылдæр куы цæуы",— раст цыма йæхи азтæ нæ, фæлæ æндæр искæйы азтæ æрымы- - сыди, уыйау хъуыды кодта. Йæхиуыл дис кодта, зæгъ- гæ, йемæ дæларм-уæларм цы цард цыди, уый лыгъди æвæллайгæйæ, сæппдугъæй, уыцы цыппор фондз азы æнæ- бафиппайгæ æмæ цæрдæгæй рацæугæйæ, афтæ, куыддæ- риддæр лыгъдкс бæхуæрдоны фæстæ, хъазаг æмæ хъæл- дзæг ефебæх. „Цыппор азæй фылдæр!" — ногæй та сфæлхатт. кодта уый, быдыртæм фæстæмæ фæкæс-фæкæс кæнгæйæ æмæ та рахатыди хъæзныг цъæхцъæхид мæнæутæ, быдыры сыгъ- дæг æмæ æхсызгон тæф, æмæ царды хъæддых æнкъары- над, стæй бæхуæрдоны фæстæ гæпнытæгæнæг Зорькамæ фæстæмæ фæкæсгæйæ, фæлмæн æмæ хæлар хъæлæсæй сдзырдта: — Цæй-ма, рæсугъд бæх! Æмæ, бæхы рохтæ суæгъд кæнгæйæ, йæ тых йæ бонæй базарыди: Куыд кодта мæн ныййарæг мад фæндараст... Иу сахатмæ, директоры æрцыды фæстæ, бынтондæр • куы æризæрмилтæ ис, уæд та æрбацыдис бæхгæс ’ Пузан- ков. Фæллад æмæ хидæйдзаг уырс бæхы кæрты аралас- балас кодта, стæй йæ бæхдонмæ бакодта. Хъæбæрхор чи æууылдта, уыцы Зорькайыл хæрхæмбæлд куы фæци; уæд фæдисау ис, фæлæ тынг нæ... — Разынди, бирæгъты холыйаг!—рогæй сдзырдта бэех- гæс æмæ, йæ фыидз асæрфгæйæ, цыхцырæгмæ йæхи æхсын- 291
мæ бауади. Йæ цæсгомыл зындис фæллады нысæнттæ. Йæ къæхтæ æмæ йæ фæсонтæ, зынвадат æмæ бирæ рæстæг- мæйон цыды фæстиуæджы, къуырма рыст кодтой. Æхсæ- вæр бахæрыны фæстæ Кузнецовмæ арасти. Уый бадти парторг Курц æмæ агроном Благоимæ. Се ’ртæ дæр цай цымдтой æмæ сæ кæрæдзиимæ хъæддыхæй быцæу кодтой. Уым чи нæ уыдис, ахæм кæмæндæр фæсфæдмæ уырнын кодтой, зæгъгæ, фыццаг хатт ацы хус мæры еуу куы> байтауæм, уæд уыдзæнис лыстæг æмæ æнæпайда. Уыцы,! хъуыды уæлдай фидардæрæй дзырдта агроном Благой.. Пузанков, Кузнецовы фарсмæ бандоныл æрбадгæйæ, хъуыс-- та, аграномы дзыхæй дзырд „æнæ-р-рентабелон" мæсты-- гæр æмæ тызмæгдæрæй куыд къæр-къæр кодта, уымæ. „Растдæр диакъонау богъ кæны",—ахъуыды кодта Пу- занков, фæлæ ног дзырд йæ зæрдæмæ фæцыди, æмæ уыйл дæр, чингуытæ æмæ зондджын нæмттæ уарзгæйæ, аскъуыд- дзаг кодта уыцы дзырд йæ зæрдыл бадарын, æмæ уый; фæстæ, улæфты рæстæджы та партион æмбал Курцы,, уый цы нысан кæны, уымæй бафæрсын. Быцæугæндлштæ дзурынæй куы бафсæстысты, уæд: Кузнецов Пузанковмæ бакасти æмæ, цыма нырма йæ зæр-- дыл еныр æрлæууыди, уыйау æй хинæйдзаг фарст акодта:: — Цæй-ма, цы зæгъдзынæ, агурæг æфсымæр? Зорь- кайы куы ссардæуыд. Ды æрмæстдæр сафынмæ дæ* дæсны... Пузанков директоры хъыгаг ныхасмæ кæронмæ нал байхъуыста, афтæмæй æнæуæлдай радзур-бадзурæй йемæ сразы ис: — Ссардтам æй, уыцы тæлтæджы... Бирæгъты амæттаг æрбауа! Директормæ æввахсдæр бацыд æмæ сæрыстырæй? загъта: -тгМихаил Митрич, зоныс, æз дæм цы хъуыддаджы тых- хæй æрбацыдтæн... Уæд’æ афтæ, быдыры Зорькайы агурæг куы зылдтæн, уæд иу хъалмыхъхъагмæ бауадтæн... Мæ- зæронд хæлар у. Авд азы дæргъы хъонагътæй цæрæм.,1 0, о! Мæ ефс бæх агурынмæ йæм бауадтæн, фæлæ хъуыд-- даг æндæргъуызон рауади, æфсымæр... 292
Æмæ, æввахсдæр бацæугæйæ, хъæрæй æмæ знæтæй ;директорæн йæ тæккæ хъусы бадзырдта: — Хъалмыхъхъæгтæ нефть ссардтой... Ардыгæй иу . æстай, науæд иу æвдай фондз версты уыдзæнис. Ард дын хæрын, раст зæгъын! Зоныс, Куржимæй Сухой- Балкайыл • комкоммæ куы ацæуай, уæд къуылд&мтьг фæстæ... Уым . дæ галиу къухырд’ыгæй уыдзæнис змисмæр быдыртæ, дæ •рахиз къухырдыгæй, арыхъхъы фæстæ та—нæудзармзæхх. Æмæ ууыл, уыцы нæудзармыл та нефть бынæй уæлæмæ . абухгæ кæны... Адæмыл йæ цæст ахаста æмæ йыл, цыма • кæй нæ бау- уæнддзысты, уымæй тæрсгæйæ, иттæг тагъдæй æмæ зæр- дæбынæй радзырдта: — Кæд дæ нæ уырны, Михаил Митрич, уæд, цæй æмæ <мах иумæ сом райсом уæртæ уыдонимæ,—йæ амонæн æн- гуылдзæй агроном æмæ Курцмæ ацамыдта,— уырдæм ацæ- ^уæм. Ардыгæй дард нæу... Комкоммæ цæугæйæ æхсай версты дæр нæ уыдзæнис... Ис ахæм адæймæгтæ, сæ бон дзурын æмæ семæ ныхас- гæнджытæн исты бауырнынкæнын кæмæн- нæу; ахæм адæймæгтæ, кæцытæн æрдз нæ радта курдиат, цæмæй :уыдаиккой уæзгæ, дзырддзæугæ æмæ разыгæнаг, æгæр- стæмæй, сæхæдæг иттæг раст’ куы вæййынц æмæ цы хъуыддагыл фæдзурынц, уый дæр авторитетджын,- уыр- * нинаг æмæ раст куы вæййы, ахæм рæстæджы. Æмæ уый ^уыдонæн сæ азар у, уымæн æмæ, æгæрыстæмæй, иуыл уырнинаг раст ныхас дæр, кæд æмæ загъд цæуа æнæ- ныфсхастæмæ зынæмбарæн ныхасы хаттæй, уæд уый сафы йæ тых æмæ йæ цыргъдзинад, нæ бауырны ныхасгæнæ- ^джы алыварс уæвæг адæмы. Афтæ^уыди хъуыддаг ам дæр. Директор, нырма агро- номимæ карз**æмæ дæргъвæтин быцæуæй чи нæ рынцади, уый гæзæмæ /хъуыста бæхгæсы хæццæ, гуызавæгæнæг •ыыхасадæ, æмæ ма йæм, æгæрыстæмæй, афтæ дæр фæкас- ти, цыма Пузанковæн бæх агурыны хъуыддаджы кæй ницы бантысти, уымæй къæмдзæстыг уæвгæйæ, раст нæ загъта æмæ; зæгъгæ, нефть фæзынды тыххæй барæй гæды . ныхæстæ æрымысыди. Директоры сæры та уыцы хъуыды 203
уæлдай тынгдæр.ныффидарис, Пузанков дзы хæццæ-мæц- цæ дзырдтæй куы куырдта райсомæй тыгъдбыдырмæ - нефть уынынмæ ацæуыны тыххæй æмæ, фыццаг кæй загъ- та, уыцы æстай версты æхсай версты онг куы фæкъаддæр > кодта, уæд. — Фæлæу-ма, фæлæу!—бæхгæсы фæуромгæйæ, хъæбæ- рæй загъта Кузнецов.—Цæмæн хæццæ кæныс дзырдтæ,. куы æстай зæгъыс, куы таæхсай, æмæ дыууын версты та* цы фæкодтай? Оæ дыууæйæ иу хъуамæ уа—кæнæ æстай,. кæнæ та æхсай. ■—Æз дæр афтæ куы зæгъын, зæгъгæ, комкоммæ хъæ-- уы цурты цæугæйæ... — Æмæ йæ ды дæхæдæг федтай æви дын æй хъалмыхъ- хъæгтæ æрымысыдысты?—бафарста йæ Курц. — Федтон,—йæ сæр тилгæйæ дзуапп радта бæхгæс,— авд цъайы дзы ис, ахæм дзыхъхъытæ дзы ис æмæ дзьп афæдздзыд дыгæрдыг дæр фæдæлдон уыдзæнис. — Æвæццæгæн сывæдæг нефты гуырæнтæ сты, — ныхасы йæхи фæхæццæ кодта агроном. — Афтæ вæй- йы. Уралы ’дæр афтæ уыди. Фæлæ мæнæ Ставраполы тыгъдбыдырты тыххæй ницы фехъуыстон,—йæ къухтыл* фæйнæрдæм ахæцыди уый. Кузнецов дæр йæ фарс рахæцыди. — Æз мæхæдæг Колачаг дæн, Дойны зæххы тугæй, мид- хæсты Буденнимæ æнæхъæн Хуссарыл бæхыл æрзылдтæн,. Мæздæгæй æнæхъæн Ставраполы зæххыл, суанг Ягорлы- кы онг цыдтæн, фæлæ нефты тыххæй ницы фехъуыстон,— загъта уый æмæ дызæрдыггæнгæ йæ сæр банкъуыста. Бæхгæс æм фæхъыги. — Æмæ кæй ницы фехъуыстай, уымæн æз цы бакæ- нон. Афтæ дæр вæййы, адæм цæрынц æмæ сæ цард-цæ- рæнбонты эропланьГ тыххæй ницы фехъусынц... Уæдæ- дæумæ гæсгæ с æ иу дæр æмæ сеннæ дæр нæй... Нæ, ис дзы: Ис дзы нефть... Гъемæ, уæдæ, æз сайгæ кæнын, мыййаг? Кæд æй ничи фехъуыста, уæд уымæн цы< бакæнон, æз æй мæхæдæг федтон мæхи цæстæй, фæлаа.* йæ уæды онг æз дæр никуы фехъуыстон... 294
Æмæ афтæ хъуыдыкæнгæйæ, ома мыл директор бау" уæндыд, уый ногæй хатæгау æмæ хатыркурæгау загъта: — Афтæ уæд, Михаил Митрич, цæй æмæ сом райсом ацæуæм! Чи зоны æмæ ахæм хъуыддагæй бæстæйы эндус- триализаци æнæхъæнæй æндæрырæм фæзила!.. Гæнæн уыди æмæ уыцы уысм директор йемæ сразы уыдаид, фæлæ йæ Пузанковы фæстаг æнæхъола дзырдтæ æрурæдтой, агрономы æлхыскъæмхасæн мидбылхудт та^ йын ноджы тынгдæр бауырнын кодта, зæгъгæ, нефть, кæнæ та, растдæр зæгъгæйæ, нефты тыххæй дзæнгæда цæгъ- дын мæнг ныхас у. Æмæ бандонæй стгæйæ фидарæй загъта: — Ныридæгæн ссыгъдис. „Сом райсом!" Æмæ быдырмæ, МТС-мæ, цæхæрадæттæ рувынмæ, бригадирты кондадон æмбырдмæ та чи хъуамæ ацæуа? Мыййаг ды ацæудзынæ, æви цы? — Æмæ изæры та дунейон уавæры тыххæй доклад!— æрымысыди йын æй Курц, уый дæр йæ бынатæй астгæ- йæ, æмæ, Пузанковы уæхск хæларæй æрцæвгæйæ, загъ- та.—Ницы кæны! Маст ма кæн. Иу цыппар боны фæстæ куыстæй равдæлон уыдзыстæм æмæ уæд афардæг уыдзыс- тæм дæ промислæтæм, Советон Колумб! Æмæ, ныхъхъусуæвæг Пузанковмæ сæ мидбылты худ- гæйæ, уырдыгмæ æрхызтысты, уый иунæгæй балкъоныл фæуадзгæйæ. Бæхгæс дæргъвæтин хæрзбонгæнæг цæстæнгасимæ сæ фæдыл кастис, стæй йæ чъизи худ систа æмæ цыбырæй. загъта: -Хо-рз! Æмæ, фондз сардзины бæрц ацæугæйæ, æрымысыди Курцы ныхæстæ æмæ дисгæнгæПæ, ногæй сдзырдта: — Советон колун... Колун, цымæ цæмæн зæгъы? Гуызавæгæнгæ йæ къухтæ афæйнæрдæм кодта, æмæ ныр йæхимидæг, мæстыгæрæй загъта: — Колун!.. Уæхиуыл уын ахæм сугтæ кæнæн фæрæтæй, уæ сæртыл куы ’ркалин! Хæйрæджытæ! 295
Æхсæвы къæвда ньгууарыди. Раст зæгъгæйæ, уый уыди тæрккъæвдаæрвнæрды æнæбанцайгæ гæрæхтимæ, арв- æрттывды цæстытæкъахæг æрттывтытимæ, сызнæтуæвæг доны лæсæнтимæ. Кузнецов мæты бахаудта æмæ нæ фынæй кодта суанг райсоммæ. Йæ тыхст фæлгæнæны уый уыдта ссæст, зæх- хыл фæлдæхт æвзартæ, быдырты дæсгай верстытæ чи ай- тынгис, уыцы дзаджджын цъæх-цъæхид æгæрон денджызы мæнæуты æвзартæ. Æрвырттывдтæ ауæдзтæ арæзтой арвы тар æгæрон сау хуыз. Тæвд, цæхæркалæг фаттæ хæлдысты æмæ сас- тысты бæрзонд ран, цæсты фæныкъуылдмæ-иу къæвдайæ дымст, хуылыдз æмæ скъуыдтæ зæхх ныррухс кодтой, афтæмæй. „Их уæддæр куы нæ уаид... Их уæддæр куы нæ уаид,— хъуыды кодта директор, лæмбынæгæй знæт, барц слæу- уæг æхсæвы тармæ лыстæг кæсгæйæ. Æмбæрзæндурæй астæрд уæлхæдзарыл цъыкк-цыкк- гæнгæ уæззауæй дугъ кодта тæрккъæвда, рудзгуытæ зы- лын-мылын, сæх-сæхгæнаг доны пырхæнтæй æхсгæйæ; Пузанков райхъали уазалы æмæ знæт бæхты мыр- мырмæ. — Н-но! Хивæнд митæ ма кæн, хæйрæг, —нæма йæ зыдта, бæхтæй кæцымæ фæхъæр кодта, уый, афтæмæй, уæ- лæмæ йæхиуыл схæцгæйæ, айхъуыста дуармæ гыбар-гы- <5ур æмæ æвæтк хъæлæбамæ. — Къæвда. Уыныс, цæй тыхдлшн къæвда у. Йæ ком айвæзта, хъуамæ та схуыссыдаид, фæлæ гы- бэр-гыбур æмæ арвæрттывд афтæ тыхджын уыдысты, æмæ- ну, æгæрыстæмæй, æрдæггом дуары нарæг зыхъхъырæй иу уысммæ лæджы цæсгом, бæхты бынат æмæ сæхи къул- мæ балвасæг тарст бæхты ныррухс кодта. — Дон хъаймæт,—аскъуыддзаг кодта бæхгæс æмæ, скъæты дуармæ фæкæсгæйæ, цырагъ ссыгъта, дуæрттæ æнгом сæхгæдта æмæ йæм рæвдаугæйæ йæ цæст цы бай- раг дардта Къерзон, зæгъгæ, уый ногæй хосыл æрхуыс- сьтди æмæ бафынæй. 296
Райсомæй администраци уыди быдырты æмæ Пузанков Курцьг, директоры æмæ аграномы тыхст цæсгæмттыл фед- ’та, ныртæккæ кæй ссардæуыди, уыцы нефтыл дзурыны рæстæг кæй нæу, уый. Активист, фæскомцæдисон Шугай, æмбисбон тракторты тыххæй быдырæй фæтæгенмæ æр- цæугæйæ, райдианы цымыдисæй хъуыста Пузанковмæ, фæлæ куы федта, зæгъгæ, автобак æртагæй байдзаги, уæд матор скусын кодта æмæ ма йæм фæндагæй рахъæр кодта: — йзæры кæд æрыздæхон, уæд мын æй æнæмæнгæй кæронмæ радзур... Пузанков, йæ ныхас æрдæгыл фæуадзгæйæ, акасти, чи ацыди, уыцы автобакы фæдыл æмæ, йæ фондз æнгуыл- дзæй йæ къæбут аныхгæйæ, амбулатормæ арасти. Уым уы- дис фельдшерица Грольман, кæддæриддæр æм зæрдæхæ- ларæй æмæ табицгæнгæйæ чи касти, уый. — Зоныс æви нæ; æмбал Пузанков,—бæхгæеы радзырд- мæ байхъусгæйæ, загъта фельдшерица, æнæмæнгæй нæ къулы газетмæ ныффыс’с, уыцы нефть кæм æмæ куыд ^сардтой, уый тыххæй. Иу къуырийы фæстæ рацæудзæ- нис ног номыр;æмæ дын дæ уацхъуыд уым бакæндзыстæм. Пузанков ныуулæфыди æмæ фæллад, æнæразыйы цæс- тæнгасæй ныхасгæнæгмæ лыстæг бакасти: — Уый дæр къуырийы фæстæ, æмæ нефть та уым лæу- ^уа? Чи зоны æмæ тагъддæр гæнæн ис?..—-лæхстæгæнæг цæстæнгасæй бакасти фельдшерицамæ. — Ой, мæ хур, ницы дзы рауайдзæн, кæд æмæ йæ иу къуырийы фæстæ рауадзæм, уæд уый дæр æнтыст у. Зо- ныс, мах неппæт дæр куыд æнæвдæлон стæм, уый? Редкол- леги иуылдæр быдырты сты. Хаттæй-хатт къуыригæйтты нæ кæрæдзи нæ фенæм,—йæ сæр мастгæнæджы тылд ба- ’кæнгæйæ, æрмæстдæр йæ газетыл хъуыдыгæнгæйæ, ныфс- джынæй загъта:—Нæй зæгъ, къуыри фæстæ нæ бон нæ -бауыдзæн... „Иуырдæм ахъуыдты ут!"—æнæнхъæлæджы мæстыйæ ^ахъуыды кодта Пузанков æмæ тарæрфыгæй, дисгæнæг, йæ маст ын чи нæ æмбæрста, уыцы фельдшерицайæ иуфарс . алæууыди. 297
Уадидæгæн айсæфти, уый уымæн цахæм аргъ кодта,, уый. Фæстæмæ дæр нал фæкастис, афтæмæй даргъ шмæ- тагъд санчъехтæ кæнгæ сæхимæ арасти. Мæнæутæ уыдысты æнæхъæн, æмæ тæрккъæвда æвзрнг æвзарты нæ баджиздардта, æрмæст сæ чысыл цы ныссæста,. уый йедтæмæ. Фæлæ та сын æрттиваг хур æмæ райдзаст дымгæ ногæй сраст кодтой сæ хъандзал зæнгтæ æмæ* сæрвасæнæй ныффасæгау ныффастой æвзонг мæнæуы хъал* æмæ къæбæлдзыг цъæх сыфты. Изæры фæллад, фæлмæцыд, йæ къæхтыл ма зынæй: чи лæууыд, фæлæ амондджын уæвæг Кузнецов куы рыз- дæхти, уæд ыл йæ хæдзары цур æппæты фыццаг фем- бæлди бæхгæс Пузанков. — Михал Митрич, Михал Митрич,—рыгæйдзаг маши- нæйæ тых æмæ фыдæй чи æрхызти, уыцы директормæ йæ* хи баппаргæйæ, загъта бæхгæс. . Кузнецов, Пузанковы мæтгæнæг æмæ гуызавæгæнæг- хъæлæсы хатт фехъусгæйæ, æмæ уый тæсæй цы цæхæр- кал цæстытæ ныдздзагъыр кодта, уыдон уынгæйæ, йæхи- рдыгонау бамбæрста, стæй, йæ хъуыдыты ацæугæйæ, цин- гæнгæ йæ къух фæтылдта æмæ хæларзæрдæ, хъæлдзæг- хъæлæсæй загъта: —Мæт ма кæн, æфсымæр! Æппæт дæр йæ раны ис... Иу æфсир дæр нæ бабыни! Иу ран æрлæууыди, бæхгæсы фæлмæцыд, хъизæмай- раг цæсгом уынгæйæ. — Æз дæ уымæй нæ фæрсын, Михал Митрич! Уый тых- хæй сихоры размæ фехъуыстон, Шугай æрцыди... Дзырд- та мын...—æрхæцгæйæ, æнæтыхстгъуызæй сдзырдта Пу~ занков,—æз дын айразмæ цы дзырдтон, уый зæгъын... Нефты тыххæй... Сом райсом æм ацæуæм, зæгъын... фенæм, æй... Кузнецов, æгæрыстæмæй, фæстæ алæууыди, æмæ уа- зал, афтид цæстæнгасæй бакасти, чи ныхъхъуси,. уыцы <Лузанковмæ. Уый фæстæйæ сæр банкъуыста, иннæрдæм* 298
фæкасти æмæ, фергъуыйаууæвæг бæхгæсц цурты рацæу- гæйæ, уазал зæрдæйæ æнæбары афтæ бакодта: — Æнæхъæн совхоз æрмæст ууыл хъуыды кæны, мæ- нæутæ цæмæй ма бамбиой, ды та мын сæнттæ цæгъдыс... Æмæ йæм тарæрфыгæй чи касти, уыцы Пузанковы уæх- ечы сæрты кæсгæйæ, мæстыгæр æмæ хицауы хъæлæсы^ хаттæй сдзырдта: — Уый бæсты бæхтæм хуыздæр куы зилис. Хæйрæг æй базонæд, дæ бæхтæ цæй хуызæн еисты. Дæ бæхдон бæхдон нæу, фæлæ балаган у. Пузанков сагъæсгъуызæй загъта: — Балаган... Æмæ йæ сæрыл дæр уæлæмæ нал схæцыди, афтæмæй бæхдонмæ ацыди. Сахаты фæстæ Иузанковы æвидыц пъеройæ ныффыс- тæуыдис, нæ радзырды райдианы къанцылары хицау æмæ машинисткæтæ кæй кастысты æмæ сæхи хъæлдзæгæй кæ- уыл ирхæфстой, тæккæ уыцы фыстæг. Бæхгæс дыууæ хатты ногæй бакасти, цы ныффыста, уый, æмæ, æвæццæгæн, фыстæджы мидисæй райгондæй баззайгæйæ, хъæлдзæгæй йæ мидбылты бахудти, æмæ бæз- джын хаххæй мыггаг „Пузанков" фæнысан кодта, афтæ- мæй фыстæг баныхæста. Иу уысм, иу ран алæууыди æмæ стæй, цыдæр аскъуыддзаг кæнгæйæ, конвертыл афыста: „Мæскуы, Сæйраг Академийы зонд æмæ ахуырадон хайад- мæ". Уæндонæй дзырд „Академийы" дамгъæ „еа „э"-йæ сраст кæнгæйæ, йæ цæсгом аздæхта, нывыл хъæбæрхор чи æууылдта, уыцы Керзонмæ æмæ йын, йæ армы тъæпæ - нæй йæ чъылдым æрцæвгæйæ, цæхгæр загъта: — Федтай, æфсымæр, Курц æмæ Кузнецов цы сæлхæр митæ кæнынц. уый. Цыппæрæм сæр Мæнæутæ лæджы æмбæрц фæцыдысты. Арæх къæвдатæ æмæ уый фæстæ та иугъæдон тæвд бонтæ æфсир рафта- 299-
уын кодтой, ныйнæрстысты сопджын æмæ ставд мæнæуы нæмгуытæ. Совхозы цард цæджджинагау фыхти, адæм та, цыма хæсты цыдысты, уыйау змæлыдысты. Тыл- лæг æфснайыны рæстæг кæй æрыввахси, уый адæмы тых- сын кодта. Цалцæггæнæн æрмадздæтты сæумæрайсо- мæй изæрмæ куынцгæмттæ цæхæр адмæ фæздæг калдтой. Æфсæйнагцæгъдджытæ æмæ слесыртæ гуыпп-гуыпп код- той, хъæууон хæдзарадон машинæты деталтæ фæлвæрд- той, лæгъз æмæ сæ раив-баив кодтой, цагътой сæ. Горæт- тæй адæм æрцыдысты æмæ уадидæгæн быдырмæ араст сты. Æфтауцдæтты фæзынди мингайафтид асыччытæ æмæ голджытæ. Къулы газетты æмæ æмбырдты дзырдæуыди æрмæстдæр ног тыллæг æфснайыны тыххæй æмæ тыллæг дзæгъæлæй фесафыны ныхмæ тохы фæдыл. Партийы ди- рективæ æнтысгæйæ куыстгонд цыдис совхозы кусджыты æхсæн. Сæумæрайсомæй суанг изæрмæ- зæлланг кодтой, централон хæдзарад горæтимæ æмæ быдыртимæ чи иу кодта, уыцы телефонтæ. Кыдырты ныридæгæн адæм дæс- гай къордтæй æрлæууыдысты, бур-бурид, кæрдинаг мæ- нæутыл сæхи ныццæвыны тыххæй бардзырдмæ æнхъæл- мæ кæсгæйæ. Кузнецов æмæ Курц цыппæргай суткæты сæ хæдзæрт- ты нæ уыдысты, сæ рæстæг иуылдæр æрвыстой совхозы алы æмæ алы фадгуыты. Аграномтæ быдырты рацу-бацу кодтой æмæ ма æрмæст æнæзмæлгæ комбайнтæ, трактортæ æмæ виндроуертæ, нырма сомбоны штурммæ дардæй кæс- джытæ, сæударæй зындысты, кусджытылагерты урс цъæх бын лалаткæты сæрты кæсгæйæ. , Кузнецовы хидæйдзаг, хурмæсыгъд æмæ рыгæйдзаг цæсгомыл зындис циндзйнад, æмæ иубон куы уыдис, уæд уый чъизи, пыхцыл сæрæй æмæ рыгæйдзагæй,. æнæда- ■ стæй совхозы кæрты йæ машинæмæ куы багæпп кодта, уæд бæхтæ чи сыгъдæг кодта, уыцы Пу’занков фæфиппай- дта, директоры мæллæг, фæлæ цинæйдзаг цæсгомыл æв- - зистау урс хъуынтæ кæй æрттывтой, уый. Æмæ кæд Куз- нецов бæхгæсы фæхъыг кодта (йæхæдæг куыд æихъæлд- та, афтæ), уæддæр ындиректоры фæллад, фæлмæцыд æмæ æнцъылдтæ цæсгом йæ фыдæхдзинад иу цасдæр фæрог- дæр кодта: - &оо
„Хорты ’рдыгæй хъуыддагæн ницы у... хорз у, фæлæ- иуыл йæхи дзырд кæны’4,—загъта бæхгæс, машинæйæ ра- хизæг-директоры фæрсты аив æмæ æрттывтытæ калæг Зоркайы раласгæйæ. Кузнецов фæлладæй, йæ ком ивазгæйæ, къæхтæй сæрьг онг йæхи тыхджын айвæзтытæ кодта æмæ, Пузанковмæ • хæларæй йæ сæрæй акувгæйæ, хъазгæйæ загъта: — Гас цу, Корешок! Цæй-ма! Цæй-ма, куыд стыдæ- хъуыддæгтæ, Советон Колумб?—æмæ, Зорькайыл йæ цæст ахæсгæйæ, æппæлгæйæ, йæ ныхас балхынцъ код- та:—0, уый хъуыддаг у! Куыст у! Ефсбæх нæ, фæлæ сыгъзæрину. Бæдæйнаг у, Пузанков, рагæй фæстæмæ- дæрдæ афтæ кæнын хъуыди! Уайтагъд та Пузанковы зæрдæйы фæзынди фыдзæрдæдзи- нады æмæ хъыгкæиыны æнкъарынад. Уый æнæдзургæйæ бæхы бæхдонмæ баласта æмæ йæ цалынмæ- кæвдæсмæ ба- кодта, уæдмæ фæстæмæ дæр нæ ракасти. Кæрт уыди афтид. Нал дæр дзы директор уыди æмæ нæ дæр йæ машинæ. Пузанков æнæввæрсонæй ату кодта ч æмæ бахъуыр-хъуыр кодта: — Ноджы та колун!.. Стæй дæр советон!—æмæ йæхи æнæбауромгæйæ æмæ æфхæрды фæткы раз йæ æдыхдзи- над кæронмæ банкъаргæйæ, бæхдоны æрдæггом дуарæй^ афтид кæртмæ мæстыгæрæй рахъæр кодта:—0! æз колун дæн! Фæлæуут, хæйрæджытæ, æз уын уæ сæртæ ныссæт-- дзынæн!—æмæ ма сабырдæр хъæлæсæй йæ ныхасмæ бап- пæрста:—цъаммæрттæ! Дыууæаздзыд Керзон, рацæуæны тæрсгæ-ризгæйæ чи лæууыд, хъæр кæнгæйæ æмæ йæ мустъучъи тылгæйæ, уыцы лæгмæ зулмæ бакæсгæйæ, йæ хъустæ фæхъил код- та, афтæмæй бæхдоны фæйнæгын къулмæ йæхи бан- тъыхта. Дыууынæм июлы совхоз хортæ кæрдынмæ рафсаерста, адæм æмæ машинæтæ араст сты бур-буридæй фæйлауæг хоры денджызы размæ... Райсомæй автомашинæты унæр, адæмы хъæлæба æмæ зæлланг быдыр байдзаг кодтой.. Хусвæндæгты сæрмæ рыг бæрзонд фæцыди. Карст хор бур-бурид куыристæй хуыссыди фæстийæ бæгънæг æмæ- 301«
быгъдæг хуымты. Алырдыгæйнæрыдыстыкомбайнтæ, фæл- тæрд хæстонтау рахизы æмæ галиуырдыгæй мæнæуы алы- варс зилгæйæ. Бур тыллæджы уæзæй ссæрибар быдыртæ фылдæр кодтой. Тынгдæр дзаг кодтой хъæлдзæг, дыууæ- рдæм рауай-бауайгæнæг кусæг адæмæй. Бригадтæн сихор цы хъæхбын æртытыл цæттæ кодтой, уыдон рыгимæ сæм- хæццæ сты. Уыцы рыг калдис фæндæгтыл рауай-бауай- гæнæг автомашинæтæ æмæ бæхуæрдæтты цæлхытæ æмæ бæхты цæфхæдты бынæй. Быдырты сæрмæ мигъы хуызæ- нæй ратах-батæх кодтой халæттæ æмæ цъиахтæ, æфсирты згъæлæнтæ æмбырдкæнгæйæ. Алырдыгæй ма хъуыстысты берданкæты æхстытæ. Уый радгæс хъахъхъæнджытæ сырдтой мæнæумæ къæй- ныхæй лæбурæг æнæфсис мæргъты. Сæйраг цæрæнуа’т адæмæй раафтиднс. Кæмæндæрид- дæр кусын йæ’ бон уыдис, уыдон иууылдæр уыдысты быдырты. Ам ныртæккæ тынг хъуыдис кусæг тых. Пузанков ныр дыккаг бон уыдис тыллæгæфснайæг къорды штабы æмæ ма уый æмрæстæджы уыдис бæхгæс дæр æмæ ласæн пункты мæнæуæвгæнæг дæр. Быдырон куыстытæй бирæрæста^гмæйон иппæрддзинад ныр уымæн фæтыхджындæр кодтой уыдонмæ йæ монц æмæ цымыдис- дзинад. , Изæрырдæм, бæзджын арвыл уырдыгмæ фæскъуылдым хур лæсын куы байдыдта, æхсæвы тар быдыртыл йæхи куы ’руагъта, уæд кусджыты лагерты фæздæг калдтой æмæ цæллахъ кодтой бригадæты æгтæ, æмæ хæринаггæн- джытæ, урс халаттæ æмæ худты бæгъæмвадæй къусты кæиын райдыдтой тæвд бас. Сæйраг цæрæнуаты сфыцгæ дзултæ стъолтыл лæууыдысты... Амад цынаты фалейæ, машинæтæй, палаткæтæ æмæ автобазайы ’рдыгæй адæм цыдысты. Уыдон сæхи æхсад- той, фурттытæ кодтой, сæхи сапоны фынкæй сæрдгæйæ, худгæйæ æмæ æлгъитгæйæ.'Æмæ-иу сæхи куы сыхсадтой, уæд-иу стъолтæм бацыдысты. Фæлæ ма быдыры сæрмæ дзæвгар рæстæджы хъуыс- тысты адæмы хъæлæстæ æмæ машинæйы æхсидт. Уыдон сидтысты сихор хæрынмæ æизд улæфынмæ, дард быдыры 302
гчи куыста æмæ ардæм чи нæма æрбахæццæ ис, уыцы ^адæймæгтæм. Цай цымыны рæстæджы иудзонгон инвалид Афоня уæрста фыстæджытæ æмæ газеттæ. — Мæнæ уыцы фыетæг дæумæ у! — йæ цæст фæны- къуылдта инвалид, иннæтимæ иумæ цайцымæг Пузанковы ауынгæйæ.-~Ды дæр ам дæ?—бадис кодта уый гуызавæгæн- гæйæ, бæхгæсмæ йæ цæстытæ ныкъулгæйæ. — Уæдæ кæм дæн? Ам кæй дæн, уый бæрæг у. Æмæ цы?—кæрдзыны къæбæр æхсынгæйæ йæ бафарстаПузанков. — Ницы, афтæ! Уый куы зыдтаин ам дæ, уæд дæм дæ фыстæг æрбахастаин... — сабырæй загъта Афоня,--æз та афтæ æнхъæлдтон, зæгъын, совхозы дæ. — Цахæм фыстæг?—кæрдзыны къæбæр йæ уæрджытыл æрывæргæйæ йæ бафæрста Пузанков.—Мæнмæ, зæгъыс, фыстæг. Хæдзарæй, стæй æндæр нскуыцæй дæр ницæмæ æн- хъæлмæ касти уый. Фыстæг гæнæн уыди æмæ райстаид æрмæстдæр... Пузанков сыстади æмæ йын йæ тыхстдзинадчи нæ ха- тыди, уыцы Афоняйы ’рдæм йæхи баласгæйæ, сабырæй æмæ тыхстгъуызæй загъта: — Цæй фыстæг у? ’ — Æз æй цæмæй зонын! Фыстæг у фыстæджы хуызæн, æрмæст конверты уæлæ ис машинкæйæ мыхуыр фыстытæ. Бæхгæсы цæстытæ сæрттывтой. Уый гæзæмæ цины хуыдт бакодта æмæ, тæвд цай зæххыл акалгæйæ, сыста- ди æмæ худгæ хъæлæсы хаттæй загъта: — Эх, Фоня—Афоня! Дæ бон нæ уыдис æмæ йæ ра- хастаис... Уый æрхъуыды дæм нæй! Æмæ, инвалиды æнæразы хъæртæм æнæхъусгæйæ, йе ’нгуылдз йæ сæрæй бæрзонддæр систа æмæ сæрыстырæй загъта: — Фыстæг, мæ хур, ахсджиаг уыдзæни... Паддзаха- дон тых ын ис... Æмæ, кæрдзыны къæбæр йæдзыппы тъысгæйæ, тагъд- тагъд ацыдис тыллæгæфснайæг къорды штабмæ. Уым уы- дис хъуыддæгтæ æмæ тыллæг æфснайыны куыстæй фæл- лад, æнæвдæлон Кузнецов. 303
— Абон дæр нæ æмæ сом дæр... Хъуыды дæр ыл ма^ кæн. Ам алы адæймаг, алы бæх дæр ныртæккæ нымадь*, дæуы. Æмæ æз, Михаил Митрич, фистæгæй дæр ацæудзынæн.. Райсоммæ æрбаздæхдзынæн! Æхсæв даргъ у!-—куырд- та дзы бæхгæс. — Уымæй мæм ма хат! Стæй дæ райсом цы хорз кусæг рауайдзæн! Æмæ дæ афтæ цы тыхсын кæны? Дыууæ бо- ны йедтæмæ ам куы нæ ма дæ,—бадис кодта Кузнецов,. Пузанковмæ æнæрайгондæй кæсгæйæ. — Хъуыддаг мæ ис, Михаил Митрич, ахсджиаг хъуыд- даг,—директормæ æввахс бацæугæйæ, æмæ æрдæг гуыры- мыхъæй уымæ æркъулкæнгæйæ, загътабæхгæс,—Мæскуы- йæ мæм фыстæг æрцыди... Æмæ йæм дисгæнæгау чи хъуыста, уыцы Кузнецовæн^ йæ тæккæ хъусы цур йæхи æркъул кæнгæйæ, Пузанков- æвиппайды нал фæцарæхсти æмæ фæкъæмдзæстыг. Уы- мæн йæ сæрмæ нырма еныр æрцыдис ахæмхъуыды, зæгъ- гæ, гæнæн ис, æмæ фыстæг Мæскуыйæ ма уа, стæй дæр • Афоня куыд дзырдта, афтæмæй мыхуыр дамгъæтимæ у. Уымæн æмæ гæнæн уыд инвалид фыстæджытæ фæхæццæ кодтаид, йæ къухы фæндзайы бæрц алгъуызон фыстæ- джытæ æмæ гæххæттытыл хæцгæйæ... Пузанков ферхæцы- ди æмæ иу ран æрлæууыд. Кузнецов æм кодта тызмæг; æмæ æнæууæнчы каст. — Ды цыдæр хæццæ кæныс. Цахæм фыстæг у? Кæмæй у? Æмæ цы ’рцыди. Ницы йын æмбарын!—уæлæйæ стгæ- йæ карзæйзагъта уый.—Бæрæг у æрмæстдæр кæй сзы- гъуыммæ дæ, уый, Пузанков. Уыдтæ дæ раны адæйма- джы хуызæн адæймаг, ныр тацыма къæссавæлдæхт фæдæ,. афтæ мæм кæсы. Ацу ардыгæй, никæдæм ацæудзьшæ!Уый бæсты схуысс ’æмæ бафынæй кæн, иннæты дæр ма хъыг- дар. Сом райсом куыстæй нæ хъуырмæ уыдзыстæм. Æмæ бæхгæс дæр саст зæрдæйæ, æнæзонгæ фыстæг æмæ йæхи сæрмагонд хъуыдытæй мæты бахаугæйæ, ных- къуьфд æмæ къæмдзæстыгæй, йæ сырх, фырæфсæрмæй судзаг цæсгомимæ рацыдис дирерторы, алцæмæ хъусагг Курц, аграном æмæ бригадирты иуфæрсты. 304
Æхсæв ныридæгæн зæххьгл йæхи æруагъта. Ног, гæ- зæмæ бур мæнæутимæ иумæ цы кæрдæг ныккарстæуыд, уый кодта сымæр будтæф, фæлæ йын Пузанков нæ хатыди нæдæр йæ тæф æмæ нæ дæрйæуæздан æлхысчъытæ! Уый карст мæнæуы мæкъуылыл йæхи уæлиауæй æруагъта æмæ йыл иу дзæвгар афтæмæй дæлгоммæ, æнæзмæлгæйæ фæ- хуыссыди. Нæ дæр æм æнæнцой, æвæллайгæ фæсивæды зарджытæ æмæ нæдæр сæ кæрæдзитонæг бæхты мыр-мыр хъуыстис. Боныфæстагмæ, йæ сæрыл уæлæмæ куы схæцыди æмæ фæйнæрдæм куы акастис, уæдмæ æхсæв йæ тæмæны ба~' цыдис. Мæй нæ зынди, æрмæстдæр сыгъдæг, æрттиваг стъалытæ зæххы сæрмæ ныллæг æмæ уæззауæй ауыгъ- дау лæууыдысты. Лагер фынæй кодта, æрмæст ма кæмдæр, дардæй, бæхуæрдæтты фалейæ, дзæгъæл куыдз къуырма æмæ уынгæг рæйд кодта. Бæхгæс арф ныуулæфыди. Йе ’нкъард æмæ сагъæс- гъуыз цæстыты зынди маст æмæ æрхæндæгдзинад. Иу уысмы бæрц цæуылдæр ахъуыды кодта, стæй, ныфссас- тæй, йæ къух ауигъгæйæ, тагъд-тагъд фестади æмæ, æр~ мæстдæр йæ къахфындзтыл рацæуынмæ бæлгæйæ, хъуы- зæгау, хъавгæйæ рацыдис фынæй адæймæгты æхсæнты,. быдыры сæуæндæргæй зынæг бæхты дзугмæ. Дыккаг бон, боны æртæ сахатыл, директор Кузнецовы йæ зындгонд бæхуæрдон куы бахъуыди, уæд нæ дæр Пу- занковы æмæ нæ дæр саргъы бын æмæ уæрдоны ивтыгъ- дæй иугъуызон хорз цæуæг ефсбæх Шуркайы ссардтой* Мæстæлгъæд Кузнецов, Пузанковимæ йе зноны ныхас ры- мысгæйæ, сылгъыстытæ кодта æмæ бардзырд радта, цæ- мæй сæйраг цæрæнуатмæ телефоны фæдзырдтаиккой æмæ æрцахстаиккой куыстæй фæлидзæг Пузанковы. Бардзырд радта æмæ уайтагъддæр радгæс мотоциклыл ацыди Кавалевскы мæскъы ’рдæм.»Уым сæумæрайсомæй гуыр-гуыр кодтой трактортæ, нæрыдысты комбайнтæ, кæ- рæдзи дзыхæй ныхас исгæйæ хъæр кодтой æмæ кæрæдзимæ сидтысты кусæг адæм. 20 305
Æхсæвы иуæндæс сахатыл, лагермæ адæм куы ’рбацы- дысты æмæ куы рымбырд сты; уæд директор бакастис, сов- хозæй йæм кæй æрбарвыстой кусæг Прихидькойы къух- фыстæй, уыцы фехъусынкæнинаг. „Æмб. Кузнецовмæ! Хъусын дын кæнын, дæ бардзырдмæ гæсгæ æз ацыд- тæн бæхгæс Пузанковы агурæг, цæмæй йæ æрцахстаин, уый тыххæй. Æгас совхозы фæзылдтæн, фæлæ йæ никуы ссардтон. Уый фæстæ хъæумæ мæ зонгæ, нозтытæй базар- гæнæг сылгоймаг Мотямæ ацыдтæн æмæ мын уым радзырд- той, зæгъгæ, дам, ацы райсом ам уыдис, бирæ сæн, дам, банызта æмæ фæстæмæ совхозæй дарддæр никуы дæм ацы- даид. Пузанков йæ ефсбæх Шуркайы кæрты астæу фæуагъ- та, æмæ йæ стæй æз йæ бынатмæ бакодтон. Цалынмæ хæ- дзарæй здæхтæн, уæдмæ ам, совхозы иу цау æрцыди, æмæ дын уый тыххæй хъусын кæнын. Расыгæй уыцы æлгъыс- таг Пузанков дæ кабинеты рудзгуытæй цыппары асаста æмæ хъахъхъæнæг Гащенкойы тугæрхæмттæ фæкодта, •совхозмæ йæ кæй нæ уагъта, уый тыххæй. Стæй мæн дæр дыууæ цæфы фæкодта. Фыццаг хатт — мæ хъус, дыккаг цæф та мæ цæсты бын. Хъусын дын кæнын, æмб. Кузнсцов, куыд цалынмæ не ’хсæн загъд цыди, уæдмæ, дын, уыцы Пузанков дæ мады тынг æлгъыста, æлгъыста ма мæн дæр æмæ æмбал Курцы дæр сæлгъыстытæ кодта, стæй цахæм- дæр академийы, хицауы, æмæ та уый фæстæ де ’рдæм фе- юсæста... Афтæ уыди, æмæ нын иугæр нæ ныхæстæм куы нæ байхъуыста æмæ нæм æлгъитгæ кæй лæбурдта, уымæ гæсгæ йыл иу цъус абырыдыстæм. Бæндæнæй йæ сбастам -æмæ йæ сбадын кодтам, хæринаггæнæг сылгоймæгтæ цæх- джын джитъритæ кæм дарынц, уыцы ныккæнды. Ацы фыстæгимæ дæм æрвитын уыцы цæгъдæнгæнæг Пузанковæй байсгæ фыстæг æмæ дæ курын, цæмæй мын фехъусын кæнай, ныккæнды йæ кæдмæ фæдарон æмæ стæй йæ расыг куы ’рцæуа, уæд ын цы ми бакæнон, уый тых- хæй. Фыссы йæ Прихидько". 306
— Цæй цъаммар у!—йæ къухтыл фæйнæрдæм ахæцыди Кузнецов.—-Цæй æнаккаг у! Æмæ йæхи барæй куыд сабыр æвдыста, цъаммар! Цæй, уæдæ, хорз! —мæстыйæ æмæ знæтæй загъта уый, бæхгæсы æдзæсгом æмæ худинаггæ- нæг фыдракæндмæ хæрамзæрдæ даргæйæ. „Бæх адавай, куыст ныууадзай, æмæ ахæм рæстæджы баназай, уый:„Ды, æлгъыстаг! Процесс! Стæрхон ыл кæнын хъæуы, куыд кусæг, афтæ".—Йæ сæры æвзæрдысты алы азартæ, сæ иуæй сеннæ карздæрæй, фæлæ æппæт уы- дон директормæ, æвæццæгæн, цъус кастысты ахæм хæлд, æлгъаг æмæ æдзæсгом фыдгæнæгæй маст райсынæн, ца. хæм уыдис йæ хъуыдымæ гæсгæ Пузанков. Иырма бæхгæсы тыххæй æмбæлон æфхæрд не ссардта, .афтæмæй директор йе знæтæмæ йæ зырзыргæнаг æнгуылдз- тæй райхæлдта, Пузанковæй йæм Прихидько цы фыстæг æрбарвыста, уый. Райхæлдта йæ, бакаст æй, æмæ Кузнецовы рыгæйдзаг, хурмæсыгъд æмæ фæллад цæсгомыл фæзындис худина- джы æмæ къæмдзæстыгдзинады нысан. Цыппæртигъон. къанцыларон форматы гæххæтты ма- шинкæйæ мыхуыр уыдысты ахæм дзырдтæ: — „Æппæт цæдисон хъуыддæгты Управление 194... азы 19 июны куырдиатимæ базонгæ уæвгæйæ, рабæрæги, уæ куырдиат йæ адресыл æрвыст кæй не ’рцыди, уый, ома конвертыл нысангонд „Зонадты академийы зонд æмæ ах- уырадон хайад". Нæ дæр æрдзы мидæг ис æмæ нæ дæр ССР республикты Цæдисы ис. Уымæ гæсгæ уæлдæр нысангонд куырдиат мах арвыстам гор. Мæскуымæ, ССР Цæдисы Хуссар хайы ыефты сæудæджерады министрадмæ. Уым æм лæмбынæгæй æркастысты. Æниу, нырыонг махæн зындгонд куыд у, афтæмæй, ды кæй банысан кодтай, уыцы районы, ома Ставраполы крайы, цæугæдоны сæрм^е, Мæздæджы тыгъдбыдыры рæбын нефт нæй æмæ дзы исты разына, уый та бынтондæр дызæрдыггаг у. Хъуыддагдар—Кожухов Секретары бæсты—Боробьев". 307
Дæлдæр та, æнцъылдтытæ, æвæдцæгæн, Пузанковы ра- сыг дзæмбыты цы гæххæтт бахаудта, ууыл кæрæй-кæронмæ зындис мæстыйæ фыст зылын-мылын рæнхъ, бæхгæс йæ æнæхсæст къухæй кърандасæй кæй ныххæххытæ кодта^. ахæм. „Сымахæй адæмæн пайда нæй. Гадза куыйтæ!!!44 Кузнецов райхъали райсомы цыппар сахатыл. Хурскæ- сæн тæмæнтæ калдта бур-уардигъуыз сæуæхсидæй. Фæ- ныкгъуыз, хъуынтъыз мигътæ тадысты æмæ сæхи фæ- лыстой сæуæхсиды райдзаст сырх-сырхид ахурæнтæй. Директор йæ цæстытæ асæрфта. Уайтагъд йæ зæрдыл æр- балæууыди зноны фыстæг æмæ Пузанковы хъыгаг резолю- ци. Æмæ, иугæр тарффынæйæ йæ худинаджы æнкъары- над куы ныппырх æмæ куы ныууазалис, иугæр ын хуры хъарм тынтæ йæ цæстытæ хъыдзы куы райдыдтой æмæ йын сæууон уæлдæф йæ фæллад буар куы ауазал кодта, уæд директормæ бæхгæсы æппæт истори æмæ уый æнæ- сæрфат нефтон Одиссей фæкастис худæг æмæ æнæхъола., Ногæй та бакастис Прихидькойы фыстæг, æмæ, зæрдиаг худт бакæнгæйæ, бахъуыр-хуыр кодта: . — Цæй худæг у, ацы уызыны сæр! Иу дæс минуты фæстæ, тагъд-тагъд тæвд цай куы: цымдта,уæд, абоны бонæн æй цы бирæ хъ^ыддæгтæ сара- зын хъуыди, уыдон номхыгъд кæсгæйæ, йæ сæры февзæр- дис бæхгæс Пузанков дæр. — А-аа...оо!.. æмбал Круглих, мæ номæй телефоны фæ- дзур сæйраг цæрæнуатмæ æмæ сын зæгъ, цæмæй бæхгæ- сы ныккæндæй рауадзой. Уадз æмæ уал нырма бæхтимæ баззайæд...—Æмæ, æндæр темамæ рахизгæйæ, директор уа- дидæгæн Пузанковы айрох кодта. Йæ зæрдыл ма æрлæу- уыди æрмæст дыккаг бон, изæрæй бригæдты декадæйон æмæ суткæйон куыстæн хаццæгтæ куы арæзта, æмæ Курц- мæ йæхимæ куы фæсидти, уæд. Иумæйаг ныхасы йæдзырд фæкæнгæйæ, Курц Кузне- цовæн загъта: —Нæ зонын, нæ бæхгæс совхозæй кæй алыгъди, уый дьш зындгонд у æви нæ? Кузнецов иуварс алæууыди. — Чи? Пузанковæй зæгъыс? 308
Курц йæ сæр разыйы тылд бакодта. — 0, кæй зæгъын æй хъæуы! Банызта, совхозы рудз- туыты æвгтæ ныцъцъæл кодта, Гащенкойы цæсгом тугæр- хæмттæ фæкодта, æхсæвы та дуар ныцъцъæл кодта æмæ бам- ’бæхсти. Уый у ралли-баллигæнæг æмæ лодыр; цæмæй ма- цы фесæфтаид, уый тыххæй йæм мæ къух систон. Ды та куыд хъуыды кæныс?—загъта уый Кузнецовæн. Директор рохст уавæры бахаудта. Бамбæрста, расыджы *фæстæ йæхи æрымбарæг бæхгæсы совхозæй цы ацæуын кодта, уый. Йæ разы февзæрдысты Пузанковы нымд æмæ къæмдзæстыггъуыз цæстытæ, йæ тæригъæдтаг, фæлæ хъæддых гуыры конд æгасæй. Иу уысмы бæрц æй бафæн- дыди йæ сæрыл рахæцын, фæлæ йæ иу ахæм тæппуд зсъуыды, зæгъгæ йын Курц нæ бамбардзæнис йæ хорз тыр- нындзинад, æмæ, зæгъæ, ныртæккæ уый бынтондæр Пу- -занковæн йæхи ницæмæн хъæуы, баурæдта директоры йæ рæдыдыл басæттыны фæндондзинадæй. Цыдæр æбæрæ- гæй адыгъал-дыгъул кодта, æмæ, хыгъд нымайæя йæ раз- мæ æрбайсгæйæ, тыхджын ракъæрцц-бакъæрццæйхъултæй «нымайын райдыдта æфснайд тыллæджы бирæнымæц цент- нертæ æмæ тоннæтæ. Курц куы ацыди æмæ йæм фæстæмæ куы фæкастис, æрмæстдæр уæд Кузнецов сындæггай йæ дзыппæй чъизи гæххæтт сласта æмæ йæ нæ райхæлдта, афтæмæй йæ мур- *гай ныскъуыдтæ кодта, стæй йæ дымгæмæ аппæрста. Йæ зæрдæ уыдис æнæрынцой. Рацыдис æртæ къуырийы. Æрæджы дæр ма мæнæу юыгъзæринау кæм æрттывта, æмæ трактортæ кæрæдзийы фæдыл кæм ныххал сты, уым ныр бурбуридæй вындысты *стæм цъынатæ, æмæ быдыртæ быгъдæгæй разындысты. Мæнæуы цыбыр, хус зæнгтæ, стæй бурбурид кæрдæг нал æмбæхстой уæрццыты æмæ, æрæджы комбайнтæ æмæ трак- тортæ кæмыты рацу-бацу кодтой, уым дыууæрдæм уæззау ’хъеллау кæнгæйæ, тезгъо кодтой нард æмæ зивæггæнаг дудахътæ. Фæззæг æрыввахси. Райсомæй-иу мигъ бадти, изæрыгæтты та-иу сатæг быдырты йæ уазал хъæбысы æр- ♦батыхта. 309
Совхозæй автомацшнæтæ æмæ донагкъуырф, æхгæдбæх- уæрдæтты хор ластой. Фæныкгъуьтз голлæгтæ, хъæбæр- мæнæуы нæмгуытæй сæ тæккæ надæй раст рæнхъытæй лæууыдысты станцты, æмбæрзæнты бынты зындысты„ афтæмæй. Платформæйы цур вагæттæ зæлланг кодтой. Куз- нецов тыллæг æфснайыны компанийы фæстиуджытимæ докладкæныны тыххæй Краймæ ацыди. Хорз фæстиуджытæ директоры зæрдæ циндзинацæй байдзаг кодтой, æмæ йæ* тыллæг æфснайыны фæстаг бонтæ ацыдысты тагъд æмæ- цырд темптæй. Уый фынæй кодта цыбыр рæстæгмæ. Фы- ны дæр-иу тыллæджы центнертæ нымадта, хойраджы зиæнт- ты ныхмæ тох кодта. Йæ дудгæ, хæццæ-мæццæ фынтæ йæм-иу арæх кастысты уæззау æмæ тæссаг. Хатт-иу уы— дон уыдысты, Вольгæйы ’рдыгæй чи тахт, ахæм сæнт- дзæф мæтыхты къорд,,хатт та тæвд æмæ судзаг хус дым- гæ... Уыдон-иу баиу сты иу егъау мигъы. Нуæрстой сов- хозы. Æвæджиау гуыр-гуыр, дзыгъал-мыгъул æмæ æрт— тывды згъæлдысты быдыртыл урс, уырдыгмæхауæг æгъа- тыр ихтæй. Сæдæгай адæймæгты куысты ’руаджы æрзайгæ хор- фæлдæхти æмæ сæфти сæ тыхджын риуыгъдæй. Кузне- цов æвирхъау хъæр кодта. Фыны рафт-бафт кодта, æмæ~ иу, йæ хуыссæнтæй фæгæпп кæнгæйæ, иу дзæвгар рæс- тæджы йæ бон нæ уыди æнæнцой фыдфынтæй фервæ- зын, фæлæ-иу фæстагмæ цадæггай æрсабыри. Рог-иу су- лæфыди æмæ та-иу ногæй уадидæгæн чысыл афынаей ис. Фæлæ ныр фесты æппæт тасдзинæдтæ æмæ зæрдæхса- йындзинæдтæ. Тыллæг æфснайд фæци, пълан уæлдайджын- тæй æххæст æрцыди, хор голджыты сывгæдтой æмæ сыгъ- зæрин кæритæй калдис элеваторты арф æмæ сур ныккæнд- тæм, æмæ директор дæр фæстаг цыппар м;æйы дæргъы. фыццаг хатт йæхицæн радта Краймæ докладкæныны тых- хæй æрцæуыны æмæ горæты йæ бинонтæ феныны бар. Изæры фондз сахатыл Кузнецов æмæ Курц, горæтмæ- ацыдысты, фараст сахатыл та совхозмæ æрбацыдис, æр- вылхаттау, изæры почтæ. Инвалид Афоня, почтæ æвзар- гæйæ, ногæй фæкомкоммæ ис, казнæйон хуыз кæмæн уы- дис, уыцы конвертмæ. Конверты уæлæ фыст уыди дыры- 310
сæй: „ССР-ы Хуссар хайы нефты сæудæджерады минист - рад. Разведкæты æмæ эксплуатацийы хайад г. Мæскуы". Инвалид, конвертмæ дарддæр лыстæг æркæсгæйæ, бакас- ти: „æмб. Пузанков Иван Калиновичмæ". — Гъей-а!—æгæрстæмæй ма æхсидт дæр фæкодта,— кæй мын ссардтой! Уый ныртæккæ куыйтимæ дæр не ссар- дзынæ!..—Æмæ уый адыл, йæхицæн фыстæг райхалыны бар ратгæйæ, конверт райхæлдта æмæ бакастис ахæм рæн- хъытæ: „Цытджын æмбал! Пайдайы къахинæгты фæдыл развед- кæйы хайад дын дæ фыстæг райста. Æрырвыста нæм æй Зонæдты Академи, æмæ, йемæ базонгæ уæвгæйæ, уый æнхъæ- лы, зæгъгæ, Ставраполы æмæ Мæздæджы быдырты Хуссар- хурыскæсæны районы нефты цъассты гуырæн бынæтты фæдыл дæ фехъусынкæнинагæн ис иттæг егъау нысаниуæг æмæ кæд сбæлвырд уой, уæд ССР Цæдисы сæудæцжерадæн иттæг ахсджиаг уыдзысты. Гъе, уымæ гæсгæ дæ курæг стæм, цæмæй нæм æвæстиатæй æрырвитай уæлæмхас зо- нæнтæ нефтгуырæн цъайты тыххæй æмæ ма нын уыимæ æрбарвит дæ биографи æххæстæй, стæй фотоныв æмæ.бæл- вырд адрес. Ацы мæй дæм нæ зæрды ис разведкæгæнæг къорды ар- витын, æмæ дæ курæм, цæмæй дæхи йемæ комкоммæ- сбæттай". Инвалид йæ дзыхæй сурдымæн райста, æрхæндæгæй ныуулæфыди æмæ, йæ сæр банкъусгæйæ, загъта: --Кæдæмыты нæ ахæццæ ис ацы æлгыстаг... Æз та аф- тæ æнхъæлдтон, алыгъдис æмæ фæцис! Уымæ та адæмы разведкæ кæнынмæ æрвитынц, стæй дæр фотонывимæ, куыд æй агурынц, уыцы хæйрæджы...—Æмæ, йæ къух ауигъгæ- йæ, сабыргай счепп-счеппгæнгæ совхозмæ арасти. Фæндзæм сæр Дыууæ боны фæстæ Кузнецов æмæ Курц, Крайы’док- лад скæнгæйæ, зын æмæ егъау хъуыддаг æнтыстджынæй кæй фæщис, уымæй райгонд æмæ амондджын уæвгæйæ, дыу- уæмæйон улæфт райстой. Директор йæ бинонты æрымы- «11
сыди, улæфын æй бафæндыди æмæ аскъуыддзаг кодта денджызмæ ацæуын. Курц та иунæг адæймаг уыди, кæм баулæфыдаид, уый йын хъауджыдæр нæ уыди æмæ уый директоримæ баиу ис. Æртæ боны фæстæ Кузнецов æд бинонтæ Курцимæ Гудауты балæууыдысты. Улæфынырæс- тæджы куыд æмбæлы, афтæ уыдон дæр ницæуыл уал мæт кодтой. Стыр æмæ вазыгджын хъуыддаг арæзт фæци, стæй, дæр æй хорзæй аскъуыддзаг кодтой æмæ уый фæдыл цы- дæриддæр тых бахардз кодтой, уыцы хъуыддагæн цы- дæриддæр радтой, æппæт уыдон хъуамæ дывæрæй райс- таиккой. Æмæ уыдон дæр чингуытæ иуварс аппæрстой, газет- тæ бынтондæр нал кастысты, æгæрстæмæй, шахмæттæ дæр айрох кодтой, тынг хорз хордтой, сæхи доны надтой, улæ- фыдысты æмæ æнæхъæн сахæтты дæргъы пляжы хуыс- сыдысты хуыссайраг судзгæ хуры тынтæм. Улæфты фæудмæ ма баззадис æртæ боны. Кузнецов схæрзхуызи, схъæлдзæг. Урс хæлафы æмæ æрвгъуыз маи- кæйы мидæг хъазыди, æрæджы ардæм чи æрцыдис, уы- цы студенттимæ хъилтæ æппарынæй. Фалдæр, каштанты аууоны та хуыссыди Курц, уый дæр февзоцгдæр æмæ фæхъæлдзæгдæрис. Хъазты Кузнецовы парти æмбылды кодта æмæ, парторг,ч хъалзæрдæ бахудтимæ, æнхъæлмæ кастис директоры фæ- тæн уæхсджытæм, уæлахизгæнæг, къаннæг, саулагъз сту- дент, Кузнецовы æмбал куыд хъуамæ схызтаид, уыцы уысммæ. Хъазт куы фæцис, уæд Курц æнæрайгондæй бæл- вырд кодта, зæгъгæ, директоры хъæлдзæг худинаджы цау нæ фендзæнис. Уый сæ иу сеннæйы æккой хъилтимæ бы- дыры дæргъмæ ацæуыны бæсты федта, æрæджы дæр ма знæгтæ чи уыдысты, уыдонæн хъæлдзæг æмæ дæргъвæ- тин ныхас кæй бацайдагъис, уый. Курц сыстадя æмæ зивæггæнгæ йæ бынатмæ афардæги. — Æмæ, уæдæ, ды ам цъус рæстæгмæ уыдзынæ?-т бæгæныйы нуазæн дæтгæйæ, Кузнецов афарста хæрзуынд студенты. 312
— 0... Æрмæстдæр дыууæ боны. Мæ хъуыддаг сараз- дзынæн æмæ фæстæмæ аздæхдзынæн,—хурмæ йæ цæсты- тæ æрдæгцъынд бакæагæйæ, студент йæ мидбылты бахуд- ти æмæ йæ курткæмæ бавнæлдта. — Мæскуымæ?-бафарста йæ Кузнецов. —Нæ-æ-й! Цæмæн хъуамæ ацæуон Мæскукмæ? Мах .ам æнæхъæн къордæй стæм, растдæр зæгъгæйæ, амнæ, фæлæ Дон æмæ Ставрополы быдырты æхсæн. Чи зо- ны æмæ йæ фехъуыстай, уым ис хойраджы егъау сов- хоз, „Маяк революции" хуыйны... Бунтеревскайы станцæйы •фалейæ... Кузнецов бæгæцыйы нуазæн æрывæрдта æмæ дисгæн- гæйæ студентмæ бакастис. —•.. 0, уый фалейæ, тыгъдбыдыры, Зоевкамæ хæстæг, Бурунты арæзт æрцыдис нæ разведкæгæнæг станц... Кузнецовы дисæфтауæг цæсгом æмæ уæрæх байгомуæ- вæг цæстытæ уынгæйæ, студент йæ ныхас дарддæр кодта: — Æмæ йæ уæдæ никуы фехъуыстай? , Директор ныхъхъуси æмæ тыхæй-фыдæй йæ сæр нæ- гæнæджы тылд бакодта. Студент дисы бахаудта: — Диссаг! Æмæ уый тыххæй æнæхъæн мæйы дæргъы газеттæ иууылдæр куы фыссынц уым, уыцы районы нефть разынди, зæгъгæ. Кузнецовы цæсгом куыд асырхи, уый æнæ рахатгæйæ, дарддæр ныхас кодта: —Куыдзыны, афтæмæй дзы иттæг хъæзныг сгарæн куыс- тытæ уыдзæнис. Ды, зынаргъ æмбал, фæстаг газеттæ ба- ,кæс, уый иттæг цымыдис æмæ стыр хъуыддаг у! Бæхгæс йæхæдæг иунæгæй, быдыры, змисбын зæххыл æнæнхъæ- лæджы ссардта нефты гуырæн. Кузнецовæн йæ сурхид акалди. Зынтæй сыстади æмæ, уæлдæф аныхъуыргæйæ, æрдæгнозт бæгæныйы агуывзæ- йыл иуварс ахæцыди. — Цы дæм рауади? Дæхи æвзæр хатыс?—бамæт кодта •студент. — Нæ! Ницы! Æнтæф æмæ мæ азтæ хъыг дарынц,—йæ- хи фæфидаркæнгæйæ, ризгæ хъæлæсæй загъта Кузнецов «æмæ, ныр йæхи æрымбаргæйæ, бынтон сабырæй сдзырдта:— 313
нефты тыххæй та... Уыцы хабар æз фехъуыстон. *Æз уы- цы хоры совхозы директор куы дæн... — А-а-а!-—йæ дзырд ын фæлыг кодта, афтæмæй сындæг- гай йæ ныхас айвæзта студеыт. Æмæ уыцы æвийпайды хус æмæ фыдæхы „а-а"-йæ Кузнецов бамбæрста, студентæн æппæт дæр зындгонд кæй у, æмæ уыцы уысмы онг се ’хсæн цы зæрдæмхицтæ- сæвзæрдис, уыдон мыггагмæ кæй фæтары сты, уый. Уый йæ сæрæй акуывта æмæ тагъд-тагъд йæ бынатмæ арасти. Балконы йыл фембæлди тыхст æмæ зæрдæзнæт Курц.* Парторджы алыхаттон æвæлмаст цæсгом уыдистарст- гъуыз. Кузнецовы знæтхуыз нæ рахатыд, афтæмæй йæм лæбурæгау йæхи баппæрста, цæугæ-цæуын гæххæтт тилгæйæ. — Михаил Димитрич, ракæс-ма, æфсымæр, ^цахæм ис- тори у! Хæйрæг æй базонæт, цавæр у, уый!.. Фыстæг райс- тон... Ницы йын æмбарын, — йæ уæхсджытыл хæрдмæ схæцгæйæ, загъта Курц, директормæ фыстæг бадæтгæйæ^ иу æмрæстæджы йæ хъæрæй кастис, афтæмæй: — Мæнæ, гъе... „Æрцыдис бурæгæнæг развёдкæ... Зæхх бакъахтой".. нæ? нæ, уыцы бынат нæ!—химидæг тыхсгæйæ агуырдта Курц, цы рæнхъытæ йæ хъуыдысты, уыдон. — „Нефты фæлтæртæ æттæмæ разындысты уым, цыран кæд- дæр..." 0, о мæнæ ис, гъе, байхъус-ма: „Совхозы бæхгæс Пузанков кæддæр нефты гуырæн кæм ссардта æмæ къорд хæттыты дæуæн æмæ Кузнецовæн кæй хъусын кодта"... Курц фæлæууыди æмæ та уæззаугай загъта: „Къорд хæттыты". — Цæй цыныхъхъус дæ?—æнæнхъæлæджы амæсты æмæ йæм æгомыгæй чи хъуыста,уыцыКузнецовыл йæ маст нык- калгæйæ, карзæй дзырдта уый.—Ам ма ис газеттæй ист скъуыддзæгтæ дæр. Айс сæ, бакæс сæ æмæ сæ дæ мондæг- тæ сис!-:фæхъæр кодта Курц æмæ стъолмæ бауади. Уым лæууыдысты газетты тыхтон æмæ цалдæр газетæй биноныг слыггонд скъуыддзаджы. Кузнецов фæрасти йæ фæдыл. —Мæнæ, гъе... Бакæс сæ!—йæ фæлурс былтимæ сдзырдта. Курц, Кузнецовмæ газеттæ дæтгæйæ. 314
Кузнецов уæззаугай æрбадти хъæмпыя бандоныл. Йæ- хус æмæ йæ рæхойæг цæстытæ уыдысты сабыр æмæ ма йын æрмæст йæ гæзæмæ змæлæг уадул бæрæгæй æвдыс- та йæ уавæр. Уый кæрæфæй тагъд-тагъд бакасти датæтæм гæсгæ номыртæгонд æмæ сырх кърандасæй нысангонд га- зеты лыггæгтæ æмæ йе ’мбаргæ цæстыты раз æппæт цы- дæриддæр бакасти, уыдонимæ иумæ февзæрдысты ивгъуыд рæстæджы æппæт нывтæ, хус газетон рæнхъытæ, афтæ æгъатырæй æмæ афтæ карз*ей кæуыл дзырдтой, æппæт уыдон. Бæхгæс Пузанковы мыггаг-иу бирæ хæттыты фæзындис газеты, æмæ Кузиецов цас фылдæр касти, уыйас йæ зæр- дæ тынгдæр рысти æмæ æрхæндæгдæр кодта. Сгарæн бурæгæнæньг сводкæ № 4. 131 метры арфæ- ны... срæдывта фонтан, йæ хъомыеад..." „,..б-æм фады- джы, уæллаг фæлтæртæ ракъахыны фæстæ дзы фæзынди газтæ"... Директоры цæстыты раз лæууыди аххосджын акт. Уый рæзти æмæ стырдæр кодта. Газетты фæтæн сыфтыл, кæрæдзи сургæйæ, æвзæрдыс- ты телеграммæтæ æмæ зонæнтæ, зæгъгæ, разведкæгæнæг къорды æппæты дарддæр æмæ æгайнæгдæр фадыджы, бын- тондæр нефть æгъгъæл кæм нæ уыдысты, уым бурæгонд цъассæй стыдта хъомысджын нефты фантан, æмæ æнæн- хъæлæджы цауæй чи фæджих, урщы кусджытæ, зынаргъ. тæнгъæды пырхæнæй тæрсгæйæ, дыууæ суткæйы дæргъы гуылфгæнæг нефтьæмбырдгæнæн уæрмытæ къахтой. Крайон газет фыста, нырма ныртæккæ цы нефты гуы- рæнтæ ссардæуыд, уыдон æнахуыр диссаджы хъæзныг- дзинады тыххæй æмæ, ахуыргæндты æнхъæлцтæ æмæ ана- лизы развæлгъау фæстиуджыты бындурыл хъусын кодта, зæгъгæ, уыцы нефть йæ химикон хиæдтæм æмæ дзы би- рæ бензин кæй ис, уымæй канд бакуйаг нефтæй дæлдæр нæ лæууы, фæлæ ма, чи зоны æмæ уымæй дæр хуыздæр у.. Нефтьгуырæнты развæлгъау цифрæтыл дзургæйæ, газет нысан кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы æнæхъæн УСФСР^ сæудæджерадон хуссайраг хайæн йæ бон уыдзæнис æнæ- хъæнæй ног ссаргæ нефтæй кусын. 315»
Кузнецов фестъæлфыди æмæ йæ сæр ныллæгдæр æр- уагъта. Газеты рæнхъытæ йæ цæстыты раз тынгдæр згъорд- той. Газеты астæуæй йæм касти Пузанковы худæндзаст цæсгом, йæ бынмæ та стыр дамгъæтæй фыст уыдис егъау .уацхъуыды сæр: „Бæстæ хъуамæ зона йæ хъайтарты" Кузнецовæн йæ улæфт фæзындæри, йæ хъустæ тых- джын гуыз-гуыз кодтой. Уый нæ хъуыста, нæ дæр ын ка- тайаг Курц дарддæр цы дзырдта, уый æмæ нæ дæр уын- джы уынæр. Зыдæй кастис хъыгаг, фæлæ рæстаг рæн- хъытæ, æмæ йæ сæры магъзы фæзындысты газеты æп- пæт факттæ. Йо ’гадгæнæг рæстдзинадæй зæрдæсаст уæв- тæйæ, Кузнецов æрхæндæгæй ахъуыды кодта: „— Уæдæ куыд?Цымæ куыд æрцыди уыцыхабар...Æмæ • æз... Æз зæрочд партион кусæг, сырх тырысайы орден- хæссæг æмæ партизан куы дæн... Æз, ме ’ппæт æмбаргæ царды дæргъы мæхи æцæг коммунистыл, æмбалыл æмæ адæймагыл нымайгæйæ, мæхи тыххæй, бæстæйы æмæ пар- тийы тыххæй бахъуаджы сахаты разындтæн бюрократ æмæ куырм?!" Æгъатыр рæнхъытæ та йæ цæстыты раз ауадысты. „...Фæлæ совхозы директор Кузнецовы хъæбæрзæрдæ -æмæ чиновникон ахаст..." — Афтæ... афтæ мын хъæуы... Уый мын цъус у, уый растæндæр хъæбæрзæрдæ, æлгъаг æмæ цъаммар ахаст .у,—былтæ йæ дæндæгтæй нылхъивгæйæ, загъта дирек- тор. Æгъатыр рæнхъытæ та йæ цæстыты раз згъордтой. „...Совхозы партион æмæ советон чиновниктæ йæ фæн- доны фарс рахæцдзысты, уый ныфс æй кæй нал уыдис æмæ центрæй райсгæ æнахъинон дзуаппæй смæсты уæв- гæйæ дæр æмбал Пузанков йе уонг нæ ауагъта, йæ хо- тыхтæ нæ рывæрдта. Æрцыдис Мæскуымæ. Уым ын бан- тыстис нефты сæудæджерады адæмон комиссариатмæ ба- цæуын æмæ сын, нефть кæй ссардта, уыцы хабар радзырдта." Цифрæтæ,' факттæ, дзырдтæ, дамгъæтæ æмæ хъуыды- тæ разгъор-базгъор æмæ хæццæ-мæццæ кодтой директоры сæры. „...Куырдиат балæвæрдтам æмбал Пузанковы схор- 316
зæхджыы кæныны тыххæй иттæг диссаджы хъæддыхдзи- над, хъару æмæ стыр пролетарон æмбаргæдзинад равди- сыны сæраппонд. Уый фæстиуæгæн рабæрæгысты, бæс- тæйы æнæмæнг чи хъæуы, уыцы нефты æвидигæ фæ- сауæрцтæ..." — Цы хъуамæ саразæм, куыд хъуамæ лæууæм æнæ- дзургæйæ?-—æрбайхъуыстис Кузнецовмæ Курцы гуызавæ- гæнæг æмæ катайгæнаг хъæлæс. Кузыецов йæхи фæфидар кодта æмæ, газетæй йæ цæс- тытæ фæшшæрд кæнгæйæ, парторгмæ бакасти. Курц уы- дис фæлурс, йæ былтæ змæлыдысты, адæргæй йæ цæс- тытæ тарытæ кодтой, æмæ йæ Кузнецов афарста: — Æмæ, æфсымæр, уый мыййаг худинаг у? — Худинаг, Михал Димитрич,—зынтæй сдзырдта Курц æмæ иннæрдæм азылди. — Ручкæ райс, Курц. Фысс!—йæбынатæй стгæйæ, загъ- та Кузнецов,—„Мæскуы. ÆК(б)П ЦК, копи ССР Цæдисы Зæхкуысты Министрадмæ. Ставраполы крайы хуссар- хурыскæсæн хайы нефть кæй ис, уый газеттæй, базонгæйæ* къæдзыг фыццаджы дæр—арфæ кæнын æмбал Пузанковы Георазведкæйы тыххæй, йæ разы йын мах ныхдуртæ кæй æвæрдтам; уымæ æнæкæсгæйæ тæпп Дыккаджы—цин кæ- нæм кæй ссардæуыд, уыцы нефтдæттæг районыл тæпп. Æртыккаджы—махæй бирæ хæттыты чи куырата, уыцы Пузанковмæ хъæбæрзæрдæ ахастæй нæхи аххосджынтьыь нымайгæйæ, аккагыл нымайæм цахæм фæнды æфхæрд дæр. Хоры совхозы директор Кузнецов. Парторг—Курц." Курц сабыргай фыст фæци фæстаг дзырдтææмæ Куз- нецовмæ скасти. Директоры цæсгом уыдис æвæлмаст, кæд. æмæ йыл нырма хъынцымдзинады фæд зындис, уæддæр. — Нæ дыууæ дæр фæиппæрд стæм хъуыддагæй, нæ хъус æм не ’рдардтам æмæ ныл уый тыххæй тынг асæл- дзæнис. Æмæ афтæ æмбæлгæ дæр кæны. Уый уыдзæнис зонд-зонæн урок. Балконы тагъд-тагъд арацу-бацу кодта, æмæ стъолæй,. бæхгæсы ныв цы газеты уыд, уый сисгæйæ, фырцинæй загъта: — 0, Пузанков бæдæйнаг у! Хъæбатыр лæппу у! 31Г
Уый дзæвгар фæкасти бæхгæсы фæтæн, уадулджын, худæндзаст цæсгоммæ. — Советон Колумб!—æвиппайды йæ зæрдыл æрлæууы- ди æмæ ныххудти. Курц ногæй йæ хæлары рухс цæсгоммæ бакасти, æмæ .уымæн дæр йæ маст фæрогдæр ис. — Ныр та телеграфмæ ацæуæм,—-загъта Кузнецов, æмæ, æппæтмæ дæр цæттæ уæвгæйæ, сабыр къахдзæфтæй ра- щыдысты хуры тынтæй æфсæст уынгмæ. 1932 ’Ш
Малишкин Александр ПОЕЗД ЦÆУЫ ХУССАРМÆ Дæуæн зонгæ у æви нæ ацы æнахуыр æнкъарынад от- пусчы размæ? Уый у дымгæйы хуызæн æмæ дæ цыдæр- гъуызон йæхимæ æлвасы цахæмдæр диссаджы хурджын бæласдæттæй. Уый ды æвзарыс фыццаг хатт уалдзæ- джы райдианы, бынæттон комитет Хъырымы еынтæ- джыты тыххæй тыхсын куы райдайы, уæд. Æмæ машинист- кæтæ та сæ уæлæйæ куы раласынц хъарм хызуæфт жа- кеттæ æмæ райсомыгæтты куы æрхæссынц сæ рог блуз- кæтыл хур æмæ трамвайты гом рудзгуыты нывтæ. Уый тыххæй дæ зæрдыл æрлæууын кæн уæ хайады хынцæг, уæдмæ дачамæ чи ацæуы, уый. Æгæрыстæмæй, йе стъолыл дæр, йæ нымдгæнæн, хъус æрдарыны аккаг чи у, уыцы стъолыл дæр бухгалтеры бæзджын чингуыты рæдзагъд ныр рухс кæны Клязмайы мæй æмæ бæрзбæлæстæ æна- фоны сыбар-сыбур куы райдайынц... Æхсæвыгон парчы талынг къуымты хæтын, кæрæдзийыл фембæлдтытæ... Дæ- уæн дæ хъуыдыйы вæййы хуссармæ цæуæг поездты рас- лисани, æмæ, æгæрстæмæй, Ильинкæйы къултæ дæр цæрд- хуынкъæй баззайынц—рухс кæны æмæ сæ фæдыл тæхы, сатæг тыгъдбыдыр куыд фæтæхы, афтæ. Мæн ма хуссармæ йæхимæ æлвæста æндæр цыдæр дæр. Уыдис ахæм рæстæг æмæ тыгъдбыдыртæй сæфтыхъæр зсуы зæлланг кодта æмæ-иу тохы, алы æфсæнвæндагон станц сисгæйæ дар æмæ-иу цæстытыл ауадис, зæххы цъарыл кæй нæма фендæуыд, ахæм ныв. Æвæццæгæн, ды дæ зæр- дыл дардзынæ, æмбырдуацтæй Уралы -æхсæзæм полкыл цы 319
трагикон цау æрцыди Березневаткæйы хъæуы цур, уый? Уæд мæнæн рæстæгыл бантысти гадзрахатдзинад рабæ- рæгкæнын æмæ иу суткæйы тохты фæстæ тугамæхст пол- чимæ знаджы хъахъхъæд ратонгæйæ нæхи дивизимæ æр- бацыдыстæм, æцæг, нæ адæмæн се ’рдæг цагъды фесты,. уыцы нымæцы мæ иунæг æфсымæр дæр. Уæвгæ, куыд æвирхъау ныв уыд ногæй уыцы бынæттæ фенын. Уыцы бына^ттæ æнæ раздæхгæ æвзонгады æмæ мæлæты тæф кодтой. Æртæ азы бæрц уыцы тæфæн йæ кой дæр нал уыди. Хъуыды ма йæ кæнын, мæ ацыды хæд размæ, августы изæры æз бацыдтæн Арбатмæ, цахæмдæр киномæ. Æп- иæт дæр дзы уыди, куыд æмбæлы, афтæ: фойейы дыу- уæрдæм кодтой дзæгъæлгаст публикæ, æрдынтæ мæс- тæймарæн кодтой „Баядеркæйы," пианист та, хæй- рæджджынау, тактмæ йæ мондæгтæ исгæ, йæ бандон йæ фæдыл ласта гæппытæ гæнгæ. Дæлийæ уæлæ- мæ хызтæй æнгом æхгæд егъау рудзгуыты зилахар кодта фæзуаты хъæлæба, æмæ зæххы бын гыбар-гыбур кодтой трамвайтæ, æмæ фæс бульвармæ хастой адæмæй емыдзаг ныррухсуæвæг рудзгуытæ. Æз æрымысыдтæн мæ ацыды тыххæй, Хуссары тыххæй, æмæ нæ зонын цæмæн, фæлæ мæм æнæбауырнинагау фæкасти, кæддæр ам æцæгдæруæ- вынад кодта Березневаткæ, æмææхсæзæмполчы хъуыддаг,, æмæ фæздæгкалæг Перекопы сæрмæ бонивайæн: уыдонмæ бакæсынуыди зылын-мылынтæкъахтингæнау, тæссаг. Æмæ поездтæ дæр тахтысты амонды фæдыл талынг быдырты... Æмæ æз дæр, чи зояы, уым хуыссыдаин æбæрæгæй! * * ...Æняу, æппæг адæттæ уыдаиккой, æрмæстдæр кæй бафæлмæцыдтæн, уымæ гæсгæ. Цы боны цыдтæн, уымæн йæ райсомы адæмы цины æнтъыснæгæй перронафтæ æх- сысти, арвы цъæх афтæ хъæлдзæг уыди æмæ уайтагъд. æппæт дæрферох кодтон. Æз æрмæстдæр зыдтон, сæрибар кæй дæн, мæ сæры хъуыдытæй аппæрстон æппæтацыпап- кæтæ æд хъуыддæгтæ, бæлвырдгæнæнтæ, докладтæ æмæ ацы бардзыл Æнæмæтæй кафыдтæн. Севастополы поезд цыдис дыууæ сахатыл. Æз бадтæн купейы æмæ æнæхъуыддагæй бадгæйæ цымыдисæй æн- 320
хъæлмæ кастæн мæ сыхæгты æрбацыдмæ. Фыццаг æрбак цыдысты дыууæ чызджы, сæ бакастæй бæрæг уыди, ца- хæмдæр зынгæ секретариатæй кæй сты, къаннæг бур че- модантæ, хуыссæнтæ тыхт кæм уыдысты, ахæм агъуд, йæ- уæлæ ном æмæ мыггаг æндахæй фыстæй, æмæ, кæй зæ- гъын æй хъæуы, стъолыл цы дидинджытæ æвæрд уыдыс- ты, уыдон ууыл дзурæг уыдысты æмæ сæ сæ мадæлтæ сыгъдæг, æнцонвадат æмæ буцхаст кæй кодтой. Æмæ уы- дон дæр лæууыдысты уым вагоны размæ дыууæ уæгъд корсетимæ, зæронд дунейы дыууæ хæмхудджын мады, ла- кæй сæрст редикултæ сæ къухты, афтæмæй. Уыдон ды- бал-дыбул кодтой: — Фыссут, фыссут! Женя, изæры уазал вæййыу дæ’ кофтæ сис æнæмæнгæй æмæ йæ скæн. Соня, Ялтайы дæ ма ферох уæд Софья Андреевнæмæ бауайын! Æмæ Женяу гом цонг, хорз зылдæй чи адзæбæхи, уымæн йæ тарбын цæсты бын цы сау стъæлф уыдис, уый зæрдæ йæхимæ скъæфта. Чызг цыдæргъуызон къулбадæг æвзагæй хъæр кодта: — Зæгъут Владимир Александровичæн!.. Уый баныфс- æвæрдта хъуыддаджы фæдыл æрзилын... Æмæ ма ноджы цыдæртæ бынæттон комитеты тыххæй. Уый тыххæй фе- хъусынкæнын хъæуы Харьковмæ æмæ уырдыгæй æнæмæн- гæй гом фыстæг райсдзыстæм. Дыккаг—зæрдæмæдзæугæ нарстгомау зæлдаг ибкæйы мидæг—о, уымæй рацæудзæн иттæг хорз горæттаг æмæ дачайаг ус, мæнæ æппынæдзух чи байрæджы кæны æмæ йæ бирæ барчъитимæ адæргæй лæнк-лæнкгæнгæ фæстейæ- трамвайы чи фæсуры, уыдон хуызæн,—дыккаг æрмæст- дæр йæ сæр батылдта æмæ уæздан мидбылхудт бакодта. — Гыцци, Тускуйæн дæ хæринаг ныккæнын ма ферох уæд,—иу дзырдæй, хъæр кодта уый дæр. Сæ дыууæйæн дæр, цыма расгуытæ сты, уыйау сæ цæстытæ цæхæртæ калынц. 0, мæ цæстытыл уайы, цахæм хæдзæрттæй рацæу- гæ сты уыцы чызджытæ, уый мæнæ—хæдзарон дзаумæтты, агъудты, бибиты музейы хуызæн, рагон чинон æлдари- уæгкæнынадæй ма чи улæфы, уыдæттæ сты мин фараст сæдæ дæсæм—-цыппæрдæсæм азты арæзт, æмææнæхъæн баззадысты революцийы уадтымгътæй суанг мах æдас 21 321
æмæ улæфæг бонты уонг. Æмæ уыцы тæссаг азты фæстæ фыццаг хатт, раздæрау, цыдысты Хъырыммæ, æрмæстдæр Хъырыммæ! . Æфсæддон æрбацыд, полчы командиры уæлхуыд ны- сæнттæ нæ уæлæ, афтæмæй, æртын азы кæуыл цæуы, ахæм лæппулæг, бакастæй хъæууон, дымгæтæм йæ рæсугъд цæсгом ныскъуыдтæ ис, фæлæ рагацау уæддæр алкæмæ дæр худгæ цæстæнгас æмæ хæлар зæрдæ æвдыста. Æз æр- дæг сахаты фæстæ базыдтон, Грнгорий Иванич æй кæй хуыдтой, æмæ академимæ йæхи кæй цæттæ кодта, фæлæ фæкъухцыис æппæтиумиаг ахуырадæй, æмæ та ныр но- гæй цæттæ кæны,—ныр ныххæцдзæни, æнæмæнг ныххæц- дзæнис, мæнæ ацы элегантон адæймæгты фыддæрадæн дунейы цыдæридлæр мамашатæ ис, уыдон фыддæрадæн. — Ды дæр дæхидзæбæхкæнынмæ цæуыс?—уæздан хъæ- лæсы уагæй дзургæйæ мæ бафарста Григорий Иванич æмæ йе стыр игæргъуыз къухтæ уæрджытыл æрæвæрдта. — 0, Хуссармæ цæуын,—дзуапп радтон æз æмæ йæм дисгæнгæ кастæн афтæ, хъуыдыгæнгæйæ: „Дæу дæр ма дзæбæхкæнын хъæуы, хæйрæг æй базонæд". Æмæ мын цыма дзуапп ’ лæвæрдта, уыйау, ме ’рдæм кæсгæйæ, æнахуыр мидбылхудт бакодта, кантузийы мид- былхудтæй æваст йæ сырх уадултæ атымбылтæ сты, æвип- пайды мидбылхудтæй. Ахæм мидбылхудт цæстысыгау аппарын хъæуы иуварс. Мидбылхудтыл нæм æрбатыдта, талынг чи фендæргъуызон кодта æмæ лæгмæрдтæ чи уы- нын кодта, ахæм цахæмдæр хæстон æхсæв, „Æгъа,—ахъуыдыкодтон мæхинымæры,—уæдæ ды дæр зоныс ацы хъуыддаг!" Уалынмæ æрбацыдысты ус æмæ лæг, уыдон уыдысты хъуынтъыз, тарæрфыг, сæ бакастæй бæрæг уыди æфхæрд æмæ фæлмæцыд кæй уыдысты, æмæ, хæйрæг æй базонæд, сæ хъысмæт мæ кæдæмыты ыæ ахæццæкæнын кодта: куы зæгъын воронежаг дуканигæстæ сты, куы зæгъыц лебе- дянскы кооперативон кассайы кусджытæ сты, куы зæгъын Мæскуыйы æфсæнвæндаджы кусджытæ сты—-æмæ алы ран дæр зынынц гæныстоны нывтæ, фæкъаддæркæныны нывтæ... Æмæ, цингæнгæйæ, цавтой фæстаг дзæн- 322
^гæрджытæ. Мамагпатæ, схъиудтытæ гæнгæ, къухмæрзæнтæ тылдтой æмæ чысыл ма бахъæуа уаргъхæсджыты агъуыд уæрдæтты бын ма фæуой,—æмæ ныр нæ алфæмблай тæхы ..æмæ уасы вагæтты тар хъæд æмæ зилын байдыдтам, æр- мæстдæр сыгъзæрингъуыз рыг кæм уыд, ахæм афтид -бынаты. — Хæрзбон, Мæскуы! Æз æмæ Григорий Иванич сыстадыстæм æмæ чызджы- ты сæрты кæсæм, нæ бынмæ чи зилахар кæны, уыцы хæрзбонгæнæн рæсугъд уæлхæдзæрттæм. Уалынмæ, зул- цæстæй кæсгæйæ, з^ынын, Григорий Иванич йæ цæстытæ ныццавта, Женяйы цæстыхауты бын цы сау стъæлф уы- ,дис, уымæ, йæхимидæг фæтыхст æмæ йæм сусæгæй сы- ^вæллонау тагъд-тагъд, тæрсгæ-ризгæйæ касти... „Уый ^аккаг нæу, Григорий Иванич,—-фæндыди мæ уымæн зæ- :гъын.—Уым чи скъулбадæги æмæ дæуæн æнæмбаргæ чи сты, уыцы уæттæ, уæздан тæфтæ, æмæ æрхъуыды чи -фехалы, уыцы дзырдтæ, Афтæмæй ды та цæсгомджынæй ^хъуыды кæныс, цæмæй ацы ацыды рæстæджы иу фынд- дæс сомы исты ’гъдауæй ратонай æмæ сæ арвитай дæ ♦ райгуырæн уæзæгмæ, цæмæй зымæгмæ зæронд усæн йæ ^къæсы.уæлхæдзар æрæмбæрзт æрцæуа. Гуызавæ æмæ æн- 'Къард кæндзæн, Григорий Иванич, дæ хъуымæтæгдзинады ■ тыххæй..." Мах тæхæм, дачайон платформæты æмæ станцты сабыр- дзинадæй йæ ком чи вазы, уыцы лæууæнты, тæхæм æдзæ- рæг ран, тар хъæды сатæг æмæ тары æмæ алы ран дæр парахат бунт, гыбар-гыбур, рыг. Чызджытæ бафæлладысты, стъолы фарсмæ ныхæй-ных- мæ сбадтысты æмæ дымгæйæ спыхцылтæ уæвæг сæры хъуынтæ расткæнгæйæ махыл, неппæтыл дæр уазал цæс- тæнгас хæссынц. Григорий Иваничы цыдæр ныфс бацыди, -бадæны бынты абырыди цайдан хæссынмæ. Тагъд æрхæц- < цæ уыдзыстæм Серпуховмæ. Григорий Иванич уайтагъд йæ цæстытæ ныццавта чыз- джыты эмалæй сæрст цайданмæ. — Вар мын радтут æмæ сымахæн дæр цай æрбадавон. Уыцы цау æнæнхъæлгæ кæй уыди, уымæ гæсгæ йæм Женя фæреæджы каст кæны. 323
— Табуафси... Поездæрлæууæны шпортæ æмæ цайдантæ калидоры^ лæбурджытау, сдзыгъал-мыгъул кодтой. Женя рудзынгæй размæ агуыбыр кодта. — Ма байрæджы кæнут!—йæ фæдыл хъæр<кæны чызг. Æзтæрсын бакæсын, цымæ Григорий Иванич нæ фæкал- ди фыр амондджынæй. Мах ленк кæнæм Серпуховæн фалийæ уæрæх быдыры, уым мæй сырх пиллон калы, уым ис æврæгъты арф, цьг ран ныгуылынц аргъуантæ æмæ хъæутæ æмæ мигътæй чи нал зыны, быдыры уыцы иу хай. Цай цымгæ-цымын ГригорийИваниччызджытимæ уæндондæрæй ныхас кæныш райдыдта. Фæлæ æз не ’ууæндын Женяйæн йæ æгæр хъус- дардыл, не ’ууæндын йæ тымбыл цæстыты мидбылхудтыл. Æвæццæгæн, уый ахæм æнкъарынадимæ Мæскуыйы сырх. къухмæрзæн æрбæтты манифестацийыл, кæнæ та къæл- къæлгæнгæ кокетмитæкæны коммунисттимæ, бынæттон ко-~ митеты сæрдаримæ. 0, хинæйдзаг чызг зоны, хицæуттимæ- йæ йæхи дарын куыд хъæуы, уый. Æмæ йæ мах базыд- там, уыдон Соняимæ Алупкæмæ кæй цæуынц æмæ стæй та Хъырымы хуссар донбылгæронмæ, уый. Уыдон ма уым. уыдысты цыппæрдæсæм азы дæр, къаннæджытæ ма куы> уыдысты, уæддæр. Уæд расидт æрцыдн [хæст, æмæ ахæм, паникæ уыд, ахæм! — Æмæ уæддæр хъуыды кæныс, Соня^ Байдары кул- дуæрттæ! — Ах, Байдары кулдуæрттæ!.. —бурдзалыг чызг йæ«' цæстытæ цъынд кæны фырцинæй. — Ды дæр Севостополы уонг цæуыс?'—фæрсы йæ Же- ня æмæ йæ цæстытæ хъазынц, уым, ройлы цур, абажуры бын дидинæджы сыфтæм кæсгæйæ куыд фæхъазынц, афтæ. Æмæ ноджы цалы цæстытæм хъазыдысты афтæ кæсгæйæ?* — Нæ, мæн цæуын хъæуы Симферополыл. Уыцы Бзй- дары кулдуæрттæ æз раджы федтон! Бригадаимæ мах уы- цы бынæттыл æрзылдыстæм. Григорий Иванич архайы æнахуыр цыдæр æрхъуыды- кæныныл. — Мæнæ мæнмæ æппæт дæр фыст у, цы бынаты- цы, 324
хъуамæ уа, уыдæттæ. Тынг дис-са-г! Мæнæ Харьковыл ацæудзысты карчы цъиутæ æмæ уæ цас фæнды, уыйбæрц хæрут, ха-ха-ха!-~худæгæй бакъæцæли Грпгорий Иванич. Уый худти фæсус хъæлæсæй, фæлæ Йæ худт уыди зæр- дæмæдзæугæ. Мæнæ Мелитополыл та ацæудзысты фых кæсæгтæ, сур фых кæсæгтæ, ха-ха-ха! Уымæ бадын нæ цæуы, йæ зæрдæ уæрыккау кафы, йæ хъуынтъыз сыхæгты йæ уæлныхты систа, хоны сæ цаймæ. Уыдон нырма натæ кæнынц, фæлæ стæй хызынæй си- -сынц егъау фæндаггон кружкæтæ æмæ сæ бадарынц Гри- горий Иваничмæ. Григорий Иванич цай кæны æмæ быхсы, ца- лынмæ тыхархайдæй йæ къух нæ фæрысти, уæдмæ. Фæлæ, æвæццæгæн, æнæбынкружкæ у. Григорий Иваничмæ худи- наг æркасти, фæлæ йæм ноджы худинагдæр та кастис йæ ныууадзын. Сылгоймаг дæр æфсæрмы кæны, уый къæмдзæс- тыггæнгæ йæ къух дары æд кружкæ, йæ сау дæндæгтæ тæригъæдтаг худт бакæнгæйæ. Уыцы хуынды фæстæ Гри- горий Иванич æнцад бады, цыма йыл исчи ту бакодта, аф* тæ фæци, зæххкуы аскъуыид æмæ уым куыныххауид, уый дæр æй æрфæндыди. Изæрмилты фæтæхæм Туламæ, тезгъогæнæг, фæтæпп- "фæтæппгæнæг рухсыты губернаг изæрмæ. Чызджытæ ра- цæуынц фанарты рухсмæ, сатæгмæ æмæ уым сабыргай тезгъо кæнынц, махæн сты бынтон æцæгæлæттæ. Григорий Иванич уыцы кружкæты фæстæ йæ ныфс нал хæссы ба- цæуын æмæ дардыл разил-базил кæны иунæгæй, æрхæн- .дæгæй. Æз та дæн амондджын: мæ сискъултæ, боныфæс- тагмæ, æркалдысты уыцы ног мæйдары, мæнæн мæ цæсты- тыл уайы алы вокзалы фæстæ дæр æгæрон горæт мингай цæрджытимæ, æмæ уыдонæй алкæмæн дæр йæ бон уыди рацæуын мæ уоныл. Æмæ Березневаткæ дæр нырма кæм- дæр зылын-мылынтæ талынг зæххы арфы цæры ацы фæз- дæджджын æрхæндæгдзинадæй. Женя йæ уæлæ æрбакодта хъарм хызуæфт кофтæ æмæ •фæцæуы къæлидормæ, гом рудзынгмæ. Уым æхсæв кæны уазал, æмæ диссаджы тархъæдтæ тæхынц нæ фæрсты, кæрон дæр сын нæй, афтæмæй, сæхимидæг зарынц дзол- ^тъо-молгъо зарджытæ. Мæнæ, йе, абон нæ кæдæм бакæсын 325
хъуыди, ахæм къæмдзæстыг æвдисæг чызджы тар цæсгом— мæ. Фæлæ Григорий Иванич нæ зыны, кæмдæр æрхæндæ- гæй йæ рыхын цæуы кæйдæр купейæ. Æрлæууæны та> рудзынджы бынмæ бацыди фæлмæн вагонæй ног даст æры- гон лæппулæг, йæ уæлæ ис хорз дарæс, æнхъæл дæн, Женямæ талынджы йæ къуырф цæстытæ сзылдта æмæ диссаджы хорз ныззарыди. Ды зоныс, рудзынджы бын зарын кæй у бæлæсты унæр, уый. Æмæ дын чидæр æхсæвы дæ- цурты фæхæссы йæ диссаджы хъæлдзæгдзинад. Мæгуыр- сар, Григорий Иванич, цахæм сахат рауагътай, цæ! Фæлæ уæртæ, йе, уыцы лæппулæг! Циагæнгæ бырсы кали* дормæ, тыхулæфгæйæ, æвæццæгæн, бадт бафæрæзта по- ездыл æрмæстдæр цæугæ-цæуын, æмæ йæ дæлæртты ие дыууæ егъау харбызы. —Диссаджы хорз харбызтæ сты,—хъæр кæны уый мах- мæ, йæхи нæ бауромгæйæ тагъд-тагъд дзуры æмæ та^ ныкæл-кæл кæны. Æмæ, йæ харбызтæ не суæгъдкæнгæ- йæ, йæ уæз æруагъта бандоныл. — Æмбæстаг, дæ ном æмæ дын дæ фыды ном дæр нæ- зонын! Уым дæ цæстыты рыг бакæлдзæн! Ракæс-ма, дыу- уын капеккæй æз цытæ балхæдтон! Женя, рухсдзаст уæвгæйæ, æвæндонæй бацыди æмæ йæ~ сæр банкъуыста: нæй, нæ йæ фæнды æмæ афтæ уазал зæрдæ... уазалæй йæ цæсгом сæнцъылдтытæ. — Соня, ды фынæйкæнынмæ цæуыс? Фæлæ Григорий Иваничы зæрдæйы фæзынди цавæрдæр- тар абухындзинад, йæхи ницы хуызы æруагъта дæлæмæ. — Мæнæ ма харбызмæракæс,—знæт кæны уыйæмæ, йæ- къухтæ дард фæхæсгæйæ, харбызы йæ уæрагыл æрри- уыгъта. Æмæ рæгъæд харбыз йæ астæуыл афастиу уый уыди рæсугъд, йæ дон ракалди, сæкæрау адджын,сырх-сырхид. карст дзы кардæй ралыг кодта æмæ йæ Женямæ бадардта.. — Æмбæстаг!.. Æмæ неппæты дæр хъæлдзæг дары Гри- горий Иванич. Æмæ Женяйæн дæр харбызы карст æнæ райсгæ нæ уыди æдыяы худтæй бафæлмæцыны фзестæ. Харбызы«хай райста æнæввæрсон нарст сылгоймаг дэер, райстам нæ 326
хæйттæ йæ хъуынтъыз æмкъаимæ мах дæр æмæ цæуæм уазалы, уалдзыгон тадмитыуддзæфныхъхъуыргæйæ. Гри- горий Иванич бирæ рæстæджы дæргъы, сабырæй абадыны фæстæ, райдыдта хъæлæба кæнын æмæ не фондзы бæсты дæр худтис æмæ кæл-кæлкодта. ... Поезд æрлæууыди æхсæвыгон цæхæрадæтты цур. Æз дæр рахызтæн платформæмæ, фанартæ дыдзы рухс кæм кодтой, уыцы бынатмæ æмæдзы ссардтон станцы ном. Ам кæддæр цыди Деникин, -стæй Мамонтов дæр æмæ дзы нæ эшалонты гыбар-гыбур хъуысти. Æз рухсмæ мæ чъылдым сыздæхтон, æрдæг цъынд бакодтон мæ цæстытæ æмæ мæ бафæндыди, æппæтдæр куыд уыди, уый æрымысын: рудз- гуыты саст æвгтæ, залы фæтæгены дыдзы рухс, уым пъо- лыл, рынчынæй хуысгæйæ, сфыдхъуынысты ссыст уæвæг салдæттæ, сæ винтовкæтæ сæ нывæрзæнты бакæнгæйæ, фæлмæцыд салдæттæ цæуынц Мæскуымæ æмæ хъыллист кæнынц мæлæтæй тасæвзар паровозтæ. Фæлæ сын уы> мæй ницы цыди, уазал сæ, цæугæдонау, хъæбыс кодта, хæццæ-мæццæ бæласдæтты мидæг сыфтæртæ сыбар-сыбур кодтой. Уыдон уыдысты бæзджын æмæ æвзонг. Ныффæл- дæх кæрдæгыл æмæ быдираг дымгæмæ фынæй кæн... Дардмæ базыдтон æз Григорий Иваничы. Уый цæуыл- дæр цин кодта æмæ кафгæ рацæйцыд вагонырдæм, æна- хуыр стыр харбыз йæ гуыбынмæ нылхъивгæйæ. Асины къæпхæнтыл хæрхæмбæлд фестæм, фæлæ уый арæхстгай мæ рæзты ахызти æмæ, йæ сæр иуырдæм акъулкæнгæйæ, йæ цæст-иу æрныкъуылдта æмæ та-иу æрныкъулдта ваго- ны бынмæ... Талынг фынæй купейы мын ме уæхск басхуыста. •— Ех, байрæджы кодтон, фæлæ, уæвгæ, харбыз хорз у, хъæуы дæ?~æмæ мæ, къæмдзæстыггæнгæ, ныллæг хъæ- лæсæй бафарста:—Мæ цырыхъхъытæ цы фæкæноы ахсæв, мæ къæхтæ смаг кæнынц æмæ? — Уымæн ницы у, —загътон æз. Фæлæ уый уæддæр йæхимидæг тыхст, афтæмæй схуыс- сыди æд къахыдарæс, йæ уæззау къæхтæ тæрхæгæй уырдыгмæ æмхуызонæй æруадзгæйæ. Æз баззадтæн иунæгæй, поезд хъыллистгæнгæ тахти 327
мамонтовонты фæд-фæд. Æмæ мигътау лæсыди фæндæг- тыл, горæттыл, — талыиг быдыры. Чи фæбури æмæ цæст кæуыл не ’ххæесы, ахæм быдырты сæдæгай верстты тыл- лæг ныридæгæн денджызау фæйлауы. Астæумæйы уонг къутæрты æмæ гæдыбæлæсты бын чысыл станц фæци. Платформæты цурты бæгъæмвад сылгйймæгтæ æд хæринæг- тæ, æд хъуырæуттæ, æд харбызтæ, хъæууон æмæ цæхæра- доны бæркадимæ рацу-бацу кодтой. Сылгоймæгты уадултæ уыдысты члауиты хуызæн. Æфсæнвæндагон станцы сæрмæ хур скасти æмæ разындысты абырджыты фæндæгтæ. Ам -æрæджы дæр ма сырх куынæггæнæг къордтæ хæцыдысты Махно, Щус æмæ Хмараимæ... Уыцы цъæх-æрвгъуыз рыг фæндагыл, хуыссæгхъæлдзæгау, галтæ уæрдоныл ласынц яог карст кæрдæг, æмæ æфсадæй чи рыздæхт, ахæм лæп- пулæг, йæ уæлæ, чи сивта, ахæм æфсæддон хæдоны, уæр- доны дæлгоммæ хуысгæйæ, поездыл æмбæлы хуыссæг- хъæлдзæг рæсыд цæстытимæ. Къанауты æмæ фæсхъæу дæр, фыдæлтæй фæстæмæ згæхæрд сындзджынтелтыл мих- тæ кæм æрцауындзæг сты,- уым бæзджынæй ссыдысты залмысыф, хъоло, пысыра. Хæлуарæджы тык сау дары жъанауты кæрдæгæй æмæ дзы хъахъа кæнынц кæрчытæ. Талахъæдтæ сзадысты, быдыртæ фæхъæздыггъуыз сты. Нæ купейы та хордтой харбыз, Харьковы цур хордтой аслам бæдултæ, æцæг, хæрын дæр мæм нал цыд æмæ уы- донмæ кæсын дæр, фæлæ мыстыты сайд Григорий Ивани- чы хардзæй цал хатты цай- бацымдтам, уый нæ рох дæр •фæци. Григорий Иванич та сæ дыууæйæ дæр фæстæ нæ’ зади. Йе шпортæ дзыгъал-мыгъул гæнгæ сæ фæстæ хъахъ- х’ъæнæгау цыд æмæ сæ Харьковы посты лагъзмæ афæн- дарасткодта. Семæ фæрсæй-фæрстæм цæугæйæ, Женя æр- мæстдæр кæл-кæл кодта, кæл-кæл кодта æмæ йæ цæс.тытæ ныйирд кодта фæлмæн вагоны рудзгуытæм. Æмæ æз та мæсты кодтон: æ, зæгъын, Григорий Иванич, нæ мæм байхъуыстай, нæ! Æмæ фæсус худты бын куынæ фæцадаид, уæддæр афтæ ’нхъæлут æмæ шпортæ даргæйæ æцæг адæймаг у Григорий Иванич? Йемæ растдæр уыцы æфсæст æмæ къуырмадзинадæй( Харьковы æнæфæфиппайгæйæ чи ахызти, уыцы хъуынтъыз 228
-бæлцæтты бæсты нæ купемæ æрбалæстысты ног бинонтæ. Мæстджын, стæвдтæ сылгоймаг хаста дзидзидай сывæллон; йæ лæг, цæхæрцæст лæппулæг, цигайнаджы хуызæн чи уыд, уый йын йæ фæдыл кодта, цыппар азы бæрц кæуыл цыд, ахæм чызджы. Семæ ’рбахастой къалатитæ, голджы- тæ, хъæццултæ æмæ бурдзалыджы сынтæг уайтагъддæр айдзаги алы харахурæйæ æмæ сывæллоны кæуынæй. Сыл- гоймаг, æфсæрмы нæ кæнгæйæ, йе стыр дзидзи сласта æмæ йæ уадидæгæн сывæллоны дзыхы фæцавта. Лæппу алы æрлæууæны дæр радугъ-бадугъкодта хæринаг æмæ æхсыст дон самалкæныны фæдыл. Мæнмæ афтæ фæкасти, цыма ацы сабыр лæджы кæмдæр федтон. Уый æнæхъуыр- хъуырæй, æдыхстæй кодта æппæт митæ дæр. Чызджытæ сæм зул цæстæй кастысты, сеуæхсджытыл- лу иуырдæм фæхæцыдысты æмæ сыл сæ былтæ счъилтæ -кодтой. Чызджытæ райгонд нæ уыдысты. Пъолмæ, æцæг дæр, акалдысты харбызы æппытæ, дон æмæ хæрæнтæ дæр, сæ къæхты бын сæ сызмæстой æмæ сæ уæлæ зæрдæйы фæндиаг гæппытæ кодта хистæр чызг, йæ къухы стыр харбызы карст, афтæмæй. Æмæ ма уыцы чызг стæвдтæ конд бурдзалыг сылгоймаджы къæхты бын, • афæлдæхта, æхсыст дон кæм уыд, уыцы цайдан дæр. Бурдзалыг бынтондæр стъизыдта. — Ай æнæхсæстдзинад у, æз нæ зонын... Сфаджыскæ- *най, сæмтъерикæнай, адæймагæн йæ къаба счъизикæнай, ;уый цы у. Æз бахъасткæндзынæн. Ус æвæлмасæй уызта сывæллоны, æгæрыстæмæй йæм >кæсгæ дæр нæ ракодта, афтæмæй. — Æмбæстаг,—загътон æз, се ’хсæн ныхасы бацæуын хъæуæгыл банымайгæйæ,—фæивар дæ кæндзысты дæ æвæт- кы тыххæй. Акæс-ма, купе цы хуызæн скодтат! Уый йæ маст нал баурæдта æмæ дзурынмæ фæкъæрдти. — Уадз æмæ мæ фæивар кæнæнт!—фæхъæркодта уый. Кæсыс, сывæллæттæ ис мемæ, сывæллæттæ! Кæд ам дæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæд фæлмæн вагоны сбадтаис. Цынæ- тъуызон... адæймæгты дзы фендзынæ. Лæппу, тæрхæгыл йæ рæмбынкъæдзæй æрæнцойгæнгæ- ^йæ,лæууыдис æмæ афтæмæй худтис. Æз ын пицы ’мбæрс- 329
тон, уый къæйныхдзинад уыдис æви хуымæтæгдзинад, уы- мæн. Йæ цæсгоммæ йын æдзынæг бакастæн. Уый уæддæр* хъæлдзæг мидбыл худт кодта, кæддæр цыма фæдисы кæй федта æмæ кæй нал хъуыды кæны, ахæм мидбылхудтæй. Æз сылгоймагæн карзæй загътон: — Æмбæстаг, мах дæуæн хъазæнхъултæ мыййаг не* стæм, фæлæ советон службæгæнджытæ стæм, уыйдæ зæр- дыл дар. — Æмæ сымах уæхæдæг бацахстат æнæхъæн бадæн тæрхæг,-— фæхъæр та кодта йæ цæссыгтæ калгæ æмæ йæ хуылыдз ибкæйы кæрæттæ лæмаргæйæ бурдзалыг. Кæрæдзи ныхмæ кæй фестæм, уый мæнмæ æппындæр худæг нæ фæкасти. Æз ацыдтæн, æмæ нæ зонын, гуым- гуымгæнæг гом рудзынджы раз вагонмæ бахизæны цал сахаты фæлæууыдаин. Мæ цæсты раз згъордтой æгæрон быдыртæ. Æфцджытьг лылагъуыз хæххытæ арвы кæрон сæ сæрты кастысты. Бæстæ уыди хъарм. Цахæмдæр аргъаумæ гæсгæ, цæсты- тыл уадысты æфсад уыцы къуыппыл сæуæхсидмæ куыд цы- дысты, уый. Салдæтты цæсгæмттæ уыдысты розæгъуыз, чи ыæ ма сзындис, уыцы хурæй. Уый уыди Березневаткæйы уалдзæджы фыццаг уддзæф. ’Уымæн йæ зæхх йæхимæ айста æртæ сæдæ æмбалы, номгай сеппæты кæй зыдтон, ахæмты. Æхсæвы поезд сæ уæлæ хъуамæ ацыдаид йæ цырæгътæ хуыст фынæйгæнæн вагæттимæ. ...Уый размæ—æхсæвы уыди фæдис хабар. Серебряное—Березневаткæйы ’хсæн фæндагыл фæзынди бандæ æмæ уый размæ бастыгъта тагъддзу поезды. Уымæ гæсгæ æлхынцъон станцы мах поездыл сбадтысты хотых- джын хъахъхъæнджытæ: вагоны ’хсæнты æрбакалди рох- гонд тасы уддзæф, мæнæ æнудæсæм азы куыд уыд, афтæ. Бæлццæттæ бардзгай æмбырдтæ кодтой талынг купетæм, фæсивæд худтысты, боцъоджын æмбæстаг, кæсæнцæст- джын уæллаг тæрхæгыл бадгæйæ рафт-бафт кодта, йæхи- мидæг тыхсти: „Хæйрæг сæ базонæд, чи зоны, афонмæ искуы баауонкодтой сæхи æмæ сæ фæллой нымайынц!..— Дæумæ æхца бирæ ис, ды та цæмæй тæрсыс!"— хъазгæ- 330
мхасæн ын загъта иу хъæлдзæг зылынкъах лæппу, йæ* уæлæ къуыпсы галифе хæлаф кæмæн уыд, ахæм. Купейы дыдзы рухс скодтой, æмæ та сылгоймаг, æп- пын никæмæ каст, афтæмæй уызта сывæллоны. Уæвгæ, йæ- царды мидæг уымæн нырма цас тар изæртæ баззад! Лæп- пу раздæрау йæ лæггадкæнын нæ уагъта: æхсæвмæ сæ- цы хъуыд, уыдон сын амал кодта: уæттæ бакодта, дон сын хаста. Мæнæн сæ цуры бадын мæ бон нал уыди. Иу дзырдæй, скодта хъуынтъыз абырæгон æхсæв. Ва- гоны адæм тагъд-тагъд схуыссыдысты, цæмæй фæдисы> хабар ферох кæной, цæмæй райсом хуры скастмæ райхъал уой, ууыл архайгæйæ. Иунæг чи уыд, уыцы бурдзалыг мæстыхуызæй схызти дыккаг тæрхæгмæ, купе æнæхъæ- нæй йæ синтæй бамбæрзта æмæ афтæмæй. Уыцы æхсæв^ æз никæймæ фембæлдтæн. Æз хъуамæ ссардтаин Григорий Иваничы. Поезд тахти уырдыджы æмæ мæ калидоры дыууæрдæм раппар-баппар* кодта. Вагоны дуар къухæй феуæгъди,—æрбайхъуысти хъыррыст, æхсидт æмæ уазал æрбакалди. Уый уыди уым,„ фæлæ иунæгæй нæ,—сæ дыууæ дæр рудзынджы цур, сæ сæртæ æркъулкæнгæйæ, сæ зæрдæйы фæндиаг къуындæг бынаты лæууыдысты. Æз райдианы хъуыддаг нæ бамбæрстон. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æрмæстдæр уымæн афтæ уыди æмæ Женя- æцæгæй дæр тарстис абырджытæй: уый ныртæккæ хъуы- дис искæй иттæг ныфсдæттæг тых. Æвшшайды йæ æн- дæр цы хъуамæ баппæрстаид нæлгоймаджы базыры бынмæ?' —Станц уыдзæннс фалдæр. Фенын дын æй кæндзы- нæн...—дзырдтаГригорий Иванич. Фæлæ уый уыди æндæр* Григорий Иваничы хъæлæс, æз кæмæ æнхъæлмæ кастæн, уый,—-Æз, кæсыс мæм, удæгас дæн æмæ ма курортмæ^ дæр цæуын. Фæлæ чи зоны ’мæ æртæ азы фæстæ та ауыл- ты рацæуон, æмæ мын уæд иуылдæр æнæ зонгæ уой. Фæлæ уæдмæ æз зондзынæн дыууæ æвзаджы, мæнæ... — Радзур-ма ноджыдæр... фехъуыстон æз, Женя са- быргай куыд куырдта кæнæ æндæр цыдæр куыд загъта лæхстæгæнæг хъæлæсы хаттæй. Уыдон мæн нæ федтой, æз сабыргай мæхиуыл дуар æрбахгæдтон... 331
Нæ зоныи, уæд мæи цæмæн æрбагуылф кодта змæст æрхæндæгдзинад: цымæ уый тыххæй æмæ кæй ницы ра- хатыдтон æмæ мын цард мæ лæмæгъ хъуыдытæ æнцонæй кæй ныссаста, æви мæхи дæр фæндыди, царды мидæг уæлахизæй рацæуон, уый. Æз баздæхтæн вагонмæ, мæ кæройнаг бадæнмæ, æркув- æркув кæнын байдыдтон. Иуылдæр фынæй кодтой, сабыр лæппу дæр фынæй кодта, мæ комкоммæ бадгæйæ æфсæй- наг цæджындзыл йæ сæр æруагъта, афтæмæй. Бирæ нæ нал хъуыд Березневаткæмæ. Березневаткæмæ? Уæдæ ма уый æцæгæй дæр зæххыл баззади? ...Æмбасæхсæв гарзджын кантроль разылди документ- тæ бæрæггæнæг. Змæстæй узæгау чи кодтой, уыцы дунейы къуымтæ æмбисы уонг фынты ныгъуылдысты. Лæппу дæр сындæг- гай йæ цæстæй ракасти, зынг мæ ракуырдта æмæ йæ дзып- пытæ сабыргай къахыныл фæци. — Мæнæ уал дын партион билет, — æрæджиау загъта уый,—ныртæккæ рацагурдзынæн паспорт дæр. Фанары цур дыууæйæ кæрæдзи ныхтæ сцæвгæйæ æр- -кастысты документмæ. — Фаг у, — загътой уыдон фидарæй. Мах нæхæдæг иунæгæй баззадыстæм, фынæй чи кодта, уыцы иугъуызон размæтæхæг сабырады. Æз банкъард- тон, мæ ныхмæ чи бады, уымæн йæ цæстытæ мæнмæ кæй •сидынц, уый. — Æмбал,-—-уалынмæ æрдæг хъæлæсæй, æргуыбыркæн- гæйæ загъта уый, — æрдæбон дæ хатырдзинад хъуамæ ракуырдтаин мæ усы тыххæй. Уый иу цъус йæхи адыл нæу,—лæппу зæрдиагæй ныххудти,—уымæн йæ нуæрттæ риссынц, сусæг куысты бафæлмæцыди. Æз исдуг дисы бахаудтæн, фæлæ йын уалынмæ уæзданæй загътон, зæгъын, уыдон иуыÆдæр раджы ферох сты. Уый, æвæццæгæн, фæндыди аныхæстæ кæнын. Уый ныхас æр- ыфтыдта абырджытыл. Æз ын загътон, зæгъын, уыцы бынат хорз зонын, уæртæ нæ уым, Березневаткæмæ бацæуæны хæрды цæуын хъæуы. Поезд ацæудзæн къахырыл, уый у^ 332
иуыл хуыздæр бынат ныббырсынмæ. Æз уыдтæн ам, Пере- копмæ чи батыдта, уыцы æхсæзæм армиимæ. Уый бацинкодта. — Зонын æй, зонын, уыцы арми уый фæстæ бацыди- Хъырыммæ, æз мæхæдæг уырдыгон куы дæн. Лæппу ранымадта цалдæр адæймаджы армийы штабæй, сæрмагонд хайадæй, цалдæр та дивизиты хистæртæй. Мæ мыггаг мын нæ загъта, нал мæ хъуыды кодта. — Мæн тыххæй ды чи зоны ’мæ исты фехъуыстай?1 Яковлев, партизан. Мах баиуыстæм Æхсæзæм армиимæ Сим- ферополы цур. Мæнæн мæ сæры хъуын барц сбадти. Уый Яковлев у? 0, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыды йæ кæнын, иу хатт дивизийы разведкæйы ротайы тынг цымыдисæй касты- стæм, сæхтæгæй чи хъазыд, уыцы фыдуынд адæймаджы нывмæ. Уый уыдис армийы фæтæг, врангелон фæсчъыл- дым хицауиуæг кодта, йе ’рцахсынæн ын ницы. фæрæзтой. Яковлев! Махмæ та чи нæ зыдта Яковлевы тыххæй, зымæ- гон Яйлийы æфцæгыл легендарон ахызты тыххæй, ихджын иукъахвæндæгтæ, æрмæстдæр сырдтæн зындгонд чи уы- дысты, ахæмыл? Йе ’фсьшæры йын æрцауыгътой. Севасто- полы. — Иуыл зындæр уыди зымæджы, фæлæ мах уæддæр ацыдыстæм. Байдары цур лæгæты æмбæхстыстæм. Мæнæ мæ йеныры усимæ бастдзинад дардтам Севастополы коми- тетимæ. Æз уыцы адæймагмæ хъуыстон, мæхимидæг тыхстæн, афтæмæй: уый вагоны æхсæвы хуызæн нал уыди, Берез- неваткæйы уый йæ зæххытæ ’мæ йе ’ндæргтæ фæстийæ фæуагъта. Уый ноджыдæр радзырдта, зæгъгæ, куыстон- кæмдæр Купянскы уезды милицийы хистæрæй æмæ йæ ныр Ялтамæ, йæ райгуырæн бæстæм ивынц кусынмæ, æмæ, зæгъгæ, йæ усимæ Севастополыл Байдармæ барæй цæ- уынц. Поезды хъæр хъуысын байдыдта хъомысджындæ- рæй æмæ æнкъард музикæйы хуызæнæй. Йæ фынæйæ рай- хъали Григорий Иванич æмæ хъуызæгау йæ цинел йæ къухмæ айста æмæ ацыди, уым æй хъуамæ скодтаид йæ коммæгæс уæхсджытыл гуывгуывгæнаг рудзынджы цур. 333
Хуыссæгхъæлдзæгæй разынд знæт рухсытæм æхсæвы тарæй ныллæг казармæ æмæ уæд æз дæр базыдтон Берез- неваткæйы. Æз радугъкодтон, кæм фæтутæ чындæуыд æмæ хуын- чъытæ ахуырст диван кæм уыд, уыцы залмæ; сырхæфсæд- донтæ лæууыдысты телефоны аппараты цур, иуылдæр æд топпытæ. Сыхаг уаты салдæттæ къæхтæй гыбар-гыбур код- той æмæ фыдуаг гуым-гуым кодтой, дæрæнкæныны размæ ^уыд вæййы, афтæ. Æз æрцыдтæн, телеграф кæм уыд, уырдæм: фæстæмæ тауыцы стыр фындзджын, цъиахыхуы- зæн чи уыд, уыцы сомихаг къухы æнгуылдзæй амыдта Юзайы аппаратмæ, мæ цуры йæ барæй амыдта, йæхи æв- дисынмæ хъавыди, зæгъгæ, æппæт мæ цард снывонд код- тон ацы стæгын клавишæты тыххæй. — Бастдзинад нæй,—загъта уый. — Æмæ нæ дæр уыдзæнис,—загътон æз,—мах ардыгæй цæугæ кæнæм. Æз мæ бæхыл тахтæн, хохы цъуппыл мæлæтæй чи раирвæзти, уыцы батальоны ф’æстæ; ме ’мхæстонты цæс- гæмттæ хурæй уыдысты тар æмæ розæгъуыз, уазал æмæ мæлæты къахыл лæууæг хурæй. — Кæм и комендантон камандæ?—бафарстон æз. Уымæн хистæрæй .уыд ме ’фсымæр. Ничи йæ зыдта. Дæлийæ, кау- ты фæстийæ батальонтæ, æнувыд батальонтæ дзуаппæхст кодтой. Æз рацыдтæн сырхæфсæддонты цурты. Уыдон зæххыл дæлгоммæ хуыссыдысты, бызгъуыр хæцъилты хуызæнæй зындысты. Уыдон уыдысты нырма удæгас, ныр- ма фидар, нырма ницы зыдтой. Ме ’фсымæр зæххæй фæ- гæппкодта, балыГъди каубыдмæ, фæйнæрдæм ыл ахæцыд, цæмæй дзы абырыдаид. — Алексей!—фæхъæр æм кодтон æз, ууылты йæ хизын нæ уагътон.—Ууылты ма ахиз, Алексей! Уый мæм фæстæмæ дæр нæ фæкасти æмæ куыд уыди, афтæ сагъдау баззад. Æз æм бауадтæн æмæ йын йæ сæ- рæй йæ худ систон: йæ сæры хъуынтæ къæбутыл андæгъ- дысты сырх туджы ’вдылдæй, сæ бынæй зынди арф цæф. Мах гыбар-гыбургæнгæ тахтыстæм ингæнты сæрты. Уы- дон æз æппындæр никуы федтон. Иуылдæр фынæй кодтой, 334
цыма сæ исчи буцæй уызта, уыйау. Æмæ фынæй кодтон æз дæр. Сæуæхсид фæзынди Перекопы фалийæ, Сивашы фали- йæ. Хъарм хус кæрдæг æнæ доыбылгæрæттæ æмæ дуне- йы сæрмæ мæргътæ ратæх-батæх кодтой æмæ мæргъ- тæм дæр, æвæццæгæн, хъуамæ зындаиккой хæхтæ æмæ уыдон фалийæ цъæх-цъæхид дзæнæт. Джанкойы цур нын нæ поездыл æвиппайды хур йæхи ныццавта. Станцы къултæ уайтагъддæр стæвдысты, мæнæ æм- бисбон куыд вæййы, афтæ; асфальт перроны лæууы стыр аууон. Цыма йæ донæй бапырх чындæуыд æмæ сатæгуæл- дæфы уардитæ уæй кодтой, уыйау: 0, мах стæм цъæх дзæнæты кулдуары цур! Æмæ та нæ размæ хæссы урс сæр тыгъдбыдыры хъарммæ—уым кæны дымгæ, æгæрстæ- мæй дзы кæны сæууон дымгæ æппынæдзухæй цавæрдæр зынгкалæг бынæттæй, уый дын уæзданæй райсын кæндзæн рудзынгæй дæ къухтæ, тæвд фæлгæтыл дын дæ рус æры- вæрынкæндзæн, дæ сæнтты дæ аныгъуылын кæндзæни. Амцæф, уымцæф ныхæстæй дæ зарын кæндзæни. Æз тæрсгæ-ризгæйæ къухы уырзтæй æрысгæрстон мæхи, фæлæ <ницы банкъардтон. Сывæллæттæ райхъал сты, нæ тæрхджыты бынæй ды- гъал-дыгъул кæнынц. Яковлевтæ райдыдтой’’уарзондзина- ды цъыбар-цъыбур, тыхстызмæлд, рауай-бауай кæнын... — Мæнæ, йе, Чатир-Даг, — фæстийæ хъæр кæныныц чызджытæ æмæ фæдисы цыдæй сæхи азппарынц мæ ру- дзынгмæ, ферох сæ ис,сæ фæлмæн хъарм риутæй мæ куыд -æрбалхъывтой, уыйдæр. Уыдон фæстæ мæм æрбазындысты Григорий Иваничы, сæуæхсидау, сырх æмæ хъуынтъыз худæнбыл хæмхудтæ. — Симферополмæ ма нæ бирæ цæуын хъæуы?—сабыр- ^ай мæ фæрсы уый. — Иу сахаты бæрц. Мæгуырæг, тагъд махæй ахицæн уыдзæнис. Æрлæууæны æмбал Яковлев, партизанты командарм, цæугæ базаргæнæджы чыргъæдтыл зилы, æлхæны егъау лылагъуыз члауиты æмæ сæнæфсиры стыр æнæхъæн пакет. Лæвæрттæ æрывæрдтой усы уæрджыты ’хсæн 335
цæстуарзонæй уæрæх фæччийыл, цы ранæй бинонтæ се* ’ппæт дæр исынц дыргътæ æмæ сæ сабыргай, æнæдзургæ- йæ хæрынц. Хъæццултæ цы рудзынгыл æрзæбулысты, уырдыгæй разынди цахæмдæр чъыргъуыз-цъæх хохы хурскæсæн хай. Уый у диссаджы бæллицаг Хъырымы зæхх. Рагæй нал кодтам абырджыты æмæ æхсæвы кой. Вагонмæ хур ныккасти æмæ тæфы сулæфæн нал уыди. Нæлгоймæгтæ уæнгуагъдæй сæ уæлæ конд хæдæтты гом æфцæгготтæ ратил-батил кодтой, бынтондæр сæ куы.рас- къуыдтаиккой, уый сæ фæндыди. Симферополы Григорий Иванич æрбадæлзæхи. Йæ хуыс- сæнтæ биноныг баст уыдысты гæрзытæй, æмæ чырынимæ иумæ лæууыдысты тæрхæджы кæрон. Къæлидорæй мæм зынди Женяйы ’ гом къæбут æмæ мæллæг чъылдым. Йæ • уæлæ уыди рог джиппæйфыст къаба, йе нæхæлгæ сæры фастыл гом цæнгтæ æрбакъæдз кодта æмæ афтæмæй лæу- уыди. Уый хъыгзæрдæйæ хыл кодта бурдзалыг сылгой- магимæ. — Мæ зынаргъ Соня, табу хуыцауæн, æз бæлвырд бæ- рæгæй зонын, цы аразын мæ хъæуы, уый, æнæ искæй* зондамындæй! Григорий Иванич æрбаздæхти фæстаг дзæнгæрæджы, агъонмæ тынг къæмдзæстыггъуызæнæй. — Севастопблмæ плацкарты билет райстон,—загъта уый - æмзе фæсмонгонды худт бакодта.—Иу дзырдæй, хъуамæ уын фенон уæ Байдары кулдуæрттæ, кæддæра цавæр. æвæджиау сты. Бурдзалыг сылгоймаг зæрдæхсайгæ æмæ мæстæй рæхо- йæн ныхæстæ кæны; — Æмæ сæ сымах, æнхъæл дæн, æмæ куы федтат? — Уыдон æндæртæ уыдысты, — къæмдзæстыггæнгæйæ - дзырдта Григорий Иванич, ферох мæ ис, сæ нæмттæ тынг æмхуызæттæ сты. Уыдон æндæртæ сты. Дурджын комы нарджытæ поезды алыварс æрлæууы- дысты арвмæ фæцæугæйæ. Æнцойбонон тæвд æмбисбон ис нырма дард кæмдæр кæрдæджджын тъæпæн амад бæрзæн- Дыл. Туннелтæ гуыр-гуыр кæнынц, хъæлдзæг æхсæвтау. Æцæ æрвыл хатт дæр уыдон тарæй, калидортæй райхъуы- 336
сы зонгæ чызджыты хындяшлæггаг худын. Æмæ вакзалы перроны, æвæццæгæн, ныр дзæнгæрджытæ цæгъдынц: æрбацæуы плацкартон поезд Мæскуы—Севастополь. Мæнæ, йе, кæмйе бæллыдæуыди, уыцы хурджын фæндаджы кæ- рон! Мах гуым-гуым кæнæм нæ риуты ’мбæрц æмæ хъæл- дзæг гыбар-гыбургæнгæ нæхи æппарæм фæстаг перронты дзæгъæл бынæттæм. Хуры тынтæ хъазынц, рудзынгæмбæрзæнтæ кæми, уыцы уæрæх залы асфальтыл, ахуырст дуæрттыл. Йæ фа- лийæ фæс вакзалы бацæуæн кæртæй рухс кæлы. Уым æп- пæт дæр зынгæрттывд кæны æмæ лæгмæ афтæ кæсы, цыма дзы тынг зынаргъ хъæздыгдзинæдтæй байдзаги. Мах æнхъæлмæ кæсæм дыууадæс бынатон автомобил Крымкурсомæ, лигъдæттау нæ дзаумæттыл сбадтыстæм, афтæмæй. Алы ран дæр, рекламон плакаттæм кæс- гæйæ, цæстытыл уайы Хъырым, уыдон конд сты къултыл цъæхæй ахуырстæй, æрцæйныгуылгæ хурмæ* галуантыл аууон дардтой. Сæ фæстийæ зындысты ден- длшз æмæ дидинæгдонтæ. Уырдыгæй нæм цыдысты авто- мобилтæ, махмæ, изæры поезды размæ. Сæ уæлæ бадын кодтой, тагъд чи кодта, дурджын донбылгæрон хурмæ йæхи чи басыгъта æмæ сæ уадултыл рыг кæмæн сбадтир. уыцы адæймæгты. 0, уыдон тыххæй цахæм диссаджы æр- хæндæгдзинад æвзæрьт ныртæккæ, уыдон хъуамæ ацæуой денджызæй! Æмбал Яковлев, цалынмæ йæ ус сывæллæттæн сæ да~ рæс кодта, уæдмæ мемæ ныхас кодта, куыд рагон зонгæ^ афтæ. Хъырымы службæ кодтаид, уымæ рагæй бæллыди, уæддæр ам йæ райгуырæн бæстæ у, йæ сывæллæттæ хора байрæздзысты, милицийы куысты дæр ын зын нæ уыдзæ- нис—цахæм цаутæ дзы хъуамæ уа! Æмæ уыдоны рагæй хъуыдис сæхиуыл бакусын. — Уæ лæгæт уын абон фендзыстæм,—æфсоны загъд ын кодтон æз. Цахæм цæстæнгасæй мæм æрбакæсдзæн æмæ цы дзуапп ратдзæн, уый мæ тыхсын кодта. Лæппу мæ сæрты арвмæ кæсгæйæ мидбыл худти. Æмæ ницы дзуры. 22 ЗЗТ
Автомобилы æз æмæ бурдзалыг сылгоймаг раззаг бынæт- ты бадт фестæм. Мæн фæндыди бæлццæттæм се ’ппæтмæ дæр фæстийæ бадгæйæ куы кастаин. Цæй, хорз, ныр мæ куы бахъæуа сæ фенын, уæд сын комкоммæ сæ цæсгæмт- тæм бакæсдзынæн. Бурдзалыг сылгоймаг уайтагъд хъæлдзæгæй-хъæлдзæг- дæр кæнын байдыдта æмæ, æгæрстæмæй, фæсгорæт урс- оæр къуылдымтæй дæр йæ зæрдæ ради. — Диссаг, о, диссаг,—дыбал-дыбул кæны уый; йæ буар æнæхъæнæй æнкъуыст маторы ризынмæ. Мах тæхæм Балаклавскы хъарм атагъайы. Йæ сæрмæ ’мигъ бады, рахизырдыгæй хæхты хъæбысы хъæутæ ас- тæумæ кæрдæджы ныгъуылынц. Йе, уым ис цъæх дзæнæт. Здыхтæгыл цæуæм бæрзондæй-бæрзонддæр. Шофер тагъд- дæр аскъæрдта, матор ниугæ хъыс-хъыс кæны, цыма уы- мæн дæр йæ зæрдæ бæрзонд йæхи ’лвасы, уыйау. Къæ- бæлдзыг-урсхил чъырын фæхс хæхтæ æввахсæй-æввахс- дæр кæнынц. Уымæй уæлæмæ цæуæн нал ис, нæ дæлийæ ис уæлдæф, сындзджын къутæртæ æмæ тасæфтауæг цæрд- хуынкъ атагъатæ. Ныртæккæ нæ уырдæм хъæуы. — А—ах!—фæстийæ сонт хъæр фæкодта Грягорий Ива- нич, æвæццæгæн, фæтарсти. Мах хауæм афтид бынатмæ, къутæртæ æхсидт кæ- нынц, улæфынæн уæлдæф нал фаг кæны. Æз фæстæмæ аракæс-бакæс кодтон. Женя Григорий Иваничыл ныцъе- цъелæги, фыр адæргæй йыл йæ къухгæ æрбатыхта, æнæ- бон æмæфергъуыйаууæвгæйæ йæ хъуыдыйæ айсæфтысты йе ’ппæт уæттæ æмæ æппæт мамашатæ дæр. Æз Григорий Иваничы цæстытæм фæкомкоммæ дæн. Уымæн уыдис амондджын цæстæнгас... Мах улæфæм Байдары. Изæркæнын райдыдта, рауарыд чысыл къæвда. Уый фæстæ уыдзæнис хур, дымгæ уæли- йæ, нæзыты æнкъусдзæн. Къæвдаты фæстæ уæйгæнæн тæрхджытæм фенкъуысти сæнæфсир. Æвæццæгæн, мах <æгæр бирæ цæуæм... Чи зоны æмæ, сæ фыны уынæм. 0, фыны сæ уынæм. Мæнæ ацы комыл кæддæр рацыдыс- ты партизантæ: иу фæзилæн ма æмæ, цъæх бæрзæнд ра- кæлынæввонг кæм у, уым нæзыты бынæй кæйдæр цæстытæ 338
ферттивдзысты. Хæхтæ фæстийæ баззадысты. Фаллаг фарс зулмæ нæ иувæрсты фæзынди цъæх къутæртæ. Уæртæ сосæвæндаджы кæрон та фæздæг ныббадти. Æнхъæлмæ кæсын æз,—мæ фæстæ æнкъарын кæйдæр æрхæндæгдзи- над, уый уыд æнæнхъæлæджы, карды цæфау. Æз æнкъа- рын, раджы чи ссыгъди, уыцы бæрæгбонхуыз æмæ æвир- хъау рухс. Уалынмæ æндæргъуызонæй ферттывта æмæ дзы цард фенынкодта. Фæлæ, чи зоны ’мæ уый æрмæст- дæр мæ цæстытыл ауади? Æз фæстæмæ азылдтон мæ сæр, цæмæй, фæстийæ цы дыууæ уды бадтис, уыдонæн се - змæст цæсгæмттæм бакастаин. Агурын сæ, фæлæ уыдон бæсты уынын Григорий Иваничы. Уый фыдфынау уæлæмæ сты æмæ цæстытæ ныкъулгæйæ мидбылты худы. Уынын ка дæсгай æндæр цæстытæ дæр. Уыдон сæнт каст кæнынц æмæ æвиппайды ацъæх вæййынц. Мах бафтыдыстæм Байдары кулдуæрттæм. Хæхту къул- тæ фæйнæрдæм байгом сты. Шофер ссæнтдзæфи æмæ машинæ баурæдта тæккæ сæрсæфæн ран, зæрдæуынгæг- гæнæн æрвгъуыз афтид бынаты сæрмæ. Нæ дæр нæ размæ æмæ нæ дæр нæ быны ницы зыны, æрмæстдæр уынæмарв цъæх-бæрæгбонгъуызæй, уый хæрдмæ. фæцыди дунейы сæрмæ. Денджыз. Автомобилы хъыллист кæнынц, хъус-хъус кæнынц, абу- хынц. Бурдзалыг сылгоймаг иннæтæй раздæр дзыгъал- мыгъул кæны, йæ къæхтæй зæхх сылынк-сылынк кæны, æнæзмæлгæ лæууы, сæрсæфæнæй фæхауы. — Куыд рæсугъд у... Хуыцауыстæн, куыд рæсугъд у, куы!.. Григорий Иванич сæнт каст кæны, йæ дзыппæй систа наган, æмæ гæды ныхас кæны, зæгъгæ,дам, æз къардиуы бын федтон рувас. — Ма сфæнд кæн, ма сфæнд кæн, — хъæр æм кæны Женя æмæ йæ фæдыл згъоры кæдæмдæр дæлæмæ, сосæ- вæндагмæ. Æз ныртæккæ хъуамæ фенон æмбæлттæ Яковлевты. Хъусын, мæ чъылдымырдыгæй сылгоймаг шоферы куыд \фæрсы, зæгъгæ, ма, дам, æй йæ сывæллонæндзидзи дары- 359
ны бон фæуыдзæн. „0, фæуыдзæн,—дзуапп ын радта уый., Фæлæ æз мæ цæст нæ систон, æгæронæй мæм чи фæзын- ди, уыцы диссаджы рæсугъд дунейæ. Денджыз цæуы, цæст кæуыл не ’ххæссы, ахæм горизонтыл,—афтæ цыди- уый знон æнæ мах, æмæ афтæ цыди уый иу мин азы размæ дæр, йемæ хаста раст ахæм хъæддаг, æхсид- гæ сабырад. Цъæх æнæбын сæрсæфæны, къæхты бын, цæстытыл уайынц горæттæ, аргъуан. Форос мæлæт- дзагау нындæгъди цыргъ дуры цъуппыл. Мæ, цæстыл уайы зæрватыччы сæрды тахт, фæлæ уæддæр æз уыдон хъуамæ фенон. ... Æмæ уынын сылгоймаджы арæхстгай æркъулгонд. бæрзæй æмæ йæ хъуыртыл цы уæздан пыхцыл сæры- хъуынтæ æрхаудтой, уыдон. Хæхты рауазалкодта. Йе уæхсджытыл уæгъдæппæрст æрбакодта палто, цинелæй хуыд пальто. Уымæн йæ дагъты баззади хæстон æнæмæл- гæ азты фæд. Лæппу йæ фарсмæ лæууы æмæ, дзыппыты йæ къухтæ нытъысгæйæ, лæмбынæгæй кæсы уымæн йæ- риумæ. Йæ цæстыхаутæ æрдæгзиллаккæй сæхи æруагътой. Сæ уæлæ зыны денджызы рухс æмæ сабырад. Æз иннæрдæм азылдхæн æмæ кæсын æнæкæрон дис- сагмæ. Уый сарæзта цард йенусон дуртæ æмæ донæй. Стæвдтæ конд сылгоймаг, зæлдаг къабайы мидæг, автомо- билы цур лæууыди æмæ катайгæнгæ фарста алкæй дæр,. Женя кæм и, зæгъгæ-. Фæлæ ма Женя кæй æндæвта? Æр- мæстдæр ма æз уыдтон Григорий Иванич дæлийæ куыд. сцæйлыгъди къутæрты, мæлæт æвзарæг цъæх-цъæхид сæреæфæны былты æмæ худти, афтæмæй хаста ацы æры- гон чызджы йæ къухты. 1925 340
Нагибин Юрий НЫХАС Анатолий Иваны фырт æхсæнадон егерæй* дыууæ азы куы бакуыста æмæ уыцы хæстæй йæхи куы ссæрибар код- та, уæд ын йæ бынатмæ равзæрстой, чысыл истæмæй дæр Подсвятийы зындгонд чи нæ уыд, ахæм адæймаджы—Сер- гей Данилы фырт Стриженовы. Адæм æй хуыдтой Стриж. Зæронд нæма уыд, фæндзай азы бирæ не сты, фæлæ ацæргæ лæджы куыст кодта колхозон æхсæвгæсæй. Уыцы бынатмæ йæ онысан кодтой рæстæгмæ æмгъуыдæй фондз азы размæ. Куыстхъом адæймаг хъахъхъæнæгæй куыд хъуамæ баззайа? Фæлæ боятаз куыд згъордтой, афтæ сæ куыддæртæй æрбайрох æмæ, Стриженов та ахæм лæджы хатт нæ уыд, йæхи тыххæй исты чи загътаид. Æрвыл æхсæв дæр-иу, зымæгæй-сæрдæй, йæ уæлæ дардта æл-. дыгъ туллупкæрц. Райста-иу йæ зæронд, згæхæрд бердан- кæ æмæ-иу фæрасти колхозы кæрт хъахъхъæнынмæ. Бо- ныгон-иу йæ фынæйы хай бакодта, искуы-иу хатт тæрсæн æхст кодта зымты, уымæй стæмдæр та цуанкæнынмæ цыд, Сæуæхсид-иу æй æрыййæфта йæ куысты уæлхъус. Стри- женов царди иунæгæй. Йе ’мкъай хæсты рæстæджы фæ- зиан. Уыцы æнамонд хабары фæстæ йæ иунæг чызг дæр уайтагъд ацыд чындзы æмæ йæ лæгимæ афардæг Дард Хурскæсæнмæ. Гъе, уæдæй нырмæ йæхи уды сагъæс Стри- женов никуы уал æркодта. Æхсæнадон егерæй дæр æй равзæрстой, зæгъгæ, колхо- зы фæллой кæм хъахъхъæна, уым ма йæ цæст дардзæни * Егер—профессионалон цуангæнæг. Я41
хъæддаг мæргъты æдасдзинадмæ дæр. Кæйдæр зæрдыл æрбалæууыд, рохуат Никитæ Яманскийы рагон аргъуаньг къулымхæст цы хъæдын кувæндон хæдзар лæууыд, уый сæ колхозы раздæры сæрдарæн Стриж аласын кæй нæ бауагъта, уыцы хабар. Стыр расыггæыаг уыди сæ сæрдар æмæ, афтæ кæй акæнынц, уыцы агъуысты бындуртæ дæр ныууæй ласта кæцыдæр артелæн. Агъуыст балхæнджытæ йæм уæзласæн машинæйæ куы ’рбамидæг сты ласынмæ,, уæд, æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæ фембæлдысты хи- вæнд хъахъхъæнæгыл. — Нæй гæнæн,—-сабыргай сын загъта Стриж.—Уый кол- хозы у. Нæ дæр сæрдары æртхъирæнтæ, нæ дæр^ æлхæнджыты зæрдæлхæнæн ныхæстæ басастой Стрижы. Йæ дзуапп са- быр æмæ æнæхъæлæбайæ уыд иухуызон: нæй бар. Æп- пынфæстагмæ мæсты æлхæнджытæ сæхи фæнд æгæркуы< тардтой, æмæ агъуысты ’рдæм æд фæрæттæ куы фессæс- той, уæд сæм Стриж дæр систа йæ берданкæ æмæ сæ сын- дæггай бафæдзæхста: — Æхсгæ уæ кæндзынæн...—æмæ ма хъынцъымгæнæгау бафтыдта йæ дзырдтæм,—уæ сæртæ. Уыцы сабыр, æнæ хин хъæлæсыуаджы æмæ йæ бер- данкæ куыд сабыргай сыргъæвта, уыцы фезмæлды уыдис цыдæр бауырнинагæй æмæ уыдон дæр сæ фæрæттæ баппæр- стытæ кодтой машинæйы гуыффæмæ, стæй атте сты сæ фæндагыл фæстæмæ. Фæлæ Стрижы канд уый тыххæй нæ сæвзæрстой. Фæс- таг дыууæ азы подсвятийаг колхоз сфидари. Цуанкæнын дзы сси хиирхæфсæндзинад æмæ Анатоли Иваяы фырт цуаны фæткхалджытæм цы карз ахаст дардта, уый су- сæг цуаны куыст æркодта куынæгмæ. Ныр фæткхалыны цаутыл стæм хатт йедтæмæ нал æмбæлдæуы æмæ уымæй дæр фылдæр ;хатт вæййынц къулбадæг лæппутæ. Фæлæ уыдонимæ дæр хорз арæхсынц сæ ныййарджытæ, сæ чъыл- дымтæ сын срæгъæд кæнынц хæлаф бæттæн рæттæй. Гъе,. уымæ гæсгæ ныртæккæ егеры куыст фылдæр здæхт уыд формайырдæм: хъусдарын хъуыд цуанæттæм, цæмæй афойнадыл хастаиккой сæ уæнгон фиддонтæ цуанæтты æх- - 342
сæнадмæ æмæ сæм уыдаид æвдисæндартæ, цуанкæнынæнг сын бар лæвæрд кæй ис, уый тыххæй; цæмæй æрцæуæг цуанæттæм уыдаид, Клепикты цы картæтæ лæвæрдæуыд, æхсты арæнтæ амынд цы ран сты, ахæмтæ. Æдпынфæстаг- мæ хъусдарын хъуыд цуанмæ, картæйы куыд амынд уой, афтæ. Цыбыр дзырдæй, адæм ацы куыстмæ Лнатолий Иваны фырты куы æвзæрзтой, уæд дзы цы бæрндзинад æмæ, æгæрстæмæй, хъайтардзинады ахаст уыд, уый нал и. Афтæ æнхъæлæн ис, зæгъгæ, Стрижы тъыстой ахæм бы- натмæ, æндæртæн уадиссагæй кæм ницы уыд. Ф&лæ Стрижы уыцы куыстмæ афтæ æнæнхъæлæджы кæй сывзæрстой, уый йын фæзындн йæ дарддæры царды. Уый хорз æмбæрста уыцы куыст ын нæ дæр мызд, нæ дæр хорзæхтæ, нæ дæр кад æрхæсдзæн. Фæлæ йыл йæ царды мидæг фыццаг хатт ахæм æууæнк йæ хъæуккæгтæ кæй бафтыдтой, уыцы хабар ын сызмæлын кодта йæ рæдзæ- мæдзæгæнаг уды тæгтæ. Стрижы ннкуы никæдæм æвзæрстой:нæ дæр правленийы екондмæ, нæ дæр колхозы ревизион къамисмæ, нæ дæр æм- бырды президиуммæ, нæ дæр районыкæнæ областы æмбырд- тæм æмæ конференцитæм, æмæ æнахуырæй, иннæтæ йыл хъæлæс куы кодтой, уæд уый дæр йæхи тыххæй иннæ цуанæттимæ сдардта йæ къух. Æмбырд уагъдæуыд райсомæй. Стриж йæ афтид хæ- дзармæ куы ’рбаздæхт, уæд, æхсæвы куыстмæ ацæуын агъоммæ, фынæй бакæныны бæсты, цалдæр сахаты дæр- гъы фæджиудта тæрхæгыл, афтид фæрссаджы ’рдæм ни- цыуынæг каст æмæ æппынæдзухæй тамако пъæртт кæн- гæйæ. Иннæ цуанæтты ’хсæн æй цæмæ гæсгæ сæвзæрс- той, цы ’рцыдис, цы йæм федтой ахæм хорздзинадæй, се ’ууæнк ыл адæм цæй руаджы бафтыдтаиккой, уый бамба- рыныл архайдта. Йæ зæрдыл æрлæууыдысты, хæццæ-мæццæ тæппытау, йæ царды бонтæ. Иууыл сыгъдæгдæр æмæ бæлвырддæрæй та йæ цæстытыл ауадис йе стыр мады фыдцъылыс фæл- гондз. Зæронд æгъдæуттыл фидар хæцæг тызмæг сылгой- маг ын йæ къæбылайы куыд амардта сæ хæдзар счъизи кæныны æфсонæй. Къæбыла сыгъдæг уыд, бæмбæджы 343
^суызæн, урс-урсид. Хæдзары никуы сарæзта чъизидзинад, 4æлæ иу хатт тыргъæй, йæ хуыссæн уым уыд, æрбазгъорд- та сыгъдæг хатæнмæ æмæ йын уыцы фæрæдыд алыг кодта йæ хъысмæт... Стрижæй нæ ферохи йæхи сæрмагонд циндзинады куыд •фæрасыг, уый дæр. Сæн нуазыныл нæ уыди ахуыр, фæлæ йæ чындзæхсæвы диссагæй агуывзæ агуывзæйы фæдыл ^æнцъыхта, цалынмæ стъолы бынмæ нæ ныффæлдæхт, уæд- ■мæ. Хъуыды ма кодта, дыккаг бон йемуд куы ’рцыд, уæд йæ усы цæсгом сывæллоны цæсгомау куыдвæллад кæй уыд, уый дæр. Ноджы дзы нæ ферох йæ чызджы райгуырд. Гъе, уæд фыццаг хатт федта къаннæг, лæгуын тенка, ка- иеччытау æмдымбыл цæстытимæ удæгас ног буар æмæ бамбæрста, Стриж ацы адæймаджы саразæг кæй у. Нæ дзы ферох сты Харьковы бæрзонд бæстыхæйттæ. Хæсты рæстæджы уыдонæй иуы госпиталы хуыссыди, цæмæй сын сæ крышæтæ феддаис, уый тыххæй дæ сæр хъуамæ нысхъæл кодтаис, суанг бæрзæйы ’нуæрттæ скъуынæгау. Уымæй уæлдай дзы сыгъдæгæй ницы уал хъуыды кæны. Цард азгъордта æгуыппæгæй, æнæрлæугæйæ, фæстæмæ -æнæфæкæегæйæ. Стриж дæр хуыдта хамуттæ, куыста бы- .дыры, фæстæдæр та йæ фессыдта хæсты тугуарæн ты- мыгъ. Уым дæр, æнæниз æмæ æрыгон адæймаг уæвгæпæ, цыдæр аххосæй бахаудта бæхскъæрæджы куыстмæ. Гъе, •афтæмæй æнæхъæн хæсты азтæ арвыста бæхтыл дыууæ- рдæм рауай-бауайкæнгæйæ: зымæг-иу згъордта фæйнæ- рдæм пака фæстæдзæг дзоныгъты бæхты мицърайæ къахг ^бургонд митдзыхъхъытæ фæндæгтыл, сæрды рæстæджы та ;рыгæй æмбæрзт фæсфæдты, бидаркæйы бадгæйæ, лыстæг хуырæй æмбæрзт сосæ кæнæ æндæдзгæ æлыгцъыф фæн- дæгтыл. Стриж федта хæсты цæхæр, фæлæ йын йæ æцæг тæссагдзинад нæ бавзæрста. Æхстой æви не ’хстой, уый йын хъауджыдæр цыма нæ уыд, æнцад-æнцойæ размæ ’Скъæрдта йæ аласайы. Фæсарæнты фæуыны амонд æй нæ фæци, хæст уый фæци раздæр, госпиталы. Æмæ уырдæм дæр мыййаг цæф кæнæ контузийы аххосæй куы нæ ба- хаудта, фæлæ æнæзæрдæмæдзæугæ гуыбыннизы аххосæй. Йæ дарддæры царды хъысмæт алыги фæсаууонмæ. Йæ 344
хъæумæ куы рыздæхти, уæд сæхимæ нал æрыйнæфта йæ чызджы æмæ йæ усы. Йе ’мкъай амард, йæ чызг та йæ шшмæ афардæги Амурмæ. Гъе афтæ райдыдта иунæгæй цæрын, цы йын фæзæгъынц, уый аразæг, сабыр адæймаг. Йæ иунæг архайд зæронд хъæдын кувæндон бахъахъхъæ- ныны хъуыддаджы Стриж ницæимæ барста. Уымæн бафæ- дзæхстой колхозы ис хъахъхъæнын æмæ йæ уый дæр хъахъхъæдта. Фæлæ йæ ныртæккæ фæндыд бамбарын, йæ царды æмæ йæ удыгъæды цы уыди ахæмæй, йæ хъæук- кæгтæ йын ахæм бæрнон бынат цæмæ гæсгæ радтой. Бæл- вырдæй йæм ницы ахæм хъуыды æрцыдис, афтæмæй арас- ти йе ’хсæвы куыстмæ. Растдæр уыцы бонæй фæстæмæ Стриж цыма йæ фынæйæ райхъали, уыйау сси. Æхсæвы куысты фæстæ-иу уайтагъд фæцæуæги Великоемæ кæнæ Озеркомæ бæрæггæнæг— сабыр дзы у æви нæ, фæткхалджы- тæ дзы ис æви нæ. Ахæм сгарæн цыдтытæ кодта изæры- гæтты æмæ боныгон, æгъдаухалджыты æнæнхъæлæджы уым баййафыны фæндæй. Уымæй уæлдай алыбондæр зыл- ди хъæды æмæ бæрæг кодта, Стыр донкалæны цы уырд- джын чысыл бынат фæзынд, уый. Йе ’ппæт сгарæн цыдтыты рæстæджы Стрижæн æр- мæст иунæг хатт бантыст фæткхалæгыл фембæлын—под- чзвятийаг цуанæттæй се ’ппæты хиппæлойдæр æмæ се ’ппæты къуыхцы дæр, фынддæс аздзыд Валькæ Косойыл. Æцæг, Валькæ хъеллау цы кодта æд топп доны былты, æмæ мæгатæ æмæ доны аццыты цы тæрсын кодта, æндæр ницы арæзта. Фæлæ æхсæнгарзимæ хъæдты æмæ цъыф- дзæстыты зилын дæр цуанкæныны афонæй раздæр рæстæ- джы нымад цæуы фæткхалындзинадыл. Уæддæр Стриж фæтæригъæд кодта къуыдиппарæзт лæппуйæн æмæ йыл &кт нæ сарæзта, æрмæст ын йæ хъустæ сивæзта. Стриж-иу йæхицæы æрымысыд ногхæстæ. Æгæрстæмæй йæхицæн сарæзта ахæм фæтк: æртæ-цыппар боны дæргъы Клепиктæм, цуанæтты æхсæнадмæ иу хатт ныууайын; уырдæм-иу бахæццæ кæнæ уыцырдæм цæуæг машинæтыл, кæннод та фистæгæй—æмæ-иу бафарста исты амындтæ ис æви нæ, зæгъгæ.- Суанг ма йæм мæсты дæр кодтой йæ хынцфарсты тыххæй, фæлæ уый йе ’гъдау нæ уагъта. 345
Къæвда кæнæ хъызт рæстæджы дæр-иу уым февзæрьщ хистæр егеры цæсты раз йæ иугæндзон фарстимæ. Фæлæ Стрижæн иу хъуыддаг йæ къухы бафтыд: цуан- кæныны афонмæ подсвятийаг æппæт цуанæттæн, æгæрс- тæмæй, се ’наегоммæгæстæн дæр сæ билеттæ уыдысты раст едзаг, уæнгон фидтонтæ фыст, маркæтæ ныхæст, æхста- рæн картæтæй ифтонг. Ацы хъуыддаджы уыд бынтон æнæ- хатыр, тæригъæд кæнын нæ зыдта. Уыдис-иу ахæм ха- бардæр æмæ-иу æй куы ’лгъыстой, куы-иу ыл саргъуыд- той—мард, дзуар-иу ын куы нæ уал ныууагътой, фæлæ са- быр æмæ хъæддых Стриж йæ хъуыддаг кодта. Хæсты инвалид Анатолий Иваны фыртæн зын цæуæн кæй уыд Клепикты онг, йæ хæстæг Тимофей Кульков та алы хатт йæхи æнæфæразгæ кæй хуыдта, цæмæй æхца ма фыстаид, уый тыххæй, уымæ гæсгæ Стриж бацархайдта билеттæ бынаты цæттæ кæныны бар райсыныл. Уыцы æнæзынгæ хъуыддæгтыл архайгæйæ, Стриж уыдис амондджын. Æнæ- зонгæ, цæмæдæр цæттæ уæвыны арф æнкъарæнтæ йæ иу- нæг бон дæр уæгъд нæ уагътой. Уый æгæрстæмæй æрбай- мысыд йæ усы æмæ æрынкъарди: нæ фæцарди ацы æвæ- джиау бонты онг. Афæнд кодта йæ чызгмæ писмо ныф- фысеын, фæлæ цыдæр фæкодта зæронд конверт фæстæмæ- адресимæ. Ссæдз азæй фылдæр рæстæджы мидæг фыццаг хатт райста колхозы æмбырды иыхасы бар æмæ бадомдта,. цæмæй æхсæвгæсæн лæвæрдтаиккой хъарм æрмкъухтæ. Уый, æгæрстæмæй, къаты бонты дæр йæ уæлæ дарын рай- дыдта æрхуы аргъæвæгджын ронæй баст æфсæддон гим- настеркæ, сгæллад хæлаф æмæ бæзджын сæракæй цырыхъ- хъытæ. Фæлæ йыл цы æууæнк бафтыдæуыд, уый, стæй йæ куысты æцæг нысаниуæг Стриж уæлдай тынгдæр бан- къардта цуанкæныны "хæд размæ, цуанæттæ алы рæттæй æмбырд кæнын куы байдыдтой, суанг Мæскуыйæ дæр, уæд. Æрцæуджыты ’хсæн æгæрыстæмæй уыдис инæлар дæр. Æмæ Стриж бæрæггæнæг куы зылд, уæд бацыд Анатолий Изаны фырты хæдзармæ. Уым æркодта йæ фы- сым инæлар æмæ уый йæ размæ сыстад. Инæлар слæууы- дис раздæры бæхтæрæджы раз æмæ йæм балæвæрдта 346
дуаигæнæджы гæххæттытæ. Алцы дæр уыдис йæ адыл. — Амондджынæй .цуан кæн, æмбал инæлар!—загъта, Стриж. — Бузныг, æмбал егерь!— уæзданæй дзуапп радта инæлар. Инæларæй раздæхгæйæ Стриж бацыДи Тимофей Куль- ковмæ. Уымæ та Мæскуыйæ æрцæуæг уазджытæ уыди: Кульковы баййæфта тыргъы, цъыфдзасты цæуæн цыры- хъыты хос тъысгæйæ. > — Дæ адæммæ алцы дæр хорз у?—бафарста Стриж. — Иттæг хорз!—дзуапп радта Кульков æмæ йæ хæла- фы дзыппæй систа рагацау æрцæттæгонд цуаноны билет æмæ æхстарæны картæ. Стриж бæстон æркаст гæххæттытæм æмæ фæджихау, Кульковы уазджытæн бон æртæ бабызы фехсыны бары бæсты фондз бабызы фехсæн кæй ис, ууыл. — Ды зоныс, цавæр адæм сты!—бæрзонд хъæлæсы уа- гæй загъта Кульков.—Фысджытæ! -~Æцæг?—бадис кодта Стриж.--Æмæ Пришвин дæр ам< и?—Мещеры се ’ппæт дæр фехъуыстой Пришвины кой. — Нæ,—чысыл йæхи фенцъылдта Кульков.—Фæлæ кæ- уылты сты... Æмæ сæ хистæр та Пришвинæн дæр ницы ауадздзæн. Стриж ма иу хатт æркасти цуанон билетмæ, фыссæгæн* йæ мыггаг уыд хуымæтæг,- йæ ном æмæ фыды ном та но- джы хуымæтæгдæр—хуыдтой йæ Иван Матвейы фырт. — Æрыхъус-ма, Данилы фырт,—загъта Кульков.—Тынг сæ фæнды Озеркойы фехстытæ кæнын, ды йæ ныхмæ ни- цы зæгъыс? — Æмæ уый Фролы саразын хъæуы,—дзуапп радта Стриж.—Уыдонмæ та картæтæ Клепиктæй ис. — Зонын æй, Фролы сæ æмбæлы аразын. Æз сæ фæс- тæдæр бацæттæ кæндзыиæн. Ахæм адæмæн нæ кæцæй зæгъдзысты? — Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ нæ зæгъдзысты,—сразы, Стриж.—Уæддæр хуыздæр уаид рагагъонмæ. — Уый æрмæстдæр формалондзинад у...—Кульков бакас- та Стрижмæ. Кæрæф æмæ хахуыр адæймаг уæвгæйæ, уый 347
алкæуыл дæр дызæрдыг кодта æмæ йæхимæ гæсгæ æн- хъæлдта, алкæй дæр цыма йæ фондз æнгуылдзау уыны, афтæ. Ныр хъуыддаггъуызæй загъта:—Рахиз хæдзармæ, •фæйнæ дзы фæкъул кæнæм. — Нуæзтуарзаг нæ дæн... — Цæй, ныууадз!.. Фæйнæ агуывзæйы дзы æркъуырæм. Уыдонмæ адджын арахъхъ и. Æмæ дæ фыесæгимæ дæр ба- зонгæ кæнон. Чи зоны, дæу тыххæй ма исты дæр ныффыс- •сид,--æлхыскъгæнæгау ма загъта Кульков. — Мæн тыххæй ницы ис фыссииаг! —загъта Стршк, •фæлæ уæддæр систа йæ худ æмæ йæ сæры хъуынтæ æр- лæгъз кодта фæйнæрдæм. Уымæ афтæ фæкасти, зæгъгæ, «æрцæуæг цуанæттимæ базонгæкæнын дæр цасдæр бæрцæй йæ хæстæм хауы æмæ йын къæмдзæстыгкæныны бар нæй, кæд йæ бынаты аккаг лæг у, уæд. Бацыдысты хæдзармæ. Кульковы хæрз æфснайд хатæн уыдис урс æмбæрзæнæй дыууæ дихы. Ацырдыгæй дзы лæууыдис цавæрдæр тыхтон, йæ фаллаг хай та, æвæццæ- гæн, хуыссæн уаты бæсты уыд. Уазджытæ, æвæццæгæн, уым уыдысты, уымæн æмæ Кульков, æмбæрзæнырдæм амонгæйæ, загъта цыдæргъуызон хъæлдзæг хъæлæсы .уагæй: — Егерь нæм куы ’рцыди, Иван Матвейы фырт! Æмбæрзæн базмæлыд æмæ йæ фæстейæ рацыд бæрзонд, хæрзхуыз адæймаг æрвгъуыз бигæуæфт хæдоны æмæ цъæх диагонал хæлафæн йæ фадгуытæ тæбын цъындаты хъусты тъыстæй. Фыссæгæн йæ цæсгом уыд лæгъз, уар- .дигъуыз. Йæ чысыл æрвгъуыз цæстытæн уыдис мæнæу- сыг хаутæ. Уый райста Стрижы къух æмæ стъолы уæлæ- йæ чысыл цух „Столицæйаг" авгæй æркодта арахъхъ агуыв- зæтæм. Йæ агуывзæйы бынæй Стрижы агуывзæ бакъуырд- та æмæ загъта: — Нæ фембæлды тыххæй!—арахъхъ анызта æмæ йын йæ фæстæ ауагъта боржомы дон. Стриж сулæфыд æмæ, йæ агуывзæйыл стыр æмæ астæуккаг æнгуылдзтæй хæц- гæйæ, йæ мидæг цы арахъ^ъ уыд, уый йын сындæггай ацъырдта. Арахъхъ æм адджынгомау фæкасти. Кульков 848
схæцыд йæ агуывзæйыл, ацахуыста дзы æмæ йæ къамо- дыл, кæсæны фæстæ, æрывæрдта. — Иван Матвейы фырт, мæнæ,—раздæрау загъта хъæл- дзæгæй,—сымах аныхас кæнут Данилы фыртимæ. Уый уын раскольникты тыххæй радзурдзæни. — Æмæ сымах синепупиктæй стут, æви цы? — загъта. фыссæг æмæ ныххудти йæ хъæлæсы дзаг. Стæй йæ рус- тæ ныддымста, кружкæйыл йæ къухты æнгуылдзтæ æр- батыхта æмæ зыд нуæзт кодта боржомы дон. — Нæ, синепупиктæй махмæ нæй,-—разыйæ дзуапп рад- та Стриж. Зына-нæзына йыл фæзындис йæ нуæзт. Сине- пупиктæ, дам, æттейаудæр, Зæронд Крижачмæ æввахс цардысты. Æмæ мах беспоповкæ та æндæр уидагæй у. Æз раскольникты тыххæй æппæтдæр зонын. Уыдонраздæр. ам æнæхъæн ахстон уыдысты, цы бинонтæ ма сæ баззади,. уыдонæй дæр æрмæст зæрæдтæ хæцынц...—Стриж афæнд кодта радзурын, йæхæдæг дæр зæронд æгъдæуттыл хæцæг бинонты ’хсæн кæй райгуырд... Æмæ сæ чысыл куы нæ- фæбыхста æфхæрддзинæдтæ... Уыдоны карз уæззау цард- •æвæрдæй сæхимæ æмæ æцæгæлæттæм ахасты, фæлæ йæ- Кульков фæурæдта: — Байхъус-ма, Стриж, ды сæ дæхæдæг Фролы нæ са- раздзынæ? Зæронд хорзау нал фæци, Кульков сын фыссæгимæ сæ- ныхас афтæ гуырымыхъ æмæ хъуыддаг æфсон кæй фес- къуыдта, уымæй. — Куыннæ, ууыл дæр дзурыс!—ауыгъта йæ къух æмæ йæ фæндыд йæ ныхас адарддæр кæнын, фæлæ та фыссæг йæ уадултæ ныддымста æмæ зыр-зыргæнгæ февнæлдта. боржомы доны авгмæ. — Пуй налат, сфæлмæцын мæ кодта ацы æнæханры изгард!—æнæбарыгомау загъта. — Æз фæстæдæр æрбауайдзынæн,—загъта Стриж, уæ- лæмæ стгæйæ. 349»
— Уæ хорзæхæй,—агуывзæйы дзурæгау, æнтъыснæг дзуапп радта фыссæг. Алы хъуыддæгтæй емыдзаг тыхст боны дæргъы Стриж йæ сагъæсты мидæг бирæ хæттыты æрыздæхт фыссæги- мæ сыы цы фембæлд уыд, уымæ. Ууыл-иу куы хъуыды кодта, уæд-иу æй баййардта цавæрдæр æнæнцой æмæ хи- мæлвасæг æнкъарæн. Фембæлын æй фæндыди фыссæ- гимæ, сæ райдайгæ ныхас фæуын. Изæрмæ æввахс сæри- •бар рæстæг равзæрста Стриж æмæ та ногæй фездæхти Тимофей Кулъковмæ. — Уыдон • улæфгæ кæнынц, — бахъуыр-хъуыр в кодта Кульков Стрижы фенгæйæ, фæлæ, æвæццæгæн, йæ зæр- дыл æрбалæууыд, Стриж сын барлæвæрды гæххæт Флоры ссаринаг кæй уыд, уый æмæ уатмæ бакаст æмæ загъта:— цыма райхъалысты. Стриж бахызт хатæнмæ æмæ æрбадти стъолы фарсмæ. Хæдзары астæу дæлæмæ уагъд æмбæрзæн змæлыди æмæ- иу йæ фæсте фæзынди нæлгоймаджы фæсбадæн, уынгæг диагонал хæлафы, куы та-иу хæлафы дзуарæвæрд бæттæн- тæй æлвæст фæтæн уæхсджытæ, Стрижы хъустыл ауадис дыууæ нæллгоймаджы ныхас. — Дæуæн дæ хъуыдыйы никуы ’рцыдис, сылты цуаны цæуылнæ кæнынц? — уый загъта Иван Матвейы фырт. — Цы хъуыдыйæ сæ нæ кæнынц?—бафарста йæ иннæ. — Йæ тæккæ комкоммæ хъуыдыйæ. Знон чидæр, æн- хъæл дæн, Руднев, загъта, зæгъгæ, ардæм йæ хойы æрба- кæнинаг уыд,—зонæм сæ уыцы хоты,—æмæ Кульков дæр •афтæ бакодта: „Сылæн цуанмæ кæнæн кæцæй ис?^ Æмæ умæй дæр æнæхъазгæ, тарстауæй. — Нæ зонын, чи 'Зоны йæ ныхас ахæм у, хæстон нау- тыл куыд вæййы, афтæ. — Ннæ-æ, уый уыдзæнис историйы агъонмæ рæстæ- гæй баззайгæ цавæрдæр зианхæссæг æгъдау... Æвæдза, æмбæлы Гшл ахъуыды кæнын... — Гъе æмæ йыл ды хъуыды кæн дæхи фæндиаг, æз ма иу цъус афынæй кæнон. „Ничи йазм кæсы,—уыцы ны- хас егерь бамбæрста йæхирдыгонау.—Нырма дыууæ боны йедтæмæ нæма сты ам æмæ уадидæгæн схъыг сты". 850
— Гъа, синепупик!—загъта фыссæг, мидæмæ хизгæйæ. Йæ цæсты уæлтъæфæлтæ басырх сты фкр фынæйæ, йæ уардигъуыз, лæгъз цæсгом фæпухдæр. — Нæ, мах синепупиктæ не стæм,—хъæлдзæгæй загъта Стриж.—Мах æндæр уидагæй стæм. Синепупиктæ чи сты, уыдон дарддæр, Цæгаты... Фыссæг райста, раздæр цы „Столицæйаг" арахъхъы ав- гæй нуæзтой, уый, æмæ йæхи агуывзæмæ æрлæдæрста, цы ’ртæхтæ ма дзы уыд, уыдон. Стæй стъолы бынæй систа бынæттон „Сучокы" æнæвнæлд тарбын авг, вилкæйæ йын аппæрста йæ уæлæ мыцъайæ ныхæст къæрмæг æмæ дзы ззрыдзаг кодта Стрижы агуывзæ. Егеры бынтондæр нæ фæн- .дыд баназын, фæлæ нæ зæгъгæйæ фыссæджы фæхъыгкæ- нынæй тарсти. Сæ нуазæнтæ бакъуырцц кодтой кæрæдзи- мæ. Стриж йæхи сынцъылдтæ кодта, йæ цæстытæ фæ- дъынд кодта æмæ уыцы æнæрхæцгæйæ анызта йæ агуыв- зæйы сыгъдысмаг арахъхъ. —- Æз дын, Иван Матвейы фырт, раскольникты тыххæй уый бæрц диссæгтæ радзурдзынæн æмæ дæ бон у æнæ- хъæн чиныг сыл ныффыссай. — Куыд Мельников — Печерски, — рæтъузæгау загъта •фыссæг. — Агъа,—нæ йæ бамбæрста Стриж.— Æмбарыс, Иван Матвейы фырт, æз уыцы раскольникты, алхуызон зæронд дингæнджыты мæнæ афтæ зонын... Æз сæ мæнæ ам да- рын,—бахоста йæ дзыпп.—Цæвиттонæн райс аргъауæн хæ- дзар. Уыдонæн æнæ аргъауæн хæдзар сæ бон нæу, æмæ уый та аргъуанимæ абаргæйæ цы у? Фыссæг æнкъардгомау ныуулæфыд, йæ къух бадаргъ кодта авджырдæм æмæ та ноджыдæр арахъхъ æркодта еге- рæн. Уый бакасти бур-цъæххуыз бæзджын агуывзæмæ, цыран арахъхъ дæр, фæтæгенау, зындис бургонд хуызæй æмæ йæ тыхамæлттæй анызта. Арахъхъ ын йæ комы арынг- тæ асыгъта, æрбалвæста йын йæ хъуыр, æмæ банкъардта, нуæзт йæ дзыхæй уæлæмæ кæй кæлы, уый. Йæхи ныф- фидар кодта, цас йæ бон уыд, уый^бæрц æмæ йæ не суагъ- та йæ хъуырæй уæлæмæ скалын. Йæ цæсгом туджы зылд, •йæ цæстытæ сумæлысты, стымбылтæ, афтæмæй бадти. 351
— Сахуыстаиккат уæд та... — æлгъгæнæгау загъта, фыссæг. — Бузныг, ахуыр ыл не стæм... —схъуыр-хъуьтр код- та Стриж.—Æз сымахæн уый зæгъинаг уыдтæн,—райдыд- та дзурын, йæ улæфт куы фæхуыздæр, уæд.—Зæронд æгъ- дæуттыл хæцджытæй зæгъын. Уыдоны хæдзармæ дын куыдз ма бацæуа, уый ницы амалæй. Ныртæккæ, зонут, пъолтæ ныйирд кæндзысты, суанг бандонæй, æндæрæй сæ фыр хафтæй сгæлиртæ кæндзысты. Уымæн æмæ сыгъдæг цæрæгой нæу. Æмæ цæмæннæ у сыгъдæг, уый, чи йæ зо- ны, уыдонæй кæд сыгъдæгдæр у... Стриж бамбæрста, зæгъын æй цы хъæуы, уыдæттæ кæй нæ дзуры. Уый тыххæй куы нæ цыди фыссæгмæ.. Фæлæ цы бакæна, нæ сахуыри адæмы раз йæ зæрдæйы ахаст ’гомкæныныл. Уыцы фыссæг ын иу чысыл куы фех- хуыс к&нид, фарста йæм уæддæр куы радтид, уæд, æвæццæ- гæн, йæ хъуыды æртымбыл кæнид æмæ исты зæгъид йæхи. тыххæй, зæгъид ын сæйрагдæр, цардæй цы рахаста, адæй- магыл æууæндын хъæуы. Фæлæ уымæнйæ бон ницы хуы- зы уыди йæхи раскольниктæй схицæнкæнын. Йе стыр мадк хæдзары зæронд æгъдæутты уæз æй фæкъуырма кодта сы- вæллонæй æмæ йын бирæ цæмæйдæрты сбæлвырд кодтайæ къæмдзæстыгдзинад, æмбæхст цард. Уыдæттæ йæ фæндыд радзурын, науæд ницы бамбарæн уыд йæ царды æндæр> хабæрттæн дæр. Ныр, хъизæмаркæнгæ хылди æгоммæгæс^ уæззау дзырдты тархъæды астæуты, æмæ, куырм уæныгау, æрыздæхти йæхи сæрмагонд кт>ахфæдмæ. Фыссæджы сæры дæр кæд алы хæццæ хъуыдытæ зил- дух кодтой, уæддæр чысылтæ бамбæрста егеры цыдæр зæгъын кæй фæндыд, хуымæтæджы кæй нæ хæссы цы- дæр мæнгдзинæдтæ, фæлæ уыдæттæ бамбаргæйæ ноджы тынгдæр сæхгæдта йæ хъустæ. Уый куыста стыр рома- ныл æмæ йæ нæ фæндыдис уый æцæгæлон, ног æнкъа- рæнты æндæвдадæй фæхъæстæ кæнын. „Æнæхаиры про- фесси,—утæхсæн хъуыдыйыл схæцыд.-—Васкæйæн та цы у—раст ын цыма рагацау фæдзæхст уыд, уыйау йæхи- цæн æнцад-æнцойæ улæфы, æз та хъуамæ ацы ран бадон- æмæ алы ницæйаг хабæрттæм хъусон. Æрмæстдæр уый; 352
тыххæй æмæ фыссæг кæй дæн. Алчи дæр йæхицæн хæ- сыл нымайы мæнмæ йæ хъастимæ лæсын. Æмæ мæн та фæндгæ нæ кæны, мæ бон нæу, бафæлладтæн." Раст къæвдайы æртæхтæ хæдзары агъуыстыл фæлмæ- цынгæнæг, æнкъард, æдылыдзæфгæнæн къуырцц-къуырцц куыд фæкæнынц, афтæ йын егеры хъæлæс йæ хъусты тæнджытæ хоста. — Гъа, баназ!—загъта уый æмæ агуывзæйы æркодта арахъхъы бынтæ. Æвиппайды февзæргæ низау æфхæрд хъуыдыйы уæлтæ- мæны Стриж бамбæрста, æрвгъуыз цъындахæдон цы лæ- гыл ис, уый емæ кæй ницы хъуыддаги, уый бады æмæ хъусы, æмæ йæ арахъхъæй хынцы æрмæстдæр уый тых- хæй, цыдæр хъуыддаг саразынмæ йæм æнхъæлмæ кæй кæсы. — Афтæ фæуæд,—багуым-гуым кодта Стриж, йæ армы тъæпæнтæй асæрфта йæ цæсгом æмæ, стъол фехсойгæйæ. æнарæхст стад скодта. Фыссæг æдзынæгæй бакасти Стрижмæ æмæ йын йæ фезмæлд бамбæрста йæхирдыгонау. — Фæгæдзæ кæн, — загъта уый тагъдгомау,—æнхъæл дæн иу цъус ма нæм ис... æмæ фæсыкки. Егеры фæлурс-æрвгъуыз цæстытæ йæм кастысты æр- ’вонг, уазал æмæ тызмæгæй. — Ныууадз мæ!—мæсты змæлд фæкодтой Стрижы дым- гæхост былтæ.—Уымæй дæр бузныг!.. Стриж архайдта æнæфæцудгæйæ цæуыныл, фæлæ уæд- дæр йеуæхскæй бахафта дуары тарваз, фесхуыста хи- хсæны æмæ йæ æрхуы фындзы тæригъæдтаг зæлланг фæцыди. Тыргъы раз лæууыдис къæвдайы донæй емыдзаг дон- гарз. Стриж æм ныггуыбыр кодта æмæ йæ сæр зыд тъыст фæкодта æртæ хатты ихджын доны. Уый тындзыдта Ве- ликоейы цадмæ. — Цæмæн афтæ у,—иуцасдæр фæстæдæр хъынцъым- кæнгæйæ дзырдта Иван Матвейы фырт йе ’мбалæн,—æх- сæнадон егер куы уа, уæд хъуамæ æнæмæнгæй расыгкæ- наг? Ау, ацы хъæуы иу ахæм адæймаг нæ разынди, нуаз- 23 353
гæ чи нæ кæна æмæ кæрæфдзинад кæмæ нæ уа?.. Йе ’мбал æм сивæзта йæ цæстытæ. Уый сабыр-æвазгæ> касты ферттывта цыдæр хæрамдзинад. — Мурдæр ницы бамбæрстай...—загъта сындæггай æмæ йæхæдæг гом фæрссагæй ацъыкк ласта, йæ былты онг цы оигареты сыгъдон бахæццæ ис, уый. — Æмæ цы... Ды цæмæй зæгъыс?..—багуым-гуым код- та Иван Матвейы фырт æмæ ныхъхъуси, Уый æрæджиау фембæрста хуымæтæг адæймаджы, хорз лæджы кæй фæ- хъыг кодта, уый. Ныр дзы нал ферох уыдзæни, цы худи- наджы уæззау æикъарынад æм фæзынди æмæ йæ йæ цæр- гæбонты чи никуыуал ныууадздзæни, уый, 354
Никитин Никъала ОКТЯБРЫ ÆХСÆВ Тæфласы стъæлфæнтæ нæ сыгътой. Бон нæм-иу хурьг ^зынг цæст нындæвта. Къæвда нæ хуылыдз кодта, дымгæ— сур. Мах цыдыстæм уагоны сæрыл. Фæндагыл Мценскæй Мæскуымæ дыууæ лæджы асхъиудтой хидтæй. Фæлæ уæддæр нæ цыд кодтам. Уый уыдис 1917 азы •октябры. Мæскуымæ куы ’рхæццæ стæм, уæд куыддæртæй вагонмæ баирвæзтыстæм, нæхи дзы тыхтъыст бакодтам. Ахæм хъуыддæгты уый бæрц фæлтæрд дæр кæм уыдыс- тæм æз æмæ ме ’мбæлццон Петров Егор. Мах уыдыстæм Ольвиополскы полчы хуымæтæг салдæттæ. Полк ныппырх. Мах тындзыдтам Петроградмæ, Петрограды кой кодта æгас „дуне. Æз здæхтæн нæхимæ, Петрограды райгуырдтæн. Бынтон æндæр уыд Егоры балцы сæр. 0, ныр Егоры хъуыд- дæгтæ куы рымысын, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма мæ зæрдыл æрлæууы кæцыдæр аргъау. Егор мын дзырдта, зæгъгæ, дам, салдæттæн се ’ппæты дæр цæуын хъæуы Петроградмæ, цæмæй ссæрибар кæной Ленины, зæгъгæ, дам, Ленин уацары ис капиталисттæм, Æз ын, мæ къухы тазеттæм кæсгæйæ, бæлвырд кодтон, зæгъын, дæ ны- хæстæ æрмæстдæр дæхи фантази сты, æндæр ницы. Ленин аирвæзт, зæгъын, болыпевикты партийы фæндонæй. Уый кæмдæр бааууонкодта йæхи. Фæлæ æппæт мæ дзырд- тæ уыдысты дзæгъæлы. Егор æгæрстæмæй быцæу дæр нæ кодта мемæ. Йе ’рфгуытæ сылхынцъгæнгæ мæм хин каст кодта æмæ мын ныллæг хъæлæсæй дзырдта, зæгъгæ, ^уыдæттæ дзæнгæдацæгъдынау сты, зæгъгæ, газеттæ ба- <рæй, фæдсафынæн афтæ фыссынц... Фæсмон ыл кæнын, 355
фæстагмæ базыдтон Егоры, фæлæ мæм уыцы уысм афтæ* касти, цыма бынтон дæр йæхи адыл нæ уыд. Фæстаг цып- пар æхсæв æмæ боны дæргъы рæстмæ хæргæ æмæ нуазгæ дæр нал кодта, афтæ тындзыдта Петроградмæ. Петроградмæ æрхæццæстæм изæрыгоэ. Никъалайы фæзуатæй рахызтыстæм Змаменскы фæзуат- мæ. Бæрзонд арвы иу кæронæй иннæ кæрохшæ тæлтæг- схъиуд кодта прожекторы рухс. Æгæрон, æдзæрæггъуыз горæты сæрмæ ацы æнахуыр нысан ноджы тынгдæр кодта зæрдæйы знæт, æнæнцой æнкъарæн. Егоры гуыпп-гуыпп- гæнгæ фæдисы къахдзæфтæ хæлдтой уынгты æдзæм са- бырдзинад. Нæ кæрты дуармæ куы бахæццæ стæм, уæд мæ зæрдæ фæрыст, суынгæг. Дзæгъæлы хостам дуар. Æртæ азы дæр-- гъы мæ былтæ æхсыдтон ацы минутмæ, фæлæ ме рыздæ- хыны уысм бынтон æндæргъуызонæй уад мæ цæстыл. Æз,. æнхъæлдтон, зæгъын, нæ хæдзары рæзты æрцæудзынæн музикæйы цагъдимæ, нæ сыхæгтæ, млз фенгæйæ, базгъор- дзысты мæ мадмæ, уый асиныл йæ фырты размæ цингæн- гæ æруайдзæн... Ацы бæллицтæ нывты æмæ чингуыты куыд федтон, уымæ гæсгæ сæвзæрдысты мæ сæры. Пол- тавæйы уынджы, вокзалмæ æввахс фидар æхгæд, æвидыц дуарыл къæрныхтау кæм бахызтаиккам. Егор амæсты, топ- пы къондахæй ныххоста кулдуар. Æмæ нæм уæд кæртæй. райхъуыст тарст хъæлæс: —- Кæцы дæ? — Хиуæттæ... салдæтгæ*! — бæзджын хъæлæсæй йын дзуапп радта Петров.—Кæнæ дæхæдæг бакæн дуар, кæн- нод та йæ мах батондзыстæм! — Куыдхиуæттæ уæд?—райхъуыстæндæр, æвзонг æмæ къæйныхдæр чи уыд, ахæм хъæлæс. — Уым æртыккаг номеры цæрæг... — фæцырдтæн æз,. цыма цы дзырдтон, уый иууыл иумæ зæгъинаг уыдтæн,. уыйау.—Фронтæй æрыздæхтæн... . Кулдуары мидæгæй чидæртæ тæрхон кодтой. Фæстаг- мæ нæ хъустыл ауад гуыдыры гыбар-гыбур. Мæ зæрдыл æрлæууыд ацы зонгæ гыбар-гыбур. 'Кулдуар æххæстæй нæ байгом... Фæстейæ уыд рæхысæй фидаргонд. Æзсуыд- 356
•тон нæ хæдзары хи’цауы. Уый архайдта æнæзонгæ салдат- мæ лæмбынæг æркæстытæ кæныныл. — Дæ бон хорз, Семен Семенович...—загътон æз. — Æз ын мæхи бацамыдтон, зæронд лæг „а-а", зæгъ- гæ, фæкодта æмæ уайтагъд. рæхыс феуæгъд кодта. Мах бахызтыстæм кæртмæ. Зæронды фарсмæ лæууыд чысыл лæппу, йæ уæлæ драп палто, йæ сæрыл студенты худ. Йæ уæхсгыл хъеллау кодта, дыууæ лулæйы кæмæн уыд, .ахæм топп. — Бабызтыл цуанкæнынмæ уæхи рарæвдзкодтат æви тæрхъустыл?—худгæ сæ афарста Егор. 'Чысыл студент афтæ, зæгъгæ, дам, мах ам лæууаем хъахъхъæнджытæй фыдыбæстæ æмæ революци фервæзын- ^кæныны комитеты бардзырдмæ 1æсгæ. — Æмæ ма исчи революцийы кулдуары цур ирвæзын кæны? Намæ уый та цæй комитет у? — Горæты уынафæгæнæны комитет,—дзуапп радта чы- -сыл студент. — А-гъа! Уæдæ уымæн у æгас горæт æхгæд... Ирвæ- зынгæнджытæ! Адæмы сайынц...—цæхгæр ын фæлыг код- та Егор йæ ныхас—Е, афтид къоппа... Дæ сæр цыма рухс- .дзинадмæ здæхт у, афтæмæй та дын мидæгæй талынг у. Æмæ Егор афтæ нылгъыста æмæ чысыл студент къул- ^гæрон баныгъуылди. Мæ мад нын цай рахсыста, хæринаг нын æрхаста. Егор ;уыдис тынг хорз зæрдæйыл. Афтæ зынд, цыма рагæй бæл- лыд ацы бонмæ—Петроградмæ æрцæуынмæ. Отыр зæрдиа- тæй æмæ хъæлдзæгæй дзырдта зæронд усæн нæ хабæрт- тæ, фропты ныл цы ’рцыд, уыдæттæ. — Диссаджы рæстæг æркодта, мæ мады хай, дисса- джы,— дзырдта уый. — Ленин адæмы Ленин у, нæ бындур у... Ды хъаст кæныс, мæ мады хай, дуне, дам, ныппырхи, фæлæ уыцы хъуыддаг мæнæ махæн, Румины фронты сал- дæттæн æхсызгон у... Йæ хъуыды кæронмæ нæма загъта, афтæ рудзынджы •авг ныррызт æмæ йæ æрызгъæлынмæ бирæ нал бахъуыд. — Астдюймайон у... — гæрахмæ байхъусгæйæ багуым- гуым кодта Егор. Мæ мад йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. 357
— Болыпевиктæ... Абон сын растад ис. — Абон? А-гъа, æз дæр дис кæнын... Хъуыды кæныс^. вакзалы иу комиссар салдæтты æмбырд кодта... Æз уай~ тагъд фæхатыдтæн, цыдæр кæй райдыдта. Ды мæ срæуæг кодтай „цом хæдзармæ, цом хæдзармæ!" Уый та дын хæ- дзармæ... Афтæмæй уым ныр райдыдтой! Кæй зæгъын æй хъæуы, вакзалтæй райдыдтой. Мах та хæдзары бабырыдыс- тæм... Гъе, уый дын хъуыддаг, гъе! Ехх, лæппу, фесæф- тай мæ ды... А-гъа, уæдæ, Ленин ам ис! Ды та дзурыс йæхи, дам, бааууон кодта. Егор афæлурс æмæ мæм уайдзæфгæнæджы каст æрба- кодта. Стæй, йе ’рфгуытæ фелхынцъгæнгæйæ, фестад,' бан- дон иуæрдæм феппаргæ. — Æгъгъæд уæд цайтæ, йедтыл рæстæг сафын... Цæу- гæ!—бардзырд радта мæнæн. Мæ мад фæтарст. — Кæдæм уæд, Егор Петрович? — Уынгмæ! Нæ хъуыддаджы фæдыл! Мæнæн тынг зын уыдис хъарм, райдзаст хæдзар ныу- уадзын... Æнæ уыдон фронты бынтон æндæр уыд мæ цард.' Фæсмойнагæй дзы ницы уыдаид. Цард хъизæмар уыд, æн- дæр ницы., — Горæт мын бацамондзынæ,—къуырма гуым-гуым ба- кодта Егор. Æвæццæгæн æй фæхатыд, цæуыл хъуыды кодтон,, уый... Æз уайтагъд дуарæн федтийæ дæн. Мад мæ фæдыл рауад. Егор зулмæ ракаст нæ фæстæ, стæй уый дæр æт«- тæмæ рахызт, хæринаггæнæны нæ раййæфта, мæ уæхс- гыл мын æрхæцыд æмæ мæ зæронд усы ’рдæм басхойæгау кодта. — Цæрæнбонты уæддæр иунæг у... Хæрзбон ын зæгъ.... Æз апъа кодтон мæ мадæн. Егор ыл зæрдиагæй ныт- тыхст. Зæронд ус æркуыдта. Æз фефсæрмы дæн, фæлæ- бурдтон ме ’хсæнгарзмæ æмæ фæцæуæг стæм. Талынджы Зæррнд Невайы проспектыл нæ цурты фæ- цæй сæпп-сæпп кодта иу салдат. Егор ын цæрдæг фев~ нæлдта йæ уæхсгмæ. 358
— Фæлæу-ма, азмбал... Кæцы гарнизонæй дæ? — Петрограды гарнизонæй... Финляндийы æртыккаг полкæй. Лæппу йæ худ бараст кодта. — Нæ зоныс... ныртæккæ Ленинкæм ис, уый?..— Æнæн- хъæлæджы йæ афарста Егор, йæ уæхск ын не суагъта, афтæмæй. — Нæ... Ницы йын зонын. — Уый та куыд? Петрограды гарнизонæй æмæ ницы зоныс. — Æз нырмаæвзонг дæн, æмæ...—йæхи рæстытæ кодта лæппу: уый Егормæ кастис дисгæнгæ. — Смольнимæ ацу. Нæ делегæттæ æгас æхсæв Смольнийы уыдзысты. Уым æп- пæт дæр бæрæг у... Лæппу рахъавыдис хабæрттæ лыстæггай райхалынмæ, фæлæ Егор ныр йæ ныхæстæм нал цымыдис кодта... Йæ къухæй мыл ахæцыд æмæ дарддæр ацыдыстæм, уынджы джихæй кæсгæ фæуагътам салдаты. Егор-иу арæх систа йæ худ, йæ хид сæрфта, цыдæр хъуыдытаа йын æнцой нæ лæвæрдтой. Уый домдта, цæмæй йæ кодтаин иууыл æввахсдæр фæндагыл. Æз нал базыдтон Смольнийы фæзуат. Уый фестадис гæрз- ифтонг лагерь. Уæзласæн машинæтæ асыччыты ластой нагантæ. Комкоммæ машинæтæй уæрстой сырхæфсæддон къордтæн нæмгуытæ æмæ æхсæнгæрзтæ. Смольнийы ал- фæмблай уыдис хъæдын баррикадæтæ. Бæласдоны æмбырд: кодтой а^дæм. Бирæтæ сæ тæккæ уым ахуыр кодтой, куыд æхсын хъæуы наганæй, уый. Сæйраг æрбацæуæны æвæрд уыдысты сармадзантæ. Чидæр тыргъмæ ласта пулеметтæ. Бæлæсты бын къæр-къæр кодтой уартджын машинæтæ æмæ уæлдæф дзаг кодтой хуыдуггæнаг газæй. Æрвгъуыз, уа- зал мигъы Смольни зынди, стыр науæн йæ рудзгутæ куы судзой, раст уый хуызæн. Сырхæфсæддонтæ нын загътой, зæгъгае, дам, ныртæккæ Стыр цæджындзджын залы цæуы Советты дыккаг съезд. — Ленин дæр уым и?—сабыр, йæ тыхстæй гæзæмæ фер- хæцгæйæ, бафарста Егор. — Кæй зæгъкн æй хъæуы,—цыбыр дзуапп радта уæл- 359
дзармхудджын кусæг, æнæнцой цæстытæ лæмбынæг æр- хаста Егорыл, йæ цæсгомы тызмæг æнгæс атары, йæ мид- былты бахудт æмæ цыдæр уæлдай æхцон хъæлæсы уагæй загъта: — Уым ис, уым... Кусы... Фæлæ ам лæууыны бар нæй, ацыт, æмбæлттæ. — Æз хъуамæ бацæуон залмæ, — мæ хъусы мын сабыр бадзырдта Егор. Æз бацархайдтон, цæмæй Егор йæ фæндыл йæ къух систаид: — Нæ дæ бауадздзысты!.. Кæсыс, хъахъхъæнæг алкæ- мæй бары гæххæтт домы. — Нæ, æз бацæудзынæн... Мæн бауадздзысты. Чи’баурæдтаид Егоры?.. Цы тых? Сахаты æрдæгмæ мæм банхъæлмæ кæс, зæгъгæ, загъта æмæ фæтары... — Уæртæ мæм уым лæудзынæ! — уыдис йæ фæстаг ныхас. Сахатæй фылдæр лæууыдтæн Смольнийы дардыл зылд фæзуаты бакомкоммæ „Томайы къæс", зæгъгæ, хъæдын трактиры цур. Ардæм сырхгвардионтæ æмæ салдæттæ згъордтой тæвд цайæ сæхи ахъармкæнынмæ. Фæзуат сау дардта адæм æмæ машинæтæй. Æхстыты дард гæрæхтæм хъуыста Петроград. Æз æн- хъæлдтон, Егорыл нал фембæлдзынæн. Фæлæ та уый мæ- нæ æвиппайды фæзынд. Зæронд, хæлд машинæ ныггы- бар-гыбур кодта, æрлæууыд æмæ мæ йæ сау бæзджын фæздæджы бын фæкодта. Уæлейæ мæм, раст цыма мæнæ талынг арвæй, райхъуыст Егоры хъæлæс: — Цæуæм... сбад. Кæйдæр къухтæ мын баххуыс кодтой схизынæн. Уæз- ласæн машинæ йæ бынатæй феггуырст. Æз кæуылдæр ба- хаудтæн... Цудтытæгæнгæ нæ машинæ знæт скъæфт кодта уынгты. Егор мæ фидар нылхъывта йæхимæ æмæ мын цингæн- гæ хъæр кодта мæ хъусы: — Федтон æй... Ленины федтон! Нæ къорд æрвыст уыд Сæрдыгон бæласдонмæ. Ам нæ 360
рахизын кодта уæзласæн машинæ æмæ дарддæр талынджы атахт. Лебяжийы канауы былыл сыгъд æртытæ. Æдзæм, бæгъ- нæг бæлæстæ ноджы цахæмдæр æнахуыр хуыз лæвæрд- той ацы æнæдымгæ стъалыджын æхсæвæн. Отæм мигъы ^бындзгуытæ ранæй-рæтты æрзæбул сты арвыл. Адæм ны- хас кодтой сусу-бусуйæ æмæ артмæ тавтой сæ къухтæ. Ныхас кодтой бынтон хуымæтæг хъуыддæгтыл. — Абонмахмæ уæлæдарæс æхсæн бон у...—хъуыды- гæнгæ загъта сырхгвардионтæй иу, æвзонг лæппу, йæ уæ- лæ ног, астæуæй уæлæмæ сæрак палто. Лæппу змæлыд, йæ палто къæр-къæр кодта æмæ йæ тæф калд, раст фæт- къуыйау. — Оапон ссардтат?—бацымыдис кодта Егор. — Сапон ис... Хæдзарæй иууыл фæцыдыстæм, мæ фыд, мæ фыды ’фсымæры лæппу, мæхæдæг... Мад иунæгæй æн- къард кæны. — Æмбарын дæ... Егор ныуулæфыд æмæ артæй зынг систа. — Устытæй тынгдæр никæмæн тæригъæд кæнын,—йæ- хицæн дзурæгау бакодта Егор æмæ папирос сдымдта.— Арынгыл сæ ныббастам æмæ удхар кæнынц. Уый дын амонд, гъе... — Агъæц, тагъд сылтæ дæр сдзурдзысты,—загъта ацæр- тæ бурхил æфсæддон. Йæ хуызивд худыл нырма дæр зынд æфсæддон дзуары фæд. Уый бадтис дзуццæгæй, йæ цæстытæ судзгæ æхсидæвтæм ныццæвгæйæ, цыма арты исты агуырдта, уыйау. Егор æй бафарста: — Кæцы губернийæ дæ? — Вологдæйæ. — Усы ды, æвæццæгæн, сæгъы сыкъайы батъыстай. — Мах тох кодтам...—куыддæргомау дзуапп радта æф- сæддон. — Тох кодтам!— сбыцæу Егор. — Æмæ дæ сыл нæ тох код- та? Цал сывæллоны дын ис? — Иу фондз баисты. — Кæсыс... Фондз даринаджы! Фондз удгоймаджы! Уы- 361
дон цæрæнбоныл тох нæ хъæуы, цалынмæ ды службæ кæныс, уæдмæ? — Раст у, раст... — сразы сты иннæтæ æмхуызон,—сыл~ тæн нæ рæстæджы æнцон нæу: Фæлæ ацæргæ æфсæддон нæ саст: — Цы не ’мбæлы, ахæм хабæрттæ дæр дзы бирæ уыд, сылгоймаг сдзæгъæлкъах ис. Егор фа^сырх æмæ йыл стайтай кодта: — Æмæ ды не сдзæгъæлкъах дæ? Галицийы хосдæт- ты нæ рабыр-бабыр кодтай? Иууылдæр ныххудтысты. Схудт ацæргæ æфсæддон дæр, йæ къух йæ худы бын атъысгæ. — Æз цы сафын... Æз — мæнæ дымгæ куыд уа, аф- тæ дæн. ’ -—Афтæ цæуы, æмæ мах не ’ппæт дæр дымгæтæ стæм. Ныззилахаркæн æмæ атæх... Ам аххос кæмæ хауы? Сыл- гоймаг дæр... — Раст у...—Егоры фарс та рахæцыдысты æмхуызон.— Рæхджы сылгоймаг дæр йЗехион æрдомдзæн. Иу æрмæст Ацæргæ æфсæддон уæддæр архайдта ных- мæ æрлæууыныл. — Фæлæу, фæлæу,—хъуыддаг уый мидæг нæй,—дзырд- та уый.—Германы фронтмæ мæ тыхæй скъæрдтой, ацыд- тæн, уæдæ цы гæнæн уыд! Фæлæ ардæм барвæндæй æр- цыдтæн. Ды дæр, мæнæ уый даёр, мах не ’ппæт дæр ардæм æрцыдыстæм барвæндæй. Ам нæ бар нæхи у. Мах цæуæм советон хицауады сæрыл тохмæ. Сабырады сæраппонд, гæнæн ис, лæг фыдбоны хай дæр фæуа... Гъе, æмæ кæм сты сылтæ? Цæмæннæ сты ам? Егор смæсты: — Æмæ йæ дæхæдæг куы ныууагътай арынджы цур... Фæлæу, фæлæу кæныс. Æз фæлæудзьшæн, ды дæр фæ- лæудзынæ... Фæлæ рæстæг нæ фæлæудзæн. Æрцæудзæн ахæм рæстæг æмæ нæм, сылгоймаг раджы цы уыд, уый нал уыдзæн. Уый уыдзæн сæрибар. Æмæ уæд дæ хуызæн диссаджы æмбаргæ лæгтæ уымæн сæ сæрæй зæхмæ кув- дзысты. Афтæ сырæздзæн сылгоймаг, гъе. Æмæ иннæ хъуыддæгты æттийæ мах ныртæккæ тохмæ цæуæм уый 362
тыххæй дæр. Мах абон тохмæ цæуæм ахæм зæрдæйæ, цæ- мæй æгас дуне иннæрдæм афæлдахæм. Бамбæрстай? Адæм ныкк&стысты Егормæ. Æртытæ æрнымæг сты. Фæсабыр ныхас. Мах акæс-акæс кодтам размæ, æнхъæлмæ кастыстæм фидиуæгмæ. Нæ командир, йæ сæр æруадзгæ, сабыр рацу- бацу кодта махæй дæрддзæф. Уый Егоры зæрдæмæ нæ фæцыд. Дызæрдыггæнæджы каст æм кодта. Фæстагмæ йæ,. йæхи нал фæуромгæйæ, цæмæйдæр афарста. Уый йын æнæбары дзуапп радта æвæндонæй. Егор спичкæ ацагъта. — Лæппутæ...—фæхъæр ласта уый командирмæ бакæс- гæйæ. — Ацы лæг ивгъуыд дуджы адæмæй у! Адæм сыл æрбатыгуыр сты, офицер фæтарст. Фæсус, цыдæр тыхст æмæ ивазгæ хъæлæсæй уый архайдта адæ- мæн бамбарын кодтаид, зæгъгæ, дам, мæ ахсæв фæнды æп- пæт мæ тæригъæдтæ мæ тугæй асыгъдæг кæнын. — Цавæр тæригъæдтæ уæд?—фæхъæр ыл кодта Егор тызмæгæй.— Царæр тæригъæдтыл цæуы дзырд?.. Уый бæс- ты ма нын зæгъ, цæмæ бадæм ам мах æмæ цы æнхъæлмæ кæсæм.., мыййаг... ацы фæзуат хъахъхъæнынмæ æрцы- дыстæм? Сырхгвардионтæ схъомпал сты æмæ офицеры фонтаны цурмæ бакодтой. Мах араст стæм Марсы быгъдæг рыг бы- дыры. Чысыл бронзæйæ конд Суворов каст цæгаты ’рдæм. Дардыл зылд фæзуаты астæуты рауайгæ, нæ цурты уы- цы иу тахт æркодта дыууæ батарейы. — Донстантиновскы ахуыргæнæндон фæстæмæ алæу- уыд...—загъта чидæр., Мах юнкертæн ауыдтам æрмæстдæр сæ чъылдымтæ. Егор цыдис ’къорды разæй. Мах рахæццæстæм Павло- вы казарматы даргъ, тызмæгæнгас бæстыхайы комкоммæ. Цыртарæзт, цæргæстæ сæ базыртæ байтындзгæ, стæхын- æввонг лæууыдысты фронтонтыл. Афтид талынг рудзгуы- - тыл бæрæг зынд, казарматы иунæг змæлæг дæр кæй нал •- баззад. Æхст тынгæй-тынгдæр кодта Зымæгон галуаны цур. Къуымы, уазалæй гæв-гæвгæнгæ, йæхи цыбыр сал- даттаг цинелы тыхта Павловы полчы хъахъхъæнæг. Мах. ацыдыстæм йæ иувæрсты, бар-æнæбары нæ цыд фæтагъд- зба’
. дæргæнгæ. Штабы пикет нæ аздæхта Мойкæйы ’рдæм. Алыран æнгом рæнхъытæй лæууыдысты гæрзивтонг кус- джытæ æмæ æфсæддон батальонтæ. Ацæуæнтæ уыдысты къуындæг. Фæлæ къордтæ уæддæр фæтк фидар хъахъ- . хъæнгæ æнхъæлмæ кастысты сæ нысан рæстæгмæ. Адæмы цæсгæмттæ, дуртæ, бæстыхæйттæ, горæты сæрмæ ауыгъд æхсæв æгасæй дæр æмхуызон дзырдтой лæгдзинадыл, хъай- тардзинадыл. Мах бæллыдыстæм æрмæстдæр уымæ, цæмæй нæ тагъддæр арвыстаиккой галуаны штурммæ. Æхст æвип- пайды фескъуыд. Мах æнхъæлмæ кастыстæм размæ абыр- сæг къорды урайы хъæрмæ. Хъæр не хъуыст. Кæмдæр, хæрзæввахс, нæ хæдфæсчъылдым ныкъкъæр-къæр ласта нæмыгзгъал. Фæдисы хъæр мæнг рауад. Уый кана- уы сæрты къуыппрагъ хидыл æрбатылд автомобил æмæ уый скъæр-къæр ласта æхсæгауйæ маторæй. Нæ рæнхъы- ты æхсæн сабыргай æрбатылд æмæ ныл йæ иунæг фарæ- йы тынтæ æрбасæрфта. Æртæ лæджы Мойкæйы цæнгæт гæзæнхъæдты цурты рахызтысты. Махыл сæ цæст хæсгæ, бацыдысты, автомо- биль кæм æрлæууыд, уырдæм, стæй сæ иу> фидæрттæконд, йæ уæлæ цинел, йæ дзыхы лулæ, рахицæн иннæтæй æмæ йæхимæ æрсидт алы къорды командирмæ. Æз æй нæ фе- хъуыстон, цы загъта уый Егорæн, фæлæ нæ уый фæстæ Егор рæнхъæй æрлæууын кодта. Певческы хиды цур нæ æртæ дихы фæкодта. Æз баззадтæн фыццаг хайы, архайд- тон Егорæй ма фæхицæн уыдаин. Алыксандры цæджындз арвы бæрзонд сфардæг сау цырагъау. Зымæгон галуаны, зæрорд хицауад кæм æм-- бæхст, уым-иу куы ссыгъдысты, куы та ахуыссыдысты бæрзонд рудзгуытæ, цыма сæ мидæгæй æмбæхст адæм цы- дæр æнахуыр хъазтæй ирхæфстой сæхи, уыйау. Галуаны фæзуаты рахиз æмæ галиу фæрстæм тагъд- тагъд уадысты революцион штабы автомобилтæ. Хъуыс- тис броневикты фæдисы уаст. Штурмæн разамынд кодта Сталин. Адæм-иу алы машинæйыл дæр бакалдысты, фæндыд сæ зыдтаиккой Смольнийы] цы уыд ногæй. Российы бæрзонд -сырх сисы бын, Фæзилæны фале, Морскойы сыгъдысты 364
цæхæркалгæ æртытæ. Сæ комкоммæ рухс кодтой каэцы- дæр банджы дзæнхъа фасад. Салдæттæ бадтысты æртыть^ алыварс тыгуыртæй. Галуаны баррикадæтæй, лент раивынæн рæстæгæй- рæстæгмæ æрулæфгæ, æхситт кодтой нæкыгзгъалтæ. Нæ нысан бæрæг æмæ æввахс уыд махæн. Алкæй дæр нæ уыр- ныдта, Керенски нæ къухы удæгасæй кæй бафтдзæни, уый... Алыран хъуыст нæ къордты хъæр. Уыдон, цæгау^.. тыхстысты зымæгон галуаныл. Фæзуат уыд знæт æмæ хъæлæбаджын, раст денджызау. Алыксандры бæласдоны чидæр рухс ссыгъта, йæ тынты ферттывтой адæмы цæс- гæмттæ. Чи зоны уый нысан уыдис, уайтагъд ын дзуапп радта на артиллери Петропавловсш фидарæй. Егор йæхи- уыл схæцыд. Æрвгъуыз прожекторы бын йæ аууоц уысммæ ауадис гвардийы штабы сисыл. — Ленины номимæ размæ!—фæхъæр ласта уый. Æз нал хъуыды кæным, куыд загъта ацы ныхæстæ... фæлæ ма ныр дæр мæ зæрдыл лæууы Егоры сабыр хг',æ- лæс, æз уый фехъуыстон, нæ алыварс æвирхъау стыр* мыдыбындзыты къæртайау гуыв-гуывгæнæг мингай адæй- мæгты æхсæн. Мах фæгæппытæ кодтам сисы бынæй. Байгом сты галуаны дуæрттæ. Юнкертæ ратылдтой дыууæ сармадзаны. Егор йæ ных сарæзта уыдонмæ. Вин- товкæтæй архайгæйæ, мах батыдтам кулдуæрттæм, юнкер- ты аиуварсгæнгæ фæраст стæм ныккæндмæ асинтыл, хъуы- ды кодтам уырдыгæй дарддæр, галуаны хуылфмæ балæ- гæрдын, æмæ ныл уым хъузонæй нызгъæлстой нæмыг. Цыккæнды тары мах тыххæйты æвзæрстам нæ кæрæдзи,. Хæстонты иу хай баззад ныккæнды, иннæ хай, Егор сæ разæй, схызт фыццаг уæладзыджы тыргъмæ. Тыргъы гæ- зæмæ рухс кодта электроны цырагъ. Уым астæрдыл, рудз- гуыты бын чъизи гобантыл хъуыссыдысты юнкерты, ротæ- тæ, бырон, папиросы сыгъдæттæ, францаг зæронд сæны афтид æвгтæ..чЮнкертæ фæхастой галуаны къæбиц. Юнкерты æхсæн лæууыд галуаны лæггадгæнæг, ныл-- лæггомау, урссæр швейцар, йæ уæлæ даргъ, сыгъзæрин 365-
алдымбыдтæджын тар æрвгъуыз ливрея. Йе ’фцæгготы сыгъзæриныл быд уыдысты императоры сау цæргæсы хуыз- тæ. Йæ даст, фыр тасæй ссаууæвæг былтæ цыдæр ды- гъал-дыгъул кодтой, куыд ахуыр уыдысты, афтæ: — Господин йнкертæ, уый гæнæн куыд ис... Уый бар нæй, господатæ... Зæронд лæг йæ цæстытæ бацъынд кодта, цыма йæ йæ зæрдæ нæ хаста ацы сæфты хъуыддагмæ кæсын. Æрдæг- салдат, æрдæгафицер лæппулæгтæ, сæ пагæттыл æртти- ваг бибитæ, Зæронд лæг æгъдау хъахъхъæнджытыл кæй ньшадта рагæй, уыдон ныр галуан сызмæстой æмæ хуы- тау рабыр-бабыр кодтой. Юнкертæ фæтарстысты сырхгвардионтæ æмæ салдæт- тæй æмæ сæ гæрзтæ акалдтой. Иуæй-иутæ та дзы ли- дзынвæнд скодтой. Егор сæ сурыныл не схæцыд. Æнхъæл- мæ каст, цæмæй йæ цурмæ æрбахæццæ уыдаид йæ къорд æнæхъæнæй... Юнкерты къордæй размæ рахызт иу хæрз- < конд æвзонг прапорщик. Рахатыд, Егор командир кæй уыд, уый æмæ йын æфсæддон салам радта. — Ныхмæ фæлæууын ницыуал пайда у,—загъта уый • æмæ Егормæ бахатыд, зæгъгæ, бар мын радтут, уемæ цæ- . уон дарддæр зымæгон галуаны штабмæ. — Цæмæн?—бафарста йæ Егор. — Парламентеры хуызы,—дзуапп радта пропорщик.—Мах нæ гæрзтæ акалдзыстæм... Æз куыд æрыхъуыстон, афтæ- мæй сымах дзæгъæлы лæджы туг ныккалын нæ фæнды... Афтæ—мах дæр! Прапорщик фæсырх. Егор баууæндыд, прапорщик сывæл- лонау кæй фæтыхст, ууыл æмæ йæ æрвгъуыз цæстытыл. Уыцы цæстытыфенæн уыд тас æмæ ныфс. Егор иу уыс- мы бæрц хъуыдытыл фæци, æвиппайды йыл юнкертæ ба- тыгуыр сты æмæ афтæ æвиппайды тыргъы къуымæйæхст дæр радтой. Мах æхсгæ-æхсгæ нæхи аппæрстал* асины ’рдæм. Райсоммæ тох æрсабыр. Советон хицауад фæуæлахиз. Фæзуаты дурастæрдыл пырхæй уыдысты афтид гильзытæ æмæ йæ астæуыл цъæлæй дзул. Ахст министрты донбыл- гæроны уынгыл акодтой Петропавловскы ахæстонмæ. Мах 366
-фæндыд уым сæ фæуын кодтаиккам, фæлæ ныы моряктæ уый бар нæ радтой. Галуаны алыварс ныр урæд уыдыс- ты нæхи хъахъхъæнджытæ. Бæласдоны, æмбонды фале зæххыл калдæй лæууыдысты, уыцы æхсæв мард чи фæци, уыцы матростæ, салдæттæ æмæ сырхгвардионтæ. Уыдон бирæ нæ уыдысты. Ам ссардтон æз Егоры. Йæ цæстытæ уæрæх гомæй баззайгæ, йе ’рфгуытæ бæрзонд сисгæ. Æз ын йæ цæсгомыл федтон сыгъдæг, сабыр æнгас. Цалдæр азы фæстæ æз фембæлдтæн, Егор куыд амард, уый чи федта, ахæм лæгыл. Лæмбынæг мын радзырдта, Ёгоры, гадзрахатæй куыд амардтой,. уый. Егорæн йæ хæцæнгæрзтæ æристой, фæнадтой йæ æмæ йæ тæнæг сырх сгæлладæй æмбæрзт даргъ стъолы фарсмæ æрбадын кодтой. Чысыл бурæ цырагъдарæн, йæ уæлæ дыууæ кæрдæггъуыз зæлдаг тымбылæджы, æхсæвы тарæй ратыдта æрдæг афтид уаты хæрз къаннæг хай. Инженер Пальчинский, рæстæгмæ хицауады сæрмагонд бартæй бæрноц лæг, йæхи нымадта Петрограды дикта- торыл. Уый бадтис стъолы фарсмæ, уысмы бæрц-иу йæ цæст ахаста йæ алфæмблай паддзахы афицертæ æмæ инæ- лæрттыл. Æрдæг æфсæддон дарæс йæ зæрдæмæ цыдис, .æхсызгон ын уыд йæ уынд. Шипры тæфкалдис йе ’нцъылд- тытæ зынаргъ френчæй. Пальчинский йæ цæстæнгас æвæн- .донæй фæурæдта Егоры цæсгомыл.- — Цæй, уæдæ... Цы зæгъдзынæ? Егрр ницы дзырдта. Йæ къухæй стъол æлгъгæнгæ æр- хоста Пальчинский æмæ бакаст цæрдæггонд, ныллæг, ■нарст лæгмæ, йæ уæхсджытыл инæлары пагæттæ: — Худæгæй мæ мары иу хъуыддаг, дæ бæрзонддзинад... Цы ныфс ис ацы армыдзаг къорды? Цалдæр бонмæ сæ уæд- .дæр куы ныцъист кæндзыстæм. Егор Пальчинскимæ, æдылы лæгмæ куыд бакæсай, ахæм цæстæй бакаст. Вагратуни ницы дзуапп радта, цыма йын уæлдай нæу, йæ былтæ уый цъупп ракодта размæ. Уый лæууыд рудзынггæрон. Бынæй, йæ акомкоммæ фæзуаты цыдис æхст. — Уæрæсе немæ ис,—йæхицæн дзурæгау фидарæй æмæ -сабыр загъта Егор. 867
Гъе,.уæд сæ дыууæдæр, Багратуни дæр æмæ Пальчин- ский дæр фæзылдысты Егормæ. — Ома æгасУæрæсе салдæттæ сты?—бафарста Пальчин- ский æмæ йæ былтыл фæзынд хъæстæ мидбылхудты хуызæн* цыдæр. Йæ фарстытæ Пальчинскийæн æрмæстдæр æфсонæн уыдысты. Бæлвырд уыд, растæг къордты камандир Паль- чинскийы зæрдæйы сывзæрын кодта хуымæтæджы эгсзоти- кон цымыдис æмæ фыдæх. — Уæрæсе немæ ис...—сдзырдта та Егор. — Ды зоныс, цы дыл æрцæудзæн? — Цы?—Егор бахудæнбыл. — Афицер куы дæ? -Нæ. — Нæ? Уæдæ хуымæтæджы салдат дæ? Пальчинскийы хъæлæсы уаджы райхъуыст дисы зæл, æмæ ма йæ къухты змæлдæй дæ’р равдыста кæй фæджих.. — Хуымæтæджы салдат Петров Егор... Афтæ мæ амо- ны фæткæвæрд!—Ног та фæхудæнбыл Егор.—Цы, уый^зо- ныс, дæ уæздандзинад... Кæнæуæзданæй балхынцъ кæнут уæ базаркæныны хъуыддаг, æмæ мæ уæд бæлвырд арви- тут парламентерæй кæнæ... Егор дардыл сæрыстыр риуыгъд акодта йæ къух. — 0, æвæдза, мæныл цыфæнды æрцæуæд, уæддæр сы- махæн ингæн цæттæ у! Ныр мах æгас дунейæн дзурæм... Пальчинскийæн йæ был срызт, фестадис. Багратунййы адютанттæ сæхи ныццавтой Егорыл. Дыу- уæ æхстæн æй фæуынкодтой, тæккæ ам, бæрзонд урс* цæджындзы цур. 1937-1944 азтæ. 368
Новаков—Прибой Ал. „ОТРАДÆЙЫ" БУХТÆЙЫ Нæ нау цадæггай ленк кодта Балты денджызы улæнты. Йæ ныхмæ цы дымгæ дымдта, уый ницæмæ дардта, афтæ- мæй йæ фæндаг скодта Англисы ’дард донбылгæронмæ. Уыцы рæстæджы "кают-кампанийы та мæнæн йæ царды хабæрттæ дзырдта иу ацæргæ бæзджынтæ конд механик. ... Раст уын куы зæгъон, уæд æз хæстон лæг нæ дæн_ Иннæтæ истæй фæдыл хъаугъа, ,быцæу ныхас. куы рай- дайынц, уæд æз вæййын нейтралон. Ахæм у мæ зæрдæйы уаг. Политикæйы фæдыл ныхасмæ дæр æрмæст хъусын уарзтон, фæлæ дзы мæхæдæг, зæгъæн ис, ницы хайад истон. ’ Æнхъæл увдтæн, зæгъын, уый тыххæй ис æндæр лæгтæ. Уыдонæн сæ бон у кардыкомыл дæр æркафой æмæ сæхи ма алыг кæной. Мæ хъуыддаг та у æрмæст кусын. Кусын та* бауарзтон мæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ нæхимæ, хъæуы. Мæ фыдимæ чысыл зæхх, мыййаг, нæ афæлдæхтам. Фæлæ уын раст куы зæгъон, уæд ме ’фсæддон служ- бæ дæр рæвдз цыди. Райдыдтон хуымæтæджы матросæй æмæ дыккаг азмæ сдæн æртгуыз! Уый фæстæ, хорз кæй службæ кодтон, уый тыххæй мæ снысан кодтой машинист- ты скъоламæ æмæ йæ дыууæ азмæ æнтысгæйæ каст фæ- дæн. Дарддæр хъуыддаг йæхæдæг æйтт кодта. Баслуж- бæ кодтон науы.кондухтыры онг, Революцийы фæстæ та. мын лæвæрд æрцыд механикы ном. Æцæг, цæмæй меха- ник суыдаин, уый тцххæй мæ дыууын азæй фылдæр ба- хъуыд мæ хид калгæ кусын. Уыцы рæстæджы дæргъы 24 36$
бирæ наутæ раивтон. Ленк кодтон уартджын наутыл, крейсертыл, минæджын наутыл, дæлдон чемæтыл. Æппæ- лынмæ мын æй ма айсут, фæлæ æппæт науы механикæ практикæйы афтæ хорз базыдтон, æмæ цыфæнды пысыл- мон молло дæр йæ хъораны чиныг афтæ нæ зоны. Паддзахы хицауады уый бæрц нæ уарзтон. Куыддæр мæм каст æцæгæлон,^ адæмон чи нæ уыд, ахæм. Æцæг, йæ сæрыл хæцгæ кодтон, фæлæ уый уымæн, æмæ æндæр гæнæн нæ уыд. Уыимæ дзурын райдыдтой гадзрахатдзи- надыл. Немыцæгтæ æгъатырæй размæ бырстой, сæфтмæ цыд Уæрæсе. Туг æмæ цæссыджы бын кодтой адæм. Стæй уæд фæзынд Распутин Гришкæ. Æппæт уыдæттыл тынг мæсты кодтон, фæлæ, денджызы улæн донбыл къæ- дзæхыл йæхи ныццæвгæйæ, куыд сфыцы, æз афтæ тынг не сфыхтæн, рзволюционер не сдæн... I Гъе, фæлæ революци æнæ мæн дæр æрцыд. Уадтымы- гъау фæзынд æмæ ныддымдта æппæт зæронд хицауады бронау. Æргом зæгъгæйæ, ракастис мыл ног хур. Ме ’мбæлттимæ мæхи хатыдтæн, цыма ногæй райгуырдтæн, афтæ... стæй, дæхæдæг куыд зоиыс, афтæмæй райдыдта мидхæст. Уый бынтондæр мæ зæрдæмæ* нæ цыд. Сцырддзаст дæн. Дыккаг хатт æй зæгъын, æз хæстон лæг нæ дæн. Уар- зын сабыр æнцойдзинад. Фæлæ революцийы зилгæ дым- гæ мæн дæр йæ иу базырыл фелвæста. Уæд мыл цы бæл- -лæхтæ æрцыд, уыдон ныр дæр куы æрбаймысын, уæд ме уæнгтæ нырризынц. Уыцы рæстæджы уыдтæн дард Уæрæсейыкæрон, урсытæ кæм паддзахиуæг кодтой, уым комкоммæ дæр алырыдгæй бырстой фыдыбæстæ „ирвæзынгæнджытæ". Зæлланг кæнын райдыдтой æхсаргæрдтæ, сæрттывтой алыхуызон пагæттæ, суанг инæлары пагæтты онг. Растджытæм æрбаиу сты сауджынтæ, куывтой сын, цæмæй æхсарджынæй фæуæ- лахиз уыдаиккой. Алыранæй хъуыстис: — Тох райгуырæн бæстæ сæндидзын кæныны сæрыл! 370
Сæ фæнд уыд мæн дæр хæстмæ акæнын, фæлæ сын дзы ницы рауад: æз уæд банысан кодтон мæ райгуырæн *бон цыппор фарастæм хатт. Бацыдтæн коммерцион нау „Лебедмæ" механикæй кусынмæ. Ацы нау уый бæрц егъау нæ уыд, иу мин тонны бæрц, азтæй та—ме ’мбай. Раздæрау уыдтæн нейтралитетыл хæст. Политикæйæ мæхи дардмæ ластон. Фæллой кæнын та, кæмдæрид уй- даид—нымадтон адæймагадæн пайдайыл. Æппыннæйæ æз уæд афтæ хъуыды кодтон. ÆфсаДмæ акодтой мæ хистæр фырт Никъалайы. Баслуж- бæ кодта иу цалдæр мæйы, стæй хъуыддаг куы бамбæр- ста, уæд ралыгъд. Фæзынд нæ цæргæс хъæмæ: —- Уæ бон хорз, баба æмæ нана! Не ’фсинимæ хорзау нал фестæм. Мæт æмæ нæ тасы хай фæкодта. Сагъæс кæнæм, ныр цы бачындæуа? Дард цæгат зæххыл цæры æндæр адæмы хаттæй мæ иузæрдыг хæлар Саим. Сфæнд кодтон мæ фырты уымæ арвитын. Науæд ам бабын уыдзæн. Уым та йæ хæйрæг дæр не ссардзæн. Загътон ын: —- Цæугæ кæн, Никъала, Саиммæ. Æхца дын ратдзы- нæн. Уым банхъæлмæ кæсдзынæ, цалынмæ ацы туглæсæн змæстытæ æрсабыр ой, уæдмæ. Стæй рæстæг уыдзæн -æмæ сæрæгасæй æрфардæг уыдзынæ нæхимæ. Никъала кусаг æмæ коммæгæс лæппу уыд. Йæ ный- йарджыты ныхмæ сыбыртт дæр никуы скодта. Мæнгæй рахъаст кæнын тæригъæд у. Мæ уарзон фырт у. Фæлæ ацы хатт йæ къæхътæ ныццавта. — Æфсадæй уый тыххæй нæ ралыгътæн,—дзырдта уый,—æмæ кæсдг дуры бын куыд бамбæхсы, афтæ бам- бæхсон. Мæн фæнды рæстдзинады сæрыл тох кæнын... — Цæй рæстдзинады кой кæныс?-—фæрсын æй æз,— æфсымæр æфсымæрмæ йæ къух куы систа, уæд? Фæлæ нæй, дзырд æм кæм хъары. Йæхи фæнд скъæры, æндæр ницы. Не ’феинимæ нæхи марынмæ æрцыдыстæм. Боны фæстагмæ партизантæм афардæг. Стыр бæллæхы бахауд мæ урс сæр. Сагъæссаг фæдæн. Мæ балцы фæстæ науæй нæхимæ æрбаздæхын æмæ цы? 371
Мæ хæдзар мæм кæсы бынтон æнкъард, æдзæрæджы* хуызæн. Ме ’фсины æрыййафын кæуындзастæй. Уынгæ* джы мæ фæкæны: — Уыцы фыдгæнджытæн мауал кус. Худинаг дæм нæ- кæсы, дæ дъæбулы ныхмæ цæуыс? Ме ’фсин бынтон хуымæтæг ус у, хæрз чысылтæ зо- ны чиныджы дæр, хорз адæймаг у. Уæд ын æз загътон: — Мæнау æфсæддон мыййаг нæу, уый у коммерсион. Дæхæдæг дæр æй зоныс. Æз раздæрау дæн нейтралон., — Кæс-ма йæм, кæс! Цы ’рхъуыды кодта, нейтралон,. дам, дæн! Æмæ мæн уый цæмæн хъæуы? Меннæ фырт Павлик хуыйны. Сау 1^æст, фидæрттæ* конд, фынддæс аздзыд, цæрдæг лæппу. Ме ’фсинимæ нæ- ныхасмæ куы байхъуыста, уæд афтæ зæгъы: — Баба, цом партизантæм, æндæр ницы. Æз æм æлхынцъæрфыгæй бакастæн: —- Кæцæй бабырыд дæ сæрмæ уыцы фæнд? Уæд мын мæстыйæ ахæм дзуапп дæтты: ~ — Егоркæйы фырт * партизантимæ иумæ тох кæны. Мах ма цæмæ кæсæм? Æви бур^уйтæн нæхи ныууæй, кодтам? Сурков Егоркæ мæ фыртæй у афæдз хистæр, хæлæрт- тæ сты/ Йæ фыд та раздæр Бетырбухы куыста зырнгу- сæгæй, фæстæдæр „Лебеды" службæ кодта машшшстæй. Иу мæйы размаа ралыгъд науæй. Æз стъол мæ къухæй æрхостон: —- Хъусыс, Павлик, ахæм хъуыдытæ дæ сæрæй аппар. Сыбыртт дæр дæ куыннæ уал фехъусон. Ды хъуамæ ахуыр кæнай, ахуыр! Хъусыс? Лæппу, къæвда боны цъиахау йæхи ныхъхъуынтъыз^ кодта æмæ афтæ: — Хусын, къуырма мыййаг куы нæ дæн! — Цы ма зæгъдзынæ ноджы? — Ды тæппуд дæ... Амæсты йæм дæн æмæ йын йæ сæрæн иу дыууæ сæр- гъæвтон. , Æмæ куыд æнхъæл дæ? Ома фæтарсти, мæ уд ауЕ Афтæ мын зæгъы: 372
— Цы фæнды кæн, æз уæддæр сырхытæм алидздзынæн. Мæхицæн загътон, зæгъын, бæстæ рафæлдæхт, æндæр ницы, революци мын мæ бинонты цард цыдæр кæлæн æлхынцъ бакодта æмæ йын райхалæн нал ис. Афтæ сдæн, æмæ- мæм мæ цард ницыуал каст. Мæ зæрдæ мæм дзырдта ацы бæлæх ууыл кæй нæ фæуыдзæн. Æмæ афтæ дæр рауад. Равзæрстой мæ матросты цæдисы правлещшæ. Нæ мæ фæндыд, ахæм тæссаг рæстæджы, ахæм бæрнон бынатмæ бацæуын! Бирæ рæстæджы нæ разы кодтон, фæлæ кæм, сразы мæ кодтой. Раздæрау ленк кæнын „Лебедыл". Мæ балцæй куы æры- здæхын, уæд та бацæуын æмбырдмæ, æхсæнадон хъуыд- дæгтæ æххæсткæнынмæ. Кæсын мæ алыварс: хицауад тын- гæй-тынгдæр зилы рахизырдæм. Уæдмæ фæзындысты фæсарæйнаг æфсæдтæ дæр. Сæ инæлæрттæн æххуыс кæ- нынц сæ сау хъуыддæгтæ аразынæн. Царды рохтæ ахъаз- заг нылвæстой, афтæ, цыма революци бынтон дæр никуы уыд. Матросты цард дæр æвзæрæй-æвзæрдæр кæны, æл- хъивынц нæ. Куыстæй нын атæлфæн нæй. Мæ фырт Никъалайæ исын хабæрттæ. У æнæниз, сæ- рæгас. Хъусын кæны, зæгъгæ, нæтыхтæ фылдæрæй-фыл- дæр кæнынц. Арæхдæр сагъæс кæнын райдыдтон, мæ фырт йæ разы цы хæстæ æвæры, уыдоныл. Хъуыды кæнын мæхицæн: ау, сырхытæ адæмы хуыздæр царды фæндагмæ нæ ракæндзысты? Абарык сæ: æмæ .урсытæ та? Таппуз былтæ, финаг джебогъты фæрцы чи архайы, уыдонæй цæй райгуырæн бæстæ „ирвæзын- гæнджытæ" ис? Афтæмæй, цадæггай, алыгъуызон хъуыд- дæгты æндæвдадæй мæ зæрдæ тасын райдыдта, мæ фырт кæм ис, уырдæм. Тынгдæр мæ йæхимæ ласын райдыдта æхсæнадон куыст. Арæхæй-арæхдæр дзурын: — Мах æрцыдыстæм быдыртæ æмæ фабриктæй, мадан- тæ æмæ заводтæй, уыдон та сгыр галуантæй æмæ сæхи сфæлыстой сыгъзæрин пагæттæй. Тугахуырст млазон мигъты ^хсæнæй мæм зынын райдыдта æндæр цард, ре- волюцийы рухсæй сноггонд цард. Æрбацыдтæн та иу ахæмы матросты • цæдисмæ. Уыу 373
бабадтысты мæ разы, æрцахстой мæ, мæ къухтæ мын фæс-~ тæмæ сыздыхтой. Механик у, афтæмæй та цъаммар разъшд,—загъта, чи- мæ ’рцахста, уыдонæй сæ иу. Æз кæд сабыр зондыл хæст дæн, ,уæддæр мæхи «ал баурæдтон: —Æз цъаммар никуы уыдтæн æмæ мæ фæнды, сымах дæр куы нæ уаиккат. —Сыбыртт!—фæхъæр та мыл кодта уыцы лæг æмæ- браунингæй æртхъирæн кæны.—Науæд дын дæ дзых зды нæмыгæй сыхгæндзынæн! Афтæ тынг смæсты уыдзынæн, уый æнхъæл раздæр> никуы уыдтæн. Мæ риуы æмбæрц размæ ’ралæууыдтæн, бырсын: — Нæ мæ фæтæрсын кæндзынæ! Æз адунейыл бирæ ацардтæн. Фехс! — Фендзыстæм, кæддæра цалдæр боны фæстæ та куыд. сзарис! Уый бæеты уæхи мæт кæнут, науæд уæ вавилойнаг* зарæг кæнын куы бахъæуа,, уымæй тас у. Гъе, афтæ! Мæ маст уый бæрц сфыхт,.æмæ мæхæдæг ауындзæнмæ балæстæн. Баппæрстой мæ æфсæн баржæйы трюммæ. Уым баис- тæм иу фæндзай лæджы бæрц. Ахст адæмы уæд мардтой хæрз æнцонæй: баржæйы-иу денджызмæ ракодтой æмæ сæ бортæй донмæ зыввытт кодтой—кæсæгтæн хæрицаг. Кæсын ме ’мбæлттæм, сæ цæстыты зыны сæфты нысан. Мæхицæн дæр фæтоны мæ зæрдæ. Сагъæс кæнын: афонмæ мæ бинонтæ цы фесты, цымæ,, æз цы. уавæры ба- хаудтæн, уый зонынц? Мæ урс сæр æркъул мæ риуыл. Ме ’нкъард хъуыдытæ ахст цъиуау адæргæй сæхи рап- пар-баппар кæнынц—фервæзыны амал нæй* Фæсмон кæ- нын, рагæй фæстæмæ мæхи куыд хызтон,,ныр афтæ цæ- уылнæ уал бакодтон. Иу хатт ма æфсæддон службæйы дæр бæллæхы афтæ бахаудтæн. Уæд куыстон магаинæты дæсныйæ. Фыд- былыз рауад бынтон хуьшæтæджы хъуыддагæй. Ме ’мбæлттæй иу, уый д.æр мæнау машинæты дæсны, науы. 374
бамбæхста, донбылæй кæй æрбахаста, ахæм арахъхъы авг. Ацы хабар мæны йедтæмæ ничи зыдта. Гъе, фæлæ авг: уæддæр фæдæлзæх. Æвиппайды мæм ме ’мбал æрбалæ- бурдта: — Авг ды айстай? — Æрра фæдæ? Куы йæ зоныс, æз арахъхъ бынтондæр* нæ нуазын. Дзырд.нын ацайдагъ, кæрæдзийылнæхиныццавтам. Уыйг мын мæ дæндæгтæй дыууæ асаста, æз та йын йæ фында фæиннæрдæм кодтон. Бæрæг нæу кæрæдзи кæдмæ дæрæн кодтаиккам, æвиппайды кæйдæр мæсты хъæр нæ хъустыл.< куы нæ ауадаид, уæд: — Æнцад! Цы ми кæнут? Фæкастыстæм—нæ разы лæууы хистæр афицер. Нæ дыууæ дæр уайтагъд раст алæууыдыстæм. — Хъазгæ кæнæм, дæ бæрзонддзинад!—дзуапп радтон æз. — Хъазгæ кæнут?—бафарста нæ хистæр афицер æмæ нæ тугæйдзаг цæсгæмттæм тызмæгæй æрбакаст. — Æнæмæнг афтæ—хъазæм, дæ бæрронддзинад,—дзуапп радта ^ме ’мбал дæр. Цы махъуамæ загътаид хистæр афицер дæр? Фыр ху- дæгæй йæ гуыбыныл ныххæцыд æмæ нæ арвыста нæхи æхсынмæ. Афтæмæй карцерæй фервæзтыстæм. Уæдæй фæстæмæ мын æппæт ме ’фсæддон службæйы иунæг хъаугъа дæр никуал рауад. 0, дзæгъæл ныхæстыл фæдæн. Æрыздæхон та мæ нау- мæ. Дыууæ боны ахæсты фæстæ. мæм фæдзырдтой. Рай- дыдтой мæ фæрсын: — Господин Раздольний, матросты цæдисы правленийы цы арæзтай? Фæдагурæг штабс-капитан Аносьев стъолæн йæ иу фарс бадт^ æз та йеинæ фарс. Иннæтæ куыд дзырдтой, афтæ æз йæ цæегомыл ницы сырдон хуыз рахатыдтон. Уый нæ, фæлæ йын уыдис бынтон хуымæтæджы æнгас чысыл бур зачъе æмæ цыбыр рихитимæ. Йæ сæры хъуын- тæ афтæ раст дих уыдысты дыууæ хайыл, цыма йæ ли- нейкæйы фæрсты сæрдасæнæй радаста. Æз дзуапп дæттын æдыхстæй, мæ алы ныхасыл дæр 375
бæстон ахъуыды кæнын, афтæмæй." Ныхас тынгдæр зда- хын уымæ, зæгъын, мах политикæмæ ницы хъуыддаг ис, уынаффæ кодтам æрмæст экономикон фарстытыл. Афтæ аив здухын мæ ныхас, раст цыма бæндæн бийын. Фæд- агурæг йæ къухтæ йæ сæрмæ сбыцæу кодта, æмæ мæм хъусы фæлладгъуызæй. Афтæ мæм кæсы, цыма цыдæ- риддæр дзурын, уыдоныл разы у. Стæй мæ хæрз ныллæг хъæлæсæй, раст хæлар æмбалы хуызæн фæрсы: т-Æмæ дæ хистæр фырт Никъала та кæм ис? Уайтагъд мæ ком ахус и. . — Нырыонг службæ кодта æфсады. Уæхæдæг æй хуыз- дæр зонут. Фæдагурæг къæлæтджыныл анцой кадта æмгæ хъæр- дæрæй загъта: — Раст у, мах æй хуыздæр зонæм. Мах зонæм, иу рæстæджы æмбæхст уыд уæ хæдзары æмæ ныр та парти- вантимæ абырæгдзинад кæны. Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма мæ фæдагурæг ныридæ- гæн ингæны ныппæрста. — Чи зоны, гоедодин Раздольний, ды уый дæр нæ зоныс, æмæ матросты цæдисы правлени, уыцы нымæцы ды * дæр, партизанты хæцæнгæрзтæй кæй ивтонг кодтат? Раст цыма æнæуæлдæф ран бахаудтæн, уыйау мын улæфт нал фаг кодта. Æрмæст ма бафæрæзтон: — Æз ницы зонын. Ногæй та дзæнгæрæ,г ныннæрыд. Æрбахызт цалдæр гæрзифтонг лæджы. Штабс-капитан Аносьев мæнмæ йæ сæрæй ацамыдта æмæ æдыхстæй загъта: — Атте йæ кæнут! Уайтагъд та ахæсты февзæрдтæн. Ме ’махæстыты дæр кодтой фæрсынмæ, фыдæбонæй нæ мардтой. Афтæ æнæ- хъæн къуыри, стæй нæ райдыдтой хицæнтæ кæнын—кæй оæрибар кодтой, кæй та—ахæстонмæ. Баржæйы ма нæ, баззад æрмæст фынддæс лæджы. Уæдæй фæстæмæ нæ талынг трюмы немæ бацард сау мæлæт. Ахæстытæ сæ хъуыры къæбæр нал уагътой, уайтагъд сыл сау хуыз бафтыд, æхсæв-иу æррайау фестадысты. Цыфæнды дæ 376
сæр сæдт, уæддæр ныфсы мур нал уыд зæрдæйы. Бон -æдзухæй нæ рацæуæны лæууыдысты хъахъхъæнджытæ. Æхсæв сæм уый дæр фаг нæ каст/æмæ-иу нын нæ дуар ныхгæдтой гуыдцрæй. Цы ма уыд нæ бон? Æрмæст ма æнхъæлмæ кастысты, нæ баржæйынын буксирæй денджыз- мæ кæд аласдзысты, уымæ. Нæ цæстытыл бæлвырдæй уад, алкæмæн дæр нæ йе ’фцæджы æвзалыйы голлаг куыд бабæтдзысты æмæ йæ афтæмæй денджызмæ куыд -авзилдзысты. Нæ бинонтæя фехъусын кæндзысты, зæгъ- гæ, ахæстыты арвыстам советон Уæрæсемæ. Уымæя æмæ нæ агъонмæ ацы талынг трюммæ чи хауд, уыдонæн иууылдæр кодтой афтæ. Ацы хъуыддаг мах хорз зыдтам æмæ развæлгъау æнкъардтам æнæбын денджызы уазал. Не ’ппæт дæр батадыстæм, ныххусыстæм стыр бэеллæхы хæдагъонмæ. Уæлдай адæргæй-иу нæ уд сцæйхауд, нæ баржæмæ-иу искæцы тæфдзу нау куы æрбаввахс, уæд. -Зæрдæ-иу сгуыпп-гуыпп кодта: йеныр нæ ласдзысты, гъе. Афæлурс-иу стæм. Нæ былтæ-иу цъæх-цъæхидæй, зсард буарау, æрзæбул сты. Иуæй-иутæ нæ, сæ цæст æнæ лыкъулгæйæ, афтид цæстæй кастысты люкмæ. Не ’мбæлт- ~тæй дыууæ, цыма денджызон низæй фæрынчын сты, уы- йау фыртасæй омын райдыдтой... Афтæ уыдис алы бон дæр. Æнæнхъæлæджы нæ баржæмæ æрбахауд машинист ^Сурков дæр. Æрбаппæрстой нæм æй изæрæй. Уый уыд чысыл гуыбыргомау, фæлæ науæнгуыры дзæмбыйау фи- дар, стæвдтæ конд лæг. Йæ пыхцыл сæры хъуынты ныб- ’бадт хосы муртæ. Раст цыма маринаг кæй сты, уыдонмæ нæ бахауд, фæлæ райгуырæн боны куывдмæ, уыйау дзу- рын райдыдта уæндон æмæ хъæлдзæгæй: — Гъа, уæдæ, æз дæр сымахимæ, æмбæлттæ! Æнæниз мын ут!.. . Иууылдæр æм нæхи баппæрстам, йæ алыварс æнгом •æрлаеууыдыстæм. — Дзур, цытæ^ цæуы дунейы? -— Хъуыддæгтæ хорз сты. Сырх æфсæдтæ æппæт -фронтты дæр размæ бырсынц. Куыд у? Партизантæ? 377
Оурков йæ алыварс акаст æмæ разæнгардæй, ныллæг хъæлæсæй райдыдта: — Рæхджы нæм сырæздзæн дивизи. Кусджцтæ æмæ зæхкусджытæ —топпыхос. Æрвыл бон сæ рæнхъытæм цæуы- ног адæм. Хæцæнгæрзтæ дæр сæм ис. Æртæ боны агъон- мæ æз дæр нæ балæн арвыстон фæндзай къухы гранаты, цалдæр топпы æмæ иу пулемет. Куыд у? Кæм мын уы~ дысты? Радтой нын сæ салдæттæ æмæ нæм сæхæдæг дæр æрбаиу сты. Аст лæджы. Хъарагъулы чи лæууыд, уыдон. Æмæ не сгарджытæ та? Алы бон дæр горæтæй исæм зо- нæнтæ. Цы хабæрттæ дзы ис, уыдон иуылдæр зонæм, æгæрыстæмæй урсыты инæлæрттæ цы хæрынц, уый дæр. Æрмæст мæ къæбæда кæм фæдæлзæх, уымæн ницы зо~ нын. — Чи у уыцы къæбæда?—афарстам машинисты. Дзуапп нæ радта, афтæмæй Сурков æрбадзырдта мæнмæ- — Зæронд, дæ пистолеты тыххæй ницы фехъуыстай? — Нæ дæ æмбарын, цæуыл дзурыс? — Дæ Павлушкæ æмæ мæ Егоркæ кæм сты, кæм? Трюмы уæлдæф цыдæр тæссагдзинадæй айдзаг. Æз; феррайау дæн æмæ хæлиудзыхæй кастæн Сурковмæ. Уый мæм ныггуыбыр кодта, йæ цæсгомы хуыз аивта æмæ сзы- лынгонд былтæй афтæ: — Гъей, æфсымæр,, еæ дыууæ дæр фæдæлзæх сты. Кæнæ сæ ахсгæ æркодтой, кæннод та сыл æндæр истъг æрцыд... Ацы уац мын мæ хъуыр æрбахгæдта. Куыннæ амард- тæн уыцы æхсæв, куыннæ? Баржæйы æфсæн бын мæм фæкаст æвирхъау уазал. Тæфсæсæй рынчынау, мæ буар< зыр-зыр кодта. Къорд хæттыты сыста&тæн, ног æмæ но- * гæй фарстон Сурковы æмæ та-иу, йæ дзуаппытæй зæрдæ- хæлд уæвгæйæ, æрхуыссыдтæн. Æгас дуне мæм касти* æррадоны хуызæн... Вонæй нын Оурков загъта: — Иугæр æз бахаудтæн, æмæ хаугæ та бакодтон ахъаз- заг, уæд ма цæмæ хъуамæ æнхъæлмæ кæсон? — Æмæ цы гæнæн ис!—афарста йæ чидæр. 378
Сурков йе -нгуылдзтæ æрбатымбыл кодта. Масты арг ссыгъд йæ сæгъдзæстыты: — Мæ хуызæн тыхджын лæг хъуамæ сабыр уæрыччьг мард акæна? Нæй! Нæ, æз æндæр исты æрымысдзынæн. Хъахъхъæнджытæн загъта, зæгъгæ, „мæхи хъуыдыйы цæуын". Скодтой йæ уæлæмæ. Уайтагъд нæм æрыхъуыстис кæйдæрты богъ-богъ, къæхты хъæр, топпы гæрæхтæ. Цы ’рцыдис? Мах ницы зыдтам. Æрмæст нал дæр Сурковы федтам, нал дæр, æттæмæ йæ чи ракодта, уыцы цыбыр- фындз хъахъхъæнæджы. Уыйфæстæнæм иннæ хъахъхъæнæг бартхъирæн кодта: — Сымах иууылдæр ныргæвдын хъæуы. Машинисты нæ бафæзмыдтам мах. Бадтыстæм баржæйы бын æдых æмæ тымбылтæй, æнкъардæй æнхъæлмæ кас- тыстæм нæ мæлæты сахатмæ. Дыккаг бон мæм æрыхъуыст уæлейæ: — Раздольний! Рацу! Фыццаг мыл цыма ихджын дон æрбакалд, уыйау ауазал дæн, фæлæ мæ • уыцы уысм уайтагъд ныццавта тæвд. Донбылмæ рахызтыстæм. Ницы зыдтон, хъахъхъæн- джытæ мæ кæдæм кæнынц, уымæн. Мæ зæнгтæ цыма мы- дадзын уыдысты, уыйау мæ быны дон кодтой. Иунæг бæ- ласы дымгæ куыд фенкъусы, афтæ хъеллау кодта мæ уд. Скастæн арвы рæсугъд тыгъдадмæ, сатæг сентя- бры уæлдæфæй мæ риуы дзаг сулæфыдтæн, фенцондæр мын. Наулæууæнмæ æввахс нæм æнхъæлмæ каст тæфдзу катер. Иу фынддæс минуты фæстæ æз уыдтæн мæхи „Ле- бедыл’Ч Ам уыдысты æд ливор афицертæ, иу æртæ сæ- дæйы бæрц салдæттæ æмæ кадеттæ. Уыдон гæрзифтонг уыдысты топпытæй, пулеметтæй, къухы гранаттæй. Уы- мæй дарддæр дзы уыдис иу фынддæсы бæрц бæхтæ. Ме скъуымых зондæй рахатыдтон, мæ марыны æмгъуыд, æвæццæгæн, æргъæвд æрцыд. Атæппæт адæм аразынмæ хъавынц цыдæр ахсджиаг хуыддаг, цы ран æз дæр хъуа- мæ он æнæмæнг. Фæлæ уымæй мæ зæрдæ фидардæр нæ фæци. 379»
Науыл раздæры капитаны бæсты ныр командæ кодта мæ зонгæ лейтенант. Уый мæй науы хидгощщæ фæдзырд- та æмæ райдыдта тызмæгæй: — Наумæ дæ , æз æрбакодтон. Цырд кæс, цæмæй алцы дæр уа ифтонг. Чысыл дæм исты куы фæфиппайæм, уæд дæ гуырæй райгæ у. Ныфс мæ ис, кæй мæ бамбæрстай, уымæй. Иу минут мæ зæрдæйы ныфс февзæрд æмæ лæгъзтæ- гæнæджы каст кодтон лейтенанты даст цæсгоммде. — Науæнгуыр сисдзыстæм сахат æмæ æрдæджы фæстæ. Дæ бон у, ацæуай. — Хорз!—дзуапп радтон æвиппайды. Хъахъхъæнæг мемæ, афтæмæй ныххызтæн машинæ- .донмæ. Зырнгусæн тæрхыл æртæ машинисты цай цымдтой æмæ цадæггай ныхас кодтой. Сæ иу бæрзонд, дзæгъæл- дзых чи уыд, ахæм, фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй йæ мыггаг Маслобоев, мæн куы ауыдта, уæд хъæлдзæг худт бакодта: — А-а, господин болыпевикы æрбакодтой. Æз истугмæ йæ ныхмæ исты сдзурынмæ хъавыдтæн, фæлæ мæхи баурæдтон, уымæн æмæ мæ зæрдæ мемуд цæуын райдыдта. Æрмæст бафарстон: — Раздæр кæцы науыл ленк кодтат? Маслобоев разынд тынг дзæгъæлдзых æмæ æппæт ’фарстытæн дæр дзуапп лæвæрдта уый. — Раздæр. Хо-хо-хо... Æз ленк нæ кодтон, фаелæ, зæ- тъæн ис, тахтæн сур зæххы иуыл тагъддæр цæуæнтыл. Æз ластон, сæдæгай вагæттæ кæм уыд, ахæм поездтæ. Уый у чысыл нозтджын. Йæ цæстытæ умæл. Йе стыр фындзыл зынди копрадзгъуыз тæгтæ раст хæлуарæджы тынтау. Дыууæ сахаты та йæ слæууын хъæуы вахтæйьг. Уыдис дзы ноджы уæззаугомау, фæтæнуæхск маши- нист Позябкин. Уый уыдис мадзура, саигæсгъуыз. Ныр- тæккæ лæууыд вахтæйы!.. Æртыккаг та уыд æвзонг, къæбæлдзыгсæр лæппу. Кæны уæрæх мидбыл худт, кæсы æууæнкджынæй. Уый мæ цыма æмбары. Йæ куысты рад нырма тагъд нæу æмæ загъта: -380
— Цом, кубрикмæ æмæ хуыррытт фынæй сыздухон. Мыййаг иоты, уæд-иу мæ райхъал кæнут. Бакастæн артгæнæндонмæ. Хъахъхъæнæг мæ уæгъд нæ уадзы. Уым кæнынц хъæлæба: науы æртгуызтæ, сæ тым- был къухтæ тилгæйæ, хъаугъа кæнынц сурзæххон æрт- гуызтимæ. Æз хъуыддаг уайтагъд бамбæрстон. Агтæй сæиуы дон- дæф схызт, цас æмбæлы, уый бæрц, иннæйы та фатæг æв- дисы. æрмæст æлхъывдады æхсай фунты. — Уый уын тæфлас нæу, тæфлас, хæйрæджы хай фæ- уат!—хъæр кæны науы æртгуызтæй иу. — Æмæ сæ цы уæлдай ис?—фæрсы йæ сурзæххонтæй сæ иу. — Уый уæлдай сæ ис, æмæ ацы хъуыддадяш сымах æмбарут, донгъæвс библийы цас æмбары, уый бæрц. Стæй мæнмæ дзуры: — Ды ма æркæс хъуыддагмæ, болыпевикок механик,, чи нæ растдæр у? Раздæры командæйæ дзы иу лæг дæр нал уыд. Æвæц- цæгæн иууылдæр ахст сты. — Ацы адæмы кæцæй æрæмбырд кодтат? Æз, чи сæ растдæр у, уый равзарыныл не схæцыдтæн, фæлæ æрæвнæлдтон, цæмæй дыууæ аджы дондæф баиу кодтаин. Иу минутмæ йæ ацарæзтон. Стæй æ^тгуызтæн бацамыдтон агты дондæф куыд дарын хъæуы. Уый фæс- тæ сарæзтон вахтæйы лæууыны хъуыддаг—ныуурæдтон дзы æрмæст дыууæ лæджы, иннæты улæфынмæ арвыстон æмæ машинæдонмæ æрбаздæхтæн. Кæсын машинæмæ. Бынтой чъизи, згæ. Фæлварын ын йæ хицæн хæйтты, сæрдын сæ, бæстон кæнын æппæтдæр. Укъума машинист Позябкин мын зæрдиагæй æххус кæны. Машинист Маслобоев цай цьшы æмæ лæхуры алы æды- лы ныхæстæ. Æрмæст уый хатын æмæ йæм æз кæсын тынг диссаг. Баййардта мæ алы фарстытæй. — Кодмунисттæ зæххыл аразинаг сты дзæнæт, æмæ æппæлынц, зæгчъгæ, мах алцы дæр зонæм. Уæдæ ма мын,. 331
ггосподин болыневик, зæгъ дунейы иууыл æнамонддæр <сывæллон чи у? Чысыл фæстæдæр ме ’рдæм йæ даргъ бæрзæй райвæз- та, афтæмæй мæ дзуапп куы нæ фехъуыста, уæд фæ- уæлахизуæвæджы худт ныккодта. Стæй цыма дала фæн- дырыл цагъта, уыйау йæ рахиз къух стылдта. Фехъуыст мæм йæ хырхыраг хъæлæс: — Нæ йæ зоныс, нæ? Хо-хо. Уæдæ дын æй æз зæгъ- дзынæн. Дунейыл иууыл æнамонддæр сывæллон у хъы- был: ис ын æрмæст мад æмæ уый дæр у хуы. Ды та йæ уымæн нæ зоныс, æмæ циркмæ нæ цæуыс... Æз Маслобоевы дзæнгæда ницæмæ дарын æмæйæ фæр- исын арæхстджынæй: — Фæндагыл бирæ баззайдзыстæм? — Хæрз цъус: фондз сахаты. — Æмæ цæугæ та кæдæм кæнæм? Йæ алы ныхас дæр мæ кæны рæхойæгау. — Æз æрмæст уый зонын, æмæ цæуæм партизанты дæрæн кæнынмæ. Хо-хо, æвирхъау митæ’ æрцæудзæн. Але- ша, ша! Сыбыртт! Ам тых и, тых. Мæ зæрдæйæ нæ хицæн кæны мæ фырт. Никъала кæм ис, æндæр ам æввахс партизантæ нæй. Æнæмæнг „Лебед" комкоммæ цæуы уырдæм. Денджызæй чысыл æттæдæр къуылдымтыл сты партизантæ. Чи зоны, афонмæ улæф- гæ кæнынц. Æмæ сæ иу дæр уый нæ зоны, ныртæккæ денджызы былмæ кæй рахиздзæн гæрзивтонг десант. Æр- хъула сыл кæндзысты æмæ сæ æрцахсдзысты. Стæй сæ цæгъдын райдайдзысты. Чи зоны афтæ дæр рауайа æмæ ма фæстаг уысм Никъала йæ фыды фена. Цы ахъуыды кæндзæн уæд мæнæй? Мæ былтæ æндзыгау базмæлыдысты. — Ды, æвæццæгæн, господин болыпевик, кæрчытæ би- рæ фæдавтай?—фæрсы мæ Маслобоев. Разылдтæн æм цухмухтæгæнгæ, мæ цæсты раз фæ- дывæр вæййы стыр фындзджын цæсгом, худæджы зыхъ- хъыр дары йæ дæндæгтæ. — Цæй кæрчытæ? • 382
— Нæ йæ зоныс? Хо-хо. Уæдæ дæ къухтæ цæмæ ри- зынц? Уайтагъд машинæ скуыста. Чысыл фæстæдæр нау змæлын райдыдта. Æз бамбæрстон, уæрæх денджызмæ кæй фæцæуæм, уый. Хъахъхъæнæг мæм æдзух йæ хъус дары. Топпы йед- тæмæ ма йæм ноджы уыдис къухы гранат дæр. Тъыст, уыд йæ ронбасты. Уый ам кæй ис, уый мын мæ зæрдыл лæууын кæны, мæ хъысмæт скъуыддзаг кæй у — мæ- .лæт. Ууыл æппындæр нæ дызæрдыг кæнын. Ацы балцы фæстæ мын мæ хъуырыл исты бабæтдзысты æмæ æйда денджызы гуылфмæ. Уыимæ Никъаяа мæ цæстыл уайы гæрзйфтонгæй: ирд бур сæрыхъуынтæ, цъæх цæстытæ, дæрдæг æмæ цымыдис, бæллы технологон институтмæ ба- цæуынмæ, æз дæр ын ууыл разы дæн. Æмæ ныр та цы? Уыцы æнæниз, сырхуадул лæппу хъуамæ цæрид æмæ дæрид, фæлæ рæхджы мард æрцæудзæн. Алы уæззау сагъæстæй мæ сæр фæтъæппыттæ кæны. Цы архайын, уымæн мæ сæры магъз ницы æххуыс кæ- ■ны, æрмæст мæм бирæ азты практикæ кæй ис, уымæ гæс- гæ мæ къухтæ сæхæдæг арæхстджынæй кусынц. Денджыз науыл йæхи куы ныццæвы, кæнæ нау иуыр- дæм куы фæкъул вæййы, уæд хъахъхъæнæг сцырддзаст вæййы, афæлурс вæййы, фæтартæ вæййынц йæ цæсты- тæ. Йæ топп астæрдыл æрывæрдта æмæ йæхæдæг хæцы зырнзилæн тæрхыл, цæмæй ма рахауа: — Хæйрæджы хай фæут уæ науимæ! Ой, мæ зæрдæ •схауы... Машинистыл цъусдæр фæзыны науы раппар-баппар. Уый мын дзырдтй. — Кæм ис Зубаревы партизанты бал? Куынæг æрцыд. Æиæ Чижаевы æрдонг та? Иууылдæр сæ æрцахстой æмæ сæ хурмæ хус кæнынмæ сауыгътой. Æдылы! Ам сарма- дзантæ, топпытæ, иулеметтæ ис, уым та æрмæст дробтæй æхсæн топпытæ æмæ сæхи арæзт æрцытæ. Куыд тох кæ- нынц уыцы нæл фыстæ домбæйтты ныхмæ? Архайын, цæмæй Маслобоевмæ ма хъусон, фæлæ дзырд- тæ тыхæй мæ сæрмæ лæсынц. Уый мæм кæсы зындонæй 383
равзæргæ адæймагау. Бæргæ мæ фæнды, мæхи йыл куьг ныздухин, куы йæ ныддæрæн кæнин, машинæ адæймаджь* тугæй куыд сахуырса, афтæ, фæлæ, гъа!.. Уромын мæхи. Æрмæст мæ дæндæгтæ тынгдæр нылхъивын... ... Гъе, раст мæм уыцы уысм равзæрд ахæм фæнд. æмæ дзы мæхæдæг дæр старстæн. Æз бахаудтæн фыдгулы къухмæ. Æмæ хæст та хæст у. Æниу æй æз не ’рымысыдтæн, авддæлдзæх фæуæд. Ам у, чикæуыл фæтых уа, уымæй: мах сылкуы нæфæтых уæм,. уæд ныл уыдон фæтых уыдзысты. Æмæ ма æз та цæмæй тæрсын? Уæддæр сау мæлæт æмæ сау мæлæт. Хорз! Уæ- дæ кæд афтæ у, уæд мæлæт алкæмæн дæр—фурды бын^ Уæд куыд фæдæн, уымæн нырма дæр ницы æмбарын. Æцæгæй дæр хæйрæг фестадтæн. Бынтон æдыхст æмæ бæлвырдæй арæзтон нау скуы- нæг кæныны пълан. Кæй? Цардæгас адæмы? Æмæ уæдæ денджызмæ æввахс къуыппыты ’чи æмбæхсы, уыдон хæд- мæлтæ мыййаг сты? Афтæмæй мæ дурзæрдæйы нал дæр тæригъæддзинады æнкъарæн уыд, нал дæр исты фæсмон. Вахтæйы чи лæууыд, уыйраздæрау æлхынцъæрфыгæй æнцад лЬууыд. — Нæ нау кæдæмцæуы, кæ?—афарстон æй æз. Позябкин мæм æрбакаст, горæты хицау мæгуыргурмæ куыд æрбакæсы, афтæ. — Уымæй командиры бафæрс,—загъта цæхгæр æмæ ин- нæрдæм азылд. Нау тынгдæр æнкъуысы. Винтилятортæй хъуысы дымгæ- йы ниуын. Тынгдæр скуыстой машинæты хæйттæ. Æз та уыцы нæрыны рæстæджы сагъæс кæнын мæ фæнд сæх- хæст кæн-Ьгныл, рабар-~бабар кæнын алы лыстæг хъуыддаг дæр. Байгом кæнын хъæуы кингстонты сæртæ. Уæд ден- джыз науы хуылфмæ ныггуылф кæндзæн æппæт тыхæй. Фæлæ уый цъус у. Цæмæй нау бабын уа, уый тыххæй трюмтæ хъуамæ донæй байдзаг ой. Уый сæраппонд та ба~ кæныи хъæуы дон æрбакæлæк бынæттæ. Уæдæ ирвæзын- гæнæнтæ дæр зын фехалæн не сты... Фæлæ уыдон иуылдæр куыд сарæзтæуа? 384
Бакастæн хъахъхъæнæгмæ — ныффынæй. фæнды йæ искуыдæм ахæсс Вахты лæууæг дæр йæ чеппыл нал у, нау тынг кæй æнкъуысы, уымæй, æмæ мын афтæ: — Æз мæ рады лæуд фæдæн. Цæуын Маслобоевы агу- рынмæ. Уæздан дзуапп ын радтои мæ сæрæй акувгæйæ: — Дæ хорзæхæй. Уый куы ацыд, уæд æз æркæстытæ кодтон фæстаг трюмы клинкетмæ. Мæ амондæн гом разынд. Мæн ма бахъуыди, æрмæст æй цæмæй ма сыхгæной, уый саразын. Уый фæстæ, æрцæт- тæ кодтон, лæсгæрхудтæ цæмæй разылдтаин, уыцы мигæ- нæнтæ. Къæбицмæ бацыдтæн æмæ бахъуыды сахатмæ пробкæ риударæн дæр рахастон. Ныр хъуыддагмæ æры- вналæн ис. Фæлæ иæм февзæрд ахæм хъуыды, зæгъгæ, уымæй ницы рауайдзæн. Цалынмæ æз халæн куыстмæ æрывналон, уæдмæ мæ амардзысты. Мæн та фæнды æнæ- фæивгъуыйгæ цæвын, фыдгулы сæфт мæхи цæстæй фенын. Вахтæмæ æрбацыд Маслобоев. Ныр мæм фыдгашæг нал кæсы. Фыццаг æм сныхас кодтон мæхæдæг: — Гъе, куыд у, хорз у уæлейæ? Маслобоев йæ къухтæ хъæлдзæг тилгæйа* загъта: — 0, денджыз тугуарæн фæци! Фыдбылызы дымгæ.. Донбылтæ нæ зынынц. Нæ бæлццæтæ иуылдæр ныффæл- дæхтысты, цыма сыл емынæ сыстад. Куыд зæгъыс, го.с- подин болыневик, ахæм бæллæхы фæстæ’ салдæттæн сæ бон хæцын бауыдзæн? — Нæ зонын. Фæлæ ма мын ды зæгъ: болыневик мæ цæмæн хоныс? Æз, æгæрыстæмæй, мæ фыны дæр никуы федтон болыпевик. — Ныхас кæныс! Гъо, гъо. Уыг тæхгæйæ бæрæг у, бæдæйнаг та—йæ хъуыдытæй. Стæй иу чысыл асагъæс кодта æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Куыдз цас фæнды æмдымбыл зилæд, уæддæр фæс- тийæ йæ къуди зыны. Ахуыр æй кæньт, машинæйы хæйттимæ куыд архайын 25 385
хъæуы, уый. Науæд æвæлтæрдæй йæ къух ныццæвдзæн. Фæлæ диссаг уый у æмæ чысыл фæстæдæр ацы лæг дæр -аннæтимæ бабын уыдзæн æмæ ууыл нæ хъуыды кæнын. Маслобоевæн æнæдзургæ йæ бон нæу. — Нæ, фæлæ коммунисттæ цæмæ тырнынц, цæмæ? Ни- 1цы йын æмбарын. — Раст у, зын бамбарæн у. Уый тыххæй ма хъуамæ сæры бындзыты йедтæмæ æндæр исты дæр уа... Машинист мæ ныхмæ цыдæр дзуры, фæлæ йæм æз нæ хъусын. Мæ сæры та æвзæры ног пълан. Мæ фæнд у ци- линдр спырх кæнын. !Мæ хуызæн механикæн уый хæрз æнцон у. Уæд машинæдон фестдзæн зындон æмæ нау фер- вæзынкæнынмæ уырдæм никæй уал бон бауыдзæн æрцæ- уын. Æз та мæ хъуыддаг кæндзынæн бынтон сæрибарæй... Фæцыд æхситт. Æз бацыдтæн дзурæн хæтæлы цурмæ. — Машинæ цал зылды кæны?—бафарста командир. — Фæндзай аст,—дзуапп радтон æз! Командир смæсты: — Скæнут æй æвдай гылды онг! — Хорз! Фæлæ уын хъуамæ зæгъон, æрт*гуызтæ æв- •зæр кæй кусынц, уый. — Зæгъ сын, æз сæ кæй æрцахсдзынæн, уый. -Хорз! Æртгуызтæн загътон командиры бардзырд. Исдугмæ мыл схудтысты, фæлæ стæй фыййæгтæ райстой æмæ арт- гæнæны æвзалы калын райдыдтой. Мæ пълан æххæст кæнынмæ тагъд не ’рывнæлдтон. Уый тынг вазыгджын хъуыддаг у. Ды ацы хъуыддаджы дæсны кæй нæ дæ, уымæ гæсгæ дын зын бамбарæн у. Фæлæ уæддæр бафæлварон йæ бамбарын кæныныл. Хъуыд- даг афтæ у, æмæ машинæйы хæйттæ сеппæт дæр арæзт сты дырыс хыгъдмæ гæсгæ. Æз хъуамæ фехалон уыцы дырысдзинад. Цилиндртыл байсæрддзынæн, цы æмбæлы, уымæй фылдæр сæрдæн. Цилиндртæй сæрдæн сой бахауы уазалгæнæндæттæм æмæ уырдыгæй тауæлдæфон цъирæн- тæ æмæ æндæр фæрæзты фæрцы схæццæ вæййы агтæм. Куыд не ’мбæлы, афтæ фæлварын галиу аг дæр. Æппæт уыдон хъæуынц, цæмæй агты дон сфыца: дон сыхсид- 38«
дзæн æмæ йæ тæфимæ бабырсдзæн машинæмæ, афтæмæй фехæлдзæн цилиндр. Кæсын галиу аджы донбарæн авгмæ: дон схæццæ йе ’ртæ цыппæрæмхаймæ. Хъуыддаг хорз цæуы. Мæ зæр- дæ у, æфсæйнаг тынг хъызты куыд вæййы, афтæ салд. Æрхъæцмæ нал лæууын: а-ныр спырх уыдзæн нау, а- уæд. Донбарæн авг урс кæнын райдыдта, æрыввахс кæны . æвирхъау уысм. Æвиппайды, денджызы бынæй сленкгæнæгау, мæ зæр- дæйы бынæй февзæрд ног хъуыды: ныууадзын хъæуы • ацы æвирхъау хъуыддаг. Нау бабын кæнын мын кæддæ- риддæр бантысдзæн. Æз хъуамæ фенон тох, стæй ныр- ^ма бæраег нæу, кæдæм цæуæм, уый. Растдæр зæгъгæйæ та, æз ам мæхицæн хнн ми бакодтон: ома иу цалдæр ми- нуты ма ацæроы. Машинæйы цыд фæкъаддæр кодтон æмæ артгæнæндон- мæ азгъордтон. — Галиуаджы артгæнæн æрыхгæнут,—фæхъæркодтон. Арт фæкъаддæр кæнут! Сæфæм... Ацы хатт æртгуызтæ мæ дзырд тагъд сæххæст кодтой. Æвæццæгæн, мæ хъæлæсы хаттæй дæр æмæ мæ цæсгомы хуызæй дæр бæрæг уыд, тынг кæй тыхстæн, уый. Машинæмæ æрбаздæхтæн æмæ фæлладæй бандоныл мæхи æруагътон. Æрулæфыдтæн денджызыхъæрмæ хъус- гæйæ. Куы ницыуал тас уыд, уæд машинæйы цыд фæ- тагъддæр кодтон. Маслобоев та мæ баййардта алы ныхæстæй: — Æз афтæ фехъуытсон, цыма уæ коммунистон пад- дзахады сихор дзырдтæй хæрынц! Раст у уый? — Æмæ ам та?—афарстон æй æз. — Ам нырма, табу хуыцауæн. Стæй нæ сæр кæд ба- хъæуа, уæд нын фæсарæйнæгтæ баххуыс кæндзысты. — Фæсарæйнæгты кой мæудхæссæг у,—мæстыйæ хъæр кæнын: — Цæй тыххæй уын баххуыс кæндзысты? Уæ рæеугъд цæстыты тыххæй! — Цæй тыххæй, уый хъауджыдæр нæу. Фæлæ нын æххуыс кæнынц æмæ кæндзысты. 387
— Уыдон афтæ баххуыс кæндзысты æмæ маалыуырые- сагæн дæр йæ къандзолæй фæуадздзысты æрмæст дыстæ* Афтæ ныхас кодтам, цалынмæ нау йæ раппар-баппарæй банцад, уæдмæ. Винтилярты ниуын дæр æвиппайды бамыр* Машинист йæ бынатæй рауад. — Цом-ма, акæсон, кæддæра уæлейæ хъуыддаг куыд у.. Хидгондæй сыстад мæ хъахъхъæнæг дæр чъизитæ æмæ милæйдзæгтæй. Цалдæр хатты ныззæлланг кодта машинæйы телеграф,.. хидгондæй цыдæр бардзырдтæ дæтгæйæ. Æз-иу æрурæд- тон машинæйы, æрзылдтон-иу æй фæстæмæ цæуыны ’рдæм,. стæй та-иу æй æрурæдтон. Чысыл фæстæдæр мæм æрбай- хъуыст науæнгуыры аскъуыды тъæпп. Машинæдон бын- тондæр ныссабыр. — Нæ балц фæци æви,—бафарстахъахъхъæнæг, денджы- зон низæй чысыл фæдзæбæхдæр уæвгæйæ. — Уый æрмæст хидгондыл чи ис, уыдон зонынц. — Дæлдзæх фæуæд уæ нау, дæлдзæх! Ууыл адæм нæ, фæлæ хъуамæ донбедтыртæ ленк кæниккой. Æз æй нырма йеныр фæхатыдтæн, йе ’нæдаст, нарст цæсгомæн хæларзæрдæйы ахаст кæй ис, уый, йæ цæсты- тæй æнæхин каст кæй кæны, уый. Ацы лæппуйыл- цыдаид иу фондз æмæ ссæдз азы æмæ, æвæццæгæн, Уæ- рæсейьг хабæрттæн бынтондæр ницы æмбæрста. Мæ зæр- дæ мын цыдæр фæрæхуыста, фæлæ уæддæр мæ фæндыл хæцыдтæн фидар. Фæрсын æй: — Ленк кæнын дæ зæрдæмæ нæ фæцыд? — Хорз у, æмæ донбыл службæ кæнын. Денджызмæ- куы бахауын, уæд... Æрбацыд Маслобоев: — Уый дын ног хъуыддаг, гъе! Ныридæгæн иу пар- тизаны федтой. Къуылдымты астæу велосипедыл фæзынд. Гъы, фæлитойтæ, бæрæггæнджытæ баурæдтой, æцæг хæс- тонтау, и?Æрмæст куыддæр ауыдта, зæгъгæ, адон куырм- æмбæхстытæй хъазынмæ не ’рцыдысты, афтæ фæстæмæ^ куыд ныббызырттæг. Нæ ныхмæ фæлæууыны бон сын кæм и, кæм. Æрмæст ма сын ис иу амал—фæстæмæ дæр ма. фæкæс, афтæмæй хъæдмæ лидз... 388
Æз мæхи ныффидар .кодтон, цæмæй мæ тыхстдзинад ^а разына. Цыма мын быитондæр хъауджы нæу, уыйау ^афтæ бакодтон: — Уæдæ дзы æппындæр тох нæ уыдзæн? --Æмæ ма уæдæ бæхтæ цæмарн раластой? Фæстийæ сæ асурдзыеты. Уæлиæ денджызмæ шлупкæтæ уадзын рай- дыдтой. Раст зæгъы Маслобоев. уæлейæ хъуысы къæхты унæр æмæ фæхъæртæ, электроны токау уæнгты иннæрдæм агæип ласынц. .Фæлæ мæнæн мæ зæрдæ æхсайы æндæр цæмæдæр. Цыма æнæуи афарстон, уыйау афтæ бакодтон — Кæм æрлæууыдыстæм, кæ? — Бухтæйы... Куыд хуыйны, куы, хæйрæджы хай фæ- ,уа? 0, о, „Отрадæйы", бухтæ. Йæ алы фарс къулдымтæ. Дзæгъæл бынат... Машинист ма ноджы цыдæртæ дзырдта, фæлæ йæм æз на’л хъуыстон. Мах æрцыдыстæм, мæ фырт кæм ис, уырдæм. Хæрз æввахс у ардæм тайга. Уым æм- <5æхстысты партизантæ. Алырдыгæй лæбурдтой хъæутæм, цагътой милицийы æмæ сын сæ гæрзтæ истой. Уый æз зонын, Никъала ма мын фæстаг хатт куыд хъусын кодта, афтæмæй. Фидарæй йæ уырныдта, зæгъгæ, сæ ничи ссар- дзæн. Фæлæ сæ базыдтой. Ныртæккæ сæ куынæг кæнын райдайдзысты. Мæ къæмисæнтæ рацæйтыдтой, мæ сæры цыма раст гæлæбутæ змæлыдис, афтæ. Цас рæстæг рацыд, уымæн ницы зыдтон. Æрбайхъуыст фыццаг топпы хъæртæ. Уæлийæ цыд адæмы къæхты унæр, хъæртæ. Машинист- иу азгъордта æмæ та-иу фæстæмæ фездæхт. Зæр- диагæй йæ фæндыди искæимæ ног хабæрттыл аныхас кæцын. Рафт-бафт кодта, йæхицæн бынат налардта, тылд- та йæ къухтæ. Æз ын ницы æмбæрстон... Стæй мæ тар л:ъуыдыты февзæрд иу фарст. Уый мын тыдта мæ сæр- гæхц, æвирхъау фыдæбонæй мæ мардта,—фæндагыл нау >цæмæннæ фæдæлдон кодтон? Сæфтысты мæ ныфсытæ. Састзæрдæимæ, дурдзавдау лæууыдтæн. Мæ худ мæ сæрæй асхъиудта. Æз æй систон æмæ йæм æркастæн. Йæ худаууоны йын чысыл хуынкъ куы ауыд- тон, уæд бамбæрстон: рухсдзон люкæй топпы нæмыг æр- батахт, æфсæйнагыл сæмбæлд æмæ фæстæмæ фесхъиудта. — Хорзуыдæмæ сæрыл нæ аныдзæвд,—мæтгæнæгау • загъта Маслобоев. 389
Ацы хъуыддагæй куыддæр мæ зæрдæ мемуд æрцыд* Мæхи æрæмбæрстон. Нæ пъланыл мæ къух нæ сисдзынæн. Æппæт дæр бæлвырдæй разынд ирд райсомау. Десант шлюпкæтыл донбылмæ нæма аленк кодта, аф- тæ сыл партизантæ, къуылдымты æмбæхст уæвгæйæ, ихуарæгау ныккодтой. Уый афтæ æнæнхъæлæджы рауад æмæ урсытæ уай- тагъд фергъуыйау сты. Шлюпкæты фæуагътой æмæ наумæ æрбалыгъдысты. Иууылдæр трюмæты бамбæхстысты. Æр- байхъуыст мæм цæфты æрдиаг. Машинист мын дарддæр дзырдта æнæфыд-зæрдæйæ, æгæрыстæмæй, цыма цин дæр кодта: — Уыдон топпæхсджытæ сты, гъе! Командир куыддæр- хидгондмæ рацыд афтæ гæрах æмæ фæци. Комкоммæ фæ- цæф йæ зæрдæ. Йеххусгæнæгыл дæр акодта ахæм бон. Уæлæмæ схизæн нал ис. Ах, фæлитойтæ! Æзафтææнхъæл дæн æмæ сæм цуанон лæгтæ бирæ ис. Уыдонæн сæ бон у æмæ иу чысыл дробæй æхсæрæджы цæст акъахой, цæ- мæй йæ царм ма фехæла. Тынг фæлтæрд сты. Ды та куьтд хъуыды кæныс уый тыххæй? — Мæн дзы ницы хъуыддаг ис. Æз ницы хъуыды кæ- нын. Хъахъхъæнæг йæ ирд цæстытæ хæрдмæ сзылдта æмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ каст рухсдзон люкмæ. Æз тынг цин кæнын. Хæст хæст у. Мæнæн рæстæг сафæн нал ис. Бардзырд радтон, цæмæй агты дондæф уа, цас сæ цæуы, уый ас. Уыдон зырзыр кæнынц, мæнæн дæр ризынц мæ уæнгтæ. Стæн иттæг азарт картæйæ хъа- зæгау. Мæ разы сыгъзæрин æхцайы бæсты ис æртæ сæ- дæ адæймаджы цард. Иу дæр сæ нæ хаты, сæ хъысмæт скъуыддзаг кæй у, уый, Къозыртæ иуылдæр сты мæнæ^ мæ урс сæры кæхцы. Æз æнæмæнг рамбулдзынæн. Кæдуæлейæнæ уыдтæн, уæддæр хорз зонын, ныр уым цы диссæгтæ цæуы, уый. Науыл командæ кæнын хъуыд,. фæлæ хидгондмæ схизын никæй бон уыд, науæнгуыр*. сисыныл та хъуыдыгæнæн дæр нæ уыд. Урсыты уавæр уыд тынг æвзæр. Воны фæстагмæ иу мичмæн йæ гуыбыыы цармыл æр-- 390
бабырыд машинæмæ. Уæллаг фæзуаты дуаргæрон æрлæу- уыд æмæ уырдыгæй райдыдта командæ кæнын: — Механик! Цы гæнæн ис, уымæй фæстæмæ! Æз уайтагъд бамбæрстон, фæнды сæ науæнгуыр нæ сисгæйæ бухтæйæ фæиппæрдуæвын. Фæлæ æз уый бæрц æдылы нæ дæн æмæ машинæйы цæуын ауадзон, цас йæ бон у, уый бæрц. Машинистæн æз дæр загътон: — Æртгуызтæн зæгъут, цæмæй рæвдз архайой, науæд нын ацы бæллæххæй аирвæзæн нæй. — Хорз,—дзуапп радта уый æмæ æнæуæлдай сыбырт- тæй артгæнæндоны смидæг. Æз ма йæм фæстейы фæхъæр кодтон: — Æмæ сæм дæхæдæг фæдар дæ хъус. Цилиндр фехалынæн æппæт дæр сарæзтон. Стыр цы- мыдисæй мæ цæсты зул дардтон донбарæн авгмæ. Мæхи афтæ хатыдтæн, цыма ме знаджы хурхыл ныххæцыдтæн æмæ ма йæ æрмæст хъæуы фæхуыдуг кæнын. Иу каст фæкодтон хъахъхъæнæгмæ. Уый уæлæмæ иу цалдæр къахдзæфы скодта æмæ æрлæууыд. Цæйдæр тых- хæй асгæрста, йæ роны цы гранат сагъд уыд, уый æмæ хæрдмæ касти. Ногæй та мæм æрыхъуыст мичмæны тыхст хъæлæс: — Цас гæнæн ис, уый ас размæ! Æз регулятортæ зылдтон. Машинæ куыста. „Лебед" рызти, цыма хатыдта, стыр фыдбылыз æм кæй æрыввахс кæны, уый. Науæнгуыр, æвæццæгæн, йе’фсæп дзæмбытæй ахъаззаг ныффидар зæххы. Афтæмæй науæн размæ-фæстæмæ цæ- уæн уыд æрмæст бæндæны бæрц æмæ нæ мидбынаты хъеллау кодтам бирæ рæстæджы. Уалынмæ фæкастæн æмæ ауыдтон, донбарæн авджы дон стаппузтæ. Чысыл фæстæдæр æхсырау аурс. Ныртæк- кæ бабын уыдзæн нау. Нс ма æрмæст цалдæр минуты ацæрыны фадат. „Хæст хæст у",—æдыхстæй фæлхатт кодтон мæхи ми- дæг. Машинæйы размæ ауагътон, цас гæнæн уыд, уый бæрц. 391
— Науæигуыры бæндæн нæ баурæдта, аскъуыд. Афицер фæуæлахизуæвæгау фæхъæр кодта: — Боны фæстагмæ нын бантыст ацæуын, хæйрæджыты хай фæуа! Уый машинæдонæй йæ сæр радардта æмæ йæ хъæлæ- сы дзаг ныхъхъæр кодта: — Рулзилæгæн фехъусын кæнут, цæмæй денджызмæ йæ фæндаг дара! Машинæйæ райхъуыст цæйдæр цæлхъ, стæй ноджы дæр тыыгдæр цæлхъ. Æз бамбæрстон, уый цы у, уый. Рагæпп кодтон æртгæнæны дуармæ. Сармадзанау цыдæр ныннæрыд, стæй та ноджы тынгдæр"ныннæрыд. Фæ- цыд æфсæйнаджы ахъаззаг зæлланг. Цилиндры сæр æгæ- рон æндыгъдадæй стыдта æмæ гыбар-гыбургæнгæ æр- хауд. Машинæдон тæвддоыдæфæй байдзаг. Æвирхъау тыхджын райдыдта æхситт кæнын. Унæр афтæ сытынг, æмæ тарст адæмы хъæр къуырма кодта. Мигъты æхсæнты кæсгæйæ, ауыдтон бынæй æфсæн астæрдыл цыцæр змæлы. ’ Æввахсдæр ^ бацыдтæн, æргуы- быр кодтон. Уый уыд хъахъхъæнæг. Йæ тъæнгтæ ракал- дысты. Сыстыныл ма архайдта, фæлæ та-иу æрхаудта. Мæ зæрдыл æрбалæууыд йæ ронбасты тъыст гранат. Истугмæ дурдзавдæй аззадтæн, стæй науы галиу борт- мæ, кингстонтæ кæм уыдысты, уырдæм мæхи баппæрстон. Куы фæцæйзгъордтон, уæд ауыдтон мичмæны. Дондæфæй •басыгъд, фæцæфтæ æмæ ма гæзæмæ змæлыди. Æз ницы уыдтон, куырм мæ кодтой фыцгæ дондæфы къуыбæрттæ, афтæмæй архайдтон. Мæ фæлтæрд къухтæ тагъд-тагъд æфтыдтой лæсгæрхудты. Мæ сæры уыдис æрмæст иунæг хъуыды—тагъддæр, тагъддæр. Уалынмæ кикгстокты сæрты дондæф иуырдæм фехста æмæ гуыр-гуыргæнгæ науы хуылфмæдон бырсын райдыдта. Цы ма мæ хъуыд саразын? Февнæлдтон ирвæзынгæнæг фæрæзтæ халынмæ. Мæ фæнд кæронмæ æххæст æрцыд. Науы ничиуал фервæзын кæн- дзæн. Æртæ сæдæ адæймаджы сæ цардæй ацух сты. Уый æцæг афтæ у, зæгъгæ, уый базоныны сæраппонд иу уысм æнцад алæууыдтæн. Доны унæр схæццæ дондæфы æхситт- гæнæг сæрсæримæ. Æз мæ дæндæгтæ нылхъывтон, афтæ- мæй хъуыстон уыцы музикæмæ. Алцы дæр цыдис ит- тæг хорз. 392
Ксссын алырдæм. Мичмæн мардæй ныддæргъ. Æргуы- ■быр кодтон, афтæмæЁ иннæ бортмæ фæцæуын. Хъахъхъæ- нæг ма зыны сау тæппы хуызæнæй. Мард у, фæлæ йын цæйдæр тыххæй зæгъын: — Афтæ у, гъе, æфсымæр. Ницыуал аразинаг мын баззад. Иннæ хъуыддæгтæ сæ- XV, цыдæй цæудзысты. Афæлварын хъæуы, чи зоны ма мæхицæн фервæзæн ис. Кæмдæр мын пропкæ риударæн æмбæхст ис. Фелвæстон æй æмæ азгъордтон æртгæнæн- донмæ. Ам иунæг адæймаг дæр нал ис. Æвæццæгæн уæл- лаг палубæмæ алыгъдысты. Фыццаг дæр уал æртгæнæнты зынг ахуыссын кæнын хъæуы. Уæд аг спырх кæныны хъуыддаг фæкъаддæр уы- дзæн. Артдзаума мæ къухы, афтæмæй мæ хид кæлгæ кусын фондз лæджы бæрц. Кæсын æмæ астæрдыл фæзынд дон— фылдæрæй-фылдæр кæны. „Лебед" ныззылын галиу борты ’рдæм æдых, тæригъæдтагæй. Фæлæ æз нæ дæр тæрсгæ кæнын, нæ дæр фæсмон. Æртгæнæнтæ донæй куы байдзаг сты, уæд æз æрлæу- уыдтæн æмæ айхъуыстон. Машинæйæ ма уæддæр хъуыс- тис æттæмæ тонæг дондæфы унæр. Уæлейæ мыр-мыр код- той бæхтæ, æрра æрдиаг кодтой адæм. Æз иттæг бæлвырд хатыдтæн знаджы уавæр. Уый лæууыд сæфты къахыл. Нау сæфти, лæууæн ыл нал уыдис. Урсытæ бортæй гæп- пытæ райдыдтой, фервæзыны фæрæз ма агуырдтой доны фæлæ-иу сæ цадæггай фурды улæнтæ аныхъуырдтой. Доныбылæй сын рæстдзæф партизантæ хæлдтой сæ сæр- гæхцтæ, кæронмæ-иу дзы чи раленк кодта, уый рæхуыс- той джебогътæй. Æз бакодтон мæ пропкæ риударæн. Чысыл ма фæлæу- уыдтæн, цалынмæ дон бынтон несуæлиау, уæдмæ. Стæй люк бакодтон æмæ фæздæгдзон трубайæ алæстæн. Уæлейæ фæхъæртæ хъуысынц стæмæй-стæмдæр. Цасдæр рæстæг ма рауад. Агтæн дон сæ сæрты акалд. Нау зылын нал у, слæууыд раст. Дондæф фæцыдæр. Тру- байы хуынкъæй мæм зыны тарбын арвæй иу гæппæл. Стъа- лытæ æрттивын райдыдтой. Æвæццæгæн, æрталынг кæны. 393
Мæ алыварс цыдæр тæссаг цæллахъ кæны. Цыма мидæгæй, кæмдæр цы уæлдæф аззад, уый æттæмæ бырсы. Æз нымайын, цал ма дзы хъуамæ фервæза. Сæдæ лæ- гæй фондз. Нæ, къаддæр. Афтæ мæм кæсы, цыма йыртæк- кæ агтæ спырх уыдзысты æмæ уæлдæфмæ стæхдзынæн. Æндæр тæссагдзинад дæр ма ис: науæн йæ бон у æмæ æрынцайа мелыл, уæд мæнæ ацы тар хъуынкъæй аирвæ- зæн нал ис. Æз ленк кæнын, йæ диаметр дыууæ аршинæй фылдæр кæмæн нæу, ахæм æфсæн тымбылæджы. Уазальг сæлын, мæ дæндæгтæ кæрæдзийыл хойын. Бæхтæ хуыррытт кæнынц. Чидæр йæ хъæлæсы дзаг хъæр кæны: — Æмбæлттæ, фервæзын мæ кæнут... Иннæ фæсус хъæлæсæй лæхстæ кæны: — Иу доны хуыпп... Мæ риу судзы... Уыдон сты, палубæйы ма цæфтæй чи баззад, ахæмтæ. Зæрдæ скъуыйы сæ хъæрзынмæ. Бабын.сты æртæ сæдæ лæджы. Æз дæн сæ фесæфты сæйраг аххосджын. Афтæмæй та уыдонæн дæр мæнау ис устытæ йемæ сы- вæллæттæ, ис сын мадæлтæ. Мæ сæр уæлæмæ сзылдтон æмæ арвмæ кæсын. Æртти- вынц дард стъалытæ. Æз, исгæмæ æртхъирæнгæнагау,, фæрсын: — Гъы, куыд у? Ницыуал мын баззад ацы æлгъысты трубайыл мæ сæр- гæхц ныппырх кæнынæй дарддæр. Фæлæ мæ зæрдыл æрбалæууыдысты ме’мбæлттæ, бар- жæйы æхгæдæй чи баззад, уыдон. „Лебед" æвиппайды фæцудыдта, фесхъиудта, цыма йæ мæлæтæй фæтарст, уыйау. Дон йæ быны фæйнæрдæм афæй* лыдта, дæлдон кæнын райдьтдта гыбар-гыбур гæнгæ. Бæх- тæ æвирхъау уаст ныккодтой, дард стъалытæм фæстаг фæ- дис кæнæгау. Уæлейæ, трубайы сæрты уæззау унæр кæн- гæйæ, ныггуылф кодта дон. Æз стæлфтытæ кодтон уыцы гуылфæны, науимæ дæлдон кæнгæйæ. Пропкæ риударæн мæ уæлæмæ сæппæрста. Хуыдуг кæн- гæйæ аленк кодтон æввахсдæр донбылмæ. Диссаг уыд, диссаг, мæ хæцъæфтæ куыд баурæдтой* мæ нуæрттæ куыннæ аскъуыдысты? 394
Дард къуылдымты хæд бын æрттывтвй судзгæ æртытæ. Æз ахъуыды кодтон—уый у партизанты лагерь. Фыдвæл- лад æмæ ихуазалæй бырын райдыдтон уырдæм, мæнæ ас- тæусаст куыдз куыд фæбыры, афтæ. Лæстæн донбылты æмæ хъæр кодтон мæ хъæлæсы дзаг. — Æрлæуу, хæйрæджы къахц! — æрбайхъуыст мæм æвиппайды.кæйдæр тызмæг хъæр. Кæдæм лæсыс? Джебогътæ мæм ныддардтой ме’рдæгмард буары атъыс- сын æввонг. Æз банкъардтон æндоны æлгъыстаг уазал^ Куырмæй, кæдæмдæр хаугæйæ ма мæ бон зæгъын баци: — Кæм и мæ фырт, Раздольний? Афтæ мæм фæкаст, цыма та сау трубайы февзæрдтæн. Æвирхъау донзилæн мæ здыхта, бынмæ мæ ласта. Фæлæ« мын кæйдæр къухтæ мæ уæхсджытæ æрбалхъывтой, æн- къуыстой мæ. Бæлвырдæй мæм хъуыст кæйдæр хъæлæс: — Гъа, мæнæ кæм разынд... Систой мæ сæ къухтыл, кæдæмдæр мæ ахастой. Æз> хъеллау кодтон фурды улæнтыл змæлæгау, Æрмæст иу хъуыды мæ сæры карзæй тæлфыд: доныл цæуæн куыд и, куыд? Стæй æртытæ æмæ адæмы куы федтон, • уæд хъæр кæнын райдыдтон, зæгъгæ, „Лебеды" фæдæлдон кодтон æз. Бирæ чидæртæ зылдис мæ алыварс, мæ къух мын æл- хъывтой. Никъала Павликы хуызæн сси, стæй та Пав- лик сси Никъалайы йас. Æппæт-иу уыдон, æвзалыйы уæр- мау, талыджы аныгъуылдысты, мæ цæстыл уадысты фыд- фынтау. Афтæ фыдæбон кодтон райсом æрбабоны онг. Дисы бахаудтон, мæ уæлæ кæйдæр сур дарæс куы фед- тон, уæд. Дымгæ мын мæ цæсгом рæвдыдта. Бæлæсты цъуппытæ ирд арвы цъæхыл ныдзæвдысты. Тайгайы унæ- римæ æнахуыр иу кодта адæймаджы хъæлæс. Уæлдай тынг- дæр та дис кодтонууыл, æмæ мæ алыварс Никъалайы бæс- ты зилæнтæ кодта Павлик, йæ цуры та лæууыдис Егорка. — Баба, мах зыдтам, „Лебед" махмæ кæй цыдис, уый,— хъæлдзæгæй загъта Павлик. — Ам кæцæй февзæрдтæ?—бафарстон æй æз фырцинæй хуыдуг кæнгæйæ. — Мæн Егоркæимæ чи ’ркодта, зоныс?Æмбал Ефсеенко. Хъуыды ма кæныс—-„Лебеды" рулевой. Æз æмæ Егоркæ 395-
партизантæн æртытæ кæнæм æмæ сын цай фыцæм. Иуьтл •стырдæр хистæр нын ацы ’хъуыддаг йæхæдæг бахæс код- та, Зæххардыстæн! Ыикъалайы та сывзæрстой штабы хйс- ’тæрæй. Афтæ мæстыгæр сси, афтæ! Стæй .ноджы куыд феввæрсыд йæхиуыл! Ныр йæ былы сæрты дæр нал ту кæны... Павлик тагъд-тагъд дзырдта, цыдæриддæр зыдта, уы- дон. Æз та, нырма рынчын уæвгæйæ, зынæй æмбæрстон, æцæгæй дæр хъуыддаг куыд у, уый, тынг мæ нæ уырныд- та, сур зæххыл партизанты г&хсæн кæй дæн, уый. Иу фарсырдыгæй — хъахъхъæнджыты æхсæн лæууы- дысты уацартæ, иу цыппор адæймаджы. Уыдон уыдысты мæрдтыбæстæй æрцæуæг адæймæгтæ. Фарста сыл кодта тызмæг, йæ кары бацæуæг, раздæры æнæуæндаг лæппу Никъала. Гæзæмæ ма хъуыды кæнын, уацарты хицæн къордтыл куыд дих кодтой, уый. Иу къордæй мæм кас- ти Маслобоев, æнкъард æмæ зæрдæсастæй. Æнхъæлмæ каст, ныфссаст рынчын дохтырмæ куыд фенхъæлмæ кæ- *сы, афтæ. — Ауадзут æй, кæдæм æй фæнды, уырдæм, — куырдтон машинисты тыххæй. Партизантæ чысыл асагъæс кодтой, стæй Маслобоевæн мæ фæнд фехъусын кодтой. Уый йæ сæрыл схæцыд, йæ •цæстæнгас ахаста алкæуыл дæр: — Æмбæлттæ! Æз медылыдзинады аххосæй уыдтæн ин- нæрдыгæй фарс. Ныр уæ курæг дæн—сымахимæ мын баз- зайæн ис, æви нæ? Радтой йын разыйы дзуапп! Уацартæй иу дæс лæджы акодтой кæдæмдæр, фа^р- чзырдæм. Тайгайы анæрыдис æвирхъау фæхъæртæ. Шетины къуылдымтæм æввахс цъæхбынæй зындис „Отрадæйы" бухтæ. Нау „Лебедæй" мазындис æрмыст мач- тайы уæллаг хай. Уый доны сæр зындис дзуарцыртау, ам цы æбуалгъы трагеди æрцыд, уый символ. 396
Неверов Александр ЦÆРЫН МÆ ФÆНДЫ Нæ фæллад уадзæм быдираг къаннæг хъæуы. , Æз бадын хæдзары æттаг къулы ’нцой сыджыт бруйыл,. æргуыбыр кодтон, мæ цуры цы стыр хъуынтъыз куыдз^ лæууы, уымæ æмæ йын сæрфтытæ кæнын йе рагъ. Фы- дуынд куыдз у уый, пыхцылтæ, фæлæ йæ рагъы даргъ хъуын хурмæ схъарм æмæ мæм дзæбæх кæсы йæ цуры бадын æмæ йæ къухæй дауын. Хæдзары сæрæй ме уæхскмæ хауынц иугай доны ’ртæх- тæ, кæрты æттаг кæрон цъæхснаг хъæр кæнынц хъазтæ. Тæнæг хъæлæсæй мыр-мыр кæны байраг, сæ хъуыдат- тæй нал æнцайынц кæрчытæ. Бæхты суагътам- сармадзантæй. Æмæ ныр рудзгуыты раз лæууынц сармадзантæ, сæ уазал æндон къубæлттæ ныддаргъ сты, афтæмæй. Бæхтæ схид сты. Сæ сæргътæ сæ уæлæ, афтæмæй хъыррыстæй хæрынц хос. Æз бадын, мæ сæр апрелы хуры тынтæм дарын, афтæ- мæй æмæ уынын: миты фæстæ чи ссау, уыцы зæххы сæр- ты ленк кæнынц цъæх мигъы къуымбилтæ. Мæ хъустю нæ бакъуырма сты сармадзаны хъæрæй: хъуысы мæм хъаз- ты сонт уаст, кæрчыты хъæлдзæг хъуыдатт, хæрз сабыр, æнæ хъæр мæ уæхскмæ хауынц тæдзынæджы иугай æр- тæхтæ. Уый ме ’фсæддон уалдзæг у. Чи зоны, мæ фæстаг уалдзæг у. Æвзонг, апрелаг уалдзæгæн мæгас цу" цы зæлтæ 397
зæгъынц, уыдон уайынц мæ хъустыл æмæ мæ зæрдæ ’скатай. Мæ хæдзары баззадысты ус æмæ дыууæ сывæллоны. Хæдзарæн йæ бинаг хатæны иу къаннæг уаты бадынц уы- дон æмæ къæрццхъусæй ахсынц, асинтыл исгæй къæхты хъæр куы фæцæуы, уый. Уым æнхъæлмæ кæсынц мæнмæ. Чи зойы, удæгас дæр мæ нал хонынц, чи зоны, ныгæн- гæ дæр мæ бакодтой. Мæ къæхты бын зæххы лæдæрсы цъыф доны суадон. Лафетты цур гæппытæ кæнынц сырдтонцъиутæ.., Кæс- гæ уыдонмæ кæнын, уынгæ та мæ фырт Сережкæйы, йæ цæсгом—æнæтуг, фæлурс; ме ’ртæаздзыд чызг Нюскæйы, йæ пыхцыл, сызгъæрингъуыз дзыккутыл арвынгæс лент баст, афтæмæй. Сæ дыууæ дæр бадынц рудзынджы бы- нæвæрдыл æмæ йæ их кæмæн стад, уыцы æвгтæй кæсынц æттæмæ, уынгмæ, Уыдон мæн агурынц æмæ уый адыл лыс- тæггай кæсынц, сæ рæзты цы адæм цæуынц, уыдонмæ, æн- хъæлмæ кæсынц ме ’рцыдмæ, мæ хъæбысы сæ куыд сба- дын кæндзынæн, уымæ. Æмæ мын уыцы дыууæ æнкъард чзабийы уынд мæ зæрдæ байдзаг кодта хъæбулы мастæй. Нæхицæй раджы кæй райстон æмæ цалдæр хатты кæй бакастæн, уыцы рагон фыстæг систон мæ дзыппæй. Ме ’фсин мын зæрдæ æвæры: „Æз куы нæ ’рдиаг кæнын. Фидар лæуу ды дæр"... Нæхицæй куы цыдтæн, уæд та афтæ дзырдта: „Бархийæ цæмæн цæуыс? Цæрынæй фæлмæцгæ скод- тай?" Æз тарстæн, мæ ус куы нæ бамбара, æз цард куыд уарзын, уый æмæ хъавгæ дзуапп радтон: — Мæ хæс у цæуын æмæ цæудзынæн... мæнæ адон, ацы сабиты сæраппонд. Ме ’фсины уадултыл цæстысыг къуыбарæй згъордта. Уым уыди мæт, уарзондзинад æмæ фыдæбон, фæлæ уæддæр мæ къæхтæ нæ цудыдтой. Ныр мын ме ’фсин ныфсытæ æвæры: „Махæн ма тæрс: æз—фæразон дæн, алцæмæн дæр быхс- дзынæн"... Уымæй дæлæмæ та Сережкæйы фыстæг уыд. 398
Уый дамгъæтæ фыссын нæма зоны, фæлæ гæххæтт бай- дзаг кодта раст, зылын-мылын, къæпсыры хуызæн æмæ схъæлыздыхт хæххытæй æмæ ма ноджы иу пæлæхсар, æнæсыфтæр къутæр. Уыдон бын та уыд йæ мады къух- фыст: „Куыд дæ фæнды, афтæ йæ æмбар..." Æз æмбарын Сережкæйы дамгъæтæ. Æз уыцы фыстæг бакастæн фыццаг хатт, æфсæддон балцы уæвгæйæ, знаджы ныббырсынмæ куы цыдыстæм, уæд æмæ мæм уыцы къæдзилджын хæххытæ æрбакастыс- ты рухс æмæ ныфсдæттæг æнгасæй. Æз сын сусæгæй апъа кодтон, цæмæй мыл ме ’мбæлттæ ма фæхудой, вин- товкæйыл мæ къух æрæвæрдтон æмæ загътон: Æмæ ныртæккæ дæр раст афтæ у мæ хъуыды: — Цæугæ, мæнæй уый! Æз мæлæтмæ уый тыххæй мыййаг нæ цæуын, æмæ æнкъард кæнын иунæгæй, кæнæ зæронд бадæн, кæнæ цар- _дæй кæй сфæлмæцыдтæн, уый тыххæй. Цæрын мæ тынг фæнды. Уалдзыгок тыгъд быдыр, сæуæхсид æмæ изæр- милты сабырдзинад, хърихъуппыты дард балц, æрхыты мидæг къаннæг суадæтты хæл-хæл—уыдон, æппæты уын- дæй мæ зæрдæ уæрыккау скафы. Æз цæстуарзон хъæбыс ныккæнын мигъы алы бындзыгæн дæр, алы къутæрæн дæр, фæлæ уæддæр цæуыи мæлæтмæ... Цæуын мæлæты размæ æдыхст æмæ фидарæй. Мæлæт та мæм æппары йæхи куы сау зæхх чи срæмудзы, уыцы уæззау сармадзанты нæмгуы- ты хуызы, куы та, цъæх фæздæджы бындзыгæй чи ферт- тивы, уыцы топпы нæмгуыты хуызы. Æз уынын, уый мæм кæсы изæрдалынджы ныгъуылдæй алы къудзийы бынæй дæр, фæлæ уæддæр цæуын размæ уыцы иу растæй... Æз мæлæтмæ уый тыххæй цæуын, æмæ мæ цæрын фæнды. Нæ зонын, цы хуызы ма йæ дзæбæхдæр зæгъон, фæлæ кæд мæлæт мæ алы фарс æртыхст æмæ цинæй мæлы йæ амæттагыл, уæддæр æз не ’нкъарын, уый мæм йæ уазал дæрзæг къухтæй лæбуры, уый. Æз тæрсгæ нæ кæнын, нæ дæр катай, нæй мæм лæмæгъдзинад. Нæ мæ къуылымпы <кæнынц мæ сабиты цæстытæ дæр. 399
Уыдон мæ цæстытыл уайынц кæуындзастæй нæ, фæлæ- рухсæй, сæ мидбыл худгæ, райдзастæй, сабийы циндзина- дæй рæвдыд чи баййæфта, ахæм хуызы, æмæ мæнæн мæ зæрдæ нæ батæрид уыцы æрттивгæ цæсгом æмæ худгæ цæстытæ, раджы, кæддæр, мæхæдæг сывæллонæй куыд æн- къард уыдтæн, ахæм хуызы фенын. Нæ зонын, цас сыг фæ- калдтой мæ цæстытæ, нал хъуыды кæнын, цал адæймаджы мæ ралас-балас кодтой мæ даргъ сæрыхъуынтæй. Бæл- вырд зоцын æмæ мæ нæ рох кæны уый, æмæ мæ цæстæн- гас райдзаст никуы уыд. Мæ цæстытæ худын нæ зыдтой, нæ сæ уыд сывæллоны зæрдæйы цæхæр, циндзинады арт сæ нæ сыгъд æмæ сæ ныртæккæ чи рæвдауы, ахæм хур никуы федтой. Æз куы райгуырдтæн, уыцы рæстæджы рухс æмæ па- рахат хæдзæртты æндæр „амондджынтæ" цардысты, æз æмæ мæ мадмæ та æрхаудта æрмæст ныккæнды умæл талынг къуым. Мæ мад гæрзтæхсæг уыд. Мæ цæстытæ иртасын куы байдыдтой, цы уынынц, уый, уæд æппæты фыццаг цы федтой, уыдон уыдысты кæйдæр хуылыдз хæлæфтæ æмæ хæдæттæ бæндæныл ауыгъдæй. Хур стæм хатт уыд- тон. Стæм хатт-иу нæм бакаст йæ нарæг саст тынтæй нæ дыууæ æфсæн-каубыд рудзынгæй. Мæ фыды та æппын- дæр никуы федтон. Ныккæнды нæ фарсмæ цы дзабырхуыйæг царди, чи зо- ны, мæ фыд уый уыд. Кæнæ, изæрыгæтты-иу лампæ чи ссыгъта æмæ хуы- цауы азарæй тынг чи тарст, уыцы купецаг уыд мæ фыд. Науæд та, æппынæдзух дæр расыг цы къуызырдзæс- гом чиновник уыд, уый. Мæ мад фæцагъуыди нозтыл. Æхсæвыгон нæ ныккæнды къуыммæ мæ мадмæ цыдыс- ты салдæттæ, æккойæхæссæг кусджытæ, чырæласджы- тæ скъуыдтæ хæдæтты, дзæгъæлхæтæг адæм, дзыппкъа- хæг къæрныхтæ. Хаттæй-хатт-иу æй фыднад фæкодтой, фæллад бæхы куыд фæнæмынц, афтæ, кæнæ та-иу æй фæрасыг кодтой, йæхи куыд нал æмбæрстаид, афтæ, стæй- иу æй баппæрстой сынтæджы, мæпæй дæр не ’фсæрмы. кодтой... 400
Мах уыдыстæм „æнамонд". Мæ мад дæр мын афтæ дзырдта: — Æнамонд стæм, Васка, нæ дыууæ дæр, æнамонд! Уæд та... мæлгæ куы акæнис, мæ хъæбул! Фæлæ æз нæ амардтæн. Æз хæтæнхауæг фæдæн исгæй хæдзæрттыл. Æз нæ федтон нæ дæр уарзондзинад, нæ дæр рæвдыд, нæ дæр хъарм цæстæнгас. Куыдзы хъæвдын куыд рæзы, раст афтæмæй хъомыл кодтон: исчи дæ куы ныццæва, уæд фæку, куы дæ асæрфа, уæд бахуд. Уæд нæма зыдтон, мах æйамонд цæмæн стæм, иннæтæ та амондджын, æмæ-иу бирæ хæттыты æнкъардæй, зæронд лæджы ’нгасæй бæрзонд цъæх арвмæ кæогæйæ баззадтæн. Афтæ мын дзырдæуыд; уым, дам, бады хæларзæрдæ хуыцау, адæмы цард чи ара- зы, уый. Æрмæст дзы кургæ кæ—алцы дæр дын ратдзæн. Мæн тынг фæндыдис, исчи нын куы сарæзтаид нæ цард æмæ уый адыл кувгæ, лæгъзтæгæнгæ кастæн бæрзонд цъæх арвмæ. Бæрзонд хуыцау ницы дзуапп лæвæрдта. Бæрзонд хуыцау нæ уыдта мæ кæуындзаст цæстытæ. Ахуыр мæ кодта цард йæхæдæг. Уый мын мæ цæсты- ты раз райтыгъта ахæм бæлвырд хъуыддæгтæ, æмæ уыдон куы бамбæрстон, уæдæй фæстæмæ кувгæ нал код- тон. Иттæг хорз бамбæрстон уæд уый, æмæ æз мæ мади- мæ хуымæтæджы нæ бахаудтам ныккæнды къуыммæ. Уый иу адæймаджы фæнд мыййаг нæ уыди, фæлæ бирæ кæй- дæрты фæнд—нæ сæрмæ хуры тын æмæ электрон цырагъы рухсæй æрттывтытæ цы парахат уæттæ кæнынц, уым чи цæры, уыдон фæнд. Уый уыд, бирæ мин адæмтæ хъæддаг сырдты цард кæй тыххæй кодтой ныккæндты чъизи талынг къуымты, уыцы классы фæнд. Бамбæрстон уæд, мæ мадмæ-иу цы нæлгоймæгтæ ’рба- цыд, уыдон æй нæмгæ цæмæн кодтой, стæй-иу уыцы „уаз- джытимæ" мæ тæккæ цæстыты раз сынтæджы цæмæ гæс- гæ батылди, уый. Æз мæ мæгуыр мадæн уыдтон йе ’нкъард цæотыты йæ мæстæлгъæд зæрдæ æмæ ныййарæг мады уар- зондзинад æмæ йæ тæригъæдæй скъуыдтæ кодта мæ зæр- дæ. Фæлæ æрыгон æмæ рæсугъд кæй уыди, стæй гæвзыкк 26 401
æмæ æгады, æнæбар уавæры, уыдæттæ йæ раппæрстой уынгмæ, кæрдзыны къæбæр истыгъуызон амал кæнынмæ, æмæ-иу „уазджытæй" фæстæмæ надвæлладæй куы ’рбаз- дæхт, уæд-иу æлгъыстаг фæкодта йæхи дæр, йæ цард дæр æмæ йæ æвзонг рæсугъддзинад дæр. Бирæ цыдæртæ бамбæрстон æз. Уæлдайдæр та бамбæрстон ахæм уавæр: æз цы дунейы цæрын, уый дзаджджын у рæсугъддзинад æмæ хъæздыг- дзинадæй, фæлæ æз уымæн йæ хицау нæ дæн, фæлæ йе ’ххуырст, фæлхортæм чи æнхъæлмæ кæсы, ахæм дынджыр, коммæгæс куыдз. Кусын райдыдтон авд азы мыл куы ра- цыд, уæдæй фæстæмæ, фæлæ уæддæр гæвзыкк, фаджыс- донмæ кæй аппарынц, ахæм фæлхор. Мæ цард афтæ æвзæр земæ мæстаг у, афтæ мæнг къахыл æвæрд у, æмæ мыййаг искуы мæ цæнгты тых куы фæлæмæгъ уа, мæ фæллад риуы хъару куы асæтта, уæд сæ æз дæр нал хъæудзынæн æмæ хæдзары брон куыд расæрфынц, афтæ мæ рамæрздзысты æмæ мæ раппардзысты, Æз дæн, стыр зынаргъ хæзнатæ чи аразы, уый, афтæмæй та мæхицæн, адæймаджы хуызы, мур аргъ дæр нæй æмæ мын мæ цæнгты тых йæхи чи бакодта, уыцы хъæздгуытæ мын мæхи дæр фæхудинаг кæндзысты мæ хуыссæнуаты рынчынæй дæр, мæ сывæллæтты дæр, го- рæты дурзæрдæ уынгмæ кæй раппæрстой, уыдон... Æмæ ныр худæнбылæй куы фæкæсын Сережкæ йæ фыс- тæджы цы къæпсырджын хæххытæ ныккодта, уыдонмæ, уæд сабимæ .мæ уарзондзинад афтæ тынг свæййы æмæ æвæлмæцгæ, æнæдызæрдыг цæуын хæстмæ. Худинаг æмæ мын фидиссаг цы ныййарæг мады фæкодтой, уый мæ зæрдыл куы «рбалæууы, уæд мæ фæллад уæнгты ног тых февзæры. Цымæ Сережкæ дæр, мæнау, къæбылайы цардæй цæрдзæн, æххуырсты хæтдзæн, йæ цæнгты тых уæйгæн- гæ,—афтæ куы ахъуыды кæнын, уæд фæцæй тоны мæ маст. Мæ чысыл Нюськæ, йæ пыхцыл бурдзалыг дзыкку- тыл цъæх лент баст, афтæмæй мæ цæстытыл куы ауайы, уæд уый тыххæй мæ зæрдæ комгæ дæр нæ кæны æвзæр ахъуыды кæнын. Мæ чызг худæнбылæй æмæ райдзастæй рацæуыны бæс- ты йæ фæлурс тæнæг былтæ хæргæ, фырæфсæрмæй æмæ. 402
сæргуыбырæй, æвæндон, ризгæ къахæй куы рахиза дур- -зæрдæ'уынгмæ; ныккæнды талынг къуымы мын чи рай- гуырд, уыцы саби, иу фырхъал æдзæсгом лæг, чызгæй фæ- хынджылæг кæнынмæ чи хъава, уый фæдыл æвæндонæй куы араст уа—ахæм хъуыдытæ мæ сæры куы февзæрынц, уæд мæ зæрдæ фæрчытæ фæцæй хауы... Уæд нал фæуы- нын, мæ ныхмæ цы топпытæ арæзт сты, уыдон, нал мæм хъуысьг, сармадзаны нæмгуытæ куыд хæлынц, уый. Мæ маст фæцæй тоны, ныддæлгом вæййын зæххыл, бырын, ногæй та фестын, размæ æппарын мæхи. Нæй мæлæт! Нæй уал- дзыгон рæвдаугæ хур! Ме ’взонг зæрдæ нал цæуы мæ ри- уы, тырны размæ æмæ мæм хъуысы æрдзы уалдзыгон хъæлæс нæ, фæлæ мæ мады ныхас: —Цæугæ, мæ хъæбул, цæугæ! Æнкъарын æрмæст иу хъуыддаг: цæрын мæ фæнды! Æмæ уый сæраппонд æз мæхи тыххæй, Сережкæ æмæНюсь- гсæйы тыххæй æмæ уалдзыгон хуры тынтæ кæмæ нæ зы- дшнц, уыдон се ’гшæты тыххæй хъуамæ топпы гæрах æмæ •кардæлвæстæй фæуон мæ уалдзыгон бонтæ. Мæ иу къух цæф у, фæлæ канд ууыл нæ баззайдзы. <нæн нæ тохы балцы. Ныртæккæ мит кæмстад, чи зоны, .уыцы саумæр быдырты мæрдфынæй бауон, кæнкод та нæ- :химæ уæлахизæй ныздæхон. Æндæр фæндаг нæй. Мæн та цæрын фæнды. Мæн фæнды, цæмæй цæрой æмæ цин кæной Сережкæ .æмæ Нюськæ, цæмæй цæра æмæ райдзаст уа нæ сых æга- *сæй дæр, уæладзгуыты цæрджытæ фаджысдонмæ кæй ра- тардтой, уыдон. Гъе, æмæ, цæрын мæ кæй фæнды, æмæ уый саразы- нæн та æнцондæр æмæ хуымæтæгдæр фæндаг кæй нæй, _уый тыххæй — цард уарзондзинады сæраппонд — цæуын æз хæстмæ. Дард у мæ фæндаг. Иу æмæ дыууæ хатты мыл не скæсдзæн сæууон хур, иу æмæ дыууæ хатты мыл не ’ркæндзæн изæрмилтæ тыгъд ^быдыры, фæлæ мæ сагъæс райдзаст у, тыхдæттæг у... Уый—мæ фæндаг у. 1920. 403
Паустовский Константин КОРДОН „237" Ацы радзырд фыст æрцыди хъæууон хæдзары мидæг-- гаг уаты. Фæрссæгтæ гом сты æмæ цырагъы рухсмæ ми- дæмæ тæхынц цъæх гæлæбутæ. Бæстæ афтæ сабыр у, æмæ бынæй, афтид уæтты, къулын сахаты къуырцц-къуырцц дæр хъуысы. Цæугæдон Окайыл дард кæмдæр уасы нау. Хъæу бафынæй, рудзгуытæй рухс иæ кæлы. Къæвдайы: фæстæ умæлы смаг хæссы. Къулыл ауыгъд ис Гарибальдийы нывæфтыдон порт- рет, йæхи, сбуруæвæг, къухфыстимæ. Цымæ ардæм куыд æрбахаудта?!Хатт дзаумæтты биографитæ . дæр вæййынц. афтæ æнæнхъæлæджы, куыддæриддæр адæймæгты биогра- фитæ. Ацы портреты Парижы куыд снывкодтой æмæ Ас- тæуккаг Уæрæсейы хъæумæ цы ’гъдауæй æрбафтыд, уый базоныныл архайын. Портретыл нæй, чи йæ снывкодта, уый къухфыст, фæ- лæ нывæн иннæ фарсырдыгæй ныхæст ис французаг газет^ Æз ныр фæфиппайдтон: ацы хъæууон хæдзары хицау раздæры хицау, раджы чи амардис, ахæм нывгæнæг, бирæ. рæстæджы дæргъы царди Парижы, Буживалы. Тургенев- мæ дæр цыди, зыдта Виардойы æмæ-иу, æвæццæгæн,. Гарибальдиимæ дæр фембæлдысты. Гарибальди! Италийы арв, Риммæ стæры ацæуын, зети- йы цъары хуызæн тæфгæнæг уæлдæф, бæллицты, поэмæты æмæ мæгуырдзинады бæстæ! Гарибальди цæры ам, къуындæг уаты, Федор Толстойы бронзæйы барельефон куыст „Фершампенуазейыцур тохы" фарсмæ. Изæрыгон дыргъдонæй куы акæсай мидæггаг уа~ 404
ты фæрссæгтæм, уæд дæм уыцы уат Гарибальдийы иорт- ретимæ фæкæодзæнис, тар æхсæвы океаны фæдзæгъæлуæ- вæг каютæ куыд æнæбары фæрухс кæны, афтæ. Ацьг бонты æз—стыр афтид хæдзары фæстаг цæрæг, ацæудзынæн Мæскуымæ,—æмæ æппæт мæ дзаумæттæ та: барельеф зæгъай, стæй Гарибальдийы портрет, æмæ донын куыройы ныв кæуыл ис, уыцы зæронд лампæ, æмæ стъол . æмæ Иван-цайы букет,—уыдои та иуылдæр æнæ радæлæ- бауæлæйæ зымæгиуат кæндзысты ам. Æмæ куыд диссаг у, иу афæдзы фæстæ куы ’рбаздæхай æмæ æппæт уыцы дзаумæттæ куы фенай сæхи бынæтты, уæд уыдонмæ кæс- 1 гæйæ ды базондзынæ дæ цардмæ æмæ дæ фæлтæрддзинад- мæ иу аз кæй бафтыди, уый. Фæлæ ацы ран ницы аивта, æрмæст, чи зоны ’мæ, ныв зына-нæзына фæбурдæри. Ацы уат равдисынмæ хъавын æз, ам куы нæ уал уон, уыцы рæьтæгмæ гæсгæ. Бонтæ цадæггай цæудзысты, би- рæ рæстæджы дæргъы сæлфынæг кæндзæн. Дымгæ уæл- хæдзар бамбæрздзæн бæласæй зæронд хауд гæлир сыфтæр- тæй. Уый фæстæ хъызт фелвасдзæн умæл змис, ныууар- дзæн мит, цъæх арв уæззау æруадздзæн йæхи хæдзары сæрмæ, æмæ афтæ ауыгъдæй лæудзæн суанг уалдзæгмæ. • Иван-цайы дидингуытæ басидзысты, тарбур æртхутæг фестдзысты æмæ уалдзæджы куыддæр дуæрттæ байгом кæной, афтæ сын сæ рыг дымгæ фæхæсдзæн. Диссаджы бахусуæвæг дуне! Уый тыххæй та цæстдарынхъæуы, æр- мæст ацы дидингуыты фенын хъæуы стыргæнæн авгæй,—• уыдон иуылдæр хъæуæг æмæ бакуыстгонд сты. Ацы хус букет, бырæттæм кæй аппарой, уый дæр афтæ вазыгджын у, зæхх æнæхъæнæй зайæгойтимæ, дæттимæ æмæ уæлдæ- фимæ куыд у, афтæ. Дзаумæттæ тыхджын кæнынц рæстæджы æнкъарынад. Бирæ хæттыты уыдон махæй фылдæр кæнынц. Иуæй-иу- хатт лæджы фæфæнды, Гарибальдийы портрет цас фæцæ- ра, уый бæрц фæцæрын. Цахæмдæр иунæг æмæ диссаг чи у, нæ царды уыцы æнкъарынад йæхи мидæг фыцы æнæххæст амондау. Рагæй зындгонд у уый, æмæ царды рæсугъддзинадмæ -æрмæст абоны æмæ сомбоны не ’нхъæлмæ кæсæм, фæлæ ма 405
мæ хатт нæ мысинæгты дæр фæдзурæм. Мысинæгтæ арæх вæййынц æрымысæггаг хъуыддаг æмæ сфæлдыстады хуызæн. Мысинæгтæ не сты нæ дæр сбургонд фыстæджытæ, нæ* дæр зæронддзинад, нæ дæр бахус уæвæг дидингуытæ æмæ- нæ дæр реликвитæ. Фæлæ сты удæгас, тыбар-тыбургæнаг поэзийæ йемыдзаг дунейы хуызæн. Æппæт ацы ныхас—у æрмæстдæр ныддаргъуæвæг раз- дзырд уый тыххæй, цæмæй æрымысыдæуа æмæ æрхъуы- дычындæуа, зæгъгæ, Гарибальди дунемæ цъынд цæсты- тæй кæм кæсы, йæхи снывонд кæнгæйæ, уым уатæй фæн- дзай километры æттæдæр цы ис, зæгъгæ. Ацы ныхас мы- синаг уыдзæни, стыр цæдтæй чи тæдзы, уыцы цæугæ- дон Прайы фæдыл. Иу хатт иу фæззыгон изæр мах, нæ хызынтæ не ’ккой скæнгæйæ, ацыдыстæм хъæууон хæдзарæй нарæг æфсæн- вæндагон станцмæ. Æхсæвмæ змис фæуазалдзæфи. Зонгæ цъæх стъалы хъæдгæрон сзынди. Æрвылхаттау та ныр дæр быцæу райдыдта, зæгъгæ^ уый Юпитер у æви æндæр искæцы стъалы у? Уый йæ ты- бар-тыбургæнаг рухс калдта нæзыбæлæсты тар цъуппы- ты сæрмæ, пыхс къутæртæ кæуыл зади, уыцы змисмæр къуыппыты сæрмæ, хъуарийæ агъуыст уæлхæдзæртты. æмæ сауцъиуты зылын ахстæтты сæрмæ, æпиæт Уæрæсе- йы сæрмæ дæр, —калдта рухс æмæ сабыргай гæрста фæн- даг стъалыгуппары ’хсæнты æмæ афтæмæй æвдыста æх~ сæвы рухс æмæ уазал. Нарæг æфсæнвандагон вагоны уыди талынг æмæ къуы- ндæг. Æрмæст ма мæй, æмбисæхсæв куы скасти, у^д назбæлæсты фæстейæ фæзын-фæзын кодта æмæ æрхуы- гъуыз рухс хаста бæлццæтты цæсгæмттыл. Нæ фарсмæ бадти дыууадæсаздзыд чызг крахмалгонд уардигъуыз къабайы. Йæ дзыккутыл уыдн уардигъуыз лентæтæ, афтæ зынди, цыма йæ сæрбæттæн æмæ йæ сæры хъуынтæ дæр уыдысты уардигъуыз. Æгæрстæмæй йæ^ цæстытæ дæр цæхæртæ калдтой мæйы диссаджы уарди- гъуыз рухсмæ. Уый фæстæмæ здæхти хъæумæ областон горæтæй, цы ран уазæгуаты уыди йе ’фсымæрмæ—æрмдæ- 406
сныйадон ахуыргæнæндоны директормæ. Уый нын радзыр- дта лыстæг, уардигъуыз хъæлæсæй, цыдæриддæр горæты кинонывтæ федта, уыдон тыххæй, уæлдайдæр та иу кино- нывы тыххæй,—фæлæ йын йæ ном ферохкодта,—цы ран каретайы сивтыгътой бæхтæ æмæ уазæгуаты аластой ца- хæмдæр уæздан, хæрзконд зæронд устыты. — Æмæ ды федтай композиТор Глинкæйы тыххæй кино- ныв?—æвиппайды талынг ранæй райхъуысти нæлгоймаджы фæсус хъæлæс. — Æнхъæл дæн, федтон æй. Æрмæст мæ сæры мидæг иуылдæр схæццæ сты æмæ йæ нал хъуыды кæнын. — Уæдæ уыцы кинонывы кæй музикæ ис?—карзæй та йæ бафарста уыцы хъæлæс. — Нæ йæ зоныс? Глинкæ- йæн йæхи музикæ. Цæвиттон, ис ахæм оперæ „Хованщи- нæ", зæгъгæ, диссаджы хорз музикæимæ. Уый та ныф- фыста композитор Мусоргский. Уыдæттæ фæсивæд хъуамæ зоной. — Кæцæй сæ хъуамæ зоной! —дзуапп радта ацæргæ сылгоймаг, æппынæдзух йæ къухы уырзтæй сгæрста, йæ къæхты бын цы хъæдындзы голлаг уыди, уый, мачи мын æй адавæд* зæгъгæ.—Иуыл сеппæт нæ базондзынæ. Уый бæрц хъару мæм нæй. — Дзæгъæл ныхæстæ сты! — Зæгъæм, ды дзурыс,— хинæйдзаг загъд кодта, ныр- мæ æркув-æркув чи кодта æмæ ныр чи райхъали, уыцы зæронд лæг, — композитор Мусоргскийы тыххæй. Махмæ Коростовы ууыл æрцыди ахæм хабар... — Уый кæимæ, Мусоргскиимæ? — Æмæ æз дæр афтæ куы зæгъын, композитор Мусорг- скиимæ. Фарон æви æндæраз стырдонивылд уыдис, Ока фæйнæрдæм авд километры акалдис. Æхсæвтæ, кæй зæ- гъын æй хъæуы, уыдысты саудалынг. Ахæм талйнг уы- ди, ахæм, æмæ, зæгъгæ, цæсты къух фæтъыстай, уæддæр æй нæ федтаис! Наускъæрæг цъус нуæзтджын дæр уыди, фæндагæй фæиртæсти æмæ йæ нау къуыппы ныллæууыд. Афтæ тынг ныффидари, афтæ æмæ æртæ къуыри фæцар- хайдтой йæ сæппарыныл, фæлæ не скуымдта. Иу афæдз афтæ фæлæууыди ног донивылдмæ. Æрмæст ма йæ дони- вылды фæрцы фæстæмæ систой. 407
— Дада, ды цыдæр æнæмбаргæ, зыгъуыммæ ныхæстæ кæныс,—загъта, композиторты хорз чи зыдта, ахæм.—Æви фынæйæ дыгъал-дыгъул кæныс! — Раст зæгъы!— талынг ранæй фæхъæркодта æрыгон хъæлæс—Ахæм хабар æрцыди нау „КомпозиторМусоргски- имæ". Æз æй мæхæдæг федтон. Нау лæууы угæрдæнты æмæ йæ алфæмблай алгъуызон дидингуытæ зайы. Иу дзыр- дæй, худæг у! — Искæмæн худæг у, — бахъуыр-хъуыр кодта зæронд лæг,—фæлæ наускъæрæг уыцы хъуыддаджы тыххæй тæр- хонмæ бахауд. — Хъуыддаджы фæдыл!—загъта, хъæдындзы голлаг кæмæ уыд, уыцы сылгоймаг.— Науы ма ’фхæр! Ацы лæг- тæ куы баназынц, уæд сын уæлдай нал вæййы. Афтæмæй та нау паддзахадон машинæ у. Уый та, уыцы гуырымыхъ расыггæнаг, цалх йæ иу æнгуылдзæй зилы. Цæст куы нæ уал уынид ацы сæрхъæн-арахъхъдзуангæнджыты! —Ныр расыггæнджытæ арæх нал сты,—фидауæн ныхас баппæрста, дуарæй чи нæ зынд, уыцы лæг, тамако тух- гæйæ. — Ныртæккæ нæ колхбзы боныгон расыг лæджы цырагъы рухсæй дæр не ссардзынæ. Адæм нал нуазынц. Æмæ кусгæ дæр рæвдздæр кæнынц. — Æндæрты тыххæй ницы зæгъæг дæн, фæлæ æз мæ куыстбонтæ æххæсткæнын,—уайтагъддзуаппрадта ацæргæ сылгоймаг æмæ та къухы уырзтæй асгæрста, хъæдындзтæ йын цы голладжы уыдысты, уый. Хъæдындзыты цъæртты хыбар-хыбур ссыди, — Дæхи хъæдындзтæ сты?Дæ цæхæрадоны æрзадысты? —Мæхи, уæдæ. Мæхи сæрмагонд хъæдындзтæ сты. — Æмæ сæ базармæ ласыс, цы? Клепикæмæ сæ ласыс? — 0, базармæ сæ ласын. — Дис кæнын æз дæр, бафиппайдта, композиторты хорз чи зыдта, уый,—зæгъын вагон цигайнæгтæй едзаг цæмæн у. Уыдон дæр Клепикæмæ базармæ цæуынц. — Ой, нывы хуызæн рæсугъдлæппу!—-ныллæг хъæлæ- сæй базарыди, рудзынджы цур цы цигайнаг сылгоймаг лæууыди, уый æмæ спичкæ ссыгъта тамако ссудзынæн.— Нæ цатыры æдыппæт ис æхсæз лæджы. Æмæ афтæмæй дæуæн та къуындæг у... 408
Спичкæйы рухсмæ разындысты циганнаг сылгоймаджы. æрвгъуыз сæры хъуынтæ æмæ сæ мидæг цы сырх диди- нæг тъыст уыди, уый дæр. — Мах цæугæцард кæнæм,—уæззау ныуулæфыди ци- гайнаг сылгоймаг. Уый фынфенæгау у. Ногæй йæ никуы уал фендзынæ. — Диссаджы адæм сты,—сабырæй сдзырдта, компози- торты хорз чи зыдта, уый æмæ мæм ныггуыбыркодта.— Иу хатт Сасовомæ фæцæйцыдтæн. Вагоны къух бакæнæн нæ уыди адæмæй, стæй сеппæтмæ дæр уыди уæззау гол- джытæ. Мæ фарсмæ бадтис æрыгон цигайнаг сылгоймаг, йæ къухты чысыл чызг, афтæмæй. Рæсугъд циганкæ уы- ди! Иу тыхтоны йедтæмæ йæм дзаумайы хъуыддагæй ницы уыд. Хæрз чысыл цыдæр йæ кæлмæрзæны тыхт уы- ди. Чызг райхъали æмæ хъуамæ скуыдтаид. Уæд циганкæ йæ тыхтон райхæлдта/Кæсын æм æз æмæ йæ мидæг уы- дис æрмæстдæр кæрдзыны къæбæр æмæ æртæ стыр ди- ’динæджы. Мад йæ чызгæн радта иу дидинæг, хъазæны хуызæн æмæ уæд уый дæр æрсабыри æмæ дидинæгæй райдыдта хъазын. — Æрттиваг буæрттæм кæсын уарзынц,— бафиппайд- та зæронд лæг. Цигайнæгтæ вагоны бахизæнмæ рацыдысты, цыдæртæ -адзырдтой æмæ уалынмæ æнæнхъæлæджы сылгоймаджы цъæхснаг хъæлæс афтæ тыхджын ныззæланг кодта æмæ йæ зарынæй буферты къуырцц-къуырцц æмæ вагоны къул- тыл сæхи цы бæлæсты къалиутæ цавтой, уыдон цъыччы- ты хъæр дæр фæбынстй кодта. Циганкæ зарыди, рагæй чи ферохи, ахæм зарæг: Митджын быдырты ’хсæн раст цъæх дидинæгау, Æз федтон дæ рæсугъддзинад... Вагон басабыри. Мæпы рухсæй сæрст хъæдтæ нæ цур- ты тахтысты. Пыхсджын фæндæгты лæнчыты хуыссыди, урсцагъд къуымбилау, мигъ. Циганкæйы зарæгмæ иуылдæр æнцад куы хъуыстой, уæд бæрæг уыди, вагоны чидæриддæр бадти, чи фæнды- дæр уæд—суглыггæнæг уа, колхозон бæхгæс уа, чызг уарди- /гъуыз къабайы мидæг, æви зæронд лæг, царды мидæг 409
афтæ бирæ чи федта, уымæн йæ цæстыты баззади алкæмæ дæр узæлынад,—æмæ дзы ахæм адæймаг нæ уыдн, уыцы рæсугъддзинады æмæ уыимæ фембæлыны æнкъарынад чи нæ бавзæрста. — 0,—загъта бæхгæс, циганкæ зард куы фæци, уæд,— мæнæн уыди ус, Таия хуынди. Уый уыди фæндыры хъи- сау лыстæг... Бæхгæс йæ дзурынæй банцади. Афтæмæй’ йæ ничи дæр базыдта, йæ усыл цы ’рцыдие, уый. Æмæ ничи дæр бафарста бæхгæсы Таняйы тыххæй. Хъæдын- дзы голлаг кæмæ уыди, æгæрстæмæй йæ уыцы цымыдис- гæнаг ус дæр нæ бафарста. Уый æрмæстдæр ныуулæфы- ди æмæ, ныллæг æргуыбыркæнгæйæ, сæры сау кæлмæр- зæны кæронæй йæ дыууæ цæсты арæхстгай асæрфта. Мах æмбисагхсæв ахицæн стæм Летникæйы æфсæнвæн- даджы къаннæг станцы. Фæндаджы фæйнæ фæрсты сабыр сыбар-еыбур кодта чысыл бæрзы хъæд. Цъыфдзæстытæй нæм дымгæ уазал хаста. Бирæ фæцыдыстæм баргæ къахдзæфтæгæнгæ, балцы цы- дæй. Дыууæ сахаты фæстæ скæсæнырдыгæй арв цъæх- кæнын байдыдта. Уым, дард ран хъæдты сæрмæ фæзын- ди сæуæхсид. Æмæ уыцы змæст сæуæхидыл, æхсæвæй ноджы тынгдæр, рæхойæгау, пиллон калдта стъалы. Алы километры фæстæ дæр æгæндæг бынæттæ фыл- дæрæй-фылдæр крдтой. Мах сабыргай бацыдыстæм, стыр^ хъæд кæм уыдис, ахæм афтид бынатмæ. Дзæбæх куы ’рбарухси, уæд фæндаггæронæрбадтыстæм< улæфъпшæ. Нæ сæрмæ æрыгон гæцыбæласы лимонгъуыз уæздан сыфтæртæ зыр-зыр кодтой. Уыдон-иу сындæггай ратахтысты æмæ-иу хæлуарæджы тыны, кæнæ та бирæгъы гагадыргъы къутæрты бахаудтой. — Растæндæр Нестеровюн Уæрæсе,—афтæзагъта махæй чидæр æрдæгхъæлæсæй. Мах фæцайдагъ стæм дзурын „Левитанон бынæттæ" æмæ „Нестеровон Уæрæсе". Ацы нывгæыджытæ махæн фенынкодтой нæ бæстæйы æвæджиау ’лирикон тыхæй. Цы ис уым æвзæрæй, æмæ ацы къадатæ æмæ фæрвы пыхсы- тæм, фæлурс арв æмæ хъæды уындмæ куы бафта масты, æртæх. Чи зоны ’мæ уый тыххæй вæййы афтæ, æмæ ацы* 410
бынæттимæ алы фембæлды фæстæ уыдонæй фæхицæнкæ- нын зын вæййы. Мах æнкъард кæнæм уый тыххæй, æмæ нæ бон нæ цæуы фæззыгон райсом сыгъзæрин хус сыфтæрты сыбар-сыбур, уазал цæдты æдзухон æрттывд, фæздæгау, рог æврæгъты змæлд иугæндзыгон фестынкæнын. Змисджын цæхгæрмæ уырдыг къуылдымæй нæм разын- ди дæлийæ æбæрæг цæугæдоны ивылæн бынат. Уый фа- лейæ арвмæ фæцыдысты нæзы бæлæстæ, æгайнæг тар хъæдтæ. Сæ кæронæй зынди хъæу, талынг ран лæууыди,, æндæргау, бирæ рæстæджы дæргъы чи ссауи, ахæм ит- тæг бæрзонд хъæдын аргъуан. Раивылды бынаты мигъ бадти цъæх доны хуызæнæй. Æрмæст ма цъынаты цъуппытæ йæ бынмæ къаннæг са- къадæхтау талынг дардтой. Мах нæ тагъдкодтам. Никæй иæ фæндыди размæ цæуын. Донæн фаллаг фарс цы хъæу уыдис, уый нырма фынæй кодта. Хæдзæртты сæрмæ иунæг фæздæг дæр нæма кал- ди. Нæ дæр хъуццыты, æмæ нæ дæр уасджыты уасын хъуысти. Афтæ вæм касти, цыма нæ разы ис, бынтон æнæссыбырттæй чи’ хуыссы, ахæм кæлæнгонд зæхх. Æвæц- цæгæн-иу афтæ æнхъæлдтой сæ хъæууон аргъæуттæй нæ фыдæлтæ дæр хъæдкъул уæлмæрдты, цы ран, дам-иу, афæдзгæйтты æлвыстой, афтæмæй бадтысты æрхæндæг рæсугъд чызджытæ æмæ сæ уарзæттæм æнхъæлмæ кас- тысты. Сындæггай етылди стыр хур, дон кæй ныхсадта, ахæм. хъæмпы хуызæнæй æмæ хъæуы кæронæй, ивазгæ, дæргъ- вæтин хъæлæсæй базарыди фыййауы уасæн сыкъа. Кæлæн- гонд бæстæ райхъали. Мах нæ хызынтæ яе ’ккæйтты акодтам æмæ æртæхджын фæзы араст стæм хъæумæ. Дидинæджы адджын тæф нæм калди. Махмæ хæстæгæй- хæстæгдæркæнгæйæ, зарыд æмæ зарыд уасæн сыкъа. Хъæугæрон сæмбæлдыстæм фыййауыл. Уый скъæрдт а æмгъуыз бур хъуццыты рæгъау. Алы хъугæн дæр йæ хъуырыл дыгъал-мыгъул кодта æрхуы дзæнгæрæг. — Уый хъуыддаг у, йе! —фæхъæркодта фыййау, йæ худ систа æмæ йæ сæрæй акуывта.—Бузныг уæ дæн, хæ- 411»
лæрттæ, уемæ хæцæнгæрзтæ кæй рахастат, уый тыххæй. Бирæгътæй нал фæразæм. Банымайут-ма, алæбон дæр иу дыгæрдыг аргæвдынц. Цуанонтæ махмæ стæм хатт æфтынц. — Æмæ уый цæмæн афтæ у? — Дзæгъæл бынат у. Махы уонг зын цæуæн у. Иуыл дарддæр мах стæм. Махæй дарддæр сæдæ километрмæ хъæу нал ис. Хъæд йедтæмæ дзы ницы ис. —. Цы хуыйны ацы хъæу? — Æндæр æмæ йын æндæр нæмттæ ис. Ног номæй йæ хонынц Гришино, зæронд номæй та—Заводской Посад. . Ам паддзах Петры рæстæджы уыди æфсæйнаджы завод. Гришино разынди хуымæтæджы хъæу. Æвæццæгæн, уый тыххæй загъдæуыдаид кæцыфæнды сфысты дæр. 'Фæлæ йæ хуымæтæгдзинады уыди сабырдзинад æмæ зон- гæ аивддзинад. Нывæфтыд рудзгуытыл æмæ бæрзонд уæл- :хæдзæрттыл, кау бруйы сæрмæ мырткæйы гагадыргътæ æрттывтой, алы кулдуары размæ зæронд тымбыл хъæдтæ калдæй лæууыдысты. Хъæугæрон, æндыгъд урс змисы цы сыгъдæг кæрдæг сзади, уыцы бынаты уыди иунæг хæдзар дидин фæлыс- тæй. Тыргъы бадти бур гæды. Уымæн ахæм цъæх æмæ ’нкъард цæстытæ уыдис, æмæ сæм дзæвгар рæстæджы кæ- сын йæ бон никæмæн уыди. Уалынмæ æмбонды фæстæ уайгæ федтам цæугæдон хъæбæр цайы хуызæнæй. Уый. уыди Пра. Æз бакастæн хæдзармæ æмæ мæ зæрдæ суынгæг. Афтæ • вæййы кæддæриддæр, бирæ азты дæргъы кæуыл хъуыды кæнай, уый куы фенай, уæд. Æз та хъуыды кодтон ууыл, цæмæй мæнæ айхуызæн сыгъдæг хæдзары бацæрон, хъæ- ды быгъдæджы, бацæрон дзы бирæ рæстæджы дæргъы æмæ æнцад-æнцойæ кусон. Æрмæстдæр афтæмæй, мæ хъуыдымæ гæсгæ, ис гæнæн æмæ ныффыстæуаæцæг уац- мыстæ, сабырæй хъаруджын куыст куы кæнай, уæд. Мах схызтыстæм хæдзары тыргъмæ æмæ рудзынг ба- хостам. Дуар ныи бакодта ацæргæ сылгоймаг урс кæлмæр- зæны. — Табуафси, уатмæ рахизут,—уæздан хъæлæсæй загъ- 112
та уый, чи стæм æмæ йæм рудзынг цæмæн бахостам, уый< тыххæй нæ фæрсгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй.—Æз уæ - рудзынгæй ауыдтон. Кæсын: цуанонтæ æрбацæуынц, хъуа- мæ мæскуыйæгтæ уой,—хъæлдзæг, ахуыргонд адæм. Æз æмæ Алеша фæндаггæттыл кæддæриддæр бацинкæнæм. Фæндаггон лæг нæм стæмхатт вæййы. Уат уыди сыгъдæг æмæ сур. Дидингуытæ æвæрд уы- дысты канд фæрссагтæрхæгыл нæ, фæлæ ма пъолыл дæр æмæ æрттывтытæ калдтой, æвæццæгæн, сын ацы хъарм æмæ райдзаст хæдзары хорз уыди рæзынæн. — Алеша ныртæккæ æрбацæудзæн, йæхи æхсынмæ ис,— загъта сылгоймаг.— Зæнæгæй мын чызг æмæ лæппу ис— Алеша æмæ Катя. Алеша хъæууон Советы сæрдар у». Катя та Клепикайы бæмбæджы фабрикæйы кусы. Чи зоны, ууылты æрбацыдыстут? Уым фæндагыл зæронд бæмбæг калд ис. Цъыфдзаст бынаты шофертæ зæронд бæмбæг бакæнынц цæлхыты бын, цæмæй дзы магаинæ æнцонæй* ахиза, уый тыххæй. Мах æрымысыдыстæм, æцæгæйдæр, æхсæвыгон кæй цыдысты азнахуыр хъандзал фæндагыл. —Йемæ уæдæ уый бæмбæг у!—худгæйæ загъта сыл- гоймаг.—Сымахæн æмбæрстгонд нæу. Мæнæ, йе, мæхи Алеша дæр. Уатмæ бахызти æрыгон лæппу, йæ кителы риуыл уыди орденты лентæ, уыдис ыл даргъ хæлаф æмæ бур дзабыр- тæ. Йæ фезмæлды æмæ æппæт йæ бакасты дæр уыди ца- хæмдæр диссаджы фидауцдзинад. Уый махæн салам дæт- гæйæ, сæрæй акуывта, йæ урс-мыдгъуыз. сæры хъуын- тæ уырдыгмæ æруадзгæйæ, стæй йæ астæу срасткодта æмæ йын федтам йде цъæхдзаст æмæ къæмдзæстыг цæсты- тæ. Уымæн йæ цæсгомыл зынди цыдæр зонгæ æнгæс. Афтæ мæм касти, цыма йæ раджы федтон, рагæй йæ зонын, цалынмæ нæ фæхъуыды кодтон, зæгъын, Алеша æмæ Есенин тынг æнгæстæ кæй сты, уый. Æз ын уый тыххæй зæгъгæ дæр кодтон. Уый бахудти: — Чизоны афтæ* дæр у. Ме ’мзæххоы у, нæ дыууæ дæр 413
рязанæгтæ стæм. Мæн-иу фронты дæр „Алеша Есенин* ^суыдтой. — Æмæ ды Есенины æмдзæвгæтæ уарзыс? — Иуыл сæ ыæ уарзын, фæлæ иуæй-иуты. Цæвиттон, „Нæхи цæгаттаг хуымæтæг цъæх-цъæхид арвыл" фыст язмдзæвгæ. Афтæмæй хъæууон дзæгъæл бынаты махæн ныхаскæ- нын бацайдагъи поэзийы тыххæй хъæусоветы сæрдар Алек- -сий Сафроновимæ. Уый фæстæ ныхас кæнын райдыдтам хъæдты тыххæй, Гришинойы колхозы тыххæй, æппæт уы- ;цы бæстæйы тыххæй. — Махæн нæ колхоз хъæздыг у,—загъта зæронд ус— Нæ хъуццыты нын федтат? Хæрзхаст, æхсырджын сты— ярославаг мыггаг. Ам хизæнуæттæ зад сты, мыдхæссаг. Махмæ ма артель дæр ис Йæ аразæг Алеша уыди. Ара- зынц нæм къæлæттæ, цæлхытæ, къаннæг боцкъæтæ, мыды чыргъæдтæ. Нæ зæхх хъæздыг у. Айдагъ зокъотæ нæм цас зайы. Ам сæ тоныны бæсты цæвæгæй кæрдын хъæуы, Æцæг зæгъын! — 0, бафиппайдта Алеша,— диссаджы бæстæ у! Ардæм . -æнæ^ бафхæргæйæ æрцæуæн нæй. — Цæмæн афтæ зæтъыс? — Афтæ... Уæхæдæг æй фендзыстут. Ацы бæетæ бирæ рæстæджы дæргъы Мæскуыйы фынæйæ дæр уæ цæсты- тыл уайдзæнис Æз мæхæдæг ам схъомыл дæн æмæ дзы нырыуонг нæма фæцайдагъ дæн. — Ахæм диссаджы къуымыл фæцайдагъгæнæн ис!— уайтагъд сразыис Алешайы мад. Уатмæ тындзгæ æрбауади тыргъæй тыхст зæронд ус, къæсæргæрон æрлæууыди æмæ тагъд-тагъд асæрфта йæ дзых мустуяъийæ. —0, ме скæнæг хуыцау!—зарæгау бакодта кæуынхъæ- лæсæй.—Хуыцау хорз адæмтæм уазджытæ ’рвиты, æз та дæм, Алеша, æрхæндæг зæрдæ æмæ фыдбылызтимæ æр- цыдтæн. — Цы дыл æрцыди, Настася? — Рон ма райс æмæ мын мæ Санкайы фæнæм. Мæнæн йæ нæмын мæ бон нал цæуы,—ныр мыл æстай азы ’ххæст 414
кæны. Ахæм чысылы нæмын мæм тæригъæд кæсы, кæд мæ зæнæджы зæнæг у, уæддæр. — Æмæ йæ цæй тыххæй хъуамæ фæнæмон?—бафарста Алеша æмæ бахудти. — Куыд цæй тыххæй? Æз, мæ хуры чысыл, закæттæ хорз зонын. Уыдон дзæгъæлы фыст не сты. Ис ахæм за- кон, цæмæй хæрз зæрояд адæймæгтæн баххуысчындæуа? Ис. Æгæрстæмæй, зарæджы дæр загъдæуы: „Махмæ алы ран дæр зæрæдтæн ис кад". Хуыцауыстæн, мæхæдæг æй фехъуыстон. Æмæ Санкæ та цы митæ кæны! Райсом æхсæ- выцъæхæй сысты æмæ хæдзары дыууæрдæм рацу- бацу кæны. Дон хъуамæ æрбахæссай, пецы арт скæнай, уисойæ пъол рамæрзай, кæрчытæн еуу ныккæнай, алы ми дæр хъуамæ бакæнай. Хуыцау, ды мын баххуыс кæц, цас змæлдтытæ ис хæдзары! Æмæ сæ иуылдæр æз кæнын. Уый та куыддæр сынтæгæй йæ къæхтæ раппары æмæ бан- кæйы дзаг æхсыр бан&зы, зæгъгæ, афтæ ма йын йæ коцо- ра ауынын, æмæ стæй цыдæр фæвæййы. Арв æй æркъуы- ра, æнæхъæн бон радугъ-бадугъ кæны, цармæй пурти къæхтæй ракъуыр-бакъуыр кæны. Æмæ цымæ чи æры- мысыди уыцы æлгъыстаджы пурти! Райсомæй изæрмæ йæ ракъуыр-бакъуыр кæнынц. Йæ дзабыры уæфсытæ бынтон- дæр ныскъуыдтæ сты, сæ урайæ бæстæ хæссынц, æмæ æнахуыр хъæр.кæнынц: гол æмæ гол! Æмæ цымæ цæуыл цин кæнынц, зæгъæм, адæймаг гол дæр бакодта, уæд? Зæ- ронд усæн æххуыс нæ кæнынц, фæлæ æппынæдзух—гол æмæ гол! — Ды раст зæгъыс,—сразыис Алеша. — Нæ лæппутæ футболæй æгæр арæх хъазын байдыдтой æмæ сæм хъуамæ хæцæм уый тыххæй. — Æмæ куы федтаис, тымбылæг хæдзарыл куыд сæм- бæлди, уый,—ой, цæй тас бавзæрстам! Хæдзар иуылдæр нызмæлыди, æмæ-иу гæды дæр тыргъы ахæм æнахуыр уаст ныккодта, хæрдмæ фæхаудта æмæ йæ сæр царыл •сæмбæлди. Рахаудта æмæ йæ цæстытæ дæрныццавта. Дон ыл фæкалдтон, чысыл ма бахъæуа уыцы тæккæ сахат ма ныммæла мæхи гæды. Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, куыннæ хъуамæ фæтарстаин? Афтæмæй канд гæды, карк кæнæ 415
сæгъ нæ фæмард уыдзæн, фæлæ ма адæймаг йæхæдæг1 дæр. Уæдæ сæм хæцдзынæ? — Ма мæт кæн. / — Цæй, уæдæ бузныт! Зæронд ус сæрæй ныллæг акуывта, уынгмæ рацыди æмæ, йæ хæдзармæ тагъдкæнгæйæ, къæсæргæронæй фæ- хъæркодта: — Санка! Æрцу-ма ардæм! Æз . дын фенынкæндзынæн, футболæй куыд хъазын хъæуы, уый, магуса цыдæр! Мах зæронд ус Настасяйы мастыл фæхудтыстæм æмæ хæрзбон загътам фысымтæн. Алеша нæ афæндараст код- та Прайы доны хиды уонг æмæ нын загъта, цæмæй æнæ- мæнгæй цæуæм 237 хъæды кордоныл, уы’м диссаджы хорз бынæттæ ис. Прайæ ахизгæйæ мах схæрдкодтам змисджын фæндагыл æмæ хъæды бацыдыстæм. Хъæд махыл фембæлди сабыр умæладимæ, бæрзæндты сæрмæ цъæх-цъæхид æмæ æрт- тиваг арвимæ. Дымгæ дзы нæ уыди. Æрдузы сæрмæ ра- тæх-батæх кодтой цъиутæ. Куыд дарддæр цыдыстæм, афт’æ хъæд уыди тардæр, хъæлдзæгдæр, æдзæрæгдæр. Уалынмæ æнæнхъæлæджы къардиуы бын ферттывта дон—Прайы рахиз къабуз. Дон- былгæрон зади урс дидингуытæ. Доны фалийæ хъæдвæн- даг уæрæх фæзилæнимæ уæлæмæ схæрдкодта, хъарм рухс уаццæгты сæрты хизгæйæ. Цадæггай фæцахуырыстæм сабырдзинадыл æмæ мах хатын байдыдтам хърихъуппыты уасын æмæ хъæддзау— хъæдхойы къуыртт-къуыртт. Мах зыдтам, ам кæмдæр кордонмæ цæугæйæ, фæндагмæ хæстæг кæй ис арф цад Шуя. Хъæды дзыхъауы-иу зын- ахизæн фæрвджынмæ куы бафтыдыстæм, уæд-иу æй уыцы цады донбылгæрон фенхъæлдтахМ, фæлæ-иу уый æнæн- хъæлæджы разынди цæхгæр къуылдымы бын нæзы бæ- лазсты ’хеæн. Йæ алфæмблай задысты æрыгон гæдыбæ- лæстæ æмæ рагон, сау фæрвытæ. Къусы хуызæн тымбыл, рæсуг æмæ æнæзмæлгæ доны мидæг зынди æппæт дæр уыцы цъæх æмæ тар бын. Алы цыргъ сыфтæры къутæр, донау урс æмæ таргъуыз дидин- 416
гуытæ, назгæрдæджы бынаты чи сзад, ахæмтæ, стæй хъуынайы мидæг къæмдзæстыггæнаг ма-рох-кæны дидин- гуытæ, донбын уидæгты сæ фындзтæ чи нытъыстой, уыцы зайæгойтæ,—æппæт уыдон иуылдæр махмæ кастысты ар- гъауы хуызæн æмæ уымæ гæсгæ дзырдтам ныллæг хъæ- лæсæй. Цыма нæ æгæндæг бæстæмæ бауагъдæуыди, афтæ нæм касти. Уым уыдис цæстыты раз хъæды дидинджытæ куыд райхæлдысты æмæ уыдонæй цадæггай къухы тъæпæныл æртах куыд æрхауы, стæй ма бур сыфтæртæ куыд змæ- лынц æмæ сæ бынмæ куыд зайы йæхи бауигъгæйæ, йæ* чыеыл агуыригъуыз хызыны мидæг, уидагджын зокъо, уы- мæн дæр. Æрзæбулуæвæг бæлæсты аууон йæхи æппæрста донмæ. Дон аууоны зынди æнахуыр арф æмæ сауæй. Гæды бæла- сы хауд сыфтæр лæууыди ацы доны сæр куыд зынаргъ- дзинад, афтæ, цыма рагвæззæг æнæхъолайæ кæй æппæрс- та, ахæм. Фæззæг нырма уыди хæрз æвзонг, йæ цыбыр царды тæккæ райдианы. Рæстæджы цыдæн фæсабырдæр гæнæн куы уыдакд, уæд ацы цады сæрмæ бирæ рæстæджы дæргъы цъæхæй тæмæн калдтаид уыцы сабыр рухсмæ алæмæты бов, цæ- мæй дзæвгар рæстæджы дæргъы кастæуыдаид донмæ цъиуты аууонмæ, арвмæ фæцæуæг бæрæгæй чи зынд, уыцы æрттывдмæ! Уайтагъд æмбæрстгонд уыди .дзырд „æххæстдзинады" нысаниуæг. Уыимæ иумæ райдыдта рог æнкъарддзинад* Цæй тыххæй! Уый тыххæй æмæ адæймагæн ницы амалæй уыди радзурын уыцы боны, уыцы дæтты, кæрдæджыты, стыр сабырдзинады зæрдæскъæфындзинад, æмæ ныртæккæ йæ зæрдæйы цытæ гуыры, æппæт уыцы зæрдæскъæфын- дзинад. Æмæ ма дæм хъыгдзинад æвзæры уый тыххæй дæр, æмæ æппæт адон дæхæдæг иунæгæй кæй уыныс. Афтæмæй та сæ хъуамæ уыниккой æппæт дæ уарзон, хæлар адæймæгтæ. Адæймаг амондджын куы уа, уæд нæртон вæййы, уый фæтырны уымæ, цæмæй райдзаст дунемæ уа фæндагамонæг. Ныртæккæ мах уыдыстæм амондджын, фæлæ ницы дзырдтам, уый тыххæй, æмæ 27 417
циндзинад нæ быхсы хъæртæ æмæ æттагон цæстæнгас... Цадмæ хæстæг æрдузы лæууыди бæрзы æндзæлттæй арæзт бандон. Йæ фарсмæ цæджынджыл хуыд фæйнæгыл фыст уыд „Тамако дымæн бынат", йæ быны та уыди къран- дасæй фыст: „Кæсут æмæ хъахъхъæнут ацы хъæд. Æппындæр дзы æртытæ кæныны бар нæй. Хъæдгæс Алек- сей Желтов." Цас фæракæс-бакæс кодтам, фæлæ бандоны алфæм- блай чи сбурис, иу ахæм тамакойы сыгъдоны йедтæмæ ницы разынди,—афтæ æдзæрæг уыди ацы фæндаг. Æмæ къуырийы мидæг, æвæццæгæн, дыууæ-æртæ адæймаджы цы рæтты ацæуой, уыцы хъæдыл ахæм аудындзинад кæй уыди. уый у йуыл зæрдæагайæгдæр хъуыддаг. Фæндаг, тсартæ куыд амыдта, уымæ гæсгæ сæфти фондз кило- метры бæрц Линевы цады фалийæ тар хъæды. Кордон уыди къуылдымыл, Прайы сабыр бакæлæны. Йæ уæлхæдзар конд фæйнæгыл сау ахурæнæй уыд фыст!—„237"—хъæдты сæрты тæхæг хæдтæхджытæн ори- ентирæн. Хъæдгæс Алексей Желтов, хурмæ ивд цъæх худы ми- ,дæг, йæ уæлæ хъæдгæсы значок æрхуыйæ конд тулдзы сыфтæртимæ, афтæмæй бадти хæдзары цур бандоныл æмæ газет касти. Мах фондз адæймагæй кордонмæ сындæггай кæй фæцæйхæццæ кодтам, уый цыма нæ федта, афтæ равдыста йæхи. Уый уыд йæ хиндзинад. Уый мах раджы суыдта ру- дзынгæй æмæ барæй рацыди æд газет æттæмæ. Алексей Желтов (дада Леша дæр уый уыди) æппæт йæ цæстæн- гасы кондæй хъавыди равдисынмæ, зæгъгæ, ауьтлты цы фæндаггонтæ цæуьг, уыдон алæмæтаг не сты æмæ, зæгъ- гæ, æз куыд зæрдæхæлар æмæ царды мидæг бирæ чи фед- та, ахæм адæймаг, бынтондæр нæ цымыдис кæнын, чи стут сымах, цæй тыххæй æрцыдыстут ардæм æмæ кæдæм у уæ фæндаг, уымæ. Дада Лешæйы тыххæй цы ныхас кодтам, уый мах ра- гæй зыдтам,—уый уыди, æвæлтæрд горæттæгтæн сæ хъуы- ды чи сдзæгъæл кодта, ахæм хинæйдзаг ныхас. Фæныхæстæ кодтам, хус рæстæг кæй ахаста, уый тых- '418
зсæй, стæй ма уый тыххæй дæр, æмæ, зæгъгæ, ахъуыдьг кæнын хъæуы, кæмдæр, Криушы ’рдыгæй хъæд кæй судзы. Дзырдтам тыллæгыл, газетты цы ног хабæрттæ ис, уыдо- ныл, Клепикæйы базары фæдыл дæр. Фæлæ æхсæвиуат кæныны æмæ чи стæм, уый тыххæй дзы иунæг ныхас дæр не скодтам. Уый тыххæй ныхас æрыфтауын хъуыди æвиппайды нæ, фæлæ фæстæдæр—ахæм уыди ацы бынæт- ты æнæхæлгæ æгъдау. Фæныхæстæ кодтам, нæзы бæласы бынæй цы суадон цæуы, уьшæй банызтам, донæй раппæлыдыстæм, тамако бадымдтам æмæ æрмæстдæр уæд сæйраг хъуыддагыл ны- хас кæнын райдыдтам: цымæ гæнæн ис æви нæ иу цал- дæр боны дада Лешæйы хæдзары фæцæрынæн æмæ сразы уыдзæнис зæронд ус махæн хæринаг цæттæкæныныл? Хосдон егъау у, хос бирæ, цæрут, кæдмæдæриддæр уæ фæнды, уæдмæ. Æз уазæг бавæрынмæ кæддæриддæр цæт- тæ дæн. Фæлæ хæринаджы хъуыддаг мæнмæ нæ хауы. Мæ зæронд ус Аришæйы бафæрсын хъæуы. Нæ зонын, сразы уыдзæнис. Уый йæхи хæдзарон хъуыддаг у. Табуафси, мидæмæ рахизут æмæ уым баныхаскæнæм. Зæронд ус Аришæ—хус æмæ ныллæг адæймаг, сау æмæ тызмæг цæсгомимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, загъта, зæгъгæ, хуыцау бахизæд, уый гæнæн куыд ис, æмæ фондз -лæгæн хæринаг цæттæ кæнон! Уый бынтондæр æнæр- хъуыды хъуыддаг у. Æмæ уæд та, чи зоны æмæ, фарон хъæдгæсæн куыд ницы бæсты фæцыд, афтæ та рауайа ныр дæр. Кæсаджы бас сфыхта æмæ уый та афтæ загъта, зæгъ- гæ, дам, тынг сой у. Чи зоыы ма йыл худгæ дæр фæкодта, фæлæ уыцы хабар уымæй абоны уонг дæр рох нæма у. Уый •ме ’фсинмæ хъыг фæкасти. Самовар афтид хъуыддаз* у. 'Фæлæ мæнæ тæнæг кас, хуыцау æй аоны, куыд æй цæт- тæ кæнын хъæуы, уый. Сымах та горæттаг цæрджытæ стут, уæздан ахуыр æмæ уымæн та йæ кас кæд бæзджын рауайы, уæддæр хуымæтæг арæзт вæййы! Неппæт ныхæстæн нын зæронд ус хивæнд дзуаппытæ .лæвæрдта: — Æмæ цы бакæнон, уымæн куы ницы зонын... Стæй уæд æвиппайды сызнæти: 419
— Уæ голджытæ æмæ уæ топпытæ та къæсæргæрон цы* ныккалдтат? Мидæмæ сæ хæдзармæ æрбахæссут. Ды та цæмæн бадыс: уыцы тамакойыл куы бафтыцтæ?—-зæронд. лæгыл схъæртæ кодта уый. Сæ дзаумæттæ хæссынмæ сын* аххуыс кæн. Нæ сæм кæсыс, фæллад сты, дысон бонмæ цæугæ кодтой. Ды дзурынмæ куы фæкъæртт уай, уæд ма дæ уромæг вæййы. Кæд нæм бирæ рæстæг баззайой, уæд„ дæ æдылы ныхæстæ кæныны бон фæуыдзæн. Уый тагъд-тагъд сæрфын райдыдта стъол. — Нырма уал уын æхсыр æрбахæсдзынæн. Райсомьь æрдыгъд æхсыр уæ хъæуы, æви изæры? Самовар рахсид- дзынæн æмæ уын кæсæгтæ дæр сурфых скæндзынæн—нæ зæронд сæ ацы тæккæ сахат æрцахста. Æмæ та стæй бон цæуы æмæ фарн хæссы йемæ. Æгъдау æххæст цыдис æмæ уыцы уысмæй фæстæмæ зæронд ус Аришæ рауай-бауай байдыдта, змæлыди æмæ ныл, йæхи ныййарæг хъæбултау, аудыдта. Йæ цæстæнга* сыл зынди рæвдыд æмæ тыхстдзинад æмæ-иуæрвыл хатт- дæр дзырдта: — Бауырнæд уæ, æртæ азы нæм уазæгуаты ничиуыди!' Бузныг уæ стæм, ам махмæ, кордоны цæрын кæй сфæнд кодтат, уый тыххæй. Мæ чызджытæ æмæ мæ лæппутæн дæр æхсызгон уыдзæн! Уыдон адæмæй бынтондæр иппæрд сты. Æз мæ цард иуылдæр ацы къуырма бынаты арвыс- тон. Мæ чызджытæ æгъдауджын æмæ рæсугъд сты. Мæ^ лæппутæ дæр афтæ. Ныртæккæ сеппæт дæр хъæды сты, бæрæггæнæг. Сæ фыдæн æххуыс кæнынц. Махмæ хъæдьг æппынæдзух зилын хъæуы: иу адæймаг сыл ницæй тых- хæй аххæсдзæн. -Мах цалдæр боны баззадыстæм кордоны, кæсæгтæ ахс- там Шуяйы, цуаны цыдыстæм Орсайы цадмæ, цы ран уы- ди æдыппæт цалдæр сантиметры рæсуг дон, йæ быны та^ уыди æнæбын лæхъир лами. Мард аццытæ-иу донмæ куы. ’рхаудтой, уæд-иу сын ницы амалæй уыд райсæн. Орсы< донбылтыл-иу нæ бахъуыди цæуын хъæдгæсы фæтæн лижæтыл, цæмæй цъыфдзасты ма ныхстаиккам, уый тых- хæй. Фæлæ мах фылдæр рæстæг æрвыстам Прайы. Æа Уæрæ*- 420
<сейы бирæ рæсугъд æмæ æгæндæг бынæттæ федтон, фæлæ Прайæ æгæндæгдæр æмæ сабырдæр донæн скæнæн нæй^. Йæ былгæрæтты нæзыты хус хъæдтæ хæццæ-мæццæ <сты æнусон тулдзы къохтимæ, стæй хæрисы, фæрвы æмæ гæдыбæлæсты пыхсбын къутæртимæ. Дымгæ кæй афæл- дæхта, уыцы егъау нæзыбæлæстæ, æрхуыйæ уагъд хид- ’тау, хуыссыдысты йæ агуыригъуыз, фæлæ бынтон рæсуг чи уыд, уыцы доны сæрмæ. Уыцы калд нæзытыл лæугæйæ, мах æнгуыртæй ахстам цъыввыттгæнаг кæсæгтæ. Цæугæдон жæй ныхсадта æмæ дымгæ кæй æрбакалдта, уыцы змисын донбылты сзадысты дидингуытæ. Æппæт рæстæджы дæргъы уьтцы урс змисты бирæгъты, цæгаттаг сагты æмæ цъиуты фæдты йедтæмæ иунæг адæймаджы фæд дæр нæ федтам. Дон æнахуыр къæдз-мæдзы цыдæй уади. Йæ бакæлæн- -тæ-иу æрбатары сты хъæды дзыхы. Тагъдуайаг доны сæр- тыæнæсцухæй ратæх-батæх кодтой иу былæй иннæ былмæ æрттиваг цъæх сынтытæ æмæ цъырцъырæгтæ, æмæ уæ- .лиау бæрзонд ран та, сæ базыртæ æнæзмæлгæйæ, тахтыс- ты егъау хъæрццыгъатæ. Нæ алфæмблай бæстæ иуылдæр дидинæг фестади. Мил- лионгай сыфтæртæ, бæлæсты зæнгтæ, къалиутæ, дидин- худтæ нын æрвыл къахдзæфæн дæр нæ фæндаг æхгæд- той æмæ зайæгойтæ нæ размæ æдæрсгæ цæуын кæй нæ уагътой, уымæ гæсгæ-иу æрлæууыдыстæм æмæ-иу баулæ- фыдыстæм. Нæ риуты дзаг улæфыдыстæм сæдæаздзыд нæзыбæлæсты тæфгæнаг туаг уæлдæф. Бæлæсты бын кал- дæй лæууыдысты назы хус гуыркъотæ, къах-иу дзы аир- вæзти фадхъулы уонг. Иуæй-иу хатт-иу дымгæ æрбалыгъди донæн дæлæрды- тæй, хъæды тыгъдадтæй, фæззыгон арвьтл сабыр æмæ нырма тæвд хур кæм сыгъта, уыцы ранæй. Зæрдæ-иу хъуыдыты адзæгъæли, зæгъгæ, ацы дон кæдæм цæуы, уый- 'Онг дыууæ сæдæ километры иуылдæр у хъæд æмæ хъæд æмæ дзы æппындæр цæрæн бынат никуы ис. Æрмæст ра- нæй-рæтты донбылтыл ис писиуадзджыты халагъудтæ -æмæ судзгæ писийы æхсызгон тæф зæрдæ йæхимæ æл- шасы. 421
Фæлæ иуыл диссагдæр уыдис амы уæлдæф. Уый уыд бынтон сыгъдæг. Ацы сыгъдæгдзинад бæрæг хуыз лæ- вæрдта, æгæрстæмæй, ацы уæлдæфы, алфæмблай цыдæрид* дæр уыди, уыдонæн дæр. Нæзыбæласы алы хус къалиу дæр тынг дардмæ зынди тар сыфтæрты ’хсæнæй... Цыма йæ сызгæгонд æфсæйнагæй рацагъдæуыди, уый хуызæ- нæй. Дардмæ зынд алы хæлуарæджы тын дæр, гуыркъо. æмæ алы кæрдæджы зæнг дæр. Сыгъдæг уæлдæф лæвæрдта адæймагæн цахæмдæр æвæджиау тых æмæ фыццаг фæзынд, йæ алыварс чи лæу- уыд, уымæн, уæлдайдæр та райсомыгæтты, æппæт дæр æртæхæй хуылыдз куы уыди æмæ ма æрмæст цъæхцъæ- хид мигъ дзыхъхъыты сæрмæ куы бадтис, уæд. Æмбисбон та цæугæдон дæр æмæ хъæд хъазыдысты бирæнымæц хуры тынтимæ. Сыгъзæрин, цъæх, кæрдæг- гъуыз æмæ ирдгъуыз тынтæ, рухсы гуылфæнты куы иы- мæг кодтой, куы та-иу ссыгъдысты. Цæст-иу баулæфыди хъомысджыы æмæ алгъуызон цъæх-цъæхид хуызтæм фæл- гæсынæй. Мæргъты тахт лыг кодта уыцы æрттиваг уæлдæф: уый гуыв-гуыв кодта мæргъты базырты тилынæй. Хъæды бæлæсты тæф улæнтæй фындзыл уади. Фæлæ уадидæгæн зын рахатæн уыдис уыцы тæф. Семæ-иу (>хæц~ цæсты æппæт дæр: æхсæлыйы,. мæцкъуыйы, æмбыд бæлæс- ты быидзæфхæдты, зокъоты, доны дидингуыты улæфт æмæ, чи зоны, ’мæ арвæн йæхи улæфт дæр. Уый афтæ арф æмæ афтæ сыгъдæг уыдн,. æмæ лæджы бар-æнæбары бауырныдтаид, цыма ацы уæлдæфон тыгъдадтæ тæф æр- хæссынц денджызыдымгæимæ. Йттæг зын у иуæй-иу хатт хи æнкъарæнтæ радзурын- Райгуырæн бæстæйы рæсугъддзинæдтæм кæсгæйæ. Тургенев дзырдта алæмæттаг уырыссаг æвзаджы тых- хæй, фæлæ ницы загъта, æвзаджы алæмæтдзинад уыцы алæмæттаг æрдзæй æмæ адæймаджы диссаджы хиæдтæй кæй райгуырдис, уый фæдыл. Адæймаг та уыд диссаг чысылæй дæр æмæ стырæй’ дæр—хуымæтæг, æргом, зæрдæхæлар. Куысты мидæг уы- ди хуымæтæг, æргом—йа& хъуыдыты, адæммæ та—зæрдæ~ 422
хæлар. Æмæ канд адæммæ нæ, фæлæ алы сабыр сырдмæ* æмæ алы бæласмæ дæр. Дада Лешæ æппынæдзух дзæгъæлы мыййаг нæ мæт уодта, арф ныуулæфгæйæ-иу къæвдамæбæллыди: хъæдтæ- иу ныххус сты æмæ-иу тас уыди зынгсирвæзтæй. Æмæ æртыккаг бон райсомæй къæвдайы цъæх мигъты фæздæг хъæд куы бамбæрзта, уæд дада Лешæ цин æмæ дыгъал-дыгъул кодта. — Къæвда хорз у, къæвда! Науæд зныгъы хуызæн сси хъæд æмæ афтæмæй йæхигъæдæй дæр ссудздзæнис! Æхсæвыгæтты-иу кордоны алфæмблай цæгаттаг сагтæ уасыдысты æмæ-иу дада Лешæ маст кодта, зæгъгæ, саг- тæ ацы аз лæмæгъ уаст кæнынц, фæцъусдæр сты, би- рæгътæ сæ тынг æргæвдынц. Æмæ сфæндкодта йæ фыр- ты Клепикимæ арвитын уырдыгон цуанонтæм, æмæ сæ куырдта, цæмæй тагъддæр æрхъула кæной бирæгътыд. Фыццаг бон изæрæй хъæды азилыны фæстæ æрыздæх- тыстыдада Лешæйы дыууæ чызг æмæ дыууæ фырты. Мах уым кæй баййæфтой, уый тыххæй фергъуыйау|æмæ фæкъæм- дзæстыг сты æмæ цасдæр рæстæджы дæргъы сæхи æх- садтой хæдзары фарсмæ къаннæг цады. Чызджытæ сæхи æнæрынцой даудтой, се ’рттиваг дæн- дæгтæ æхсадтой æмæ изæры уатмæ ’рбацыдысты цайцы- мынмæ, бæрæгбоны сæр-сæргæнаг къабаты мидæг. Уыдон уыдысты саулагъз, сыгъзæрингъуыз сæры хъуынтимæ. Æгæрстæмæй, кæд сæ цæсты. хаутæ уырдыгмæ уагъд уыдысты, уæддæр сын сæ цæстыты æрттывд не ’мбæхстой. Хистæр фырт уыди хи уромæг, тынг æгъдауджын,, махимæ ныхас кодта Мæскуыйы тыххæй, Шишковы „Уг^ рюм-ракайы" тыххæй (уыцы чиныг нырма уæд фæци каст), йæ бæллиц кæйсæххæст, уый тыххæй: уыцы бонты цыди Владимирмæ ахуыр кæнынмæ, хъæды техникуммæ. Кæс- дæр фырт ницы дзырдта, йæ мидбылты худтис æмæ са- быргай гармонæй цагъта: Хъазы фæндырдзæгъдæг... Рагон вальс „Фæззыгон фын". 42а
Цъус фæстæдæр чызджытæ нал æфсæрмы кодтой. Уы- дон бадтысты стъолы фарсмæ, сæ къухты тъæпæнтæ бы- цæу сæвæргæйæ зæрдиагæй хъуыстой нæ ныхæстæм æмæ æдзынæг кастысты махмæ сæ тар, хъæлдзæг цæстытæй* Æвæццæгæн, сæм афтæ касти, цыма мах æрцыдыстæм егъау æмæ дард дунейæ, цыранмæ уыдон, раджы уа, æви æрæджы, уæддæр æм хъуамæ ныфтой. Дыууæ боны фæстæ рабæрæги, дада Лешæ йæ бинон- тимæ зыбыты иунæг цæрæг кæй нæ уыдысты ацы къуыр- ма бынаты, уый. Мах ацыдыстæм Прайы доны дæлæмæ, дард, кæсаг ахсынмæ. Изæрырдæм цæугæдоны цур змисын къар- диумæ хъавгæ цыдæй хъæдæй рахызтысты дыууæ бæ- гъæмвад лæппуйы. Уыдон нæм хъуызгæ æрбацыдысты æмæ нын загътой байриат, зæгъгæ, стæй тагъд абадтыс- ты нæууыл, цæмæй кæсæгтæ ма фæтæрсын кодтаиккой. — Куыд у хъуыддаг?—мынарг хъæлæсæй бафарста хис- тæр лæппу.—Кæсаг æнгуырмæ цæуы? — Цæуы цъусгай. Лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты, æнæдзургæ лæууы- дысты, стæй хистæр кæстæры фарс къухæй бацавта, эшæ кæсгæр та хистæры фарс бацавта. Лæппутæ иу цъус æнæзмæлгæ абадтысты æмæ та ногæй кæрæдзи батъæппы- тæ кодтой. — Кæцæй фæзындыстут? — Нæ цæрæн бынатæй... — Кæцы цæрæн бынатæй? — Жуковскийы цæрæн бынатæй. Уый хъæды ис. Дада Лешæйæ цыппар километры дарддæр. — Дыууæ хæдзары стæм. — Æмæ кæдæм цæут? —-Мæнæ сымахмæ. — Махмæ та цæмæн? Лæппутæ ныппыррыччытæ кодтой, кæрæдзимæ бакасты- сты æмæ та кæрæдзи батъæппытæ кодтой. — Ды зæгъ,—загъта хистæр. — Нæ, ды зæгъ. Ды хистæр дæ, æз та кæстæр. — Махмæ цæмæ ’рцыдыстут?—ногæй та бафарстон æз. 424
— Фыстæг дæм æрхастам. Сæ сусæгдзинад æргом кæнын байдыдта. —-Кæмæй у фыстæг? — Цуанонæй. Уый дæр мæскуыйаг у. Уый махмæ цæры. Хистæр лæппу йе ’тарæй фелвæста фыстæг æмæ йæ мæнмæ æрбадардта. Фыстæг уыди кърандасæй фыст: „Ацы дзæгъæл бынæтты мæскуыйæгтæ кæй ис, уый ба- зыдтон. Тынг æхсызгон мын у æмæ уæ зæрдиагæй курын, абон изæр мæм висилкамæ цай цымынмæ фæзынат". Къух- фуст уыди æнæзонгæ. — Ацы ран нæ куыд ссардтат? — Уæ фæдтæм гæсгæ ардыгæй дард не стæм. Мах уæм -фараст километры бæрц дугъ фæкодтам. — Уæдæ æрдæг сахат куы бадтыстут æмæ куы ницы дзырдтат? Æмæ фыстæг дæр куы нæ лæвæрдтат? — Æмæ мах тæрсгæ кодтам,—уæндонæй загъта хистæр -лæппу. Уыцы ныхæсты фæстæ лæппутæ æмхуызонæй феста- дысты æмæ хъæдмæ азгъордтой. Кæстæр лæппу æппын- æдзух лидзгæ-лидзын фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта æмæ фæкæл-фæкæл кодта. Изæры мах ацыдыстæм æнæзонгæ сусæг цуанонмæ. Немæ ахастам фанар „Летучая мышь." Æхсæвы мигъ æрбадти умæл къахвæндагыл. Уазал мæй тар хъæды сæрмæ ссыди æмæаленк кодта йе ’нуеон фæн- дагыл. Уыгтæ .ныллæджыты тахтысты. Фанар рухс кодта æрмæстдæр зæхх: бæлæсты бындзæфхæдтæ, кæрдæг, та- .лынг угæрдæнтæ. Стæй разæй фæзынди къаннæг фæз- дæджджын сæуæхсид, æмæ уæд мах рахызтыстæм талын- „джы аныгъуылæг дыууæ къæсмæ. Къæсты цур сыгъдыс- ты æртытæ. Куыд базыдтам, афтæмæй Жуковскийы цæрджытæ æнæ- хъæн æхсæв æртытæ кæнынц, цæмæй бирæгъты тæрсын ^кæной. Махыл фембæлди мæллæгвад ацæргæ цуанон, æцæг хидæгдзæрæг. Уый нын афтид талынг къæсы бадардта .хъæбæр цай. Уырдæм нæм арæх йæхи æппæрста тыргъæй ;уæныг. Цуанон нын радзырдта, ацы бынæттæ æнæнхъæлæ- 425
джы куыд байгом кодта, æмæ уæдæй фæстæмæ æрвыл фæз- зæг дæр ардæм кæй æрбацæуы, уый. Фæстæмæ цыдыстæм æхсæвыгон. Цъыфдзастæй цахæм- дæр маргъ къуырма æмæ уынгæг хъæлæсæй уасыди. Мæй акъули зæххырдæм. Йæ джынассуйы хуызæн рухс* хæццæ кодта тархъæдмæ, цы ран æппынæдзух уасыди. æмæ уынгæг хъæлæсæй сидти кæмдæр цæгаты саг. Кордоны рудзынгæй рухс калди: махмæ æлхъæлмæ^ кастысты. Дада Лешæ стъолы фарсмæ касти, йе ’фсæйнаг кæсæнцæстытæ бакæнгæйæ, 1938 азы.бæзджын календарь. Чызджытæ та, фæрсæй-фæрстæм кæрæдзийыл тыхсгæйæ,. бадтысты бандоныл уырыссаг пецы фарсмæ æмæ сабыр- гай, сæ сæртæ æнкъусгæйæ, зарыдысты: Хæрзбонкæнгæйæ кæлмæрзæн мæскъимæ Ды мæ уæлæ нылхынцъ кæн. Йæ кæрæттæ куыд фембæлынц, раст афтæ Дæуимæ тагъддæр фембæлдыстæм мах. Æмбисæхсæв райхъал дæн æз хосдоны. Мæй скасти.. Хъуари уæлхæдзары хуынчъыты ’хсæнтæй тыбар-тыбур- кодтой стъалытæ. Дард, цыма зæххы кæрон уыди, уыйау хъуысти бирæгъты ниуын. Хъарм хосы абыргæйæ, хорз^ уыди уыцы ’хйæвы зæлтæм хъусын, æмæ цæстытыл куыд уадысты уыцы тархъæдтæ, талынг фæндæгтæ, тагъдуайаг æмæ уазал цæугæдон, йæ былтыл тарф фынæй кæм кæ- нынц ласджытæ æмæ мигъы мидæг арты зыкджытæ мы- нæг сыгъд кæм кæнынц. Райсомæй мах ацыдыстæм Спас-Клепикимæ. Уыди са^ быр æмæ ирд бон. Згæхуыз сыфтæртæ зæхмæ хаудыстьи. Хъæды, бæстæйыл мигъ уæзданæй бадти, хæрзбонгæнæг фæлм йæхи фæлындзыдта. Æмæ бæрзонд нæ сæрмæ зæл- ланггæнæг хъæлæсæй хъуысти хърихъуппыты фыццаг* уаст. 1949 аз. 426
Пришвин Михаил АНЧАР Уарзын егартæ, фæлæ мæ удхæссæг у хъæды хъæр» кæнын, къутæрты бынты куыдзау рабыр-бабыр- кæнын æмæ тæрхъустæ агурын. Æз-иу афтæ кодтон: мæ егары- иу ауагътон, мæхæдæг та æнцад-æнцойæ цай фыхтон, æгæрстæмæй-иу ратæх-батæхыл куы сбæндæн, уæддæр- нæ тагъд кодтон: цымын цай, æмæ хъусын, куыддæр йæ рæйын мæ хъустыл ауайы, афтæ /йæ йæ хъæлæсы уагæй бамбарын, хотыхмæ фæлæбурын, мæ бынаты алæууын, тæрхъусмæ йæ фæцаразын æмæ цæттæ у. Æз афтæ уарзын. Мæнæн мæ куыдз Анчар ахæм уыд. Ныр ис Алексее- войы сечы, æрдузмæ цы адаг цæуы, уым. Йæ ингæны уæ- лæ ис хъæддаг дæлимоны ныв... Анчары æз не схъомыл кодтон. Иу хатт мæм иу бæр— зонд, хæрзконд лæг егар æрбакодта. Лæгыл уыд кæсæн- цæстытæ. Æз æй бафарстон: — Давæггаг дын у? — 0, давæггаг,—загъта лæг.—-Æрмæст уый раджы уыд. Ме сиахс æй къæбылайæ куыйтæ хъомылгæнæндонæй ра- давта, ныр дзы тæссагæй ницы уал ис. Хорз гуырдз у... — Хорз гуырдз кæй у, уый мæхæдæг æмбарын, фæлæ сургæ куыд кæны? — Тынг. Куыдзы акодтам фæлварынмæ. Куыддæр хъæуæй ахызтыстæм, афтæ йæ ауагътам- Йæ - 427"
ном ын дæ зæрдыл бадар. Æрмæст ма йæ фæд урс хала- сыл цъæхæй аззад... Хъæды мын уыцы лæг афтæ зæгъы: — Æз куыддæр баргъæвстæн, цæй арт скæнæм. „А.фтæ нæ вæййы, хъуыды кæнын хинымæр, æвæццæ- гæн мæ мæстæй мары?а Нæ, нæ мæ мæстæй мары, æрым- бырд кодта сугтæ, арт бандзæрста, йæ фарсмæ сбадт. — Æмæ куыдз та? — бафарстон æй æз. — Ды,—зæгъы мын,—æвзонг дæ, æз та—зæронд, ды нырма ахæм хабар нæ федтай, фæлæ дæ сахуыр кæндзы- нæн: куыдзы тыххæй тыхсгæ ма кæн, уый йæ хъуыддаг зоны, нырмæ дæр хъуамæ агургæ кодтаид, мах та цай цымдзыстæм:. Æмæ йæ мидбылты худы, Фæйнæ цай бацымдтам. — Æм, æм!—æрбайхъуыст нæм куыдзы рæйын. Æз фестъæлфыдтæн. Лæг ныххудти. Æнцад-æнцойæ та æркодта дыккаг цай дæр æмæ загъта: — Байхъусæм æм, кæддæра цы суры. Хъусæм. Куыдз бæзджын хъæлæсæй срæйы, куы та хæрдмæ сгæпп кæны, афтæмæй цыдæр суры. Лæг æй базыдта: — Рувасы суры. Мах фæйнæ цайы бацымдтам, уый та цыппар версты атахти. Æмæ æвиппайды бамыр. Куыдз кæм уыд, лæг мын уыцырдæм йæ къухæй ацамыдта æмæ мæ бафарста: — Уæртæ уын уым хъуццытæ фæхизынц? Æмæ сæ æцæгдæр уыцы ран фæхизынц карачуно- вæгтæ. — Рувас æй хъуццыты фæдмæ басайдта æмæ йæ ныр агургæ кæндзæн. Цæй, фæйнæ цай ма ацымæм. Фæлæ рувасæн бирæ аулæфын нæ бантыст. Уайтагъд та йын куыдз йæ ног фæдыл бафтыд æмæ та йæ йæ ра- зæй айста. Рувасæн йæ митыл бæрæг уыд бынæттæ дзæ- бæх кæй зыдта. Куыддæр куыдз чысыл зиллактæ аразын райдыдта, афтæ лæг йæ цай цымын фæуагъта, артыл дон
æркалдта, йæ къæхты бын æй æрнымæг кодта æмæ загъта: — Ныр нæ цырд фæлæууын хъæуы. Нæхи аппæрстам æрдузмæ æмæ куыддæр рувасы хук- - кæмтты раз æрлæууыдыстæм, афтæ рувас дæр æрдузмæ æрбахæццæ. Цæхгæр фæзылд æмæ куыдзæн йæ къæдзи- лæй цъыфдзастмæ ацамыдта, цæмæй дзы фæиртæса æмæ цъыфдзасты ныммидæг уа, егар ыл нæ баууæндыд—ныр- рæйдта! Йæ бæрзæй йын ацахста, рувас фæфæлдæхт, куыдз йæ фарсмæ æрхуыссыд æмæ йæ дзæмбы стæрын райдыдта. Куыдзы хуыдтой æдылы „Гончар". Æз та фыр цинæй: фæхъæр кодтон: — Анчар! Æмæ йæ уæдæй фæстæмæ хонын райдыдтой... Анчар æмæ Анчар. Ды зоныс цуаноны зæрдæйæн куыд æхсызгон вæййы, тызмæг октябры бон райсом кæрдæгыл митхалас куы ап- пары, хурыскæсæны агъонмæ мигъ куы ныббады, стæй хур куы скæсы, уæд сабыргай мигътæ куы апырх вæййынц æмæ мигъджын кæм уыд, уым цъæх нæзытæ æмæ сыгъ- зæрингъуыз бæрзыты ’хсæн арв куы разыны æмæ куыд фæстагмæ тынгæй-тынгдæр куы райдайы цъæх кæнын, сыгъзæрингъуыз æрттивын, уæд уый фенд куыд æхсыз- гон вæййы адæймаджы зæрдæйæн, раст æфтæ æхсызгон вæййы цуанонæн дæр, йæ цуанæй йæ зæрдæ куы барухс вæййы, уæд. — Мæ хæлар,—загътон уыцы лæгæн,—цы дæ уæлфад гал лæууы, ахæм хорз куыдз чи уæй кæны? — Æз хорз лæгæн уæй кæнын мæ куыдзы,—загъта, уый.—Ме ’намондæн мæ хъуг тыппыргæрдæг бахордта, ныттыппыр æмæ амард æмæ хъуамæ хъуг балхæнон, зæх- кусæгæн æнæ хъуг цæрæн нæй. — Раст зæгъыс, нæй йьгн æнæ хъуг цæрæн æмæ дын тынг тæригъæд кæнын. Дæ куыдзы цас кæныс? — Иу хъуг. Дæуæн та дыууæ сты æмæ мын дæ гæ- рæм хъуджы радт. Радтон ын Анчарыл мæ хъуджы. Бх, цы фæззыгон рæстæг арвыстон; нæ хъæр кæныц. 429
хъæды, нæ агурын, пыхсытыл мæ цæстытæ нал къуырын, афтæмæй сабыргай цæуын фæндæгтыл æмæ сæрыстырæй кæсын, бонæй-бонмæ бæлæстæ сыгъзæрингъуыз куыц кæ- нынц, уымæ, куы та дзыгъуыргæрчыты фæдыл сбæндæн вæййын, иу къахвæндæгтæ ньшнæмын, райдайын сæм æх- ситт кæнын æмæ мæм уыцы над фæндæгтыл сæхæдæг фезгъорынц. А.фтæ аивгъуыдта сыгъзæрин рæстæг. Иу фыд уазал райсом хур арвыл стылди, бæстæ бахъарм, æмæ æмбисбонмæ бæлæсты сыфтæртæ се ’ппæт дæр æрыз- гъæлдысты. Дзыгъуыргарк сайæн æхситтæн дзуапп нал лæвæрдта. Къæвдатæ кæнын райдыдта, сыфтæртæ æмби- йынц, æрбалæууыд иуыл æнкъарддæр мæй—ноябрь. Æз хъæдмæ æмбæлттимæ нæ цæуын цуаны. Æз уар- зын хъæды сабыргай цæуын, хатгай алæууын, айхъусын. Алы сырд дæр мæ банымайы хицоныл, нæ мæ фæтæрсынц, нæ сызнæт вæййынц. Сæ рагæпп-багæпп, се змæлдтытæм кæсын сын бирæ уарзын, дисы мæ бафтауынц. Амарын дзы, цас æмбæлы, уый бæрц. Мæ удхæссæг у къордгæйт- тæй хъæды куы фæцæуынц, куы фæхъæлæба кæнынц . æмæ куы фæмарынц, сæ разы цыдæриддæр фæвæййы, уы- дон. Фæлæ вæййы афтæ дæр, æмæ дæм фæзындзæн, дæ ныхасыл дыууæ чи нæ зæгъа, ахæм хæлар, æмбаргæ цуа- нон—уарзын ахæмимæ цуаны цæуын, уый дæр хорз у, зæр- дæйæн æхцон у: хорз адæймаджы тыххæй мæ уд дæр рат- дзынæн. Ноябры райдианы мæм Мæскуыйæ иу цуанон фыста, цæмæй мемæ цуаны ацыдаид. Уе’плæт дæр æй зо- нут уыцы цуаноны, йæ ном ын нæ зæгъдзынæн. Кæй зæ- гъын æй хъæуы, тынг æхсызгон мын уыд уыцы хабар, ныффыстон æм æмæ мæм æвдæм ноябры размæ æхсæв фæзынд. Мит чысыл йедтæмæ нæма æруарыд æмæ раст æвдæм ноябры размæ батад: сцъыф, арвæй уазал, лыстæг æртæх- тæ хауди æмæ æхсæв бонмæ хуыссæджы хъæстæ нæ фæ- дæн, мæ зæрдæ йæхи къултыл хоста, зæгъын, къæвда тæрхъусты фæдтæ ныхсдзæни æмæ нæ цуанкæнынæн ба- хъыгдардзæн. Фæлæ, нæ амондæн, фæсæмбисæхсæварв ныйирдис æмæ уырдыгæй райсоммæ тæрхъустæ хорз ,фæ- разгърр-базгъор кодтой. 430
Сбоны агъонмæ, Бонвæрон куыддæр арвыл стылди, афтæ цай бацымдтам, фæныхæстæ кодтам æмæ арвы кæ- рæттæ куы æрбарухс сты, уæд Анчары нсмæ акодтам æмæ тæрхъустæ марынмæ ацыдыстæм. Уыцы фæззæг суанг хъæугæронæй тыд уыдысты фæз- зыгæндтæ, се ’взар уыд бæзджьш, ставд зæнг, цъæх-цъæ- хид æмæ донджын, адæймаг дæр дзы ахæрынмæ хъавыд æмæ тæрхъустæ уыцы фæззыгæндты афтæ хызтысты æмæ мыл нæ баууæнддзынæ, сæ фиутæ сæ хуылфы, сæнæ- фсиры цупæлттау, æрзæбултæ сты, иугай джиранкатæ оæ-иу фиу растыгътон. Анчар тæрхъусты фæдтыл хъæл- дзæг зилæнтæ райдыдта,.раиртæста нард тæрхъусы æмæ йын уыцы æхстуадæй комкоммæ йæ хуыссæнмæ згъорын райдыдта. Уыцы рæстæджы хъæд вæййы ’ртæхджын, фæ- кæны сыбар-сыбур. Ахæмтæй тæрхъус тынг тæрсы æмæ махмæ йæхицæн хуыссæнуатæн равзары Алексеевы хъæд- дзагъды бакомкоммæ. Куыддæр бамбæрстон, Анчар фæз- зыгæндтæй хъæддзагъды ’рдæм йæхи кæй айста, уый, аф- тæ мæхи айстои адагмæ. Хъæддзагъдæй ацы адагыл фæ- лидзынц тæрхъустæ. Адаггæрон фыццаг бынаты мæ хæ- лары баурæдтон, адагæн иннæ фарс та мæхæдæг слæу- уыдтæн, æз уымæ нæ зындтæн, фæлæ мæм уый зынд мæ армы тъæпæнау. • Пълан, кæй зæгъын æй хъæуы, цуан кæнгæйæ дæр æнæмæнг хъæуы, фæлæ стæм хатт рауайы хъуыддаг пъланмæ гæсгæ. Æнхъæлмæ кæсæм æмæ кæсæм, фæлæ Ан- чар никуыцæй зыны, раст цыма дæлзæх аирвæзт, уыйау, — Сережа!—хъæр кæнын æз. Ох, мæхи аххос у, нæ мæ фæндыд уыцы цуаноны ном дæуæн зæгънн, ды йæ зоныс, фæлæ цы, Сергейтæ нæм бирæ ис. — Сережа,—хъæр кæнын æз,—ныууас Анчармæ. Цуан кæнгæйæ цы сыкъайæ фæуасын, уый йæм рад- тон. Уый стыр дæсны у уасынмæ æмæ уасын дæр уарзы. Сережа ныууасынмæ куыд хъавыд, афтæ кæсын æмæ Анчар махæрдæм адаг-адаг сызгъоры. Йе згъордмæ гæсгæ уай- тагъд базыдтон тæрхъусы фæдыл кæй уайы, ноджы ма бам- ■бæрстон уыцы тæрхъусы рувас, гъе, та уыг кæй ратардтой 431
йæ хуыссæнæй, адагмæ æрбахæццæ æмæ йæ Анчар суры^ Мæ хæлары комкоммæ куы схæццæ, уæд уый систа æхг- сæнгарз æмæ ныхъавыд... Æмæ ницы æрцыдаид, уыцы минут мæ зæрдыл куы æрбалæууыдаид, иу хатт æз мæхæдæг адæймаджы сæрмæ куыд ныхъхъавыдтæн, уый, уæд, чысыл ма мæ бахъуьщ амарон æй, адаг-адаг сцæйцыд адæймаг тæрхъусдзарм- худы, æз ын æрмæст уыдтон йæ худ, куыддæр æхсæнгар- зы къæппæгыл æрбацæйхæцыдтæн, афтæ мæм йæ са&р æнæхъæнæй сзынд. Ацы хабар куы фæхъуыды кодтаин, уæд бамбæрстаин, уæлийæ æрмæстдæр хъуынтæ кæй зы- ны, фæхъæр ыл кодтаин æмæ нæ фехстаид. Фæлæ æз аф- тæ æнхъæлдтон, зæгъын, мæ хæлар хынджылæг кæны—го- рæттаг цуанонтæ афтæ арæх фæхъазынц. Хъуыды кодтон хъазгæ кæны, фæлæ æвиппайд фæцыд гæрах! Æппæт дæр ныссабыр, адаг фæздæгæй байдзаг æмæ йæ йæ аууон бамбæхста. Мæхимидæг бандзыг дæн æмæ уайтагъд мæ зæрдыл æрбалæууыд, уыцы бынатæй адæймаджы сæр куыд фæцæй- æхстон, уый. Æрвгъуыз фæздæг æрбадт цъæх ададжы. Кæсын æнхъæлмæ æмæ мыл рæстæг азтау сабыргай ивгъуыйы, фæлæ нæй Анчар, фæздæгæй нæ рацыд Анчар. Фæздæг куыддæр апырх, афтæ кæсын, æмæ мæ Анчар кæрдæгыл фынæй кæны, кæны æнусон фынæй цъæх кæр- дæгыл. Бæрзонд бæлæстæй чысыл бæлæстæм тæдзынц фæззы- гон уæззау æртæхтæ, чысыл бæлæстæй—къутæртæм, къу- тæртæй—кæрдæгмæ, кæрдæгæй—зæхмæ: хъæд хъынцъым кæны, уынæргъы æмæ бамыр вæййы, зæхмæ æввахс зæхх сабыргай йæхимæ исы æппæт цæссыгтæ... Æз та алцæмæ дæр кæсын æнæцæссыгтæй... »Цæй цы гæнæн ис,—хъуыды кæнын хинымæр,—уы- мæй фыддæртæ вæййы, æнæнхъæлæджы лæг дæр ама- рынц\ Уайтагъд мæ рыстзæрдæ æрсабыр кодтон æмæ хъуыды кæнын: мæ хæларæн цы хуыздæр ныхас зæгъон, куьод 432
тынгдæр æй барæвдауон, зонын æй мæнæй уымæн æнцон- дæр нæу, æмæ цуанæттæ уымæн стæм, цæмæй нæ маст хъæлдзæгдзинадæй раивæм. Цигановойы арахъхъ алы хæ- дзары дæр ис æмæ сфæнд кодтон: цæугæ Цигановомæ æмæ æппæт дæр ферох кæн. Хъуыды кæнын, афтæмæй кæсын мæ хæлармæ æмæ дис кæнын: ныххызт адагмæ, бакаст Анчары мардмæ, стæй та йæ раздæры бынаты слæууыд’ æмæ лæууы йæхицæн, цыма ма егары фæзындмæ æн~ хъæлмæ кæсы. Ам цыдæр хабар,-ис? — Гъей!—фæхъæр кодтон. Уый мæм фæкаст. ~ Ды кæй æхстай? Ныхъхъуси. — Ды кæй æхстай?!—фæхъæр ыл кодтон. Дзуапп радта: — Уыджы. Мæстæй мæ зæрдæ аскъуыд. — Амардтай йæ? Дзуапп радта: — Фæимгъуыдта мын. Сбадтæн дурыл æмæ уайтагъд æппæт дæр бамбæрстон, — Сергей!—фæхъæр кодтон. — Циу! — Ныууас Анчармæ. Кæсын æм, Сережа фыццаг сыкъамæ фæлæбурдта, стæй адзынæг. Иу къахдзæф мердæм æрбакодта: бæрæг уыд ху- динаг æм æркаст, дыккаг къахдзæф дæр æрбакодта æмæ хъуыдыты ацыд. — Цæй, ныууас, дын, зæгъьтн!—хъæр кæнын. Уый та сыкъа систа. — Тагъддæр,—хъæр ыл кæнын,—тагъддæр! Сыкъа йæ былтæм схаста. — Цæй-ма, цæй!.. Æмæ ныууасыд. Бадын дурыл æмæ хъусын, мæ хæлар куыд уасы, уы- мæ. Мæ сæры зилдух кæнынц алы тæссаг, ницæйаг хъуы- дытæ: уæртæ халон хъæрццыгъайы фæстæ фæтæхы æмæ 28 433
мæхинымæр хъуыды кæнын: йæ къæбутæй йæ цæуылнæ ацахсы хъæрццыгъа, иу февнæлды фаг йедтæмæ йын куы нæ у. Ахæм хъуыдытимæ гæнæн ис дурыл бадай, æмæ бадай. Фæлæ мæ сæрæй нæ хицæн кæны иу фарст: Цæ- ’ мæн мæ сайы мæ хæлар? Амард æмæ фæци, алцы дæр аф- тæ хуымæтæджы фæвæййы, цæмæн ма уасы?Уæртæкуыдз мардæй куы лæууы, цæй цуангæнæн ма мын ис, уæвгæ гсуыдзы йæхæдæг фехста, æмæ йæ зоны: æз адæймаг дæн, хъазæнхъул иæ дæн, мыййаг. Нæ йы^ æй бафидын кæн- дзынæн, нæ дæр ын æй йæ цæстмæ бадардзынæн... Кæй сайы? ’ — Мæнæ,—амонын ын,—ацы иукъахвæндагыл ацу æмæ .дæ Цигановдмæ бахæццæ кæндзæн, хъуамæ уым иумæ ба- яазæм, ацу уырдæм уасгæ æмæуасгæ. Æз та цæудзынæн хъæд-хъæд æмæ алырдæм хъусдзынæн, чи зоны искуы Анчар уасынмæ срæйа. ■—Айс,—зæгъы мын,—дæхæдæг уасæн сыкъа æмæ йæм уас. ’— Нæ, дзуапп ын дæттын,—æз уасын нæ уарзын, мæ хъустæ фæдыздыз кæнынц æмæ ницы уал фæхъусын, .ам та æппэет дæр хъусын хъæуы. Лæг фæджихау æмæ мæ дызæрдыггæнæгау афарста: — Æмæ ды кæдæм цæуыс? — Æз ын ацамыдтон, Анчар кæм хуыссы, уыцырдæм земæ мæхинымæр ахъуыды кодтон: „Ныр ын къах атилæн нал ис, ныртæкЕсæ басæтдзæн". Фæлæ та нæй, афтæ мын зæгъы: — Æз дæ уыцырдæм цæуыныл нæ ардауыи, уым бæ- лæстæ дæр куы нæ ис, къутæртыл та йæхи не ’рцауындз- дзæн. — Хорз,— дзуапп ын радтон.-—Æзуæртæ уырдæм ацæу- дзынæн, фæлæ дæ, дæ хорзæхæй, ма ферох уæд уас æмæ йæм уас. Куыддæр ын æндæрæрдæм ацæудзынæн загътон, аф- тæ бацин кодта æмæ ныууасыд, æнæхъæн æртæ версты йæ хъуыд уасын æмæ уасын. Кæсын йæ фæдыл æмæ хъуыды кæнын хинымæр: цар- ды бирæ диссæгтæ вæййы, фæлæ мæрдты диссагæй ницы 434
яс: Анчар нын дзуапп нал ратдзæы. Ахæм хабары фæстæ æцæг цуанон йе ’мбалы цæстытæм комкоммæ бакæсы æмæ 41ын фæзæгъы: „Баназæм, мæ хæлар, æппæт дæр фæцис". Цæй, ныр кæй сайы? Мæнæ мæ синты сæр алы хатт дæр тъыст вæййы чы- -сыл фæрæт, уæд та цæмæн бахъуыд, ралыг дзы кодтон хус суджы лыггаг, сарæзтон дзы белгонд æмæ фæлмæн зæххы уæрм скъахтон. Анчары дзы нывæрдтон, сыджы- тæй йæ байдзаг кодтон æмæ дзы чысыл обау сарæзтон, уый фæстæ бæласы къалиутæ ралыг кодтон æмæ йыл сæ æрывæрдтон, хъæдæй конд дæлимоны ныв ын йæ ингæ- . ныл цыртæн ныссагътон. Ныр уыцы бынат устытæ фыд- ’былызы бынат фæхонынц æмæ дзы изæрыгæтты тынг тæр- - сынц. Лæууын æдзынæг æмæ кæсын дэелимоны нывмæ. Се- ! режа та уасы æмæ уасы. „Кæй сайыс, Сережа?" Лыстæг, уазал къæвдайы æртæхтæ хауынц. Бæрзонд бæлæстæй уæззау æртæхтæ хауынц чысыл бæлæстæм, чысылтæй—-къутæртæм, къутæртæй--кæрдæгмæ, кæрдæ- гæй—хуылыдз зæхмæ. Æппæтдæр сыбар-сыбур кæны æмæ дзуры: сы-сы-сы... Сабыргай сæ йæхимæ исы ныййарæг зæхх æмæ æппæт цæссыгтæ нуазы æмæ нуазы. Афтæ.мæм фæкаст, цыма дунейы æппæт фæндæгтæ баиу сты, сæ кæрон лæууы, куыдзы ингæныл цы хъæдæй конд дæлимоны ныв ныссагътон, уый æмæ мæм зæрдæ- хæларæй кæсы. — Хъус-ма, дæлимон,—дзурын æм,—хъус-ма... Æмæ ингæны уæлхъус раныхас кодтон, æмæ цы загъ- тон,-~нæ йæ раргом кæндзынæн. Мæ зæрдæйæн фенцондæр æмæ Цигановомæ æрцыдтæн. — Ныууадз,—зæгъын,—Сережа дæ уасын, ныр æплæт дæр фæци, зонын алцы дæр. Кæй сайыс ды? Уый афæлурс. Иумæ банызтам, иумæ бахсæвиуат кодтам Цигановойы. Уыцы цуаноны ды дæр зоныс, алкæмæн^дæр махæй зæрдылдарынæн ис ахæм Сережа. 435
Полевой Борис УАРЗЕТ — Бакæс-ма уæртæ къуымы сихор чи хæры, уыцы уё: æмæ лæгмæ. Дзæбæх сæм*бакæс. Ам аив нæу, фæлæ дын стæй нæхимæ радзурдзынæн сæ диссаджы истори,—дзырд- та мын Кузьмичев Федыры фыртИван. Уый кусы арæзтады районы партбюройы секретарæй. Тынг æвзыгъд у лæджы зæрдæйы уаг базонынмæ. Алы хуымæтæг адæймагмæ дæр ссары цыдæр цымыдисаг ахаст. Ацы хъуыддаджы кур- диатджын кæй у, уый зыдтон æмæ мын Кузьмичев цы лæг æмæ усмæ амыдта, уыдонмæ кастæн лæмбынæгæй. Лæг уыд саухил, къæсхуыргомау. Йæ урсхæццæ сæрьг хъуынтæ йыл зындысты къæбæлдзыг худау. Йæ бæзджын- тæ арæзт боцъо зынд бæрæгæй, йæ уадултæ къуыпп, йæ дзыхы кæрæтты арф æнцъылдтæ. Раст цыма ахсджиаг куыстыл лæуд уыд, афтæ бæстонæй архайдта кард æмæ вилкæйæ. Ус уыд бæзджынтæ конд, бæрзонд, бурдзалытг, фæлæ æлвæст, гуырвидыц, йæ цæсгом егъаугомау. Йе ’рфгуытæ, кæй æрбаиу сты, уый йын лæвæрдта тызмæг, хъаруджын хуыз. Бæрæгæй ма зынд ноджы уымæйдæр, æмæ йыл уыд комбинезон. Фæлæ ацы усы æппæт ахасты, уæлдайдæр йæ цуры бадæг лæджы размæ куы бæлтæрна, куы хрен, куы цыв- зыдон куыд зæрдæбынæй æвæрдта, уымæй бæрæг уыд цыдæр стыр аудындзинад, цыдæр ныййарæгон уарзон- дзннад. Стæй ма тынг бæрæг уыд уый дæр, æмæ ам, арæз- тады кусджытæй едзаг хæрæндоны ацы ус йæхи æнкъард- та æфсин. Бæрæг уыд, ацы хæрæндоиы йын кæй кад кæ- 436
нынц æмæ уыцы кадыл йæхæдæг дæр кæй сахуыр* Изæры Иван Федыры фыртимæ фембæлдыстæм партбю- ройы кабинеты, кæцы тынгдæр уыд аразæг инженеры ка- бинеты хуызæн. Алы рæтты стъолыл, чингуыты скъаптыл, дæлвæрссаг фæйнæджытыл, æгæрыстæмæй, сейфы æндон лагъзы дæр æвæрд уыд зæхцъары • æвдисæнтæ, алгъуы- зон кусæнгæрзты æвдисæн, уыдис дзы цементы къоппы- тæ. Кузьмичев мæ æрбадын кодта клиёнкæцъар диваныл, йæхæдæг, чысыл лæппуйау, æрбадт диванымутакайылæмæ хъæлдзæг, мидбыл хуйгæ райдыдта ныхас кæнын. — Хорз æмкъæйттæ сты, нæ? Уæдæ байхъус, раст дын куы зæгъон, уæд тынг цымыдисаг у сæ истори. Лæ- джы ды зоныс. Нæ хъайтартыл куы дзырдтон, уæд дын йæ кой куы кодтон. Бетонгæнджыты бригадир Устинов Егорæй дын зæ- гъын. Æмæ усы кой дæр, æвæццæгæн, фехъуыстаис. Р&- гæй нæм кусы уыцы хæрзном дамæ Уарзет Чабан дæр бетонгæнджыты бригадирæй. Аивгъуыйгæ мæй йæ бригадæ Егоры бригадæйæ байста цæугæ сырх тырыса. Сæ дыууæ дæр коммунисттæ сты.—Ныхасгæнæг фыр æхсызгонæй йе ’рттæ кæрæдзийыл асæрфта. — Нæ, нæ, сцымыдис дæ! Æз дын куы загътон,4 махмæ ахæм адæм кусы, æмæ сæ хорзы кой кæнынæй æмæ уымæ хъусынæй нæ бафæллайдзынæ... 0, æмæ дын уыцы дыууæйы кой кæнын. Устинов Егор ардæм æрцыд фыццаг араз- джытимæ комкоммæ Днепрæй. Днепрогэс æндидзын кæнгæйæ йæ кады ном айхъуыст, орден райста æмæ Дне- пры йæ хъуыддæгтæ куы фæци, уæд комкоммæ махмæ æрфардæг. Гъе, æмæ йыл мах баууæндыдыстæм нæ фыц- цаг бетонон куыстытæ. Донауазæны бындуры бетоны фыц- цаг кубометртæ уый ныккалдта... Журнал „Огонек" уæд йеттаг цъарыл ныммыхуыр кодтаУстиновыныв. Æмæ раст куы зæгъæм, уæд хъуыддаг дæр райдыдта уыцы нывæй. Æппæт сæ историйы дæгъæл ис уым. Уыцы нывимæ жур- нал куы рацыд, уæд мæм дыууæ къуырийы фæстæ парт- ^бюромæ æрбацыд иу æнæзонгæ ус. Цы гæххæтт мæм рад- та, уым фыст ис: „Чабан Уарзет, партийы уæнг, æрвыст 437
цæуы уæ медпунктмæ медицинон хойы куыстмæ". Куыд æмбæлы, афтæ мын равдыста йæ партбилет, йæ’документ- тæ. „Айсут, дам, мæ партион хыгъдмæ". Æз йемæ аныхас кодтон. Бæрæг уыд, хорз коммунисткæ кæй у, уый. Ис æм астæуккаг ахуырад, каст фæци фельд- шерты курсытæ, уыди хæсты, фæцæф, ис ын хорзæхтæ, партимæ бацыд фронты. Хæсты фæстæ демобилизаци куы æрцыд, уæд куыста сæхимæ Украинæйы, сывæллæтты уагдæтты. Иудзырдæй, тынг дзæбæх адæймаг мæм фæ- каст... Ацы усимæ куы ныхас кодтон, уæд мæ зæрдыл. æрлæууыд уый агъонмæ арæзтады районы хистæ- римæ сывæллæтты рæвдауæндоны тыххæй сагъæс. Уы^ цы хъуыддаг нын уæд рæстмæ нæ цыд, сывæллæтты рæв- дауæндонмæ дзæбæх кусæг ссарын нæ къухы не ’фтьтд... Ныр ацы усы фæрсын, зæгъын, не сразы уаис махмæ дæр сывæллæтты уагдоны кусыныл? „Кæд хъæуы, уæд цæуылнæ, мæ фæллад уадзынмæ мыййаг куы нæ ’рцыдтæн, кæдæм хъæуы, уырдæм мæ арвитут. „Арæхс- гæ кæнон, уый йедтæмæ мæм фаг тыхтæ разындзæн". Йæ дзуапп мæ зæрдæмæ фæцыд. Хæрзбонтæ загътам кæрæдзийæн æмæ уый дуарырдæм куы фæцæуæг, уæд фæстæмæ фæзылд æмæ цыма æнæнхъæлæджы афарста, уы- йау афтæ: „Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, мæнæ уæм ахæм Ус- тинов, Егор Устинов кусы? Мæнæ йæ ныв æрæджы „Ого- нечы" куы уыд". Æз ын дзуапп радтон, зæгъын, ис нæм æнæмæяг ахæм. Уæд уый йе ’рфгуытæ фезмæлын кодта, чи зоны йæ абон дæр фæхатыдтæ, ахæм æгъдау æм ис: æрф- гуытæ змæлынкæиы æмæ ма бынтон ныллæг хъæлæ.- сæй фæрсы: „Зæгъ-ма, уыцьь Устиновæн ус ис?" Сæд- тын ыл, цыдæр сагъæсы мæ баппæрста: „Æмæ дын исты хæстæг бавæййы?"—„Нæ, дзуапп дæтты, мæ рагон зонгæ у. Уæвгæ, чи зоны уый мæн хъуыды дæр нал кæны". Гъе, æмæ ацы кой кæнгæйæ, йæ цæсгом афтæ ныссырх, æмæ йæ фындзы рагъыл хидæртæхтæ фæзынд. Æз ын загътон, зæгъын, кæд ма исты зонын, уæд Ус- тинов у идæдз лæг æмæ йæ ныртæккæ бæлвырд базон- дзыяæн, фæлæ ус нал фæлæууыд, уайтагъд феттæдуар. 438
Цы хабар у? Сфæнд кодтон, зæгъын, Устиновы куы фенон,. уæд ын йæхи хъуамæ Чабанæй бафæрсон. Фæлæ мын уæд ахæм фадат нæ фæци. Уарзет уайтагъд куысты йæхи тынг хорз равдыста. Сывæллæтты рæвдауæндæтты афтæ æр- зылдтытæ кодта æмæ æппæлгæ нæ кæнын, фæлæ иу мæйы. бæрц рæстæгмæ систы цæвиттойнаг. Æрмæст ыл басæттон, уыцы рæстæджы дæргъы нæ> иуы дæр æнцой нал уагъта. Дыууæ хатты йæм байхъуы- стам бюройы. Профцæдисы кусджытæн сабиты хъуыддæг- ты фæдыл саразын кодта къамис, инженерты устыты дæр куыстыл сбæндæн кодта, хæдзарадон хъуыддæгты чи куы- ста, уыдон та дзы тæрсын дæр райдыдтой. Дардæй дæр- иу ын йæ хъæлæс куы фехъуыстой, уæд—лидзгæ. Фæлæ дзы лидзын дæр бафæраздзынæ? Баййафдзæн дæ, йæхи дыл цъиуджын каркау ныццæвдзæн æмæ йæм цыдæрид- дæр æмбæлы, уый ратондзæн. Гъе, æмæ, дын, нæм иу хатт æрцыд министр. Чи зоньг нæ фехъуыстай, аразджыты цардыуаджы тыххæй уый тынг ’карз у. Фыццаг уал куыст фены, стæй йын уæд фенын кæн, куыд цæрыс, уый. Æмæ уынгæ та куыд кæны: алы донгарзы донæй дæр йæхæдæг ахуыпп кæны. Хæрæндон- мæ бацæугæйæ, къухнийы смидæг вæййы æмæ алы аджы хæринагæй дæр уидыджы ацахуды. Нæ базаргæнджытæн сæ уд ауайын кодта, уыцы бон магазины хорз радиоисæнтæ æмæ мотоциклтæ кæй нæ уыд, уый тыххæй. Стæй уæд, кæй зæгъын хъæуы, сывæл- лæтты рæвдауæндонмæ дæр бауад. Ам неппæтæн дæр нæ уд æрцыд. Алцы дæр дзы æрттивы, тæмæнтæ калы, еывæл- лæттæ-—сырхуадултæ. Йæ мидбылты худы министр æмæ Чабанæн зæгъы: „Бузныг, итФæг хорз уæм у". Æмæ куыд æнхъæлыс, уæд ын уый цы загъта? Карды цъыккау ын афтæ:' „Цъус нæдомыс, æмбал министр. Ам хорзæй цы ис? Пъланмæ гæсгæ мæ сабитæн хъуамæ уа уæладзыг хæ- дзар. Æмæ кæм и? Бæлæстæ нæхи тыхтæй ныссагътам, фæлæ йын æмбонд кæм ис? Æви мæ сабитæ ацы талатæ сæгътæн хæрынæн ныссагътой?" Афтæ æмæ райдыдта, райдыдта, райдыдта. „Ам, дам, у раззагон арæзтад æмæ дзы алцы дæр хъуамæ уа раззагон, хорз, рæсугъд"... Райо- 43^
ны хистæр тæрсгæйæ кæсы министрмæ: уый бæстон хъу- сы, йæ цæстытæй худы. „Раст, дам, дзурыс". Ус та ам дæр, не ’рсабыр: „Раст кæй дзурын, уый мæхæдæг дæр зонын. Фæлтау ма мын зæгъ, мæ сабитæй уыдзæн, цыдæ- риддæр домын, уый?!" „Уыдзæн,—дзуапп дæтты министр, пъланы цыдæрид- дæр ис, уыдон. Кæд хъуыддаг къуылымпы цæуа, уæд-иу мæм.дæхæдæг дæр афысдзынæ!" Ахæм у, гъе, Чабан Уарзет. Нæ устытæ йæ сæ уды йас уарзтой. Æмæ цин кодтой сывæллæттимæ кусынæн хуыздæр адæймаг ссарæн нæй. Уæд дын иу изæр парт- бюройы кабинеты иунæгæй бадын, цæттæ кæнын доклад, цыдæр æрмæджытæ кæсын, æввонг кæнын. Уалынмæ дуар æрбахоста: Уарзет. „Бахатыр кæн, æгæр æнафоны кæй æр- <5ацыдтæн, уый". Стæй басаст, мæн æй иунæгæй фенын кæй фæндыд, ууыл. Мæнæ æз æмæ ды цы диваныл ба- дæм, ууыл æрбадт æмæ дзуры: „Цæй баныхас кæнæм, æз цыдæриддæр зæгъон, уыдон сылгоймаджы дзæнгæда не сты, фæлæ сыл æз ахъуыды кодтон бæстон". Дзуапп ын радтон: „Æмбарын дæ. Цы хабар у?" „Уый хабар у, æмæ мæ сывæллæттимæ куыстæй ссæ- рибар кæнут æмæ мын баххуыс кæнут бетонгæнджыты курсытæм бацæуынæн, уымæн æмæ æз фехъуыстон, зæгъ- гæ, уырдæм устыты исынц зивæггæнгæ". Райдыдтон ын лæгъзтæ кæнын. Нæй, ныццæхгæр. „Цы хабар у,—фæрсын æй,—-исчи дæ смæсты кодта, æви саби- тимæ кусынæй схъыг дæ, гъе, бафæлладтæ, уæд дæ курор- тмæ арвитæм æмæ баулæф?" Йæ сæр тилы: „Æмæ мæн чи смæсты кæндзæн! Сабиты дæр уарзын, стæй фæллайын дæр нæ зонын, æрмæст аскъуыддзаг кодтон æмæ бетонгуы- стмæ ацæудзынæн44. Æмæ та фидар зæгъы: „Сабиты рæв- дауæндæтты куыст йæ къахыл æвæрд æрцыд, йæ кус- джытæ бапæттæ æрцыдысты, мæ бынатмæ ис иттæг хорз адæймаг æмæ мын загъта иу инженеры усы мыггаг, æцæгдæр рæвдз сылгоймаг чи у, ахæм. Цы йын хъуамæ зæгъай? Хорз, зæгъын, кæд хъуыд- дæгтæ кæмæ радтæм, ахæм ис æмæ дæ тынг зæрдиагæй 440
фæнды бетонгæнæг суæвын, уæд, арæзтады хистæртæн оæгъдзыстæм дæу тыххæй". Уый мын бузныг загъта, фæлæ уатæй нæ цæуы. „Ноджы ма исты зæгъинаг дæ?"—- дæн, зæгъы, дæн. „Раст нæу, Устинов Егор нырыонг æм- дзæрæндоны кæй цæры, уый. Йертæ сывæллоны сты Ка- . лугæйы йæ зæронд фыды хомæ. Фатер ын радтын хъæуы, нырттæккæ цы хæдзæрттæ сцæттæ, уым. Ахъуыды ма кæн æнцон у, фыдæн йæ сывæллæттæй дард ран хнцæнæй щæрын?" „Æмæ уæдæ йæхæдæг цæуылнæ исты дзуры?"—æмæ, дам, уый ахæм лæг у: „Иумиаг хъуыддаджы тыххæй йæ тонайы хай кæцæйдæриддæр ракæндзæн, фæлæ йæхицæн зымæг мит дæр нæ ракурдзæн. Ахæм хъуыддæгтæ æнæ курдиат дæр аразыи хъæуы". Дыккаг бон Егоримæ ныхас кодтон æмæ йæ фатеры хъуыддаджы Уарзет æцæгдæр раст разынд. Уыимæ, фада- тæй спайда кæнгæйæ, Устиновы бафарстон, сæ кæрæдзи кæцæй зонынц, уымæй дæр. Егор æнæуи’дæр мадзура у, •фæлæ ныр бьштон ныхъхъус. Йæ цæстытæ зæхмæ ныццав- та æмæ дзы тыхæй-фыдæй иугай. дзырдтæ хауы. „Хорз <адæймаг у, зæгъын, уыцы Чабан Уарзет". Уæд мын уый афтæ: „Æвзæр нæу". Рагæй зонут уæ кæрæдзи?— ,.Аст азы". Иуырдыгæттæ стут? „Госпиталы иумæ уыдыстæм"—-„Истыроман уынрауад?" Лæг æнкъард- томау фæхудт: „Уæд ма ме ’фсин æгас уыди, стæй госпи- талы цæй романты бынат у. Афтæ, салдаттæгтау цардыл -бирæ уынаффæтæ кодтам". „Æмæ ныр та?" „Ныр та бын- тондæр ницы, æгас цу æмæ хорз цæр. Фембæлæм æрмæст лартион æмбырдты. Кæсыс æм ныр, æнæхъæн арæзтадон -районы уымæй раззагондæр нæй". „Бетонгæнджыты курсытæм цæуы. Куыд дæм кæсы, ауадзæм æй?" „Бетонгæнджытæм?" Афтæ мæм фæкаст, цыма Усти- нов фестъæлфыд, фæлæ æрмæст иунæг уысм. Стæй та дзуапп радта, цыма йын хъауджыдæр нæу, афтæ: „Уый уæхи хъуыддаг у. Æрмæст дзы хорз бетонгæнæг нæ ра- уайдзæн, уый уын фидарæй зæгъын. Цы йæ бафæнда, уый æнæмæнг сараздзæн. Ахæм у... Истæмæй ма мæ фæр- сыс?..." 441
Æмæ æцæгдæр Устинов Егор раст загъта. Æрдæг афæдз нæма рацыд, афтæ Чабан Уарзет сси бетонгæнæг. Æмæ дæ зæрде цахæм! Мах ыл раздæр уыдтам урс крахмал ха- лат æмæ урс сæрбæттæн. Ныр курсыты фæстæ фыццаг хатт кæттаг дарæсы æмæ резинæ цырыхъхъыты куы фæ- зынд, уæд ыл дис кодтам. Хуыцауы стæн, фыццаг нæм тынг диссаг фæкаст. Фæлæ та йæ ног хъуыддаг дæр уай- тагъд цыд рæвдз. Афтæ мæм кæеы, æмæ йæм астæуккаг ахуырад кæй ис, стæй æрдзон æвзыгъддзинæдтæй хай- джын кæй фæци, уымæй уæлдай ма йын æххуыс кодта,, зонынадмæ йæм стыр тырнындзинад кæй ис, уый. Иуахæ- мы та партион рухсады фæдыл цыдæр хыгъд фыстон æмæ бæрæг кодтон коммунистты библиотекæты абонименттæ. Гъо, æмæ иу афæдзы мидæг уыцы Уарзет цы нæ чиныг бакаст, цы нæ! Иудзырдæй, йæ ног бынаты дæр та Чабан ныфсджы- нæй размæ цыд..Цалдæр мæйы фæстæ йæ раразмæ код- той бригадиры куыстмæ, гъе, æмæ уæд райдыдтой Усти- нов Егоримæ хъаугъатæ. Кондадон æмбырд-иу куы уыди,, уæд Уарзет уайтагъд трибунæйæ дæрæн кæны алкæй дæр, уæлдайдæр Устиновы. Æмæ лæг йæхи кæмæй бахъихъ- хъæна, кæй ницæмæ æрдара, ахæм сур ныхæстæ мыййаг нæ кодта, фæлæ хъуыддаг æвзæрста бæстон. Гъе, æмæ афтæмæй сбыцæу сты. Устиновмæ уыд бирæ азты дæргъы райсгæ бетонгуысты фæлтæрддзиыад. Уыимæ арæзтадæн йæ райдианæй фæстæмæ уый уыд йæ кад, йæ намыс. Йæ бригады уæнгтæ дæр, йæхийау, раст цæргæс- тæ. Уымæ гæсгæ Егор сахуыр, цæмæй йын йæ алы ныхас- мæ дæр хъуыстаиккой. Фæлæ Уарзеты зæрдæмæ уый нæ цыд, иу ран лæууæг кад æм ницы кæсы. Арæх фæзæгъы: „Егор Иваны фырт, дæ бон бирæ у, фæлæ афтæ нæ ку- сыс, дæ бригадæйы уæлдай хъарутæ бæрæгбонтæм февæ- рыс, афтæ сахуыр дæ". Устинов ыл тых кæны фæлтæр- дадæй, уый та—зонадæй. Уарзет æдзухæй рафысс-бафысс кæны бетбнгуысты институт æмæ Ленинграды техникæйы хæдзаримæ, цыдæрид æм ногдзинад ис, уый уырдыгæй исы. Райдианы Егоры къуыммæ бахаста йæ ногдзннæд’гæй,. 442
стæй йæ уæд æлхъивын райдыдта куыстæнтыстæй дæр. Раздæр афтæ уыд, æмæ Устиновимæ кæй абарай, ахæм нæй. Йæ бригадæ æххæст кодта иу æмæ æрдæг нормæйы,. бæрæгбонты агъонмæ та дыгай нормæтæ дæр. Иуыл- дæр. дзы сты бузныг, арфæ- йын кæнынц. Ныр æй Уарзеты бригадæ уынгæджы фæкодта, лæууы йын йæ зæвæттыл.Хæрз чысыл, зæгъгæ,. фæсыкк, уæд æй фæс- те фæуадздзæн. Бетонгæнæг коммунисттæ мын дзырдтой, зæгъгæ, Ус- тинов стыр сагъæсты бахауд. Йæ кой дæр ын удхæссæг фестад. Егор æнæуи дæр мадзура уыд, ныр дзы сыбыртт бын- тон,нал хауы. Хъуыддаг уый онг ахæццæ æмæ лæг кæм уа ус уырдæм куы æрбацæуы, уæд лæг уайтагъд федте вæй- йы. Кæсæм сæм æмæ хатæм: адон æгæр кæнынц. Дыууæмæ дæр фæдзырдтам бюромæ. Сабыр сæ кæнæм: „Коммунист- тæ стут, зæгъгæ, æмæ æнæпартионтæн цахæм цæвиттон æв- дисут". Сыбыртт сæ ничи кæны. Хуыздæр бригадæты бри- гадиртæ хъуамæ кæрæдзийæн æххуыс кæной, размæ фæндаг гæрдой. Ныссырх сты æмæ сыбыртт нæ кæнынц, Критикæ сæ кæнынц, фæлæ уыдон зæхмæ нымдзаст сты æгомыгæй. Домæм, цæмæй бюройæн радзуройсæ хылысæр. Иван Ива- ны фырт æмæ Иван Никифоры фыртау иу хъримаджы зæронды тыххæй нæ фæхъаугъа сты, мыййаг. Устинов бахудæгау кодта: „Ныртæккæ Уарзет зæгъдзæн, неппæтæй зондджындæр у, алкæмæн зондамонæг". Уæд Чабан афтæ: „Нæ, уый фæлтæрддæр у, зæгъæд уал. Уый бæрц фæлтæрд- дзинад æм ис, æмæ ногдзинад дæр нал уыны*. Æмæ дын бюройы кæрæдзимæ фесты. Æмæ дын раст куы зæгъон, уæд сын нæ бон ницы уабæрæг баци. Фæлæ хъуыддагмæ æнæуи куы æркæсæм, уæд алцы дæр хорз рауад, уымæн æмæ дыууæ дæр дзырд радтой, зæгъгæ, сын сæкæрæдзимæ уыдзæн хæлар, хъуыд- дагон ахастытæ. Устинов загъта, зæгъгæ, коммунис- тæн куыд æмбæлы, афтæ кæсдзæн критикæмæ. 0, фæлæ æз уæддæр æмбæрстон, сæ хъаугъайы аххос- саг æргом кæй не ’рцыд æмæ йын афтæмæй аиуварс гæнæн дæр нæй. Устиновы чысыл фæурæдтон æмæ бю- ройæ иумæ ацыдыстæм. Æрæджы ног фатермæ куы ба- 443
ашгъд, уæд фæрсæй-фæрстæм цæрын райдыдтам. Хъуы- ды кодтон, зæгъын, мын фæндагыл лæгæй-лæгмæ кæд ис- тк раргом кæнид. Фæлæ кæм! Уызынау стымбыл, йæ су- дзкнтæ фæйнæрдæм ныппака сты, иугай дзырдтæ сыппары йæ дæндæгты æхсæнтæй. „Чизоны æнæбары кæрæдзи фæ- хъыгкодтат?" „Нæй". „Æви рагæй кæрæдзимæ истæуыл фыдæх стут?"—„Цытæ дзурыс?"-—„Уæд та уæм чи зоны уарзондзинады хт>аугъа ис, хæйрæджы хай фæуат?" Ницы дзуапп радта, æрмæст йæ дæндæгтæ афтæ тынг ныл- хъывта æмæ йæ уадултæ сызмæлыдысты. Стæй æвиппайды ахъуыды кодтон, зæгъын, кæд Уарзеты бауарзта æмæ йæ уый та хъуыды дæр нæ кæны?. Ахæм’уавæры зæрдæ рар- гом кæнын зын у. Фæлæ царды цы нæ вæййы. Уæд ын дзурын райдыдтон, цыма бынтон æнæнхъæлæ- джы, афтæ, зæгъын, Чабан нæм æппæты фыццаг куы æр- цыд, уæд дæу æрфарста, стæй йын фатер куыд дæттын кодта, йæ сывæллæтты мæт куыд кодта... Уый мæм хъуы- ста æнæ дзургæйæ. Фæлæ мæм афтæ каст, цыма тынг сагъæс кодта. Стæй æвиппайды фæлæууыд. „Цы мæ аги- таци кæныс? Госпиталы базыдтон, цы адæймаг у, уый. Чи зоны ахæм дунейыл нæй, фæлæ æрмæст, ехх!.." —йæ къух мæсты тылд акодта, уынджы фыццаг фæзилæны фездæхт, хæрзæхсæв дæр нал загъта, афтæмæй. Уый дын, гъе... Устиновимæ нæм ахæм ныхас рауад цыппæрæмы, къуы- рисæры райсомæй арæзтады цурты фæцæуын, Иу лæг мæ фæсте æрбасуры æмæ хъæр кæны: „Æнамонд хабар, арматурæйы блок йæ фидаргæнæ- нæй феуæгъд æмæ Устинов Егор йæ быны фæцис4*. Ацы хабар æрцыд хæрз æввахс æмæ уайтагъд уым февзæрд- тæн. Егор хуыссыд кæттагыл, тугæйдзаг нæ уыд, фæлæ цæстæй нæ каст: не змæлыд, йæ цæсгом мыдадзгъуыз. Дохтыр æмæ йæм медицинон хо зилынц. Ахæм рæстæджы куыд вæййы, афтæ адæм йæ алыварс хæрз æнцад лæууынц æмæ рынчын куыд уæззау хъæрзы, уый дзæбæх хъуысы. Уалынмæ азæлыд сылгоймаджы зæрдæх’алæн цъæхаст. Иу пыхцылтæсæр ус адæмы æхсæнты балæгæрста, фæ- сонт уæвæгау, æмæ Устиновы фарсмæ æрхауд: „Мæхи 444
Егор, цы дыл æрцыд, ракæс-ма". Кæуы, æрдиаг кæны; Устинов йæ цæстытæ байгом кодта, кæсы уыцы усмæ цы- дæр дис кæнгæйæ, раст цыма фыны у æви хъалы, уый рахатынмæ хъавы. Æвиппайды уыцы æрдæгмард лæджы цæстыты ахæм амонды цæхæр сæрттывта æмæ мæнмæ стыр диссаг фæкаст. Ус æй æрбахъæбыс кодта, йæ сæры хъуынтæ йын да- уы, ныллæг хъæлæсæй йын дзуры: „Æгас дæ, æгас, мæ дунейы рухс, мæ уарзон, цал азы дæ хастон мæ зæрдæ- йы". Йæ цæссыгтæ лæджы цæсгоммæ тæдзынц. Уалынмæ дзæбæхдæр куы ’ркастæн, уæд базыдтон: уы- цы пыхцылдзыкку, хуылыдз цæсгом ус уыд Чабан Уар- зет. Уæдæ, уæдæ, æмæ истугмæ мæхиуыл не ’ууæндыдтæн. Уыимæ мæм афтæ фæкаст, цыма искæй сусæгдзинадмæ ба- яастæн æнæнхъæлæджы. Адæм апырх сты, дохтыр дæр æдзынæг кæсгæйæ йæ мигæнæнтæ йæ чысыл чырынмæ æмбырд кæны. Æз æй фæрсын, исты тас ын у, зæгъгæ. „Ницы йын у, йе стджытæ æнæхъæн сты. Æнцонæй фер- вæзт". Стæй усмæ бадзырдта: „Хорз ус, ныууадз æй, уый ныртæккæ æнцойдзинад хъæуы. Хæдзары йыл фæцинтæ кæндзынæ". Хæдзары? Ацы дзырд фехъусгæйæ, Уарзет фестад, йæ пыхцыл дзыккутæ йæ кæлмæрзæны бын бадзæ- бæхтæ кодта. Йæ цæсгом та фæтызмæггъуыз, цыма ныр- тæккæ уыцы цæссыджы зæйтæ уый нæ уагъта. Егор схъæрзыдта. Ус æм бакаст, йæ цæстæнгасы та ссыгъд уарзты зынг, æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма уыцы зынг ныр никуыуал батар уыдзæн уыцы тымбыл сау цæстыты. Гъе, афтæ йын уыцы цау баххуыс кодта Устиновæн йæ уарзондзинад раргом кæнын. Æмæ, чи зоны, уыцы хабар куы не’рцыдаид, уæд усы сæрыстырдзинад æмæ сæ ал- варс цы адæм уыд, уыдон æнæнкъараг зæрдæйы аххосæн сæ цард нæ баиу уыдаид, кæрæдзийæн ницы загътаиккой, афтæмæй фæйнæрдæм фæфардæг уыдаиккой. Раст зæгъ, диссаджы истори нæу? Уæдæ, уæдæ, æмæ мæнæн та—партион разамонæгæн у уæлдай зонд базонæн. Цы ма йæм бафтыдæуа? Иумæ бацардысты. Йæ сывæллæт- тæн ын у ныййарæг мадау. Фæлæ кондадон æмбырдты, раз- дæрау сæ тохы сæр не скъуыйы. Æрмæст ныр Егор ца- 445
.дæггай йæ аиппытыл басæдты. Загсмæ куы бацыдысты, уæд ус йæхи ныффыста лæджы мыггагыл, фæлæ йæ мах уæддæр хонæм Чабан Уарзет. Гъе, уый дын æппæт дæр. Кæд дæм ацы истори цымы- .дис кæсы, уæд дæ’бон у ныммыхуыр æй кæнай. Æрмæст иу, дæ хорзæхæй, мыггæгтæ аив. Хорз? 44«
Павленко Петр КЪÆВДАТÆ Ацы зымæг къæвдатæ æнахуыр даргъ ахастой, фыдæл- тæй фæстæмæ ам ахæм тызмæг æмæ дымгæджын никуы ма уыд. Æхсæв ма-иу къæвдамæ баиу ис цæгаттаг-скæсæйнаг дымгæ. Уæлхæдзæрттæ къæс-къæс кодтой. Махмæ дымгæ- йы тыххæй уæлхæдзæртты кæрæтты цы дуртæ рывæрынц, уыдон гыбар-гыбур гæнгæ бырыдысты, тылдысты æнæрын- цойæ æфсæйнагыл, рудзгуцтыл сæхи хафтой бæлæсты къа- лиутæ, дымгæйæ сфæлмæцæг æргъæвст цъиутæ рудзгуыты хостой. Ахæм æхсæвты куыйтæ дæр сæ рæйынæй нæ фенцайынц æмæ адæм дæр фынæй кæнгæйæ тæппуд вæййынц, афтæ сæм фæкæсы, цыма æхсæвæн дæр кæрон нæ вæййы, уый уымæн афтæ у æмæ адæм æгæр раджы кæй схуыссынц... Иу ахæм æхсæвы нæм нæ хæдзары дуар æрбахоста дард, фæсхох æвзарæн фадыджы активон пецаразæг Орлов. Тыргъмæ нæм æрбацыд æмæ мах цалынмæ йемæ ныхас кодтам æхсæв нæм баззай, зæгъгæ, уæдмæ фæндагыл ных- хуылыдз, йæ пысулты дон пъолмæ фæтагъдæмæ дзы цад сырæзт. Овчаркæ Найда хуыссыд тыргъы æмæ, æгæрс- тæмæй, уый дæр, уыцы æнæнхъæлæджы цад фен^æйæ, ба- хъырныдта. Орловæн йæ хæлаф дæр зыбыты лæбæда уыд, йæ цинел куы раласта æмæ хатæнмæ куы бацыд, уæд йæ фæс- тæ дон афæд кодта. — Сæйраг уый у æмæ талынг кæй уыд,—дзырдта æна- 447
фоны кæй æрбацыд, уый тыххæй хатыр кургæйæ,~-æндæ- ра къæвдайы хъуыды дæр нæ кæнын. Æз ацы къæвдаты æнахуыр уарзт кæнын. Къæвдайы ралидз-балидз мын зæгъ, уый йедтæмæ мын кæрдзын дæр ма радт. Фæлæ мах нæ бауырныдта. Орловæи дзырдтам, цæмæй йæ цырыхъхъытæ раластаид æмæ йæ зæнгæйттæ пецмæ басур кодтаид. Не ’фсин ыл хъæр дæр фæкодта, тарст, са- бырæй йæм куы нæ байхъуса. Фæлæ Орлов йæхи зонд нæ« акодта, уайтагъд йæ цырыхъхъытæ раласта, йæ зæнгæйт- тæ æвзалыйæдзаг бедрайы былыл æрцауыгъта, йе ’нгуылдз- тæ, уæздан тылд бакæнгæйæ, тæвд пецмæ бадардта, æмæ йæ нарæг сырх къæхты дæлвæдтыл пецы ’рдæм рахæцыд. — Ацы нафоны кæцæй фæдæ?—бафарстон Орловы.—Дæ хорзæхæй, фæндагыл иу машинæ цæуæг никуы уал уыд? Абадтаис ыл. Уый мæм йæ цæст хинæйдзаг ныкъуылд. фæкодта. — Ам хъуыддаг æндæргъуызон у, — мæ фарстæн мын дзуапп нæ ратгæйæ, загъта уый. — Мæ карьерæйыл мæ къух исын—æмæ хæдзармæ цæуын. Хæрзбон, рæвдаугæ æнгæстæ,— фæрсæгау ма йæ ныхасмæ бафтыдта æмæ та мæм йæ цæст фæныкъуылдта. Уазæджы хивæнд зæрдæйы ахаст зонгæйæ йæ æз нæ рафæрс-бафæрс кодтон, хъуыддаг цæй мидæг ис, уымæй, фæлæ, иннæты фæндонмæ гæсгæ, сатæг-сау бæзджын сæ- нæй дзаг дурын фынгыл æрывæрдтон. — Ныр ам авд азы сымахимæ нал бæззын,—-сагъæсгæн- гæ дæрдтыл дзырдта Орлов.—Зæгъæн дæр ын куыд нæй, афтæ æнкъард кæнын æмæ мысын нæ тыгъд быдыртæ. Зæ- гъæм, ам кæм ис хъазтæ-донхъазтæ? Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æз дзырдæн зæгъын. Науæд уæрцц! Кæми хъæддаг сырдтæ æмæ мæргътæ! Ам хорз уасæг дæр не ссардзынæ. Бауырнæд уæ; ам уырыссаг уасæг не ссар- дзынæ. Нæ дæр ахæм къоппа, нæ дæр ахæм хъæлæс кæ- мæн ис æмæ нæ дæр зæрдæйы уагæй. Уый циу! Æмæ мы- дыбындз та? Фенын ма мын кæн ам æцæг мыдыбындз! Амы мыдыбындз фатæй цæвын дæр нæ зоны, æмæ махмæ та. 0, хуыцау, ефс бæхы дæр ма цæвы йæ фатæй, уæдæ куыд æнхъæлыс? Зæгъæм, кубайнаг мыдыбындз куыдзæй дæр 448
зæндджындæр у. Цы фæнды дæр ын куы зæгъай, уæддæр дæ бамбардзæн. Уый дын ахæм мыд сараздзæнис æмæ дæ* къухы фыдтæ дæр йемæ хæрдзынæ! — Уæддæр кæдæм цыдтæ?—хъусынæй йæм куы сфæл- мæцыдтæн, уæд стъолы фарсмæ ’рбадтыстæм æмæ агуыв- зæты сæн куы ’ркодтам, уæд æй афарстон æз: — Цыдтæн!— мæстыйæ йæ урс сæрбанкъуыста.—Цæугæ кодтон? Уый уый нæ нысан кæны æмæ æз цыдтæн. Æз... Ныууадз! Æз уыдонæн сæ бон тагъд базонын кæндзынæн- Цыдтæн!... Ам адæймагау цæуæн дæр нæй. Цæй, ды мыи æнæниз у! Изæрырдæм сæн адæймаджы хъуыды тар фæ- кæны, райсомæй та йын æй барухс кæны. Уый нæ тагъд, кодта, афтæмæй сындæггай сæн хуыппытæ кодта, мæнæ сæнаразджытæ куыд фæкæнынц, афтæ. Æмæ йæ фæлмæ- цыд цæсгом уадидæгæн йæ хуыз скалдта. —-Науæд сисæм пец,—сæн аназгæйæ, загъта уый.— Мæнæ ды æмбаргæ адæймаг дæ, дæ бон у æмæ мын зæ- гъай,—пецы сæйрагдæр цы хъæуы? —- Артгæнæн,—афæлвæрдтон йæ базоныныл, фæлæ уай- тагъд Орловы цæсгомы ’нгæсæй бамбæрстон, ме ’нæрхъуы- дыдзинад ын хъыг кæй уыд. — Артцырынгæнæн, мæ бон, артцырынгæнæн,-— ме ’нæм- баргæдзинад баргæйæ мын-зæрдæхæларæй бамбарын код- та. Науæд та,.цыбырдзырдæй зæгъгæйæ—фæздæг. Хъуыд- даджы сæйрагдæр фæздæг у. Уæдæ куыд хъуыдыкодтай? Æз фæздæгмæ гæсгæ уайтагъд базондзынæн, кæм цы цух у, уый. Фæздæг раст кæм фæцæуы? Тыгъд быдырты, дæлвæзты. Ацы фыдбылызы хæхты та йæ дымгæ дыууæ- ’рдæм расур-басур кæны. Æфсæйнаг уæлхæдзæртты ны- тасын кæны, мæнæ, гъе, дæхæдæг ма йæм байхъус. Мах дæр нæ хъус адардтам, хæдзары фæскъулты цьг цыдис, уымæ. Дымгæ æцæгдæр хæхтæй уæлхæдзармæ комкоммæ дымд- та, уый дæр йæ уæзæй тасыд æмæ гыбар-гыбур кодта,. æвирхъау цыренæй йыл тезгъо кодта. Къæвдайы пырхæн- тæ-иу дымгæ фæйнæрдæм хаста, куы рудзынгыл æмбæл- дысты, куы та-иу къуыдыркалмау бырыдысты. Рæхснæг гæды бæлæстæ ратас-батас кодтой. Кипаристæ, дзедзро кæ- 29 449*
нын нæ зонгæйæ, кæрæдзиуыл сæхи хостой, æмæ сæ къа- лиутæ цъæлтæ кодтой, уæззау тæрсбæлæстæ та бындзарф- хадæй æнкъуыстысты, цыма ныртæккæ сæ уидæгтæ ст/он- дзысгы зæххæй, уыйау. — Цæй ацу æмæ уыцы фыдбылыз ды базон: цæгаттаг- скæсæйнаг дымгæ у æви цы у? Дымгæ аецæгдæр иугъæдон дымд нæ кодта. Афтæ зынд, цыма къæвдаимæ сæмхæццæ æмæ æвæллайгæйæ, цьгсщы- рæгау зæхх цъыкк-цъыкк кодта. Ахæм боныхъæды-иу ны- лæууыдысты уæзласæн машинæтæ дæр, æмæ-иу бæхтæн та иу къахдзæф акæнын дæр сæ бон нал уыд. Фистæгæй цæуæгæн-иу ахæм хæххон фæндагыл куы баталынг, уæд- ’ну мæлæты тасы бафтыд. Махмæ къæвдаджын дымгæтæ вæййынц мæнæ цæгаты тымыгъты хуызæн. — Гъе, уымæн у ацы цъассбынæтты дурæвзалы æр- мæстдæр хъармкæнынæн! Адæм æй æнæхъуаджы нæ ры- мысыдысты! Уыдон та мын бæлвырд кæнынц голландаг пецтæ... Голландаг пец уарзы рог, комкоммæ чи дымы, ахæм дымгæ, цæмæй йын арт цырынгæнæн уа æмæ дзы хи- цæндзинад уа йæ æлгъывдады. Афтæ у нæ? 0 æмæ кæ- сыс, уыдонæн афтæ нæу. Ноджы та йæхицæн сæн æркодта æмæ дзы йæ тар æв- зистгъуыз рихитæ сывдылдта Орлов дзурын уарзта дæл- гоммæ здæхт хъуыдытæй, дæсгай æмбарынгæнæн ныхæс- тæй æмæ æмбисæндтæй. Цыма йын ныхæстæ кадавар уы- дысты æмæ-иу цалынмæ дæрдтыл æрдзырдта, уæдмæ-иу -сын ницы нысаниуæг уыди, уыйау. Уæлдай йын нæ уыд, кæцæй фæнды райдыдтаид, фæнды кæронæй, фæнды астæуæй, фæлæ нафон уыд æмæ йæ æз фæтагъд кæнын кодтон: — Цæй-ма, æфсымæр, фæд-фæдыл сæ радзур, кæмыты уыдтæ, уыдон, науæд фынафон у. Уый йæ сæн нуазын фæуагъта, йæ сæнæйдзаг рихитæ астæрдта æмæ, йæ цæстытæ ’рцъынд кæнгæйæ, райдыдта йе ’рхæндæг таурæгъ. Хъуыддаг афтæ рауад æмæ уый фидаргонд уыди æдзæ- рæг хæхты æвзарæн фадыгмæ. Дзырдуарзаг адæймаг, уый йæ зæрдæйы кондмæ гæсгæ уыд æхсæнады кусæг æмæ 450
-йын цы бахæс чындæуыдаид, уый бирæ кæмæйдæрты дæр хуыздæр æххæстгæнæг уыдаид æмæ йын цы хæс радтæ- уыдаид, уый æххæст кодтаид бирæ кæмæйдæрты дæрхуыз- дæр, фæлæ йæ йенамондæн бафæндыд йæхи пецаразæгæй равдисын дæр. Куыддæр æвзарæн фадыгмæ бацыд, афтæ уадидæгæн баныфсæвæрдта хъæлæсдæттæн хатæны иог пец сæвæ- рын æмæ агитпункты цы пец нызгъæлæнтæ уый та ба- цалцæджытæ кæнын, цæмæй йæ дзырд ма фæмæнг уы- даид, уый тыххæй. Уый уайтагъд кусынмæ рывнæлдта. Пецтæ иттæг хорз рауадысты. Уæд сæ сыхаг фадыг дæр Орловæн загъта, цæмæй сын каркасджын пец сарæзтаид, уымæн æмæ хъæлæсдæттæны фæстæ уым хъуамæ уыдаид колхозон клуб. Йе ’нтыстæй буцуæвæг Орлов самадта каркасаг пец дæр. Орловы цæстуынон агитаци тынг хорз фæкаст æв- -зарджытæм. Фæлæ Орловы намондæн рауарыд къæвдатæ, дæргъвæ- тин дымгæтæ ахаста æмæ йæ пецтæ, йæхи загъдау, ’ныз- зылын-мылынтæ сты. Фæздæг æттæмæ уадзыны бæсты йæ сæхимæ цъи- рынц. Гъе уый дын бæллæх! Сæйраджы дæр ын полити- кон нысаниуæг дæттынц! Раздæр пецтыл афтæ тынг чи бацин кодта, уыцы ’взар- джытæ ныр домдтой пецты кæнæ ногæй рацаразын, кæнæ та сæ бынтон фехалын, Орловы цъус маст быхсын нæ бахъуыд. Æгæрстæмæй ма сæ чидæр та бынтон дæр халын кодта, ацы ницæйаг пецтæ цыма барæй афтæ арæзт не ’рцыдыеты! Орлов пецтæ аразынмæ куыд хъæлдзæгæй тырТшдта, уый йын расайдта уæззау мастмæ. Уæлдайдæр та уымæн æмæ уыд тынг диссаджы пец- аразæг, лыстæггай зыдтайæ хъуыддаг. - — Æз иу профессорæн арæзтон пец,—дзырдта мын уый хъыгзæрдæйы уагæй, кæд ныхас æндæр ахсджиаг цаутыл цыд, уæддæр,—цыппар предмет мын бахæс кодта: англи- саг-тохына,—цæмæй йæ арт къæс-къæс кæна, фæлæ, æфсымæр, бынтон æнæфæздæгæй; дыккаг — голландаг яец чысыл æрхуыссæнимæ, фыццагон арæзт æртыккаг— 451
хæринагаразæн къæй æмæ цыппæрæм та—шведаг пец.: Уыцы шведаг пец æз мæ цæрæнбонты дæр никуы амадтон / æмæ сæм цы миниуæг ис, уымæнницы зыдтон. Хорз, сых-/ хæст ын кодтон йæ фæндон, сарæзтон ынанглисаг тохына,'- куыд мын æй ныв кодта, уымæ гæсгæ сарæзтон шведаг пец, æфсæйнаг каркасæй. Мæ куыст бакодтон, фæлæ мын æй уый нæ исы. Бахатыр, дам, мын кæн, фæлæ, дам, уый шведаг пец нæу. Шведаг пец, дам, заргæ хъуамæ кæна. Уый скрипкæ райста æмæ йын йе бæзджын таг бацагайд- та мæ хъусы цур: кæсыс, йæ цæг хъæлæс цахæм хъуамæ ■ уа, уымæ. Уый, зæгъгæ, барæй афтæ аразынц, цæмæй иу- нæг адæймаг хæдзары йæхи иунæгæй ма ’нкъара. Æз ын> уæддæр мæхи хъуыды загътон: „Пец, зæгъын, байан нæу, цæмæй йыл романстæ цæгъдой, пец хъуамæ йæхи хæс æх- хæст кæна—хъарм кæна". Нæй æмæ нæй! 0, дæ ахуыр сæр мын макуы амæла! Уыцы шведаг пец та ногæй ама- йын райдыдтон, мæ хъуырмæ дзы сдæн, бынаты хицауау;: самадтон æй ногæй, фæлæ та уæддæр нæ зары. Мæнæ- фыдылгъыст! Æртыккаг хатт æй райдыдтон. Йæ фæздæг- дзæуæнты йын дыууæ-æртæ фокусы сарæзтощ гæзæмæ- ма йын хситтгæнæнты хуызæн дæр сарæзтон,—æцæг гуыр- гуыр кæнын райдыдта. Куыыц дымæн дæр ын сарæзтон,. фæлæ та бæзджын хъæлæсæй нæ зарыд, фæлæ æхсызгдн- дзинад зæрдæйæн лæвæрдта, тынг хъæлдзæг уыд. Æцæг • ын йæ уæламад бынатон раст кæй нæ сарæзтон, уый тых- хæй мæ нæ бафарста. Æрмæст, зæгъ, мын ныр тохына са- май, цъыс-цъысгæнаг тохына. Уый та куыд бамбæрстæуа,- цъысцъысгæнаг пец? Ис, зæгъы мын уый, ахæм диссаджы. пьесæ „Цъырцъыраг пецы" ;æмæ театры дæр архайд куы фæцæуы, уæд цъырцъыраг цъыс-цъыс фæкæны. Пецæй?' 0, зæгъгæ, пецæй. Сфæнд кодтон „цъырцъыраг" ын пецы бавæрын. Æнæхъæн къуцри йыл архайдтон, уæдæ куыд æнхъæл дæ. Мæ боныл, куы-иу мæм афтæ райхъуыст цы- ма дзы искæйы хурх чындæуыд, куы та цыма згъæлгæ æ’ркæны, куы цыма бынтондæр ницы—ныссабыр вæййы, цы- ма æлгъыст фæци. Гъе, мæ та ам дæр мæ хæс сæх- хæст кодтон. Сывæрдтон дзы цъырцъыраг. Цъырцъыраг æмæ цъырцъыраг!.. Гъе, мæ мын, уæд, профессор, мæ 452
куыстмызд ахицæн кодта æмæ мын зæгъы, зæгъгæ, нырма мæ цæрæнбонты ахæм пецаразæг никуы федтон, шведаг зараг пец дæр, æрмæст иу у —мæнæ, гъе, уый, цъырцъыргæнаг тохына дæр ис æрмæст иунæг мæнæ, гъе. Мæн, зæгъ, дæу бафæлварын фæндыди. Ды, зæгъы, Орлов, скрипкæтæ аразæг хъуамæ уаис, дæсны кусæг дæ, дæсны. Хуыцауæй дын сомы кæнын, афтæ мын загъта. Мæскуыйæ ардæм иу цалдæ/р артисты æрбацыд, сæ иу уы- донæй уыд Шаляпины бынаты æмæ мын уый цъырцъыр- гæнаг тохынайы тыххæй магъарич дæр скодта. Ды, зæгъ, æмбал Орлов, цыдæр ногдзинад ссардтай. Уæ пецты арæхстгай куы арт кæнай, уæд ыл гæнæн ис „чижик" ацæгъдай. Уæдæй фæстæмæ дзурынц æрмæстдæр: орло- ваг пецтæ, орловаг пецтæ. Амадтон сæ дзул уæйгæнæнты, «бынтон сын сæ миниуджытæ еахуыр кодтон, афтæмæй. Мæ куыст мын уайтагъд базондзынæ, йæ корпус — рæсугъд, æндæрты хуызæн нæ, фæлæ йын сæрмагонд бакаст ис. — Иудзырдæй, æз афтæ æмбарын æмæ сын ды зараг шецтæ сарæзтай,—йæ ныхае ын фæлыг кодтон æз, цæмæй лйын мæ фарстæй йæ таурæгъ сæйраг темæйы ’рдæм раз- дæхтаии. — Уый дæуæн загъдау! — хъæлдзæгæй сразы Орлов, растдæр æз, æрхъæцмæ нал фæлæугæйæ, тынг æнцонæй ахицæн кодта уыцы зын æмæ вазыгджын хæс. — Æмæ йæ уыдон хорзыл нæ банымадтой, нæ? — Хорзыл та йæ чи хъуамæ банымайа! Уым ис иу ак- тивисткæ, Марья Петровнæ, зæгъгæ, æмæ афтæ зæгъы: ~„Ай циу, Орлов, дæ пецтæ сындæггай хæлæг минæтау куы нæрынц. Æз, зæгъ, æппынæдзух тæрсын, куы фехæлой, „уымæй". Иу та—æндæрзæронд ус. Уый дæр йæхи критикæ- гæнæг скодта: „Æз, зæгъ, мæ нервтæ дæ пецтæм хъус- гæйæ фехæлдтон — æппынæдзух мæ хъустыл уайы, цыма ’Кæмдæр æхсыр фехсыст". 0, ме скæнæг хуыцау! Уымæн та йе ’хсыр фехсыст! Æмæ Орлов аскъуыддзаг кодта пецты седыгасы дæр ^аивын, аппарын сын сæ индивидуалондзинад æмæ ми- . ниуæг. — Уæдæ ды та цы зæгъдзынæ? Уыцы Марья Петровнæ 453
зæгъы: гъе, афтæ уæдæ, бузныг хуыцауæй, пецтæ аразын дæ афтæ чи сахуыр кодта, бæдæйнаг фæу, бæдæйнаг! Хъу- сыс? Сахуыр мæ кодтой! Уæдæ, афтæ, Орловы ном, куыд хорз пецаразæг, афтæ- махмæ æрхаудта, уæдæ нæхъуаджы нæ- тырныдта цахæм- дæр тыгъдбыдыртæм, хъазтæ-донхъазтæ, уасджытæ æмæ-- мыдыбындзытæ кæм сты, дæс æмæ ссæдз азы бæрц ын иу- дзинад цы быдыртимæ нал уыд, уыдонмæ. — Æцæгдæр,—загътон æз,—афтæ æнæмæнг хъуыддаг у æмæ пец зара? Чи зоны искæцы таукъобалайæн æхсыз- гон у, уæд æндæртæ та, мемæ сразы у, уый ницæмæн? хъæуы. Æнкъарæнтæ алгъуызон вæййынц, хорз пец, бо- ны фæстагмæ, уый у æмæ хорз чи хъарм кæны. Æз уæ ныр дæс æмæ ссæдз азы хъарм кæнын æмæ уæ никуы ничи хъаст кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн уæлдай хъыг уыд йæ - куыст æвзæрстыты рæстæджы кæй фæкъуылымпы ис æма&’ йæ ныр рæучи кæй фæхондзысты, уый. — Æппынæдзух къæвдатæ кæны, — загъта уый фида- рæй.—Иуылдæр уыдоны тыххæй афтæ у. Къæвдатæ куы вæййы, уæд æз мæхицæн бынат нал фæа- рын. Куынц нал фæдымы: нал фæздæгдзæуæнты, нал йæ хуылфы. Уæд пецтæ фæздæг кæнын райдайынц, адæм та— фæсус. Уый мæ хъуыдыйы уыд, фæлæ мæ æрбайрохи. Къæвда комкоммæ уарыд рудзгуытæм, æмæдон рахизы* рдыгæй галиуырдæм авгыл лæдæрсæн* кодта,.хæдзар иуыр- дæм науау акъул. Дымгæ къултæ цавта йæ уæззау улæнтæй. . Дуæрттæ схъиудтой, тыхызмæлд кодтой рудзгуыты, æвгтæ. — Бæллæх, бæллæх,—бахъуыр-хъуыр кодта хъармæй’ сфæлмæцæг Орлов. — Ацы къæвдатимæ гæнæн ис стыр - хъаугъа рауайа. — Ньтууадз, дæ хорзæхæй^—уазæджы сабыр кæнын рай-- дыдтон.—Цæй, адæм фæхуддзысты, арадзур-бадзур кæн- дзысты æмæ стæй дыууæ^ боны фæстæ банцайдзысты... Сæйраджы дæр пецтæ хъарм. кæнынц,. æмæ хъуыддаг уый у.. — Æз пецтыл нæ дзурын.—Уый дзуапп радта сагъæс- гæнгæ.—Ныртæккæ мæн æвзæрстыт-ьг мæт ис. Мæ хæлар,. 454
æз дæм æнæхъæн фондз сахаты иунæгæй куы цыдтæн. Талынджы, цæсты къух куы фæтъыстаис, уæд куы нæ фæзындаид. Æмæ уыцы фæндаг мæнæн цал азы зындгонд у. Партизаниуæг кодтон, ацы бынæтты разведчик уыдтæн, сапер. Æндæр исчи стыр лæварыл дæр нæ ацыдаид. Ныр æй æмбудыс, цæй тыххæй дзурын, уый? — Ницы кæны, мæ зынаргъ, нырма йæ не ’мбудын, ды дæр абон мæнмæ нæхъуаджы цыдтæ. Дæ бон уыд боны- хъæдмæ банхъæлмæ кастаис. — Нæхъуаджы? Уæдæ ма кæмæ хъуамæ ацыдаин? Адæм: нырма æвæлтæрд сты, кæм цы ис, уый æрмæст цыра- гъы рухсмæ ’взарынц. Куы сæ арвитай, уæд сын сæ фæд. дæр нал ссардзынæ. Æмæ мын Орловы тыхстдзинад æцæг мæ цæсты раз гом кæнын райдыдта йæ радзырды мидис. Мæгуырау пецтæй сфæлмæцгæйæ, æмæ йæ къух феса- фынæй тæрсгæйæ, æппæт бæллæхтæ д л:р кодта къæвдайы аххос. Къæвдаты уый федта тæссагдзинад куыд йæхицæн, афтæ йæ алыварс цы хъуыддаг цыдис, уыдонæн дæр. — Уæзласæн машинæтæ нæ рацæудзысты? — афарстон æй æз, пецтыл нал, фæлæ ’взæрстыты боныл хъуыды кæн- гæйæ, уыцы взæрстытæ хъуамæ уыдаиккой иннæбон. — Машинæтæ нæ рацæудзысты. Æрмæстдæр дзы фие- тæгæй ис ацæуæн. Банымай ма ныр: æрдæгæхсæвмæ хъæ- лæсдæттæн фæуд кæны, иу сахат бюллетентæ нымайы- нæн, нæ? Æмæ фондз сахатмæ пакеттимæ цæттæ. Уæдæ афтæ,. сæумæрайсом æхсæз сахатмæ нæ бæрæггæнæнтæ областон комиссмæ нæ фæхæццæ уыдзысты. Уымæй дæр ды мæнмæ хъус,—кæд æмæ æрмæстдæр æз ацæуон, уæд. Ныр бамбæрстай? Гъе, уæдæ афтæ. Куыд зыны, афтæмæй абон йе ’взарæн фадыг областон къамисмæ бæрæггæнæнтæ хъуамæ арвыстаид бæхтыл æмæ уæзласæн машинæйыл. Орлов, æцæг ын ничи ницы бахæс кодта, афтæмæй йæхæдæг, йæхи фæндонмæ гæсгæ, арасти фистæгæй. Уый нæ дæр бæхæн, нæ дæр машинæйæн бантыс- таид. Фондз сахаты дæргъы, йæ къухтæй фæндаг сгаргæ- йæ, æрвыл минут дæр фæсвæндагмæ ахауынæй тæрсгæйæ, тыххæй бырыд зæххыл, цæмæн дзы уыцы æлгъыстаджы 455.
пецты тыххæй чи ницы æнхъæл уыд, уыдоны цæсты $æ- хи равдыстаид, æмæ уыд хъæлдзæг, сæрыстыр, райгрнд, кæй фæуæлахиз ис, уый тыххæй. Алхатт дæр-иу æй ахæм цауты рæстæджы фæндыди йе знæгтæй ахынджылæг кæ- нын, ахæм хъаугъадзинæдтæн ног аххосæгтæ агургæйæ. Ныр уьшæ афтæ каст, цыма йæм хæлæг чи кодта, уы- дон æнæмæнг сфæнд кæндзысты уый нæ, фæлæ æндæр искæй арвитын. —-Æнæнцой фæуæд, хъус-ма, кæд хъуыддаг уымæ ’рцыд, уæд æз æртæ сахатмæ ку’ы сæххæст кæндзынæн мæ хæс! Кæрдоджын æрдузыл ацæудзынæн, бамбæрстай? Кæмт- ты нарæг къахвæндагыл ныххиздзынæн. Æмæ ком та мæ тæккæ фындзы рагъыл ис. Ацæуынæн дзæбæх фадат ссарынæй райгонд уæвгæйæ, уый цингæнгæйæ пецы раз арæдзæ-мæдзæ кодта. Дымгæйы къуыззитт æмæ къæвдайы æрхæндæг хъæ- лæс сиу сты фæс рудзынг. Кипаристæ сæ сæртц лыс- тæг къалиутæ æртасын кодтой сæ фæрсты ’рдæм, афтæ- мæй уæлдæфмæ стæхыны ’ввонгæй лæууыдысты. Кедртæ дæр сæ кæрæдзийыл сæхи хостой. Хъарм сур скъæттæй кæй фæсырдтой, уыцы фидыцджын’дзыбылдартæ дæр рудз- гуыты æвгтыл нынныгъуылдысты. Æмæ æхсæвæн раздæ- рау уыдис сау-сауид тæссаг хуыз. —Схуысс. Уат конд у,—уæлæмæ стгæйæ йын загътон æз. — Хуыцауыстæн, ныртæккæ цæугæ кæнын,—йæ цæс- тытæй нæ ракæсгæйæ, багуым-гуым кодта уый.—Электро- ны цырагъ мын нæ авæрдзынæ? — Абоныстæн, Орлов, сырра дæ! Дыккагхатт ацы фыд- вæндагыл куыд цæуыс? Уый сыстад æмæ йæхи фæлладæй айвæзтытæ кодта. — Уыдон ма цахæмдæр къаннæг лæппумæ хатынц, зæгъ- гæ, цæугæ æмæ аййаф фыды ’фсымæр Орлозы. Куыд æнхъæлыс, кæйфæнды дæр бабынкæндзысты. Нæй, æз мæ къухмæ хъуыддаг куы райсон, уæд æй хъуамæ кæронмæ ахæццæ кæнон. Йæ уæхсджытыл йæ хуылыдз уæззау цинел баппæрс- та æмæ рацыд. Дымгæйы згъордта æмæ згъордта, хæххон къадаты уынæр сæмхæццæ тæрккъæвдайы æнахуыр уы- нæримæ. 456
Афтæ зынд, цыма тар æхсæвы арвæй феккуырсыд ноджы -сау æмæ тардæр бæзджын мигъ. — Ай цы хуызæн æрдз у?—ÆмæОрлов мæстыйæ нытту кодта, чердæм, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта.— Æмæ уы- донæн та сæ сæрты ну хъуыды ис, зæгъгæ, голландаг пец- тæ фæздæг кæнынц. Ам адæймаг дæр сфæздæг кæндзæк... Йæ бон у æртхутæг дæр феста. Хорзæйуал баззай!—æмæ, уæззау къахдзæфты хъæрмæ гæсгæ, базыдтон, кæй арас- тис, уый. — Уæд та уал бонмæ банхъæлмæ кæсиккам? — Мæ хъуыддаг мын макъуылымпы кæн... Найда, йæ хъустæ фæтъæбæртт кæнгæйæ, дискæнæджы каст кодта Орловы фæстæ. Уый, æвæццæгæн, никуы ма, федта æмæ адæймаг цæсты разæй афтæ тагъд фæтары уа. Найда цалдæр хатты ахъавыд къæвдайы агæпп кæнын æмæ -сбæрæгкæнын уазæг чердæм ацыд, фæлæ йæ ныфс нæ ба- гхаста æмæ йæ къуди азымджыны тылд бакодта. 1947. 45
Серафимдвич Александр* ДЫУУÆ МÆЛÆТЫ Йæ сæрыл кæлмæрзæн бает, афтæмæй Мæскуыйы Со~ ветмæ, штабмæ æрбацыд иу сæгъдзаст, æвзонг чызг. Уыд Октябрь. Арв зынди хъуынтъызæй. Хуылыдз, уа- зал уæлхæдзæртты трубаты ’хсæн рабыр-бабыр кодтой, сæ- хъус дардтой юнкертæ æмæ Ооветы фæзуаты æнæарæхс- гæйæ чи цыд, уыдон-иу винтовкæйæ фехстой. Штабмæ чи ’рбацыд, уыцы сæгъдзаст чызг загъта: — Æз революцийæн ницæмæн сбæздзынæн? Мæн фæнды’ юнкерты тыххæй сымахæн штабмæ бæрæггæнæнтæ дæт- тын. Медицинон хойæ кусын мæ бон нæу, нæ дæр уæ хъæуы, медицинон хотæ уæм бирæ ис. Хæцын дæр нæ* бауыдзæн мæ бон, винтовкæ мæ къухмæ никуы ма райстон. Кæд мын пропуск радтат, уæд уын хæсдзынæн бæрæг- гæнæнтæ. Бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ чи фервыста, ахæм æф- сæддон æмбал фыр фæлмæцыдæй ныффæлдæхт пъолыл. Йæ уæлæ уыд цармæй конд, цыбыр пъалто сойæдзæгтæй, йæ роны та уыди тъыст маузер. Рæуджыты низæй кæй уыд рынчын, уый йæ цæсгомыл зынди. Чызгмæ йæ цæотытæ ныццавта, каст æмæ йæм каст, стæй йын загъта: — Зон, куы нæ фæсайай, уæд дæ фехсдзыстæм, æм- барыс? Уыдон дæр дæ куы базоной ды мах дæ, уый, уæд дæ уыдон дæр фехсдзысты. — Æмбарын æй, — уырнынгæнæг хъæлæсæй загъта чызг. — Цы хъуыддагыл ныллæууынмæ хъавыс, ууыл ахъуы- ды кодтай, куыд æмбæлы, афтæ? 458
Чызг, йæ кæлмæрзæн арастгæнгæйæ, загъта: — Сымах мын радтут алы постмæ документ, куыд æз дæн офицеры чызг. Чызджы бакодтой хицæн уатмæ, дуаргæрои æрлæууын кодтой хъахъхъæнæджы. Уалынмæ фæрссæгты акомкоммæ фæзуатæй æрбай- хъуыст æхст—юнкерты броневик æвиппайдæй февзæрд. фæзуаты, райдыдта æхсын æмæ стæй фæстæмæ фездæхт, фæтары. — Хæйрæг æй базонæд, куыд уыдзæни... Æз æй фарс- тон чи у, уымæй. Бæрæг æй кодтон, фæлвæрдтон æй ньь- хаскæнгæкæнын, зæгъын, ныфсджын у, æви нæ, фæлæ нæ зонын, ныр ма цы загъдæуа,—дзырдта, рæуджыты ни- зæй чи смæллæги, йæ рустæ мидæмæ кæмæн бахаудтой,, уыцы æфсæддон рынчын æмбал.—Кæй зæгъын æй хъæуы;. гæнæи ис мыййаг куы фæсайа. Цæй, уæд та йын радтæм пропуск, кæд гадзрахатæйцæуæг разына, уæддæр- ницы уый бæрц зонæнтæ зоны мах тыххæй æмæ йæ бон нæ • бауыдзæн зæгъын бирæ ис^ытæ. Кæд гадзрахатæй рацæуа,. уæд дын кæдæм аирвæздзæни» Чызгæн радтой мæнг документтæ. Уый ацыдис Арбат— мæ, Александры номыл ахуыргæнæндонмæ. Горæты къуым- ты цы сырхæфсæддонтæ лæууыд, уыдонæн уынын кодта пæ пропуск. Знаменкæмæ куы бахæццæ, уæд йæ сырх пропуск бам- бæхста. Юнкертæ йыл æрхъула сты æмæ йæ акодтоВ ахуыргæнæндоны радгæсдонмæ. — Мæн фæнды медицинон хойæ кусын, мæ фыд мард’ фæци Германы хæсты, Самсонов æд æфсæдтæ фæстæмæ куы алæууыд, уæд. Мæ дыууæ æфсымæры та хъазахъхъы æфсæддон хæйтты уыдысты Доны. Æз баззадтæн иунæ- гæй... Цæрын ныр мæ чысыл хоимæ. — Тынг хорз, тынг... Махæн æхсызгон у дæ фæндон- дзинад. С.тыр Уæрæсейы фæуæлахизы тыххæй махæн нæ зын æмæ нæ уæззау хæсты баххуыс кæнынмæ цæттæ чи у, ахæм рæстаг патриоттæн мах арфæ кæнæм, бузны- гæй сыл æмбæлæм. Дæ фенд та нын уæлдай æхсызгон у, офицеры чызг дæ. Дæ хорзæхæй. 459
— Бакодтой йæ уазæгдонмæ æмæ йын радтой цай. Радгæс офицер дзырдта, йæ разиæ чи лæууыд, уыцы ;онкерæн: — Степанов, цы, уый зоныс, кусæджы дарæс ма скæн. Исты амæлттæй Покровкæмæ баирвæз. Мæнæ дын адрес. Бæстонæй базон алцы дæр, чи нæм æрбацыд, уыцы чыз- джы тыххæй. Степаиов уайтагъд фæцæуæг æмæ чысыл раздæр цы кусæджы амардтой, уый тугæй дзаг пъалто скодта, скодта йын йæ хæлаф, йе скъуыдтæ цырыхъхъытæ, йæ зæронд худ æмæ изæрмилты араст Покровкæмæ. Уым фембæлд иу сырхцъар, хъуынджынтæ æмбæста- тыл. Уыцы лæг йæцæстытæ тъæбæртт-тъæбæртт гæнгæйæ загъта: — 0, дыккаг номеры цæры иу æвзонг чызг йæ чысыл хоимæ. Уый у хæйрæджыты хай фæуинаг, буржуйтæй. — Цымæ ныртæккæ кæми7 — Чи йын цы базондзæни, райсомæй нырмæ ам нæй. .Æвæццæгæн, æй æрцахстой. Штабс-капитаны чызг у уыцы дæлимон, хæфсынкъ. Цæмæн дæ хъæуы афтæ æхсызгон? —-Афтæ... 0, мæнæ кæмæдæр æххуырсты уыдыстæм нæ .хъæуккаг чызгимæ æмæ мæ уый фенын фæндыд. Цæй, хæрзбон уал! Æхсæвы юнкертæ куы раздæхтысты сæ службæйæ, уæд æрхъула кодтой сæгъдзаст чызджы алыварс. Алчи .дæр архайдта, цæмæй йæм цинæнгасæй кастаид, зылдаид æм. Æхсызгон хъæлæсæй йæм дзырдтой: чи йын лæвæрд- та адджын гуылтæ, чи кафеттæ. Сæ иу ын райдыдта зæрдиагæй роялыл цæгъдын. Иу та дзы чызджы разы йæ зоныгуылтыл æрлæугæйæ худти æмæ йын лæвæрдта дидин- туыты баст. — Мах ныппырх кæвдзыстæм цъаммæртты æрдонджы... Хорз сын фестæм. Сомæхсæв сæ ныццæвдзыстæм Смолен- скы базарæй æмæ сæ фæнык фестын кæндзыстæм. Дыккаг бон чызджы акодтой яазаретмæ цæф æфсæд- донты хъæдгæмттæ бæттынмæ. Урскъулджын хæдзары цурты куы фæцæйцыдысты, уæд федтой зæххыл дæлгоммæ фæлдæхтæй мард кусæг 400
лæджы. Йæ уæлæ уыд джиппæйфыст хъулон хæдон, йæ’ цырыхъхъытæ уыдысты цъыфæйдзæгтæ, сæ бынтæ æм- пъызтытæ, йæ галиу цæсты бын сау тæппы хуызæн. зынди. — Шпион,—марды ’рдæм кæсгæ дæр нæ бакодта, цыма- йыл æлгъ кодта, уый дзырд скодта юнкер.--БахаудтаГ Чызг бон изæрмæ куыста лазареты, цырд æмæ арæхст- джынæй архайдта. Бузныджы цæстæнгасæй йын кастысты йæ фæлмæцыдхуыз сæгъдзæстытæм. Дзырдтой йын: — Бузныг, стыр бузныг, нæ чысыл хо... Дыккаг æхсæв йæхи акуырдта сæхимæ. — Кæдæм цæуыс? Дæ хорзæхæй, цæуыны фæнд ма скæнут, тæссаг у, уый зоныс? Ныр алы фисыны дæр хъарагъултæ лæууы. Куыддæр нæ арæнæй ахизай, афтæ дæ хъæддæгтæ æрцахсдзысты æмæ дæ æнæмæнг фехс- дзысты — Мæ документтæ сын фенын кæндзынæн, аез ницы- гæнæг дæн, хæцæг адæмæй нæ дæн. Æнæ ацæугæ мын< нæй. Мæ хо иунæг у. АфОнмæ дæр, хуыцау æй зоны, цы. фæци. Мæ зæрдæ йæм тынг æхсайы. — Уый ’раст у, дæ чысыл хомæдæ зæрдæ æхсайы, фæлæ куынæ ацæуиккат, уæд хуыздæр уаид. Уæд та дын дыу- уæ юнкеры демæ арвитон, уыдон дæ ахизын кæндзысты. — Нæ, нæ...—тарстæй йæ къухтæ батылдта чызг,—æз мæхæдæг иунæгæй, иунæгæй... ницæмæй тæрсын. Уый йæм цымыдисæй комкоммæ бакаст. —Уæдæ афтæ#.. Кæд дæ афтæ фæнды, уæд ацу. — Чызгæн йæ цæстытыл ауад уардихуыз хæдон, йæ сæр фæстæмæ хаудæй, йæ цæсты бын сау тæпп кæмæн уыд, уыцы кусæджы мард... Чызг рахызт кулдуарæй æмæ æхсæвы талынг фурды- аныгъуылд, иунæг уынæр дæр æм никуыцæй хъуысти. Ахуыргæнæндоны фæрсты рацæйцæугæйæ, чызг бацыд Арбаты фæзуатмæ, стæй бахæццæ Арбаты кулдуармæ. Йæ фæрсты цыд чысыл тымбылæджы хуызæнæй йæ ау- уон æмæ-иу дзы федта йæ гуыры ныв. Уыцы рæстæджы у^1й æндæр никуы ницы уыдта, æгас дунейыл дæр уый уыди иунæг. 461
Тар æхсæвы чызгæй ферох тасдзинад, æрмæст тыхсти йæхимидæг. Чысыл чызгæй-иу йæ фыд искуыдæм куы ацыд, уæд-’иу • сынтæджы сæрмæ гауызыл ауыгъд гитарæ райста æм!æ- иу райдьтдта йæ чысыл ръухтæй „дин-дин" кæнын. чТынг • бæрзонд-иу систа гитарæйы тæнтæ, атоныны æввонг-иу • сæ скодта, гæзæмæ ма-иу хъуысти сæ^хъæр. Уæд-иу ’ чызг фæтыхст, йæ сурхид-иу акалди... Йæ чысыл ны- хыл-иу разындысты хиды тæппытæ фæрдгуытау. Уыцы уавæр-иу æхсызгонад лæвæрдта чысыл чызгæн. Ныр дæр ын талынджы цæугæйæ уыди ахæм зæрдæйы ’ конд, ыæ тарсти, фæлæ-иу цыма сабыргай йæ хъустыл ауади „дин-дин"... Æхсæвы тар базырты бынæй уыдта йæ аууоны. Уалынмæ æвиппайдьг, йæ къухæй сгаргæйæ, йе ’нгуылдзтæ баиыдзæвдысты уазал цæуылдæр. Уый уыди хæдзары къул. Йе уæнгтæ базырзыр кодтой æмæ йæ буар ахгæдта хиды лыстæг фæрдгуытæй, йæ сурхид акалд. Хæдзары къул, ам æввахс хъуамæ уа бульвары гæзæн- хъæд. Кæй фæдзæгъæл, уый бамбæрста. Фæлæ ницы кæны, - ссардзæни йæ фæндаг. Фыр адæргæйæ йæ дæндæгты къæрцц-къæрцц ссыд. Чидæр æм æргуыбыр кодта æмæ йын сусу-бусу кæны: — Уый дæ царды фæстаг бон у... æмбарыс? Ды афтæ æнхъæлыс фæдзæгъæл дæ, фæлæ... Чызг йæ тых йæ бонæй хъуыды кæны: рахизырдыгæй Знаменкæ, галиуырдыгæй та—бульвар... Чызг, æвæццæгæн, - бульварæй Знаменкæйы ’хсæн бахаудта. Талынджы йæ къухтыл размæ рахæцыд æмæ йын цæджындзыл аныдзæв- дысты. Телеграф? Чызгæн йæ зæрдæ йæ риуы сгуыпп- гуыпп кодта, йæ зонгуытыл йæхи æруагъта. Йæ къухтæ та аныдзæвдысты хуылыдз æфсæйнагыл... Гæзæнхъæд, бульвар. Чызгæн йæ тасдзинад фергомдæр. Сындæггай сраст кодта йæ астæу. Ныззыр-зыр кодта, разылди йæ сæр. Йæ алфæмблайы цыдæриддæр уыд бæласæй, хæдза- рæй æнкъуыстысты. Трамвайтæ æмæ уыдон фæндаджы рельсытæ сырх-сырхид фестадысты æмæ чызджы алыварс зылдысты. Æхсæвы тар дæр змæст æмæ сырхæй зилахар 462
«кодта йæ цæстп раз. Йæ цæстытыл уадысты ныллæг мигъ- тæ ахст туджы карстыты хуызæнæй. Сырх кæрдæны хуызæны бын уыдысты, йæ алфæмбла- ,йы цыдæриддæр уыди, уыдон æмæ чердæм зылдысты, уыцырдæм цыдис чызг дæр. Уый цыди Никитскийы кул- ,дуармæ. Диссаг уыд, уый бæрц фæцыдис æмæ йыл куыд ничи фембæлди. Цæмæннæ йæ исчи æрурæдта? Чызгмæ афтæ касти, цыма кулдуары цурты алы ран, талынг къуымты хъусдарджытæ уыд æмæ йæм кастысты. Уый цыди йæхи нæ аууонгæнгæйæ, йæ цæстытыл уади цахæм дæрсырх хуыз. Йæ иу къухы дзыхъхъы уыди урсыты про- пуск, иннæйы та—сырхыты. Кæд ыл исчи фембæла, æруро- ма йæ, уæд ын равдисдзæни, кæцы пропуск æмбæла, уый. Йæ алыварс иу змæлæг нæ уыди, фæлæ йæ цæстытыл цы сырх кæрдæн тыхсти, уый йын æнцойад нæ лæвæрд- та. Никитскийы кулдуары цур алцыдæр диссаджы æмæз- мæлд кодта. Цахæмдæр æвзæгты хуызæттæ ныхстысты зынггъуыз мигъты. Уыцы диссаджы мигътæй здыхсгæ цыди фæздæг. Стыр бæрзонд хæдзарæй æрттывтой рухсы- тæ, нæ сæм лæууыдысты цæстытæ. Уыцы зынджы рухсмæ 41лцыдæр зæххыл зыр-зыргæнгæ мигътæм тындзыдта. Æр- мæст-иу фæзындысты сау стæгдары хуызæнæй рельсытæ, цæджындзтæ, хæдзæртты къултæ. Кæрæдзийы комкоммæ цы хæдзæртты фæрссæгтæ уыд, уыдон рухсхмæ æрт- тывтой. Мигътæм тахтысты, зæххы цы ’рттивгæ цæхæртæ æм- бæ{)зтой, уыдон. Хъуыст нæмыгзгъалты къæр-къæр æмæ судзгæ цæхæрты къæрцц-къæрцц. Чызг фæстæмæ фæкасти æмæ федта горæт кæй нынныгъуылп; æхсæвы тары, æппындæр нал зынди. Горæты бирæ хæдзæрттæ, аргъуантæ, фæзуæттæ, улæфæндæттæ, театры агъуысты- тæ цыма æхсæвы тар фурды бын фесты, уыйау фесæф- тысты. Тар æхсæв уыди сау хъæдабæйы хуызæн. Уыцы алæмæттаг кæрдæны бын æрдз ныхъхъус. Æнтъыс- нæг æхсæвы тæссаг хъуыддæгтæ æрцæуынæй тас уыд. Æхсæвы сабырады алцæмæн дæр гæнæн уыд алцы дæр æрцыдаид... Чызджы зæрдæйыл тыхстысты алыхуызон тæссаг æнкъарæнтæ. 463
Ихæн кодта фыр адæргæйæ, чи йæ зоньг йæхи аууон- гæнгæйæ цас фæцыд. Иу талынг къуымы йæхиуыл схæ- цыди, чндæр æм фелвæста йæ джебогъ: — Чи дæ, кæдæм цæуыс?—æмæ сау æндæргау разынд. Чызг æрлæууыд æмæ йæм бакаст. Уыцы тæссаг минуты йын фæхæццæ сты пропусктæ, нал хъуыды кодта кæцы къухы сæ кæцы уыди. Иу секунды бæрц дызæрдыггæн- гæйæ ахъуыды кодта. Уыцы рæстæджы йын топпы дзых йæ риумæ ныддардта, чи йæ æрлæууын кодта, уый. Цы бакодтаид чызг, уымæн ницы уал зыдта, фæтыхст. Рахиз къухы цы пропуск уыд, уый йæм хъуамæ равдыс- таид, фæлæ йæм йæ галиу къухы цы пропуск уыд, уый> бадардта йæ къух ризгæйæ. Уыцы къухы йын разынд юнкерон пропуск. Топп кæмæ уыд, уый йæ къух æруагъта æмæ йæ топпы ивтындзæнимæ ацархайдта. Чызг ахæм стыр тас фыццаг хатт бавзæрста æмæ йæ бынаты сагъдæй баззад, ныууа- зал, раст цыма зæххыл сæлгæ ныккодта, уыйау лæууыд æнæзмæлгæйæ. Уалынмæ зывгсирвæзтытæ кæм уыд, уыцырдыгæй цæ- хæрты къæс-къæс æрбайхъуыст, ферттывта рухс. Хъахъ- хъæнæг юнкерон пропускы йæ армытъæпæны зыгъуыммæ- æрывæрдта. „Ох æнæахуыргонд!" — А, айс æй! Чызг уыцы æлгъыстаджы гæххæтт йæ армытъæпæны балхъывта. — Кæдæм цæуыс?—йæ фæстæ адзырдта уый. — Штабмæ... Советмæ. Фæсуынгты ацу, æндæра дæ æрцахсдзысты. Штабы чызджы айстой хорз. Уый сын ахсджиаг зонæн- тæ радта. Штабы уæвджытæй алчи дæр чызджимæ ныхас кодта бузныджы хъæлæсæй. Фарстой йæ. Цармæй пъалто- кæуыл уыд, рæуджыты низæй рынчын чи уыд, уый йæм рæвдаугæ хъæлæсæй, худæндзастæй дзырдта: — Бæдæйнаг чызгай, бæдæйнаг! Фæлæ дæхи тынг хъахъхъæн, ма бахау. Изæрмилтæм æхст, топпы хъæртæ куы ныхъхъус сты, уæд та чызг ацыд Арбатмæ. Лазаретмæ ластой æмæ лас— 464
той районтæй цæф æфсæддонты. Ныхмæлæууæг юнкер- тæ састы бынаты баззадысты. Смоленскы базарæй сыл хæцыдысты, пхуарæгау сыл згъæлстой топпы нæмгуы- тæ. Ныппырх кодтой юнкерон тыхты, тынг бирæ сæ фæ~ цагъгъды, фесæфтой бирæ хотыхтæ. Æгас æхсæв бонмæ чызг зылди цæф æфсæддонтæм. Ныффæллад, йæ рустæ мидæмæ, (^ахаудтой, фæлæ æнæ- рынцойæ архайдта цæфтимæ, Ласта сын арæхстджынæй сæ хъæдгæмттæ, кæмæн та йæ раздæры бинтбастытæ рæсты- тæ кодта, кæмæн та хæринаг дардта. Ц&ф æфсæддонтæ дзы уыдысты тынг бузныг. Куыд- дæр æрбабон, афтæ Лазаретмæ æрбабырста иу юнкер æнæ- худæй, йæ уæлæ уыд кусæджы кастюм, йæ сæры хил барц сбадти, йæ цæсгомы хуыз фæцыд. Чызгмæ багæпп кодта: — Ай уыд, ай... ацы гадза! Ныууæй нæ кодта. Чызджы цæсгом цикъæйæ фæлурсдæр ныцци, ацух- мух кодта, стæй та йæ цæсгом туджы хуызæн аци æмæ- фæхъæр кодта: — Сымах... Сымах кусджыты марджытæ стут! Уыдон; цæмæй сæ хъизæмары цардæй фервæзой, ууыл.тох кæ- нынц... Сымах та..; Мæнæн... Мæнæн мæ бон нæу хæцæн- гарзæй хæцын, фæлæ æз сымах мардтон... Чызджы рак’одтой хæдзары урс къулы цурмæ æмæ Гшн дыууæ нæмыджы йæ зæрдæйыл суагътой. Чызджы мард^ дæр нцр дæргъæй лæууыд джиппæйфыст хæдонджын ку- сæджы марды фарсмæ. Дыууæ марды цæсгæмттыл тыхсти æмхуызонæй октя- бры мæйы уазал уддзæф. Цалынмæ чызджы марды нæ аластой уырдыгæй, уæдмæ* октябры мæйы тызмæг хъуынтъыз арвы ’рдæм йæ сæгъ- дзаст цæстытæ дзагъырæй лæууыдысты. 1960 аз. 3) 465
Симонов Константин ÆРТЫККАГ АДЪЮТАНТ Комиссары тынг уйрныдта, зæгъгæ, ныфсджындæр здæймæгтæ тæппудты хъауджыдæр мæлынц стæмдæр хатт. Уый йæ арæх дзырдта æмæ мæсты кодта, йемæ-иу куы •быцæу кодтой, уæд. Дивизийы уый уарзтой æмæ дзы кодтой тæрсгæ дæр. Хæстыл адæймæгты куыд ахуыр кæнын хъæуы, уый тых- хæй йын уыд йæхи æгъдау. Уый адæймаджы базыдтаид цæугæ-цæуын дæр. Ракодтаид æй дивизийы штабæй, пол- кæй, иу къахдзæф дæр æй нæ ауагътаид йæхицæй, аф- тæмæй изæрмæ йемае рацу-бацу кодтаид, уыцы бон æй кæмдæриддæр фенын фæндыдаид, уымыты. Атакæйы цæуын-иу æй куы бахъуыд, «уæд-иу уыцы здæймаджы акодта йемæ атакæмæ æмæ-иу цыдйæфарсмæ. Кæд-иу ын уыцы фæлварæнæн бафæрæзта, уæд та-иу комиссар изæры уыимæ базонгæ ноджыдæр. — Куыд у дæ мыггаг? — æвиппайды-иу æй цæхгæр •афарста. Дисы бафтæг командир-иу загъта йæ мыггаг. — Мæ мыггаг та у Корнев,—загъта-иу уæд комиссар земæ-иу æм йæ къух бадардта.—Корнев. Иумæ цыдыстæм, иумæ дæлгоммæ хуыссыдыстæм, ныр уыдзыстæм зонгæ. Куыддæр дивизимæ æрцыд, афтæ йын фыццаг къуы- рийы амардтой дыууæ адъютанты, Фыццаг адъютант старст æмæ рахызт акоппæй, цæмæй абырыдаид фæстæмæ. Фæлæ йæ нæмыгзгъал ацæхæра- джынтæ кодта. 466
Изæры, комиссар штабмæ куы здæхти, уæд æнæзæр- .дæрисгæ ахызт мард адъютанты фæрсты, æгæрстæмæй, ма йæм кæсгæ дæр нæ бакодта. — Дыккаг адъютантæн атакæйьгрæстæджы нæмыг ахызт йæ риуы. Уый хуыссыд знагæй байсгæ акоппы йæ чъыл- дьшыл æмæ, уæлдæф арф улæфгæйæ, куырдта дон. Фæлæ дзы дон нæ уыд. Разæй, сыджыты калды фæстæ лæууы- .дысты немыцæгты мæрдтæ. Уыдонæй иуы фарсмæ уыд •флягæ. Комиссар систа бинокль æмæ йæм каст иу дзæвгар, цы- ма йæ фæндыд базонын уыцы флягæ афтид у, æви едзаг. ’Стæй, сыджыты калды сæрты йæхи уæззау айста уы- цы ацæргæ лæг æмæ араст быдыры, йæ æрвылхатты сын- дæг къахдзæфтæй. Цæмæннæ, уый бæрæг нæ уыд, фæлæ немыцæгтæ не ’хстой. Уыдон æхсын райдыдтой, иугæр флягæмæ куы бахæццæ. йæ къухмæ йæ куы систа, куы йæ арацæгъд- *бацæгъд тсодта æмæ, флягæ йæ дæларм скæнгæйæ, фæс- тæмæ куы рАздæхт, уæд. Æхстой йæ чъылдымы ’рдыгæй. Дыууæ нæмыджы .дзы сæмбæлд флягæйыл. Уый йын йæ хуынчъытыл ных- хæцыд йе ’нгуылдзтæй æмæ ацыд дарддæр, йæ хъандзал къухты флягæ хаста, афтæмæй. Акоппмæ куы æргæпп кодта, уæд арæхстджынæй, цæмæй йæ ма акалдтаид, флягæ хæстонтæй кæмæдæр а^æвæрдта. — Дон ын бадарут! — Æмæ уæд та афтид разынд?--цыбæлгæнгæ бафарста чидæр. — Уæд æрбаздæхтаин æмæ дæ арвыстаин æндæр, едзаг •флягæ агурынмæ!—чи йæ бафарста, уымæ мæстыйæ ба- кæсгæйæ, загъта комиссар. Уый арæх арæзта уымæн, дивизийы комиссарæн, аразын чи не ’мбæлд, ахæм хъуыддæгтæ. Фæлæ-иу уый йæ зæр- дыл æрлæууыд, иугæр-иу æй куы сарæзта, æрмæст уый ♦фæстæ. Уæд-иу уый мæсты кодта йæхимæ, æмæ-иу ын йæ ми йæ зæрдыл чи æрлæууын кодта, уыдонмæ. Афтæ уыд ныр дæр. Флягæ куы ’рбахаста, уæд адъю- танты цурмæ цæугæ дæр нал кодта æмæ зынд афтæ, цы- 467
ма бынтондæр йæ зæрдыл нал лæууы, æрмæст ма йæ хъус дары тохы быдырмæ. Фыиддæс минуты фæстæ уый æнæнхъæлæджы фæ- дзырдта батальоны командирмæ: — Санбатмæ йæ нæма арвыстат? — Нæй йын гæнæн, æмбал комиссар, талынгтæм æн- хъæлмæ кæсын бахъæудзæн. — Т&лынгтæм уый мæлгæ дæр акæндзæн,—комиссар йе ’ргом аздæхта æндæрæрдæм, йæ ныхас банымадта фæу- дыл. Фондз минуты фæстæ , дыууæ сырхæфсæддоны, нæм- гуытæй сæхи хизгæйæ, адъютанты æнæзмæлгæ буар хас- той фæстæмæ къуыбырджын быдыры. Æмæ комиссар фидар зæрдæйæ каст, уыдон куыд цы- дысты, уымæ. Уый иугъуызон аргъ кодта, йæхицæн дæр æмæ æндæртæн дæр цы тас уыд, уымæн. Адæм мардыс- ты—хæст хæст у. Фæлæ æхсарджынтæ мæлынц стæм дæр хатт. Сырхæфсæддонтæ цыдысты ныфсджынæй, сæхи зæхмæ нæ уагътой. Цæф адъютанты кæй хæссынц, уый сæ рох нæ уыд. Комкоммæ дæр уый тыххæй Корневы уырныдта, уыдон бынатмæ кæй ныххæццæ уыдзысты, уый. ’Æхсæвы, штабмæ куы цыд, уæд комиссар фездæхт санбатмæ. . — Куыд у, хуыздæр кæны, сдзæбæх æй кодтат?—ба* фарста уый хирургы. Корневмæ каст афтæ, цыма хæсты алцæмæн дæр гæ- нæн ис, æмæ хъуамæ арæзт дæр цæуа иугъуызон тагъд— хъусынкæнинæгтæ хæссын, атакæты цæуын, цæф^æфсæд- донтæн хос кæнын. Æмæ Корневæи хирург куызагъта, зæ гъгæ, адъютант амард; бирæ туг дзы кæй фæцыд, уый аххосæй, уæд фæ- дисау æмæ йæ цæстытыл хæрдмæ схæцыд. — Цы, дзурыс, уый æмбарыс?—ныллæг хъæлæсæй загъта уый, ныххæцыд хирургы портупейыл æмæ йæ лас- та йæхирдæм.—Дыууæ версты йæ æхсты бын уымæн ра- хаетой, цæмæй фервæзтаид, æмæ ды та дзурис—амард. "Уæдæ ма йæ хæсгæ та цæмæн кодтой? '468
Иæхæдæг донмæ æхеты бын, куыд цыдис, уый тцххæй Корнев нйцы загъта. Хирург йæ уæхсджытæ фелхъывта. — Æмæ стæй,—уый бафиппайгæйæ, йæ ныхасмæ баф- тыдта комиссар.—Уый ныфсджын лæппу уыд, уый хъуа- мæ ма амардаид. 0, о, ма хъуамæ амардаид,—мæстыйæ загъта дыккаг хатт.—Æвзæр кусут. Гъе, æмæ йын хæрзбон дæр нал загъта, афтæмæй ма- шикæйы ’рдæм фæраст. Хирург йæ фæдыл кæсгæйæ баззад. Дзырд дæр ыл нæй, комиссар раст нæ уыд. Логикон æгъдауæй куы ахъуыды.кæнæм, уæд уый ныртæккæ загъта æдылы ны- хас. Фæлæ уæддæр йæ ныхæсты уыд ахæм тых æмæ уырнындзинац, æмæ , хирургмæ минуты бæрц фæкаст аф- тæ, цыма æцæгдæр ныфсджын адæймæгтæ хъуамæ ма мæлой,, фæлæ кæд уæддæр мæлынц, уæд цæуы афтæ, æмæ уый кусы æвзæр. — Ницæйаг!—загъта уый хъæрæй, уыцы æнахуыр хъуыдыйæ фервæзыныл архайгæйæ. Фæлæ’ йæ уыцы хъуыды уæгъд.нæ уагъта. Уымæ фæ- каст афтæ, р,ыма уыны, дыууæ сырхæфсæддоны æнæкæрон къуыбырджын быдыры цæф адъютанты куыд х^стой, уый. — Михаил Левы фырт,—цыма раджы аскъуыддзаг, уы- йау æвиппайды загъта уый йæ хæдивæгæн, хæдзары дæлбазырмæ тамако дымынмæ куы рацыд, уæд.—Райсом размæ дарддæр ахæссын хъæуы ноджы дыууæ хъæдгом- бæттæн пункты, стæй дохтыртæ дæр æрвитын хъæуы... Комиссар штабмæ ныхæццæ æрмæст бонырдæм. Уый йæ адыл нæ уыд æмæ, адæммæ йæхимæ сидгæйæ, абон уый уыдон æрвыста уæлдай тагъддæр æмæ бирæ æнæ- радзур-бадзурæй, фылдæр хъуыр-хъуыргæнгæ. Уымæй сын уый арæзта хæйрæгдзинад. Комиссарæй-иу адæм мæстыйæ куы цыдысты, уæд ын-иу æхсызгон уыд. Уый æнхъæлдта, зæгъгæ, адæймагæн йæ бон у алцы аразын. Æмæ, уыдонмæ хыл кæнгæйæ, уьхй адæймаджы азымы ни- куы ’ппæрста, йæ бон кæй нæ баци, уый тыххæй, фæлæ йæ азымы дардта, йæ бон кæй уыд æмæ йæ кæй нæ са- рæзта, æрмæст уый тыххæй. Æмæ кæд адæймаг арæзта 469
бирæ, уæддæр æй комиссар дардта азымы, ноджы фылдæ^ кæй нæ сарæзта, уый охыл. Адæм чысыл куы смæсты вæййынц, уæд хуыздæр хъуыды кæнынц. Уый уарзт^ адæймаджы ныхас æрдæгдзырдыл фескъуынын, афтæ, цæ- мæй адæймаг бамбара æрмæст сæйраг хъуыддаг. Гъе, уый руаджы дивизийы кæддæриддæр æнкъардтой афтæ, цыма сæ фарсмæ ис. Адæймагимæ иу минут дæр куы фæуы- даид, уæддæр-иу архайдта афтæ саразыныл, цæмæй уы- мæн уыдаид, дыккаг фембæлдмæ цæуыл хъуыды кодтаид^ уый. Райсомæй йæм радтой зноны зиæнтты зонæнтæ. Уый сæ куы каст, уæд йæ зæрдыл æрлæууыд хирург. Кæй зæ- гъын æй хъæуы, уыцы зæронд фæл^æрд дохтырæн зæгъ, зæгъгæ, æвзæр кусыс, уый хорз нæу, фæлæ ницы кæны, ницы, уадзхъуыды кæна, чи зоны смæсты уа æмæхорзæй исты æрхъуыды кæна. Уый фæсмон кодта, цы загъта, ууыл. Иуыл хъыгагдæр уыд, адъютант кæй амард, уый. Ууыл ахъуыдыкæнын бирæрæстæджы йæхицæн бардæр нæ лæ- вæрдта. Науæд хæсты уыцы мæйты æгæр бирæтыл бахъуы- даид хъынцъым кæнын. Уый йыл хъуыды кæндзæн фæс- тæдæр, хæсты фæстæ æвиппайды мæлæт æнæнхъæлæ- джы куы суа, уæд. Нырма уал мæлæт кæддæриддæр у æнæнхъæлгæ. Æндæр мæлæт ныр нæ дæр вæййы, уын бамбарын хъæуы. Фæлæ уый уæддæр уыд æрхæндæг, цы-. дæр хус хъæлæсы уагæй штабы хистæрæн загъта, зæгъ- гæ, йын амардтой йæ адъютанты æмæ ссарын хъæуы ног. Æртыккаг адъютант уыд бурдзалыг æмæ цъæхдзаст лæппу, нырма хæрз æрæджы скъолайæ кæй рауагътой, æмæ, фронтмæ фыццаг хатт чи бахаудта, ахæм. Сæ базоныны фыццаг бон уый бахъуыд батальонмæ^ комиссаримæ иумæ фæрсæй-фæрсмæ . цæуын,. минатæ арæх кæм хæлдысты, уыцы салд фæззыгон быдыры, æмæ иу къахдзæф дæр комиссарæй фæстæ нæ зад. Уый цыд йæ фарсмæ: ахæм уыд адъютанты хæс. Стæй дæр йæ сын- дæг цыдимæ унцы егъау уæззау лæг уымæ каст æнæ- басæтгæ: йæ фæрсты куы цæуай, уæд дыл ницы æрцæу- дзæн. Минæтæ арæхдæр хæлын куы райдыдтой æмæ куы фæ-- 470
бæрæг уой, немыцæгтæ комкоммæ дæр уыдонмæ хъавынц,, уæд комиссар æмæ адъютант исдугæй-исдугмæ зæххыл хуыссын райдыдтой. Фæлæ-иу зæхмæ дæр нæма æрхæццæ, æввахс æрха- уæг минайы стындæй-иу фæздæг нæма апырх, афтæ-иу комиссар сыстад æмæ цыд дарддæр. — Размæ, размæ,—дзырдта уый хъуыр-хъуыргæнгæ,— ницæмæн нæ хъæуы ам æнхъæлмæ кæсын. Тæккæ акоппыты цур сæ „систой вилкæйы". Иу минæ* дзы фехæлд разæй, иннæ—фæстийæ. Комиссар сыстад æмæ йæ рыгтæ ацагъта. Уæртæ уыныс,—загъта уый, фæстийæ цы чысыл уæрм уыд, уымæ цæугæ цæуын амонгæйæ.— Куы фæтарстаик- кам æмæ æнхъæлмæ куы кастаиккам, уæд тæккæ дæр сæмбæлдаид махыл. Кæддæриддæр размæ цæуын хъæуьг тагъддæр. — Æмæ, зæгъæм, ноджы тагъддæр куы цыдаиккам, уæд та...—Æмæ адътотант йæ ныхас кæронмæ нæма фæци, афтæмæй ацамыдта, разæй цыуæрм уыди, уымæ. — Æшшндæр нæ,— загъта комиссар.—Уыдон махмæ ар- дæм æхстой-унæ, нæ^ма æрбахæццæ. Æмæ мах уым куы уыдаиккам, уæд та нæм уырдæм æхстаиккой æмæ та нæ не ’рбаййæфтаи^. Адъютант æнæбары йæ мидбылты бахудт: комиссар^ кæй зæгъын æй хъæуы, хъйзыд. Фæлæ комиссары цæсгом бынтондæр уыд серьезон. Цæуыл дзырдта, уый йæ уыр- ныдта тынг. Æмæ уыцы адæймагыл æууæнк, хæсты æвип- пайды чи чфæзыны æмæ цæргæ-цæрæыбонмæ чи баззайы, уыцы æууæнк сæвзæрд адъютанты зæрдæйы. Фæстаг фон- дзæссæдз къахдзæфы уый комиссаримæ цыд тынг æнгом,, кæрæдзийыл ныхæстæй. Афтæ базонгæ сты фыццаг хатт. Ацыд мæй. Хуссайраг фæндæгтæ куы сæлгæ кодтой, куы та сæ но<гæй цъыфæй азмæлæнтæ дæр нæ уыд. Куыд дзырдтой, афтæмæй кæмдæр фæсчъылдым æф- сæдтæ цæттæ кодтой контрразмæбырстмæ, фæлæуал ныр- ма фæлахс дивизи кодта тугкалæн хъахъхъæдадон тохтæ. Уыд талынг фæззыгон хуссайраг æхсæв. Сыджыткъæ- 471
сы бадгæйæ, комиссар æфсæйнаг- пецы фарсмæ æвæрдта йæ цъыфæйдзаг цырыхъхъытæ. Абон райсомæй уæззау цæф фæци дивизийы командир. Штабы хистæр йæ сау къухмæрзæнæй баст къух æрæ- вæрдта стъолыл æмæ йæ сабыр хоста йе ’нгуылдзтæй. Уый аразын йæ бон кæй уыд, уый йæм каст æхсызгон: йе ’нгуылдзтæ та ногæй йæ коммæ кæсын райдыдтой. — Цæй хорз, цæуæд ацы хивæнд лæг,—дарддæр кодта уый, æвæццæгæн, æрдæгыл скъуыд ныхас,—а, Холоди- лины амардтой, кæй старст, уый тыххæй, фæлæ инæлар та æхсарджын лæг куы уыд—куыд у, дæумæ гæсгæ? — Уыд нæ, фæлæ у. Æмæ уый ирвæзгæ дæр нæ фæкæн- дзæн,—загъта комиссар æмæ йе ’ргом аздæхта æндæрæр- дæм, афтæ хъуыды кæнгæйæ, зæгъгæ, ам дзурыны сæр ницæмæн уал хъæуы. Фæлæ йын штабы хистæр ахæцыд йæ дысыл æмæ загъта бынтон ныллæг хъæлæсæй, цæмæй йын æндæр ис- чи йе ’рхæндæг ныхас ма фехъуыстаид: — Фервæздзæн æмæ хорз,—зынтæй, фæлæ хорз фæуæд. Фæлæ Миронов дæр куы нæ уал райгас уыдзæн, æмæ За- водчиков дæр куы нæ уал райгас уыдзæн, æмæ Гаври- ленко дæр куы нæ уал райгас уыдзæн. Уыдон амардысты азмæ афтæмæй та æхсарджын адæймæгтæ уыдысты. Уæдæ ма дæтеорийæн цычындæуа? — Мæнæн теори нæй,—цæхгæр загъта комиссар.—-Æз æй æнæуый зонын, иугъуызон уавæрты тæппудты хъау- джыдæр æхсарджын адæймæгтæ мæлынц стæмдæр хатт. Фæлæ кæд де ’взаджы ’ æлгъыл бадынц, æхсарджын чи у, фæлæ уæддæр чи амард, уыдон нæмттæ, уæд уый уы- мæн афтæ у, æмæ тæппуд куы амæлы, уæд æй цалын- мæ баныгæнынц, уæдмæ дæр æй ферох кæнынц, фæлæ æхсарджын куы амæлы, уæд та йæ фæдарынц сæ зæр- дыл, дзурынц æмæ йыл фыссынц. Мах нæ зæрдыл да- рæм æрмæст æхсардяшнты. Гъе, уый дын мæ ныхас. Фæлæ кæд ды уый уæддæр хоныс мæ теори, уæд дæ~ хи хъуыддаг у. Нæ тæрсыны хъуыддаджы адæмæн цы теори æххуыс кæны, уый хорз теори у. Сыджыткъæсмæ æрбахызт адъютант. Ацы мæйы дæр- 472
•,гъы йæ цæсгом афæлдæхта тарбын, йæ цæстытæ æвдыс- той фæлладхуыз. Æппæт иннæ хъуыддæгты баззад, фыц- цаг бон æй комиссар цы хуызы федта, ахæм лæппуйæ. Йæ зæвæттæ æнгом авæргæйæ, уый фехъусын кодта, .зæгъгæ, нырма ацы сахат кæцæй æрбаздæхт, уыцы æр- дæгсакъадахыл алцы дæр ис йæ .раны, æрмæст фæцæф «батальоны командир капитан Поляков. — Чи ис йæ бæсты?—бафарста йæ командир. — Лейтенант Васильев фæндзæм ротæйæ. — Æмæ фæндзæм ротæйы та чи ис? — Цахæмдæр сержант. Комиссар иу минуты бæрц хъуыдыты ацыд. — Тыиг суазал дæ?—бафарста уый адъютанты. — Раст дын куы зæгъон, уæд тынг. — Арахъхъ баназ. Комиссар.ын цайданæй æрдæг агуывзæ арахъхъ æркод- та, æмæ ,йæ лейтенант, йæ цинел нæ раласта, æрмæст ын суагъта йæ сæхтджытæ, афтæмæй анызта æвиппайды. — Ныр фæстæмæ аздæх,—загъта комиссар,—тыхсын, æмбарыс? Ды хъуамæ уай уым, æрдæгсакъадахыл, мæ бæсты. Ацу. Адъютант сыстад. Уый йæ ’цинелы хылычъы бафтыдта, ноджы ма минуты бæрц хъармы абадын кæй фæнды, ахæм адæймаджьк сындæг æфтыдæй. Фæлæ йæ иугæр куы баф- тыдта, уæд нал бафæстиат кодта. Цæмæй *■ сыджыткъæсы уæлкъæсæрыл йæхи ма скъуырдтаид, уый тнххæй ныл- лæг æргуыбыр кодта æмæ талынджы фæтар. Фæцыд дуа- ры гуыпп. — Хорз лæппу у,—загъта комиссар, йæ фæдыл кæсгæ- йæ баззад, афтæмæй.—-Æз æууæндын ахæмтыл, ницы йыл æрцæудзæн. Мæн уырны, уыдон æгас кæй уы^зысты, æмæ уыдон та уырны, мæнæн топпы нæмыг кæй ницы хъомыл у, уый. Æмæ уый сæйраг хъуыддаг у. Раст нæу, булкъон? Штабы хистæр йе ’нгуылдзтæй стъол хоста сындæггай. Уый уыд æрдзы кондæй ’æхсарджын адæймаг, фæлæ нæ уарзта теоритæ араз’ын нæ.дæр йæхи æмæ нæ дæр искæй -æхсардзинадмæ гæсгæ. Фæлæ йæм ацы сахат каст афтæ, цыма комиссар у раст. 473
— Ай-ай дæр,—загъта уый. Пецы еыф-сыф кодтой сугтæ.' Комиссар йæ сæр æр- уагъта æмæ фынæйкодта картæйыл. Уый йыл йæ къухтæ ныттыгъта афтæ, цыма йæ фæндыд, цы зæхх ыл æрцыд нывгонд, æппæт уый фæстæдæ райсын. Райсомæй кбмиссар йæхæдæг ацыд æрдæгсакъадахмæ. Стæй уымæн уыцы бон фæци йæ удхæссаег. Æхсæвы не- мыцæгтæ æвиппайды æрбадтысты æрдæгсакъадахыл æкæ карз тохы ныццагътой раззагон фæндзæм ротæйы иуылдæр, фæстаг лæджы онг. Комиссары æгас бон аразын бахъуыд, уымæн, дивизи- йы комиссарæн, æппындæр аразын цы не ’мбæлд, уый. Райсом æрæмбырд кодта, чидæриддæр йæ къухы уыд, уыдон иууылдæр, æмæ сæ æртæ хатты акодта атакæйы. Фыццаг уазæлттæй салд хуыр уыд къæхтытæ æмæ тугахуырст. Гитлеронтæй чи мæлгæ акодта, чи та дзы уа- цары бахаудта. Бирæтæ сæ фæлвæрдтой донбылмæ аленк кæныныл, фæлæ фæдæлдон сты зымæгон их доыы. Тугæйдзаг сау джебогъимæ йæ цы винтовкæ нал хъуыд, уый комиссар аппæрста æмæ зылд æрдæгсакъадахыл... Æхсæвы уым цытæ цыд, уыдæттæ радзурын сæ бон уыд æрмæст мæрдтæн. Мæрдтæн дæр сæ бон у дзурын. Немы- цæгты мæрдты ’хсæн уыдысты фæндзæм ротæйы мард сырхæфсæддонтæ дæр. Уыдонæй иутæ лæууыдысты акоппы- ты, уыдысты джебогътæй хуынчъытæ æмæ сæ къухты æл- хъывдæй баззадысты цъæл винтовкæтæ. Иннæтæ, чн нæ бафæрæзта, уыдон та, лæзæрыдысты зымæгон салд, гом быдыры: уыдон фæцæй лыгъдысты æмæ сæ нæмгуытæ æрбаййæфтой ам. Комиссар сындæггай зылд тохы æмыр быдыры æмæ кæстытæ кодта мæрдтæм, се ’дзынæг цæс- гæмттæм: базыдта-иу, хæстон йæ царды фæстаг мннутты йæхи куыд дардта, уый. Æгæрыстæмæй йæ мæлæт дæр нæ фидауын кодта тæппуддзинадимæ. Уый гæнæн куы уаид, уæд æхсарджынты баныгæнид хицæнæй, æмæ тæп- пудты та хицæнæй. Уадз уыдон, куыд сæ царды рæстæ- джы, афтæ сæ мæлæты фæстæ дæр кæрæдзийæ уой хи- цæн. Уый лæмбынæг каст мæрдты цæсгæмттæм, агуырдта 474
йæ адъютанты. Йæ адъютант ницæй тыххæй алыгъдаид- æмæ уацары дæр нæ бахаудтаид, уый хъуамæ уа ам ио- куы, .жæрдты ’хсæн. Æппынфæстаг, фæстийæ, акоппытæй дæрддзæф ран,. адæм кæм тох кодтой æмæ кæм мардысты, уым æй ссард- та комиссар. Адъютант лæууыд уæлгоммæ хаудæй, йæ иу къухуыд йæ чъылдымы бын æмæ иннæ та ныхъхъандзал, наган не суагъта, афтæмæй. Йæ риуыл, йæ хæдоныл ныхъ- хъæбæр туг. Комиссар дзæвгар лæууыд йæ уæлхъус, стæй йæхимæ- фæсидт командиртæй иумæ æмæ йын бардзырд радта, цæ- мæй йын схæцыдаид йæ хæдоныл æмæ федтаид, нæмыгæй цæф у æви джебогъæй. Уый йыл- йæхæдæг дæр схæцыдаид, фæлз^. атакæйы. рæстæджы йæ рахиз къух цалдæр раны фæцæф гранаты схъистæй,æмæ йæ ’фарсыл лæууыд ауыгъдæй. Уый мæс- тыйæ каст йæ уæхсджы онг лыг хæдонмæ, тугæйдзаг тагъд-тагъд тыхт бинтытæм. Уый тынгдæр маст кодта,, пæ цæф кæй рыст, уый нæ, фæлæ цæф кæй уыд, уый тыххæй. Афтæмæй та йæ дивизийы хуыдтой æнæбасæт- гæ! Цæф йæ койы аккаг дæрнæ уыд, хъуыди йæ тагъддæр сдзæбæх æмæ ферох кæнын. Командир ныггуыбыр кодта адъютантмæ, схæцыд ын йæ хæдоныл æмæ йæм ныккаст. — Джебогъæй цæф у,—йæ сæрыл схæцгæйæ, загъта уый, æмæ та ног ныггуыбыр кодта адъютантмæ, стæй иу дзæвгар, минуты бæрц хаудæй баззад æнæзмæлгæ буарыл. Куы сыстад, уæд йæ цæсгомыл уыд дисы нысæнттæ. — Улæфы ма, —загъта уый. — Улæфы, зæгъыс? Комиссар йæ тыхстдзинад нæ равдыста. Нырма нæ зыдта ацы удæгас рæзинаг адæймаджы тыххæй тыхсын хъæуы æви нæ, уый. Уый фæлдæхтæй лæууыд ам, акоп- ты фæстæ дæрддзæф, æвæццæгæн, фæцæйлыгъд. Нæ„ нæ! Уый гæнæн нæй. Уый бынтон стæм хатт рæдыди адæймæгты æмбарыны хъуыддаджы. — Дыууæйæ ардæм!—цæхгæр бардзырд радта уый.— Фелвасут æй уæ къухтæм æмæ йæ тагъддæр фæхæццæ кæнут хъæдгомбæттæн пунктмæ. Чи зоны ма фервæза. 47&.
Стæй иннæрдæм азылд æмæ дарддæр араст быдыр^ „Фервæздзæн ма æви нæ?"—уыцы фарст ын хæцц^ Ш)дта æндæр фарстимæ куыд дардта йæхи тохы быдыры, -сегасы фæстæ цæмæн разынд. Æмæ дыууæ фарсты сиу сты: кæд æппæт дæр хорз_рауад, кæд йæхи дардта æх- -сарджын, уæд фервæздзæн, æнæмæнг фервæздзæн. Æмæ иу мæйы фæстæ госпиталæй дивизийы командон ^пунктмæ фæлурс æмæ мæллæгæй, фæлæ афтæ бурдзалыг æмæ цъæхдзаст чысыл лæппуйы хуызæнæй адъютант куы ’рцыди, уæд æй комиссар æппындæр ницæмæй бафарста, æрмæст æм æнæдзургæйæ радта йæ галиу æнæниз къух. Æз уæд фæндзæм ротæйы онг дæр нæ фæхæццæ дæн,— загъта адъютант,—доныл ахизæны ныффидар стæм, фондз- æссæдз къахдзæфы бæрц ма нæ хъуыд, афтæ... — Зонын æй,—йæ ныхас ын фæлыг кодта комиссар,-— æппæт дæр зонын, ма мын æй дзур. Зонын æй, бæдæйнаг дæ, æхсызгон мын у, кæй фервæзтæ, уый. Уый хæлæгкæнгæ бакаст, мæлæтдзаг цæфы фæстæ та мæй фæстæдæр удæгас æмæ æнæниз чи уыд, уыцы лæп- пумæ, стæй ацамыдта йæ баст къухмæ æмæ æрхæндæгæй •загъта: * — Æз æмæ булкъон нæ азтæй ахызтыстæм. Дыккаг мæй, æмæ нæ гас кæны. Уымæн та æртыккаг мæй. Афтæ фазамынд кæнæм дивизийæн—дыууæ къухæй. Уый ра- хизæй, æз та—галиуæй... 1941. . -476
Соболев А. ГУЫРДЗИАГ АРГЪÆУТТÆ Фæстаг фондз суткæ лодкæйы æппындæр нæ фынæй’ кодтой. Цæгаттаг уад, трубæйæ дымæгау, Дымдта, къæдзæхтæ кæй нылхъывтой, уыцы даргъ донбакæлæны. Знæт улæнтæ уазал доны йæ тæккæ бындзары онг нызмæлын кодтой,. æмæ лодкæйæн йæ бон нæ уыд доныл æрынцайын, цæмæй адæм исты хъарм хæринаг бахордтаиккой æмæ бафынæй кодтаиккой: уад лодкæйы хоста дуртьгл, кæнæ та-иу æй хæрз æнцонæй фехста стыр улæнты сæрмæ. Уæлейæ лодкæмæ æнхъæлмæ кастис хъызт. Цыдæрид- дæр-иудоны сæрмæ фæзынд—хид, ихлыггæнæн, гæрзтæ— се’ппæтыл дæр-иу их нындæгъта. Лодкæ цыд æнæхъæу- гæ бынтон тагъд æмæ йын, æнæнхъæлæджы знагыл фем- бæлгæйæ, йе та былгæрон батарейтæм æрбаввахс уæвгæ- йæ, доны бынмæ ницы хуызы уыд ныскъæрæн. Сырхфло- тонтæ ихы сæрмæ .сбырыдысты, лодкæмæ сæхи бабастой &мæ их састой фæрæттæ æмæ ломтæй æмæ та лодкæ но- гæй доны аныгъуылд. Æппынфæстаг лодкæ сабыргай араст æмæ хæринаггæ- нæгæн рæстæг фæци борщ æмæ кофе сфыцынæн. Каман- дир бардзырд радта, цæмæй хæстон ивæг фæлтæр йедтæ- мæ иннæтæ се ’ппæт дæр бафынæй кæной. Централон пос- ты ма баззад æрмæстдæр цалдæр адæймаджы. Лодкæ цыдис чысыл æрфæны раст, сабыр, æгæрстæмæй змæлгæ дæр нæ кодта. Сабыргæнæгау гуыз-гуыз кодта гиркомпас, сындæггай хыррытт кодтой лодкæ здахæны 477
-амонæнтæ, калди æрæджы саразгæ сихоры тæф æмæ аф* тæ зынд, цыма уый уыдис хуымæтæджы ахуыргæнæн стæр. Блокадæйы бирæ бонты дæргъы лодкæйы чъилтæ æмæ сæ дарæсмæ уазал æмæ умæлад баирвæзт, лодкæ скъæрæджы стъолы уæлæ картæйыл рæсугъддзуарæвæрд нысан уыдысты, лодкæ кæй фæдæлдон кодта æд хæстон æрмæг уыды транспорттæ æмæ уыдон зæрдыл, лæууын -кодтой ацы стæры агъонмæ æрцæугæ цауты. Лодкæ йæхи æрфидар кодта донбакæлæны. Донбылгæ- рæттæ ныйих сты æмæ афон уыд базæмæ ацæуынæн, фæ- лæ ма сæм баззади æртаг, сармадзаны нæмгуытæ, торпе- дæтæ æмæ лодкæ дарддæр денджызы фæндаг гæрста знаг- мæ. Ацы хабар нæ уыд хивæнд ми, нæдæр рекордмæ тыр-ж нынад уыд. Уый уыд æнæмæнгхъæуæг хæстон хъуыд- даг. Ботникæ уыдис сармадзаны нæмгуытæй, хæцæнгæрз- тæй æмæ хæстон фæсауæрцтæй знаджы ифтонг кæнынæн иуыл ахсджиагдæр бынат. Ботникæ уыдис хæсты- зынг ц&рынгæнæг: æрыхгæн æй æмæ сæргой фæцис æмæ чи '"зоны фронты зынг дæр банымæг уа, хæстон æрмæг æм нал цæудзæн æмæ мингай адæймæгты цард бахъхъахъæд æрцæудзæн куыст ’æмæ амондæн. Картæйыл цы дзуар- æвæрд хæххытæ уыд, уыдонæй иуы цур уыд æндæрæбо- ны нымæц. Уый нысан кодта, лодкæ ам хуымæтæджы кæй не ’рлæууыдис: знаг æнхъæл уыдис, зæгъгæ, сове- тон дæлдононтæ зымæгон уадæн нæ бафæрæзтой, систа йæ блокадæ æмæ та бафæлвæрдта хæстон æрмæджытæ æрба- ласыныл. Фæлæ тæккæ ихджын фарватермæ æрбацæуæны сæ дыууæ транспорты хъæлтæ фæхаудтой, æмæ ныллæг митæмбæрзт æврæгътæм стахтысты. Сæ пырхæнты судз- гæ цæджындзтæ фенын кодтой, советон донбындзæуаг -лодкæтæ нырма ам кæй сты, уый. Ботникæйы дарддæр баззайæн нал уыдис: æвирхъау карз зымæгæн йæ бон уыд ныйих кодтаид сакъадæхты ’хсæн ахизæнтæ æмæ сын уæд донбакæлæн суыдаид къæи- пæг æмæ ингæн. Æмæ атахъы хæд фæстæ командир лод- кæ фездæхта хуссары ’рдæм, тагъд кодта донкъубалмæ, цалынмæ денджызы уад ихты пырх кодта æмæ сын ден- .джызмæ сæ иунæг бацæуæн ихæй нæ сыхгæдта, уæдмæ. 478
Боныцъæхтæм лодкæ бахæццæ донкъубалмæ. Командир уыдис уæдейæ иунæгæй. Фæсус хъæлæсæй трубæйæ фæ- дзырдта централон постмæ сæ дарддæры балцы тыххæй. Штурман картæйыл иу бынат фæпысан кодта. Уый уыд сæ дæлдон æнæзонгæ фæндаджы райдиан. Командир цæй- дæр тыххæй рæгмæ хызти дæлæмæ. Æппынфæстаг нарæг асиныл, фæзындысты йæ къæхтæ, æттæмæ рацæуæн дуар бахгæдта æмæ скомандæ кодта, цæмæй лодкæйы доны бын- мæ ныскъæрой. Лодкæ доны мидæг æрныгъуылд æмæ батар’ейæ йæхи æрымбæхста донкъубалы. Уайтагъд сакъадæхты ’хсæн февзæрд æмæ куыд фæстагмæ йе , ’нкъуыст фæсабырдæр, райдыдта æнæзмæлгæ ленк кæнын. Уыцы рæстæджы ко- мандир бардзырд радта, цæмæй баулæфой, æгæрстæмæй ма штурманы дæр арвыста фынæй кæнынмæ. Командир æдыхстæй йæ цæстæнгас ахаста дæ^ддзæг нымайæнтыл, сахатыл, картæйыл, сабыргай амыдта лодкæскъæрæн фæндæгтæ, иу хатт дæр нæ фæрæдыд афоныл ссаргæ æдас фæндæгтæй æмæ централон посты алкæмæ дæр аф- тæ каст, цыма æппæт дæр у, куыд æмбæлы, афтæ. Æр- мæст горизонталон здæхæныл фаелтæрд хæцæг боцман Вязнов бафиппайдта капитан-лейтенант ныртæккæ йæхи адыл кæйнæу: куы-иу циркул картæйыл арадав-бадав кодта, куы- иу^йæ разы иу дзæвгар æрлæууыд, куы та-иу лоци* ара- фæлдах-бафæлдах кодта. Уый фæстæ стъолæй систа мете- реологион телегр&ммæты рæдзагъд, ногæй та кæсын рай- дыдта лоци. Картæйыл донбакæлæнæй рацæуæны хусса- ры ’рдæм сарæзта бирæ зылын-мылын .. хæххытæ. Кастис сæм цыдæр æнтъыснæг хуызæй, æппынфæстаг иуварс æрывæрдта лоцийы бæзджын том æмæ æвæндонæй ба- хъуыр-хъуыр кодта: — Ау, мæнæн æнцон у сæдæ азы иу хатт... Боцман æм йæ цæстытæ сзылдта. Командир ын тызмæ- гæй бардзырд радта, цæмæй доны æрфæнмæ йæ хъус да- ра, æмæ та йæхæдæг картæмæ ныггуыбыр кодта. Уыцы тызмæгдзинад нæ фидыдта хæларзæрдæ коман- диры сабыр, худæндзаст цæсгомыл. Æппынфæстаг, цы- дæр аскъуыддзаг кодта лоци, æмæ хæстон æмбырд уацтæ * Лоци—денджызы ленккæныны разамындгæнæг чивыг. 479
аиуварс кодта, картæ резинкæйæ ссæрфта æмæ сæ цæуæн; фæндагыл разæй дард кæмдæр цыдæр фæнысан кодта, реглан æнгом æрыхгæдта æмæ иу чысыл йæ фæллад суа- дзыны тыххæй æрбадти. Цадæггай лодкæйы мидæг змæлын райдыдтой адæм—ис- куы фæллад лæг дæр йæ фаг бафынæй кæндзæн. Дæлдо- нонтæ хъал кæнын райдыдтой æмæ сæхи дæр нæ уырныд- та, сæ сабыр фæндаг кæй нæма фæци, уый. Сеппæт дæр> сæ,хи дасын райдыдтой. УыдОы æмбæрстой лодкæ доны сæрмæ куы сленк кæна, уæд суанг базæйы онг йæ рахау- бахауæй нæ банцайдзæн æмæ сын сæхи адасыны рæстæг нал фæуыдзæн. Хæринаггæнæг æрбацыд æмæ куырдта аходæн радтыны бар (æцæг ын сахатмæ гæсгæ . аходæн схонæн нæ .уыд). Лодкæйы хæринаджы хæрздæф апырхис. Ацы хатт сын уыдис какао. Капитан-лейтенант йæ какао куы бацымдта, уæд йе- ’ххуысгæнæгмæ арвыста æмæ йын >бардзырд радта, цæ- мæй’банысангонд фæндагыл цæуа, зæгъгæ, доны сæрмæ нæй сленкгæнæн æмæ йын бамбарын кодта картæйыл цы бын&т æрнысан кодта, уырдæм ма сæ æрдæг сахат ауайын куы хъæуа, уæд æй уый цæмæй райхъал кæна. Фæлæ та командир централон постмæ ногæй куы ’рба- цыд, уæд ыл бæрæг уыд, уыцы афынæй йын кæй ницы баххуыс кодта, уый. Афтæ зынд, цыма командир бынтон- дæр нæ бафынæй, ныффæлахс, ныссау. Йæ цæстытæ уы- дысты сырх, фæлладгъуыз. Йе ’ххуысгæнæгимæ дзырдта цыбыр дзыртæй, ауагъта йæ æмæ та йæ бандоныл æр- бадти. Боцман Вязнов уыд радгæс горизонталон здахæныл. Йемæ уыдысты хуыздæр ивæг фæлтæр—электриктæ æмæ- вертикалон здахæныл хæцæг. Уыдон сеппæт дæр уыдыс- ты, сæ хæстæ тынг хорз чи ’ххæст кодта, ахæмтæ æмæ коммунисттæ. Капитан-лейтенант сæм иу дзæвгар æдзы- нæг фæкаст, цыма сæ алкæмæн дæр ногæй аргъ кодта,, уыйау. Лодкæ ленк кодта сындæг^ай. Адæмы уынæр æрсабыр. Рæстæг кæмæн уыд; уыдон та ногæй афынæй кæнынмæ 480
æрхуыссыдысты. Ничи уал цыд централон побтыл, фæлæ- уæддæр капитан-лейтенант сабыргай загъта: — Дуæрттæ сыхгæнут, цæмæй ууылты ма цæуой. Æмæ доп кæм хъары, уыцы дуарь* æнгом куы сых- гæдтой, уæд та сабыргай бардзырд радта: — Æмбал боцман, перископ цы æрфæн амоны, уый онг бæлæгъ доньг сæрмæ сындæггай сыскъæрут. Электрик уайтагъд ихлыггæнæнмæ февнæлдта, цæмæй хæрдмæ ленкгæнгæйæ куыд æмбæлы, афтæ перископ си- сой, фæлæ йæ командир, доны æрфæн барæнмæ кæсгæйæ, фæурæдта. Вязнов лодкæздахæнтæ сывæрдта. Лодкæ йæ- ных хæрдмæ сарæзта. Донырфæн барæны фатæг сабыргай галиуæрдæм аздæхт æмæ нымæцы сæрты бабырыд, уый нысан кодта перископ равдисдзæн доны уæлцъар (рубкæ- йы сæрмæ ист куы ’рцыдаид, уæд). Бæлæгъ нызмæлыд, цыма исты ныхдурыл схæцыд. йæ ихлыггæнæн æмæ цы- дæр къуырма уынæр æрыхъуыст уæлейæ. — Афтæ, —загъта капитан-лейтенант,— астæуккаг ныд- дымын хъæуы. Уæлдæфы æрбауагъта трюм. Цистернæйæ ракалд дон , æмæ лодкæйы чъилты ’хеæн хъуыр-хъуыргæнгæ афардæг, фæлæ донæрфæн барæны фатæгтæ сæ бынатæй не змæлы- дысты. Лодкæйы палубæ фæкъул. Капитан-лейтенант, трюмæмæ йæ цæстытæ ныццæвгæйæ, йæ къух ауыгъта. Трюм базмæлыд йæ’мæцъистæ æмæ йе здахæн цæлхыти- мæ. Лодкае та доны мидæг уырдыгмæ афардæг æмæ та сабыргай срастис. . — Йæ раздæры ’рфæнмæ йæ ауадзæм,—загъта коман- дир æмæ централон посты лæуджытыл йæ цæст ахаста.— Æппæт дæр бамбæрстат? Байгомыгысты. Æппæт дæр уыд æмбæрст: лодкæйы доны сæрмæ сленккæнынæн цыдæриддæр хъыг дардта, уый. Лодкæйы уæлæмæ сленккæнынæн цы хъыг дардта, уый хицæн ихы къæртт нæ уыд. Ихлыггæнæы схæцыд ихыл, лодкæ ныз- зæмбыдта æмæ уымæй бамбæрстой дон кæй уыд иугæрон ихæй æмбæрзт. Централон постьт лæулжытæ се ’ппæт дæр ныхъхъус сты. Капитан-лейтенант картæмæ ныггуыбыр кодта æмæ 31 481
йыл циркул рахæсс-бахæсс кодта. Ног бынат ыл банысан кодта æмæ фæзылди: — Æмбал боцман, ивæг фæлтæрмæ фæдзур æмæ сымах та улæфгæ бакæнут. Æртæ сахаты фæстæ та ногæй ба- фæлвар. Искуы фæуыдзæн... Лодкæйы дзæгъæл ныхæстæ ма кæнут. Посты чи лæууы, уыдон йедтæмæ иннæтæ ба- улæфæнт. Бамбæрстай?.. Дуæрттæ сыхгæнут. 'Вахтайы раивтой. Лодкæ дарддæр ленк кодта æдыхс- тæй æмæ фынæй кæнынмæ чи ацыд, æрмæстдæр уыдон æмбæрстой лодкæ цалдæр сахаты ихты бынты кæй ленк крдта, уый тыххæй кæй нал æнкъуыст. Салд донкъубалмæ æрбахæццæсты. Капитан-лейтенант та бафæлвæрдта доны сæрмæ сленк кæнын. Балтийы ден- джыз сæдæ азы иу хатт дæр нæ ныйихи æмæ æнхъæл нæ уыди æрдз ахæм æгъатыр ми бакæндзæни. Сæумæцъæ- хæй лодкæ бахæццæ донкъубалмæ. Командир-лейтенант дзы сау гуылфгæнаг доны бæсты урс лæгъз их федта <æмæ бамбæрста, донкъубал кæй ныссалд, уый. Бахъуыд сæ дош! бын сæхи арф ауадзын æмæ афтæмæй донкъуба- лы ахизын. Æмæ лодкæ ихы бын уырдыгмæ афардæг. Ихæн йæ хуссайраг кæрон уыд æбæрæг, фæлæ хъуамæ æнæмæнг искуы разындаид. — Хъуамæ разына... Фæлæ йын уыдис кæрон? Капитан-лейтенант фыццаг хатт уæлæмæ сленккæны- нæн цы бынат банысан кодта, уый ихы хуссайраг кæронæй уыд 10 милы дарддæр. Лоци куыд æвдыста, афтæмæй Балтийы дендзкыз æнæхъæн сæдæ азы ныссалд æрмæст- • дæр иунæг хатт. Æнæхъæи сæдæ азы дæргъы æнæсалд æмæ сыгъдæг чи уыд, уый ацы историон аз ныйихис... Дæлдон лодкæйы мидæг куыд хъæуы хъуыды æмæ зонд, афтæ никуы. Иу цæсты фæныкъуылд дæр, зæгъгæ, ницæуыл ахъуыды кодтай, уæд уайтагъд картæйыл фев- зæрди дыууæ урс уаццаджы. Сæ аууон бакодтой доны æрфад æвдисæг сау нымæцты æмæ сæ кæрæдзимæ ныхæй- ныхмæ фæцæуынц хуссар æмæ цæгат былгæрæттæй. Уы> доы баиу сты æнæуынæрæй æмæ кæмдæр сæ быны та дыууæрдæм кодта лодкæ... 482
Æдзух хъуыды кæнын хъуыд, сыгъдæг дон кæм хъуа- -мæ уыдаид, ууыл. Уыцы сыгъдæг дон хъуамæ искуы уа, нæй гæнæн æмæ ма уа. . Лоцийы уый тыххæй исты фыст агурын уыд æнæпай- да хъуыддаг. Зæронд лоци сын цæсгомджынæй загъта Балтийы денджыз æнæхъæн сæдæ азы афтæ кæй никуы ныесалд. Æндæр искæйты ма бафарстаиккой, уый сын фыд- ^ылызы йедтæмæ хорзæй ницы æрхастаид. Æртæ сахат хъуыд банхъæлмæ кæсын æмæ та стæй доны сæрмæ сленккæныныл бафæлвэрын. Фæлæ æртæ сахаты фæстæ боцман Вязнов йæ ивæг фæлтæримæ куы æрбацыд, уæд бамбæрстой марды чыры- ны сæрау сæ их йæ быны кæй æркодта. Афтæ хъуыды кæнынц канд лейтенант нæ, фæлæ цалдæр хатты доны сæрмæ сленккæныныл чи бафæлвæрдта, уыдон дæр. Дæл- дононтæ сæ сæрмæ бафиппайдтой цыдæр змæлд æмæ æн- ахуыр уынæр. Капитан-лейтенант бамбæрста, централон постыл чи рацæйцыд уыцы сырхфлотонты цæстæнгас. Капитан-лейтенант лодкæйы алы къуымтæм иугонд трубæмæ йæ былтæ рылхъывта æмæ æнæхъæн коман- дæйæн цыбыртæй бамбарын кодта, хъуыддаг цæй ми- дæг ис, уый æмæ доны сæрмæ сленккæныны тыххæй дзæнгæрæг ныццагъта. Ныр лодкæ арх^йдта ихы бынæй сирвæзыныл. Йæхи- иу ихыл мæсты цæф скодта æмæ-иу æй ихкæрдæнæй ацъæррæмыхстытæ кодта. Йе ’ппæт хæйттæ дæр-иу сæ куыст фæтынгдæр кодтой. Хæрдмæ йæ риуыгътой æмæ сæ тых сæ бонæй архайдтой Балтийы денджызы бæзджын ^ихтæ стоныныл. Адæмæн сæ хæстон бынæтты сæ хид калди æмæ афтæ зынд, цыма уыцы иугæрон их сæ уæхс- джытæй стоныныл архайдтой. Фæлæ сын ихæмбæрзт цар стонын нæ бантыст æмæ та лодкæ донырфæны уырдыгмæ афардæг, кæсаг бæз- джын авгæй конд акварюмы куыд афардæг вæййы, афгæ. Донырфæны капитан-лейтенант батарейты мæстæгад сбарыны бардзырд радта. Сæ хъару сфæлахс. Æнæих дон- ’бакалæнмæ раздæхыны тых сæм нал уыд. Капитан-лейте- аант картæмæ æргуыбыр кодта æмæ йæ цæст ахаста фыд- 483
дымгæ бынæттыл, æрфæнтыл, гуылфæнтыл, стæй æвип- пайд лодкæйы фæндаг аивта базæйæ ныгуылæнырдæм æмæ централон постæй рацыд. Лодкæйыхицæнбынæтты дæлдононтæ уыдысты æдыхст, æгæрстæмæй хъазгæ дæр кодтой, фæлæ капитан-лей- тенант уæддæр бафиппайдта, цыдæр æдзынæгæй йæм кæ&. кастысты, уый. Кæрон ис быхсындзинадæн дæр æмæ лæг- дзинадæы дæр. Фæлварæн бирæ рæстæг ахаста. Командир бацыд йæ каютæмæ, райста чиныг, раздæхт централон постмæ æмæ йæ кæсын райдыдта. Уый касти лæмбынæг. Хатгай-иу бахудт, фæстæмæ-иу рафæлдæхта чиныджы сыф аемæ та-иу ногæй кæсын рай- дыдта, йæ зæрдæмæ-иу цы бынæттæ фæцыдысты, уыдон. Сырхфлотонтæ, сæ хъуыддæгты фæдыл уайæгау, цыдыс- ты централон постыл æмæ уыдтой: бады капитан-лейте- нант æмæ ’чиныг ахæм хуызæнæй кæсы, раст цыма йæ лодкæ сыгъдæг доны цырд згъоры. Цыма, балтиаг æмби- сондау, æппает дæр у йæ уагыл. Цæуыл тыхсæм æмæ цæ- уыл хъуыды кæнæм их фæуыныл, кæд’æмæ командир ба- ды æмæ худгæйæ кæсы чиныг, уæд! Æрмæстдæр боцман Вязнов федта, иннæтæ цы нæ ба- фиппайдтой, уый. Иу хатт командир сахатмæ куы скаст, уæд ын боцман йæ цæстæнгас ацахста. Командиры фæл- лад, хуыссæнхъæлдзæг цæстытæ ахæм æнгæс æвдыстой æмæ боцманæн йæ зæрдæ йæхимидæг барызт æмæ уысмы бæрц æрфбарæны циферблаты хæрхæр ссыд. Командир æмæ Боцман афтæ хæстæг бадтысты æмæ сæ уæрджытæ кæрæдзийыл ныдзæвдысты. Боцманæн йæ къах бандзыг, тынг æй фæндыд йæ араст кæнын, фæлæ йæм аив нæ каст. Нæ йæ фæндыд йæ уæраг командиры уазал уæрагæй фæхицæн кæнын: цыдæр æдыхстдзинады таг æнкъардта уыцы чысыл баныдзæвдæй. Капитан-лейтенант йæхицæн цы рæстæг бамгъуыд код- та, уый куы оыххæст, уæд чиныг бахгæдта æмæ сыстад. Доны сæрмæ та сленк кæныны тыххæй дзæнгæрæг анæ- рыд. Ногæй та лодкæ хæрдмæ сфардæг, ногæй та йæ их- лыггæнæнтæ сымбæлдысты ихыл. Æрфбарæны фатæг иу уысмы бæрц мидбынат алæууыд, стæй галиуæрдæм нолы онг бахæццæ æмæ лодкæ нызмæлыд. 484
Перископ систой æмæ йæ авг цæстыты разындысты, сæ .алыварс цы ихы цъæлтæ ленк кодтой, уыдон. Денджызы улæн тынгæй-тынгдаер æнкъуыста лодкæйы. Капитан- .лейтенант æппынæдзух касти перископмæ æмæ боны рухсы урс тæнæг таг хъазыд йæ рахиз цæсты сырхгонд урсы. Уый фæстæ йæ сæр разылдта æмæ сеппæт дæр федтой сæ командиры раздæрау хъæлдзæгæй. — Штурман, лоцийы ма -сæдæ дыууынæм фарс фæны- • сан кæн: Балтийы денджызы цæгаттаг хайы, чи зоны, ихы бæзнæн йæ бон у уа йæ уæрхы бæрц—уыцы бынат ’картæйæ ссæрф... Дизель ифтындзынмæ барæвдз кæн. Уый схызт нарæг асиныл, зынтæй бакодта схизæн дуар, лыстæг ихы къæрттытæ йыл зæлланггæнгæ калдысты. €ыгъдæг уазал уæлдæф бафсæрста капитаны лæууæн бы- натмæ, денджызы улæн фæкъул кодта лодкæйы æмæ па- лубæмæ чиныг æрхауд. Боцман Вязнов æй арæхстгай систа æмæ йæ лоцийы «фарсмæ æрывæрдта. Уыдон уыдысты „Гуырдзиаг ар- апъæуттæ". 435
Толстой Алексей: УЫРЫССАГ УДЫГЪÆД Уырыссаг удыгъæд! — Чысыл радзырдæн ахæм ном æгæр егъау у. Цы гæнæн ис,—мæн сымахимæ аныхас кæ*- нын фæнды æрмæстдæр уырыссаг удыгъæды тыххæй. Уырыссаг удыгъæд! Ацу æмæ йæ ды ныффысс... Р&- дзырдæуа хъайтарон сгуыхтдзинæдты тыххæй? Фæлæ уыдон уый бæрц сты, æмæ дзы кæцыйы сывзарай, уый дæр нæ базондзынæ. Æрмæст мæ фервæзын кодта мæ хæлар йæ сæрмагонд царды иу чысыл цауæй. Уый немы- цæгтимæ куыд хæцыд, ууыл нæ дзурдзынæн, æцæг кæд. хæсгæ дæр кæны зæрин стъалы æмæ йæ риуæн йе ’рдæг ордентæй емыдзаг у, уæддæр. Уый у хуымæтæг, сабыр^ Саратовы областы, Волгæйы был цæрæг колхозон. Фæлæ иннæты æхсæн бæрæг у йæ тых, йæ ас æмæ рæсугъд. бакастæй. Уыди-иу афтæ æмæ-иу танчы мæсыгауæй куы сцæйбырыд, уæд æм адæймаг кæсынæй не ’фсæст—мæнæ- хæсты хуыцау! Æргæпп-иу кодта згъаррæй зæхмæ, йæ- шлем-иу йæ хуылыдз сæры хъуынтæй систа, йæ ахуырст цæсгом-иу асæрфта хæцъилы быдыргъæй æмæ-иу æнæ- мæнгæй хъуамæ фæхудтаид йæ зæрдæхæларæй. Хæсты адæймæгтæ мæлæты цур æдзухæй зилдухы кæй вæййынц, уый тыххæй кæнынц хуыздæр, алы ницæйаг миниуджытæ сафынц, хурсыгъды фæстæ æнæбæззон царм куыд фестыхсы, афтæ, æмæ ма адæймагæн баззайы æрмæстдæр йæ апп. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы апп*. иуæн фидардæр вæййы, иннæмæн—фæлмæндæр, фæлæ йæ- апп сахъатджын кæмæн у, уыдон дæр сæхиуыл размæ- 486
хæцынц,—алкæй дæр фæнды уа хорз æмæ æууæнкджын æмбал. Фæлæ мæ хæлар, Егор Дремов, хæсты агъонмæ дæр æгъдауылфидар чи хæцыд, ахæм уыд, тынг стыр аргъ кодта æмæ уарзта йæ мад Маря Поликарпы чызджы, стæй йæ фыд Егор Егоры фырты дæр. „Мæ фыд у бæрц- къахдзæф; фыццаджы дæр йæхи сæрæы кад кæны. Ды, лæппу,—зæгъы уый,—а-дунейыл бирæ цыдæртæ фендзы- нæ, фæсарæнты дæр уыдзынæ, фæлæ уырыссаг номæй сæрыстыр у..." Уымæн уыд уыцы хъæуккаг, Волгайы былыл уарзон чызг. Уарзæттæ æмæ устытыл махмæ арæх фæдзурынц, уæлдайдæр та фронт сабыр куы вæййы, хъызт куы вæй- иы, сыджытдзары цырагъ ала куы фæкæны, чысыл пец куы фæкъæрцц-къæрцц кæны æмæ хæстонтæ æхсæвæр куы бахæрынц, уæд. Ахæм диссæгтæ фæдзурынц æмæ дæ хъустæ айвæздзысты. Цæвиттон, райдайдзысты: „Циу уар- зондзинад?" Иу зæгъдзæн: „Уарзондзинад фæзыны хæлар ахасты бындурыл..." Иннæ:»Уымæй мæнг зæгъыс, уарзон- дзинад у фæцайдагъ, адæймаг уарзы канд йæ усы нæ, фæлæ йæ фыд æмæ йæ мады æмæ ма цæрæгойты дæр",— „Тфу, æнæ сæр! — зæгъдзæн æртыккаг. — Уарзондзи- над—уый у, адæймаг мидæгæй куы фæсудзы, расыг лæгау куы фæцæуы." Æмæ афтæ философи кæнынц иу сахат, дыууæ, цалынмæ старшинæ хъуыддаджы йæхи нæ фæхæццæ кæны æмæ барджын хъæлæсы уа- гæй не сбæрæг кæны хъуыддаджы схæцæн, уæдмæ... Æвæццæгæн уыцы ныхæстæй æфсæрмы кодта Егор Дре- мов æмæ мын йæ уарзон чызджы тыххæй æрмæстдæр кой скодта, ома хорз чызг у, æмæ иугæр уыцы чызг афтæ загъта æнхъæлмæ кæсдзынæн, зæгъгæ, уæд, йæ дзырд сыххæст кæндзæн, иу къахыл куы ’рцæуа, уæддæр... Æфсæддон сгуыхтдзинæдтыл дæр нæ уарзтауæлдæйт- тæ дзурын. „Ахæм хъуыддæгтыл мысын мæ нæ фæнды." Иæхи стызмæг кæны æмæ тамако сдымы. Йæ танчы хæс- тон хъуыддæгтæ мах базыдтам экипажы ныхæстæй. Чи-иу хъуыста, уыдон-иу уæлдай дисы бафтыдта танкскъæрæг Чувилев. — ...Зоныс, мах куыддæр нæхи æрцæттæ кодтам, афтæ 487
кæсыс, фæскъуылдымæй слæсы... Хъæр кæны: „Æмбал лсйтенант, стæй!"~Размæ,—хъæр кæны,--размæ скъæргæ! Æз дæр, нæзыджыны æмбæхсгæйæ, рахизырдæм, галиу- æрдæм... Стæй йæ фындз радав-бадав кæны куырмау, фехста—нæ иувæрсты ауад нæмыг. Æмбал лейтенант ын фехста йæ фарс — стъæлфæнтæ скалдта. Ноджыдæр та фехста мæсыг—уый йæ -фындз ныхъхъил кодта... Æртык- каг хатт дæр та æхст,—стайы æппæт хуынчъытæй скалд фæздæг.— Арты ’взæгтæ сæдæ метры бæрзондмæ хаудтой. Экипаж фæсауæрц люкыл ралæст, Ванька Лапшин сыл нæмыгзгъалæн ауагъта,—уыдон хуыссынц æмæ сæ къæх- тæ тилынц... Махæн, æмбарыс, нæ развæд асыгъдæг. Фондз минуты фæстæ батахтыстæм х;ъæумæ. Æз ам худæ- гæй мæ артæнбынтæ фæцæй калдтон... Фашисттæ лидзынц фæйнæрдæм. Уыд цъыф. Зоныс, бирæ дзы рагæпп кодта æнæ цъырыхъхъæй, айдагъ цъындаты, сонтау. Иуылдæр лыгъдысты мæнгагъуыстмæ. Æмбал лейтенант мын дæт- ты командæ: „Разил ма мæнгагъуыстмæ." Сармадзаны фæстæмæ азылдтам, æйттмардзæ цыдæй батардтон мæнг- агъуыстыл... Диссæгтæ! Нæ машинæйы згъæр гуырыл сгыбар-гыбур кодтой рагъхъæдтæ, фæйнæджытæ, агуы- ритæ, уæлхæдзар æмбæхст цы фашисттæ уыд, уыдон... Æз та сæ иту акодтон,—иннæтæ сæ къухтæ сдардтой æмæ Гитлер капут... Афтæ хæцыд лейтенант Егор Дремов, цалынмæ йыл æна- монд хабар нæ сымбæлд, уæдмæ. Курскы стыр хæсты, немыцæгтæ сæ туджы куы хуыдуг кодтой æмæ куы фæ- састысты, уæд йæ танк къуылдымыл, мæнæуы хуымы фе- хæлд сармадзаны нæмыгæй, йæ экипажæй дыууæ мард фесты уым, ^дыккаг нæмыгæй танк ссыгъд. Скъæрæг Чувидев рагæпп кодта раззаг люкæй, ногæй та схызт тан- чы гуырмæ æмæ сласта лейтенанты. Уый уыд уадзыг, йæ дарæс ыл сыгъдысты. Куыддæр Чувилев иуфарс аласта лейтенанты, афтæ танк атыдта. Йæ мæсыг иу фæндзай ме- тры онг фæхаудта. Чувилев йæ армы дзыхъхъæй хырыз сыджыт калдта лейтенанты цæсгомыл, йæ сæрыл, йæ да- рæсыл, цæмæй ахуыссын кодтаид зынг. Стæй иу уæрмæй иннæ уæрммæ хылд емæ хъæдгæмттæ бæттæн пунктмæ... 488
.„Æз æй цæмæн раластон?—дзырдта Чувилев, — хъусын, йæ зæрдæ кусы..." Егор Дремов сæрæгас баззад, æгæрстæмæй йæ цæстьг рухс дæр нæ фесæфта, æцæг йæ цæсгом афтæ сыгъд уыд æмæ ранæй-рæгты йе стджытæ зындысты. Аст мæйы фæхуыссыд госпиталы, фæдыл-фæдыл ын арæзтой плас- тикон операцитæ, сарæзтой йын фындз, былтæ, æрфгуытæ æмæ хъустæ дæр. Аст мæйы фæстæ йын йæ бæстытæ куы сыхæлдтой, уæд кæсæнмæ акаст йæхимæ, фæлæ æцæгæй та йæхи чи нæ уыд, уыцы цæсгоммæ. Чысыл кæсæн æм цы медицинон хо радта, уый иуфарс азылд æмæ скуыдта. Уый йæм уайтагъд фæстæмæ радта кæсæн. •—Вæййы фыддæр,—загъта уый, — афтæмæй дæр ис цæрæн. Фæлæ медицинон хойæ кæсæн никуы уал ракуырдта, æрмæст уырзтæй арæх сгæрста йæ цæсгом, цыма йыл йæхи цайдагъ кодта, уыйау. Къамис æй банымадта, рæн- хъон æфсады чи нæ службæ кæны, уыдонæн бæззонæн. Уæд уый бацыд генералмæ æмæ йын загъта: „Курын дæ, ауадз мæ фæстæмæ нæ полкмæ". „Æмæ инвалид куы дæ,—загъта генерал".—„Нæ, æз дæн æрмæстдæр фыдуынд. Фæлæ уый хъуыддагæн ницы базиач кæндзæн, мæ хæстон æвзыгъддзинад æххæстæй сындидзын кæндзынæн." (Ныхас кæнгæйæ йæм генерал кæй нæ каст, уый фæфиппайдта Егор Дремов, æмæ зыхъхъырау раст чи уыд, уыцы цъæх былтæй бахудæгау кодта). Цæмæй æххæстæй сындидза йе нæниздзинад уый тыххæй йын радтой дыууын боны улæфт æмæ ацыд йæ фыд æмæ йæ мады фенынмæ. Уый уыди > ацы аз марты мæйы. Станцы йæ фæндыд исты баххуырсын, фæлæ йæ ба- хъуыд æстдæс версы къахæй цæуын фистæгæй. Йæ алы фарс ма уыд миттæ, бæстæ уыди умæл, афтид. Уазал дым- гæ йын фæйлыдта йæ цинелы фæччитæ, æмæ иугъæдон . æнкъарддзинадæй йæ хъусты æхсидт кодта. Куы ризæр- милтæ, уæд бахæццæ хъæумæ. Мæнæ сæ цъа. Донисæн, хърихъуппау бæрзонд, дзедзлой æмæ хъыррыст кодта. Ар- .дыгæй æхсæзæм хæдзар у йæ ныййарджыты. Æвиппайды -фæлæууыд, йæ къухтæ йæ дзыппыты атъыста. Йæ сæр 489
банкъуыста. Фæндагæй иуфарс ахызт, ацыд сæ хæдзар- мæ. Йæ уæрагмæ миты нынныхст, æргуыбыр кодта рудзынг- мæ, федта йæ мады. Уый лампæйы нымæг рухсмæ фын- гыл æвæрта æхсæвæр. Нырма дæр ыл~уыцы таркæлмæр- зæн, нырма дæр уыцы мадзура, сабыргай архайæг, хæлар^ Фæзæронд ис, йæ мæллæг уæхсджытæ схъилтæ сты. „Ох» уый зонгæйæ йæм алæбон дæр мæхи тыххæй иу дыууæ- дзырды уæддæр куы фыстаин..." Æрывæрдта фынгыл хуымæтæг æхсæвæр—æхсыры къус, дзулы лыггаг, дыууæ- уидыджы, цæхдарæн æмæ фынджы раз лæугæйæ, хъуыды- ты аныгъуылд, йæ мæллæг къухтæ йæ риуы бынмæ сы- вæргæйæ... Егор Дремов, рудзынгæй йæ мадмæ кæсгæйæ, бамбæрста, йæ фæтæрсын кæнын хорз кæй нæу. Хорз нæ- уыдзæн, йæ зæронд цæсгом мыййаг куы сриза. Цæй, хорз! Бакодта кæрты дуар, бацыд кæртмæ, уырды- гæй— тыргъмæ, бахоста. Райхъуыст йæ мады хъæлæс фæс- дуарæй: „Чи дæ?" Уый дзуапп радта: „Лейтенант, Советош цæдисы хъайтар Громов." Йæ зæрдæ афтæ тынг сгуыпп-гуыпп кодта æмæ йæ уæхскæй банцой кодта уæлкъæсæрыл. Нæ, мад ын нæ ба- зыдта йæ хъæлæс. Афтæ йæм фæзынд, цыма йæхæдæг дæр фыццаг хатт фехъуыста, госпиталы ’уый æппæт опе- рациты фæстæ чи аивта, ,уыцы хыр-хыргæнаг, æбæрæг хъæлæс. — Мæ боныл... Æмæ дæ цы хъæуы?—бафарста мад. — Маря Поликарпы чызгæн йæ фыртæй, хистæр лейте- нант Дремовæй, салæмттæ дæттын. Уæд уый дуар бакодта, йæхи йæм баппæрста, йæ къух- тæм ын фæлæбурдта: — Удæгас у мæ Егор? Æнæниз у? 0, мескæнæг, мидæ-- мæ рацу. Егор Дремов фынджы фарсмæ æрбадт, йæ къæхтæ ма^ зæхмæ куы нæма ’ххæстыеты, уæд-иу кæм бадт, уыцы ран тæрхæгыл æмæ-иу ын йæ мад йæ къæбæлцзнгг сæр йæ армытъæпæнæй кæм даудта, афтæ дзургæйæ: „Ахæр, мæ карк, ахæр." Райдыдта йын дзурын йæ фыртыл, йæхи тыххæй. Дзырдта йын лæмбынæгæй куыд хæры, куыд нуазы, хъуаг- 490
æппындæр куыд ницæмæй у, алы хатт дæр æнæыиз æмæ • хъæлдзæг куыд у, уыдæттыл, — стæй цыбырæй та— йæ танчимæ кæмыты архайдта, уыцы тохтыл. —-Ды ма мын зæгъ—хæсты тæссаг у?—-йæ ныхас-иу ын фæлыг кодта æмæ йын каст йæ цæсгоммæ, тар æнга- сæй, кæмæй нæ уыдта, уыцы цæстытæй. — Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ мады хай, тæссаг у,. фæлæ фæцайдагъæй дæр у. Æрбацыд йæ фыд Егор Егоры фырт. Уый дæр фæцауд- дæр ацы азты,—йæ боцъотыл ын цыма ссад бакалди. Уазæгмæ кæстытæ кæнгæйае, йе скъуыд нымæт дзабыртæ æрхоста къæсæрыл, сабыргай райхæлдта йæ хъуырдарæн, раласта йæ цыбыр кæрц, бацыд фынгмæ, йæ къух райс- гæйæ йын салам радта,—ох, зонгæ йын уыд ныййарæджы- уæрæх æмæ рæстаг къух! Ницæмæй фарста, уымæн æмæ æнæуи дæр бæрæг уыд, орденджын уазæг ам цæмæн ис^ æрбадт æмæ уый дæр райдыдта хъусыы, йæ цæстытæ чы- сыл æрымбæрзгæйæ. Лейтенант Дремов цас’ фылдæр бадт æнæ базонгæйæ æмæ дзырдта йæхиуыл æмæ йæхиуыл дæр нæ, уыйас ын- зындæр уыд йæхи раргом кæнын, сыстын, зæгъын: базо- нут мæн, фыдуынды, мæ мад æмæ фыд!.. Уымæн уыд сæ ныййарджыты фынджы уæЛхъус бадын æхсызгон дæр æмæ хъыг дæр. — Цæй, цы кæнæм, усай, исты ма фен уазæгæн,—Егор Егоры фырт бакодта зæронд, фæлæ чысыл^чыргъæды дуар, цыран галиу къуымы лæууыдысты кæсагахсæш æнгуыртæ пæрттой къоппы,—уыдонма, раздæрау, нырдæр’афтæ лæу- уыдысты.—Уым ма уыд, йæ фындз цъæл кæмæн уыду, уыцы цайдан дæр,—-уый дæр ма уыцы бынаты ис. Чыр- гъæд кодта кæрдзыны мурты æмæ хъæдындзы цъары тæф... Егор Егоры фырт райста авг сæнимæ.—Уый уыд бæрцæй; дыууæ агуывзæйы, сулæфыд, фылдæр ссарæн кæй нæй, уый тыххæй. Райдыдтой æхсæвæр хæрын, иннæ азты-иу куыд хордтой, афтæ. Æмæ хистæр лейтенант Дремовхæр- гæ-хæрын фæхатыд, йæ мад æдзынæгæй кæй каст, йæ рахиз къухæй уидыгыл куыд хæцы, уымæ. Уый бахудт, мад айста йæ цæстæнгас, цыма дзы исты фæрыст, уыйау йæ цæсгом барызт. 491.»
Аныхас кодтой бирæ цæуылдæрты, дзырдтой цахæм уыдзæн уалдзæг, адæмæн сæ бон хор байтауын бауыдзæн ^æви нæ, стæй ма уый тыххæй дæр, зæгъгæ, ацы сæрд хъуамæ хæст фæуа. * — Цæмæн дæм афтæ кæсы, Егор Егоры фырт, ацы сæрд хæст фæуыдзæн, уый? — Адæм смæсты сты, — дзуапп радта Егор Егоры фырт,--мæлæтыл сæ къух систой—ныр æй куы нæ æру- ромой, уæд немыцæгтæн æнæ сæфгæ нæй. Мария Поликарпы чызг бафарста: — Ды нæ загътай, кæд ын ратдзысты улæфт,—кæд нæм æрцæудзæн. Æртæ азы йæ нал федтам, æвæццæгæн, сы- рæзт, рихитæ йын уыдзæн... Алæбон дæр мæлæты цур и, уæд, æвæццæгæн, йæ хъæлæс дæр сгуымир уыдаид? — Куы ’рцæуа, уæд æй, чи зоны зонгæ, дæр нал бакæ- нат,—загъта лейтенант. Уат ын бакодтойдурынпецыуæлæ, цыран уымæн зынд- гонд уыд алы агуыри дæр, хъæдын къулы алы зыхъхъхыр дæр, царыл алы арх дæр. Цыд ыл фысдзарм æмæ хойра- джы тæф, райгуырæн къуымы тæф, мæлæты сахат дæр адæймагæй чи нæ рох кæны, ахæм æхцон тæф. Марты мæйы дымгæ уæлхæдзар æхсидтытæ кодта. Фæсгæрæнæй цыд йæ фыды хуыр-хуыр. Йæ мад рафт-бафт кодта, унæр- гъыдта, нæ фынæй кодта. Лейтенант хуыссыд дæлго’ммæ, йæ цæсгом йæ армы тъæпæны, афтæмæй: „Ау, куыннæ мæ базыдта,—-хъуыды кодта уый,—ау, уæддæр мæ куыннæ базыдта? Гьтцци, Гыцци..." Райсом сыхъал, пецы цы сугтæ сыгъд, уыдон къæрц- цытæй, йæ мад арæхстджынæй змæлыд пецы алы фарс, тыгъд синагы ауыгъд уыдысты йæ къахтухæнтæ ног æх- садæй, фæсдуар лæууыдысты йæ цырыхъхъытæ,— уыдон дæр—æхсад. — Дзуллаг ссады лауызтæ уарзыс? — бафарста мад. Уый æвиппайдæй нæ радта дзуапп, пецæй æрхызт, йæ хæдон скодта, йæ рон балвæста æмæ бæгъæмвадæй æр- бадт бандоныл. — Зæгъ-ма, сымахмæ ам, хъæуы цæры Катя Малышева. Аыдрей Степаны фырт Малышевы чызг? 49 2
— Фарон курсытæ фæци, махмæ ахуыргæнæгæй кусы:. Йæ фенын дæ фæнды? — Уæ фырт мын фæдзæхста, цæмæй йын æнæмæнгæй^ радтой салам. , Мад æм арвыста сыхæгты чызджы. Лейтекант йæ дза- быртæ дæр нæма скодта, афтæ æрбадугъ кодта Маря Малышева. Йæ уæрæх æмæ цъæх цæстытæ æрттывтой,.. йе’рфгуытæ сæхиуыл диссаджы рæсугъд схæцыдысты, йæ рустæ—цины сырх ахуырст. Йæ сæрæй фæтæн уæхсджы-- тæм куы æруагъта йæ быд кæлмæрзæн, уæд лейтенант йæхи мидæг сунæргъыдта: тæхуды аба кæн ацы хъарм, бурбын дзыккутæн!.. Йæ хъуыдыйы мидæг æрмæстдæр ахæмæй уыдта цардæмбалы,—æвзонг, уæздан, хъæлдзæг,., хæлар, æмæ афтæ рæсугъд: йе’рбацыдæй æнæхъæн хæ- дзар сыгъзæрин фестад... — Ды мын салам æрхастай Егорæй? (Уымæн рухсы ’рдæм уыд йæ чъылдым æмæ дзуаппы охыл æрмæстдæр æргуыбьтр кодта йæ сæр, уымæн æмæ дзурын нæ уыд йæ • бон). Æз та йæм æхсæвæй-бонæй æнхъæлмæ кæеын,-— зæгъгæ дæр ын афтæ кæн... Хæстæг æм бацыди. Бакаст æм, æмæ йын цыма исчи йæ риу рариуыгъта, уыйау фæтарст, фæстæмæ фæлæу- уыд. Уæд уый фидарæй аскъуыддзаг кодта абон кæй ацæудзæн. Мад сфыхта æхсырæй конд лауызтæ. Уый та ногæй дзырдталейтенант Дремовыл, ацы хаттйе’фсæддон сгуыхт— дзинæдтыл. Дзырдта карзæй æмæ йæ цæстытыл уæлæмæ не схæцыд, цæмæй ма федтаид Катяйы рæсугъд цæсго- лшл йæ фыдуынддзинады хуызтæ. Егор Егоры фырт ацар- хайдта, цæмæй колхозæй бæх райстаид, фæлæ уый, куыд . æрбацыд, афтæ та фæстæмæ дæр фистæгæй ацыд станц- мæ. Цы’рцыд, æппæт уымæй уыд тынг æфхæрд. Хатт-иу æрлæууыд æмæ-иу йæ цæсгом цавта йæ армы тъæпæнæй* афтæ дзургæйæ: „Нырма куыд кæнон?" Æрыздæхт йæхи полкмæ. Уый лæууыд баххæст кæны- ны тыххæй арф фæсчъылдым. Йе ’фсæддон æмбæлттæ йыл \ афтæ зæрдиагæй сæмбæлдысты, æмæ йæ уый размæ фы- нæй кæнын, хæрын, улæфын чи нæ уагъта, уыцы æнкъа- 498-
• рынадæй фервæзт. Аскъуыддзаг кодта: уадз æмæ мад ме ^намонддзинад æрæгмæдæр базонæд, Катяйы та — уыцы • сындзы—æз мæ зæрдæйæ сыппардзынæн. Иу дыууæ къуырийы фæстæ йæ мадæй æрцыд фыетæг: „Æгас цæуай, мæ хъæбул, мæ зынаргъ. Тæрсыи дæу- мæ фыссын дæр, æмæ нæ зонын, цы чындæуа, уый дæр. . Дæ номæй нæм уыдис иу лæг. Хорз адæймаг, фæлæ цæс- гомæй—фыдуынд, Фæндыд æймахмæ ацæрын, фæлæ æвип- >пайды фæцæуæг. Уæдæй нырмæ, мæ хъæбул, нал фынæй гкæнын, афтæ мæм кæсы, цыма уый ды уыдтæ. Егор Егоры • фырт уый тыххæй загъд кæны мемæ—дæуæн, дам, зæронд, дæ сæры зонд фæцыд: нæ фырт, дам, куы уыдаид, уæд, дам, æй не. схъæр кодтаид... Уый куы уыдаид, уæд йæхи цæмæн хъуамæ æмбæхстаид. Махмæ чи ’рцыд, уы- мæн цы цæсгом уыд, ахæмæй сæрыстыр уæвын хъæуы. Баууæндын мæ кæны Егор Егоры фырт, фæлæ мады зæр- дæ йæхион кæны: уый уыд, уый уыд махмæ!.. Уыцы лæг фынæй кодта пецы уæлæ. Æз ын йæ цинел рахаотон дуар- .мæ асыгъдæг кæнынмæ, ныххаудтæн ыл æмæ райдыдтон ^кæуын,—уый йæ цинел у... Мæхи Егор, хуыцауæй курæ- гау дæ курьш, ныффысс мæм, бамбарын мын кæ, чи уы- ди? Æви æз æцæг сæрра дæн?" Егор Дремов уыцы фыстæг фенын кодта мæнæн, Иван Сударевæн, æмæ, йæ хабæрттæ дзургæйæ, йæ дысæй асæрфта йæ цæссыгтæ. Æз ын ’зæгъын: „Сымбæлдысты удыгъæдтæ! Æдылы, æдылы, ныртæккæ ныффысс дæмад- мæ, ракур дзы хатыр, ма йæ утхарæй мар... Тынг æй ба- хъуыд дæ хуыз! Афтæмæй дæ ноджы фылдæр уарздзæн!" Уый уыцы бон ныффыста фыстæг: „Мæ зынаргъ ный- йарджытæ, Маря Поликарпы чызг æмæ Егор Егоры фырт, ныббарут мын менæхсæстдзинад, æцæгæй дæр сымахмæ æз уыдтæн, уæ фырт..." Æмæ афтæ дарддæр æмæ дард- дæр... ’цыппар фарсыл лыстæг къухфыстæй. Уый, æвæдза, ссæдз фарсыл дæр ныффыстаид, гæнæн куы уыдаид, уæд. Иу цасдæры фæстæ æз æмæуый лæууыдыстæм æхсæн- бынаты. Æрбадугъ кодта салдат æмæ Егор Дремовмæ дзуры: „Æмбал капитан, агурынц уæ!.." Кæд салдат лæууыд йæ формæйы, уæддæр йæ хуыз афтæ у, цыма йæ 494
-аназын фæнды. Мах ацыдыстæм хъæумæ. Дремовимæ цы хæдзары цардыстæм, фæцæуæм уырдæм. Кæсын, йæ адыл нæу—схуыф-схуыф кæны... Хъуыдыкæны: „Танкист, тан- кист, фæлæ нуæрттæ... фæхизæмхæдзармæ—уый разæй, æз фæстиæ, фехъуыстон: „Гыцци, æгас цу, уый æз дæн!.." Уынын: чысыл зæронд ус ын йæ риумæ баппæрста йæхи. Акастæн фæйнæрдæм, уым ма разынд ноджы иу сылгой- маг. Раст дын зæгъон, æвæццæгæн, ма зæххыл искуы уы- дзæн рæсугъд чызджытæ, уæдæ иунæг уый кæм уыдзæн. фæлæ дзы æз ахæм никуы ма федтон. Лæппу*йæхи ахибар кодта мадæй, фæцæуы уыцы чызгмæ. Йæ бæгъатыр арæз- тæй æз базыдтон, уый хæсты хуыцау кæй у. „Катя,—дзу- ры уый,—Катя, ды та цæмæ æрцыдтæ? Ды æндæрмæ æн- хъæлмæ кастæ, уый æз нæ дæн..." Æз æцæг тыргъмæ ацыдтæн, фæлæ йын рæсугъд Катя цы дзуапп радта, уый уæддæр фехъуыстон: „Егор, мæн ч$æнды демæ цæрын æнустæм. Æз дæ æууæнкджынæй уарздзынæн, тынг бирæ дæ уарздзынæн... Ма мæ арвит..." Мæнæ, гъе, уырыссаг удыгъæдтæ! А.фтæ зыны, цыма адæймаг хуымæтæг у, фæлæ æнамонддзинад куы ’рцæуа, уæд дзы равзæры стыр тых--адæймаджы рæсугъддзинад. 1944 аз. 495
Тендряков Владимир ГУЫРГЪАХЪ ФÆНДАГ 1 Хуыссæгхъæлдзæг мигътæ сæ уæз æруагътой Тар Хъæ- ды чысыл горæтыл. Дымгæ^ змæлын кæны бæлæсты хуыт лыдз сыфтæртæ æмæ хъуысы сæ уынæр. Хуылыдзæй æрт- тивынц зæронд æфсæн уæлхæдзæрттæ, хуылыдз хъæд- къултæ ныссау сты—æмæ горæт йæхæдæг, йæ зæхх æмæ йæ уæлдæф,—алцыдæр дзы ахъаззаг ныддондыппыр. Ахæм горæтæн, æфсæнвæндагæй фæндзай километры бæрц фæрсырдæм æппæрст кæй у, уымæ гæсгæ дæргъвæ- тин кæвдатæ скæнынц стыр хъиамæт: магазинты сæ кой фесæфы цæхх æмæ фæтæгенæн. Культурæйы Хæдзары нал февдисынц ног кинонывтæ, æрæгмæ хæццæ кæнынц фыстæджытæ æмæ газеттæ, уымæн æмæ пост ласын бай- дайынц бæхтыл. Тар Хъæд уыцы бонты йе ’мбисы бæрц фæиртæсы æппæт иннæ дунейæ. Райфæлхасцæдисмæ æрцыд тел: æфсæнвæндаджы стан- цæ райста хусгонд кæсæгтæ. Æндæр хатт сæм сæрмагон* дæй йæ хъус ничи æрдарцтаид—аластаиккой сæ, байуæрс- таиккой сæ магазинтыл æмæ сæ ныууæй кодтаиккой. Фæлæ ныр райфæлхасцæдисы сæрдар Оямжин Афанасийы фырт Ларион,\зæрдæнизджын лæг, чысыл ницæй тыххæй дæр мæтæй йæхи хизы, фæтыхст: — Цы бачындæуа? Станцæйы холодильниктæ нæй. Сæв- зæр уыдзысты! Цы рæстæгмæ сæ æрхастой! Ме ’намон- дæн!.. Дергачев Уасямæ ма мын .фæдзурут. Цырд! Йæ иу къах ам куыд уа, йе ’ннæ та—уым. 496
Шофер Дергачев Уасилæн йæ зæрды уыд Заустянскы хъæумæ суайын, уым ныр мæйы бæрц ракæс-ракæс кодта. библиотекæйы гæс Пестряк Груняйы къæсæрæй. Сямжин- мæ æрбацыд цъæх плащы, коверкот худ йæ сæрыл фæстиау сагъд,—йæ дарæс бæрæгбонгъуыз, йæ цæсгом—æнкъард. — Ногæй та кæд рейс ’нæй? — бафарста йæ къæхтæм хъуынтъызæй кæсгæйæ:хром цырыхъхъыты хъустæ фæн- дыры тæнты хуызæн, чысыл цъыфагайд, ног къалостæ сыл. — Не скаст дæумæ у, Уасил, æрмæстдæр дæумæ. Азмæ- лæнтæ нæй. Иннæтæ ницы бакæндзысты, искуы цъыфы аирвæздзысты. ’Ды та канд шофыр нæ дæ, дæу та, æп- пæлгæ дæ нæ кæнын, хъуыцау скъæрæг фæкодта. 'Кур- диат дæм ис! — Эй, ай куыдзы цард куы у! Фæндаг уа, нæ уа, уæд- дæр дæ тæрынц’. — Тæргæ дæ ничи кæны. Кургæ дæ кæнынц, æфсьтмæр. — Уæдæ ма уын ма сразы уаин—тыхæй мæн нæ атæ- риккат? — Атæрин дæ, мæ хур, атæрин, фæлæ дын дæхи зонд- мæ кæсын. Мæн уый фæнды, цæмæй дæхæдæг хорз бам~ барай хъуыддаг. — Фод афтæ,— йæ къух ауыгъта Уася.—Гæххæттытæ- мын ацæттæ кæн. Дыууын минуты фæстæ, йæ зæронд кенкæйы, дæрд- джын ихсыд цармæй курткæйы, æнахуыр уæрæх цырыхъ- хъыты, хъуыдытæ гæнгæ разил-базил кодта йæ машинæ- йы алыварс. Автомашинæйы кар бæлвырд цæуы азтæй нæ, фæлæ ки- лометртæй. Спидометр æртын мин куы æвдиса, уæд уый у ’взонджы дуг, царды рагуалдзæг. Дергачев Уасилы магаи- нæ та уыд зæронд ’усы хуызæн: æнцъылдтæ базыртæ, дзортт-дзорттгæнаг ихсыд борттæ, йæ буфер—таст, йæ фæз- дæг скæлы цъæх-цъæхидæй, нал ын фаг кæны улæфт. Ак- каг ын фесты Тар Хъæды гуыргъахъ фæндæгтæ. 4 Ныр лæууы, йæ мотор къæрцц-къæрцц срæуæгæмæ йæбирæбав- зарæг корпус чысылгай зыр-зыр кæны, цыма ног уæззау1 фæлварæнмæ йæ ныфс нæ хæссы. Уасил телæй бабаста галиу борты æхгæнæн,—фидары 32* 49?
мад, дам, нæ куыдта: искуы уæд та ахицæн æмæ асхъиуд- та,—-кабинæмæ бахызт. Районы ГЭС-ы донуадзæныл нæ ацыд, фæлæ базылдта цайцымæнмæ. Чи уыдзæн уыцы шофыр, æмæ „кæсæгтæ ма ’рцахса!" „Кæсæгтæ æрцахс" нысан кæны, зæгъгæ, бæлццæттæ , •алас. Машинæйы шофырæн ис æрмæстдæр иунæг карз тæр- хонгæнæг—автоинспекцийы минæвар. Фæлæ* ахæм минæ- вæрттæ æрмæстдæр иу стæм хатт æрбафтынц амы дзæгъæл фæндæгтæм. Гъе, уымæ гæсгæ Тар Хъæды гаражæй шо- фыр куы рацæуы, кæм кусы, уыцы организацийæ куы фæ- хицæн вæййы, уæд уайтагъддæр йæхи банкъары цыфæн- ды закъæттæй дæр иуварс. Уый свæййы чысыл паддза- хады—автомашинæйы гуыффæйы паддзах, йæ иунæг хицау. Æмæ чидæриддæр йæ паддзахадмæ бахауы, уый йын хъуа- мæ бафида хъалон. Æцæг, æртæ азы размæ райæххæсткомы сæрдар Зун- дишев рахъавыди, фæндæгтыл æнæфхæрдæй хъалон чи æмбырд кæны, уыцы шофырты ныхмæ тох самайынмæ. Уый -сæраппонд Тар Хъæды горæт æмæ станцæйы астæу æр- тæ раны сарæзтой шлагбаумтæ, фæрсæрдæм дзы ахизæн никуы уыд. Пълан уыд ахæм: шофыр сывæрдта фæндаггон- ты, фæлæ йын шлагбаумæй фервæзæн нæй, шлагбаумы цур та ис контролер æмæ бæлццæттæн’ уæй кæны æцæг законон билеттæ. Æхцатæцæуынц шофыры сойæдзаг дзыпп- мæ нæ, фæлæ сæ хардз кæнынц фæндæгты цалцæгыл. Ахæм яргъдауæй хъуамæ æндидзыдаид ^ар Хъæды райо- ны цард, ахæм æгъдауыл арæзт уыд пълан, фæлæ хабар фæзылд иннæрдæм... Шофыртæ, иннæ хæттытау, „кæсæгтæ ахстой". Шлаг- •бауммæ нæма ныххæццæ, афтæ уромы машинæ æмæ зæгъы: — Рахизут, æмбæстæгтæ, къахæй ацæут. Æз разæй ацæудзынæн, шлагбаумæй ахиздзннæн æмæ уæм æнхъæл- 493
•Асае кæсдзынæн. Уым та ногæй сбаддзыстут. Уæззау хæс- синæгтæ-—чырынтæ йедтæ, голлæгтæ гуыффæйы ныууа- дзут. Разы чи нæ у — тыхæй йæ нæ уромын. Ссарæд æн- даер машинæ, кæннод та—ноджы хуыздæр — къахæй сæпп ’кæнæд. Шлагбауммæ бацыд афтид машинæ. Контролер ыл не ’ууæнды, ныккæсы гуыффæмæ æмæ фæрсы: — Дæ бæлццæттæ цы фесты, хорз лддг! — Никæй сæ раластон. Оæрнизы йедтæмæ ницы сты. Тагъд кæнын. — Уæдæ ацы» дзаумæттæ кæй сты? Чырынтæ, гол- лæгтæ? — Мæ усы мад мæм уазæгуаты уыд. Йæ багаж станцæ- йы ныууагъта æмæ йын сæ мæнæ ласын... Дæ усы мад? Гъым... Хъæзныг цыдæр у дæ усы мад. Уый бæрц чырынтæ йæм уа« Бæргæ фæндыконтролеры шофыры фæгæды кæна, фæ- лæ цы амалæй? Шофыр читт нæ кæны, дымы тамако, ачъиртт кæны фæрсырдæм, зоны йæ—тас ын ницы у. „Кæсæгтæ"-— бæлццæттæ æнгом дзыгуырæй, шофыры æфтиагыл ныхаскæнгæйæ, къахæй ацæуынц дыууæ-æртæ километрмæ, ныххæццæ. вæййынц фæзилæнмæ—æнхъæлмæ сæм кæсы машинæ, схизынц гуыффæмæ æмæ та цæуынц иннæ шлагбаумы онг. Контролертæ бирæ нал акуыстой, суæгъд сæ кодтой сæ хæсæй. Шлагбаумтæ ма хæрдмæ хъилæй дзæвгар рæс- тæг фесты фæндаджы былыл, архайдтой шофырты æр- ■къæмдзæстыг кæныныл, фæлæ сæ сугæн фæдавтой. Иннæ шофыртау Дергачев Уасил нымадта, зæгъгæ, бæлц- цæттæй хъалон кæй исы, уый комкоммæ дæр у йæ бар, уый йын у законон лæвар ’Еар Хъæды фæндæгтимæ уæз- зау хæлардзинады сæраппонд. „Кæсæгтæ" бирæ цæмæй æрцахсай, уый тыххæй иуыл хуыздæр бынат у цайцымæн. Ардæм æрбамбырд вæййынц алы хъæутæй поездмæ чи тындзы, ахæмтæ, ам вæййынц, сыхаг районты цæрджытæ, ардæм æрбауай-æрбауай кæ- нынц бынæттон цæрджытæ, „машинæ нæма ис", зæгъгæ, афæрсынц. Цайцымæн станцæйæ хъауджыдæр нæу, 499
æнхъæлмæ кæс, дæ рæстæг бæгæныйы кружкæйы, гъе^, цайы агуывзæйы уæлхъус цыбыр кæн. Къæвдаты аххосæй ныр машинæтæбьштондæр нал цæ- уынц æмæ „кæсæгтæн" æвæрæн дæр нæ уыдзæн. Уасил баурæдта машинæ цайцымæны рудзгуыты хæд- бын, кабинæйæ нæма рахызт, афтæ йæм бæрзонд къæсæ- рæй фæхъæр чындæуыд: — Эй, Дергачев! Узгæ-узгæ, сындæггай, хуылыдз асинтыл, йæ дзабыр- ты зæвæттæй тъæпп-тъæппгæнгæ, уырдыгмæ æрхызт Уаси- лы зонгæ Утряховы МТС-ы директор Княжев. Бацыд æм, йæ къух æм бадаргъ кодта: — Сямжин мын баныфсæвæрдта-— ды мæ нæхимæ фæ- хæццæ кæндзынæ. Йæ плащ æфтыд нæу æмæ дзы ракъуыпп ис фæтæн нарст риу. Княжевы цæсгом у нард, фæлмæн, сылгойма- джы цæсгомы хуызæн, тыппыр былджын, фæсусхъæлæс, дзургæ-дзурын сыф-сыф кæны. '< — Ардæм куы цыдтæн, уæд мæ машинæ æрбайеæфтон. Бирæ фыдæбон ыл бахъæудзæн. Куыддæр фæсур уа, афтæ йæ хъуамæ Утряховмæ аласон. Йæ хъæлæсыл йæ фидауы лæгау-лæджы фигурæ, йæ- хырыз цæсгомыл та—йæ хъæбæр къæдз фындз. — Кабинæйы ничи бады?—йæ сæрæй йæм ацамыдта. —Ничи. Иунæг дæн. Раст цыма цæлхыты бынæй рагæпп ласта, уыйау сæ* разы февзæрд иыллæггомау зæронд ус, йæ къухы—стыр къалати, дæрдджын’ кæлмæрзæнæй баст. Фидар фæхæцыд Уасилы цармæй курткæйы дысыл, хъарæгау бакодта: — Мæ тæригъæды ма бацу, дæ сæрыл хаст фæуон. Æр- тыккаг бон машинæйыл нæ хæст кæнын. Æртыккаг бов ацæуон, уый мæ къухы не ’фты. Ма мæ ныууадз, мæ зæ- ронд стджытæ мын ма ныууадз. Чырысти де ’ххуысгæ- нæг, искуы мæ къуымы æрсадз* Æнустæм дæуæн кув- дзынæн. Кæуындзаст, æнцъылдтæ цæсгомæй Уасилмæ хинæйдзаг, æвзонгхуыз æмæ хъæддыхæй кастысты чысыл ныфсхабт цæстытæ. 500
— Уый бæсты хæдзары куы бадтаис, мæ мады хай! — Бæргæ бадин хæдзары, мæ зæрдиаг. Вæргæ бадин. .Мæкарахæм налу, æмæ йæ машинæ хойа. Гъе, фæлæ мæ мæ -фырты фенын фæнды. Æфеæнвæндагыл хиетæрæй кусы. Мæ чысыл сабитæн æйчытæ ласын, сæдæйы- бæрц. — Ныцъæл уыдзынæ дæ æйчытимæ. Хорз, гъа, сбыр гуыффæмæ, кабинæмæ хæстæг сбад. — 0, дæнывонд фæуон, мæ хйæбуд! 0, мæ ирвæзын- гæнæг! Хорз адæм, схæцут мыл, сæхсойут мæ... Бортæн фыццаг фæмидæгæй къалати, йæ фæдыл хъæрз- гæ—нæтгæ, хуыцауæн æмæ йыл фæстийæ кæй схæцыд, уый тыххæй Уасилæн арфæтæ кæнгæйæ, æрбатылдис зæ- ронд ус. Гуыффæмæ иннæрдыгæй æрбахауд дыууæ дзыхъхъынног чырыны, сæ гуыдыртæ сты никелæй, æрттивынц. Сæ хи- цау дæр бакастæй ног у, æрттивынц йæ пъагæттæ, йæ сæрфт •сæхтджытæ, йæ хъæбæр худ йæ иу хъусырдæм тыиг- дæр фæзылдта, бацыд Уасилмæ, партсигар байгом кодта: — Бадым, æфсымæр. Дыууæ бынаты дæм мæнæн—мæ- хицæн æмæ мæ усæн. Кæстæр лейтенант бæрзонд нæу, алцы дæр—йæ сæхт- джытæй, йæ фæлмæн дзабыртæй суанг йæ чысыл урс къухтæ æмæ лæгъз фындзмæ — алцыдæр дзы у аив, фи- дауцджын. — Наташæ, ардæм рауай. Мæнæ нæ шофыр. Ныр ацæу- дзыстæм. Ацы хуыггомæй, хæйрæджыты хай фæуа, ацæ- уынæи ницы уал фæразæм! Æз, æфсымæр, Болынезерскаг ?.æн, цыппор километры йæм ис ардыгæй. Отпусчы æр- цытдæн æмæ мæнæ ус æркодтон. Наташæ! Гъе, уым ма- шинæ хъахъхъæныс æви? Æнæ мах нæ ацæудзæн. Ардæм рауай... Цалынмæ ацы горæтгондмæ цыдыстæм, уæдмæ бафæлмæцыдыстæм. Афтæмæй ма нырма цас хъæуы цæ- уын. Прибалтикæйы службæ кæнын, Европæйы бæстыас- тæу. Наташæ, ардæм рауай. Æрттиваг пъагæттæ, æфсæддон формæ йыл кæй ис æмæ йæм йе ’взонг ус й& цæст кæй дардта, уьщæ гæсгæ-иу лей- тенант йæ уæхсджытыл бæрзонддæр схæцыд, партсигар-иу *йæ къухы хæрдмæсыппæрста, йæ дзыхы иу кæронæй иннæ 501
кæронмæ папирос æнæбары раппар-баппар кодта. Фæлæ йæш Уасил йæ чъылдым фездæхта. Кæд ыл ныртæккæ ис сойæ- дзаг, ихсыд курткæ, цъыфæйдзаг стыр цырыхъхъытæ, кæд йæ- бакаст фенддаг нæу—йæ фындз сæхтæджы хуызæн, йæ бе- цыкк йæ ныхыл æрзæбул, сатæг-сау, цыма мазутæй у ах- ^уырст,—кæд афтæ у, уæддæр ныртæккæ ам йæхицæй .лæг- дæр нæй. Æгæрстæмæй МТС-ы директор Княжев, сæдæгай машинæтæ йæ къухы кæмæн ис, уый дæр шофыр Дергачев; Уасилмæ кæсы аргъуцгæнæджы кастæй. Ахæм боныхъæд алкæй нæ хæссы йæ хъару цъыф фæндагыл цæуынмæ; Гъе, уымæ гæсгæ ацы лейтенантгонд æгæр< йæхимæ ма;3 ныззынæд, куыддæр Уасилы нæ бафæнда, афтæ баззайдзæн ам йæ чырынтæ æмæ йæ рæсугъд усимæ. ... Гуыффæмæ хизын байдыдтой. Зæронд усы фарсмæ- æрбадт цахæмдæр æнæуд, æнæзынгæ адæймаг, кæнæ фо- сы цæрмттæ æмбырдгæнæг у, кæннод та страхы агент. Цы дæрзæг брезент плащы аныгъуылд, уым йæ хуызæттæ* æртæйæ къаддæр нæ бацæудзæн. Капишоны бынæй зын- дысты æрмæстдæр йæ цыргъ фындз- æмæ хуыссæгцух цæстытæ. Зæрондус къалатийы æйчытæн цъæлæй тарст æмæ йæ йæ хъæбысы æрбавæрдта, йæ сыхаджы-иу бариуыгъта: — Ничи йæм кæсы, куыд ныддымсти! Мæллæг у, фæлæ- иу нард сылгоймаджы бынат æрцахста. Фæрсæрдæм ма ахæц дæхиуыл, мæ зæрдиаг. Цæрмттæ æмбырдгæнæг коммæгæсæй йæхи радав-бадав кодта йæ уæрæх плащы мидæг. Æрмдæсны ахуыргæнæнд;онмæ чи цыд, уыцы цыппар чызджы æрбадтысты хæссинæгты астæу æмæ каффеттæ цъырдтой. Лейтенант гуыффæйы астæу рафт-бафт кодта, йæ ног чырынтыл рахæц-рахæц кодта, йæ ус хуыздæр куыд æрбада, ууьщ архайдта. — Наташæ, }Ææнæ ам æрбаддзынæ. Дæ къæхтæ ардæм радаргъ кæн. Сымах, чызджытæ, фалдæр фæбадут! Нæ,. нæ, мæнæ афтæ сбадæм... Чырынтæ хъил- æвæрд скæн- дзыстæм. > ~ Наташæ та, ис ын фæлмæн, хуымæтæг æмæ фæллад цæсгом, æнæссыбырттæй-иу сыстад йæ бынатæй, йæ цæс- 502
ты хауты бынæй лæмбынæг æмæ фæразонæй каст йæ лæгмæ. Сбырыдысты æртæ колхозон сылгоймаджы иу лæппуи- мæ, йæ уæрæх худ æрхауд йæ даргъ хъустыл, разæй-иу суанг йæ фындзмæ æрлæст,—уыдон дæр хъæлæбакæнгæ- йæ байдыдтой æвæрын сæ тыхтонтæ æмæ къалатитæ. Машинæмæ æрбазгъордта сылгоймаг æд дзидзидай саби, борты фарсмæ<арауай-бауай кодта, куыд схиза гуыффæ- мæ, уый, цыма, бæрæг кодта. Фæлæ йæ Уасил фæурæдта: — Эй, мæ мады хай, ма фыдæбон кæн, уæддæр дæ нæ- аласдзынæн. — Мæ зæрдиаг! Бынат ма дзы куы ис. — Сабиимæ дæ нæ аласдзынæн. — Афтæ мыййаг нæ цæуын, æхца дын бафиддзынæн. Кæлмæрзæны тыхтон райхæлдта йæ дæндагæй, систа. дзы æнцъылдтæ æхцайы гæххæтт æмæ йæ Уасилмæ ба- дардта. — Айс æй, айс. Ма фездæх. Изæры станцæйы æнæмæнг хъуамæ уон. — Нæ дæ аласдзынæн сабиимæ. Дæ зонд фæцыд æвиГ Ахæм фæндагыл æд саби. Куы дæ фехсойа, саби йæхи куы ныццæва—дзуапп чи ратдзæн? — Тæрсгæ ма кæн, мæ хъæбысæй йæ не суадздзынæн. — Нæ дæ аласдзынæн æмæ фæцис! Æндæр хатт ацæу- дзынæ. — Æндæр хатт мын гæнæн нæй. Мæ тыхстæй цæуын. Басудза ацы фæндаг... Алас мæ, алас, бафтаудзынæн ма йæм. Ногæй та йæм бадардта æхцайы хидæйдзаг гæххæтт. — Ныууадз мæ!—-мæсты хъæр фæкодта Уасил. Уыцы рæстæджы иу лæппу, йæ урс бецыкк худы бы- нæй зынди, йæ цырыхъхъыты сæпп-сæппгæнгæ бацыд ма- шинæмæ, бар æнæракургæйæ, бортыл фæхæцыд, багæпп кодта æмæ адæмы ’хсæн æрсагъди, тыхæй разылдта йæ фидар бæрзæй уынгæг æфцæгготы æмæ мидбылхудтæй рав- дыста ставд урс дæндæгтæ: — Тагъд, ма кæн, мæнæ къæвда банцайдзæн, дымгæ дæ ссур кæндзæн æмæ уæд ацæудзынæ. 503
— У-у, дæ дзых ныххæлиу кæн!.Ахæм уырс хъуамæ къахæй згъорид. Æнæфсæрм! —баздæхти сылгоймаг лæп- пум;æ.-—Ды афтæ ма ’нхъæл,—загъта Уасилæн,—исты дын’ ратдзæн. Ахæмтæ æввонгæй уарзынц. • Уасил зулмæ бакаст лæппумæ: бæрæг^ацы „кæсагæй" ницы пайда уыдзæн, искуы Концовы хъæумæ æввахс кæ- нæ Комары Плёсмæ фæзилæны цæугæ машинæйæ рагæпп кæндзæн,—йæ кой нал фæзындзæн. йу æмæ дыууæ хатты не ’рцæуы афтæ. Фæлæ йæ бæлццоны фæтæн уæхсджы- тæм куы бакаст, уæд ахъуыды кодта: „Цы уа, уый уæд- Арсау тыхджын у,1 машинæ куы ныссæдза, уæд мын йе> сыппарынæн баххуыс кæндзæн". Уасил йæ тызмæг цæстытæ ахаста адæмæй над гуыф- фæйыл: — Иуылдæр обадтыстут? Цæуæм! Искуы куы ныссæ- дзæм—æххуысмæ ут цæттæ. Сбадт кабинкæйы æнхъæлмæ кæсынæй бафæлмæцæг директор Княжевы фарсмæ, стартер нылхъывта. Кæвдайы култæ цъыгъгъыст кæнгæйæ, дзыхъхъыты бæлццæтæ кæ- рæдзийыл хойгæйæ, машинæ цайцымæнæй радард æмæ йæ ных скодта станцæйы фæндагмæ. 3 Фæндаг! Ох, фæндаг! Цæлхыты арф фæдтæ, раст комы хуызæттæ цъыфы ас- тæу, змæст култæ—-цæдтæ, сæ быны мæнгард къæпхæнтæ, километр ивæзы километры фæстæ, резинæ сæ фæхафта, фæнадта сæ,—машинæты æнæбон удхайраг мастæн цæст- уынгæ æвдисæн. Фæндаг! Ох, фæндаг!—Тар Хъæды районы æнусыккон бæллæх. Машянæтæ йыл фæлтæрæй-фæлтæрмæ æнафоны зæронд кодтой, цагъды кодтой дзыхъхъытæй æмæ лæхъир цъыфæй. Тар Хъæды ис сæрмагонд организаци —• фæндæгты ха- йад. Ис дзы хистæр—Пинин Ануфрийы ч фырт Гаврила. Къæмдзæстыг у йæ бынатæй æмæ искæимæ руы зонгæ кæ- ны, уæд хынджылæгмæ аздæхы. „Æвæндæгты хистæр"— фæамоны йæхи æмæ йæм йæ къух бæлæгъау бадары. 504
Фæлæ цы сараза уыцы Пинин Гаврила, кæд ын фарон фæндæгты цалцæгæн радтой æрмæстдæр фондз мин сомы æхца. Фондз мины фæндзай кштометры дæргъæя фæн- дагæн! Пинины’, бон уыд иунæг хъуыддаг бакæнын—тымбыл дурæй састæрдта райæххæсткомы размæ уынг æмæ верст- бæрæггæнæг цæджындзтæ баивта километрбæрæггæнæг цæджындзтæй. Ныр Тар Хъæды горæтæй суанг станцæйы онг арæгъ 'Сты уыцы цæджындзтæ, ног лæгъзгонд. хъæд сау а,хорæ- нæй дæргъытæ ахуырст, шофыры удхар бæлвырд километ- ртæй барынц. Ох, фæндаг!-—йæ алы метр дæр къухы æфты тохы •фæрцы. Дергачев Уасил ын хорз зыдта йæ пысмилтæ. Уæртæ уыцы цадгонд бакастæй тæнæг у, æдас, æлыг цъыф дзы ранæй-рæтты йæ сæр сдардта, фæлæ дзы æвиппайдæй ба- цæуæн нæй. Мад йæ сабийы ваннæйы куыд нывæры, аф- тæ дзы хъуамæ арæхстгай баскъæрай машинæ, уæздан- гомау дзы хъуамæ ахизай. Бæзджын, змæст цъыф дым- стытæй, пырхытæй кæмуа, уырдæм хъуамæ дардæй рауа- дзай дæхи æмæ дзы уайтагъд куы нæ ахизай, уæд чы- ►сылгай бынмæ бырын байдайдзыбты цæлхытæ æмæ буфер йæхи зæххыл æруадздзæн. Низовкæйы хъæуы цур къæвдайы дон дардыл ныббадт. Йæ уынд тас уадзы—зынынц дзы ставд хъилтæ, куырисы хуызæн цъыфæйдзаг цъыхырытæ. Шофертæ ацы бынат хонынц „Хæйрæджыты цад". Цæуын дзы хъæуы æрмæст- дæр рахизфарсырдыгæй, фæлæ ма ныссæдзай, ууыл алы хатт дæ зæрдæ ма дар. Низовкæйы фæстæ, нæзы хъæды цур, фæндаг афтæ хæлд у, æмæ фæсфæд хъуамæ ахизай, ног фæдыл ацæ- уай; Уый хыгъд дарддæр, цалынмæ нæзы хъæд нæ фæуа, уæдмæ у хуырвæндаг. Къæвда йæ нæ ласы, ныннæмы йæ æмæ афтæмæй фидардæр кæны. Дæ бон у ацæуай йыл æр- ^тыккаг тагъдадæй, фæстæдзæг ауадзай дæхи дæ бадæныл, таз радтай... Хуыздæр ма цы хъуамæ уа, ку^ уынай ,дæ фæрсты куыд згъорынц нæзытæ! Фæлæ æрмæст æр- 505
тæ километры бæрц дæ зæрдæ у æнцой, цалдæр минутьи баулæфы æмæ та ногæй дзыхъхъытæ, донæй сты се ’дзаг^ ногæй та арф цæлхфæдтæ, ногæй та мæнгард култæ. Раззаг рудзынгыл тæнæг цъыфæй тæппытæ. Авгæй зы- ны, цыма фæндаг, сабыр зивæггæнаг донау, цæуы йæ размæ. Дергачев Уасил йæ сæр хæрдмæ сивæзта, йæ кеп- кæ йæ къæбутмæ æрбырыд, йæ цæстытæ ныццавта фæн- дагмæ. Тынг хинæйдзаг, æнæнхъæлцау, æнæхатыр знаг у фæндаг. Алы уысм дæр æмисты æвзæрдзинадмæ æнхъæл- мæ кæс. Уасил тох кæны æнæауæрдонæй, стæвдис, &е& хъуынтæ нындæгъдысты йæ ныхыл, Рулыл хæцæн, тагъ- дадты мæцъис, педалтæ—гъе уыдон сты шофыры хæцæн- гæрзтæ, уыдон фæрцы исы фæндагæй иу метр иннæ мет- ры фæстæ... Разæй ис лæгъз бырынцъаг фæхæрдгæнæн. Æндæрхатт- æй хъуыды дæр ничи æркодтаид. Ныр уæззау цырыхъхъ нынцади газыл. Мотор сниудта. Кабинæ нырризы, афтæ-- мæй манщнæ фæцырддæр кодта йæ цыд: мардзæ, мардзæ, зæронд хæррæгъ! Фæхæрдгæнæн æрбаввахс. Мæнæ йыл цæлхытæ æрлæууыдысты. Газ! Уæззау цырыхъхъыл нын- цади йæ рæбынмæ: газ, газ! Радиатор арвмæ фæцæуы. Арвыл та иугъæдон’фæныкгъуыз æврæгъты цур халон, æнæмæтæй уигъы йæ базыртæ... Уыцы иу риуыгъдæй машинæ схæццæ бырынцъаг фæ- хæрдгæнæны аст^æумæ æмæ маенæ иу секундмæ, нæ—се- кунды æрдæгмæ афтæ фæзынд, цыма хъуамæ æрлæууа... Куы æрлæууа, уæд æй тормозтæ кал бауромдзысты,— æнæфердæхт дзоиыгъау æрбырдзæн фæстæмæ æмæ уæд: дыккаг хатт афтæ æнцæйтты нал ссæудзæн. Иу секунд, секунды æрдæг—-тагъдады мæцъис йæхимæ* æрбалвæста æмæ газ, газ, газ! Машинæ удаистæй ниуы, кабинæйы æвгтæ æмризæджы ризынц, цадæг, цадæг, тых æмæ амæлттæй, уылынггай, сантиметргай раз^мæ, размæ, размæ! Сирвæрзти... Уф!—Уасилæн рулыл йæ къухтæ- æрзæбулысты уæгъдибарæй. Кабинæ хъеллау кæны, хæрдмæ куы фесхъиуы, уæд: МТС-ы директор Княжев хуыссæгхъæлдзæгæй йæ сæр ба- тилы. Фæндаджы кæрæтты умæл къутæрты астæуæй ра~ 500
цæуьшц æмæ сæ фæрсты ахизынц километр бæрæггæ-- нæг цæджындзтæ, нырма ног сты, дымгæ сæ фаг нæма > фæхоста. Фыццаг хатт ныххаудтой дæс километры фæстæ. Хæлд фæндагæн йæ иуфæрсты ахизгæйæ, Уасил нал бафæрæзта фæндагмæ бацæуын, фæстаг цæлхытæ буке кæнын бай- дыдтой. Рахызтысты Княжев, цырыхъхъджын лæппу æмæ уæрæх плащджынцæрмттææмбырдгæнæг. Лейтеыант тарст йæ ног хром дзабыртæн æмæ, бортыл ранцой кæнгæйæ, уæлейæ командæ кодта: —- Бел фенут! Кæм ис бел?.. Скъахын æй хъæуы. Эй/ чи ис уым? Цæлхыты бын скъахут! Скъахтой йæ, дуртæ дзы бавæрдтой, цалдæр ныфсджын> хъæры скодтой æмæ йæ фæндагмæ баппæрстой. Дыккаг хатт биноныг бадт скодтой „Хæйрæджыты цады"— уым афæстиат уын раконæй амынд у. Цырыхъхъджын лæппу æцæг тынг æххуысфæцис Уасилæн. Кæцæйдæрæр-- теу-теу кодта нæзыйы зæнг, æдæрсгæ цъыфдоны лæгæрд- гæйæ, цæлхнты бын æй бакодта æмæ белæй сыджыт ам- вæз кодта. Хъæлдзæг, йæ къухтæ цъыфæйсæрст, йæцæс- гом хидæйдзаг, хъæрæй дзуапп лæвæрдта алкæмæн дæр. — Хорз,хорз!Командæкæн!—хъæр кодталейтенантыл.— Мыййаг дæ кител дæр куы сцъыф уа, уымæй тæрс. Эй, . шофыр! Сбад кабинæйы, сындæггай йæ фæцагай! Æз ыл ахæццзынæн... Ды та, æмбал хистæр, кабинæйы цур дон уæгъды ма змæнт, дæ бынаты сбад. Исчердæм ын хос кæн- дзыстæм... Директор Княжев коммæгæоæй-иу сбадти Уасилы фар- смæ, къæмдзæстыг худт кæнгæйæ, йæ сæр тылдта: ’— Фыдбылызы лæппу у. Йæ тых цы фæкæиа, уымæн < ницы зоны, кæд дæ фæнды машинæГшл æй сифтындз. Низовкæйæ ахызтысты, нæзы ’хъæд фæстийæ аззад... „20" цифрæ кæуыл уыд, уыцы километрбæрæггæнæг цæджындзы раз Уасил машинæ æрурæдта, рахызт, шофыр• уæзбын, дыууæрдæм узгæ цыдæй æрзылд машинæйы алы- варс, скаст гуыффæйы адæммæ: — Тагъд, мæ хуртæ, Тиркины хох разындзæн. Куы йæм сбырæм, уæд станцæйы стæм. Дарддæр исты фыдæбæттæ 507'
мсæндзыетæм,—æмæ кабинæмæ бахизгæйæ, бынуæзæй ныу- улæфыд:—эх, хуыцауæй æлгъыст бынат! Машинæ фенкъуыст. Разынд зылынфарс къуыпп. Йæ рахиз фарс къæбæл- дзыг дарынц лыстæг бæрз къутæртæ. Цæхгæр æмуырдыг æрцыд. Йæ тæккæ цъуппмæ, æгъуыз арвмæ чи ныхъхъил, уыцы тынд къутæртæм хæрдмæ лæсти, къæдз-мæдзытæ лентæйау, сау фæндаг. Машинæ бахæстæг Тиркины хохмæ. 4 Бадæны чылдымыл йæхи фæстæдзæг ауагъта, йæ цæс- том тызмæг, Уасил фæлтæрд цæстытæй бæрæг кодта, фæн- .дагыл æдасæйдæр кæуылты ис ацæуæн. Йæкъухтæ чъыц- дыйæ, арæхстгай, æрмæст иннæ хæттытаей цырындæрæй зылдтой руль. Княжев амæй размæ ’æркув-æркув кодта, дзыхъ бынæт- ты-иу базмæлыд æгасæй, ныр размæ айвæзта йæхи, уд- хайрагау æрынцъылдтытæ йæ ных, йæ былтæ æлвæст ’ тыхтонау æрбассывта, ахæм хуыз æвдыста, цыма машинæ- йæн йæхæдæг æххуыс кодта хæрды ссæуынмæ æмæ фы- , рæнцадæй йæ бон нал уыди. Машинæ бæзджын, фæсус хъæлæсæй, уыцы иугъæдо- нæй-иу сниудта, тæрсгæ-ризгæ бырыд уæлæмæ. Фæндагæн кæронæй ныхъхъил сты цыбыр сау цæджын- дзтæ. Уыдон хъахьхъæнынц машинæты æнамонд хабарæй. Æниу, сæ астæу цы дæрддзæг ис, уый фагæй уæлдайдæр . у, цæмæй дзы цыфæнды уæзласæн машинæ дæр алиуыра, гъе, стæй рагæй лæууьшц ам, бамбыдысты, иу цалдæры . дзы скъуырдтой æнарæхст шофыртæ, фæччыгъæдæн цы лæууынц, уый йедтæмæ ницы сты. Уасил хаттæй-хатт ракасти-иуфарсырдæм æмæ ’ уыд- та бынæй цахæм уæрæх тыгъдад ис. Лыстæг, умæл бæрз къутæртæ ныгъуылынц, сæ цъуппытæй нал æмбæр- зынц уынгæг чысыл цæугæдон, згъоры делейæ хæрды бынмæ. ,'Цæугæдонæй фалейæ — маргау цъæх гæны быдыр, ноджы фалда&р та — сысджыйы быдыр, сæ ас- тæу чысыл хъæу, армыдзаг фыдуынд хæдзæрттæ, æмæ -■508
иоджы уымæй дарддæр та—умæл фæлмы змæстгъуы- зæй, тарбынæй дардыл ныззылдис стыр хихджын хъæд. Ахæм уæззау фæядагыл алкаедау ныр дæр Уасил, цы- ма, йæ чъылдымæй æнкъардта гуыффæйы бадæг бæлццæт- ты. Æнкъардта, се ’ппæт дæр сæ бынæттæй куыд растæ- гау кæнынц размæ, алчи’дæр сæ зæрдæйы хъаруйæ арха- йы машинæйæы баххуыс кæныныл; гъе, афтæ ма æнæнцо- йæ кæсынц бынмæ, тыгъдадмæ: æгъуыз цæугæдон, цъæх былгæрæттæ, быдыртæ, чысыл хъæу, змæстгъуыз хъæд. Хæрдмæ чи цæ’уы, уыцы фæндæгтæй аклæмæн дæр ис критикон бынат, шофыртæ йæ хорз зонынц. Цъуппмæ ддрд нæу, хæрд кæм фæцæй фæуд кæны æмæ фæндаг кæм сымвæзгонд вæййьг, уым ис. Уыцы бынатмæ цæугæйæ,. машинæ хъуамæ йæ æппæт тыхтæ дæр радта уьтмæ, цæ- мæй экзамены ма фæкъуыхцы уа. Тиркины хохмæ цæугæйæ чи зынди, уыцы тынд къу- тæртæ æввахсмæ кæд разындысты рæстæмбис ас фæрв бæ- лæстæ. Сæ астæу урс дардта километрбæрæггæнæг цæ- джындз—дыууын фыццæгæм километр, шофыртæн æлгъыс- тæн чи баззал. Уыдис ма йæм сæдæ метры бæрц. Уыдис дзы къуып- пытæ æмæ дзыхъытæ, алырдæм дзы ныффæд кодтой цæл- хытæ, хæсты быдыр стджытæй куыд нал зыны, афтæ дзаг- у хъилтæй, ставд суджы лыггæгтæй, чи ныцъцъæлтæ,. ахæм/бæрзы ног конд къалиутæй. Гъе, уый у, гъе, Тир- кины хохы критикон бынат, зынвадат æфцæг. Иу стæм ма- шинæ не ’руазæг кодта ам æнæхъæн цалдæр бонмæ, æгас зьтлды нæй ахæм шофыр, ацы бынатæн-иу ахъаззæгтæ чи нæ ныссидтис, иуыл стырдæр маст æмæ тыхстдзинад-иу ам чи нæ бавзæрста. Иууыл хæлдцæр уыд тæк’кæ кьуыппы цур фæндаджы гæппæл; Кæй ис ныфс, æмæ дзы фервæза æнæ ныссæдз- гæйæ. Уасил машинæ скъæры тæккæ былгæрæтты, чысыл ма * бахъæуа сау цæджындз скъуыра. - Фæрв бæлæстæ километрбæрæггæнæг цæджындз сæ ас- тæу скодтой. Комкомæ радиатормæ сарæзта йæ ных фæн- даг—лæхъир, бырынцъаг, цъыф, уæрæх цæугæдон. Кня- 509/
жев та-иу йæ бадæнæй йæхи размæ райвæзта, йæ былты <зсывд-иу иоджы тынгдæр , æрбалхынцъ коДта. Уасил, раздæрау, бадæны чъылдымыл йæхи фæстæдзæг ауадзгæйæ, йæ уачъи сивæзта, йæ цæсгом дурæй конд, кæсы йæ раз- мæ дзагъыр цæстытæй. Чи загътаид, уыцы уысм йæ сæнтты кæй хатти. 0, йæ сæнты. Йæ цæстытыл уади, йæ машинæуæртæ уыцы сту- ры йас дуры цурмæ куыд бахæццæ уыдзæн, уымгалиуыр- дæм куыд фæзилдзæн, цъусгай-цъусгай фæфылдæр кæн- дзæн газ, рахиз фарсмæ йæ фездахдзæн... Уьш ис æхсæ- лыйы чысыл къутæр. Тынг зынагъу Уасилæн. Уыцыкъу- тæры цур фæуынц йæ тухæнтæ, мотор тæригъæддаг ниуд нал фæкæны, фæлæ сæрибарæй байдайы кусын, машинæ- йæн цыма йæ уаргъ аппæрстæуа, уыйау рогæй згъор- дзæн. Километр бæрæггæнæг цæджындзмæ нæма бахæццæ уыдзæн, а|)тæмæй йæ ауадздзæн дыккаг тагъдадæй... Йæ цæстытыл уади, йæ уæнгты фæллад куыд банкъардзæн æмæ уыцы иу рæстæг йæ зæрдæйы рухс, сæрыстыр рог- дзинад кæй сæвзæрдзæн: ома махæн тас нæу, хæйрæг йæ къах кæм асæтта, ахæм рæтты дæр расыллынг кæнæм. Цæмæй уыцы уæлахиздзинад банысан кæна, уый тыххæй æнæмæнг бауромдзæн машинæ, рагæпп кæндзæн кабинкæйæ эемæ хъæлдзæгæй зæгъдзæн: — Цæй, мæ хуртæ, тамако сдымæм. Æмæ дзы гуыффæйы адæм бузныг уыдзысты, мидб&л- ты йæм худдзысты. •••ДУР> зæронд, фæтæн дур, хъуына йьц схæцыд, ра- диаторæй нал зыны. Ныртæхкæ хъуамæ уа раззаг цалхы хæдразмæ. Уасил цæхгæр ныззылдта руль æмæ æвиппайды дæр йæ зæрдæ ауазал. Цы ’рцыдаид? Уайтагъд æй нæ ^амбæрста. Машинæ ма цадæггай, тыхамалæй змæлыд, фæ- лæ руль коммæ нал бакаст... цыдæргъуызон азылын. „Фæстагцæлхытæфæбырынц",—бамбæрста Уасил. Ных- хæцыди газыл. Мотор сниудта, машинæ æрлæууыд, чысыл фæстæмæ фæкъул, дæлæмæ дæлæмæ—хаудта. Хидæйдзаг къухтæй нылхъывта руль, йæ цæсгом хидæйдзаг, дурдзавд, Уасил æнцадис газыл. Машинæ дæлæмæ-дæлæмæ хаудта, йæ 510
фадиатор хæрдмæ ныхъхъил. Гуыффæйæ райхъуыст сылгой- маджы тыхст цъæхахет. — Цы бадысГМæлын дæ фæнды?!Агæпп кæн!—æррайау ныхъхъæр кодта Уасил Княжевыл, фыртæсæй ницæмæ уал фæцарæхст. Йæхимидæг базмæлыд, февнæлдта дуары хæцæнмæ, фæ- лæ афон нал уыд... Рудзынгæй нал зынди зæхх, фæрсырдæм аленк кодта ’фæныкгъуыз арв, стыр уисойау ыл йæхи расæрфта бæрз- бæласы цъупп. Княжевы уæззау буар ныххауд Уасилыл, фæлæ йæ уайтагъд ссæрибар кодта. Уасил йæ сæр ны- тъæпп ласта кабинкæйы царыл, йæ риу æрхаста рульмæ, ныххауд Княжевыл... Алцыдæр ныхъхъус. Сæр хъæлæбайæ байдзаг, риу рысти. Уасилы бын баз- мæлыд Княжев, снæтгæйау кодта: — Æнхъæл дæн, удæгас ма стæм. Йæ уæрджытæй Княжевы фæлмæн буарыл æнцагæйæ, Уасил растад, дуарыл йæ къухтæ æруагъта, хæцæныл фæхæст, æрзылдта йæ, йæ сæрæй ныццавта дуар. Бай- том ис. — Ныртæккæ абырдзынæн, баххуыс дын кæндзынæн,— загъта Княжевæн. „Цымæ дзы чи амард?..—хъуыды кодта, йæхиуылхæрд- мæ æнцайгæйæ.—Æвзæнгтæ, æвæццæгæн, агæппытæ код- той, фæлæ зæронд ус йæ къалатиимæ... Эх, йæ кæрон иу у—хорз фæдæ, хорз фæтардтай дæ машинæ ацы фæндæг- тыл Терентийы фырт Уасил, ныр дын бынат ссардзысты— дæ фыдæбонæй фервæздзынæ, дæ фæллад суадздзынæ". 5 Зæронд ус уыд удæгас. Уасил фыццаг уый федта: йæ кæлмæрзæн къæбутмæ алæст, йæ урс сæрыхъуынтæ æрхауд- -той йæ ныхыл, йæ къæхтæ ныххæлиу кодта, афтæмæй йæ фæрстæ хоста йæ къухтæй æмæ йæ къалатийы уæл- хъус хъарджытæ кодта: — Есо Чырысти! Иугай фембырд кодтон æйчытæ, мæ- „хицæн сæ æвгъау кодтон, мæ чысыл сабитæн сæ æвæрд- 511
тон, æмæ сæм ныр мæ зæронд сæр цæимæ фæзындзæн? Цæмæй сæ арæвдаудзынæн? Бæрзонд, тæнæгбæрыхъуын сылгоймаг, æнæфсæрмæй,, йæ къабайыл схæцыд æмæ йæ цæф уæраг сæрфта. Мæс- тыйæ цæхгæр фæлыг кодта зæронд усы: — Æгъгъæд ниу. Бузныг нæ дæ, удæгас кæй баззадтæ. — 0, раст зæгъыс, мæ хур, раст. Хуыцау мыл нæ ра- хæтыд. Бахызта мæ мæлæтæй. Лæппу, йæ роцъойыл хæрдмæ схæцгæйæ, цæстытыл æрхауæг кепкæйы бынæй касти йæ фарсыл хуыссæг ма- шинæмæ, æнæфсæрмæй йæм æвдыста йæ цъыфæйдзаг гуыбын. Чызджытæ, æрмдæсныйыл ахуырмæ чи цыд, уыдон* иу ран сбукъ сты æмæ тарстæй кастысты кабинæйæ рабы- рæг Уасил æмæ Княжевмæ. МТС-ы директорæн фесæфт йæ къандзол, ныхæй суанг русмææрдаргъ ис сырхнуæс. • Цахæмдæр мидæггæгтæ, нæлгоймаджы хæдæттæ, сыл- гоймаджы хуызджын къабатæ калдæй лæууыдысты кæр- дæгыл, умæл къутæртыл æрцауындзæг сты. Чысыл, мæс- тыйæ змæлæг наз талайæн уæздан хъæбыс акодта æрв- гъуыз трикотажæй х:уыд мидæггаг хæлаф. Кæстæр лейте- нанты егъау чырынтæй иу гомæй лæууыдис магаинæмæ хæстæг фæндагыл. Йæ фарсмæ ныггуыбыр сты -лейтенант йæхæдæг æмæ йæ ус. Уæлдæр, фæндаггæрон, схъил иу фигурæ, цыма ницы æмбары, цыакæна, уымæн ницызоны, — цæрмттæ æмбырд- гæнæг йæ уæрæх плащы мидæг, дымгæ йын æй базмæ- лын кæны. Алырдæм пырх æмæ хъулон дзаумæттæ, цадæг сыбар- сыбургæнæг, ныЛлæг бæрзытæ æмæ къутæрты астæу æнæнхъæлцау февзæрæг бирæ адæм Уасилмæ фæкастысты фынфенæгау. Минут раздæр дзы ахæмæй ницы ма уыдис— уыдис дзы æрмæстдæр къаннæг кабинæ, цъыфæйдзаг- авг, йæ размæ сабыр згъорæг фæндаг... Йæ къух йæ сæры хъуынтыл æрсæрфта, йæ тенка фæрысти, йе ’муд æрцыд æмæ бафарста уæлдæфы: — Иуылдæр удæгас стут? Йæ ныхасмæ фездæхт кæстæр лейтенант. Цæхгæр сраст 512
кодта йæ астæу, мæсты тъæпп ныккодта йæ дзабырты зæвæттæй кæрдæджджын нæуу, æнæхудæй, зылынмæ лæу- уæг кителы мидæг базгъордта Уасилмæ: — Чи дын радта бар, æмæ адæмыласай?!—фæхъæр код~ та тенорхъæлæсæй.—Ды шофыр нæ дæ! Ды машинæмæ нæ,—■ уæрдонмæ уадзинаг дæр нæ дæ! -—Э-э, æфсымæр, хъæр ма кæн,—лейтенанты ныссус- кæныныл бафæлвæрдта Княжев, тæрсгæгризгæйæ, рæв,- даугæйæ февналы йæ русы хъæдгоммæ.—Æнæ дæу дæр ын аккаг фæуыдзысты. — Нæй, бамбар ’мæ! Ам уыдис сабитæ, сылгоймæгтæ, исчи сæ куы амардаид!.. Лейтенанты ус, гом чырын фæуадзгæйæ, йæхи æрбап- пæрста йæ лæгмæ: — Митя, æгъгъæд у! Барæй нæ уыдис мыййаг. Цæмæн ыл хъæр кæныс? Митя! -— Тæрхон скæнын хъæуы канд уымæн нæ, фæлæ ма. ахæмтæн бар чи дæтты, уыцы сæрхъæнтæн дæр. — Митя, худиыаг у... — Наташæ, ды ницы æмбарыс! Афицер та йæ чемоданты тыххæй спыхси,—фæрсæр- дыгæй йæ ныхас æрбаппæрста сылгоймаг. Митяйы ус йæхи фæгæмæл кодта, йæ лæджы дысыл фæхæцыд: — Æнамонд хабар æрцыд! Худинаг дæм куыд ницы кæсы? Иууылдæр æнцад лæууынц, æрмæстдæр ды дæхи сзагъдгæнæг кодтай! Дæу тыххæй мæ цæсгом ссыгъд. Дæу тыххæй! Уыцы рæстæджы фæлдæхт машинæйы фæстийæ, гуыф- фæйы цæфæй чи ацъæл æмæ чи ныкъæдз, уыцы бæрзы бынæй райхъуыст къуырма хъæрзын: „И-и-и!.." Зæронд ус йæ къалати фæуагъта, тагъд-тагъд багæппытæ кодта къутæрты астæуты æмæ арæуæг: — Хуыцæуттæ! Зæдтæ—бардуæгтæ! Мады майрæм! Мæ- нæ лæппу йæ быны фæцис. Ай дын мæ къух, ныцъцъист æй кодта! Мæ хъæбул, мæ зæрдиаг, æнцад хуысс, дæхн ма ’фхæр... Хорз адæм, тагъддæр ма рацæут! Уасил, фæндагыл адæмы тъæппытæкæнгæйæ, машинæ- йы фæстæмæ балыгъд. зз 513-
Йæ сæр къутæрты, йæ къæхтыл уæззау цъыфæйдзаг цырыхъхъытæ, фæйнæрдæм сæ аппæрста, йæ къухтæй хæ~ цы йæ гуыбыныл, афтæмæй хуыссы, „Хæйрæджы цадæй" Уасилы чи фервæзын кодта, уыцы лæппу. Уасил куы фехъуыста хъæрзын æмæ йæ фæстæ зæ- ронд усы ныхæстæ, уæд фæтарст—æмæ фыццаг хъуыды уыд йæхи тыххæй: „Чидæр амард! Ныр мæ нал ныууадз- дзысты, ныр мын стæрхон кæндзысты..." Фæлæ куыддæр йæ зонгуытыл æрхаудта, къутæртыл фæйнæрдæм ахæцыд, æмæ куы федта лæппуйы цæсгом—гæзæмæ сырхцъар, хи- ды лыстæг фæрдгуытæ йæ ныхыл, йæ къæмисæнтæ кæ- рæдзимæ бауадысты, змæст, ницыæвзарæг цæстæнгас, уæд уайтагъддæр æрбайсæфт йæ тарстдзинад, кæййын стæр- хон кæндзысты, уый тыххæй хъуыдытæ йæ сæрæй атах- тысты. Искæй, нырма йæ æххæст нæ бамбæрста, фæлæ стыр тæссаг ’чи у, уыцы æнамонддзинад æм комкоммæ касти змæст цæстæнгасæй. Тæригъæд ын нæ бакодта, фæлæ йæм <æрцыд æвирхъау фæсмон,—цы бакодтон ай?! Минуты бæрц Уасил æндзыгæй лæууыд, нæ зыдта, цы сараза, куыд ын баххуыс кæна? Æххуыс та йын уæвгæ хъæуы. Йæ тых куы стонид, рыст иуылдæр йæхимæ куы райсид, фæлæ куыд?.. Цы чындæуа? — Мæ зæрдиæгтæ! Мад ын куы ис! Кæйдæр тугæй куы у.... Цæмæй фæзонæм, кæм нæ æрийафдзæн маст!—дзырд- та зæронд ус. Æнахуыр сырх цæсгомыл базмæлыдысты тарбын был- тæ, урс, æндæгъд, ставд дæндæгтæ фæзындысты. Лæппу сдзырдта: — Бах-хуыс мын... сыст-он... Уасил æм фæлæбурдта, иу къухæй йын йæ уæхскыл ныххæцыд, иннæ къух ын хъуамæ йæ астæуы бын акод- таид. Фæлæ лæппу йæхи ныкъæдз кодта æмæ хъæрæй ныхъхъæрзыдта. Уасил æй суагъта. — Ницы кæны, ницы, удæгас у,—йæ сæрмæ фехъуыст Княжевы æрвонгхъæлæс—-Исчердæм^æйрынчындонмæ фæ- хæццæ хъæуы. Уæртæ махмæ йæ> ^уæддæр бахæссæм, хъæумæ, фелъдшерон пунктмæ. 514
Уасил фæгæпп кодта, лæгъзтæкурæг цæстытæй бакаст хъулау слæууæг бæлццæттæм: — Лæппутæ! Æмбал Княжев! Баххуыс мын кæнут. •Саразæм сынт. — Цæй-ма, адæм нал стæм. Ваххуыс ыы кæнæм.— Княжев бакаст, уым чи уыд, уыдонмæ. — Хорз нæу, лæгтæ ■пæы. цъус кæй ис. — Гъе, уынут, цæмæты æркæны æнæсæрфатдзинад,— ногæй та сыхсысти лейтенант.—Лæджы. фæсахъатджын ’кодтой! — Митя, уый тыххæй хъæр кæнын цæмæн хъæуы,—йæ уадултæ судзынц, никæмæ кæсы, афтæмæй сабыр кæны йæ лæджы.—Хъæркæнынæй хъуыддагæн нæ баххус кæн- дзынæ. — Нæй, ай цъаммардзинад у! Фыдгæнæгмæ куыд хъуа- мæ фæлæууон! — Митя! Лæгъзтæ дын кæнын! Уасил фесхъиудта йæ бынатæй, къутæртæ йæ тонынц, *йæ къах скъуыры, афтæмæй ньтллыгъди бынмæ, æмбон- дæй дыууæ михы фелвæста, йæ уæхсджытыл сæ смырхта машинæмæ. Цæрмттææмбырдгæнæг тагъд-тагъд феппæрс- та йæ уæрæх брезент плащ, адæмы раз февзæрд цахæм- дæр сывæллоны аккаг, йæ мæллæг уæнгтæн дæр уынгæг ’чи уыд, ахæм сбургонд къандзолы мидæг. Михтæ атъыс- той плащы дысты, плащæн йæхицæн та бафтыдтой йе "ппæт сæхтджытæ. Плащыл ма байтыдтой бензины тæф- гæнаг, гуыффæйы чи лæзæрд, уыцы брезенты гæппæл. Ранæй-рæтты йæ бæндæнтæй абастой... Рауадис дзы уæз- зау, æнæбары сынт. Уасил æмæ Княжев рæвдаугæ дзурынц: „Бафæраз, æфсымæр, бафæраз", цы сæ ’бон уыд, уымæй арæхстгай, сæ иу ын йæ дæлæрмтты ныххæцыд, инвæ та—йæ цъы- фæйдзаг цырыхъхъытыл æмæ йæ сынтыл æрæвæрдтой. Лæп- иу не схъæрзыдта, нæ ныхъхъæр кодта, æрмæст йе ’нгом дæндæгты астæуты уæлдæф уынæргæнгæ æрбалвæста йæ- химæ. — Уæдæ куыд бадзурæм?..—Княжев бакаст, сынты цур ’чи лæууыд, уыдонмæ.—Хъуамæ æмдыхтæ уæм. Æз æмæ 515
Евдокимы фырт Сергей хæцдзыстæм иуырдыгæй, —Кня- жев бацамыдта къуындæг къандзолджын цæрмттææмбырд- гæнæгмæ. Уый разыйы тылд бакодта йæ сæр.—Ды та„ Дергачев, хæсдзынæ лейтенантимæ. — Æз та афтæ зæгъын...—ацъыкк ласта кæстæр лей- тенант,—мах æй хъуамæ ма ахæссæм! Ардæм æвæстиатæй. фæсидын хъæуы дохтырмæ æмæ зылды милиционермæ. Йæ цард-цæрæнбонты фыццаг хатт хъуынтъызæй Уа- сил загъта йæхи ныхас: — Нæ алидздзынæн, ма тæрсут. Цалынмæ уырдæм æмæ фæстæмæ цæуон, уæдмæ та рæстæг цæуы. — Тæрхондонæн ам алцы дæр хъуамæ баззайа, куыд- дæриддæр уыдис, афтæмæй. — Митя, уый сæрхъæыдзинад у! Уæ, мæ кæнæг хуы- цау, сæрхъæндзинад æмæ худинаг! — Наташæ, ды ницы æмбарыс! Сылгоймæгтæ, нырмæ тæригъæдгæнгæ-иу сулæфыдыс- ты сæ къæхты бынæй, уайтагъд схъæлæба кодтой: — Зивæг кæны йæ хæссынмæ. — Йæ дзабыртæн цъыфæй тæрсы. — Лæг йæ уд исы, уый та... —-Æмæ цæуыл дис кæнут —искæй дзыхы дæндаг нæ- риссы. — Ныры æвзæнгтæм намыс дзæгъдзæгъаджы аппы йас дæр нал ис. — Митя, ды йæ ахæсдзынæ!—йæ цыргъ уæхсджытæ- схъилтæ сты, йæ къухтæ йæ гуырыл зæлдаг кæлмæзæны кæрон радав-бадав кæнынц, скъуыдтæ цъæх сыфтæр ныф- фидар йæ къæбæлдзыг сæрыхъуынты, йæ урс къæмисæ- ныл, сау стъæлфау, ахуси цъыфы æртах, йæ рæсугъд, хуымæтæг цæсгомыл—сырх фæдтæ, йæ цъæх, сывæлло- нау æргом цæстыты цæссыгтæ, уыдон лæгъзтæ кæнынц:. — Митя, ды йæ ахæсдзынæ! Ды „нæ" нæ зæгъдзынæ. — Наташæ, ды ницы æмбарыс... — Нæ æз алцыдæр æмбарын, алцыдæр, Митя! Ды йæ ахæсдзынæ! Кæннод... — Цы „кæннод!" — Кæннод æз фæстæмæ аздæхдзынæн, нæхимæ. Демæ нæ цæрдзынæн! Мæ бон нæ бауыдзæн!Куыд...куыд æвзæр дæ!* 516
—Наташæ!.. Йæ къухæй йын йæ уæхск атыдта. — Ма мæм агай! Мæ уæнгæл дæ! Нæ мæ фæнды дæу уынын! Куыд... ку-уыд!..—йæ къухтæ йæ цæсгомæй фе- уæгъд кодта, йæ риумæ сæ балхъывта йæ æнцъылдтæ кæлмæр.зæнимæ, бацыд Княжевмæ:—Æз æй ахæсдзынæн! Æз! Ма тæрсут, æз тыхджын дæн! Мæ бон бауыдзæн!.. Æрмæст уымæн мауал лæгъзтæ кæнут! Нæхъæуы. Куыд нпцы разынд! Куыд ницы! Княжев аххосджынау йæ цæсгомы хъæдгом-иу асгæрс- та, йæ фарсмæ лæууæг Уасил та йæхи сæнцъылдта. Уы- цы уысм æм алцыдæр æвзæрын кодта цыргъ рис. Сылгоймæгтæ та ногæй сусу-бусу байдыдтой. — Йæ сæр фесæфта чызг... — Ахæмы тыххæй дæ цæргæ-цæрæнбонты~къæмдзæсты- гæй цу. Кæстæр лейтенант лæууыд адæмы раз, йæ кителы ми- дæг, дыууæ æгънæджы дзы раскъуыдысты æд хъуымац, иннæтæ умæлæй дæр æрттывтой. Йæ хъустæ сырхæй сыгъдысты, фæззыгон тæгæры сыфтæртыл уазал куыд аныдзæвы, афтæ. Дзурын ницы пайца у,— цæхгæр алыг кодта’ Уасил.— Нæхæдæг ын исты хос кæндзыстæм,—æмæ ныггыбыр код- та сынтмæ. Княжев ныххæцыд иннæ кæроныл, ныддис кодта: — Огъо! Дзæбæх уæззау у! Цæф лæппу схъæрзыдта. Арæхтсгай, къутæртæ йыл сæхи куыд нæ ахафой, аф- тæмæй йæ рахастой фæндагмæ. Сынты фæстæ рацыдысты цæрмттææмбырдгæнæг æмæ лейтенанты ус, йæ кæлмæрзæны кæрон йæ къухты æу- уæрды. Сылгоймæгтæ асусу-бусу кодтой, сæ сæртæ ба- тылдтой æма^ фæхъæр кодтой: — ’Кæд уæ æххуыс нæ хъæудзæн? — Лæуут, фæхæццæ йæ кæндзыстæм!—тыхæй-фыдæй дзуапп радта Княжев. — Мæнæ уал адон афснайæм, стæй сæ баййафдзыс- .тæм. 517
Лейтенант ма лæууыд йæ фарсыл хуыссæг машинæйьг уæлхъус, касти дæлæмæ, йæ дзабыры фындзæй зæххкъахта, Рынчыны хæсджытæ, фæзилæны аулæфгæйæ,. цадæг- гай ацыдысты къуышшл.. Фыццаг уал сæ амбæхста ас- тæуæй дæлæмæ, стæй сæ уæхсджыты уонг, фæотагмæ бынтондæр нал разындысты... Æрмæстдæр сау дур йæ къуымых бырынкъимæ джиудта фæныкгъуыз арвы тыгъды. Байдыдта изæр кæнын. Цæугæдонæй æрбатахт умæль дымгæ, сыфтæртæ ссыбар-сыбур кодтой. Сылгоймæгтæ сæ дзаумæттæ æфснайдтой, ныхас кодтой сабыргай, зæхх, йæ дзабыры фындзæй къахæг лейтенанты дзьг хъуыды дæр ничи кодта. Æваст йæ сæр фæхъил кодта, кæрдæгыл æмæ къутæр- ты астæу пырх дзаумæттæм бакаст æмæ йæ мидбынаты тыхстæй сыздыхсæгау кодта, йæ алыварс цыдæр аца- гуырдта, æвæццæгæн, йæ, худ. Йæ цæст ыл не схæцыдр» йæ къух ауыгъта, фæндагмæ йæхи аппæрста. Тæккæ фæ- хæрдгæнæны фæкалд, фæгæпп кодта, æрчипп-æрчипп г-æн- гæ, лыгъд радта, сынтимæ кæдæм ацыдысты, уыцырдæм. — Æгад æм æркасти. — Йæ намыс ын бар нал радта. — Чызг æй хорз фæцис. — Ахæм ницæйæгтæ ахæрынц алкæд æхсырæн йæ сæртæ. Зæронд ус, ’бынуæз улæфт ныккæнгæйæ, йæ афтид* къалати бабаста кæлмæрзæнæй, сыстад æмæ бацыд гом чырынмæ. * — 0-гъо! Сæ муртæ æгасæй ныппырх сты. Æрæмбырд сæ хъæуы, мæ хуртæ. Сæхицæн сæ ахстонæн хастой.. О-гъо-гъо, гъо-гъо! Къæхтæ бырынцъаг цъыфы хиутæ кæнынц. Кæд Уасил сынтæн равзæрста иууыл лыстæгдæр михгæ, уæддæр сæ- кæрæттæ ставд сты, хæцæн сыл нæй, æнгуылдзтæ сыл’ не ’ххæссынц. Цæф лæппу уæззау у. Чысыл сриуыгъгæ- йæ дæр ныхъхъæр кæны. 518
Дыууын къахдзæфы фæстæ Уасил цыдис разæй, бам- бæрста, ныртæккæ куы нæ æрлæууа, уæд михты кæрæт- тæ нал бауромдзæн æмæ цæф лæппу æрхаудзæн зæхмæ. — Егоры фырт Никъала,—æдкхæй бадзырдта Княжев- мæ,—мæнæ уал æй ам æрывæрæм. Мæ бон налу. Тæрсын куы нæ йæ бауромон... Арæхстгай æруагътой сынт фæндаггæрон умæл, ссæст кæрдæгыл. Княжев зæрдæбынæй сулæфыд: — Уæззау у нæ уæйыг. Фæстейæ цыдтæн, æрмæст йæ- цырыхъхъытæ йын хастон æмæ уæддæр мæ уд аскъуыд. Уасил йæ уæнгтæ айвæзтытæ кодта. Лæппу хуыссыд уæлгоммæ, чысыл йæ зæнгтæ скъæда кодта, йæ къухтæй хæцыд йæ гуыбыныл, йæ цæсгомæн раз- дæрау уыд сырххуыз цыма ныртæккæ абанайæ рахызти. Цæрмттæ æмбырдгæнæгæн йæ цыргъфындзджын, æнæ- даст* цæсгомыл зынд кæй тæригъæд кæны цæф лæппу- йæн, æмæ йæм каст тагъдзгъорæг сау цæстытæй. — Дыгæйттæй йæ нæ ахæсдзыстæм,—-загътауый.—Цæйг цыппарæй иумæ. — Æмæ цыппæрæм кæм ис? — бафарста Уасил.—Чыз- гæн æй нæ ахæссын кæндзынæ? — Нæй, нæй, мæ бон у. Ахæссæм æй, курын уæ. — Гъе, уый хъуаг ма стæм. Йæ цæнгтæ æрыскъуый- дзысты деттæ.— Уасил хъуамæ ныггуыбыр кодаид сынт- мæ, ныххæцыдаид та михты кæрæттыл. — Фыд-зонд • ма у, Дергачев. Уый дын раст зæгъы,— фæурæдта йæ Княжев.—Зонæм æй, ды ныртæккæ дæхи марынмæ дæр цæттæ дæ. Марадз-ма, чызг, къæхты ’рды- гæй иу михыл ныххæц... Рахизыл, рахизыл—уым æнцон- дæр у. Æз та—сæрæрдыгæй, Уасилимæ. Евдокимы фырт Сергей, цæмæ ма кæсыс? Марадз-ма, иумæ!.. Систам æй... Хъавгæ, хъавгæ... Ницы кæны, лæппу, бабыхс, исчердæ-м дæ бынатыл сымбæлын кæндзыстæм. Къæхтæ æмист кæ- нæм... Фæлæ цыппарæй сæ къæхтæ æмист кодтаиккой, уый сын зын.уыд бырынцъаг фæндагыл. Цалдæр къахдзæфы акодтой—сынт фæкъул, рынчын ныоф кодта. — Арæхстгай! Фæстейæ æгæр ма æнцайут. 519
Дыууын ф’ыццæгæм километрбæрæггæнæг цæджынцæв- ъахс кæнын байдыдта, ныр ын йæ цифрæ фенæн дæр уы- дис. Æваст сынты- цур февзæрд æрчипп-æрчиппгæнгæ лей- тенант. Истуг æнæдзургæйæ цыд йæ усы фарсмæ. Ус йæ къухтæй удуæлдай хæст кодта михы кæроныл, зынæй-иу сласта йæ резинæ цырыхъхъытæ цъыфæй, йæ сæр уырдыг- мæ æрыппæрста æмæ йæ лæджы нæ уыдта. — Наташæ, æри йæ мæнмæ... Натагаæ дзуапп нæ кодта. — Хъусыс мæ? <Æри, æз æй ахæссон. Дæуæн уæззау у. Цæй. — Ма мæ хъыгдар. — Æз мæ фырмæстæй... Цæй, æри йæ. Лейтенант фæхæцыд михы кæроныл. Сынт базмæлыд, •рынчын схъæрзыдта. — Фесæф! Ам дæр та хъыгдарыс. — Эй, уый чи схойы? Иуварс алæуу!—фæстæмæ æнæ- <фездæхгæйæ, ныхъхъæр кодта Княжев. — Æмбæлттæ! Æмбæлттæ!—размæ атындзыдта лейте- нант.—Чысыл фæлæуут, æз æй ахæсдзынæн. — Иуварс, иуварс,—мæстыйæ фæкъæпп кодта Уасил.— Ам нæ къæхты бын ма тыхс. — Демæ ничи дзуры! — Нæ дзурыс æмæ нæ ма хъыгдар. Цыппар хæссæджы хъуынтъызæй, æнæсыбырттæй над- той цъыф сæ къæхтæй. Лейтенант йæ зылынмæ лæууæг тштелы мидæг, йæ цæсгом ныффæлурс, афтæмæй цъыф- доны балæгæрды, æрчипп-æрчипп кæны æмæ йæ цæст нæ исы йæ усæй. ,— Наташæ... Æз аххосджын дæн. Мæн, хуыцауыстæн, фæндыд... Наташенькæ, тынг æгад мæм кæсы. Цæй, ных- хатыр мын кæн. Хъусыс мæ, ныххатыр мын кæн... Наташæ дзуапп нæ кодта, нæ йæ æндæвта: æнцъылдтæ кæлмæрзæн æрзæбул йæ иу уæхскыл, йæ цæстытæ тынг стымбылтæ сты, сæхи ныццавтой михы кæрон æлхъивæг къухтæм. Йæ разы иугъæдон æнкъуыст кодтой цæф лæп- пуйы зæнгтæ хæрдмæ къæдзгондæй. 620
— Наташенькæ, цæй-ма, ахæссон æй. Аххосджын дæн, алырдыгæй аххосджын дæн. — Мæнæн цæмæн дзурыс? Ды мæнæ уыдонæн... алкæй раз дæр сæ аххосджындæ. —-Аххосджын. 0, о, аххосджын,—сцингæнæгау кодта лей- тенант. Ус дзуапп нæ кодта. Уæд лейтенант сынты размæ баз- гъордта, йæ разæй фæцис, куы Княжевы, куы Уасилы цæсгоммæ бакæсы, сдзырдта. — Лæппутæ, ныххатыр мын кæнут... Нæ зонын, цы мыл æрцыд... Æрлæуут, лæппутæ. Цæй-ма, курын уæ... Æрмæстдæр иу минут. Æриут, ахæссон æз дæр. — Хорз фæуæд,—сразы ис Княжев æмæ сынтыл ахæ- цыд фæрсаердæм. Рынчыны æрæвæрдтой километрбæрæггæнæг цæджын- дзы бынмæ. Наташæ æхсызгонæй йæ астæу сраст кодта, йæ ныхыл æрхауæг хъуынтыл фæстæмæ ахæцыд. — Цæй, хæц1—мæсты приказ скодта лейтенантæн Уа- сил.—Алы фондз къахдзæфæн лæугæ кæнæм. Афтæмæй райсоммæ дæр нæ ныххæццæ уыдзыстæм Утряховмæ. — 0, о, фæтагъддæр кæнæм. Ныртæккæ, ныртæккæ... Ардæм дард нæу. Ныр цыппар стæм,—бузныггаджы охыл тыхсæгау бакодта лейтенант æмæ уайтагъд, Уасилмæ бынæй уæлæмæ скæсгæйæ, загъта:—Хъусыс, æфсымæр, ныххатыр мын кæн. Мæ зынг баххуыссæд—сæрхъæн дæн. Æри разæй хæцон. Цæй, æри. — Хорз, хорз, деттæ дæ усы бæсты хæц,—ныр æнæ- хъыгæй дзуапп радта Уасил. — Нæй, ды бафæлладтæ. Æз—разæй, ды та—Наташæ- йы бæсты. — Æгъгъæдбазаркæнут. Слæуу дæхи бынаты,—цæхгæр сприказ кодта Княжев. Лейтенант слæууыд цæрмттææмбырдгæнæджы фарсмæ. Ногæй та анкъуысти сынт хæлд фæндагыл, цыппары фæлыст дзабыртæ—иутæ дзы цъыввытт-цъыввытт кæ- нынц, — Уасилы уæттæ, иннæтæ хуыскъдзарм, хæрз- хъæд—Княжевы уæттæ, зæронд, æнцъылдтытæ-æлхъывд- 521
тытæ т- цæрмттæ æмбырдгæнæджы уæттæ æмæ æлвæст,. æнгом æрбахъæбыс кодтой къахы хæцъæфтæ,—лейтенан- ты уæттæ — цаддæггай, æнæсæттонæй ногæй байдыдтой змæнтын цъыф. Наташæ цыд фæрсырдыгæй, цæугæ-цæуьщ баста йæ сæрыл йæ кæлмæрзæн. Йæ уæгъд уагъд, æнæтагъдгæнаг къухты змæлды зындис цахæмдæр сабыр фæлладдзинад,. зæрдæйы фенцойдзинад. Фæстейæ чи баззад, уыцы цæджьшдзæй Утряховы хъæу- мæ, фельдшерон пунктмæ ма фараст кшшметры баззад. Фæндагварс къутæртæ зæххæй нал равзæрстаис. Иу- гъæдон фæныкгъуыз, ныллæг арв ноджы фæтардæр ис. Ныссаугонд ис фæндаг йæхæдæг дæр. Æрмæст ма æгъуыз стъæлфтау хицæн кодтой къæвдайы култæ. 7 Тюлæй конд æмбæрзæнджын æмæ йæ цæссыг згъа- лæг рудзынгæй æттæмæ калдис рухс, умæл та’лынгдзина- дæн цæрæнуæтты хъармæй хай лæвæрдта. Рухсы улæны æррайау кафыди æвзистгъуыз рыгæрхæндæг æфтауæг сæлфынæг. Уым, цæрæнуæтты, алцыппæг у сабыр, алцыдæр дзы у зонгæ: адæм сты айдагъ мидæггæгты,, сæ дзабыртæ ап- пæрстой, рацу-бацу кæнынц хус, сырх ахуырст полтыл; æхсæвæрыл куы æрбадынц, уæд æрæфтауынц ныхас кæр- дæджы фæдыл, боныхъæды фæдыл, лыстæг хæдзарон ха- бæрттыл: карк айк нал æфтауы, æмбонды кау афæлдæхт... Уым ис хуымæтæг зонгæ цард æмæ йæм фæрсæрдыгæй куы кæсай, исты бæллæх дыл куы æрцæуа, уæд ын æм- барысйæ диссаджы хорздзинад. Цыппар лæджы, фырфæлладæй къуырдтытæ кæнгæйæ, стæм хатт лæмæгъ, æгъуыз æлгъыст кæнгæйæ, цаддæггай хастой уæззау сынт Утряховы хъæууынгты, фæлмæн,. хъарм рухсгæнæг рудзгуыты фæрсты. Лейтенанты усæн лыстæггай бацамыдтой, кæм цæры фельдшер чызг, æмæ йæм атындзыдта, цæмæй йæ рагацау бафæдзæхса. Разæй, къуыппыл, хъæуы хæдзæртты кадавар’ рухсы- 522
тæн, цыма, сæ паддзах у, æрттывтытæ калдта бирæ цы- рæгътæй МТС. Къæсæрыл сыл фембæлд чызг, йæ цæстыты онг фæ- тæген цырагъыл схæцыд, йæ пъалто йæ уæхсджытыл у уæгъд æппæрст. Йæ фæстейæ гом дуарæй æттæмæ каст Наташæ. Цыппар лæджы къæсæрмæ схызтысты^ хуылыдз, цъы- • фæйдзаг, мадзура, фæтæген цырагъы ала рухсмæ уыдыс- ты саудзæсгом æмæ фыдуынд, тыхулæфт кодтой, михæй- æнæбары æрбакъуырдтой дуар æмæ рынчын къуырма хъæрзынæй хæрзбон загъта талынг цъыф æхсæвæн. Уаты сæдæцырагъон лампæйы рухс цæстытæ куырм кодта, хаста медикаментты тæф, скаппæй æрттывтой чы- сыл æвгтæ æмæ никелæй конд къоппытæ. Къулгæрон—урс уæрæх медицинон бандон. Æмæ уыцы æрттывтытæ калæг- урс хæдзары—цъыфæйдзаг, хуылыдз, зыкъуыритæ, дæр- зæг михтæй арæзт сынт, рынчын йæ уæлæ, зындысты аф- тæ, цыма сæ фæндаджы гуылмызтæ буарæй гæппæлау ра- тындæуыд. Сынтхæсджытæ фæстаг æндахы* оиг ныххуылыдз сты, цъыфæй нал зындысты, сæ цæсгæмттæ фæллад,. хъуынтъыз, сыгъдæгдзинадæй фæджих сты, дурдзавдæй сæ алчи лæууыд йæ бынаты, змæлгæ дæр нæ кодтой, тарстысты, æнæбары исты куы счъизи кæной. Фельдшер чызг, æрыгон у, йæ цæсгом тымбыл æмæ фыдуынд, ставд дзыгъуыртæй нал зыны, йæ былтæ фæтæн æмæ ирд, фæ- тарсти æмæ йын зылынтæ кодтой, æнæуæндонæй ра- куырдта: —-Ацæут иууылдæр, уæ хорзæхæй. Бынат нæм нæй- Хъуамæ йæ фенон... Чызг ам баззайæд, баххуыс мын кæндзæн. Цыма пъолылнæ, фæлæ йе ’ртæх акæлынæй кæмæн тæр- сынц, ахæм кæрдæгыл цыдысты, уыйау бæрзонд сæ къæх- тæ истой. Цыппар дæр рахызтысты уæрæх къæлидормæ, уым бандоныл мынæгæй сыгъди фæтæгены лампæ. Княжев систа папиросты къопп æмæ сылгъыста, йæ- къухы сæ алхъывта æмæ сæ фæстæмæ нывæрдта, — папи- ростæ разынДысты хуылыдз. Лейтенант æвæстиатæй фел- вæста йæ партсигар. 523^
— Айс. Адон сур сты. Йæ партсигары уыд æрмæстдæр дыууæ папироеы. Иу .дзы систа Княжев, иннæ лейтенант* бадардта Уасилмæ. — Дæхæдæг æй бадым. Æндæр дæм куы нал ис,—загъ- та Уасил. — Мæы дымын нæ фæнды.' Æппындæр. Айс. Уынгæй æрбайхъуыст æфсæйнаджы зæлланг—иу хатт, ,.дыккаг хатт, æртыккаг, цыппæрæм... Уый сахат уыдис. Княжев йæ плащы хуылыдз дысыл æрбахæцыд мидæмæ: — Уый дын, гъе, иуæндæс у... Мæнмæ та, æвæццæгæн, æнхъæлмæ кæсынц. Сæрмагондæй дзырдтон районæй, цæ- жæй бригадиртæ баззайой. Æнхъæлдтон, æхсæз-авд сахат- мæ сæм зындзынæн. Ныххатыр мын кæнут, лæппутæ, -æз цæуын. Ныр уæ мæ сæр нал хъæуы. МТС-ы директоры къухыл ныххæцыд Уасил, бакаст ын >йæ цæстытæм æмæ йын дзырдта: — Бузныг, Егоры фырт Никъала... Бузныг. — Уый та цæй тыххæй?.. — Куыд цæй тыххæй? Баххуыс мын кодтай... Бузныг. — Цæй, цæй, ма байдай, ахæмты тыххæй бузныг нæ -зæгъынц. Директор куы ацыд, уæд Уасил, цьша, æрхæндæгæй, ^иунæгæй баззад. Ацыд адæймаг—йæ уынаффæгæнæг, йæ къух ын чи рог кодта, нæ дæр лейтенант, нæ дæр цæрмт- •’тææмбырдгæнæджимæ афтæ тагъд нæ бамбардзысты кæ- фæдзи. Тагъд уыдон дæр ацæудзысты... Уæд—зыбыты иу- нæг. Цы дæ фæнды, уый кæн, куыд зоныс, афтæ араз. „Зылды милиционеры бацагурын хъæуы..." Уасил, хъуыдыты ацæугæйæ, папиросы уæлдай йæ ’къухтæй аууæрста. Лейтенант тагъдгæнæгау бакæс-бакæс кодта фельдшерон уаты дуармæ. Цæрмттææмбырдгæнæг •бадт бандоныл кæронæй, йæ къухтæ йæ зæнгыл æрывæрд- та, цыма кабинетмæ, хистæрмæ бацæуынмæ æнхъæлмæ каст. Æрæджиау дуар байгом, фельдшер чызг дзы рацыд, цæугæ-цæуын йæ халат ласта. — Æвæстиатæй йæ аласын хъæуы Тар Хъæдмæ хи- ;рургмæ,—загъта мæлæтдзагау. — Хуылф тугæй едзаг у. 5 24
Мæ зæрдæ мæм дзуры, цыма йæ игæр сахъат нæу. Йæ гуы- бынмæ йын февналæн нæйг,, фыррыстæй афæлурс вæййы. Нæ хирург хорз у, алцы дæр сараздзæн. Æрмæст æй ала- сын хъæуы... Фыртыхстæй-иу чызг сырх афæлдæхта, йæ дзыгъуыр- тæ-иу æрбайсæфтысты йæ цæсгомыл. — Цæуыл æй аласæм?—истуг æгомыгæй алæугæйæ, бафарста Уасил. — Цæуыл? Бонæй нæ бон нæ бацис маши- нæйыл ацæуын, æхсæвыгон бынтон ницы бакæндзыстæм. — Бæхыл дæр ын ласæн нæй. Фæхойдзæн æй, æрдæг- вæндагыл йæ уд сисдзæн. — Къухæй йын ис ахæссæн фараст километрмæ. — Уæдæ куыдбакæнæм?—стыхсæгау кодта лейтенант.—. Хъуамæ амæла? Мах æй ирвæзын кодтам, фæхастам æй æмæ хъуамæ амæла. Хирургмæ ардæм фæдзурæм. Уый æнцондæр у рынчынæн йæхи хæссынæй. Уадз æвæстиа- тæй рацæуæд. Æмбарыс мæ, чызг, уыцы лæг хъуамæ фер- вæза. — Хорз, æз æм фæдзурдзынæн. Фæлæ рынчындоны хуыздæр уаид, уым алцыппæт дæр ис. Ам мæнмæ вазыг- джын операцийæн уавæртæ нæй. — Бæрндзинадæй тæрсьгс!—сыхсыст лейтенант.—Дæ уа- вæртæ нæ бæззынц? Иугæр æндæр фæрæз нæй, уæд ра- цæуæд, лæджы фервæзынкæнæд! — Æмæ хирург цæуыл рацæудзæн?—бафарста Уасил.— Нæ йыл ахъуыды кодтай? — Районы машинæ ссардзысты. — Байхъус-ма, æфсымæр, æз зноны шофыр нал дæн, мæ> ныхас дæ бауырнæд: æхсæвыгон иунæг машинæ дæр нæ рацæудзæн. Иунæг дæр! — Райсоммæ гæнæн ис мауал уа>—æрхæндæгæй бакод- та фельдшер чызг. — Уæлбæхæй! Уадз бæх ссарæд! — Уæлбæхæй? Цытæ дзурут!—Чызг уæлæнгай ауыгъ- та йæ къух.—Æртын километры уæлбæхæй—уæд кавале- рист хъуамæ уай. Иуаны фырт Уиктор та йæ цæргæ дуг- ты, æвæццæгæн, саргъыл бадгæ дæр никуы скодта. Ныхъхъус сты, Бандвныл æвæрд лампæйы рухсæй хъæд- 625-
•къултыл цы бæрзонд, зылын-мылын аууæттæ уыд, уыдон- мæ кастысты. Æваст Уасил йæ ных йæ къухæй бацавта: — Ис! Аласдзыстæм æй! Уыдзæн транспорт! — Цæмæй?.. Кæм?.. — Трактор! Ныртæккæ згъорын МТС-мæ, цалынмæ Княжев нæ ацыд. Ракурдзынæн дзы трактор æд дзоныгъ. Трактор æнцонæй ацæудзæн. Дзоныгъ æй нæ фæхойдзæн, авдæнæй хъауджыдæр нæ уыдзæн. Æз МТС-мæ! — Æз та уæдмæ постмæ сызгъордзынæн. Рынчындрн- мæ фæдзурон, хирургмæ телефонæй фæсидон. — Æз МТС-мæ цæуын,—сцин кодта лейтенант.—Иумæ бацагурæм Княжевы. Цæрмттææмбырдгæнæг иугæндзон бандоныл кæронæй бадт, иу сыбыртт дзы не сирвæзт, ныр йæ мидбынаты базмæлыд, чъындыйæ загъта: — Нæ ратдзæн. — Цы нæ ратдзæн?—фæзылд æм Уасил. — Княжев уын трактор нæ ратдзæн. —Цæмæннæ? — Æз æй зонын. Нæ уын ратдзæн. — Гъе, æфсымæр, ницы дзырдта, ницы дзырдта, ныр •сдзырдта æмæ мæ зæрдæ хуры фарсмæ абадт. Куын- нæ нын ратдзæн, кæд йæхæдæг немæ сынт хаста, уæд. Ахæм лæг нæу Егоры фырт Никъала, баххуыс нын кæндзæн. Цæуæм, лейтенант. — Хуыцау зæгъæд, æз цы фæрæдион. Тагъд къахдзæфтæй дыууæ дæр цыдысты къуыппмæ, МТС-ы рухсытæ рæхысау кæм сыгъдысты, уырдæм. Лейтенант-иу ихæнгæнæгау йæ ’кителæй йæ риу æрба- нуæрста, гæв-гæв кодта, фæразæй-иу ис, æнахуыр каст кодта Уасилмæ. Бæрæг уыд—цыдæр зæгъын æй фæнды æмæ йæ бон нæу. Уасил æнхъæлдта, ныртæккæ йæ зæгъ- дзæн, фæлæ лейтенант суанг МТС-ы къантормæ ницы загъта, æрмæст уым къæсæрыл, дуаргæрон, сулæфыд: — Худинаг мын у... Худинаг! 8 МТС-ы директор Княжев хæдзармæ нæма ацыд. Каби- неты дуарæй хъуысти, кæмæндæр йæ фæсус хъæлæсæй мæстыйæ куыд дзуры: 526
— Уый дæр мын снæртон ис! Ис нын бадзырд, законон документ, нæ дыууæ дæр ыл нæ къухтæ бафыстам, мы- хуыртæ сыл æртъæпп кодтам. Нæй, æз уый тыххæй агæпп кæнынмæ нæ хъавын. Цъус мæ не ’фхæрынц районы... А-а, лæппутæ! Цы ’рцыдис? Княжев сыстад бандонæй. Рынчыны куы хаста, уæд ыл цы гимнастеркæ уыд, уый йæ уæлæ, хуылыдз æмæ цъы- фæйдзаг плащ сауыгъта йæ фæстæ, къулыл. Йæ фарсмæ бадт дæрзæг, бур рихиджын лæг, йæ цæс- тытыл хауд уæззау æрфгуытæй схæцыд йæ сæрыл, цы- мьтдисæй бакаст æрбацæуджытæм,—æвæццæгæн, фехъуыс- та, дыууын фыццæгæм километрыл цы бæллæх æрцыд, уый, æмæ бамбæрста, чи сты адон. — Егоры фырт Никъала,—байдыдта Уасил,—æвзæр у хъуыддаг. Тар Хъæды рынчындонмæ хæццæ хъæуы лæп- пуйы операцимæ: Фельдшер чызг азгъордта—хирургмæ хъуамæ фæдзура. Княжев хъынцъымгæнæгау йæ сæр батылдта, фæлæ ницы загъта. Бæрæг нæ уыд цæмæн, фæлæ Уасилмæ афтæ фæкаст уыцы минут, цыма æххæст хорз нæ загъта, хъæрæй, фи- дарæй, йæ ныхæстæ æппындæр нæ бахъардтой Княжевмæ, зермæст æм гæзæмæ сагъæс сывзæрын кодтой. Æмæ йæм Княжев дæр æндæргъуызон фæкаст, цыма цъыф фæнда- тыл сынт иумæ нæ хастой. Княжев касти стъолы сæрты, тимнастеркæйæ æттæмæ ракъуыпп йæ нарст риу, йæ цæсгомыл—хйцауæгон æнгæс, сæххæссæн кæмæ нæй, ахæм цахæмдæр нысан. — Егоры фырт Никъала,-~ноджы æнæныфсхастæй дæр сфæлхатт кодта Уасил,—исчердæм æй аласын хъæуы. — Уый дын, гъе, куыд æй аластæуа?.. Æнцон нæу... Фельдшерон пункты ис бæх. — Бæхыл ын гæнæн нæй. Фæуигъдзæн æй æмæ амæлдзæн. — Æнцон нæу. Уасил фефсæрмы йæхи тыххæй нæ, фæлæ Княжевы тыххæй. Йæхи æнцъылдтæ кодта, йæ цæстытæ æмбæсхта. — Æри нын трактор. Æндæр гæнæн нæй,—цæхгæр загъта Уасилы фæстæ лæууæг -лейтенант. 627
— Трактор?.. М-мы-ы... Трактор, лæппутæ, трансяортьр машинæ нæу, кусынæн у. Паддзахады исбонæй йæ ныса- ниуæгмæ гæсгæ ма спайда кæнон, уый мæ бон нæу. — Егоры фырт Никъала!—Уасил банкъардта, йæ цæс- гом туджы кæй разылд.—Лæг мæлгæ кæны! Дæхæдæг æй’ куы федтай. Трактор нæ хъæуы æд дзоныгъ. Куы нæ нын æй радтай, уæд амæлдзæн. — Хъуыддаг дæр уый у, æмæ Дæ мæнæн амонын нæ- хъæуы, агитаци дæр мын пайда нæу. Мæнæн мæхицæн цы мæ бон уыд, уый уын сарæзтон.—Княжев арæхстгай йе ’нгуылдзтæй фæцагайдта йæ русыл фæхусуæвæг хъæд- гом.—Трактортæ мæхи куы уаиккой... — Афтæ цæуы: уадз лæг амæлæд! Худинаг дын нæу, æмбал директор!—лейтенант ныффæлурс, афтæмæй размае- рахызт. Княжев æм зулмæ бакаст æмæ бахудт; —■ Ды, æфсымæр, æнхъæл дæн, уыцы хъæлæсæй чысьцг раздæр æндæр зарджытæ кодтай. Лейтенант спиллон калдта, йæ къухтæ атымбылтæ сты. — 0, зарыдтæн. 0, æз æнаккаг уыдтæн, эгоист! Куыд дæ фæнды, афтæ мæ схон. Мæн уый мгæт нæй! Фæлæ нын радт трактор! Бар дын нæй, æмæ нын ма радтай! Хъусыс мæ! Нæй дын бар! . . — Тæккæдæр—бар мын нæй,—дзуапп радта директор.-*- Иугæр афтæ кæнут, уæд уын хъуамæ истытæ равдисон... Княжев бакодта йе стъолы лагъз, ныггуыбыр æм кодта,. цыдæртæ дзы азмæста, иу гæххæтт дзы систа æмæ сæм æй радардта: — Бакæсут æй. Уасил райста гæххæтт, лейтенант дæр æм йæхи æрбай- вæзта. „Утряхов æмæ Тар Хъæды МТС-ты зонæты бирæ кол- хозты анеули кæныны пълаытæ æххæст нæ цæуынц. Трак-1 тортæ дзæгъæлы лæууынц быдырты. Арæх сæ нысани- уæгмæ гæсгæ нæ кусынц. Быдырты хуым кæныны бæсты ласынц агуиридур æмæ хъæдæрмæг. Уæ зæрдыл уын лæу- уын кæнæм, ацы аз 17 июны æххæсткомы тæрхонмæ гæс- гæ æппæт МТС-ты дирактортæн æппындæр бар нæй, æмæ* 528
трактортæй пайда кæной гсуыд транспорты машинæтæ, Тар Хъæды райæххæсткомы сæрдар Зундишев А." — Афтæ у, мæ хуры чысылтæ. Æз МТС-ы князь нæ дæн, æз директор. дæн. —Княжев айста гæххæтт.—Æмæ* куыд директор, æз хæсджын дæн, цæмæй хъусон уæлдæр- лæууæг организациты уынаффæтæм. — Егоры фырт Никъала!—Уасил скæуынхъæлæс,—тра- ктор -дæ агуиридуртæн æмæ хъæдырмæгæн нæ курæм, Цымæ æцæг афтæ æнхъæл дæ, æмæ дын исчи бауайдзæф кæндзæн трактор куы радтай лæджы мæлæтæй фервæзьш кæныны тыххæй? — Бауайдзæф мын кæндзысты, ай-айдæр. Ды мын дзырд дæттыс, трактор уыцы сæрсæфæн фæндагыл кæй нæ фе- хæлдзæн? Нæй, нæ мын дæттыс. Трактормæ та æнхъæлмæ- кæсынц, дзырдæн, „Раззагон" колхозы. Уырдыгæй фæдзур- дзысты райæххæсткоммæ, кæннод та райкоммæ, бахъаст мыл кæндзысты—дзур сын, дæхи сын раст кæн. — Æмæ сын дзур, раст сын кæн дæхи, цымæ афтæ тынг зын у, лæджы цард мæлæтæй цæмæй бахизай, ууыл дзурын?—ногæй та байдыдта лейтенант. Фæлæ йын Кня- жев йæ ныхæстæ йæ хъусы иувæрсты ауагъта. — Мæ бон нæу. Куыстыты график фехалдзынæн. Кол- хоз æнæ тракторæй баззайдзæн. Нæ, мæ хуртæ, уый тых- хæй мын бузныг ничи зæгъдзæн. Бур рихиджын, æнцад чи бадт, уыцы лæг йæ сæрыл схæцыд, йæ уæззау æрфгуыты бынæй скаст Княжевмæ, загъта: — Егоры фырт Никъала, цал хатты фехæлдтам график ницæйаг хъуыддæгты тыххæй? Исчердæм та йæ бараст- кæндзыстæм. Уый хыгъд рынчын лæг бынатмæ ласт æр- цæудзæн. Княжевы цæсгом, йæ фындз, хъæрццыгъайы фындзы хуызæн, сырх афæлдæхта, йæ фæсус хъæлæс ноджы фæ- лæмæгъдæр: — Къодах бригадир дæ, Никитæ. Нæ мæрзæг ус Нас- тасьяйæ фылдæр нæ аудыс МТС-ыл. Уымæн не ’ххæст кæнæм пълантæ, уымæн кусæм æвзæр, æгæр рæдау стæм, алы фæндаггонæн дæр лæггад кæнæм. Цъус мæ нæ 34 529
<фæхостой ибон, „Фондзазоны" колхозæн донауазæнмæ дурласынæн дыууæ тракторы кæй радтон, уый тыххæй. Фæзындис хорз адæймæгтæ, райкоммæ мыл бахъаст кодтой. Масты хай фæдæн. Æмæ цæй тыххæй? Мæ бон „нæ" зæгъын някæмæн баци. — Байхъус-ма, æмбал директор!—лейтенант фæрс- æрдæм, йæ иу уæхскæй Уасилыл фæрсмæ ахæцгæйæ, стъолмæ бахæстæг.-~Ныртæккæ мын трактор куы нæ рад- тай!.. Хъусыс мæ: куы нæ ньш радтай, уæд æз рай- центрмæ аздæхдзынæн, бацæудзынæн райкомы секретармæ, -бацæудзынæн уыцы сæрдар Зундишевмæ дæр æмæ уæд- мæ нæ ацæудзынæн, цалынмæ дæумæ бæрндзинадмæ не ’рсидой. Мæлæтдзаг рынчын лæгæн ма баххуыс кæн,— уый фыдракæнд у! Хъусыс мæ: æххуыс ын хъæуы! — Ничи йæм кæсы, куыд сæмбаргæ ис. Раздæр бынтон æндæр лæг уыдтæ, хорз уæйыг, æрымыс ма йæ!—Фæлæ Княжевмæ, æвæццæгæн, бахъардтой лейтенанты ныхæстæ, дзырдта, фæлæ йæ фæлмæн цæсгомыл йæ цæстытæ сæхи раппар-баппар кодтой куы Уасилæй буррихиджын лæгмæ, куы та иннæрдæм, æнхъæлдта йæ фарс рахæцдзысты. Фæлæ бур рихиджын хъуынтъызæй йæ сæр æрæппæрста, Уасил та йæм зыд каст кодта лæгъзтæгæнгæйæ. . — Æви æз лæг нæ дæн, æви мæм зæрдæ нæй? Æз мæхæдæг фыццаг куы загътон—лæппуйы бынатмæ фæ- хæццæ хъæуы, фыццаг æз куы ныххæцыдтæн сынтыл. Рынчынæн мæ ракурут туг—ратдзынæн уын æй, ракурут ын мæ хæдон—раласдзынæн уын æй. Фæлæ ам мæнæн ни- цы ис, ам æз нæ ,дæн хицау. Цæй, лæппутæ, дзæгъæлы ма загъд кæнæм. Бафæрсон сæ, кæд ке сразы уой, уæд мæ мацы уал домут. Æнæуый дæр мыл цъус тæригъæд- тæ нæй. Ногæй та мæ сæр бадарон, цæмæй йæ уæлейæ æрцæвой, уый мæ нæ фæнды. Княжев телефоны хæтæл райста, Тар Хъæдмæ дзуры- ныл схæцыд. — Хорз чызг! Алло!.. Хорз чызг! Баиу ма мæ кæн, мæ хур, Фомичевимæ. Княжев дæм дзуры Утряховæй тагъд’ хъуыддаджы фæдыл... Куыд, кæцы Фомичевмæ? Нæ йæ зоныс. Райкомы дыккаг секретармæ. Фыццаг областы ис... 530
Куыд, телефон æм нæй? Йæ кабинетмæ йæм куы фæдзу- риккам? Эх, бæллæх, бæллæх... Куысты нæй, хæдзармæ ацыд, уым та йæм телефон нæй,—фехъусын кодта Кня- жев, телефоны хæтæл йæ къухæй æрымбæрзгæйæ.—-Хорз чызг, а-хорз чызг! Алло! Алло!.. Исчердæм мын, х\гæ хур, Зундишевмæ... Уасил уыдта: Княжевы урс, нарст тъæпæн ныхджын къух телефоны босы æлхынцъытæ хæлдта цаддæггай, зи- вæггæнгæ. Уасилæн уыцы къух йæ удхæссæг фестад. Йæ алы змæлды дæр—ныббарæн кæмæн нæй, ахæм сабырдзи- пад. Къухæй ферох ис рæстæг. Алы нерв, алы нуар дæр ныйивæзти йæ кæронмæ: уым цæф лæппу хуыссы, гæнæн ис амæла, рæстæг цæуы, тагъд хъæуы, тагъд, тагъд, цæ- мæй фервæза! Къух та æнæбары йе ’нгуылдзтæй раст кæ- ны телефоны босы къæдзтæ. Бафæыдыд æй ныртæккæ йæ куы нытъæпп кæнид. — Оу, уынгæджы фæуæм!—Княжев аппæрста хæтæл, мæстыйæ загъта:—Зундишев бæхыл, æхсæвыгон, колхоз- мæ афардæг. Истуг Княжев бадти фæстæдзæг, йæ гуыбыныл йе ’нгуылдзтæй хъазыд, йæ тæнæг былтæ æрбассывта, рай- æххæсткомы сæрдар Зундишев йæ къух кæуыл бафыста, уыцы гæххæтты сыфмæ нымдзаст. Уасил æмæ лейтенант сæ цæстытæ ныццавтой Княже- >вы цæсгоммæ, æнхъæлмæ кастысты цы зæгъдзæн. Дире- ктор базмæлыд, арф, тынг арф ныуулæфыд, Уасилы иу- вæрсты касти кæдæмдæр, йæ кабинеты дуармæ, загъта: — Мæ бон нæу. Кæрæдзийæн мауал лæгъзтæ кæнæм. Мæ бон нæу! — Егоры фырт Никъала! — Мауал лæгъзтæ кæнæм! Княжев сыстад, йæ риу размæ ракъуыпп кодта, йæ уа- зал цæстытæй бакаст Уасил æмæ лейтенантмæ. Уыдон сæ кæрæдзимæ бакастысты, бамбæрстой, сæ ныхасæй кæй ни- 'Цы рауад, директор сын ницы сараздзæн. — Цæуæм,—загъта Уасил. Фæстейæ сæм Княжев радзырдта: — Æз уын баххуыс кодтон, цæмæй бынатмæ фæхæццæ .уа, мæ граждайнаг хæс сæххæст кодтон. 531
Уасил æм дуаргæрон фæзылд: — Æндæр ма цы! Фæлтау куы ницы дзурис! Лейтенант ма йæм бафтыдта: — Æз дæ афтæмæй нæ ныууадздзынæн: дæ уд дьта сæлвасдзынæн, гæххæттын донмыст! Дуар ныггуыпп кодта... Уынджы, кæдæм тындзынц, цы ми кæндзысты, уый не~ ’мбаргæйæ, лыгъд радтой МТО-æй. — Ницы йын æмбарын, ницы! Уæд ма йæ цæмæн хаста? Цæмæн?—-цæугæ-цæуын хъуыр-хъуыр кодта Уасил. Лейтенант йæ сæрмæ фæлæбурдта: — Цавæр адæм сты! Цытæ цæры зæххыл! Уадз æз уы- даин æнаккаг, ме ’дылыйæ. Бамбæрстон æй—-худинаг мæм æркаст. Уый йæ хорз куы ’мбары. Алцыдæр æмбарыГ Тæппуд! Йæхи рагацау страхы ауагъта! Зæхх цытæ хæс- сы йæ уæлæ! Къæвда банцад, фæлæ уæлдæф едзаг уыд умæлæй. Уæззауталынгйæхихъæуылæруагъта, ранæй-рæтты ма йæ хуынчъытæ кодтой бур, хъарм рухсытæ. Адæм кодтой сæ- хуыссæджу кой. Уыдонæй алкæмæн дæр фæцис йæ бон, йемæ рæстæгмæ ацыдысты сæ.фыдæбæттæ дæр. Уасил æмæ лейтенант та тындзыдтой. Фельдшерон пункты сыгъдæг уаты æнхъæлмæ чи каст, уыцы рынчы- нæн йæ бон уыд æмæ амардаид. Хъуамæ фервæза! Истн. йын саразын хъæуы, тагъд, æрмæстдæр тагъд! 9 Фельдшер чызг фехъусын кодта, зæгъгæ, хирург рай- æххæсткомы „газикыл" рацыдис, фæлæ- йæ ныфс нæй, бы- натмæ æрхæццæ уа, бафæдзæхста — æппæт амæлттæй йын рынчыны йæ размæ куыд раласой. Цæф лæппу бандоныл хуыссыд йæ фарсыл, йæ къæх- тæ скъæдз кодта, йæ цæстытæ тагъд-тагъд тъæбæртт- тъæбæртт кодта æмæ каст къуыммæ. Йæ цæсгом тынг афæлахс, йе ставд уадултæ размæ ракъуыпп сты, йæ был- тæ уыдысты æнгом æлвæст. Хъæрзгæ нæ кодта, йæ фар.с- мæ бадтысты лейтенанты ус æмæ цæрмттææмбырдгæнæг,. цыдæр зæрдææнцойæн дзырдта: 532
— ...Тынг хъæр кодта, схъиудта, сæнттæ цагъта. Ныр уыцы Ануфрийы фырт Иуан ног суарийы хуызæн у, хъæдтæ кæм уадзынц, уым кусы. Ахæм хъæдтæ раскъæ- ры, æмæ—сæры хъуын барц сбады. Директор Княжев трактор кæй нæ радта, уыцы хабар диссаг нæ фæкаст цæрмттææмбырдгæнæгмæ. Æрмæстдæр йæхи ныхæстæ сфæлхатæн кодта: — Æз æй зонын. Ахæм у... Тыргъы, бандоыыл æнцад судзгæ лампæйы уæлхъус ногæй байдыдтой уынаффæ кæнын. —-Фæлтау бæхуæрдоныл куы рацыдаид хирург, кæд сабыргай цыдаид, уæддæр æнæмæнгæй æрхæццæ уыдаид,— загъта Уасил.—Ныр искуы ныссæдздзæн. Райæххæстко- мы шофыр Кривцов Пашкæ дæс азы горæты асфальтыл -сахуыр ис, стъолæмбæрзæнау ын лæгъз фæндаг хъуамæ уа. Зундишев йæ хъалæй нæ цæуы мыййаг бæхыл кол- хозтæм, — Ууылта ма цы дзурæм,—сулæфыд фельдшер чызг.— Иугæр рацыд, уæд æм нал фæдзурдзынæ, нæ йæ бафæ- дзæхсдзыиæ... Уæд та хъæусоветы сæрдармæ ссæуиккам? Кæд Княжевæн зæгъид, цæмæй нын трактор радта. — Ахæм Княжевтимæ дзурын нæ хъæуы! Уыцы æнак- каджы прокурормæ ныттæрин!—сыхсысти та лейтенант. — Княжевæн цы хъомыл у хъæусоветы сæрдар. Кня- .жев æрмæст районы коммæ кæсы. Радугъ-бадугъ кæн, -агур—чи дын баххуыс кæндзæн, — дзæлгъæдырæстæг фе- -сæфдзæн. Тракторæй ницы рауайдзæн. Цæй, ахъуыды кæ- нæм, нæхæдæг æй куыд аласæм. — Цы йыл хъуыды кæнæм? — фельдшер чызг æнæныф- -сæй нымдзаст лампæйы æвзагмæ. — Машинæйыл гæнæн нæй... Уый дæр та Княжевæй куринаг у. Иунæг гæнæн ис—бафæлварæм бæхыл. Тæрсын, куы йæ фæуигъа. Сфæнд кодтой рынчын бæхуæрдоныл аласын. Хуыссæгхъæлдзæг къуыххытт-къуыххыттгæнаг зæ- ,/рондлæг Данила (афтæ йæ хуыдта фельдшер чызг), æнæ худ, йæ палтойы бынæй фæзын-фæзын кæнынц йæ урс мидæггаг хæлафы къæхтæ, ныххызтысты резинæ цырыхъ- хъытæм, раласта иу хытъынджын бæх, уæрдоны йæ сив- тыгъта. Хъæмп хос ыл ныккалдта æмæ йыл æрытыгътой 5за
полæмбæрзæн четæн гауыз.Фельдшер чызг йæ уатæй дыу- уæ базы рахаста. Зæронд лæг Данила сын æххуыс кодта æмæ лæппуйы брезентыл рахастой. Куы йæ æвæрдтой, уæд хъæрзыдта, йæ дæндæгтæ-иу ныхъхъыррыст кодтой. — Бафæраз, мæ зыиаргъ. Бафæраз,—дзырдта йын фельд- шер чызг, хъæццулæй йæ æмбæрзта. — Уыныс, куыд дзæ- бæх дæ æрхуыссын кодтам, хъарм дын уыдзæн. — Æз дæр мæ дарæс скæнон, Константины чызг? Ла- сынмæ уæм фæкæсон?—-бафарста зæронд лæг Данила. — Нæ, нæ хъæуы. Ацу схуысс. Мемæ мзенæ шофыр ацæудзæн. Лейтенант æмæ йæ ус дæр цæуинаг сты,— дзуапп радта чызг. Цæрмттææмбырдгæнæг скодта йæ уæрæх, чыргъæды хуызæн плащ æмæ сын хæрзбон загъта. — Ды, лæппу, ма тæрс. Кæд дын тæрхон кæной, уæд мах дæ фарс фæхæцдзыстæм,—зæрдæтæ æвæрдта Уаси- лæн.— Ды та, гражданин æфсæддон, дæ дзаумæттæ куы ссарай, уæд фæстæмæ раздæх, мæнæ ацы рæгъыл фæн- дзæм хæдзармæ бакъуырцц-къуырцц кæн. Уым мæ чызг’ цæры. Уе ’хсæв ам арвитдзыстут. Цæй, лæджы хорзæй фæхæццæ кæнут. Хорзыл амбæлут... Уасил рохтæ йæ къухмæ æрбайста. Лейтенанты ус æмæ фельдшер чызг истуг ахъаугъа кодтой, чи сæ баддзæн рынчыны дæфлæдтæм, бадзырдтой, радгай ивдзысты сæ кæрæдзи. Фенкъуыстысты... Фыццаг сриуыгъдæн лæппу-- йы хъæрзын ссыд. Тых æмæ фыдтæй ныххæццæ сты Башьяновкæйы чысыл хъæумæ, стыр хъæуæй йæм ис цышхар километры бæрц. Уасил бафæлмæцыд цæф лæппуйы унæргъынæй. Лæппу сын фæсус хъæлæсæй лæгъзтæ кодта: — Æрлæуут! Уæддæр амæлдзынæн!.. Æрлæуут!.. Ку- рын уæ!.. Æнцад-æнцойæ уæддæр амæлон! Ой, мæ бон нал у! Ой, æрлæуут-ма! Ватьяновкæйы фыццаг хæдз’армæ баздæхтысты. Уасил. йæ дысæй асæрфта йæ цæсгом: — Мæ бон æм хъусын нал у. Сылгоймæгтæ сын фæндагыл зæрдæтæ æвæрдтой, ныр< æгуыппæгæй ныхъхъус сты. Лейтенант бацыд йæ усмæ: 534
— Наташæ, æнхъæлмæ мæм кæс. Æз ацæуон. — Кæдæм? — Фæстæмæ хъæумæ. Æз уыцы æнаккаджы хъуамæ* раласон! Æз дзы трактор байсдзынæн! Кæд мын нæ радта, уæд алы хæдзары дуар дæр ныххойдзынæн. Æгас адæм. сыстын кæндзынæн. Бунт куыд кæной! Трактор дзы ра- тондзынæн! Талынджы смидæг ис. — Æз дæр йемæ цæуын,—йæхи атонæгау кодта Уасил. — Нæ, нæ, уæд та исты æрцыд—мах иунæгæй цы кæн~ дзыстæм,—фæурæдта йæ фельдшер чызг.—Йæхæдæг æй ракæндзæн...—Сабыр алæууыд, стæй бафарста лейтенанты усы:--Раджы бацардыстут? — Æртæ боны размæ нæ къухтæ æрфыстам. -- Куыд амонцджын дæ... Лейтенанты ус ницы загъта. Уасил æй нæ федта, фæ- лæ йæ банкъардта, чызг ^тæрсгæйæ йе ’рдæм куыдракаст, ома цы зæгъдзæн. Уасилæн та цæмæндæр йæ зæрдыл æр- балæууыд Бистряк Груня, Заустьянскы хъæуы библиоте-- кæйы гæс: стыр урс цæсгом, йе ’рфгуытæ гæзæмæ сыгъ-, зæрины хуызæн, хахгондау сты, фæрсырдыгæй йæм куы, кæсай, уæд æрмæстдæр йæ цыбыр цæсты хаутæ дарынц сау. Иннæ лæппутæ фæдзурынц: ницы уадиссаг у, фæлæ. Уасилæн йæ зæрдæмæ цæуы. Зæндджын у... Æмæ куыннæ уа, лæг доны был цæра æмæ ленк кæнын ма зона,—иугæн- дзон чингуыты астæу ис. Уыцы мысинагæй йæ зæрдæ æр- бауынгæг: æрцахсдзысты йæ, тæрхон ын кæндзыстьт. Æнæ- уый дæр йæ аккаг нæу — шофыр у, авд къласы дæр нæ- фæци, æрмæстдæр руль здухын зоны, гъе, æндæр ницы. Ныр ыл бынтон йæ къух сисдзæн — кæй чызг æнхъæлмæ кæсдзæн ахст лæгмæ. Сусæгæй бæллыди усмæ, йæхи хæ- дзармæ, бæллыди, царди, куыд йæ бон уыд, афтæ,—-æмæ сæ абон ницыуал аззад, цард æй йæ цалхы бын акодта. Мацæмæ уал бæлл, мацæмæй уал æвæр ныфсытæ. Сом- бонмæ бакæсын зын æмæ тæссаг у. Фельдшер чызг уæрдоны татхамæ йæ риуæй æрынцад æмæ дзырдта сагъæсгæнгæ: — 0, амондджын дæ... Мæ зонгæ чызджытæй ничи хъæр, 535
кæны, мой скæнын сæ кæй фæнды. Æмæ йæ цы нæ хъæр кæнынц? Хорз лæг ссар æмæ йемæ фæц&р æнцад-æнцойæ, æнæхылæй, зæндджынæй—гъе, уыйамонд нæу? Гъе, стæй ма амондæй кæд чн лыгъдис? — Дæуæн мой нæма ис?--бафарста йæ лейтенанты ус. — Нæй. — Уæдæ ссардзынæ л’æг. —-Гъада-гъа. Рæсугъд нæ дæн, дзыгъуыр дæн æмæ, æвæццæгæн, æнкъард. Тракторист Мигушин Пашкæ мыл дзуры, фæлæ ницахæм хæзна у: иу дзырд йæ дзыхæй æнæлгъыстæй не схаудзæн, стæй нуазгæ дæр кæны арæх. Куы мæм фæзыны, уæд æй фæсурын мæхицæй... Ой, ба- фæлладтæ, дæ къæхтыл ма тыхæй лæууыс! Цом хæдзар- мæ, æз дæ бакæнон. Цом, цом, ам умæлы ма лæуу. Сылгоймæгтæ ацыдысты. Уасил баззад иунæгæй. Æрмæстдæр ныртæккæ бафиппайдта, боныхъæд кæй .дзæбæхдæр кæны: дымгæ хивæндæй дымы, хуылыдз пысул- ты у уазал;мигътæ арвыл ныскъуыдтæ сты, уыцы скъуыд- тæй зынынц ставд, донау фæйнæрдæм æнхъæвзæг стъа- лытæ1 Хъæугæроны у тынг сабыр, иу хъинцъ, иу сыбар- сыбур дзы нæ ахсы хъус, æрмæстдæр лæмбынæг куы ай- хъусай фæйнæрдæм, уæд дзы равзардзынæ æнахуыр зæл- тæ—кæнæ уæззау æртæхтæ хауы тæдзынæгæй, кæнæ до- ны таппузтæ скъуыйынц, кæнæ та зæхх лæбыры æгæр би- рæ донæй... Уасил, йæ сæр фæстæмæ аппаргæйæ, касти стъалытæм, хъуыста уыцы тыхджын умæлады зæлтæ æмæ хъуыды >кодта стыр цæуылдæр, æбæрæг цæуылдæр, лæг ныхæс- тæй цынæ радзурдзæн. Бирæ бæлццæттæ фæласта Уасил йæ машинæйыл Тар Хъæдæй станцæмæ æмæ фæстæмæ. Цæмæн сæ ласта? Цæ- мæй сæ æхца райса. Хъуыды кодта, æмбæлгæ дæр афтæ <кæны æнæмæнг. Ныртæккæ йæ фæндыд стыр исты сара- зын, адæмы истæмæй дисыл бафтауын. Цы сарааа? Цæ- мæй сæ бафтауа дисыл? Ницы йын зыдта. Уыдис æм æр- мæст æбæрæг, æнæзонгæ, тыхсынгæнæг фæндон. — Æфсымæр...—сабыр фæдзырдта цæф лæппу, æмæ .Уасил фестъæлфыд.—Æнхъæл дæн, мæлдзынæн. -536
—Ма тæрс. Ныртæккæ трактор æрбацæудзæн. Лейтенант уымæ ацыд. Фыдбылызы лæппу у, ракæндзæн æй. — Мæ хуылф фескъуыйы... — Хуысгæ кæн, ма змæл... Æндæр истæуыл хъуыды кæн. Дæ рис ферох кæи, хъуыдытæ кæн дæхицæн, æнцон- дæр дын уыдзæн... Эх, куыд ма дзы баззадтæ? Зæронд устытæ рагæппытæ кодтой, ды та... — Борт телæй баст уыдис... Мæ цырыхъхъы хъус ыл фæхæцыд... Афæстиат дæн... — Телы тыххæй? Эх! Княжевимæ ныхас кодта, бæхифтыддзынæн æххуыс код- та, хæ-лд фæндагыл ласта хъæргæнаг цæф лæппуйы — Уа- силæй иу минуты бæрц дæр нæ фæиппæрд, ризæгау, æнæн- цойдзинад: тагъддæр æрмæст, тагъддæр! Иунæг баззад, касти стърлытæм, талынджы ныгъуылæг бæлæстæм æмæ æрсабыр, нал тыхст... Ныр та лæппумæ куы ныггуыбыр кодта, урс базыл æвæрд сау цæсгоммæ куы ныккаст, куы йын ахсы йæ цæстыты хус, рынчын æрттывд, уæд Уасил банкъардта, цахæм ног тыхæй та ныххоста йæхи йæ зæр- дæ: „Æнхъæлмæ кæсæм! Лæууæм! Рæстæг цæуы!.. Кæм ис трактор? Эх, уыцы Княжев! Æлгъыст фæуæд!" Бæх рæдзæ-мæдзæ кодта, йæхи размæ айвæзта, зивæг- гæнгæ æркъæм-къæм кодта хос. Алфæмблай сабыр у, адæм фынæйкæнынц. Æндæрницыамал ис—æнхъæлмæ кæс, кæс, кæс! Æнхъæлмæ кæсын та зын у! Æнхъæлмæ кæсын та кæй бон у! Кæмдæр, фæндагыл æрбацæуы иу лæг, тыхдяшн лæг,— æрмæстдæр уый, æрмæстдæр уымæн у йæ бон баххуыс кæна лæппуйæн. Канд йæ зæрдæ нæ рыст, фæлæ ма ба- хæлæг кодта уыцы æнæзонгæ лæгмæ, цæхгæр зонды хи- цаумæ. Йæ бон у мæлæт асурын! Уæд та ахæм куы суаид, йæ цард не ’вгъау кæнид, æнцойад нал зонид, — иу рын- чынæй иннæмæ цæуид, æнæниздзинад сын хæссид. Сæх- Хæссæн кæмæ нæй, ахæм стыр амонд! Хæдзарæй рахызт фельдшер чызг, хæстæг æрбацыд уæрдонмæ, бафарста, æргубыркæнгæйæ: — Куыд у нæ рынчын? — Хъизæмар кæны. 537
— Трактор куыд æрæгмæ зыны. Уасил бандзыг иу минутмæ, айхт>уыста—цы нæ вæййы, уæд та йæм уыцы минут моторы хъæр æрбайхъуыст. Фæ- лæ æрмæстдæр бæх сыбар-сыбур кодта хосæй æмæ уæл- дæф йедзаг уыд къæвдаласт зæххы сусæг зæлтæй. Уасил дзуапп радта. — Трактор зындзæн. — Кæй зæгъын æй хъæуы, зындзæн. Чызг хæдзары фæци. мидæгæй хаста хъарм, гæзæмæ туаггонд, хæдзарон тæф. Йæ кæлмæрзæн йæ къæбутмæ æр- хауд, бæзджын дзыккутæ байгомсты, йæ цæсгомы нысæнттæ талынджы атадысты. Бæрзонд нæ уыд, цæмæйдæр хæрз- æфснайд, зæрдæтæвæрæг, йæ уындæй дæр æмæ йæ хъæ- лæсæй дæр Уасилæн хицонау фæци: сæ фæндонтæ иу сты, сæ рыст иугъуызон, сæ кæрæдзийы æмбисдзырдæй дæр æмбарынц, диссаг дæр ма у, æгасæй цыппар сахаты размæ сæ кæрæдзи дæр кæй нæ зыдтой. — Ды бирæ рынчынты фервæзын кодтай? Чызг ахъуыды кодта æмæ загъта: —■ Иуы дæр- нæ. — Уый та куыд?—-йæхинымæр æм фæхъыг Уасил. — Мæнмæ рæстмæ рынчын никуы ма æрхауд: грипп сыл бахæцы кæнæ та мæм зæронд ус Казачихæ йе стæгнизимæ æрбауайы. Рафысс сын рецепт парашоктæн, скицидарæн— гъе уый дын мæ ирвæзынгæнæн куыст. — Уæ хирург та? — Иуаны фырт Уикторæй зæгъыс? Уый бирæ к*2йдæр- ты фервæзын кодта. Лесняков Ефимы фырт Федры нæ зон- дзынæ? Мæнæу æвгæнæн пункты кусы. Уæцъæфы хъæд- гомæй мардис... Цавæр у уый?—чызг фæхъуси, айхъуыста. Фæлæ алцыдæр уыдис раздæрау, æрмæстдæр æицад дымгæйы ныдзæвдæй басыбар-сыбур кодтой бæлæстæ æмæ- ныссабыр сты. Рæстæг ивæзти. Арвыл бæрæгæй зынын байдыдтой скъуыдтæ мигътæ, цъыф фæндагыл рахатæн уыдис скъуыд гæппæлтæн, къуыбары хуызæн къуышштæн, хæ- дзары къултыл—алы тымбыл хъæдæн дæр, — бон цъæхтæ* кодта... 5 38
Уасил ацахста гæзæмæ хъусæг моторы хъæр. Трактор æрбацыд, æмæ уайтагъддæр гуыр-гуырæй бай- дзаг чысыл фынæй хъæу. Фарæты тыхджын рухс цыдис аздзæрæг уынджы арфмæ, хъæрæй æмæ уæндонæй хъæр кодта матор. Æфсæнвæндаджы платформæйау, уæрæх æмæ уæззау дзоиыгъæй рагæпп кодтой дыууæ лæджы: лейте- нант æмæ цахæмдæр æнæзонгæ, нарæгуæхск, тасаг, сау- лагъз, цыбыр. горæттаг, плащ йæ уæлæ. —Сызмæлыи сæ кодтам! Æз, æфсымæр, базыдтон, партор- ганизацийы секретарь кæм цæры, уый. Æз æпиæт МТС-ы коммунистты сыстын кодтон. Ныр Княжев йæ сæр хой- дзæн! Раздæр сæм куы алыгъдаиккам...-— Лейтенант дзырд- та уæлмонцæй, æппæлæгау. Уасилы бакодта саулагъз лæг- мæ...— Бузныг ын зæгъ. Афанасийы фырт Иуан мын бах- хуыс кодта... ’ Фæлæ Афанасийы фырт Иуан бацыд уæрдонмæ, нык- каст рыычынмæ: — Удæгас ма дæ?.. Э-э, цы кодта? Цыдæртæ хъуыр- хъуыр кæны... Фельдшер чызг æм бацыд, ныггуыбыр æм .кодта, загъта: — Дзæгъæл дзурын байдыдта. Тагъддæр цæуын хъæуы. Тракторæй рахызт Уасилæн зонгæ буррихиджын брига- дир, тамако сдымгæйæ, бакодта: — Хорз у, æмæ ма удæгас у. Кæннод та Княжевмæ чи хъуыстаид... — Кæм ис Наташæ?—бафарста лейтенант, йæ алыфарС акæсгæйæ. — Хæдзары ис. Фынæй у. Бафæллад. — Сымах цæут. Æз банхъæлмæ кæсдзынæн, цалынмæ райхъал уа, уæдмæ. Бæх нын ныууадзут, нæ чырынтæ хъæумæ цæмæй æрласæм. Уыцы зæронд усы, къалатийы хицауы федтон, хъæумæ, дам, ахастой чырынтæ. Фæрв- джын хуыйны, æнхъæл дæн... Уасилы фæндыд лейтснантæн „хорзæй баззай" æмæ буз- ныг зæгъын, фæлæ атындзыдта хæдзармæ. Афтæ æр- батары уыцы лæг, хуымæтæджы „фенынмæ" дæр сын нæ загъта. Рынчыны бынæй хос ралвæстой, дзоныгъы платфор- 539*
мæйыл æй байтыдтой. Рынчын не ’рчъицыдта, сæнттæ цагъта: — Лæппутæ, æрбацæут хызимæ... Байбынмæ, бай- бынмæ... Уасил æмæ чызг сбадтысты рынчыны дæлфæдтæм. Сау- лагъз" Афаыасийы фырт Иуан ма фæстаг хатт бафæдзæхс- ’та буррихиджынæн: — Никитæ, куыддæр æй нылласай, афтæ-иу раздæх уай- тагъд фæстæмæ. Хъусыс? Æнæуый та ар&хстгай цу, хъæдтæ нæ ласыс* Цæугæ... Цæй, лæппутæ, рæствæн- даг фæут! Трактор арæхстгай фенкъуысти. Уæззау, егъау дзоныгъ фæлмæн абырыд йæ хъæдхъустæй царвы хуызæн цъыфыл. 10 Цас тыягдæр рухс кодта, уый бæрц бæрæгдæр уыд, зæххыл бæздяшн мигъ кæй ныббадт. Фыццаг уал уыцы мигъ уыдис цъæх, цахæмдæр æнæхсады хуызæн. Трактор йæ радиаторæй æнцади къуырма, чъизи къу- лыл, афтæ зынд, цыма иу ран лæууы, æмæ æрмæстдæр йæ калмдзæлхытæ æууылдтой фæндаджы цъыф. Тагъд мæрдон талынг байдыдта пырх кæнын. Цадæг- гай тæрсгæ-ризгæйæ, фæпдагæн фæрсæрдыгæй хъарын байдыдта мынæг сырхбын рухс. Уæрæх кодта, фæйнæрдæм æнхъæвзта, æгъуыз чъизитæ æхсадта, Æмæ мæнæ цины æрттиваг океан æрхъула кодта дыз-дызгæнаг трактор æмæ дзоныгъыл. Кæмдæр, æнæуынгæ ран, ссыди хур æмæ тæн- гъæд рухсæй атари мигъы мидæг. Цалдæр боны дæргъы къæвда æмæ цъыф хорз кæй бав- дæрзтой, ныр уыцы зæхх æхсызгонæй сæрибар кодта умæл- дзиыадæй. Хуры скастæй, цыма, мигъ ноджы фæбæз- дяшндæр. Трактор куыста. Дзоныгъ бырыд, æрмæстдæр ранæй-рæт- ты куы иуырдæм акъул вæййы, куы иннæрдæм. Знон хи- нæйдзаг, тæссаг чи уыд, лæджы тыхтæ чи ныхъхъуырдта, уыцы фæндаг ныр скоммæгæс. Нал дæр дзыхъхъытæ, нал дæр мæнгард къæпхæнтæ. Тракторы калмдзæлхытæ скъуыд- тæ кодтой уыцы æрсабыруæвæг фæндаг, уæззау, хъæдын 540
дзоныгъы бын æй æвæрдтой, уый сæ иту кодта, лæгъзытæ> сæ кодта... Уасил та тыхсти. Иæ бон кæсын нал уыд калмдзалхы- тьгл бæзджын цъыфы тулатæм, афтæйæм каст, цыма трак- тор быры хæрз цъусгай, цыма мæцъисты уæлхъус бадæг буррихиджын бригадир æгæр арæхстгай архайы. Мардæр- цыд у бадай рынчыны цур æмæ уынай калмдзæлхыты зи- вæггæнаг змæлд! Уасил йæхи нал баурæдта, дзоныгъæй рагæпп ласта, тракторы басырдта æмæ ныхъхъæр кодта: — Гъе, æфсымæр, куы фæтагъддæр кæнис! Кæннод, за- чъейыл сыстау бырæм. — Раздæр дæ хъуыд тагъд кæнын. Княжевы нæ басас- тай, ныр дæдзыхыл хæц,—мæстыйæ йæм фæкъæпп кодта- бригадир — Ай тагъд æххуысы машинæ нæу. Трактор тагъддæр нæ ацыд, калмдзæлхытæ раздæрау цадæггай æууылдтой цъыф, Уасил архайдта, цæмæй сæ ма уына. Цæф лæппу йæхи æвзæрдæр хатын байдыдта. Йæхи раппар-баппар кодта, æррайау-иу схъæр кодта, æмæ уыцы- хъæртæ, куыддæр-иу дзоныгъæй атахтысты, афтæ-иу а^васт айсæфтысты бæмбæджы хуызæн мигъы мидæг. Фельдшер чызг бауромын кодта трактор, тыхстæй азмæста йæ чырын, систа цалдæр флаконы æмæ шприц, Уасил ын баххуыс кодта æмæ сарæзта судзин. Рынчын рæстæгмæ æрсабыр. Хуыссыд йæ фарсыл, йæ гуыбынмæ йæ зæнгтæ скъæдз кодта, йæ цæстытæ ба- цъынд кодта. Йæ уадултæ дыууæ тымбыл къæмау сырх дардтой. Уасил æмæ фельдшер чызг бадтысты фæрсæй фæрстæм,_ ницæуыл дзырдтой, æрмæст-иу стæм хатт фемдзаст сты кæрæдзимæ, иумæ-иу фæлладæй ныуулæфыдысты. Ныр, куы срухс ис, уæд Уасилмæ чызг ног фæкастис, афтæ зонгæ йын нал уыд. Тарбын, бурхъуын дзыккутæ хивæнд. улæнау ратыдтой кæлмæрзæны бынæй, йæ цæсгомы æнæ- бæрæг, хуымæтæг нысæнттæн æмæ фæтæн, фæлмæн фын- дзæн æнæбæзджын дзыръуыртæй фенæн нал уыдис. Иуæй- иу дзыгъуыртæ дзы цыма былтæм дæр бахаудтой, сывæл- лоны былтау сты размæцъупп, ирд. Кæлмæрзæныл, нæл- 541
тоймаджы плащы мидæг, йæ дыстæ йын æрбасчъил кодта, нынныгъуылди, сагъæсты ацыд, гæзæмæ ныффæлурс фæл- ладæй, узæгау кæны. Уасил дзы уыд бузныг, рынчыны тыххæй кæй тыхсы, йæ низы хаттæн ын фылдæр кæй æм- бары, æрмæст йæ фарсмæ кæй бады, уый тыххæй дæр. Цæф лæппу базмæлыд, схъæрзыдта, фæрсæрдæм ап- пæрста йæ къух. Æрхаудта цъыф фæйнæджытыл æмбæрзт четæн гауызыл—фæтæн, стæгджын кæрæдзийыл æлхын- *цъытæ хæцъæфтæ, омæллæг, цыма зæронд лæджы къух ;у. Хус, хъæмпы хуызæн бецыккы бын ныхæй ногæй ра- .хъардта хид. — Нæ’хъуыддаг æвзæр у, — сдзырдта чызг. — Судзин дæр ын нæ баххуыс кодта... Нæ йæ фæхæццæ кæндзыс- тæм. Уаснл каст рынчынмæ æмæ хъуыды кодта: ацы æнæ- зонгæ лæппу йын ныртæккæ у æфсымæрау зынаргъ, æф- ♦ сымæрæй дæр зынаргъдæр. Йæ иууыл æввахсдæр адæймаг. Цыфæнды хорз куы ацæуа хабар—йæ хæлд машинæ йын чсуы ныххатыр кæной, тæрхонмæ йæ куы нæ радтой, йæ раздæры куысты йæ куы ныууадзой,— г,ъе, уæддæр цин нал фендзæн, ацы лæппу куы амæла, уæд. Хъуамæ ма амæла! Хъуамæ! Княжев сын раздæр куы радтаид трактор, уæд раджы уыдаиккой Тар Хъæды, лæппу афонмæ хуыс- сыдаид операцион стъолыл... Æлгъыст фæу уыцы Княжев, Уасилы æнæхатыр, кæрон кæмæн нæй, ахæм удхары амæт- таг чи фæкодта! Цæф лæппу æваст йæхи айвæзта, йæ дæндæгтæ фæ- зыхъхъыр кодта, тыхæ^нытхтъыста йæ сæр базты, ныкъ- къæдзтæ ис, йæ къухтæй йæ гуыбыныл ныххæцыд. — Мæ хур! Мæ хур! Цы кодтай?.. Æнцад æрхуысс, æрх...—фыртæссæй фæтыхстис чызг. Уасил æнæбонæй, ныфссастæй базмæлыд. — 0-о-о!-~раулæфыд рынчын æмæ æрлæмæгъ. Йæ цæсгом цадæггай цъæхбын фæлурс ныццис. Йæ гуыбыныл йæ къухтæ æрлæмæгъ сты, рабырыдысты, сæ рæ- бынкъæдзтæ хосыл æрынцой кодтой. Йæ сæр фæрсырдæм акъул, фæурсгонд цæстыхауты астæуæй донгъуызæй кæсынц Уасилы иувæрсты йæ цæстытæ. .542
Фельдшер чызг, йæхæдæг дæр мæрдон фæлурс ныц- цис, йæ плащы дыс рабырыд æмæ йæ фæстæмæ тагъд- тагъд басчъил кодта, фелвæста лæппуйы лæмæгъ, коммæ- гæс къух, йæ пульс ын асгæрста. Уыцы минут йæ цæс- тытæ кастысты кæдæмдæр, мигъæмбæрзт тыгъдадмæ, йæ дзыгъуыр цæсгом уыдис уæндон, тызмæг, зæгъæы ис, рæсугъд. Уасил нал улæфыд, æнхъæлмæ каст... Тракторы мотор иугъæдон хъæр кодта, зылдта бæзджын цъыфы ч тылд калхмдзæлхытæ. Æфсæйнаг бос, тракторæй дзоныгъмæ баст, зырзыр кодта фыр æлхъывдæй. Сæ иу- вæрсты æндæрг аууæттау бырыдысты мигъæй æмбæрзт къутæртæ æмæ бæлæстæ... Чызг сындæггай æрывæрдта рынчыны къух. — Куыд у?—сабыр бафарста Уасил. — Æвзæр у хабар. Нæ йæ фæхæццæ кæндзыстæм. Рынчын нал хъæрзыдта. Йæ сæр ын базыл сæвæрдтой. Æнæзмæлгæ, хæрдмæ схæцыд йæ квадратон роцъойыл, касти зæхх æрныуæрдæг мигъмæ æнахуыр, гæзæмæ цъынд цæстытæй. Нырма улæфыди... Мигъы денджызы,—зæхх дзы нал зынди, чи ма цы хатыди дæрддзæг æмæ рæстæгæн. Æгæрыстæмæй километр бæрæг- гæнæг цæджындзтæ дæр сæ фæрсты хызтысты кæмдæр фæрсæрдыгæй, йæ хъус сæм ничиуал дардта. Уасил фæстæдæр нал хъуыды кодта, афтæмæи цас фæ- цыдысты. Йæ хъусдард ын йæхимæ аздæхта лæппуйы къух, фæйнæгыл æмбæрзт четæн гауызыл хæцьтд. Зылын- тæ æнгуылдзтæ нылхъывтой бæзджын, ихсыд четæн æмæ уыдысты дуры хуызæн, хæцъæфтæ ныуурс сты, сæ царм— æнæудæгас бур, мыдадзы хуызæн. Уасил чызгæн йе уæхскмæ февнæлдта, йæ цæстытæй йын ацамыдта къухмæ. Фельдшер чызг æввахсдæр бабадт цæф лæппумæ, йæ риуыл ын йæ сæр æрывæрдта, исдуг- мæ бандзыги, цыма лæппуйы риуыл афынæй, йæхи сраст кодта, йæ цæстыхаутыл ын æрхæцыд, сабыр—хæрз сабы- рæй загъта: — Фæцис. Трактор баурæдтой. Дзоныгъмæ бацыд буррихиджын •бригадир, гæзæмæ бакаст амæлæджы цæсгоммæ, арæхст- ;гай йын бараст кодта йæ къандзол æмæ загъта: 543
— Афтæ... Нæ йæ фæхæццæ кодтам... Уасил лæууыд дзоныгъы цур, æрхæндæгæй касти лæп~ нумæ. Йæ хус бецыккы бын йæ хъæбæр ныхыл ма зын- дис хиды фæрдгуытæ, дуры уæлæ райсомы æртæхау. Фельд- шер чызг бадт йæ бынаты, йæ зонгуытыл йæ къухтæ æры- вæрдта, хæрдмæ схæцы æмæ уайтагъд фæстæмæ æруа- дзы йæ тæригъæдгæнаг, мастгæнаг цæстытæ. — Ныр ма цы кæнæм? Хирургмæ дæр ма йæ цæмæи ласæм?—бафарста бригадир. — Хъуамæйæ байгом кæной...—ацыдыстæм...—æдыхæй* загъта чызг. Бригадир коммæгæсæй араст трактормæ. Мигъ цадæггай сæфти. Рабырыдысты дзы къутæртæ, фæндаггæрæтты æрбадтысты, Хур, сырхбын тымбылæгау, ауыгъдæй лæууыд. Цæсгом æмæ къухтæ æнкъардтой йæ тынты хъарм. Ногæй æваст æрлæууыд трактор. Разæй æрбазынд бæр- зонд фигурæ, хъавгæ цыдис бырынцъаг цъыфыл, æрбав- вахс. — Иуаны фырт Уиктор!—æдыхæй схъæргомау кодта фельдшер чызг.—Къахæй æрбацæуы... Йæ шляпæ йæ къæбутмæ акъул, чысыл чырын йæ къу- хы, йæ хæлафы къæхтыл хæрдмæ схæцыд, йе уæхскыл— лæдзæг, дзабыртæ йыл ауыгъдæй хъеллау кæнынц, бæ- гъæмвадæй быры, афтæмæй сæм бацьтд хирург, йæ худ систа, къухмæрзæнæй асæрфта йæ ных, лæгуын сæр. — Мæзæрдейæ байрæджы кодтон?—бафарста, дзоны- гъы астæу амæлæгмæ кæсгæйæ.—Æгæр æрæгмæ зындыс- тут... Мæ машинæ мæнæн тæккæ фæсгорæт ныссагъд. Къахæй тагъд нæ ацæудзынæ. Авæр-ма мæм дæ къух, лæппу. Афтæ!.. Уасил ыы баххуыс кодта æмæ хирург дзоныгъмæ схызт. Йæ шляпæ, уынгæг цæсгом, йæ уадултæн се стджы- тæзынынц, йæ чысыл дзых хинæйдзаг, зæндджынæвæрд— уыцы бæрзонд, интеллигентон лæгæн ныртæккæ цыдæр æнахуыр хуыз лæвæрдтой, йæ бæгъæмвад къæхтæ мæллæг урс хæцъæфтæм цъыфæй нал зындысты. Йæ худыл йæ къæбутмæ ахæцгæйæ, амæлæджы хæдо- ныл схæцыд, йæ гуыбынмæ йын æркаст, къухæй йæ бас- 544
гæрста. Лæппу, цыма, йæ хивæнд роцъо хæрдмæ сивæзта æмæ къæрцхъусæй хъуыста дохтырмæ. — Камфорæ йын сарæзтай? Цас?—скъуыддзæгтæй æп- пæрста чызгмæ фарстытæ. Æрæджиау æрбадт, трактористæн йæ къухæй ацамыд- та цу, зæгъгæ. Трактор ногæй байдыдта йæ хуымæтæг куыст—æнæкæ< рон цъыфæйдзаг лентæтау бырынц хæрдмæ калмдзæл- хытæ... — Дохтыр,—фæсусæй бафарста Уасил,—раздæр æй куь æрластаиккам, уæд æй фервæзын кодтаис? — Чи зоны, — дзуапп радта дохтыр. — Чи зоны. Æтæ^ æрæгмæ цыдыстут, мæ*хуртæ. Быитон æрæгмæ! Хъуамæ æ рох ма уыдаид, адæймаджы цардæн дзуапп кæй лæ- вæрдтат... Э-э,цы дыл æрцыд, лæппу? Цæй фокустæ сть уый?.. Уасилы цæсгом базыр-зыр кодта. Намыс æфхæрд, тæ- ригъæд, æгъуыссæг æхсæв, нервты хъуырдухæн, фæл- лад—адон ын иумæ байстой йæ тыхтæ. Йæ дымгæхост уа- дултыл æртылдысты цæссыгтæ, иугæйттæй, ставдæй* хъизæмайраг цæссыгтæ, кæуын ахуыр чи нæу, ахæм лæ- джы цæссыгтæ. — Мæ хуыцау, цы кæныс? Басабыр у... Чысыл æр- хуыса..—чызг йæ фæлмæн, хъарм армы тъæнæнты æрæ- вæрдта Уасилы дæрзæг къухтæ, йæхæдæг каст, йæ цæс- сыгтæ тыхæй урæдта, афтæмæй.—Бафæлмæцыд, Иуаны фырт Уиктор. Радугъ-бадугъ срæуæг, агуырдта. Ахæм бæллæх сыл сымбæлди... Æмæ йæ цæстытæ куы Уасрлмæ бадары, куы хирургмæ,. тагъд-тагъд байдыдта дзурын, Княжев сын трактор куыд нæ радта, уыцы хабар. Хирург æм хъуыста, йæ былгæ- рæтты фæзынд дæрзæг æнцъылдтæ. — Бюрократ!—загъта, сабыр алæууыд æмæ сфæлхатæн кодта:—Лæгмар чи сси, ахæм бюрократ!—Уасилмæ раз- дæхт, йæ цæстытæй ацамыдта амæлæгмæ^ æмæ бафарста: — Дæ зонгæ у? — Иæ. Уасил йæ къандзолы дысæй асæрфта йæ цæстытæ æмæ 35 545
фæстæмæ аздæхт, йæ уæззау ныуулæфт тыхæй ныуурæдта. Мигъ сæфти. Иугай къутæртæ фæндаггæрон хъæл- дзæгæй ныппака кодтой сæ цъæх сыфтæртæ, фæлмæн хуры рухс сыл аивылд. Цъиутæ дзы сæ кæрæдзимæ æх- сидтытæ кодтой. Дыууæ зæрватыччы, æвæццæгæн, цард- æмбæлттæ уыдысты, цыма змæстгъуыз-цъæх арвæй гуыр- гæ ракодтой, уыйау февзæрдысты сæ сæрмæ, сæ урс риутæ ферттывтой æмæ фæтары сты, атадысты, ныууагъ- той ма æрмæстдæр сæхи тыххæй мыеинаг—дыууæ чысыл, хъæддых къуыбары, æвдисæн лæууынц хъаруйæн, цырд- дзинадæн, хъæлдзæгдзинадæн... Трактор æнæзæрдæхудтæй ласта уæрæх дзоныгъ бæз- джын змæст цъыфыл, къæвдайы култыл. 1950. 646
Тренев Константин РАЙГУЫРÆН БОН Иван Димитревич цы уагдоны куыста, уым иудадзыг дыд хъæлæба. Бон изæрмæ-иу никуы фæцух æрбацæуджы- тæй. Арæх-иу дзы хъуысти загъды ныхæстæ. Иван Дими- тревичæн йæ зæрдæ рыстц æмæ йын тых кодтой хъæлæ- ба, загъд. Иван Димитревичы стъол цы фæрссаггæрон æвæрд уыд, уый комкоммæ дуарæй зынди зымæгон æрд? рæсугъ- дæй. Мит бамбæрзта фæзуаты æмæ доны ’рдæм фæуырдыг. Фæзуат уыд æнцад, æгуыппæг, цыма фынæй кодта митын хъæццулы бын, уыйау. Йæ алыварс та хус хъæзы къа- лиутæ сыбар-сыбур кодтой, уыдонæй дарддæр, фæзуаты кæрæтты уыд алыгъуызон бæласджын хъæд. Абон æнæмæнг алыг кæнын хъуыд мобилнзацийы ахс- дж^аг фарст.Знон тахæлцадон къамисы æмбырдуыд. Сом- та уыдзæн суг цæттæйы компанийы тыххæй хыгъд. Æр- тыккаг бон та Иван Димитревич райста йæ иунэёг фырт Митя хæсты мард кæй фæци, уый тыххæй сау гæххæтт. Мæнæ куыд райхæлдта уыцы хъыгаг бон Иван Дими- тревич йæ фырты амæлæты тыххæй гæххæтт: службайон пакетты æмрæнхъ, кæсгæ дæр æм не ’ркодта, афтæмæй айхæлдта чысыл конверт æмæ дзы цы гæххæтт райста, уый куы райдыдта кæсын, уæд уыцы фыст дамгъæтæ æвиппай- дæй сырх-сырхид фестадысты. Уыцы рæстæджы æрбацæу- джытæй иу хъулон худджын загъд кодта уагдоны кус- джытæй иу сылгоймаджимæ, фæлæ æвиппайдæй фæсабыр ст-ы сæ ныхæстæ. Хъулон худджын дæр цыдæр фæцис, ницы уал сæ фехъуыста Иван Димитревич, æвиппайдæй йыл бон фæталынгис. 547
Цалдæр мину.ты фæстæ Иван Димитревич йæхи фæфидар* кодта æмæ та раздæрау райдыдта хъусын уагдоны кус- джыты æмæ æрбацæуджыты ныхæстæм. Уагдоны та алцы- дæр уыд йæ раны. Кусджытæй алчи дæр кодта йæ куыст æмæ Иван Димитревичмæ ничи йæ хъус æрдардта, ничи йæ фæфиппайдта. Уалынмæ йæм æрбцæуджытæй чидæр бацыд, куырдта дзы бæлвырдгæнæн. Иван Димитревич хъуыддаджы чингуытæм æркасти æмæ йын радта бæлвырд- гæнæн. Диссаг уыд Иван Димитревичы хиуромындзинадГ Афтæ сабырæй архайдта йæ куысты, цыма йæ царды æп- пындæр ницы ивындзинад æрцЫди. Раздæрау уагдоныæгъ- дау уыдйæраны. Иван Димитревичы цæстытыл уади уагдо- ны рагонтар тæппытæ, кæрдæггъуыз къул. Рахизырдыгæй тауыд ныйихгонд фæрссаг. Уалынмæ æвиппайдæй маст, сау калмау, атыхст Иван Димитревичы зæрдæйыл æмæ лæг йе< стъолмæ уырдыгмæ кæсгæйæ, ныхъхъæрзыдта, стæй са- быргай схæцыд йæ сæрыл æмæ царæрдæм кæсгæйæ аззад.. Ежов, кадрты гæс, бацыд Иван Димитревичмæ æмæ йын- цыдæр загъта, фæлæ йæ уый нæ фехъуыста. Ежов тынг хъæлдзæг лæг уыд æмæ та ацы хатт дæр йæ чысыл сау л цæст хинæйдзаг ныкъуылд фæкодта, стæй хъæрæй загъта: — Цавæр хъуыдыты аныгъуылдтæ, дядя Ваня? Цымæ кæимæ дæ зæрдæ дзуры, цæуыл хъуыды кæныс? Æвæццæ- гæн Шмаринæимæ дæ зæрдæ дзуры? Агъæц, æз дæу Марья Николаевнæйыл куы нæсардауон!—ныччырчыр код- та Ежов æмæ Иван Димитревичы фарс басхуыста. Иван Димитревич æм бакаст: „Марья Николаевнæ... Ау, куыд ын æй загъдæуа? Уый размæ Марья Николаевнæ рынчын уыди. Ног азы хæдразмæ æрбарынчын. Нырма знон сыстад æмæ ацыд куыстмæ. Сæ фырт Митяйæ писмо рагæй кæй нал райстой, уый тыххæй сæ дыууæ дæр сæ кæрæдзийæ æмбæхстой сæ æг’æрон мæт, сæ судзгæ сагъæс. Рагæй ницы бæрæг ис Митяйæ, афтæмæй та æрæввахс кæны йæ райгуырæн бон.~ Ныййарджыты амонды, цины бон. Иу къуырийы фæстæ Митяйыл дыууын азы сыххæст уыдзæни. Дыууын азы... Мигяйы райгуырæн бон. Уыцы бон Иван Димитревич æмæ Марья Николаевнæйæн афæдзы бонтæй 548
ссгшæтæй зынаргъдæр уыд. Уыцы бонмæ-иу æгас бинон- таз рагагъонмæ райдыдтой цæттæ кæнын æртæйæ. Мад æмæ-иу фыд æрцæттæ кодтой алыгъуызон хæринæгтæ, рæвдауæнтæ, гуылтæ, лæвæрттæ сæ фыртæн. Митя дæр- иу йæ мад æмæ йæ фыдæн сарæзта чысыл лæвæрттæ. Ныр дыууæ азы та Митяйы ныййарджытæ æнæ сæ фырт æнцойбон кæнынц уыцы цины бон. Фæлæ йæм уæддæр раз- дæр куыд цæттæ кодтой, афтæ йæм сæхи цæттæ кодтой, кæд сæ фырт семæ нæ уыд, уæддæр. Митя та-иу сæм йæ райгуырæн боны агъонмæ æрырвыста писмо. Куыддæр- иу стъолы фарсмæ æрбадтысты Митяйы райгуырæн бон- мæ æрхуынд уазджытæ, афтæ-иу мад æрывæрдта, йæ фыр- ты райгуырæн боны сæраппонд цы адджын гуылтæ скодта, уыдон. Уыцы рабадты изæр-иу Митяйы писмо цалдæр хатт бакастысты, куы та-иу ын йæ мидис дзырдтой. Иван Димитревичы уарзон æмбал Кирилл Ильич, алы хатт дæр æнцад хъуыста, Митяйы писмо-иу куы кастыс- ты, уæд, йæ урсхæццæ рихитæ сабыргай даугæйæ, йæ цæстытæ æнæрныкъулгæйæ касти. Йæ сæгъдзаст цæсты- тæй-иу сусæгæй цы цæссыг рахъуызыд, уый та-иу йæ къухы æнгуылдзæй асæрфта. Стæй-иу йæ цæст ахаста стъолыл, агуырдта-иу исты мигæнæн, цæмæй йæ асастаид Митяйы амонды тыххæй. Æппæты фыццаг хатт куы рай- дыдтой Мйтяйæн гуырæнбон кæнын, уæдæй фæстæмæ Ки- рилл фæцайдагъ Митяйы тыххæй йæ зæрдæйы цин æмæ йæ хорз фæндæтты сыххæсты сæраппонд ацъæл кæнын исты мигæнæн фынджы уæлхъус. Фæлæ, ныр йæ цæсгом нал хъæцыд, уымæн æмæ хæсты рæстæджы хæдзарон мигæнæнтæ дæр зын уарæн уыдысты. Ныр дæр та Марья Николаевнæ цæттæ кæны алцы дæр Митяйы райгуырæн бонмæ, мæтгæнгæйæ, йæхимидæг тыхс- гæйæ та æнхъæлмæ кæсы Митяйы писмомæ... Иван Димитревич къулы сахатмæ бакаст: уыди дыууæ ^ахаты. Æртæ сахаты фæстæ, зæгъгæ, хæдзармæ ацæу- дзынæн. Марья Николаевнæ йæм сихормæ æнхъæлмæ кæсдзæни. Уый бацæудзæни хæдзармæ æмæ йын кар- ды цæфау йæ зæрдæ ныццæвдзæни æнамонд сагъæссаг хабарæй... Иван Димитревич, арф ныуулæфгæйæ, райдыд- 549
та кусын. Стæй та иу дзæвгары фæстæ скасти сахатмав æмæ уыд цыппар сахаты, рæстæг тынг тагъд цыди. Куысты бон фæцæйфæуд кодта. Тæхуды, уæд та йын исты æгъдауæй адаргъгæнæн куы уыдаид... Цымæ куыс- ты фæстæ ницы æмбырд уыдзæн, кæнæ исты фарсты тых- хæй рабадт? Куысты бон фæцис, фæлæ, хъыгагæн, уыцы бон нæ дæр æмбырд уыд, нæ дæр исты хъуыддажы тыххæй ра- . бадт. Уагдоны кусджытæй алчи йæ хæдзармæ атындзыдта.. Иван Димитревич иунæгæй баззад сагъæссаг уавæры йе стыр мастимæ. Рацæуынмæ-иу хъавыди, фæлæ та-иу йæ- хиуыл фæстæмæ фæхæцыди. Цас йæ бон уыд, уый бæрц йæхиуыл фæстæмæ хæцыди. Æппындæр ничи уал уыди уагдоны, æрмæст ма иунæгæй зæрдæрхæндæгæй бадти Иваы Димитревич. Йе стыр маст ын йæ хурхы уадындзтæ æрцахста, æмæ йын æууылдта йæ зæрдæйы. Бафæлвæрдта растын йе стъолы цурæй æмæ йæ зæнгтæ фæдыдагъ сты, йæ бынаты æрхаудта, йæ сæр йе стъолыл æруагъта æмæ райдыдта æрдиаг кæнын. ,Йæхи кæуынæй хорз куы федта, уый фæстæ рарасти ’ хæдзармæ. Рацæйцыд горæты улæфæндоны цурты. Парчы бандæтты бамбæрзта мит, сæрдыгон театры агъуысты дуæрт тæ дæр уыдысты æнгом æхгæд. Иван Димитревич бацыд паркмæ, базылд фæзуаты ’рдæм, уым æрæджы митæй цы бандæтты асыгъдæг чын- дæуыд, уыдон та рыг мит тæнæг урс хызау бамбæрзта. Иван Димитревич уыцы бандæттæй иуыл æрбадт æмæ йæ алыварс ахаста йæ цæст. 0, хуыцау, алцыдæр йæ зæрдыл куыд лæууыд: йæ царды раджы цы ’рцыд, цы бавзæрста, уыдон. Парчы цыдæриддæр уыдта, уыдон ын куыд рагæй уыдысты зындгонд æмæ зынаргъ! Фемдзаст зæронд бан- донмæ, уый ныззылын æмæ ныссау, фæлæ нæ ферох Иван Димитревичæй, уыцы бандоныл кæддæр Марья Николаев- нæимæ бадтысты æмæ йын Иван Димитревич дзырдта йе ’нкъарæнтæ, йæ бæллицтæ.. Йæ зæрдыл лæууыд ам каш- тан бæлæстæ къæбæлдзыг дидинæг куыд æфтыдтой, уый дæр. Цыдысты азтæ. Ацы парчы, уæртæ сусхъæд бæласы 550
бын бадтысты Марья Николаевнæ æмæ Иван Димитревичг сæ цуры та уыд чысыл Митя йæ каляскæйы. Рæстæг цыди. Митя байрæзт, уый ацы парчы чысыл лæппуйæ раз~ гъор-базгъор кодта, уый фæстæ та дзы йæхи ирхæфста лæппулæгæй... Уый уыд бæрзонд, хæрзконд, æвзонг лæп- пулæг. Уыдис ын æнæмæт æмæ гæзæмæ æнкъард цæс- тæнгас. Цыдысты азтæ. Æрдзы фæтк йæ кæнон кодта. Алы аз; дæр бæлæстæ ногæй ивтой сæ сыфтæр. Æххæст кодтой æмæ цæугæдонау ивылдысты хæдæфсæрм хъуыдытæ, рæ~ сугъд бæллицтæ. Хæрз æрæджы, асæрды Иван Димитре- вичæн, парчы фæцæйцæугæйæ, йæ зæрдыл æрлæууыдысты,. йæ цæстытыл ауадысты йæмысинæгтæ...Æмæ таногæй йæ- зæрдæйы сывзæрди ног фæндæттæ: хæст фæуыдзæни æмæ- ацы парчы, уый кæддæр Марья Николаевнæимæ куыд цы- ди, афтæ йæ фырт Митя дæр парчы аллейыл цæудзæни, йæхи ирхæфсдзæни йæ уарзон чызджимæ. Сусхъæд б&ла- сы бын аууоны баддзысты Марья Николаевнæ æмæ Иван! Димитревич каляскæйы уæлхъус, хъаздзысты æмæ цин кæндзысты сæ фырты сабийыл. Йæ чысыл хæмпус къухтæн ынбатæ кæндзысты.Райгæйæцæрдзысты, сæ цард уыдзæн бæллиццаг! Ныр уыцы рухс хъуыдытæ æвиппайдæй баны- мæг сты... Нван Димитревичы зæрдæйы раивылд æнæ- уромгæ масты зæй, фесæфт йæ ныфс, йæ цин, байсыст йæ- бæллицты суадон. Ныр уый хæдзармæ ацæудзæнии фыдо- хы хъæргæнæгæй æмæМарья Николаевнæйы зæрдæпы, кар- ды цæфау, фæхъæр кæндзæни, ратдзæни йын мæлæт. Æмæ- цæмæн, цæй тыххæй? Иван Димитревич рагæй зыдта йе ’мкъайы хъыгдзинæдтæ, маст уромынмæ куыд фæразон у; уый йæ зæрдæйы арф фембæхсы масты, разыны йæм дис- саджы тых, ссары маст фæрогдæр кæныыы æмæ ныфс бавæрыны мадзæлттæ, дзырдтæ. Фæлæ ныр... ныфс мæ ис, афтæ та уыдзæн ныр дæр. Митяйæ кæй ницы уал бæрæг уыд рагæй æмæ кæй мæт кодтам, уый тыххæй мын æрæджы афтæ загъта: — Диссаг нæу, бирæтæ афæдзгæйтты дæр нæ райсынц писмо, чи табынтондæр нал райсы. Мах куыд фæнды, бæр- гæ афтæ куы уаид, фæлæ цы бакæнæм, мах аххос ницы у... Цы ’рцæуы, уымæи ницы уал гæнæн вæййы,.. §51
Ахæм ныфсбавæрд Иван Димитревичы зæрдæмæ нæ фæцыди, фæлæ Марья Ииколаевнæ, уый ’размæ рынчый кæй уыд, æмæ æххæст кæй нæма сфæстинон йæ низæй, уый тыххæй йын ныббарста. Ацы райсом куыстмæ куы рацæйцыдысты, уæд Митяйы гуырæнбонмæ бацæттæ кæныны тыххæй ныхаскодтой æмæ иу фарстайыл не сразы сты. Иннæ хæттыты-иу сæ фырты райгуырæн бонмæ æрхуыдтой уазджытæ, фæлæ ныр Марья Николаевнæйы нæ фæндыд искæй æрхонын, зæгъгæ, ахæм рæстæг нæу... Иван Димитревич та æндæргъуызон хъуы- ды кодта, зæгъгæ, ахæм рæстæджы хъæуы хæлæрттимæ .абадын, хи аирхæфсын, зæрдæйы маст суадзын. Фæлæ Ма- рья Николаевнæ æххæст кæй нæма сфæстинон йæ низæй, уымæ гæсгæйæ йæ бон нæ уыди архайын, цæттæ кæнын земæ Иван Димитревич дæр сразы ис йе ’мкъайы фæндо- еыл. Æрмæст сфæнд кодтой Кирилл Ильичы æрбахонын. Иван Димитревич, уыцы хъуыдытæ гæнгæйæ, бирæ нæ фæбадти бандоныл, фæлæ куы рахызт парчы кулдуарæй яемæ куы фæцæйцыд йæхи хæдзарырдæм, уæд банкъардта райсомæй нырмæ ацы кулдуары цурты кæй рацыд даргъ •æнамонд рæстæг. Парчы бандоныл цы цъус дуг абадти, уый йæм афтæ фæкаст, цыма базæронд бирæ азты бæрц. Йæ фатермæ йæ ацæуын хъуыд цалдæр кварталыл. Раздæр-иу куыд тагъд бахæццæ, уый зонгæ цæр никуы бакодта. Иыр æм ацы фæндагыл ацæуын фæкасти тынг зын æмæ вазыгджын. Уый цыдис, фæлæ йæхи хуызæн нæ уыди, йæ зæнгтæ дыдæгътæ кодтой. Цалдæр хатты йæ бынаты æрлæу-æрлæу кодта. Цыма йæм уæззау хæссинаг уыд, уыйау зынæй улæфыди. Чи йыл æмбæлд, уыдон æм фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодтой. Уынджы фисынæй йæм куы разынд æртæфæрссагджын, бурахуырст хæдзар, ныллæг фæйнæгджын æмбондимæ,— æмбонды фæстæйæ зындысты рагон сагъд фæткъуыйы бæлæстæ,— уæд аскъуыддзаг кодта, зæгъгæ, абон Марья Николаевнæйæн зæгъын ницы хъæуы... чи зоны йын æй райсом зæгъон, кæннод та Митяйы райгуырæн боны, фæс- тæ, Уыцы фæстаг циыы бонæй Марья Николаевнæйы нæ фæцух кæндзынæн. Стæй фендзыстæм... Уадз æмæ ма йæ 552
царды уьщы иу цины бон бавзарæд. Уадз уый ма йын уæд амондджын боны æндæрг. Уыцы фыдохы дзырд зæгъы- пазн алы хатт дæр уыдзæни рæстæг, Цы тагъд кæнæм... Кирилл Ильичæн дæр æй нæма хъæуы зæгъын. Уый тынг азнкъараг лæг у æмæ йæхи нæ бауромдзæни. Цыма йын йæ алыгъуызон хъуыдытæ йæ уæззау маст фенцондæр кодтой, уый цыд бакодта хæдзармæ. Архайдта йæхи хъæлдзæгæй равдисын æмæ йæ бон бацис Марья Николаевнæйы цæсгоммæ комкоммæ бакæсын. Тынг диссаг æм фæкаст куыд базæронд, куыд смæллæг Марья Никола» евнæ. Йæ худæндзаст сæгъдзаст цæстыты раздæры æнгас цы фæцис! Йæ цæстытæ мидæмæ бахаудтой, æппындæр сæ нал зынди царды æнгас. Мæрдоы хуызы бацыд йæ рай- гæ цæсгом. Цыма уый раздæр цæмæннæ искуы бахатыд. Цалынмæ нæ фæрынчын, уæдмæ йæ афтæмæй никуы ба- фиппайдта. Чи зоны, фылдæр уый тыххæй афтæ смæллæг æмæ изæрыгон куыст кæй райста. Марья Николаевнæ тагъд-тагъд сихор бахордта æмæ ацыд куыстмæ. Афтæ цыдысты хъынцъымгæнæн бонтæ. Куыд æввахсдæр кодта Митяйы райгуырæн бон, уый бæрц ын зыкдæр уыд Иван Димитревичæн, æмæ зыдта, уыцы бон кæй уыдзæн йæ царды иуыл æнамонддæр бон. Уыцы уæззау масты бон куыд бауромдзæни, уымæн ницы дзуапп ардта. Куыд райсдзæни йæ къухмæ нуазæн Митяйы цæ- рæнбоны тыххæй?.. Куыд æм разындзæн ахæм тых, ахæм фæразондзинад? Афтææнхъæлдта, цыма уыцы бонмæ йæ зæрдæйырыст фæсабырдæр уыдзæн, фæлæ йыл бонæй-бонмæ тынгдæр тæфсы йæ маст, йæ зæрдæйы риссын тыхджындæр кодта. Чи зоны, уый тыххæй дæр æмæ уыцы æнæуромгæ масты æрмæст иунæг йæхæдæг кæй зоны, иунæгæй кæй сагъæс кæны. Уыцы сау маст йæ зæрдæйы æмбæхсгæйæ, ны- хъус вæййы Иван Димитревич, афтæмæй та йæ фæнды тынг куы фæхъæр кæнид, æгас дуне йæ куы фехъусид. Цæмæй йын исчи бамбара йæ рис æмæ йын фенцондæр уа йæ маст уромын. Куы ризæр, уæд ацыд Кирилл Иль- ичмæ. Уыдон иумæ хицæн уаты бадгæйæ бирæ фæкуыд- той. Кирилл Ильич дæр сразы ис, зæгъгæ, цалынмæ Ми- 553
тяйы гуырæнбон ацæуа, уæдмæ нæ хъæуы зæгъын мадæвс. йæ фырты мæлæт. Æниу æй куы загъдæуа, уæддæр ма..., Кирилл Ильнчы стъолыл уыд Митяйы хуызист. — Марусяйы цæрмстыгъд бакодта!—загъта Иван Ди-' митревич æмæ мæсты худт бакодта. — Зæгъынц, зæгъгæ, фырт йæ мады хуызæн куы уа, уæд амондджын вæййы. — Æз æй куы никуы фехъуыстон,-—йæ цæстытæ мæс- тыхуызæй тъæбæртт-тъæбæртт кæнгæйæ, загъта Кирилл Ильич,—-фæлæ уый федтон æмæ зонын, фырт ахæм мады хуызæн куы уа, куыд Марья Николаевнæ, уæд уый у ныййарджыты амонд,—-мæстыйæ йæ фындз ныххиртт код- та æмæ дзырдта дарддæр: — Æмæ дæ хуызæн ницæмæй уыд? Тынг рæстаг уыд иунæг гæды ныхас дæр дзы ни- куы фехъуыстон. — Уый æрдзæй рахаста, чысылæй фæстæмæ афтæ уыд, — сабыргай хаудхъæлæсæй дзуапп радта Иван Димитревич. — Хорз хъомылад ын радтат,—загъта Кирил Ильич. — Нæ зонын, чи нæ кæй схъомыл кодта: хаттæй-хатт- иу уыд ахæм цаутæ, æмæ-иу уæлдай дзырдтæ дæр сир- вæзти, цынæ вæййы царды. Уый иу, мæгуырæг, йæ чиныг кæсын фæуагъта æмæ-иу сабыргай йæ сæрыл схæцгæйае хæрдмæ скасти тызмæгæй. Мæнæн-иу, ахуыргæнинагау, мæ цæсгом туджы азылди, фæкъæмдзæстыг-иу дæн. Митя- иу арæх хъуыдыты ацыд... Бирæ хæттыты мæ фæндыд бафæрсын: „Митя, цæуыл фæхъуыды кæныс? Тынг фæл- мæн зæрдæ æмæ уарзæгой уыд. Йæ мады уæлдай уарзт кодта. Фæлæ йын æххæст не ’ргом кодта йæ зæрдæ, фыл- дæр йæ зæрдæмæ цы цыди, цы суæвын æй фæндыди, уый никуы загъта йæ мадæн. Адæмы зæрдæйы хатты тыххæй- иу арæх дзырдта, фæлæ йæхи тыххæй дзурын нæ уарзта. —-Æмæ йæ йæхи тыххæй цы дзурын хъуыди,—загъта. Кирилл Ильич,—æнæдзургæйæ дæр бæрæг уыд. Иваи Димитревич сабырæй бирæ фæкасти Митяйы хуы- зистмæ: йе стыр цæстытæ сты ирд, сыгъдæг, йæ былтæ— æнгом. Уый никуыуал базмæлын кæндзæн уыцы былты— фыд никуыуал базондзæн, цæуыл хъуыды кодта æмæ цы уыд йæ фырты бæллиц. Æрцæйæввахс кодта Митяйы райгуырæн бон, уыцы бон 554
стыр масты басусæг кæнынхъуыди. ИванДимитревич яи- куы ницы басусæг кодта йе ’мкъайæ, фæлæ...о, куыдбæл- лыди, цæмæй раздæр цинæй цы боны æрцыдмæ бæллыдыс- ты ныййарджытæ, уый ныр ма ’рцæуа! Фæлæ тынг тагъд аербалæууыд уыцы бон. Райсом Иван Димитревич æмæ Марья Николаевнæ рæв- даугæ хъæлæсæй раарфæ кодтой кæрæдзийæн сæ фырты райгуырæн боны сæраппонд. Стæй сæ алчи дæр атындзыдта йæ куыстмæ. Сæ зæрдæйы уæззау æнкъарынад сын бам- бæхсын бантыст. Раздæрау цинæнгас нæ разынд Марья, Николаевнæйы хауд, æнкъард цæстытæй. Уый Митяйæ йæ. гуырæн бонмæ писмо кæй нæ уыд, уый тыххæй уыд мад æрхæндæг. Фæлæ уæддæр йе ’нкъард, мæллаег цæсгомыл фæзынд æнцойбоны рæвдаугæ æнгас. Зымæгон цыбыр боны хуры тынтæ аныгъуылдысты. Фæци куысты бон. Æрбалæууыд зæххыл иуыл уæззаудæр æмæ æнамонддæр изæр- Иван Димитревич бацыдис Кирклл Ильичмæ: иунæгæй йæ бон нæ уыди йæ хæдзармæ бацæ- уын æмæ бæрæгбоны стъолы фарсмæ æрбадын. Иван Димитревич йæ хæларимæ æрбацыдхæдзармæ æмæ та ноджы раарфæ кодта йе ’мкъайæн, йæ фæлурс былтыл ын авæрдта йæ былтæ. Кирилл Ильич дæр ын арфæтæ кодта æмæ йын радта дидинджыты губакк. Уый фæстæ тагъд-тагъд дзургæйæ æппæлыныл фæци сабыр, фæлмæн зымæгæй: — Ацы аз сидзæрты зымæг у... Уыцы дзырдтæ йæхи зæрдæмæ дæр нæ фæцыдысты, фæлæ йын сирвæзтысты æмæ ма сын цы хос уыд! Йæхи фæхъуынтъыз кодта, аф- тæмæй æрбадти стъолы фарсмæ. Нуазæнтæ систой, кæй гуырæнбон у, уыйтыххæй. Рай- гуырæн бæстæ æмæ фронты тыххæй. Уыцы рæгъ ацыд, куыд æмбæлд, афтæ. Цыма алцы дæр раздæрау уыди йæ банаты... Стъолы сæрмæ бæлонхуыз зæронд абажуры бынæй æрттывта лампæйы рухс. Хæдзары пъолыл кæрæй-кæронмæ уыди тыгъд бæрæгбоны гауыз. Митяйыпортрсты разæвæрд уыд дидинджыты губакк. Уыд зымæгон мæйрухс æхсæв. Мæйы рухс тынтæ фæрс- сагæй æрбакастысты æмæ пъолы гауызыл ирдæй разын- дысты. 555
Стъолы уæлхъус бадджытæ сабыр ныхæстæ кодтой, фæ- лæ Митяйы тыххæй ницы дзырдтой. Иван Димитревич арæх фест-фест кодта, цæмæй йе ’мкъайæн аххуыс кодтаид. Фæ- цæйцыд æмæ гауызыл, мæйы тынтæ кæдæм кастысты, уым æрлæууыд. Фæгуыбыр кодта æмæ ныхъæрзыдта, йæ- хи» бауромын нæ бафæрæзта. Цыма йын исчи йæ риу кардæй ныццавта, уыйау æруагъта йæхи, йæ цуры цы бан- дон фæци, ууыл. Йе ’мкъай æмæ йыл уазæг сæхибаппæр- стой. Иван Димитревич йæ къухтæй амбæрзта йæ цæсгом æмæ йæ сæр тилгæйæ куыдта, сывæллонау, уынгæг хъæ- лæсæй дзырдта: — Нал, нал нын ис, нал, Митенкæ... Ацы гауызыл уый еикуыуал æрлæудзæни. Йæхиуыл фæхæцыд æмæ базыдта кæй срæдыд, дзуринаг æй нæма уыд Марья Николаевнæ- йæн, райдыдта ма йын ныфсытæ æвæрын... Марья Нико- лаевнæ лæууыд йæ разы, йæ къухы чысыл агуывзæйы хосимæ. Йæ мæллæг æнцъылд рустыл гæр-гæр рдтой йæ цæссыгтæ, фæлæ сæ сæрфгæ нæ кодта. Лæууыд æмæ ныл- лæг хъæлæсæй дзырдта: — Уыдзæн, уыдзæн Ваня! Кирил Ильич лæууыд фæрссаггæрон æнкъардæй æмæ мæстыйæ касти дардмæ æвзистхуыз хъæпæнтæм æмæ-иу йæ умæл рихиты адаудта. Иван Димитревич сдзырдта сабыргай: — Иу къуырийы размæ йæ райстон... фæлæ мæ бон нæ уыд... Марья Николаевнæ ницы уал дзырдта, æрхæндæгæй лæууыд. Стай камоды чыргъæдæй систа писмо. — Мæнæ ис,—загъта мад,—Митяйы писмо... Уый у йæ фæстаг писмо. Ног азы размæ йæ райстон. Фæдзæхста мын, цæмæй дын æй бакастаин ног азы фæстæ... Ацы писмойы алцы дæр ис фыст... Иван Димитревич айста писмо æмæ йæ хъавыд бакæ- сын, фæлæ йæ къухтæ базыр-зыр.кодтой, йæ цæстытае атар- тæ сты æмæ йæ радта Кирилл Ильичмæ. Уый йæ кæсæн- цæстытæ бакодта æмæ райдыдта хъæрæй кæсын, тынг тыхсгæйæ. Хатт-иу йæ ныхас нал райхъуыст, фæлæ-иу куыдта хæкъуырццæй. Йе ’взистхуыз хилдя^ын сæр-иу 656
батылдта, йæ кæсæнцæстытæ-иу асæрфта æмæ та-иу райдыд- та кæсын: $,Мæ зынаргъ мад! Ацы писмойы фыццаг бакæс дæхæдæг иунæгæй. Цæ- мæн, уый дын дарддæр зæгъдзынæн. Фыссык дæм ацы писмо нæ уæлахиздзинад ’рыввахсы рухс бонты. Ныртæккæ æз кæм хуыссын, уыцы п’алатæмæ хур райгæйæ кæсы. Мæ алфæмблай алцы дæр у урс-ур- сид—къултæ, цар, хуыссæнтæ, халаттæ. Дуармæ дæр аф- тæ: фæрссагæй мæм зыны митæй æмбæрзт урс уæлхæдзары сæрмæ, урс фæздæг арвæм здыхсгæйæ тындзы. Ацы бон мæ зæрдыл уæлдай тынгдæр æрлæууыдысты нæ дыргъ- доны урс дидинæгджын фæткъуыбæлæстæ. Уæлæ, рог фæздæг хъæлдзæгæй куыд тæхы арвы риумæ... Ох, цæмæн дын дзурын уыдæттæ? дзурын дын сæ мæлæт æмæ царды тыххæй. Дыккаг аз æз дæн мæлæты быдыры. Бирæ хæттыты сæм- бæлдтæн мæлæтыл... Мæнæ та ацы хатт дæр кæрæдзийыл сæмбæлдыстæм æмæ нал хицæн кæнæм. Æз дæм, æвæццæ- гæн, ныр ныффысдзынæн цыбыр фыстæг: мæлæт мæ нæ уадзы, тагъд кæны... Дзырдтæ кæрæдзийыл хорз баст не сты. Мæлæтмæ хъыг дары. Цæй, мæлæты тыххрей фæстæдæр... Мамочкæ, удæгæсты тыххæй уал адзурæм, царды тыххæй. Æз бирæ рухс хъуыдытæ кодтон, æвæццæгæн, мын цæ- рын куы бантыстаид, адæймагæн иуыл фылдæр цас æм- бæлы, уый бæрц, уæддæр мæ хъуыдыты иу хай дæр не сы- ххæст уыдаид. Æнæнтыст хъуыддæттыл, фыдæнхъæл- дзинæдтыл, куыд мæхирдыгæй, афтæ адæмырдыгæй дæр мæ цардвæндагыл фембæлдаин. Ды æмæ мæ папа зонут, æз куыд домдтон мæхицæй дæр æмæ искæмæй дæр. Æрмæст сымах нæ зыдтат, ме стыр бæллиц цы уыди, уый: мæн фæндыд, цæмæй мын æнæмæнг бантыстаид ахæж хъуыддаг, æмæ мæ фыдыбæстæ уыдаид бузныг, адæм мы- сыдаиккой мæ ном хорзæн. Мæнæн бантыст уыцы стыр хæс сыххæст кæнын- Рав- дыстон сгуыхтдзинад знаджимæ тугкалæн хæсты. Уый тыххæй мæ уарздзæни мæ Райгуырæн бæстæ æмæ мæ мыс- дзæни мæ амæлæты фæстæ. 557
Мæ зынаргъ ныййарджытæ, уый уæм æппæлын æмæ ныфсбавæрыны тыххæй мыййаг нæ фыесын. Ацы писмо у мæ уарзондзинад, мæ зæрдæргомгæнæг. Тагъд банцайдзæ- ни мæ зæрдæ йæ кусынæй. Фæлæ мæ зæрдæйы фæстаг улæфт дæр4 амондджын у сымах тыххæй, мæ Райгуырæн «бæстæйы тыххæй. Зонын æй, мæ зынаргъ ныййарджытæ, куыд фæхъæн уыдзæн, куыд фæрисдзæн уæ зæрдæ. Мæ фыды зæрдæйæн /шнг тæрсын æмæ дæумæ уымæн .фыссын, ды тыхджын- дæр, фæразондæр дæ. Ды-иу папæйæн ныфсытæ бавæр. Бирæ маст, стыр хъыгдзинад бавзардзыстут, сагъæс кæн- дзыстут, мысдзыстут мæ. Фæлæ-иу æгæр ма бафхæрут уæхи, сабыр-иу ут, мæ зынаргъ, æнæкæрон уарзон ныбйар- джытæ. Фехъусын уын кæндзысты ме сгуыхтдзинæдты тых- хæй, мæ хъæбатырдзинады тыххæй, бацамондзысты уын, мæ ингæн кæм уа, уый дæр. Тагъд æрцæудзыстут мæ ин- гæнмæ. Фырты ингæны уæлхъус кæуын у ныййарджытæн сеппæты хæс дæр, цин кæнын, хъæбулы ингæнæй буц уæ- вын та сæ бон у амондджын ныййарджытæн. Тынг бирæ уарзын мæ райгуырæн зæххы, нæ дæтты, алцы дæр æрдзы мидæг. Æз уыцы уарзондзинады ныффыстон мæ тугæй, сымах мын цы туг радтат, уымæй. 0, куычзонис, куыд бирæ цыдæртæмæ фæнды зæгъын фæлæ мæнæн ныр уый зын у. Баулæфон уал. Баулæфыдтæн. Медицинон хо мын мæ фыссæн айста, фæлæ фефсæрм æмæ мын æй фæстæмæ радта. Иу чысыл ма аныхас кæнон уемæ. Тагъд баталынг уыдзæн, фæлæ æхсæвы талынджы дæр сымах уындзынæн, мæ зæрдæйы сымах уыдзыстут, сымахыл хъуыды кæн- дзынæн. Мæнæн ныр мæ цæстыты разы сты цыдæриддæр уæ алфæмблайы ис, уыдон æмæ мын иуылдæр зынаргъ сты# Уæ нывæфтыд пец, дæ уарзон дидинджуытæ, нæ зæронд гæлир æнцойгæнæн диван. Чысылæй-иу изæрмилты куыд бирæ уарзтон ууыл ратул-ратул кæнын. Ныр мæ райгуы- рæн бон дæр æрыввахс кæыы. Зонын, мæ райгуырæн бо- нæй мæ мæлæты бон тагъддæр æрцæудзæни. Фæлæ, нана, 558
курын дæ, мæ мæлæты тыххæй-иу зæгъ бабайæн мæ рай- гуырæн боны фæстæ. Уадз, уый раздæрау фæцин кæпа мæ райгуырæн боныл. Уадз, уый æнхъæла йæ фырт удæ- гас у æмæ йын йæ райгуырæн бон æнцойбон кæнæд. Нæ бинонты раздæры цины бон—мæ райгуырæн бон-ну азрымысут уæ фырт мæлæтдзаг цæф кæй фæци, фæлæ нæ фыдызнаг дæр фæци мæлæтдзаг цæф. Æз цардæй хицæн кæньш, мæ райгуырæн бæстæ уадзын тугæрхæмттæй æмæ æиæкæрон æфхæрдæй. Мæнæн нал бантысти Райгуырæн бæстæйы уæлахизæй фенын. Нал фендзынæн ног царды. Фæлæ æз амондджын дæн Райгуырæн бæстæйы фæуæла- хизы тыххæй мæ цард кæй радтон. Хæрзбон, мæ зынаргъ ныййарджытæ. Мæнæй фæстаг салам нæ хæлæрттæн æмæ нæ бинонты фыццаг æввахсдæр, æнувыддæр хæларæн"... Кирилл Ильичæн дарддæр йæ бон нал баци писмо ба- кæсын. Кæронмæ йæ бакаст Марья Николаевна. — Йе, уый дын, йе, æрхæццæ нæм нæ хъæбул Митень- кæ,—загъта мад æмæ нывæрдта писмо.—Ныр æнусмæ... нал ахицæн уыдзыстæм. Мæй арвы риуыл бæрзонд стылд. Банысан кодтой Ми- тяйы райгуырæн боны. Зымæгон æхсæв бирæ фæбадтысты æртæйæ, сабырæй ныхас кодтой, цыма искæмæн йæ фы- нæйæ райхъалæй тарстысты, уыйау. Сбон сыл ис бад- гæйæ. 1960 аз. 559
Троеполъский Гаврил ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ ИГНАТ Иу бон хуымгæрдæнты хæд размæ сгæрстон мæнæуы хуымты гъæд: сæ сыгъдæгдзинад, исты низ сыл ис æви нæ, знаггадгæнджытæ сæ хъыг дарынд æви нæ, уыдæттæ рабæрæг кæныны тыххæйтыдтон куыристæ. Æртын-цыппор къахдзæфы акæн мæнæуы хуымы, иу дæстæг дзы стон, стæй та ноджы дæр уал къахдзæфы ауай, стон та дзы иу дæстæг, æмæ афтæ дарддæр, цалынмæ æнæхъæн хуы- мæй куырис æртонай, уæдмæ—уый у æнæхъæн мæнæуы хуымы сгарæн куырис. Уый фæстæ уыцы куырисæн агро- кабинеты йæ алы æфсирмæ дæр бæстон æркæсынц, лæм- бынæг æй равзарынц. Æмбисбонæй аивгъуыдта. Мæ къухы æнгуылдзтæ бай- дыдтой æндзыг кæнын, мæнæуы хæтæлтæ-иу мæ къухтæй абырыдысты, уыцы иу хæстæн-иу мын тонын дæр нал скуымдтой: бафæлладтæн, фæнды мæ мæ фæллад суадзын, йæрдзын ахæрын, уазал дон аназын. Игнат та куырис ба- хаста уæрдонмæ. Æз мæ куыст фæуагътон, мæ цæсгом асæрфтон хидумæл къухтæ сæрфæнæй æмæ мæ алфæм- блаймæ афæлгæсыдтæн. Бæстæ афтæ æнцад, афтæ æгуыппæг уыди, æмæ æф- сиртæ дæр не змæлыдысты, фæлæ, дардмæ кæсгæйæ, лæг- мæ афтæ касти, цыма мæнæуы хуымтæ улæнтæ гæнгæ хæццæ кæнынц арвмæ, цыма иу кæнынц арвы цъæхимæ, цыма атайынц, цыдæр æрбавæййынц дыз-дызгæнаг фæл- мы хуызæн уæлдæфы, æмæ нæй рахатæн, кæм ис мæнæуы быдыры кæрон æмæ кæм райдайы арв. Июлы сабыр хур- бонты фæлмгъуыз уæлдæфмæ кæсгæйæ, лæдлш йæ цæст 560
афтæ сайы, æмæ рахатæн нæй, цы буæрттæм кæсыс, уы- донæй дæм æввахсдæр кæнæ дарддæр кæцы у, уый: ленк- гæнæгау кæнынц, æнкъуысынц, сæ хуыз ивы, цыма доны кидæг сты, цыма зæххæй фæиртæстысты, уыйау. Мæнæ- уы хуымты дæрддзæф хуым кæрдынмæ цæттæйæ лæууы цалдæр комбайны, алкæцы дæр дзы йæ бынаты: уыдон дæр цыма иу ран нæ лæууынц, фæлæ æнкъуысынц: куы уæлæмæ ссæуынц, мæнæуы сæрмæ, куы та сæхи дæлæ- мæ æруадзынц, афтæ зынынц, цыма уæлдæфон наутæ сты: ныртæккæ цыма стæхдзысты æмæ мæнæуы быдыры сæр- ты аленк кæндзысты! Фæндагыл тындзгæ цыдæй рауади тыллæг æфснайынæн æртагласæг цалдæр автомашинæйы, сæ фæдыл дæргъæй-дæргъмæ баззад рыджы фæччи, уый дæр æнкъуысы фæлмгъуыз уæлдæфы улæнтимæ æмæ тагъд нæ байсысы. Æвиппайды кæцæйдæр райхъуыст хæдтæхæ- джы гуыр-гуыр. Йæ уынæр райхъуысы куы мæнæуы тæк- кæ сæрмæ, куы æппындæр нал райхъуысы, куы та но- гæй фехъуысы раздæрæй бæлвырддæр. Кæм и, уæдæ, кæм? Цыфæнды лæмбынæг куы кæсай арвмæ, дæ армы тъæпæ- нæй дæ цæстытæй хураууон акæнгæйæ, уæддæр æй не- ссардзынæ! Хæрзæввахс дæм у хæдтæхæг, æртæ киломе- тры бæрц, ныллæг тæхы æмæ люцернæйы хуымты хосæй пырх кæны, цæмæй сын мацы рахъыг кæной хъæууон хæ- дзарады знаггадгæнджытæ, фæлæ дæм афтæ кæсы, цыма арв дæр æмæ зæхх дæр хъæлæбайæ йæ тæккæ дзаг баци, æмæ цыма хъæлæба кæны фæлмгъуыз зæхх йæхæдæг. Хур судзы, уырауы. Хæрдмæдзог цъиуы уынгæ нæ кæныс, афтæмæй зæлланг кæны куы дæ тæккæ хъусы цур, куы та дард, тынг дард, уалæ хуры цур: цыма æгæрон даргъ æндахы халыл ауыгъд у хъуытаз æмæ цадæггай дзедзлой кæны, æвзисты зæлланг кæнгæ. Хуымгæрдæны хæд агъонмæ æнцад, æгуыппæг бон бы- дыр вæййы алæмæты рæсугъд, зæрдæйæн æхцон. Агро- номы йæ къах нæ фæхæссы быдырæй: хорзбон фæкæны æфсиртæн, æгæрыстæмæй чысыл йæ зæрдæ æнкъард дæр фæвæййы. Фæлæ ахæм æнкъард баиу вæййы ццн æмæ ныфсимæ. Уый вæййы, адæймаджы зæрдæйæ чи æвзæры, ахæм арф æнкъарддзинад, мæнæ науаразæг инженер йæ 36 561
.арæзт нау дейджызмæ куы арвиты æмæ йын цæстæнгасæй хæрзбон куы фæкæны, ома йæ царды иу хайæн, йæ хъиа- мæты иу хайæн хæрзбон куы фæкæны, уæд æм цы æн- къарддзинад сæвзæры, æвæццæгæн, раст ахæм æнкъард- дзинад. Бауырнæд уæ, æз зæгъгæ дæр афтæ кодтон мæ дзы-' хы дзаг: „Хæрзбон, хæрзбон! Хæрзбон раут фидæнмæ!" — æмæ араст дæн бричкæмæ мæ фæллад уадзынмæ, Игнат кæм фæаууон, уырдæм. Цыдтæн æмæ хъуыды кодтон: бы- дыр раздæры хуызæн, иу ссæдз азы агъонмæ цы хуызæн уыд, æз ма къаннæг куы уыдтæн, уæд цы хуызæн уыд, уый хуызæн нал у; адæм дæр раздæры хуызæн нал сты: æгæрыстæмæй, æхсæвыгон хъарагъул Евсеничы загъдау, „лодыр дæр раздæры лодыры хуызæн налу". Ахæм хъуы- дытимæ бацыдтæн Игнатмæ. Игнат Прокофьевич Угакин—афтæ хуынди йæ ном, йæ фыды ном æмæ йæ мыггаг, фæлæ йæм хъæуы иуылдæр æрмæст йæ номæй дзырдтой—Игнат, зæгъгæ. Цалдæр бон- мæ йæ рарвыстой мæнмæ мæнæуты гъæд сгарыны куыст- мæ. Æппынæдзух мæ фæстæ цæуы, мæ кухæй айсы куы- рис, арæхстгай йæ бахæссы бричкæмæ, хъавгæ йæ æры- вæры, сæ нæмыг куыд нæ азгъæла. Куырис кæддæриддæр •айсы арæхстгай, йæ дыууæ къухæй йæ йæ сæрмæ сисы æмæ йæ хæссы, мигæнæны мидæг тæнгъæд исты куыд хъавгæ хæссынц, афтæ, цæмæй ма акæла. Ницы рахъаст- гæнæн ис Игнатæй—тынг бæстон кусы, æрмæст æппæт дæр кæны æгæр сындæг! — Ох, бæстæ судзы абон! . — Судзы, —- фæлмаст, рæдзæ-мæдзæгæнæг хъæлæсы уагæй загъта Игнат. Йæ дыууæ къухы дæр йæ къæбуты бын бакодта, ху- раууонæн йæ худæй йæ цæстытæ æрæмбæрзта, афтæмæй уæлгоммæ хуыосы Игнат. Бæх бричкæйы ифтыгъдæй хызти ададжы кæрон, æцæг йæ æхтонг уæгъд уыди. — Бæх суадз. Аходæн бакæнæм, нæ фæллад суадзæм. — Цæмæн æй хъæуы суадзын?—хъуыссæнхъæлдзæгæй загъта Игнат, змæлгæ æппындæр нæ фæкодта. Æнтæфы бафæлмæцыд, уый дæр, æвæццæгæн, бæзджын мæнæуы лæгæрдынæй бастад, хуыссæг æй ахста. 562
— Афтæмæй йын зын у хизын. — Хорзкæрдæг у, афтæмæй дæр хиздзæн,—дзуапп радта Игнат, уæддæр афтæ хуысгæйæ æмæ ахæм фæсус- гомау хуыссæнхъæлдзæг хъæлæсæй. — Куыд зивæггæнаг дæ, куы! Игнат сыстад, чысыл абадт. Йæ гуыбын аныхта, * ба- каст бæхмæ, стæй мæнмæ. Скаст уæлæмæ, хуры иувæрс- ты æмæ загъта: — Бæстæ судзы,— .чысыл ахъуыды кодта æмæ йæ ны- хасмæ бафтыдта:—-июль... Цæмæн дæн „зивæггæнаг?"—ба- фарста æмæ дзуапп радта: æппындæр нæ дæн зивæггæнаг. Ныртæккæ йæ суæгъд кæндзынæн. Нæ мæм фæхъыг. Арасти цадæггай, æхситтгæнгæ. Бæх æрбакодта, суæгъд æй кодта бричкæйæ æмæ йын йæ къæхтæ бабаста. Ададжы дæлæмæ ныццыдыстæм суадон- мæ. Дон банызтам. Нæхи æрыхсадтам. Игнат сбадт мæ ныхмæ. — Мæ сæр афтæ стæвд, æмæ мæ хуссæг æрцахста... . Дзургæ кæнын, фæлæ афынæй дæн. Æвæццæгæн, æнæхъæн суткæ афтæ фæхуыссыдаин. Йæ æмбисбоны хуыссæнхъæлдзæг фæлыгъд, йæ цæс- том фæхъæлдзæг, йæхи суадоны донæй кæй ахсадта, уы- мæ гæсгæ. Йæ цæстæнгас æргом, цъынддзаст нæу. Йæ .цъæх цæстыты алыварс ирд, бæзджыы цæсты хаутæ. Цæу- . дзæн ыл æртын азы бæрц, фæлæ бакастæй ноджы æвзонг- дæр: тымбылдзæсгом, сырхуадул, йæ фезмæлд—уæззау, фæлæ фидар, кæддæриддæр — æдыхст. Ныхас дæр кæны цадæг, фæлæ йæ дзырд бæлвырд, йæ хъæлæсы уаг ивы, дзургæ-дзурын йæ къухæй æмæ æгæрыстæмæй йæ сæрæй дæр амоны. — Мæнæй дзурынц: „Игнат зивæггæнаг у, „Игнат ма- туса у", „Игнат дисциплинæ нæ зоны",—æмæ йæ къухтæ фæйнæрдæм цадæг айтыгъта дисгæнæгау., Йæ чысыл æрфгуытыл уæлæмаб схæцыд æмæ æвиппайды йæ къух- тæй йæ уæрджытæ æртъæппкодта:—ды дæр мын афтæ— .„Зивæггæнаг дæ!" Фæлæ цæмæн афтæ дзурырц? Уый хуымæтæджы хъуыддаг нæу!—Кæмæдæр йе ’нгулдзæй ’бартхъирæн кодта.-Куыст мын радт, куыст, мæ аккаг леунст! Куыст уал мын радт, стæй дзур! 563
— Уый кæмæн дзурыс? — Бæрæгу, кæмæя,—бригадирæн, Пшеничкин -Алекси’- йæн.—Игыаты хъæлæс хуыссæнхъæлдзæгæй фæсус нал* уыд æмæ ныр сыгъдæг, тыхджындæр хъæлæсæй дард- дæр дзырдта: —- „Сфæлмæцын, дам, мæ кодтай! Колхозон нæ, фæлæ, дам, цоппайгæнæг дæ! Куырдиат, дам, дыл> ныффыссдзынæн æмæ, дам, дæ правленимæ бавдисдзы- нæн!" (Игнат уæлдæфы афыста „Куырдиат"). Уын йæ æа. сфæлмæцын кодтон? Ссардта æдылыйы. Игнат æмæ Иг- нат! Цæмæн сæ хъæуы. — Уый дзæгъæлы дзурыс. Пшеничкин хорзбригадир у... -—Æмæ йæ æз дæр æвзæр куы нæ хонын. Нæ,, куыст мын радтæд, иудадзыгон куыст, цæмæй хъуыддаджы лæуд- уон. Мæнæн дæр мæ нервтæ нæ уромынц, æз дæр хæс- ты уыдтæн, æмæ ныр дæхицæн зæрдæйы фæндиаг куыст- дæр ма равзар. Багъæц, æз сын фенын кæндзынæн!.. Аф- тæ æнхъæлыс, Игнат хуырхы бынтæ у? Нæ-æ! Æз обли- гацийæ 5 мины рамбылдтон: кыкъуырдзынæн æмæ санато- римæ афардæг уыдзынæн. Иннæтæ куы цæуынц, уæд Иг- натæн бар нæй?—Бæрæг нæ уыд, Игнат йæхи фарста æва ма уæддæр уыцы Пшеничкины.—Йс мæнæн дæр бар. Ис æви нæ?—загъта Игнат æмæ мæм æрбакаст. — Кæй зæгъын æй хъæуы, ис, æрмæст иу куыстæй- иннæмæ цоппай кæнын хорз нæу. Дисциплинæ æмбарын хъæуы,—æрымысыдтæн ын йæхи хъуыды. Игнат та мæм æрбакаст. Аходæныфæстæ йæ былтæ йæ дысæй асæрфта æмæ йæ къух ауыгъта, цыма йæ зæгъын фæндыд: „Ахъуытты ут иуылдæр!" стæй сыстад æмæ бæх- ? мæ ацыд—хъуамæ йæ аздаха. Уый фæстæ бонизæрмæ цæуылдæр хъуыды кодта, хат- тæй-хатт-иу йе ’нгуылдзæй кæмæдæр бартхъирæн кодта. Хаттæй-хатт-иу рæдзæ-мæдзæ кодта æмæ-иу бричкæмæ йæ- фындзæй æркуывта. Изæры бригадир колхозонты куыстмæ куы нысан код- та, уæд ын Игнат фидар зхгъта: — Райсом хуымты гъæд сгарынмæ нал ацæудзынæн: мæ сæр басыгъд хурмæ... Уæззау куыст у—хурскастæй хуырныгуылдмæ..'. <564
Урсхил, цъæхдзаст бригадир—Пшеничкин, кæддæрид- дæр УРС'УРСИД саргъы бæхыл чи цæуы, уый фæхъæр кодта: — Цæй ныр дæуæн цы бачындæуа?! Алæбон фæкув æмæ фæкус... Колхозы куыстытæй кæм нæ уыдтæ, ахæм дзы нал баззад, æмæ дзы иу дæр дæ аккаг нæу, фермæ- пы уыдтæ, галтыл куыстай, прицепщик уыдтæ, кæрчытæм зылдтæ, агуырийы сарайты уыдтæ, цæхæрайы хуымты уыдтæ, æмæ дзы иу дæр дæ аккаг куыст нæу æмæ нæу. — Хуымты гъæд сгарынмæ нал ацæудзынæн,—дыккаг хатт загъта Игнат, цыма Пшеничкин цыдæриддæр фæ- дзырдта, уый уымæ æппындæр нæ хаудта, афтæ æмæ йæ фæнд бригадирæн загъта, бынтон чи ахицæн æмæ æппын- дæр дзырдтаг чи нæ уал у, ахæм хуызы. — Нæ ацæудзынæ æмæ дын æппындæр ницы куыст ратдзьшæн,—мæстæй сыхсыст Пшеничкин æмæ йæ худ йæ къухы нылхъывта.—Цæугæ дæ хæдзармæ! Уайдзæф дын ис, æфхæрд дын ис, æртæ фæллойбоны дæ ивар дæр фæкодтам: цыма дæ хъæуы? Цы ма дын баззад уставмæ гæсгæ? Куырдиат бадæттын, цæмæй дæ колхозæй сисой. Афтæ, и? — Æмæ бадæтт!—æнæмæты дзуапп радта Игнат.--Ба- дæтт! Стæй сын æз зæгъдзынæн... — Зæгъдзынæ „Хæсты уыдтæн?" Зонын æй. Æз дæр зæгъдзынæн: Игнат Ушкин дисциплинæ кæй хæлдта ро- тæйы, уый тыххæй йыл къорд хæттыты аныдзæвд. — Ротæйы мын цы кодтой, уый дæ хъуыддаг нæу, Але- ша, фæлæ орден Игнатæн истæйы тыххæй радтаиккой: ор- дентæ æнæхъуаджы нæ дæттынц. — Фæлæ ныртæккæ кæм хъуамæ кусай, уыймæхъуыд- даг у. Бамбæрстай? Цæй-ма, Игнат,—дзырдта йын Пше- ничкин, йæ дыууæ къухы бадаргæйæ,—ахъуыды ма кæн, |цы дæу цы, цавæр адæймаг дæ! ’— Нæй! Нæ ацæудзынæн! Æри мын æндæр куыст! — Æппындæр дын ницы куыст ис. Цæугæ дæ хæдзар- жæ1—стæвд бригадир, куырдиат дыл бадæтдзынæн сæр- дармæ. — Бадæтт, бадæтт. Æз та районмæ ацæудзынæн хъаст таенынмæ,-— уыцы æнцад, æдыхстæй дзырдта Игнат. 565
— Ацу! — Æмæ цы, ацæудзынæн. — Омæ ацу! — Ома нæ ацæудзынæя æнхъæл дæ? — йæ ныхасы уаг- нæ аивгæйæ, фарста Игнат. Игнат хъаст кæнынмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ* ацыд, никæуыл дæр хъаст бакодта йæ цæрæнбонты. Изæры бригадиримæ цы ныхас рауад, уымæн æз ницы- ма зыдтон, афтæмæй дыккаг бон райсохмраджы бауадтæк Игнатмæ, цæмæй тагъддæр ацыдаиккам быдырмæ. Йæ сн- хæгты хæдзæртты хъауджыдæр йæ хæдзар уыди æнæр- каст: хæдзары къулты æлыгсæрст къæртгай рахазгд, йæ* уæлхæдзар æрлæзæрт; æмæ теуайы рагъау ныкъуыпп; скъæты раз фаджыс бæрзоыд фæцыд æмæ йыл скъæт- мæ бахизын хъæуы хохыл хизæгау: скъæты къулыл æн- цой кæны састхъæд бел. Хур нæма скаст, афтæ хæдзарæй хъуысы хъæлæба. Игнаты ус дзырдта: — Цæмæннæ кæсыс дæ хæдзармæ? Цар тæдзы, скъæт- кæлæтдзаг, астæрд раивинаг, пец ног аразинаг, ды ’ та... — Æз та хъуамæ ног фæндыр балхæнон, ахуыр кæн- дзынæн фæндыр цæгъдын, — дзуапп лæвæрдта Игнат* æвæлмастæй æмæ лæг нæ бамбæрстаид—хынджылæг кæ- ны æви æцæг дзуры. —А.ккардион æлхæнын. Æз сæм хæдзармæ бацыдтæн, салам сын радтон. Игнатæн йæ хæдоны æфцæгготы æгънæджытæ æнæ- вæрд, йæ бæгъæмвад къæхтæ æрдаргъ сты сынтæгæй æмæ- кæрæдзи ныхынц; йæ сæры хъуынтæ æууад, суйтæ гæ- ны хуызæн: æвæццæгæн, нырма æрæджы сыхъал. Йæ. ус, Домна Васильевна, пецы цур лæууы, цæттæ у куыстмæ- цæуынмæ. Хæдзар æфснайд, стъол сыгъдæг. Ус йæлæгæй* бæрзонддæр, фæтæнриу, сауæрфыг. Сæ æртæаздзыд лæп- пу бандоныл бады æмæ йæхицæн хъазы, цыдæр къоппьь æгънæджытæ тилы. — Цæуыл хъаугъа кæнут? Æрæджиау дзыуапп радта Игнат: — Мæ бинойнаг мæ азымы дары, дæ хæдзармæ, дам„ дæ хъус нæ дарыс. Æз та йын уый зæгъын, æмæ ныр* 566
сæрмагоыд хæдзарад мур дæ ницыуал у! Коммунизмы рæс- тæдяш нал хъæудзæн нæ дæр хæдзар, нæ дæр хъуг: æх- сыр дæ хъæуы—айс, дæ хорзæхæй!—æмæ йæ къухтæй афтæ адарæзта, цыма литры бæрц банкæйыл хæцыд æмæ йæ искæмæ дæтты.—Фатер дæ хъæуы—айс, дæ хорзæхæй. Дзырдæн, дыууадæстæнон италиаг гитарæдæ хъæуы—айсг . дæ хорзæхæй, æрмæст дзы цæгъдгæ кæн. — Уæдмæ дыл дæ хæдзары цар æркæлдзæн æмæ дæ йæ быны фæкæндзæн!—Домна Васильевна йе знæт цæсты- тæй цармæ скаст æмæ йæ къухæй бацамыдта тæшштæм.— Хæлддзаг царимæ йæ коммунизммæ бацæуын фæнды; ^и дæ бауадздзæн уырдæм ахæм хæдзаримæ? Ву æмæ сар> демæ архайын! — Æгънæг райс!—æдыхстæй загъта Игнат. -Цы? Ленькæ æгънæг йæ дзыхы бакодта: райс æй! — Ау, æмæ йæ дæхæдæг цæуылнæ райетай?—Домнæ Васильевнæ йæхи баппæрста сывæллонмæ. — Сывæллонмæ кæсын дæ хъуыддаг у. — Æмæ йæ хъуыры куы ’фæбадтаид, уæдта?—бафарс- та ус- мæстыйæ, сывæллоны рустæ балхъывта æмæ йын йæ дзыхæй райста æгънæг. — Ницы йын уыдзæн. Фермæйы иу род æнæхъæн рон аныхъуырдта, фæлæ йын мур дæр нæ уыд, абон дæр удæгас у!—загътаИгнат, сынтæгыл куыд бадт, афтæ бадгæйæ, фæ- лæ йæ ныхасы æмбæхст уыди цыдæр ахæм хынджылæг кæны- ны æууæл, æмæ йæ, æвæццæгæн, йæ ус дæр не ’мбæрстаГ — Цæй, æгъгъæд у дзæнгæда цæгъдын!—сабыр ныхасы уагæй загъта Домнæ Вдсильевнæ,—Цæугæ куыстмæ, æз та Ленькæйы сывæллæтты рæвдауæндонмæ бадавон. Игнат мæм æрбакаст æмæ цыма йæ усæн дзуапп лæ- вæрдта, уыйау загъта: — Абон куыстмæ цæуинаг нæ дæн. — Цы зæгъыс? Æрра фæдæ?!--фæхъæркодта Домнæ Ва- сильевнæ. Мæнæн, сылгоймагæн, æртæ сæдæ куыстбоны ис, дæуæн та сæдæ цыппор! Дæ зæрды мæ худинаг кæ- нын ис? Кæдæм фæнды бацæуай—„цоппайгæнæг", тылив- гæнæг".». Тагъддæр кæнгæ дæ дарæс!—Домнæ Васильевнæ 567
йæм цæрдæг бауад æмæ йæ сынтæгæй расхуыста.' — Марадз, бæх сифтындз! — Пуй, хæйрæджы хай фæуинаг сылгоймаг!—загъта Игнат, æвæццæгæн, æппындæр не смæсты усмæ, райдыд- та йæ къахыдарæс кæнын. Стæй йæхи ныхсадта æмæ уай* тагъд рацыдыстæм æз æмæ Игнат. Æртæ боны фæутхар кодта Игнат мемæ хуымты гъæд сгарыны куысты, фæлæ диссаг! — æппæт дæр кодта иттæг <5æстон, иттæг дырысæй. Уыцы рæстæджы бригадиртæ æмæ колхозы сæрдар та уынаффæ кодтой, Игнатæн цы бачын- дæуа, ууыл. Цыфæнды куысты дæр къуырийæ фылдæр нæ фидар кодта, куырдта-иу æндæр куыст: фаджысласæны „йæ къух фæтынг", хосгæрдæны — „донзоныг фæци", трактор æр- гъæвæн куысты—„йæ хъуыр рыгæй сыхгæдта", мæнæуы хуымты гъæд сгарæны та йын „хур йæ сæр басыгъта", «стæй нæ дæр „йæ нуæрттæ уромынц" ахæм куыст. „Нуæрт- тæ, зæгъы, фидар хъуамæ уой. Куырис, зæгъы, куы сы- хæла кæнæ йæ нæмгуытæ куы азгъæлой, уæд бонизæрмæ маст кæн. Мæн сабыр, æнæмаст куыст хъæуы". Раст зæгъгæйæ, æрвыл бон дæр кусы æмæ иттæг хорз зоны—-уставмæ гæсгæ сæ бон нæу æмæ йæ колхозæй сисой, ч|)æлæ йæ куыст лæмæгъ, ницы йын æнтысы: бон астæук- <каг нымадæй фæллой боны ’рдæг дæр нæ рацæуы. „Æмæ кæй цы хъуыддаг ис,—фæкæны Игнат,-— цас рацæуын, уымæй! Чи зоны, мæнæн уый дæр фагæй уæлдайдæр у". Æппындæр ницы амалæй ис Игнатæн смæсты гæнæн, ^,нæ дæр æй арвы нæрын, нæ дæр райком" сызнæт кæн- дзæн. Хаттæй-хатт фæндыримæ фæзары æнкъард кæнæ хъæлдзæг зарджытæ, йæ зæрдæйы хатт куыд уа, уымæ гæсгæ. Уарзы музикæйыл аныхас кæнын æмæ фæзæгъы: — Мæфæндыр „æртæ тонон44, граматикон" хъæлæс- джын у. — Цытæ дзурыс, исты дын автомашинæ у кæнæ чи- ныг?—фæдисау дæн æз. Музыкæ дæр æмбарын хъæуы,—амоны Игнат.—„Æртæ тонон"—ома æртæ тæны, афтæ хъæлæсы уагæй цæгъды, ,,граматикон" та уымæн, æмæ йæ арæзт афтæ хуыйны. 568
_-Граматикон нæ, фæлæ хроматикон,-— загътон ын æз. — Нæ мæ уырны,—нæ разы кæны Игнат.—Æцæг фæндыр- дзæгъдджытæ йæ иууылдæр афтæ хонынц. Ницы амалæй сразы уыдзæн демæ: быцæуыл не схæ- цы, фæлæ нæ дæр разы кæньт, йæхи хъуыдыйыл баззайы. Гыццыл ма куы уыд æмæ скъолайы куы ахуыр кодта, уæд- дæр ахуыргæнæгæн афтæ бафæрæзта: „Æнæ дæ зæгъгæ дæр æй зонын". Уæвгæ уымæн афтæ фæци, æмæ йæ мад æмæ йæ фыдæн иунæг лæппу уыди, буцахуыр, кæддæрид- дæр хъуыста: „зонды къуыбар дæ", „маладец", „фæрæт- мæ ма ’внал", „дæ къухмæ дæр ма ис дзæбуг", „нывæр ведра йæ бынаты!", „нæхæдæг æрбахæсдзыстæмдон!" æмæ æппындæр ницы арæзта. Хъаз, хъаз, Игнат, „нæхæдæг æй сараздзыстæм!"—дзырдтой-иу Игнатæн. Æмæ афтæ фæ- цайдагъ. Адæмæй чи комбайнер сси, чи бригадир, чи трак- торист, чи агроном, Игнат та—фæндыр цæгъды. Колхозы æмбисондæн баззад: „фæндырдзæгъдæг Игнаты куыст кæ- ны". Фæлæ уыдæттæ иуылдæр раджы уыдысты: азæй-азмæ Игнат хуыздæрæй-хуыздæр кусы, тыхæй-фыдæй, фæлæ уæддæр минимум фæллойбонтæ скæны. Фæлæ дш уæд- дæр колхозонты цæсты ницы кад ис, æниу ахæм лæгæн цы кад хъуамæ уа, кæд æмæ минимумаай уæлдæр нæ хи- зы! Афтæмæй та Игнат зынг зонды хицау у! Ахæм хъа- зæн ныхас срæтигъдзæн, æмæ дæ тагъд нæ ферох уыдзæн. Хъазæн ныхас арæхдæр кæны уыциу-уыциуы хуызæн, фыццаг æй æмбаргæ дæр нæ бакæндзынæ, нæ дæр йæ мид- был бахуддзæн: æппын нæ фендæргъуызон уыдзæн йæ цæсгом, кæддæриддæр куыд æдыхст æмæ æнцад-æнцой вæййы, афтæмæй лæудзæн, йæ мидбыл бахуды æрмæст зешшнæрæджиау, хаттæй-хатт цалдæр боны фæстæ. Дзырдæн, ахæм хабар рауад Игнатæн йæ хæлар плот- ник Ефимичимæ. Бфимичæн йæ хуы фæмард арвы цæфæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъыгзæрдæ уыдысты. Æрæмбырд ч сты кæрты сыхагæй, хъæуккагæй æмæ хъæрзынц, оххытæ кæнынц. — Ех, æмбисонды хорз хуы уыди! Гъæй-æй-æй! Иу-дыууæ къуырийы ма æмæ кусæртта- гæн бæззыд! 569
— Стыр зиан дыл сæмбæлд, Ефцмич, стыр зиан! Ёфимич йæхæдæг ныр фондзыссæдзæм хатт хъыгзæр- дæйæ ног æмæ ногæй радзырдта, хуыйы цур куыд лæу- уыд, „арв куыд ныннæрыд, к^ыд скъæс-къæс кодта" ’ йæ тæккæ цур, фыццаг куыд фæкъуырма æмæ цыдæр „бирæ фæцъыс-цъыс кодта йæ хъусты, стæй æрсабыр". Игнат æм фехъуыста æмæ афтæ зæгъы: — Кæуын нæ, фæлæ цин кæнын хъæуы. — Æрра фæдæ?—рамæсты йæм Ефимич. Ефимичы зæ- ронд ус йæ хъарæдяш дзуры: — Æдзæсгом цыдæр! Дæумæ зонды мыггагæй ницы ис!- Мах мæстæй мæлæм, ды та „цин", дам, кæнут. —Цæугæ мæ хæдзарæй! — фæхъæркодта йæ бæзджын- хъæлæсæй Ефимич.—Дæуæн дæ бои цы у, уымæнйæ цып- пæрæм хай дæр нæ кусыс æмæ цæмæй иннæтæн дæр фос- нæ уа, уый дæ фæнды! Игнат ацыд. Афтæмæй мæстæлгъæд Ефимич нæ бамбæрста, мæлæ- тæй амонды ирвæзт кæй фæкодта, уый, амæн æмæ хуы нæ, фæлæ йæхицæн дæр тас уыди мæлæтæй—иу ран лæууы- дысты! Уæдæй фæстæмæ зæронд лæг фæхъыг Игнатмæ- æмæ йæм нæ дзырдта. Ничи уал уыди хæлар Игнатæн, æгæрстæмæй йæ йæ ус дæр æрвыл бон æфхæры æмæ æфхæры. С’фæндкодта Иван горæтмæ фæцæуын. Фæлæ йæм æвиппайды, цыма йын бригадир Пшеничкин йæ хъуыдытæм йæ оны каст, уыйау фæсидтысты правленимæ. Фыццаг фæсйдтæй, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ ацыд, æмæ фидиуæгæн загъта. — Фыццаг уал мын зæгъæнт, цы сæрæн мæм сидынц. Фидиуæг æм æрбаздæхт æмæ йын загъта: — Иудадзыгон куыстмæ дæ нысан кæнынц. — Зæгъæнт, цавæр куыстмæ мæ нысан кæнынц, стæй уæд ахъуыды кæндзынæн: цæуон æви нæ. Фæлæ Игнат дыккаг сидтæн ацыд правленимæ—фæха- тыр сæ кодта. Хъуыддаг куыд аскъуыддзаг кодтой, уы- мæн ницы зонын, æрмæст мыл Игнат сымбæлд хъæлдзæг æмæ зæрдæрайæ: — Снысан мæ кодтой,—зæгъы,—зынгирвæзты командæт 570
мæ! Цы ма мæ хъæуы? Бæх, доны боцкъа, насос—æндæр > ницы! Æрвыл бон дæр фæллойбоны æртæ цыппæрæмхайы-— цыма хъæуыИгнаты? Ницы хъæуы æндæр Игнаты! Дзырд,. радтон: цалынмæ тыллæг æфснайд фæуа, уæдмæ кусдзы- нæн. < Зынгсирвæзты командæйы сарай уыди агрокабинетмæ дæс-фынддæс метры бæрц. Ныр-иу арæх фембæлдыстæм * æз æмæ Игнат. Иу хатт гом фæрссагæй ауыдтон Игнаты. Игнат аууоны • бадти зынгсирвæзты командæйы боцкъайыл, йæ къухы дала- - фæндыр, хаттæй-хатт-иу йæ къух атылдта—бындзытæ сырд- та. Æрвыл бон дæр-иу хъæлдзæг уыд Игнат, фæлæ ныр- тæккæцæуылдæрсагъæс кодта, цадæггай фæзæлланг кодта далафæндыры тæн. Ст.æй йæ сæр иуырдæм æркъулкодта æмæ ныззарыд: Ех, кæм бамбæхстыстут Морæгъуыз цæстытæ... — Нæ, афтæ нæ,—фæуагъта йæ зарын, стæй йын но- - гæй ныззарыд, йе ’нгуылдзтæй фæндыры тæнтæ ныццагъ- та æмæ йæ батылдта: Ех, кæм бамбæхстыстут... — Нæ, афтæ нæ!—ногæй та загъта. Хæрзарæхстæй йæ фæсонтæ аныхта далафæндыры тигъæй, йæ уæрагыл ра- цахста бындз, йæ дыууæ æнгуылдзы йæ систа, æркаст æм, боцкъайы йæ ныппæрста æмæ йæм иу цасдæр фæкаст:. бындз, æвæццæгæн, зилдух кодта доны. Стæй æваст фес- тъæлфыд æмæ та ныззарыд. Уыцы куплет иу дæс хатты азарыд æмæ æваст ныхъ- хъус. Далафæндыр йæ уæрджыты ’хсæн бакодта, йæ ро- цъойæ йыл æрынцой кодта æмæ хъуыдыйы ацыд. Мæ кабинетмæ æрбацыд Пшеничкин. — Райсом райдайæн ис,— загъта бригадир æмæ бандо- ныл æрбадт. Бадзырдтам, зæгъгæ, райсом дæс сахатыл ацæудзыс- тæм æртыккаг фадыгмæ, комбайнмæ: æгæр раджы цæуык> 57Г
<нæ хъæуы, амæн æмæ мæнæу нырма ныр сбæззыд æмæ -сæумæрайсом гумæл уыдзæн кæрдынæн. Пшеничкин фæцæйрасткодта, фæлæ йын æз фæрссаг- мæ ацамыдтон. .Игнат бадти, раздæр куыд бадт, афтæ, йæ хъуыдыты ацæугæ, æрмæст чысыл йæ къæхтæ ахæлиу ’ сты боцкъайыл. — Кæсыс куыд бады... Мæ тых мын басаста! —загъта ’бригадир мæстыйæ. — Ацæудзæн та? — Чи йын цы зоны! Æмæ лæгæй дæр æвзæр лæг нæу, ’фæлæ ницы мæ сæрæн зонын, цы ’гъдауæй йын ссарон йæ зæрдæ. Сæрдарæй, Петр Кузьмичæй мыл иу чысыл ?ныдзæвгæ дæр акодта. — Дæуыл та цæмæн? — Дæ аххос, зæгъы, у куыд бригадир: куысты, дам, дзы бæрндзинад нæ домдтай. Ахæмæн, зæгъы, иварæй ’ницьт ракæндзынæ: хъуамæ йын йæ ныхмæ бæрндзинад . æрывæрай. Æвæццæгæн, мæ аххос у,—еразы Пшеничкин. Æмæ уæдæ ныр куыд аскъуыддзаг кодтат? — Йæ бæрны йын бакодтам зынгирвæзты дзаумæттæ, ’ бæх, мигæнæнтæ,—æдыппæтæй æхсæз мины аргъ. Радтам æм сæ алцæмæй дæр ифтонгæй, актмæ гæсгæ. Бавзарæд ма ацæуын! Нæ ацæудзæн, уæд та зынг сирвæзт, гæнæн . ис æмæ йыл стæрхон кæной. Уæдæ уымæн ацыд хъуыдыты Игнат, уымæн кæны - æнкъард зарджытæ „Морæгъуыз цæстытыл",—ахъуыды .кодтон мæхинымæр. Алеша Пшеничкин куы цыд, уæд афтæ: — Кузьмич дæ йæ дзæмбытæ куы ныссадза, уæд дын ирвæзæн нæй. Игнаты бар-æнæбары дæр бахъæудзæн йæ ахаст аивын. ...Сæрдар уайтагъд горæтмæ фæдзырда зынгирвæзты камандæйы хистæрмæ, цæмæй нæм æрбарвитой зынгсир- вæзты ныхмæ тохы специалист—ацы хъуыддагмæ ног снысангонд Иван Прокофьевич Уткинæн йæ куыст бам- барын кæныны тыххæй. Уайтагъд æрхæццæ инструктор æмæ дыууæ боны ар- ■выста Игнатимæ. Фыццаг ын амыдта, насосæйкуыд кусын хъæуы, шланг асыччы куыд æфснайын хæуы, уый. .Стæй ■ 572
фæсидтысты гæрзгæнæгмæ æмæ- бæх ифтындзæн’дзаумæт- тæ срæвдз кодтой, цæмæй йын дыууæ минутмæ аифтын- - дзæн уа. Ивструкторы дзырдмæ-иу Игнат багæппкодта бæхмæ, баласта-иу æй рæтæнæгъдты астæумæ æмæ-иу æй уайтагъд аифтыгъта, фæлæ инструктор уæддæр æмæ уæд- - дæр дзырдта, зæгъгæ, тагъд æй нæ ифтындзы æмæ бæх ифтындзын фæлха’т кæнын кодта, цалынмæ Игнаты архайд йæ зæрдæмæ фæцыд, уæдмæ. Райгонд уыд Игнат йæхæ- дæг дæр. Æмæ куыннæ: бæх афтæ тагъд аифтындзын колхозы адæмæй иунæг дæр нæ базондзæн. Пшенички- нæн йæхицæн дæр нæу йæ бон! Фæлæ Игнатæн йæ бон у,. Игнат зоны хæрзарæхст æвнæлд кæнын. Уый фæстæ инструктор Игнатимæ фæзылд скъæтты,. фермæты, хуымты æмæ йын дзырдта: — Дæ зæрдыл дар: зынгхуыссынгæнæнтæ сты æдып-- пæт æстдæб. Рæвдз, сыгъдæг сæ дар! Уый афтæ. Комбайн- тæм ис æхсæз зынгхуыссынгæнæны, асгар-иу сæ уыцы иу батахтæй, хъæрццыгъайау. Комбайнертæ ницæмæ да- рынц зынгхуыссынгæнæнты. Уый дæр- афтæ. Мустæ æмæ цъынатд алыварс бахуым кæн, цæмæй ссзм зынг æрбацæ- уæн нæ уа. Уый дæр афтæ. Хордæтты алыварс нысеадз. талатæ: бæлæстæ куы сырæзой, уæд зынгæй хъахъхъæн- дзысты. Уыдæттæ иуылдæр’ дæ хъуыддаг сты. /^æ сæй- раг хæс у: „Сæрддæргъы иунæг хатт дæр хъуамæ зынг ма схæца!" Хор æнæзнаггад баззайдзæн æви нæ, уый иуылдæр дæуыл баст у. Хæдзар кæнæ хоры цъына куы басудза, уæд фæнык чидæриддæр ахуыссын кæндзæн, уый ницы у, фæлæ махæн нæ бæйраг хуыддаг у—хъуамæ ма. ’руадзæм зынгсирвæзт. Рох дæ ма уæд зынгсирвæзты бархи дружина^ саразын. Правленийы цæхгæр æрывæр фарст! Æппæт дæр ын фæдзырдта инструктор æмæ ацыд. Инструкторы ацыды фæстæ фыццаг бон Игнат хæбæ-- рæй зарыд: Бх! Нæ дуармæ, нæ кæрты Дзынга фæндырæй æрцæгъды... — Ех-ех-ех!—йæ къахæй-иу зæхх æрхоста, йæ къух-иу æруагъта далафæндыры тæнтыл æмæ-иу йæ уæхсджы- 573;
* тæ банкъуыста Игнат. Бæрæгуыд—йæ зæрдæ рухс кодта- Тæккæ уыцы бон, изæры, Игнат . бацыд правленимæ. Ныр-иу, Петр Кузьмичы рæетæджы, правленийы æмбырд рагацау фæци, Прохор Паличы заманы-иу куыд фыдæх- * сæв фесты, афтæ нал уыд, æмæ Игнат бахаудта „лыстæг" хъуыддæгтæ æвзарыны рæстæджы. — Мæнмæ ис цæхгæр фарст,—загъта Игнат, йæ дзырд зæгъынæн æм рæстæг аив куы фæкаст, уæд. „Æвæццæгæн та,—ахъуыды кодтой æмбырды уæвджы-^ тæ,—куыстæй исын кæны йæхи. Ех, Игнат, Игнат!" Алеша Пшеничкин æгæрыстæмæй йæ бандоныл схъиу- гæ дæр фæкодта. — Цæй, нырма дын цы бачындæуа?—• загъта бригадир. — Æз зæгъдзынæн, æз,—дзуапп радта Игнат.—• Тагъд ма «кæн! Цæмæй фæтарстæ? Æлгъитгæ, дæхæдæг æй зоныс, г нæ ракæндзынæн. — Дзур, дзур!—йæ мидбыл худгæ, йæфарсфæци Петр * Кузьмич. — Æмбæлттæ!—райдыдта Игнат æмæ сеппæтылдæр йæ цæст ахаета,—'Мæ .бæрны ис æхсæз мины аргтэГ алыхузон ч мулк. Фæрсын уæ æмæ мæ фарстæн дзуапп дæттын мæхæ- . дæг: чи ис ацы сахат зынгирвæзты мигæнæнты цур? Ничи. Кæм ИгИгнат? Правленийы. Æмæ ацы дыууæзæрастæу зынг куы сирвæза, уæд зынгхуыссынгæнæн агрегатимæ чи ацæудзæн фæдисы? Ничи. Игнат уым нæй. Цыхъуыды кæнут уыцы хъуыддагыл? Игнат фондз боны æмæ фондз æхсæвы æнæсцухæй цæры боцкъайыл. Кæд мæ фæрсы- - лæй бадын æмæ фынæй кæнынмæ снысан кодтат, уæ фы> нæй кæндзынæн. Æз фæдæн мæ ныхас, уынаффæгæнæг уæхæдæг ут! — Нырмадын ницы бамбæрстон,—загъта Петр Кузь- мич. — Куыстæй та цæуыс?—бафарста Пшеничкин. — Уæд ма мæ дзырдмæ бафтаудзынæн. Лæгæн æхсæ- вæй-бонæй йæ бон æнæбафынæй гæнгæ цæрын у æви нæ? — бафарста Игнат æмæ уайтагъд æнæгуырысхойæ дзуапп радта: — Нæу йæ бон, æмбæлттæ, зæххон лæгæн • æнæбафынæй гæнгæ йæ бон цæрын нæу. Сымахæн нæ зо- 574
яшн, фæлæ æз уæ бынаты куы уаин, уæд уайтагъд фæ- хатин: иу лæг ма æнæмæнг радтын хъæуы зьшгирвæзты камандæмæ, дыууæ куыд уæм: иу—æхсæв, иннæ—бон. Фембæлдыстут мыл? — Фембæлдыстæм,—дзуапп радта Петр Кузьмич æнæ- хъазгæйæ.—-Уый сараздзыстæм. Игнат фæцырд, йæ ныхас фæрæвдздæр, Алеша Пшенич- кин æнцон улæфт скодта. — Ууыл нæ ахицæн уыдзæн хъуыддйг!—дарддæр дзырд- та Игнат.—-Дзырдæн—зынг сирвæзт, уæд куыд?Дыууæйæ ахуыссын йæндзыстæм. Иннæтæ та лекка æмæ фæдис хъæр кæндзысты? Нæ, æмбæлттæ, уый гæнæн нæй! Нæй гæнæн. Петуховы хæдзар куы ссыгъд, уæд куыд рауади? Иу лæг асиныл схызт, фæраст æмæ фæстæмæ уырдыгмæ быры, дыууæ æндæры та асиныл уæлæмæ бырынц: кæрæ- дзи скъуырдтой, се ’ртæ дæр асинимæ расхъиудтой æмæ зæххыл сæ дзæхст фæцыд. Уыди æви нæ ахæм хабар? Уыди, алчи дæр æй зоны. Кæм ныккалдысты Никитайы игæртæ? Зынгирвæзты рæстæджы—асинæй рахауд... Фæлæ хæдзар уæддæр басыгъд, дур дзы дурыл дæр нал баззад. — Бамбæрстам дæ! ■— загъта Петр Кузьмич.—Саразын хъæуы зынгирвæзты бархи дружинаё. Афтæ нæ? Цыбыр ауыннафæйы фæстæ аскъуыддзаг кодтой дру- жинæ саразыны хъутлддаг дæр, фæлæ Игиат нал æнцад. — Ууыл нæ ахицæн уыдзæн хъуыддаг. Цы хуыздæр у: -зынг ахуыссын кæнын, æви зынг сирвæзын нæ бауадзын? Чидæриддæр æй зоаы, æмбæлттæ, хуыздæр у афтæ кусын, цæмæй зынг æппындæр нæ сирвæза. Фарст æвæ- рын цæхгæр, — Игнат йæ къух цæхгæр сывæрд- та, æркасти йæм æмæ дарддæр адзырдта: — Бахуым кæнын хъæуы мусты алыварс, бæлæстæ ныссадзын хъæуы хордæтты алыварс, рæвдз дарын хъæуы зынгхуыс- сынгæнæнтæ,—загъта Игнат æмæ цыма уæлдæф лыг код- та, уыйау йæ къух цæхгæр æрриуыгъта.—Сывæллæттæн кооперативы æппындæр нæй спичкæтæ уæйгæнæн, афтæ тамако дæр. Кæд уыдзæн кæрон уыцы æнæгъдау мийæн? Йæхæдæг папиросы йас нæу, афтæмæй фæздæг калы пара- возау! Уый дæр афтæ. Æмæ ма уый зæгъинаг дæн: фер- 575
мæтæ хъуамæ авджы хуызæн сыгъдæг ой, рыджы мур^ хъæмпы хал дзы куыд нæ уа, цæмэей сæм зынг ма баир- вæза. Цы у нæ фыццаг хæс, æмбæлттæ? Цахæм у? Дзуапп дæттын: сæрддæргъы хъуамæ иунæг хатт дæр зыег ма сирвæза! Петр Кузьмич сæмдзæгъд кодта, иннæтæ дæр æй ба- фæзмыдтой. Тæккæ уыцы изæр Игнатмæ иуварс асидт бригадир Платонов,—кæддæриддæр дрогыл чи цæуы, уый,—æмæ йын.афтæ: — Хорз архайыс, Игнат Прокофьевич, иттæг хорз,— загъта Платонов, стæй йæ хуыз аивта, алырдæм ахъахъ- хъæдта, æниу уатæн йæ дард къуымы уыдысты, æмæ йын сусæгæй йæ хъусы бацагъта:—Адæм зæгъдзысты, зæгъ- гæ, зьтнгирвæзты ныхмæ тох кæны, фæлæ йæхи хæдзар зынгхосæй уæлдай нæу. Хъусыс? Æрцагъуынд дæ теуа- рапэ хæдзар æмæ йæ æлыгæй байсæрд, сурс æй кæн! — Уый хисæрматонд хæдзар у, пуй!—багуым-гуым код- та Игнат дæр сусæгæй æмæ æгæрыстæмæй ту дæр акод- та цадæггай. — Иннæтæн дæр сæхи хæдзæрттæ сты, фæлæ сæ зын- гæй хъахъхъæныс. Хъуамæ сын уымæй дæр цæвиттон рав- дисай. Æмбарыс? Игнат ахъуыдыкодта. Цалдæр боны Игнат лæдзæджимæ зылди мустыл, ком- байнтыл, фермæтыл, зылди тæккæ тæвды, фæлæ ыæ дæр йæ сæр рысти, нæ дæр æндæр, мæнæуы гъæд сгаргæйаё йын куыд рыст, афтæ, æниу уæдæй ныр тæвддæр бонтæ скодта. Бацыд Игнат Алеша Пшеничкины бригадæйы мусмæ æмæ зæгъы: — Мусы алыварс бахуым кæн! Правленийы бауынаффæ кодтой, стæй инструкци дæр афтæ амоны: мусы алфæм- блай бахуым кæн дыууадæс метры. — Нырма мæ бон нæу,—нæ разы кодта Алеша,—бæхтæ æнæвдæлон сты. — Уæдæ зынг куы сирвæза, уæд дæ равдæддзæн?— фæрсы йæ Игнат. —-Гъо, гъо! Мæ хъуыры цы ныббадтæ!—-æнæрхъуыды- йæ сирвæзт Пшеничкинæй. 576
— Цы, цы? Ды мæ нæ баурæдтай ацы куысты? — Æз. — Уæдæ цæмæннæ æххæст кæныс инструкци? Кæд. афтæ у, уæд мын æри æидæр куыст! — Райсом бахуым кæндзынæн мусы алыварс, æмбарыс, райсом! — Æмæ та дæ райсом дæр бæрæг кæион, и?! Колхозьь цыппæрдæс мусы ис. Иуылдæр мын райсоммæ куы æм- гъуыд кæной, уæд сын аст æмæ ссæдз боны бахъæудзæн. Уый ницы у. Инструкци афтæ иæ зæгъы: мус сцæттæ—йæ^ алыварс ын бахуым кæн! Алешæ райдыдта "мæсты кæнын. — Дæу афтæ фæнды, цæмæй æз хуысгæ кæнон,—дзурьг’ Игнат бригадирæн,—Хорз, хуысдзынæн.-—Æмæ, æцæгдæр, уæлгоммæ адæргъ мусы астæу æмæ йæ къухтæ йæ сæры’ бын бакодта. — Хуыссын, цалынмæ мусы алыварс бахуым кæнай, уæдмæ. Æндæр мæм ницуал дзырддаг ис. Æртæ’ боны куы хъæуа хуыссын, уæддæр хуысдзынæн, мæ бон у.—Иудзæвгар ницыуал сдзырдта, стæй цæхгæр балхынцъ кодта йæ ныхас:—Мусы алыварс бахуым кæн, уый йедтæмæ мыл цъыыа нæ самайдзынæ! Пшеничкин фырмæстæй ныттукодта. — Сергей Васильевич,—фæхъæркодта бригардир,—бæх- тæ суæгъд кæн бричкæйæ! Бахуым кæнæм мусы алыварс... ’ Гутон уæртæ уым, сарайы. Мусы алыварс куы бахуым кодтой, уæд Игнат араст комбайнмæ. Цæугæ-цæуын сгæппкодта комбайыны штурвалы лæууæнмæ, райста зынгхуыссынгæнæн, йе ’нгуылдзæй йæ бакъуырцц-къуырцц кодта, фæстæмæ æрхызт, комбайныраз- мæ базгъордта æмæ йæ къух сдардта. Комбайнер æм— фæтæнриу, æрыгон лæппу, рыг æмæ дзы зыгуымæй ницы зыны, бæрæг нал уыд—бурдзалыг у æви саулагъз—йæ къух тилы æмæ йæм уæлейæ хъæр кæны: — Иуварс ацу! Тракторист йæ кабинкæйы дуарæй тымбыл къухæй æрт- хъирæн кæны Игнатмæ, æвдисы йын, луасиау æй куыд аууæрддзæн, уый. Фæлæ сæ Игнат хъуыды дæр нæ код- та æмæ æнцад лæууыд йæ мидбынаты. Æрлæууыд агре- 37 577
гат. Иууылдæр базгъордтой Игнатмæ: тракторист, комбай- нер, штурвалыл бадæг, хъæмпæппарæг дыууæ кусæджы. Игнат зæххыл фæбадæг, æвæццæгæн, тарст, зæгъгæ, ком- <5айны развæндагæй йæ иуварс куы асхойой. Комбайнер <ын йæ тæккæ фындзмæ бахаста лæсгæрзилæн егъау дæ- гъæл æмæ хъæр кæны: — Агрегат бауромын фыдракæнд у! Мæнæн нормæ ис, æмгъуыд мын ис! Æмбарыс æви нæ—хор æфснайын, хор! Игнат загъта: — Сбадут! Кæй зæгъын æй хъæуы, бадгæ сæ ничи скодта, сеп- пæт дæр æмхуызон нытту кодтой, тракторист багæппкод- та йæ кабинæмæ æмæ тракторы скусынкодта. Сдзыгъал- мыгъул кодтой тракторыкалмдзæлхытæ, сгуыр-гуыр код- та комбайн. Фæлæ Игнат цадæг æрхуыссыд, йæ рæм- быныкъæдзыл æрынцойкодта æмæ хиталæгæй йæ дæндаг схъауы. Тракторы калмдзæлхытæ æрбахæццæ сты Игнат- мæ дыууæ метры онг æмæ æрлæууыдысты: цы багкæна тракторист? Рахизырдæм азила—хор ныссæнддзæн, галиу- ырдæм азила—Игнаты ныллæг кæндзæн. Игнат йе ’нгуыл- дзæй амоны комбайнермæ, ома мæнмæ дын æнæрбацæугæ нæй, лæгыл трактор нæ аскъæрдзынæ! Бацыд комбайнер, йæ худ зæххыл ныццавта æмæ райдыдта æлгъитын. Игнат æй- цадæг фæрсы: — Зынгхуыссынгæнæн цæмæн у?-~æмæ йæ сдзурын нæ ’бауагъта, афтæмæй дзуапп радта йæхæдæг:— цæмæй зынг- ирвæзтæй мацы тас уа. Сифтындз æй! —- Изæры йæ сифтындздзынæн, комбайны куы рæвдз ясæнон, уæд! Агрегат фæстиат кæнын мæ боннæу! Райком- мæ дыл бахъаст кæндзынæн! — Æппындæр ницы бафæстиат уыдзæн. Дон ис æмæ йæ сифтындз: фынддæс минуты дæ хъæуы æмæ цæттæ уыдзæн. — Изæры йæ сифтындздзынæн дын куы зæгъын, изæ- ры!—хъæр кодта комбайнер.—Адæймаджы ныхас æмбарыс æви нæ? И-зæ-ры! И-зæ-ры! — Адæймаджы ныхас æмбарын, фæлæ дæ ныхас не ^мбарын,—æдыхстæй загъта Игнат æмæ йæ каст скодта мигъы къæммæ, цыма никуы æмæ ницы. 578
Комбайнер фефсæрмы æмæ сындæгдæр загъта: — Цæй-ма, нæ хъусыс, изæры йæ сифтындздзынæн! — Нæй гæнæн. Æз, зынгирвæзты камандæйы радгæс, изæрьт дæумæ бæрæггæнæг цæудзынæн? Нæ, изæры мæ -бон нæу: ныртæккæ йæ сифтындз!Инструкци куыд зæгъы? -Зынгхуыссынгæнæн дæм куы нæ уа, уæд хор ма кæрд! Æнæзьшгхуыссынгæнæн къахдзæф дæр нæ! Цы зьшаргъ агрегат дыл баууæндыдысты, уымæн зынгхуыссынгæнæн дæр уымæн радтой.—Игнат йæ тымбыл къухæй зæхх æр- хоста æмæ дарддæр дзырдта:—Райкомы секретарь Иван Иванович нырттæккæ йæхæдæг дæр ам уыди æмæ загъта: .„Суай-ма, зæгъы, Игнат Прокофьевич, æмæ комбайнты зынгхуыссынгæнæнтæ асгар!" —Игнат цæрдæг фестад, йæ уæрджытæ æмæ йæ хæлафы æрбадæн ацагъта. —Рахæсс ведра, дон, сифтындз æй! Зоныс æй ифтындзын? — Зонын, амыдтой мын,—бахъуыр-хъуыр кодта комбай- нер æмæ уайтагъд ведрайы дзыгъал-мыгъул ссыд. Æппæт дæр арæзтой цæрдæг; вецрайы мидæг доны ба- тайын кодтой ацу&ас, ньтккалдтой йæ зынгхуыссынгæнæны камерæйы, кæмхъуыд, уымнывæрдтой дыууæавджын къан- нæг балонæйы, сæ хъуыртæ æхгæд...—æдыппæт сæ фынд- ;дæс-ссæдз минутæй уæлдай нæ бахъуыд. Ифтыгъд зынг- хуыссынгæнæн йæ бынаты куы нывæрдтой комбайны, уæд 44гнат комбайнермæ радта телæй арæзт хылычъы: — Æрбæтт æй аппаратмæ, æрвыл бон дæр-иу асгар зынгхуыссынгæнæны дзых, цæмæй ма сыхгæна!—æмæ фæс- тæмæ дæр нал фæкаст—араст иннæ комбайнмæ, Иу цыбыр дзырдæй, Игнат Прокофьевич куыд æмбæлы, афтæ сæвæрдта зьщгирвæзты хъуыддаг хуымты æмæ ■ æрывнæлдта фермæтæм. Уым Игнат дзырдта: — „Нæ мæ ’вдæлы" зæгъыс, „æхсыр стуаг уыдзæн"? Æмæ зынг куы сирвæза, уæд не стуаг уыдзæн? Бафснай- ут хус фаджыс, ныссæрфут алы ран дæр! Науæд нæ ацæу- .дзынæн. Афтæ баддзынæн æхсыры бакыл, æртæ боны æмæ æртæ ’хсæвы дæр баддзынæн—мæ бон у! Сымахæн та æх- <сыр æркæнынæн мигæнæн нæй. Никæмæн уыд йæ бон Игнатимæ дзурын. Йæ бинойнаг, .Домнæ Васильевнæ, фермæйы хъугдуцæгæй куыста, æмæ .устытæн афтæ дзырдта: 579
— Гæнæн нæй, мæ хуртæ. Æз æй зонын: куы ныццæх- гæр уа, уæд æй паровозæй дæр нæ фезмæлын кæндзынæ. Фæлтау райдайæм сыгъдæг кæнын. Ныр æнæхъæн мæй’ нæ хæдзары аходæн нал’ бахордта, изæры куы ’рбацæуы, уæд та куыддæр сынтæгмæ баирвæзы, афтæ æдзæм фы- нæй авæййы. Игнат та æхсыры бакыл бадти, йæ ’æппæт дæс æн- гуылдзæй амыдта „дзынгайы44 зарæг æмæ йæ усæн дзырдта: — Хъуамæ зонай, мæ бæрны колхозы мулкæй цас ис,. уый: зынгирвæзты ныхмæ тохы мигæнæнтæ, фондз ком- байны, цыппæрдæс мусы, цыппар фермæйы... Стæй колхо- зонты æртæ сæдæ хæдзары та? Æцæг уыдон хисæрмагонд. хæдзæрттæ сты, фæлæ сын нырма судзæн нæй. „Хæ- дза-рц а-хо-дæн нал ба-ко-дта!"— хъазгæйæ афæзмыдта йæ усы.—Афтæ æнхъæл дæ аходæн æцæг нæ бакæнын?' Ныртæккæ быдыры кæмдæриддæр аходæн бакæнæн ис— æрмæст хæргæ кæн! Дзырдæн, Игнат мусмæ куы бацæуы, уæд æм уайтагъд сидынц: „Игнат Прокофьевич, сбад, дæ хорзæхæй, аходæн бахæр немæ!" —- йæ худ систа Игнат,. йæ сæрæй акуывта æмæ дардддæр дзырдта:—Игнат бацыд комбайнмæ. Уым ын дзурынц: „Æмбал Ушкин, аходæн нæм бакæн!"—Игнат йæ худыл хæцы, афтæмæй йæ къух иуырдæм ауыгъта æмæ та йæ^ сæрæй акуывта.—Æрмæст сымах стут зындзырд, æнæм- баргæ элементтæ, иннæтæ æнæуæлдай радзур-бадзур æх- хæст кæнынц инструкци. Цы зæгъын æй хъæуы, фермæтæ сæрфтой, сыгъдæг сæ кодтой. Æппынфæстаг Игнатæй иууылдæр разы уы- дыстьт æмæ-иу ын бахастой, дыууæ литры кæм цæуы, ахæм мигæнæны æхсыр. Æгæрстæмæй колхозонтæ дæр йæ ных- мæ ницыуал дзырдтой. Игнат сыл зылд æмæ сын дзырдта: — Кæд ныссыгъдæг кодтай дæ пецы фæздæгдзон? Сæдæ азы агъонмæ, Романовтæ паддзах куы уыдысты, уæд?" Инструкци афтæ зæгъы: „Йæ пецы фæздæгдзон сыгъдæг кæмæн нæу, уый ивар цæуы фондз æмæ ссæдз сомæй". Тасы ран æвæрыс хъæу æмæ социалистон исбон. Райсом дæ бабæрæг кæндзынæн. 580
Æмæ иууылдæр афойнадыл сыгъдæг кæнын райдыдтой ♦сæ фæздæгдзонтæ. Фæлæ плотник Ефимичмæ куы бацыд фæздæгдзон сгарынмæ, уæд æм уый фелвæста тулдзæй «конд уæззау метр æмæ йæм хъусгæ дæр нæ бакодта, аф- тæмæй йæ ратардта йæ хæдзарæй. Игнат мæсты нæ кодта, Игнат куыста æхситтæй заргæ, æцæг тагъд нæ кодта. Бригадир Платонов, Игнатмæ кæс- гæйæ, дзырдта Алешæ Пшеничкинæн: — Зоныс, Алешæ, уый саргъы бæхыл сбадын кæн æмæ йын хъримаг радт—диссаджы зæхгæс уаид! Нæ дæр ис- кæй фæллоймæ фæныхилдзæн, нæ дæр тонагæнæгæн исты ауадздзæн. — Кæд та ницы ног фокус равдиса, уæд. Нæма мæ уырны. Зынгирвæзтæй хъахъхъæнæн куысты баззайа, уый дæр мæ нæ уырны, зæхгæс нæ, фæлæ, —гуызавæ кодта Пшеничкин. Фæлæ зымæджы дæр, æгас колхозы дисæн, Игнат баз- зад зынгирвæзтæй хъахъхъæнæн куысты, стæй ноджы йæхимæ райста æвдæлон рæстæг цъылынтæ бийын, æмæ сæ цæттæйæ колхозы æфтауцдонмæ куы лæвæрдта, уæд дзырдта: — Алы цъылыныл дæр судзæнæй фæнысан кодтон æртæ дамгъæйы—„Н. Ц. И." Дыууæ дамгъæйы—„Н. Ц." уæл- дæр, „И" та чысыл дæлдæр. Уый нысан кæны,—дзырдта Игнат, — Колхоз „Ног цард"; цъылын бæттæг та уыд Игнат. Ахæм цъылынæй дæ бон у Мæскуыйы Сырх фæз дæр ныммæрзай, къæмдзæстыг нæ фæуыдзынæ! Чи цы зоны йгнатæн! Чи зоны, æцæгæй бæллыд, зæгъ- гæ, йæ цъылынтæ Мæскуымæ бахаудзысты æмæ сæ исчи мæрздзæн Сырх фæз. Зымæгон-зымæджы дæргъы иугæндзон быдта цъылын- тæ æмæ йын фæстагмæ диссаджы рæсугъд цыдысты: цъылын-иу сбыдта иугай æвзæрст хæтæлтæй, йæ хæцæн- ту ын аив бабаста бæласы цъарæй æмæ-иу ыл бакодта урсурсид къалиуæй бантик. Æцæг бигæ кодта иннæ колхозонтæй дыууæ хатты къаддæр, фæлæ уымæй хуыз- .дæр нич-и быдта. 581
Уалдзæгмæ æввахс, хур куы æрæндæвта æмæ цæугæ- дон куы снæрсти, хъæддаг хъазтæ æнæсæрфад уастгæнгæ тæхын куы райдыдтой, хъæддаг бабызтæ сæ базыртæ& изæрмилты æхситт кæнын куы райдыдтой, уæд Игнат æр- æнкъарди. Бирæ-иу фæхъуыста сауцъиуы уасынмæ æмæ-иу йæ~ къухтæ ныццагъта, дисы-иу бафтыд: сауцъиу, куы бæ- лоны гуым-гуым бакæны, куы лæппуйы æхситт скæны; куы уырыйы цъыс-цъыс скæны. — Уый дын фæндырдзæгъдæг, музикант!—дис кодта Игнат. Сауцъиу—бæдæйнаг, халон—æдылыкъоппа! Хаттæй-хатт-иу æнæхъæн сахат фæбадт зынгирвæзтæй хъахъхъæнæн сарайы дæлбазыр, йæ хъус дардта, хъазты дзуг куыд тахт, уымæ æмæ дзырдта: — Ех, хъазтæ, хъазтæ! Бæдæйнаг хъазтæ! Арæх-иу æрбауад мæнмæ агрокабинетмæ—йæ фарсмæ- уыдтæн—æнцад-иу бадти, газет-иу каст, никуы мæ хъыг- дардта кусын, æрмæст-иу загъта: — Иууыл фыссыс, æмæ фыссыс, ,Акимич. — Гæнæн нæй. Домынц, цæмæй алцы дæр бæстон æмæ афоныл уа, пъланмæ гæсгæ. — Сæрд—цалдæргай бонтæ быдыры, зымæг—иугæндзон фысгæ æмæ фысгæ... Зын куыст у! — Нæ,—зæгъын,— хорз куыст у, Игнат Прокофьевич. — Домынц, зæгъыс?—бафæрсы Игнат, зæхмæ кæсгæйæ.- — Уæдæ куыд? — Ех-хе-хе!—ныуулæфы Игнат.—Уæдæ мæнæй ничи ницы домы: цыма хъæугæ дæр афтæ кæны. — Мæнæ та сæрд куы ’рбалæууа, уæд та архайдзынæ- зынгирвæзты ныхмæ куыст бæстон кæныныл, уæд дын æнæуый дæр хуыздæр уыдзæн. — 0, ныр сæм ссæдз километрæй æввахсдæр нæма ба- хæццæ вæййын, афтæ срæвдз кæнынц сæ зынгхуыссын- гæнæнтæ- Фæцайдагъ сты фермæты дæр... Цы ма араздзы- нфн? Ницы куыст ис Игнатæн! Доны боцъка, бæх æмæ донцъирæн хæтæл: бад, Игнат, æмæ æнхъæлмæ кæс зынг- сирвæзынмæ! Уый куыст у?—Уыцы дзырдты фæстæ йæ къух æнæрайгонды тылд акодта æмæ ацыд. 582
Æрæнкъард Игнат, далафæндыр цæгъды æмæ цадæг- гай зары зынгирвæзтæй хъахъхъæнæн сарайы дæлбазыр: Ех! Тæхынц бабызтæ... Бабызтæ ’мæ дыууæ хъазы... Даргъ ауагъта зарæджы кæрон, стæй-иу æваст йæ сæр банкъуыста æмæ-иу фæхъæркодта: „Е-ех!"—æнæдзургæйæ-иу алæууыд, цадæг-иу йæ сæр- æруагъта æмæ-иу дарддæр зарыд æнкъард хъæлæсæй: Ех! Цæмæ ма кæсын, цæмæ ма кæсын... Мæ бон нал у æнхъæлмæ кæ-сы-ы-ын... Æнхъæлмæ цæмæ каст Игнат, уый бæрæг нæу, фæлæ зарæджы дзырдтæ йæхирдыгонау дзæгъæлы нæ раивтаид: „кæй уарзын", зæгъгæ, дзырдты бæсты зарыд: „цæмæ ма кæсын". Зарыд цадæг, зæлдаг уадзæгау, стæй-иу дала- фæндыры тæнтыл йе ’нгуылдзтæ æваст адугъкодтой æмæ~ иу сдзырдта: — Ех, æнæрай фæу, Игнат!.. Йæ чеппыл нал у Игнат, æппындр нал у йæ чеппылГ Æмæ цыма куыстмæ дæр йæ зæрдæ нæ ради, æгæрыстæ- мæй цæуын дæр райдыдта сындæгдæр, æвæндонæй, цыма уæззаудæр фæци. Йе ’мбал-иу æй раивта рагацау, изæры æхсæз сахаты уыдаид, афтæ-иу доны былмæ ацыд æмæ-иу донмæ каст æмæ каст. Æмæ, гъе, ныртæкгсæ æппæт колхозы адæм кæй хъуы- ды кæнынц æмæ арæх кæй фæдзурынц, стæй, чи зоны, сæ байзæттагæн дæр кæй дзурдзысты, уыцы хабар дæр доны был æрцыд. Æхсæвы феккуырсти их, фæлæ та бонырдæм банцад. Веселый, зæгъгæ, хъæуы нæма зыдтой, их кæй фезмæ- лыд, уый æмæ æртæ лæппуйы скъоламæ æрцыдысты их- тыл. Æхуыргæнæг сæ куы федта, уæд йæ уд ауад æмæ сæ сæхимæ нал ауагъта. Фæлæ дæсаздзыд лæппу Сергей Верхушкины ам бахсæвиуат кæнын нæ фæндыд, ома уый тыххæй мыййаг нæ, фæлæ йæ æндæр цæмæдæр гæсгæ ба- 583
фæндыд доны та ахизын æмæ сæхимæ ацæуьш. Æмæ ацыд, Доны астæумæ куы бахæццæ, уæд кæмдæр скъæс-къæс кодта, сгуыр-гуыр кодта æмæ дон йæ былтæм скалд. Лæп* пу азгъордта доны фаллаг фарсмæ, фæлæ уæдмæ уым уый онг скалд дон, æмæ ленк кæнынæн бæззыд. Лæп- пу ахъуыды кодта æмæ фæстæмæ фездæхт. Згъоры фæстæмæ хъæумæ, фæлæ дон ам ноджы фæтæндæр, ихæй доны былмæ—ссæдз метры бæрц. Фæтарст Сергей æмæ ныхъхъæркодта. Доны был уыцы ран бынтон æмуырдыг нæу, фæлæ уæд- дæр уырдыг у, бирæ иукъахвæндæгтæ цæуы донмæ. Адæм ■згъордтой лæппуйы хъæрмæ, æрымбырд дзы фынддæс лæджы бæрц æмæ йæм хъæр кодтой доны былæй: — Ихын хидмæ! — Серге-ей! Галиуæрдæм, галиуæрдæм-æ-æм! Ихын Хидмæ-æ-æ! Галиуæрдыгæй, иу-дыууæ сæдæ метры дарддæр, æцæг- дæр ихтæй сырæзт хид: доны нарæджы цалдæр ихы фæй- нæрдæм ацыд, æмæ уыдоныл рахизæн уыди, фæлæ Сергей дæлейæ уыди æмæ йæм уыцы ихын хид нæ зынди, æмæ йæм уæлейæ хъæр кодтой, сæ къухтæ йæм тылдтой. Æрс- доны гуыр-гуыр æм æввахсæй-æввахсдæр кодта, цы ихыл лæууыд, уый къæс-къæс байдыдта, ихы зыхъхъыртæй дон пæлхъ-пæлхъ кодта. Лæппу фергъуыйау æмæ ныр хъæр нал, фæлæ куыдта æмæ йæ мидбынаты лæууыд. Чи- дæр æм архайдта бандон баппарыныл, фæлæ кæм!—доны <фæтæн уыди дæс æмæ ссæдз метрæй дæр фылдæр, йæ .арф та лæджы бæрзæндæн. Сæ сæргъ ЕсЬимич, афтæмæй •афтæ лæджы æрцæйластой бæлæгъ. Адæм æрызгъордтой дæлæмæ, уынаффæтæ кодтой, хъæрæй дзырдтой. Æвиппай- ды цæйдæр хъыррыст фæцыд, доны бæстастæу егъауихы къæрт хъен слæууыд, стæй йæ дзæхст фæцыд æндæр ихыл, асаста йæ, их базмæлыд. Адæмæн сæ зæрдæ нык- кæрзыдта. Раст уыцы уысм доны был февзæрди Игнат. Цалдæр уысмы бæрц æнцад акаст, йæ алыварс цы цæуы, уымæ, •стæй уыцы иу гæпп акодта дæлæмæ, донмæ. — Зондцух чи у, уый иуварс алæууыд!—фæхъæркодта 584
згъоргæ-згъорын Игнат æмæ иууылдæр фæйнæрдæм алæу- уыдысты. Згъоргæ та афтæ тагъа; кодта, æмæ йæи Игнаты хуызæнæй ницы уыди. — Хынджылæг ма кæн!—фæмæсты йæм Платонов,—Нæ уыныс—æнамонд хабар! Игнат никæмæ хъуыста, фелвæста йæ къандзол, йæ цырыхъхъытæ, йæ цæлхъ фæцыд доны æмæ аленк кодта Сергеймæ: — Ах-х!—арф ныуулæфыдысты адæм. Аленкласта Игнат доны, йæ къухтæй фидар ныххæцыд ихы кæроныл, архайы уæлæмæ схизын, фæлæ нæй æмæ нæй. — Бабын Игнат!—загъта чидæр ризгæ хъæлæсæй. Фæлæ Серги—диссаг у, куыд фæцырди!—йæ цурмæ ’базгордта, йæ къандзол фелвæста æмæ йын йæ иу дысыл йæхæдæг хæцыд, иннæ та йын Игнатмæ баппæрста. Игнат йæ иу къухæй къандзолмæ февнæлдта, иннæ- мæй ихыл хæцыд, лæппу дæр ын йæ тых, йæ бо- нæй æххуыс кодта æмæ Игяат ихмæ схызт. Ныххæцыд Сергийы къухыл æмæ азгордта ихын хидмæ. Их цадæггай æнкъуыст. Игнат Сергийы къухыл федар хæцыд, афтæ- мæй згъордта, гакъон-макъонтæ гæнгæ, скъæлдзойы алы- вæрсты, ихты æмдзу кодта, дон нарæгдæр кæм уыд æмæ яхтæ донбылгæрæтты æнгом кæм цыдысты, уыцы ранмæ. Адæм дæр донбылгæрæтты згъордтой Игнаты комкоммæ æмæ цыдæр хъæр кодтой, сæ къухтæ, сæ худтæ йæм тылдтой. Æвиппайды кæйдæр тыхджын хъæлæс фæбынæй кодта ихы гуыр-гуыр дæр æмæ адæмы хъæр дæр: — Ардæм, а-ардæ-æ-æм! Ардæм рацу, Игна-а-ат!—ныхъ- хъæр кодта Ефимич, доны был ихтæ ныццæнд сты, уый куы федта, уæд. Уый æввахсдæр уыди, Игнат цы ихын хидмæ тындзыдта, уымæ, стæй ма ныр æнæхъæн уыди æви нæ, уый ничи уыдта—уæлейæ, къуыппæй йæм ничи уал касти. Игнат фидар хæцыд Сергийы къухыл, фæзылд Вфимичы хъæрмæ æмæ дыууæ минутмæ сæ дыууæдæр—Игнат дæр -æмæ лæппу дæр—рахызтысты доны былмæ. Уыцы уысм æрбазгъордта колхозы сæрдар дæр æмæ æцдæр бирæ чи- .дæртæ дæр: адæм фылдæрæй-фылдæр кодтой. Чидæр Игнатæн йæ къандзол йæ уæлæ акодта, чидæр 585
йæ дыккаг хæлаф раласта æмæ йæ Игнатæн радта, чидæр* æрбаскъæфта Игнаты цырыхъхъытæ, кæм сæ раласта, уырдыгæй... Уæлейæ, къуылдымæй, æрласæгау кодтой тулуп æмæ йæ скодтой хъайтарыл, Ефимич та йыл йæ егъау фысдзарм худ æрсагъта. Игнат кæддæриддæр куьвд дзырдта, афтæ æдыхстæй загъта: ’— Сылгоймæгтæ, уе ’ргом хурныгуылæны ’рдæм азилут, уæ фæсонтæ та—хурскæсæны ’рдæм æмæ уал афтæмæй уæхиуыл дзуæрттæ бафтаут... Æз уал мæ хуылыдз хæлаф< сур хæлафæй раивон. Адæм сæ мидбыл бахудтысты. Чидæр загъта: — Уый дын Игнат! Игнат æнкъардæй скаст уæлæмæ, къуылдыммæ, арф ныуулæфыд, йæ къухæй йæ сæрыл ныххæцыд, йæ цæс- тытæ бадъындкодта æмæ фæцæйхауд. Æрхауын æй, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бауагътой, февнæлдтой йæм, мæты бацыдысты, Оххытæ кæнынц: — Ах! Ах! Йæ зæрдæ бахъарм, мæгуыртæг! — Фæдзурут фельдшермæ! — Хæсгæ ут къухæй!—æрбазгъордта æмæ дзырд радта Алешæ Пшеничкин. Донвиййæгтæй æмæ палтотæй хæссæн ацарæзтой, æры- вæрдтой йыл Игнаты кæрцы уæлæ æмæ йæ ахастой уæ- лæмæ, къуылдыммæ: разæй йыл хæцыдысты Пшеничкин æмæ Ефимич, фæстейæ — Петр Кузьмич йæхæдæг æмæ Платонов. Игнат уæззау лæг ’нæ уыди æмæ йæ цыппарæй рогæн сдавтой. Куыддæр хæссæн къуылдымыл февзæрд, афтæ Игнат цæстæй ракаст æмæ загъта: ■—Æгъгъæд у. Фæзы мæхæдæг ацæудзыяæн,—æмæ сыстад, цыма никуы æмæ ницы. — Цы ми кæныс?!—дисы бафтыд Пшеничкин. Иуылдæр дис кодтой. — Цы дис кæнут?—загъта сынИгнат.—Нæ кæсут, куыд бæрзонд къуылдым у! Дзæгъæлы цæмæн хъуамæ цæуон фистæгæй?—æмæ тæрхъусы сæррæтт акодта, стæй фæстæ- мæ фæзылд, кæрцы фæччимæ басмыста æмæ йæ дзырдмæ бафтыдта:—Цалынмæ мæ хæдзармæ хæссат, уæдмæ мæ- уазал бацæудзæн, æндæра хуыссыдаин... 586
Нæ, адæм ыл канд дис нæ кодтой, фæлæ бынтондæр фергъуыйау сты æмæ йын ницы баци сæ бон зæгъын. Æшшнфæстаг Ефимич донвиййаг зæххыл ныццавта, нытту кодта æмæ загъта: — Хæйрæг æй зоны, цавæр адæймаг у! — Уæдæ, уæдæ!—йæ дзырд ын айста Петр Кузьмич. Ефимич мæстæй фыхти: — Ничи йæм кæсы, зивæг кæны хæрды! Схæссут æй! ’ Зоны, дæлтъур, схæсдзысты йæ! — Уæдæ, уæдæ!—загъта та сæрдар.—Хъазгæ нæ кодта! • Кæд та нын исты уыциу-уыци загъта? Ома зынгирвæзты заманы кæрчытæ куыд æнæсæрфат рауай-бауай кæныиц, афтæ рауай-бауай кæнынц доны был, лæппу та ихыл джи- уы. Уый тыххæй ныр хæрды уæлæмæ хæсгæут мæ хуы- зæн æдылыйы! — Хæйрæг æй базонæд, цы ’рхъуыды кодта!—йæ маст нæма ’рцыд Ефимичæн. Стæй чысыл йæ маст æрцыд, Алешæ Пшеничкинмæ азылд æмæ йын афтæ зæгъы:—Уым, станочы бын иу къаннæг авджы дзаг арахъхъ, Тагъддæр ауай æмæ йын æй сдав... Ихдоны ныххызт, бабын уыдзæн Игнат... Ныртæккæ йæ арахъхъ æнæмæнг хъæуы: нуазгæ дæр дзы акæнæд æмæ йæ æттейæ дæр æрсæрфут. Ныууай, Алешæ Антонович, æз æм... нæ бацæудзынæн,—цæхгæр балхынцъ кодта йæ ныхас, стæй хъуамæ йæ сæрыл арф æркодтаид йе стыр фысдзарм худ, фæлæ худ йæхимæ куы - нæ разынд, уæд Ефимич нытту кодта æмæ ма йæ дзырд- мæ бафтыдта: —Мæ худмæ дæр нæ бацæудзынæн! Æз доны былмæ ныццыдтæн æппæты фæстæ, куы ны- хæццæ дæн, раст йеуæд Петр Кузьмич дзырдта: — Дзæгъæлы нæ цæуыс, Ефимич, дзæгъæлы! Хъуамæ йæм ныртæккæ æнæмæнг бауаис, æвзæр нæ уаид фæйнæ нуазæны иумæ куы аназиккат, уæддæр... Цалынмæ мах æртæйæ Игнаты ног агъуысты цъæхбын сæрст хæдзармæ цыдыстæм, уæдмæ фысым анызта, цы < дыууæ къаннæг авджы йын æрбахуын кодтой, уыцы арахъхъ æмæ æнцад, æнæхуыррыттæй тарф фынæй кодта. — Ницы йын уыдзæн,—ныфсæвæрæн ныхасы уагæй загъта Ефимич. Литры æрдæгарахъхъы яыхмæ æппындæр ницы уазал фæлæудзæн. 58Г"
Фадеев Александр МÆГУЫРДЗИНАД Æу1Æ ХЪÆЗДЫГДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ Уыцы фæззæг партийæ аппæрстам Никалай Камковы— хъæды хъуыдцæгты фæдыл кусæджы. Йæ фыд, хъæдгæсты хиотæрИванСтепановичКамков йæ рæстæджы уыдис хъæздыг лæг, уыди йьш стырзæхх æмæ хæдзар нæ хъæу Утёснимæ ’ввахс, ныртæккæ колхоз „Крао- ный партизан" кæм ис, уым. Йæ зæхх ын байстам æрмæст 1922 азы, нæ кра#ы Со- ветон хицауад куы æрфидари, уæд. Фæлæ зæрондæн йæ- хк нæ бахъыгдардтам, хæсты азты партизанты йæхимæ кæй æмбæхста, стæй крайы мидæг ахуыргонд хъæдыдæс- ны кæй уыди, уый тыххæй.. Никалай Камковы партийæ аппæрстам расыгæй, колхо- зы хъаугъа кæй сызмæста, уый тыххæй. Фæззæджы уый йæ фæллад уадзынмæ ’рцыди йæ фыдмæ,—йæ фыд ма ныр дæр хъæдгæсы куыст кæны нæ комбæстæйы,—æмæ ком- коммæ бахауди колхозы æфтиæгтæ уарыиы бæрæгбонмæ. Гъе, æмæ йыл уым æрцыди уыцы хъуыддаг. Йæ уыцы хъуыддаг æвзарын куы райдыдтой, уæд фæ- сидтысты махмæ дæр, Утёснийæ рацæугæ чи уыди æмæ крайы алы къуымты чи ныппырхи, партийы уыцы уæнг- тæм. Не ’взонджы бонты не ’ппæт дæр хорз зыдтам Никал- кæйы æмæ йыл æууæндыдыстæм, æрмæот мидæгон хæсты фæстæ махæй фæиппæрди. Фæлæ ныр ам бамбæрстам раз- дæр дæр ыл æууæндын кæй нæ хъуыди, æмæ ма дис дæр кодтам уыцы рæстæджыты куыннæ зыдтам иуæй-иу адæй- •588
мæгты æмæ ахæм адæймаг ныры онг куыд баззади пар- тийы рæнхъыты. Ивгъуыд заманы махæн фæндаг нæ уыди ахуырдзинад- мæ, æмæ мах, мæгуыр зæхкусджыты сывæллæтты, дисы æфтыдта, æппæт крайы дæр номдзыд ахуыргонд бариньг фырт Николкæ Камков кæй цæуы махимæ æмæ немæ хæ- лар кæй у, уый. Скъолайæ-иу йæ фæллад уадзынмæ куыддæр æрцьгди сæхимæ, афтæ-иу топп йе уæхскыл баппæрста, æмæ—мах- мæ. Æмæ-иу махимæ уыди æнæхъæн къуыригæйтты æмæ мæйгæйтты. Иумæ цыдыстæм быдырмæ, кæсагахсынмæ æмæ цуаны, изæрбадæнтæм, иу къусæй-иу хордтам, цы- ди мах дарæсы хуызæны. Бæрæгбонтæм-иу хаттгай цыдыстæм къордгæйттæй: иу къорд уыди мах, мæгуырты, иннæ та—хъæздыджты æмæ мæ зæрдыл лæууы, Николкæ Камков алхаттдæр уыди мæ- гуырты къордимæ. Уый æрыгонæй дæр уыди стыр, бæ- зæрхыг, уыди йын бæзхъуын æрфгуытæ, йæ хъæлæс та, цыма трубæйæ дзырдта, уый хуызæн. Не ’ппæты дæр бырста фæд-фæдыл, цалынмæ-иу куыройгæсы фырт Алек- сашкæ Чйкиныл йæхи не скъуырдта, уæдмæ. Уый уыди арæхстджын, цырд цæстæй дæр æмæ, куыстæй дæр раст сырдыхуызæн. Иугæр ныццæвынмæ æрхъавыди, уæд цавта æппæтæй тæссагдæр бынæттæ æмæ æнауæрдоиæй. Хæцы- дысты-иу сахатгæйтты, стæй-иу æм фыццаг Камков йæ къух бадардта. — Æгъгъæд у. Сæттын,—-дзырцта-иу уый. —• Афтæ у, гъе, барин!—худти-иу Алексашкæ. — Æмæ раст к!уы дзурæм, уæд мæхи дæр афтæ фæндыд. Увади ма нæм иу ахæм мæгуыр зæхкусæг дæр, Гурьев Антон, дзæгъæлдзу лæг, суанг ма йæ паддзахы заманты дæр нæ уырныдта хуыцау, разы нæ уыд сауджынтыл. Ницы йæм уыди фосы мыггагæй, нæ дæр маргъ,—йæ цæ- рæн тъыгуыз æнæбары æэдбæрзт уыди хъæмпæй. Царди хъæуы тæккæ кæрон иунæгæй, йæ къуым æнæмбондæй. Иунæг куыст бакæнын дæр æй нæ фæндыд, „Æрмæст уыцы иу хъуыддаджы,—дзырдта уый,—разы дæн не стыр хицау Есо чырыетиимæ", æмæ-иу мæйгæйтты дæр не 589
’рцыди нæ хъæумæ. Иунæгæй куыста йæ ус, афтæмæй та йæ цæсгомы туджы ’ртах нæ уыди, куыста Чикининты зæххыл дæр æмæ Камковты зæххыл дæр, йæ бирæ сывæл- лæттæ та гом-æгæрццæгæй цыдысты. Æрыздæхти-иу Гурьев Антон йæ цоппайæ æмæ бæгъ- нæгæй хъеллау кодта хъæуы, йæ гом сæр комкоммæуæхс- джытыл æнцад, йæ гуыр—цыбыр, къæхтæ — даргъ, цæс- гом—бур тæппытæ, сæрыстыр æмæ æнæрынцойæ дзæнгæда цагъта: Тагъд æрцæудзæни адæмы стыр сæмхуызондзинад. Уæхи цæттæ кæнут! — Уый та цавæр сæмхуызондзинад у, Антошæ? — Зæххыты хицæутты мулк æмхуызон уардзыстæм. Æмæ се ’ппæты фаг суыдзысты? Æвæццæгæн, арвыл стъалытæ цас ис, зæххыл адæм уымæй къаддæр нæй. — Дарæс æмæ хæринаджы фаг уыдзæни, æмæ уымæй дарддæр мæгуыры цард кæндзыстæм,—сæрыстырæй дзырд- та уый. Гъе, æмæ уыцы Антошкæ Гурьевимæ уæлдай хæлар уыди Никалай Камков, арæх-иу æм æхсæвиуат дæр æр- кодта сæ уæлхæдзары. Банызтой-иу, сбадтысты иу, сæ къæхтæ бынмæ æруадзгæйæ. Антошкæ цыдæр æнæбынат ныхæстæ кæны, Камков æй æрбахъæбыс кæны æмæ зары, йæ цæссыгтæ калгæ: ... Россия, нищая Россия, Мне избы бедные твои, Твои мне песни ветровые, Как слезы первой любви. Æмæ æцæгдæр, мæгуыр уыди нæ хъæу! Æфсæнвæн- дагæй нæм уыди дыууæ сæдæ версты, иуыл хъæд, цадбын- тæ. Мæйгæйтты бадтысты æнæфæтæген, æнæцæххæй. Бæ- рæгбон изæры æрæздæхтæ цуанæй, бацыдтæ боранмæ, доны иннæ фарс хъæуы сæрты. ленк кæны расыг лæгты цъах-цъах,—уый бæрц бирæ расгуытæ дзы ис. Фондз аз- дзыд сывæллæттæ дæр ма уарзтой расыджы хъæзтытæ кæ- нын. Æгъатыр мæгуырдзинад бирæ уыди нæ хъæу’ Утесни- -590
’йы. Уыдон уыдысты Блинковтæ, Комлевтæ, Ан-чишкин- тæ, æмæ чи банымайдзæн не ’ппæты, стыр куысты, маст æмæ æнамонд царды адæймæгты. Фæлæ махæн дæр уыди нæхи сусæг сæрыстырдзинад, мах нæхи къухтæй кæй скодтам ардæм фæндаг, фæйнæрдæм кæй ахæцыдыс- тæм ацы æгæндæг хъæд, ацы æнамонд зæхх кæй басас- там, тугмондаг сырдтæй æнæнымæц бирæ кæй ныццагъ- там, нæ зæрдæты кæй бавæрдтам намыс æмæ лæгдзинад, уый тыххæй. Æмæ Германы фронтæй куы ’рбаздæхтысты нæ фыццаг салдæттæ болыпевиктæ, уæд мах бамбæрстам, зæххыл нын хуыздæр цард кæй æмбæлы, уый. Мидæгон хæсты рæстæг нæ хъæуы адæмы фылдæр хай .-ацыдысты партизантæм. Ацыдыстæм мах не ’ппает дæр-- Блинковтæ, Комлевтæ, Анчишкинтæ,—нымæц нын нæй. Ацыди Гурьев Антон дæр. Немæ ацыд Камкон Николай дæр. Æмæ ныртæккæ. Камковьт хъуыддаг куы æвзæрстам, уæд нæ зæрдыл æрлæууыди Гурьев æмæ Камков уæддæр ратас-батас кæй кодтой, уый. Искæцы хъæздыджы бæстыхæйттæ, куырой, кæнæ станцæ-иу куы бацахстам, уæд-иу Гурьев хъæр райдыдта: — Басудзын сæ хъæуы! Зæгъынц ын: — Цæмæн сæ судзæм? Æппæт уыдон нæхæдæг сарæз- там, æппæт уыдон мах сты. Фæллойгæнæг зæхкусджыты ’хсæн ды ахуыргонд лæг дæ, Никалай, æмæ йын бамба- рьтн кæн. Камков-иу хъуыдытыл фæци, стæй-иу загъта: — Æмæ, чи зоны, уый раст у. Æппæт уыдон мах цæ- мæн .хъæуынц? Хъæздыгдзинад цы у æмæ зæххыл уы- ’мæй цас зиæнтæ цæуы, уый, дам, æз мæхиуыл бавзæрстон. Мидæггагон хæст махæй бирæты сæвæрдта раст фæн- дагыл. Куы ’рбаймысай номдзыд хæстон æмбæлтты — хæлæрт- ты. Кæм сты уыдон, — æмæ, æвæдза, уыдон се ’ппæт дæр стыр кусджытæ, номдзыд адæймæгтæ сты, ахуыргонд адæймæгтæ. Колхоз арæзтой зæхкусджытæ æнæ мах, æмæ мах мидæгтагон хæсты куыд тох кодтам, уымæй йыл уы- 591
дон æвзæрдæр нæ тох кодтой. Чикинты куы раппæрстой^ уый фæстæ дæр ма цæрын бирæ хъыг дардтой уыдон фæ- донтæ. Æмæ адæм цас мæстытæ бавзæрстой, цалынмæ кол- хозы намысджынæй, алчи се ’ппæты пайдайæн æмæ йæхи пайдайæн кусын сахуыр ис, уæдмæ! Æвæдза, ма куыд би- рæ марг баззади зæронд дугæй алкæй, зæрдæйы дæр. Æмæ чи разынди нæ колхоз „Красный партизаны" знæг- ты ’хсæн? Гурьев А.нтон! Чи зоны уыцы рæстæгмæ уый истытæ бамбырд кодта хъæздыгдзинадæй æмæ йæм уыди, цы фесæфтаид, уый? Нæй, йæ тъыгуыз нырма дæр аф- тæмæй лæууыди, æмæ йæхæдæг, раздæрау, ницы куьтсг уарзта, куыд уыди, афтæмæй баззад. Йæ хистæр лæппу- тæ æмæ чызджытæ дзы ахицæн сты æмæ колхозмæ ба- цыдысты, йæ æнамонд ус та мæлгæ акодта, æмæ уый ракуырдта, йæ мулк кæмæн байстой, ахæм кулачы идæ- дзы дыууæ сывæллонимæ. Йæ боцъо куыдзы къæдзилау зæу-зæу кодта бындзыггай, сурси, йæ цæстыты та сæв- зæрди фыдæхдзинад Бон-изæрмæ зылди хæдзари-хæдзар,, æмæ æмдзæвгæты хуызы дзырдта: — Уæ бон хорз, Советон хицауады ’ххуырстытæ! Куыс- тæй уæ уæ хъуын фæци, фæлæ уæ гуыбынтæ афтид сты,' нæ? Фыццаг, зын азты уыдысты, чи йæм хъуыста, ахæмтæ, стæй хъуыддæгтæ фендæргъуызонысты. Зæронд рæстæ- джы махæн алхатт æнамонддзинад цы бынæттæ хастой, раст уыцы рæттæй райдыдта нæ колхозы ног хъæздыг- дзинад—сусхъæды мыд.не ’гæндæг хъæдæй æмæ нæ цад- бадæнтæй та—уæззау æмæ сæкæрау урс пырындз. Æмæ адæм фæхъæлдзæгысты. Куыддæр рауади афтæ, æмæ арæзт фæци, нæ хъæу Утесное æфсæнвæндаджимæ æмæ денджызимæ цы фæндаг иу кодта, уый. Гъе> æмæ нæ сау хуылыдз зæхх райдыдта диссæгтæ æвдисын. Иу хатт Антон Гурьев куыддæр фæтары ис æнæхъæН’ мæй, стæй æрыздæхти æмæ иуыл дæр ныддис кодтой: мах- мæ дæсазон скъола сарæзтой æмæ уыцы .дзæгъæлдзу лæг та сауджын æрласта йемæ. — Иугæр мæхуыцау бауырныдта,—дзуры уый,—уæд мын исаргъуаны дуар байгом кæныны бар (аргъуан иу аст азы 592
бæрц æхгæдæй лæууыди). Æмæ уын хуыцауы лæджы та æрластон уый тыххæй, цæмæй уын намыс уа. Уый дзы- хæй фехъусдзыстут, нæ хуыцау Есо Чырысти нæ цы æф- сымæрдзинадыл ахуыр кодта, уый! Фæлæ сауджын дыккаг бон фæлыгъди. Гурьев æй фæ- сайдта. Уый йын загъта, зæгъгæ, диныл æууæндджыты фæндонмæ гæсгæ йæ хоны, æмæ диныл æууæндджытæ та дзуапп радтой, зæгъгæ, хуыцау æнæуый дæр уыны æмæ хъусы æппæт дæр. Æртын цыппæрæм азы нæ колхоз областы бацахста æр- тыккаг бынат. Æмæ æвиппайды æнæхъæн крайььайхъуыс- тысты нæ адæймæгты нæмттæ. Хорз уый уыд, æмæ ног адæймæгтæ кæй рацыди арф кæцæйдæр, хъæуы мидæг зæронд заманы дæр, мидæггагон хæсты азты дæр æмæ, уый фæстæ дæр, чи ницæмæй фесгуыхти, уыцы æнæ- зынд мыггæгтæй. Зæронд лæг Горченко Максим Димитрийы фырт йæ цæ- рæнбонты фæбадти, йæ хæдзарады цы дæс æмбыд мыды чыргъæды уыдис, уыдон цур æмæ ма суанг зæронд за- маны дæр, стæмты йедтæмæ, ничи зыдта, удæгас у, æви амарди, фæлæ ныр уыцы зæронд лæг æнæкæроыбирæ мыд систа колхозы мыды чыргъæдтæй æмæ йæ снысан кодтой колхозы æппæт мыддарды куысты инспекторæй. Глохина Агафья Семеновнæ, бригадир,—уыцы мыггаг ма суанг зæ- ронд заманы дæр никуы фехъуыстон,—-цадбыны йæ фа- джысы уый бæрц хорз пырындзы æрзайын кодта, æмæ зо- надмæ гæсгæ уый бæрц никуы ма рауадис. Зонын хъæ- уы уый дæр, æмæ уый агъонмæ дзидзидай сывæллонимæ фæлыгъди йæ магуса æмæ расыггæнаг лæгæй. Йæ тыхджын риуы уый бæрц æхсыр уыди, æмæ уыцы аз схаста канд йæхи сывæллоны нæ, фæлæ ма йæ рынчын сыхаг усы сывæллоны дæр. Æм;æ дзы бирæ ахæмтæ, стыртæ æмæ чысылтæ, разын- ди нæ хъæуы уыцы аз. Стæй уый фæстæ рæзын байдыд- той хуымæтæг адæймæгтæ—фендтæгтæ. Уыдоны сæйраг рæсугъддзинад ис уый мидæг, æмæ кæрæдзийы раз фи- дауынц сæ куыстæй, хъуыды кæнынц се ’ппæтты бæсты, кæрæдзи уарзынц куысты æмæ зонды тыххæй, стæй ду- нейы ницæмæй тæрсынц уыцы адæймæттæ. 38 593
Æмæ æттийæ бакæсгæйæ дæр фæрæсугъддæрис цард. Нæ чызджытæ дарын байдыдтой бæрзонд зæвæтджый дза- быртæ. Нæ хъæумæ ласын райдыдтой кастюмтæ галстук- тимæ, велосипедтæ, патефонтæ, радиоаппараттæ, чингуы- тæ, сывæллæтты хъазæнтæ—царды мидæг сæйраг цы нæу, фæлæ цард цы рæсугъд кæны, æппæт уыдон. Уæд Гурев Антон зарын райдыдта æндæр хъæлæсæй: — Гъы, схъæздыг стут,—зæгъы,—колхозонтæ? Æмхуызон- дзинад æмæ æфсымæрдзинад ферох кодтат? Адæм,—зæгъы,— хъуамæ се ’ппæт дæр æмбартæ уой, æмæ сымах та цытæ кæнут? Сымах пиджакты бабырыдыстут æмæ æз та быз- гъуырты цæуын! Фæзæгъынц ын: —Кæй аххос дын у? Рацу, махимæ кус æмæ дыя дæ куысты аргъ дæтдзысты. Æмæ уымæн та фырмæстæй йæ дæндæгты къæс-къæс цæуы. Стæй та йæм кæсын райдыдтой, цыма æрра у, афтæ. Гъе, æмæ æртын фæндзæм азы фæззæджы, æппæты хуыздæр тыллæг нæм куы æрзади, уыцы фæззæг нæ хъæумæ фæзынди Камков Николай. Рагæй йæ нал фед- там, куыста уый æппæт уь^цы азты дæргъы нæ крайæ æттæдæр, кæмдæр. Алчидæр зыдта уый партион лæг кæй у, кусы хъæды хъуыддæгты фæдыл æмæ сын хъыг уыдис колхозонтæй кæй никæмæ æрфысым кодта, суанг ма йæ фыдмæ дæр не ’рлæууыди, фæлæ та раздæрау слæсти Гурьв Атоны уæлхæдзармæ. Кæрæдзимæ сæ цы æлвæста, уый бæрæг нæу,' фæлæ бæрæгбоны агъонмæ æрвыл бон дæр цыдысты тынг расы- гæй. Камковы цæсгом тынг срæсыди, бынтон сфыдхуыз. Нæ колхозы сæрдар Блинков Петр федорович у егъæут- тæ арæзт, фидар стæг æмæ хæрзконд цæсгомы хицау, зæндджын лæг, куысты та йын æмбал яæй,—колхозы йæ хонынц паддзахПетр.—Уый сыл куыддæр фембæлди уын- джы. — Цы хабар у, Николай Иванович?—зæгъы уый.—Мый- йаг дæ исты фесæфти. Уый йæм хъуынæрфыгæй бакасти æмæ дзуры: 594
— Ме ’взонгдзинад агурын, нæ йæ федтай мыййаг? — Алчи дæр, æфсымæр, æрыгон у, йæхи цæй бæрц æн- жъары, уый бæрц,—бахудти паддзах Петр.—Æз цыма дæ- уæй хистæр дæн, фæлæ бонæй-бон ногдæр кæнын, æмæ ,ды та уæртæ куьтд базæронд дæ! —0, уынын, уе ’ппæт дæр ам куыд снард стут, уый. Ахæм дзуапп æфхæрæгау фæзынд нæ паддзах Петрмæ. — Уый куыд бамбарæм? — Афтæ... Ды дæр, æвæццæгæн, патефонджын сдæ? — Æмæ цы? Дæ мæгуыр мадмæ ма суанг фортепьяно .дæр куы уыд, æрмæст æм мах, мæгуыр зæхкусджыты æв- вахс нæ уагътой. — Фехъуыстай?—бафарста Камков Гурьевы. Уый загъд кæнын райдыдта. — Уыдон,—зæгъы,—уыцы ницæйаг митыл ^еппæт сæ уд ауæлдай кодтой! — Нæй,—зæгъы паддзах Петр, нæ колхозы сæрдар,-—нæ уд æнæамбулгæ у,уымæнаргъ нæй, фæлæ мæнæ сымахæй, уды бæсты, сæны тæф кæлы, куы бафынæй кæниккат, уæд хуыздæр уаид. Колхозоиты сихормæ Камков æрбацыди, Гурьев йемæ нæ уыди, афтæмæй, бынтон расыгæй. Фыццаг уал, куыд æмбæлы, афтæ, адæмæн радтой лæ- вæрттæ, уыди дзы раныхæстæ дæр, æмæ се ’ппæт дæр тыхстысты. Стæй адæм фæминас кодтой, банозтджынысты, кафын райдыдтой, схъæлдзæгысты. Бæрæг уыди, Камков дæр дзы уæлдай агуывзæ кæй анызта æмæ фæкъæртт ис. Слæууыди стъолы уæлхъус, бæзæрхыг лæг, йæ цæстытæ сырдгъуыз, сæры хил—арсы хъуыны хуызæн, æмæ хъæр иеæнын райдыдта: — Сымах кафут, фæлæ Гурьев Антошкæйы та кæрк- ^доны дарут? Уæ мæгуырдзинады намыс кæркдоны дарут! Фыццаг æй нæ бамбæрстой, уынынц—расыг лæг хъæр кæны, фæлæ стæй зæронд лæг Горченко Максим Дмитре- •вич,—уый йæ фарсмæ бадти,—фæмæсты ис. — Худинаг дын у,—зæгъы,—Николай Иванович,—чи йæ .дары кæркдоны? Уый дзы йæхæдæг бады! Йæ зæрдæ та ’тынг рагæй у кулакон, кæд æвзæр дæр нæу, уæд. Цæй :мæгуыры зæрдæ уыдзæни лæвархормæ? 596
А-а, кæрдзынмæ баирвæзтыстут? Бафсæстыстут?— хъæр кодта Камков. Паддзах Петр фырмæстæй йæхи нал баурæдта æмæ- йыл ныхъхъæр кодта: — Ды кæй хъæлæсæй зарыс? Ахæм зарджытæ æрмæст троцкисттæ-бандиттæ кæнынц? Цыма уыдоныл нæ сахуьтр дæ? Чи зоны дæ афтæ дæр бафæндид, цæмæй мах нæ цæрæнбонты дæр æххормагæй бадæм? Æмæ цæмæй цæ- рæнбонты нæ зæрдæ талынг уа æмæ та цин кæиай? Камков æм лæбурын райдыдта. Сабыр æй кодтой, фæ-- лæ никæмæ хъусы. — Рацу мæм лæгæй-лæгмæ! хъæр кодта уый.—Ардæм- фæдзур Чикин Алексашкæмæ! Ныртæккæ æппæтæй мæ- гуырдæр уый у. Куыддæр уыцы мыггаджы кой скодта, афтæ иуыл- дæр ныхъхъусысты: кулакдзинад куы куынæг кодтам, уæд Чикин Алексашкæ амардта фæскомцæдисон чыры сек- ретары æмæ фæлыгъди, гъе, æмæ уæдæй нырмæ йæ кой, йæ хъæр никуыцæйуал зынди. Цалынмæ Камковы иргъæвтой, уæдмæ нæ хъæууон Советы сæрдар Горченко афæнд кодта Гурьевы хæдзармæ кæйдæрты арвитын, æмæ уым йæ уæлхæдзар фыдрасыгæй- ссардтой Чикин Алексашкæйы. Уый уыди чъизи, хæлæн хæлмагæй рынчын, пыхцылтæ боцъо: адæймаджы хуызæ- нæй йæм ницыуал уыди. Камков Николайы партийæ куы аппæрстой, уæд иуыл- дæр дзырдтой: лæг хъуыды кодта махыл, адæймæгтыл^ нæ, фæлæ мæгуырдзинадыл, йæ кой кодта цæссыг калгæ æмæ æмдзæвгæтæй. Фæлæ куыддæр нæ тыхы бацыдыстæм æмæ нæ бартæ æххæстæй райстамд афтæ нæм йæхи фæ- тигъ кодта, знаджы цæстæй нæм ракасти æмæ йæхæдæг1 сырды уавæрмæ æрхаудта. 1936 596
Холопов Б. ХЪАХЪХЪÆНÆГ РОТÆ Æхсæвы дыууæ сахатуыдаид, афтæ мах арастыстæмПет- грозаводскæй. Горæт уыди талынджы. Уарыд тæрккъæвда. Мемæ уыди æфсады инженерон хайы техник. Иу хатт тма, июлы, мах дыууæйæ иумæ цыдыстæм цад Пелдойы районы Вешкелицимæ. Фæлæ уæд уыди сæрд, хур йæ -зынг цæстæй касти, æмæ нæм афтæ ’ зынд, цыма хæст бирæ нал ахæсдзæнис. Фæлæ мæнæ сентябрь фæуд кæны, уарынц къæвдатæ æмæ не ’фсæдтæ æнæхъæн Карелскы -фронты фæстæмæ лæууынц. Мах кабинкæйы дыууæйæ кæй нæ бацыдаиккам, уый зыдтам æмæ кæрæдзийæ кæй æфсæрмы кодтам, уый сæ- раппонд машинæйы гуыффæйы сбадтыстæм æмæ нæхи ;плащ-палаткæтæй нымбæрзтам. . Æнкъард хъуыдытимæ, алы сагъæсты ныгъуылгæйæ, ’ныууагътон æз Петрозаводскы. Цъисхъус кодтой, зæгъ- гæ, не ’фсæдтæ абонæй-сомæй горæт ныууадздзысты. Цы <нæм æнхъæлмæ кæсы, цымæ, дард цад Пелдойы районы. Æвæццæгæн, уыцы хъуыдытæ ме ’мбалы дæр тыхсын код- той æмæ æнæ сыбырттæй цæуæм. Уæдмæ нæ машинæ горæтæй асфальт сосæ фæндагмæ "^рахызт. Мах не ’ргæмттæ размæ раздæхтам æмæ кæсæм электры цырæгътæй рухс фæндагмæ. Махæрдæм сабыргай хылдысты уæрдæттæ, сæ уæлæ хæдзарон дзаумæттæ. „Дзаумæттыл бадтысты сывæллæттæ æмæ зæронд устытæ зсуылыдзæй. Уæрдæттыл фæстийæ баст уыдысты хъуццытæ æмæ зивæггæнгæ цыдысты. Уæрдæтты ’хсæнты хылдысты .хуыссæгхъæлдзæг куыйтæ, Фæндаджы кæрæтты ныххал 597
сты, се ’ккой голлæгтæ, афтæмæй, фæллад нæлгоймæгтæ- æмæ сылгоймæгтæ, цыма дард балцы рафæндарастыст ы,.. уыйау. Сæумæраджы Петрозаводскæй куы радардыстæм, уæд, мæ ме ’мбæлццон бафарста: — Цымæ ма уыцы кæеæнджын скъапп уæртæ фæнда- джы фæзилæны уыдзæнис? Æз ын дзуапп иæ радтон, фæлæ ма дзæбæх хъуыды* кодтон, фæндаджы фæзилæны чидæр кæй аппæрста, уыцы’ кæсæиджын скъаппы, йæ размæ лæугæйæ; сæрдыæрыгон, хъæлдзæг салдæттæ сæхи куыд дастой, уый. Цымæ еныр- кæм сты уыцы салдæттæ? Бон æрбарухс. Фæхæццæ кæнæм уыцы фæзилæнмæ.. Мæнæ уыцы кæсæнджын скъапп нырма дæр йæ бынатьг лæууы. Фæлæ ныр, уæдау, рæсугъд нал у. Йæ кæсæн ныггæрæмтæ. , — Кæсæны сæр куьг никæй фæхъæуы, уæд уый хорз- хъуыддаг нæу,—цахæмдæр тыхст хуызæй бафиппайдта ме» ’мбæлццон. Фæлæ та йын еныр дæр дзуапп нæ радтон. Мæнæн,. цæмæндæр, тынг зын уыди мæ дзых байгом кæнын æмæ- ныхас кæнын. Къæвдайы хызы ’хсæнты нæм разынди Спаскы Был. Йæ уынгты цъиузмæлæг нæ зыны. Хæдзæрттьг рудзгуытæ- æмæ дуæрттæ æваст гом. Хæдзæртты дуæртты пырхæй лæууынц гобантæ,. цайдантæ æмæ æндæр хæдзарон дзау- мæттæ. Мах горæтæй рахызтыстæм æмæ машинæтæ уромæн- хъилы цур æрлæууыдыстæм. Мæ зæрдыл ма дзæбæх лæууы- еныр дæр фыццаг хатт куы цыдыстæм ауылты, уæд ацьг бæрæггæнæн бынаты уыди стыр рад, æмæ арæнхъахъхъæ- нæг æфсæддонтæ карзæй бæрæг кодтой документтæ. Еныр- дзы нæ дæр рад ис, нæ дæр арæнхъахъхъæнджытæ æмæ- фæнд’аг у гом. Æз æмæ техник машинæйы гуыффæйæ рахызтыстæм., Дарддæр нæ хъуыди фистæгæй цæуын. Шофыр машинæ- разылдта æмæ ме ’мбæлццон æвиппайдæй машинæйы схи- зæнмæ сгæпп кодта, кабинкæйы дуар фегом кодта æмаа* 598
мæсты хъæр кæны, зæгъгæ,^ æз никуыдæм цæуинаг дæн, йæ брезент цырыхъхъытæ ныххуылыдзысты, йæхæдæг дæр æнæхъæнæй ныххуылыдз æмæ рæуджыты низæй фæрын- чын уа, уый нæ фæнды. — Стæй ардыгæй удæгасæй раздæхай, уый гæнæн нæй. Акæс-ма, куыд æнамонды сабыр у! — йæ къухтæ тилы уый:-— Хорзыл амбæл!-—Æмæ кабинкæмæ бахызт, сæхгæдта йæхиуыл дуар. Æз дисгæнгæ дзæвгар фæкастæн маши- нæйы фæдыл. Уый сосæ фæндагыл æрра тахт кодта, Æвæццæгæн, раст зæгъынц, зæгъгæ, машинæ дæр, бæх- тау, хæдзары ’рдæм тагъддæр згъорьт. Æз, æфсады газеты хæстон корреспондентæн куыд æмбæлы, афтæ, цæуын раз- мæ,хæйрæджытысæрсæфæнбæстæйычиис, уыцы цад Пел- домæ. Къæвда раздæрау уары æмæ уары ноджы тыхджын- дæр. Ноджы æмæ та ноджы рымысыдтæн мæ фыццаг балц цад Пелдойы районмæ æмæ дарддæр Вешкелицимæ. Уый уыдис июлы. Нæ.фæндаг уæд цыди æнустхлГ сабыр æмæ ра- гон цъæхсыфтæр хъæдты, цъыбыртты сыгъд, иугай бæ- лæстæ ма кæм баззад, уыцы хъæдты, кæннод та бомбатæ æмæ сармадзаны нæмгуытæ кæй сфыдхуыз кодтой, уыцы хъæдты, дæрæн нæзы бæлæсты ’хсæнты. Цалдæр дæсгай километры дæрддзæгæн, хъæды фæндаг æмыхгæд уыди нæмгуыты асыккты цъæлтæй, фæлдæхт уæрдæттæй æмæ лæджы мæрдтæй. Дзæгъæл баззадысты ам дзыхъхъынног финаг æмæ шведаг велосипедтæ, сырхбын противогазтæ, афтид сæны æвгтæ, скъуыдтæ рёзинæ палаткæтæ, цинел- тæ, мидæггаг дарæс. Цъыфы сызмæстысты писмотæ, га- зеттæ, алыгъуызон журналтæ æмæ дины чингуытæ. Фæн- даджы былты уыдысты, тагъд-тагъд кæй баныгæдтой, ахæм ингæнтæ, тагъд-тагъд арæзт нæзы дзуæрттæ сæ уæлæ сагъдæй. Нæзыты цъуппытыл цæрæнбонтæм æрцауындзæг сты „хъæдхойтæ". Бæргæ бафæлвæрдтой ацы районмæ финæгты æфсæдтæ, фæлæ сын ахæм цæф фæкодтой, æмæ уайтагъд сæ арæнтыл сымбæлдысты. Кæддæр суанг арæн- тæм æхгæд уыд фæндаг бирæ нымæц къахæфсæддонты ког, лоннатæй, артиллерийæ,хæстонæрмæгимæ машинæтæй. Кæ- дæмдæр ластой велосипедистты, мотоциклистты... 599
Фæлæ еныр, 1941 азы, сентябры, уыцы фæндаг убынтон æндæр хуызон. Стæм хатт фæзынынц уæрдæттæ—расыф- фытт кæнынц фæстæмæлæууæг æфсæддонтæ машинæтыл, æмæ та никуы æмæ ницы, иунæг удæгас адæймаджы кой дзы нæй. Цас дарддæр цæуын, уыйас фыддæр дисты малы абырыдтæн, фæйнæрдæм фæлгæсгæйæ. Диссаджы сабыр у хъæды. Кæвда бæстæ ласы. Плащ-палаткæ, мæ цинел æмæ мæ дарæс „ныххуылыдз сты фæстаг æндахы халы онг". Фæлæ мæ цырыхъхъытыл уый бæрц цъыф схæцыд, æмæ ма тыххæй фæразын мæ къæхтæ размæ исын. Æппынфæстаг æз бахæццæ дæн æдзæрæг, æнкъард, æрдæгпырхытæ къаннæггомау хъæу Носоновомæ. Уый ис æнкъард, мигътæй æмбæрзт Носоновы цады был. Цадæй нæма ахызтæн, афтæ мыл баизæр æмæ, мады гуыбынау, ныссаудалынг. Æз мæ къах уидæгтыл скъуырын, ахауын, донæй едзаг канауты смидæг вæййын, мæ цæсгом бæлæс- тыл бакъуырын. Мæ алфæмбла æппындæр ницы уынын. Æмбисæхсæвы тæрккъæвдайы æхсæнты мæм æрбай- ;хъуыст кæйдæр цæхгæр хъæр: — Æрлæу! Чи дæ?—æмæ мæсты хуызæй йæ винтовкæ æркъæппæввонг æрцæттæ кодта.—Пропуск! Хион дæн!—дзуапп ын радтон æз, тыххæй улæфгæйæ.— Уæ пропуск уын нæ зонын. Дардæй цæуын. -г Мыййаг старшина Злобин кæд нæ дæ?—цыдæр цин- гæнгæ мæ бафарста хъахъхъæнæг. ! — Нæ, Злобин нæ дæн. Стæй старшина дæр нæ дæн. • Сыгъд дзыппы фанары сырх тын. Уый хъахъхъæнæ- гæн уыд йæ риуыл ауыгъд. Æз еныр тæккæ, рухсмæ фед- тон, къæвда тыхджын кæй уарыд, уый. — Чи дæ? Кæдæм цæуыс?—фæстæмæ алæугæйæ мæ фæрсы хъахъхъæнæг. Винтовкæйы лулæйы дзыхмæ кæсгæйæ, сывæллонау, лыстæггай райдыдтон дзурын, цыма хуыцауæн кувын, уыйау, чи дæн, ме ’рбацыды нысаниуæджы тыххæй. Ма сырра уай мыййаг?—бафарста мæ хъахъхъæнæг лæгъз æвзагæй. — А.фтæ мæм нæма кæсы?—дзуапп ын радтои æз,— Нæма. 600
— Ам цæй очерктæ фыссæн ис хъæбатырдзинадыл? Цавæр хъайтардзин&рш? Кæм федтойам хъайтартæ? Кæ- дæм бахаудтай, уый æмбарыс? Уавæртæ зоныс? — Æппындæр сын ницы æмбарын. Нæ редактор мæ Пел- дойы цады районмæ куы ’рвыста, уæд мын уый тыххæй ницы радзырдта. — Кæсыс!—дисгæнгæйæ уæззау ныуулæфыд хъахъ- хъæнæг.-—Иу фондзæссæдз къахдзæф ма дæ хъуыд, æмæ раст минаты быдырмæ бахаудтаис... Уый дын дæ митæ! Мах араст стæм контролон пунктмæ ротæйы командир- мæ, æз—разæй, хъахъхъæнæг—мæ фæстæ, фанарæй нæ развæндаг рухс кæны, афтæмæй. Дæс къахдзæфы фæстæ мæ хъахъхъæнæг бафæдзæхста: — Сабырдæр! Ам кæмдæр хъуамæ къахрывæрæнтæ уа. Мæ къахæй мын фыццаг къæпхæн басгарын нæма бан- тыст, афтæ фæбырыдтæн, атахтæн дæлæмæ æмæ плащ- палаткæйы бацæуæны бын февзæрдтæн. Уæрм у дыууæ-æртæ квадратон метры. Алырды- гæй йæм сæх-сæх кæны, донæй байдзаг. Доны ленк кæны асыкк, йæ уæлæ цырагъ. Асыккы иу фарс, дуармæ йæ чъылдым сыздæхта, доны йæ ронбастмæ, афтæмæй цæуыл- дæр бадт ротæйы командир лейтенант; иннæрдыгæй чызг къулыл æнцой кæны, доны йæ къæхтæ ауадзгæ. Йæ тæк- кæ сæрмæ ауыгъд уыд санитары хызын. Доны ленкгæнæг ассыккыл дыууæ къухæй ныххæцыд лейтенант æмæ цыдæр цингæнгæ ме ’рдæм разылд, стæй хъæрæй уæззау ныуунæргъыдта: — Æз афтæ фенхъæлдтон Злобин дæ! Уæззау ныуулæфыд чызг дæр. — Нæ, старшинæ Злобин нæ дæн,—ногæй та дзуапп рад- тон æз, стæй слæууыдтæн æмæ сын мæхи бацамыдтон. .Дон уыд мæ къæхты фæкъæдзгæнæнтæм. Сыстад ротæйы командир. Уый фæстæ чызг дæр. — Лейтенант Мартинюк!—йæхи мын бацамыдта ротæйы яомандир. Уый уыд рагæй æнæдаст, хъуынджын, йæ цæс- тытæ тынг фæллад. Цыдаид ыл иу фондз æмæ ссæдз азы, -фæлæ зынд бирæ хистæр. 601
— Медицинон хо Кондратьева!—цымыдисæй мæм каст,. афтæмæй.мын йæхи бацамыдта чызг дæр. — Дæу кæнæ афтæ лæууын бахъæудзæни, кæннод мæнæ доны бын фæхсбандоныл æрбадын. Æндæр хуыздæр дын мæ бон ницы у>~-фæйнæрдæм йæ къухтæ байтыгъта Мар- тинюк. — Цы ми кæнут ам?—афæлгæсыдтæн æз хæлддзаг нык- кæндыл. Ай мæнæ уæрм куы у йæхæдæг. — Хуыцауæй бузыыг ацы уæрмы тыххæй дæр!—уазал- дзыд, фæсус хъæлæсæй мын дзуапп радта Мартинюк. Гайтма контролон пунктæн бынат ссардтам! Иу цалдæр сахаты размæ фæфидарыстæм ацы фадыджы, знаг нæм сæдæ метры йедтæмæ нæу. , — Фæстæмæ алæууыдыстут? — Абон—æртæ хатты... Сбадут. Ахæм тæрккъæвдайы фæнды лæугæ кæн, фæнды доны бад, иуыл иу у!—æмæ* æппæты разæй сбадт Мартинюк. Бафæзмыдта йæ медицинон хо дæр. Æз ма иу дзæвгар алæууыдтæн, стæй хъавгæ доны мæхи æруагътон æмæ бадæн фæйнæджытæ мæ быны баца- гуырдтон. — Дæ хорзæхæй, цырагъ ма ахуыссын кæн,—бахатыд æм Мартинюк.-гАм хус спичкæтæ никæмæ ис. — Искуы уæддæр куы сбон уаид!—-тыхстæй зæгъы медицинон хо. — Еныр Злобин лæппутимæ уæддæр куы фæзыниккойГ Уæд ацы сæрсæфæн бынатæй уайтагъд ацæуиккам,—загъ- та Мартийюк. — Æлгъыст фæу, ацы тæрккъæвда!—уæззау ныуулæф- гæйæ сдзырдта медицинон хо. , Цырагъы фитыл йæ уæззау ныуунæргъыдæй базмæлыд æмæ гыццыл ма бахъæуа ахуысса. Мартинюк æм æнæдзур- гæйæ йæ мустучъи равдыста. Медицинон хо тарстхуы- зæй йæ дзых амбæрзта. Плащ-палаткæйы кæроныл схæцыд æмæ ныккæнды дуарæй æрбакаст хæбуздзыхъхъытæ, бæзджынæрфыг лæп~ пу. Йæ худæй хаудысты доны ставд æртæхтæ. — Иу сахат аивгъуыдта æмæ Злобин нæма зыньт, æм- бал лейтенант. Æрбацæуæны минатæ бавæрæм? 602
— Флагтæ куыд сты? — Василев æмæ Сиротины ротæтæ минагонд фесты сæ фадгуытæ, Махмæ у сæ каст. Æрбацæуæн куыд сæхгæ- нæм, афтæ нæ бон у ацæуæм. Мартинюк медицинон хомæ бакаст. — Иу чысыл ма банхъæлмæ кæсæм. Уæ хорзæхæй, иу æрдæг сахаты бæрц,—-ныллæхстæ сын кодта чызг. Мартинюк иудзæвгар æнæдзургæйæ нымдзаст цырагъмæ, цыдæр хъуыдыты аныгъуылд. — Иу сахат ма банхъæлмæ кæсæм,—загъта уый,—Чи зоны, уæд та æгас сты, мæнæ нæ алыварс рацу-бацу кæнынц, мæнæ ацы фыдбылызы рацæуæн агурынц. Нæй гæнæн, æмæ Злобрн ма ’рбаздæха... —-Мах æнæхъæн хъæды басгæрстам, æмбал лейтенант,— зæгъы хæбуздзыхъхъытæ.—Æрмæст цæф бастдзинадоныл сæмбæлдыстæм æмæйæ ракодтам. Æндазр дзы ничи ис,— стæй йын ныллæг хъæлæсæй йæ хъусы зæгъы: — Финæгтæ уыцы фарс æмбырд кæнынц. Хуыздæр уаид, æмæ рæстæгыл куы ацæуиккам. Боны ’рдæм нæ тохимæцæуын мыййаг куы- бахъæуа. — Фæлæууæм æрмæст иу сахат,—сапермæ æнкъард æмæ тæрйгъæдгæнгæ бакæсгæйæ, фидарæй зæгъы Мар- тинюк. — Хорз. Æртыккаг хатт дæр та æргъæвæм, ардыгæй ацæуын кæй хъæуы, уый.—Бæрæг уыд, хæбуздзыхъхъы- тæ саперты взводы командир кæй у, уый. Плащ-палаткæ æрсагъта æмæ дурау доны аныгъуылд. Æз кæсын Мартинюкы сагъæсхуыз цæсгоммæ æмæ мын, кæд алцыдæр зындгонд у, уæддæр æй уавæртæй бафарс- тон. — Цæй уавæрты кой кæныс ныр!—фæллады уагъд æр- кодта йæ къух—Бардзырд ис, цæмæй фæстæмæ алæууæм, æмæ мах дæр фæстæмæ цæуæм, сæйраг тыхты хъахъ- хъæнгæ. Абон тынг бирæ адæм фесæфтам. Злобины къорд дæр та нал æрбаздæхт. Уый финаг автоматчикты раз æр- лæууыд æмæ уый ’руаджы’ мах знагæй раирвæзтыстæм æмæ мæнæ ацы фадыдлш æрфидар стæм. Фæстæмæ лæу- гæйæ хъахъхъæнæг ротæ, кæнæ батальон цы у, уый зоныс? боа
— Хатьш æй,—дзуапп ын радтон æз. Мах ныхъхъус стæм,, æдзынæгæй кæсæм дыдзы цы- рагъы рухсмæ. Фæлæ нын нæ сабырдзинад фехæлдта æт- тийæ æрбайхъусгæ хъæлæс. — Халагъудтæн цы бачындæуа, æмбал лейтенант? — Смирновы арвит. Бацæуæнт сæм, æртытæ скæнæнт, цай рахсидæнт. Тагъд хъуамæ адæмы ахизын кæнæм,—йе -’ргом уый ’рдæм раздахгæйæ йын дзуапп радта Мартинюк. Чысыл фæстæдæр ныккæндмæ кæрæдзийы фæдыл рай- дыдтой цæуын: бастдзинады хайы командир, йæ фæдыл нæмыгæзгъалджыты хайы командир, Веселовы æмæ Сиро- тины ротæты минæвæрттæ æмæ æндæр чидæртæ фæлæ сæ æз никæйы базыдтон. Уыдон дæр кодтой Злобины кой. Уæдмæ та плащ-палаткæйы кæроныл хæрдмæ схæцы- дæуыд æмæ та ногæй уынæм саперон взводы командиры хæбуздзыхъхъытæ цæсгом. Йæ бæзджын, фæтæн æрфгуы- тæ фындзы сæрмæ баиу сты. — Цæй тагъд згъоры рæстæг!—уæззау ныуулæфыд Мартинюк. — Æцæг, цыма иу сахат рацыд?—цымыдисæй йæ ба- ^фарста медицинон хо. Саперон ротæйы командир æнæдзургæйæ йæ къухыл схæцыд æмæ йын стыр, раст куыройы фыды йас сахат равдыста. — Афтæ...—сдзырдта Мартинюк æмæ иудзæвгар æнæ- дзургæйæ лæууыд,-—Минæтæ бавæрут,—бынтон æдыхстæй сдзырдта æрæджиау. — Цæттæ стæм æрбацæуæн минæ кæнынмæ!—фæцырд ’ •сапер æмæ йе’рфгуыты æлхынцъ фæйнæрдæм райхæлд. Æмæ дын уæд йæ цæссыгтæ ныхъхъуыргæйæ сабыргай кæуын райдыдта Кондратъева, къулæрдæм аздæхт, афтæ- -мæй. •— Цыдæриддæр гæнæн уыд, уый бакодтон,— цыма йæхи- имæ ныхас кодта, уыйау дзырдта Мартинюк, цырагъмæ ныггуыбыр кæнгæйæ.— Дæхæдæг æппæт дæр федтай... Мæ- нæн дæр мæ иуыл хуыздæр хæлар уыд... Йæ цырыхъхъытæ тъæпп-тъæппгæнгæ, арæхстгай йæ къæхтæ исгæ, ныккæндмæ æрбацыд Мартинюкы адютант. <604
Йæ уæхсджытыл уыд плащ-палаткæ æмæ йыл фæстæмæ куы фæхæцыд, уæд лейтенантмæ хисæрфæны тыхт хуыйы агъд радта. Фыдызгъæлы тæф калди. — Адæм куыд сты?—агъд райсгæ йæ бафарста Марти- шок. — Ахъаззаг бахордтой, æмбал лейтенант,—цины худт бакæнгæ йын дзуапп радта хæрз æрæгон адъютант.—Пылы йас саг адæлæмæ кодтой. — Искуы федтай пыл? Ацы агъд мæм пылы агъды» хуызæн нæ кæсы,—агъд Кондратьевамæ радта. Уый адъю- тантæй арахъхъы авг райста. — Федтон! Нывы!—адютант сывæллонау худæгæй акъæ- цæл æмæ къæсæрæй федте, доны алæгæрста. Армы тъæпæнылнытътъæп кодта авджы хъуыр Марти- нюк, йæ къæрмæг иуфарс, атахт æмæ авг мæнмæ радта. ^з дзы ахуыппкодтон æмæарахъхъы авглейтенантмæ рад- тон. Мартинкж æй медицинон хомæ радта æмæ дзы саджы агъд райста. Кондратьева дзы, æлгъгæнгæ, тыхæй дыууæ- хъуыррытт акодта. — Аназ дзы, аназ!—сдзырдта Мартинюк.—Кæннод ацы „ваннæйы" чи зоны мæ рæуджыты низ дæр райсай. — Цыфæнды дæр ф&уæд! Мæнæн хъауджыдæр нал у!—Кондратьева арахъхъы авг æрывæрдта. Ногæй та плащ-палаткæйы кæроньгл чидæр схæцыдæмæ къæсæрæй райдыдта дзурын: —-Фыццаг взвод цæуыы райдыдта, æмбал лейтенант! — Хорз,—дзуапп ын радта Мартинюк. Йæ иу къухьв алафых агъд, иннæйы арахъхъы авг. Уыцы иу хæст ыл скодта æмæ йын йе’рдæг анызта. Стæй арахъхъы авг асык- кыл æрывæрдта æмæ иуырдæм гæзæмæ фæкъул. Йæ миты къæртты хуызæн дæндæгтæ агъды цысеагъта, иу ком- дзаг дзы стыдта æмæ йæ стæй мæнмæ радта. Мæнæн фыдызгъæлы тæфæй мæ сæр разылд. Мæ дзып- пæй систон хырынкъа, иу кæрдих ралыг кæнын дзы фæл- вæрдтон, фæлæ къуымых кард йæ уæлæ фæбырыд æмæ^ фыдызгъæлыл йæ фæд дæр нæ фæзынд. Уæд æз дæр дзи- дзайы мæ дæндæгтæ ныссагътон. Агъд радтон Кондра- тьевамæ. Уый йæ йæ къухы дары æмæ, хатыр курæгау, 605»
’кæсы мæймæ, цы йын бакæна, уый нæ зоны, стæй йæ цæстытæ æрыхгæдта æмæ мах бафæзмыдта. — Дыккаг взвод дæр та афæндараст, æмбал лейтенант,— æрбахъæрчындæуыд дуарæй. — Хорз,~-Кондратьевайы къухæй агъдрайсгæйæ, дзуапп радта Мартинюк. Æмæ та агъд мæнмæ бафтыд, мæнæй медицинон хомæ, уымæй Мартинюкмæ. Арахъхъ мемæ банызта лейтенант, стæй йæ къухтæ ныхсадта æмæ сабыргай сыстад. Асыкк ахъаззаг нын- къуыст æмæ цырагъ фæцæйхуыссыд. Кæцæйдæр дамбаца æмæ хызын систа æмæ схæцыд плащ-палаткæйыл. — Цæуæм мах дæр æртыккаг взводимæ. Уæхи барæвдз кæнут балцмæ,—зæгъы уый. — Æмæ агъды та цы фæкæнæм?—кæуынхъæлæсæй йæ бафарста Кондратьева. — Демæ йæ рахæсс, Уым нæм нæ каистæ не ’нхъæл- мæ кæсынц, мыййаг,—мæсты хъæр фæкодта уый æмæ къæсæрæй рахызт. Кондратьева^ йæ хæрын нæ ныууадзгæйæ, уæззау ныу- улæфыд. Æвæццæгæн тынг æххормаг уыд. Цæмæй медицинон хо ма фефсæрмы уыдаид мæнæй, уый тыххæй сыстадтæн æм^æ цæуынмæ хъавын. Уыимæ ма тынг суазал дæн. Уыцы рæстæджы тæрккъæвдайы хъæлæбаимæ кæцæйдæр æрбайхъуыст дыууæ ахъаззаг æхсты. — Цы хабар у уый? — Æвæццæгæн минвтæ минагонд быдыры фехæлдыс- ■ ты,— дзуапп ын радтон æз æмæ тæрккъæвдайы хъæлæба- ’ мæ айхъуыстон. Æнæнхъæлæджы кæцæйдæр нæ тæккæ цурæй æрбай- хъуысти адæймаджы æбуалгъы хъæр æмæ мын цыма чи- дæр мæ буарыл ихы къæртт асæрфта, афтæ ныккæрзыд- тон. — Ад-æ-æ-æм-м! Æф-сы-м-æ-æ-р-т-æ-æ! — Саубон мыл! Æвæццæгæы уый Злобин у! Леша!— ныхъхъæр кодта Кондратьева æмæ йæ къухæй агъд дон- мæ æрхаудта. Уый фæстæ фæгæпп кодта, йæ санитарон «606
хызынмæ фæлæбурдта, асыкк афæлдæхта цырагъимæ æмæ ныккæндæй радугъ кодта. Æз талынджы баззадтæн. Минагонд быдырæй та æрбайхъуыст зæрдæхалæн хъæ- лæба: — Ад-æ-æ-мм! Æф-сы-ы-мæ-æ-&-ртæ-æ-æ! Æрбайхъуысти мæм салдаттаг уæззау цырыхъхъыты тъæпп-тъæпп. Рахызтæн ныккæндæй, хъавгæ агурын, къæв- да цы асины къæпхæнтæ фехæлдта, уыдон. Фæлæ æппын- дæр талынджы ницы уынын. Мæ развæндаг не ’взарын æмæ иу къахдзæф акæнын мæ бон нæу. Чидæр мæм æрбахъæр кодта. — Æмбал политрук, ды дæ? — Æз дæн,—хъарагъуда хъæлæс базонгæйæ, цингæн- гæ дзуапп радтон æз.— Уыныс мæ? Æз дæ нæ уынын. — Ницы ма фехъуыстай? Злобин æрбацыд. ^—- Уæддæр æрбацыд? — Æрбацыд, — мæнмæ æрбацæйцæугæйæ, хъæлдзæг дзуапп радта хъарагъул.—Кæсыс, æнæхъуаджы йæм не ’нхъæлмæ кастыстæм. Æцæг мæм афтæ кæсы, цыма йемæ чи уыд, уыдонæй чидæр минагонд быдырмæ бахауд. — Фервæзын сæ кæндзысты? — Æнæмæнг. Санитартæ нæм ис. Кондратьева хæйрæг у, стæй сапертæ нæма ацыдысты. Æри-ма дæ къух. Бар- дзырд ис, цæмæй æртыккаг взводимæ ацæуæм. Æз æм мæ къух радтон æмæ йæ фæдыл цæуын. Мах рахызтыстæм фæндагмæ æмæ æртыккаг взводы фæстæ -слæууыдыстæм. Æз дзы никæй уыдтон, фæлæ мæм сæ еыхас хъуысти. Мах фæбырæм, къанауы ныххауæм, фæлæ уæддæр цæуæм. Цъыфы лæгæрдгæ боны цъæхæй бахæццæ стæм цæттæ Коди-сяргер, Вохто-зеро цад æмæ Носоновкы æхсæн хала- гъудтæм. Ацы халагъудтæ æнæагайдæй баззадысты. Фи- нæгты хæстæй фæстæмæ 1939—1940 азты къахзёфсады полчъытæ уыдысты ам. Адон мидæг сæхи хъахъхъæдтой фæндзай градус их уазалæй. Мах дзы иу халагъудмæ ба- цыдыстæм. Халагъуды астæу сыгъд стыр арт. Йæ алы- варс бадтысты æмæ хуыссыдысты бæгънæг адæм. Чи йæ 607
цинел дары артмæ, чи йæ цырыхъхъытæ, чи та йæ хæ- дон сур кæны æмæ сæ фæздæг калд. Халагъуд уыд дынджыр, раст готæгты аргъуаны йас. Уый уыд ставд нæзы хъæдтæй арæзт. Цыдæр стыр тых сæ кæрæдзийыл балхынцъ кодта ам. Къæвда боныфæстагмæ банцад, æмæ мах, цингæнгæ, нæ хуылыдз цинелтæ раластам, стæй та нæ цырыхъхъытæ. Махæн радтой хус, сыр-сыргæнаг, плащ-палаткæтæ æмæ æз мæхи сбæгънæг кодтон. Мæхи стыхтон плащ-палаткæ- йы æмæ артмæ æввахс сбадтæн. Æндæр ницæмæ уал бæл- лыцтæн. Ацы халагъудты район уыд хъахъхъæнæг ротæйы ба- цахстгонд ног бынат. 608
Холендро Дмитрий СГУЫХТДЗИНАД АГУРÆГ I. Дымгæ дымдта. Дымдта? Лæбурдта денджызæй! Къуыз- зитт, хъыллист кодта, раст цыма æпæкæрон æндон уаццаг фæдисы тахти, уыйау. . Ам æй ницы хъыгдардта, цæуыл фæхæст уыдаид, ахæ- мæй ницы уыд йæ фæндагыл. Уый-иу денджызы улæнты ратардта донбыл змиемæ æмæ ма-иу уый фæстæ, йæ фæ- дьтл бирæ фескъæфта, къæвдайы æртæхтау, денджызы пырхæнтæ. Наулæууæнтæм хæрз хæстæг къуыпп дардтой салдæтты иу цалдæр зæхбын къæссы. Уыдонæй иуæй-иу- тæн сæ трубатæ афæлдæхтысты æмæ сæ дымгæ хыбар- хыбургæнгæ ратул-батул кодта. Куы-иу цъæнут кæрдæ- джы амидæгысты, куы денджызгæрон цъымараты. Бæстæ уыд æнкъард, æрхæндæг. Алфæмблай—афтид, æдзард. Афтæ зынди, цыма ам æпнæт цæрæгойтæн æяусмæ сыс- къуьтд сæ мыггаг. Фæлæ дзы мæнæ фæзынд иу цинелджын адæймаг æмæ йыл дымгæ йæха зыдæй ныццавта. Уый лæууыд, денджыз змисыл йæ чъизи сæт кæм калдта æмæ тыгъд быдырмæ кæм хæццæ кодта, уым. Дымгæ змисы рыг хаста æмæ уыд зын улæфæн. Денджызы улæнтыл, пылы рагъыл бадæгау, уыцы иу- гъуызон æнæсæрфат дзедзло кодтой чысыл наутæ. Дымгæ йæ тых йæ бонæй архайдта уыдон сæ фæлхас якортæй ратоныныл. Лейтенант Велов касти уыцы нывмæ æмæ хъуы- ды кодта, абон ня донкъубалæгыл фаллаг фарсмæ ахизын кæй нæ бантысдзæн, ууыл. 39 609
Уым, донкъубалæджы фаллаг фарс сау дардта Хъыры- мы зæхх. Хатт-иу искæцы обауы алы фарс змисын тæлы хуры æнæнхъæлæджы тынтæм рæстæгмæ ферттывта. Стæй-иу уæд хъуынтъыз мигътæ ногæй арв бахгæдтой æмæ-иу уыцы фарс донбыл фæталынг, цыма-иу адард. Уыцы донбыл кæддæриддæр фæдымынц, хойынцæй ден- джызы дымгæтæ, улæнтæ. Иу цалдæр къуырийы размæ уырдыгæй Хъырымы обæутты хуырджын рæбынтæм ра- хызт десант. Дæсгай чысыл наутæ донкъубалæгыл æрба- ленк кодтой бынтон æнæуынæрæй. Уыцы æхсæв Белов дæр уым уыд. Уый федта хæстонтæ-иу доны куыд ныг- гæпп кодтой, немыцаг пулеметтæ-иу науы донбылмæ хæс- тæг куы нæ уал уагътой, уæд; федта десантонтæ сæ уæз- хæссæн голджытæй донмæ куыд калдтой, дзул арахъхъ æмæ æгæрстæмæй сæ тамакотæ дæр, цæмæй сын донæй æнцон- дæр рахизæн уыдаид; федта адæм доньт, астæумæ лæгæрд- гæйæ, денджызы улæнтимæ куыд хъуырдухæн кодтой æмæ чзармадзантæ сур зæхмæ куыд тылдтой, уый.. Доны ныг- гæппкæныны агъонмæ, æрдæг сахат раздæр, уыдон, сæ зынг куыд нæ фергом уыдаид, афтæ дымдтой тамако, кæ- нæ цымдтой цай сæкæримæ. Ныр дæр та Беловы хъуыд фаллаг фарсмæ ахизын, фæ- лæ ацы хатт денджыз æдас нæ уыд. Искæцы катер фес- гуыхдзæн æмæ карз улæнты сæрты ахиздзæн, зæгъгæ, уый ничи загътаид, нæ фæлæууыдаид сæ ныхмæ, нæ дæр бахæццæ уыдаид донбылмæ, стæй йæ знаджы сармадзан- тæ дæр нæ ауагътаиккой,—уыдон цы бæрзæндтыл лæууы- дысты, уырдæм худæвæрдау зынд денджыз. Цы гæнæн уыд. Мæстæйдзагæй раздæхт Белов фæстæмæ. Арф ныгъуыл- ди змисы, йæхи сæрмагонд цинелы фæччиты-иу фæтыхс- тысты йæ къæхтæ,—дымгæ сæ æнцад нæ уагъта. Иу æнæ- труба зæхбын къæсæй чидæр йæ сæр сдардта. Уайтагъд ын дьтмгæ йæ тымбыл худ аскъæфта æмæ цыма стæхынмæ хъавыд, уыйау гæппытæгæнгæ фæтулæг. Белов æм фæ- цьгрд, фелвæста йæ æмæ йæ йæ хицауæн радта. — Гъы, куыд у, ленкгæнджыты командæ?—бафарста уый матросы, цы нæ вæййы, чи зоны фаллаг фарсмæ ахи- 610
зынæн ын исты фадат бацамона, зæгъгæ,—уыцы фарсмæ ,яичи ахиза абон? — Нæй,—арф сулæфыд матрос,—тас у фыдбылызæй.—• Æрхиз нæм дæлæмæ, æмбал лейтенант,—афтыдта ма уый йæ ныхасмæ.—Æцæг дæ цæмæ фæуазæг кæнæм, ахæмæй нæм ницы ис: нæ пец нæ судзы, дон нæм скалд уæрагмæ, ’бадæм тæрхцжытыл, фæлæ уæддæр æттийæ ам, мидæг хуыздæр у... тагъд кæнын нæ хъæуы. Абад нæм,-— загъта та æмæ иуфарс алæууыд, цæмæй Белов уынгæг цъассы ныххызтаид уырдыгмæ, тымбыл хъæдтæ æмæ змисæй æм- •бæрзт зæхбын къæсмæ. Фæлæ Белов уырдæм нæ ныххызт. — Бузныг,—загътауый.—Æзма бафæлварон... Ацæуоы. Моряк йæ цæстытæ дымгæмæ æрцъыид кодта æмæ ба- >худти. — Денджызыл фистæгæй ничи цæуы... Бе^ов бамбæрста æцæг цынæ æмбæлд, ахæм ныхас кæй --загъта, æмæ æнæсæрфат худт бакодта. Донбылæй дыууæ километры æттæдæр ададжы мæнгæф- *хм)н æмбæхеæн бынаты, фосы дзуджы карз уад куы рай- йафа, уыйау стыгуыр сты уæзласæн машинæтæ. Уыдон- мæ хæстæг арты фарсмæ бадтысты шофыртæ. Белов сæм ясуыд хæетæг кодта, афтæ йын зындæр уыд арты пиллон- мæ кæсын, æмæ уæд бамбæрста: йæ цæстытæ йын дымгæ ясæй фæкъахта æмæ йын кæй бафæлладысты, уый. Артьт ’фарсмæ бадти, райсомæй Белов ардæм, денджызы былмæ <цы уæзласæн машинæйыл æрбацыд, уый шофыр дæр. Уый ласта сугтæ, хус къодæхтæ, уыдонæй цух уыдысты дон- ясъубалæгаен уыцы фарс, махуæттæ знагæй цы чысыл зæх- хы гæбаз байстой, уым цы салдæттæ уыд, уыдон. Фæлæ м.а сæ кæуылты фæхæццæ кодтаиккой ныр уырдæм? — Дзæгъæлы цыд фæдæ, æмбал лейтенант?— бафарста $æ шо.фыр. Белов йæ -сæр разыйы тылд бакодта. — Мæн æнæуый дæр ницы ныфс уыд,—загъта та шо- «фыр,—хуымæтæджы хъуыддаг у исты? Акæс-ма куыд ныт- тар денджыз! Йæ нæрын ардæм дæр хъуысы. Афтæмæй чи жъуамæ >ахиза йæ сæрты! 611
Йæ фарсмæ бадæг æвзонг лæппу йæм буцтæгæнæгау- бадзырдта. — Æри-ма мын ноджы дæр иу суджы лыггаг, науæд ахуысдзæн...-—æмæ артырдæм йæ къухæй ацамыдта. — Кой дæр ма кæ, крй!—йæ сæр æнæразыйы тылд ба- кодта шофыр.—Уæртæ уыцы фарс адæм æххормагæй ба- дынц—хæринаг цæуыл сфыцой, уый сын нæй. Мæзæрди- пæ, дам, телхъæдтæ дæр судзынц. — Судзынц нæ, фæлæ басыгътой,—бараст æй кодта Бе- лов.—Ды та цы ’рластай, лæппу?—бафарста уый æвзонг; шофыры. — Æз? Дон. Белов арф ныуулæфыд: уый та дын дон... Уым æм дон~ къубалæгæн уыцы фарс адæм царды хосау æнхъæлмæ кæ- сынц æмæ дзы ацы ададжы та æнæхъæн цистерна дзæ-- гъæлы лæууы. — Нал нын бантыст ардыгæй анкъуысын,—цыма зылын-- джын уыди, уыйау сдзырдта лæппу æмæ йæ чъизи, мазу- тæйдзаг къухтæй цъыхырытæ артмæ басхуыста. Чи зоны; æхсæввæндагыл ардæм куы цыд, уæд исты фехæлд йæ ма- шинæйæ æмæ архайдта маторимæ, чи зоны йæ бахъуыд машинæйы бын бабырын дæр. Иннæ уæзласæн машинæты гуыффæтæ сæ цæлхы дзаг уыдысты асыкктæй сармадзаны нæмгуытимæ. — Иуыл зындæр уым цæф салдæттæн у,—загъта къан- нæг, тымбылдзæсгом рæсугъд чызг. Уый бадт йæ санита-- рон хызыныл. Чызг иннæтау нæ тыхст, машинæты æхсæнты нæ ра-- цу-бацу кодта, нæ дымдта тамако. Уый бадти сабыр, æн- къард, ныфссастæй. — 0, — хъæрæй загъта йæ хъуыды Белов, — ныртæккæ цæфтæн сегасæй зындæр у. Цæф хæстонты-иу уырдыгæй алхатт дæр æрбаластой наутыл. Уым сырхбын къæдзæхы аууон цы дыууæ хала- гъуды уыд, уырдыгæй-иу рауадысты санитартæ уæззау лæггуыфтимæ, куыддæр-иу радон катер былгæронмæ æрба- хæццæ, афтæ. Халагъудтæм кæддæриддæр сæхи хæстæг ластой, йæ къæхтыл. ма лæууынхъом чи уыд, ахæм цæф - 012 ]
хæстонтæ, уыдон-иу наутæм куы схызтысты, уæд-иу арæхстгай тыгуыртæ кодтой трюмты æмæ палубæтыл, бы- нат-иу лæвæрдтой, йæхи æвзæрдæр чи хатыд, æрхуыссын кæй фæндыд, уыдонæн. Катертæ сæ быцъынæг скъуыд- той, тагъд кодтой размæ, цæф хæстонтæ æмæ нау скъæр- джытæ та кастысты арвмæ,хъахъхъæдтой, фæззыгон бæз- джын мигътæй кæй хæдтæхæг фæзындзæн, зæгъгæ, æмæ катайгæнгæ сæ хъус дардтой уæлдæфон тохтæм. Æмæ ныр дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыссыдаиккой цæф хæстонтæ къæдзæх рæбын уыцы халагъудты, исчи- тæ та дзы бадтаид халагъудты цур хус кæрдæгыл, кæнæ дуртыл. Æнхъæлмæ кæсынц наутæм, уæдæ цы. Артмæ хæстæг æрбацыд бæрзонд, къæсхуыр салдат, афицеры дзыхъхъынног худ йæ сæрыл—уый ахæм худ дардта алхатт, æгæрстæмæй æввахс фæсчъылдым дæр. — Ацæуæм, ацæуæм, Люся, кæдæй нырмæ дын лæхстæ кæнын,—уæздангомау ранæтыд уый,—никуы фехъуыстай ахæм æмбисонд: „æнхъæлмæ ма кæс денджызæй боныгъæд- мæ^, Зæгъгæ? Гъе, уыцы æмбисонд махыл æрцыд адыууæ -боньг. Худæг нæу? Люся йæм æнæзмæлгæйæ иу каст фæкодта, фæлæ ни- цы загъта. Бæрзонд, къæсхуыр салдат уыд санитарон машинæйы шофыр. Уый мæстæй йæ къух ауыгъта, æвæццæгæн, йæ- хинымæры æлгъитгæ дæр ракодта. Беловы дисы бафтыдтой йе стыр æгъуыз цæстытæ. Уы- дон, гæдыйы цæстытау, æнæзмæлгæйæ тых каст кодтой, æмæ æвиппайды ферттывтой талынджы, фæлæ ницæуыл дзурæг уыдысты. — Табуафси,—бадыгъал-дыгъул та кодта бæрзонд шо- •фыр,—бадæм ноджы, фæнды фондз боны дæр...-— Æрмæст, табуафси, бафæрсут мæнæ ацы лейтенаты: катертæ цæуынц? .Цæуынц, лейтенант? —Нæ цæуынц,—дзуапп радта Белов, тамако судзгæйæ. —Æмæ ацæудзысты? — Не ’нхъæлдæн. Белов ын ныббаринаг нæ уыд уыцы къæйных ахаст, цы- ма йæ рагон хæлар у, уыйау æй „лейтенант" куыд схуыд- 613
та... Уый нæ уарзта гуырымыхъ ахаст, æмæ йæ кæмæш фæнды дæр нæ бабыхстаид, фæлæ æфсæрмгæнаг кæм уыд^ уым ын йæ бон нæ баци уайдзæф бакæнын. Хъусыс?—нал уагъта Люсяйы бæрзонд шофыр. Бынтон. дзæгъæлы бадæм. Цы ис хорзæй ам? Дымгæ, дзул, цай.... — Уымæй дæр æнæцайгæрдæг,—загъта Люся. — Фот афтæ дæр!.. Мæнæн уæлдай нæуГ.. — Куыд нæ дын у уæлдай?—сабыр, фæлæ карзæй загъ- та чызг æмæ сыстад. Дæ рæсугъдмæ нæ тагъд кæныс?" Быхсын дæр куы нæ уал у дæ бон. — Цæй мæ... рæсугъдмæ?—фæхъыги шофыр.—Худæгæй марыс. — Хæринаггæнæгмæ, æндæр цæй рæсугъдмæ,—æмба- рын кодта Люся.— Дæ сæвджын Зиночкæмæ... Уыцы сæр- хъæнмæ... Чызг дзырдта фидар, æнæдызæрдыгæй. Уымæи мидæ- гæй йæ зæрдæ кæй тыхсы, уый æттæмæ не ’ргом кодта^ фæлæ Беловмæ афтæ фæкаст, цыма йæ цæссыг дæр æр— калд—шофыры фæндоныл йæ бон „нæ" зæгъын нæ уыд^ хъуамæ бар-æнæбары дæр ацыдаид, кæд æй ам. баззайын. фæндыд, уæддæр æмæ йæм ныр ууыл ахсыст йæ маст дæр. Æвæццæгæн, хæринагæй дæр сцух сты. Уый< бæрц баззайдзысты иу ран, уый æнхъæл та чи уыд? Къæсхуыр шофыр йæ худ арф æрсагъта æмæ азгъордта машинæмæ. —Даргъбæрзæй уасæджы хуызæн,—йæ фæдыл ма- адзырдта, Беловы чи æркодта, уыцы шофыр. —• Чи зоны уæззау цæфты хæдтæхджытыл’ ракæной?-— Люся цыдæр ныфсимæ скаст афтид, асæст арвмæ. — Хæдтæхджытыл? Æмæ айхуызæны сæ ныфс бахæс- дзысты хæдтæхджытæ?—æнæбары бахудт, арты фарсмæ . цы æвзонг лæппу бадти, уый.— Се ’хоныфтæ дæр сын куы, ничи уал ссардзæн, уæд. — Уым ныфсхаст чызджытæ ис... æз семæ куыстон- аэродромы, зонын сæ, ис гæнæн æмæ ратæхой... Æмæ, цыма Люсяйы ныхæстæ бафидар кæнынмæ хъа- выд, уыйау раст уыцы уысмы уæлдæфы анæрыд хæдтæ- хæджы хъæр. Иууылдæр фæгæппытæ кодтой. Хæрдмæ^ асæст арвмæ скодтой сæ каст, кæм ратæхы хæдтæхæг„„ зæгъгæ. 614
— Гъе, уый чызг у, гъе, кæсут æм, ратæхы!—фæхъæр ь*одта Люся. Хæдтæхæджы хъæр тынгæй-тынгдæр кодта. Уалынмæ бæрзонд æврæгъты бынæй рагæпп кодта „У—2", уымæн нæ уыд хъахъхъæнджытæ емæ, фæлæ хæстон арвыл тас нæ зыдта, цыма сыкъайæ хæцыд, уыйау гæппытæгæнгæ тахти денджызы сæрты, ныхмæдзог дымгæ карста, афтæ- мæй йæхицæн фæндаг æгæрста. Люсямæ йæ шофыр кабинæйæ сигнал лæвæрдта. — Цæугæ тагъддæр, цæугæ!—радзырдта йæм уый æмæ цыма истæмæй тарст, уыйау арвмæ скаст. Белов фæу- рæдта Люсяйы4æмæ йæ бафарста: .— Фæлæу-ма, чызг, уæд сæ аэродром та кæми? Шофыр ногæй сигнал радта. — Нæ госпиталы цур, хъæуæн æттийæ комкомхмæ бы- дыры æрбадынц. — Уæдæ æз<дæр уемæ цæуын. Санитарон машинæйы æхгæд гуыффæйы Белов бан- къардта бинтытæ æмæ хосты тæф æмæ куыддæр йæхими- дæг барызт. Уый санитарон мапшнæйылфыццагхатт сбадт. Нæма фæцæф æмæ йæ никуы бахъуыд йæ сæр, фæлæ хæсты цæхæрæй йæхи не ’мбæхста мыййаг. Знаджы нæмы- гæй хи хизгæйæ, уый бирæ хæттыты ацавта йæ сæр зæх- хы, кæнæ-иу цалынмæ сармадзаны нæмыг нæ фехæлд, уæдмæ-иу амбæхст искуьт дзыхъхъы, куы та-иу фæцæйтахт доны сæрты уыцы фарсмæ, знаг-иу уæле бомбæтæ æнæв- гъау калдта, афтæмæй. Хæрзæрджы дæр ма Кубаны цъыфдзасты хъамыл гæрдæджы ’хсæнты фæцæйленккод- та лодкæйыл æд миномет. Люся дæр схызт машинæйы гуыффæмæ. — Уый цур бадын мæ нæ фæнды,—загъта чызг æмæ шофырырдæм йæ къухæй ацамыдта. 2 — Ды госпиталы рагæй кусыс, Люся?—бафарста йæ Белов. — Куы райгуырдтæн, уæдæй нырмæ,—дзуапп радта уый æмæ ныххудти. 615
Æппæты фыццаг уырдæм бацыдтæ кусынмæ? — Æххæст афтæ нæу,—дзуапп радта Люся сабыр, æн- цад-æнцойæ, æвæццæгæн, алхатт куыд фæныхас кæны, ахæм хъæлæсæй, æмæ Белов ахъуыды кодта хорзахуыргæ- нæг дзы рацыдаид, зæгъгæ, ахуыргæнинæгтæнйæ предмет дзæбæх чи амьтдтаид, ахæм. — Æцæг, госпиталы райдыдтон æппæты фыицаг кусын, æрмæст ам на^, æндæр госпиталы... Дард ’фæсчъылдым. Уырдæм мæ мадимæ немыцæгтæй лыгъд уыдыстæм... Йо~ вомосковскайæ. Искуы йæ фехъуыстай? Ис ахæм- чысыл горæт Украинæйы. Никуы йæ фехъуыстан? — Æмæ дзы уый бæрц хорзæй исты ис? — Махмæ æппæтæй дæр хорз у, .уьш ис фурд Сам- ра, хæдзарон бабызтæ дзы ленк кæнынц. Рæсугъд сты йæ дон бакæлæнтæ. . Мах уарзтам назты цур хинайын: уым ис пляж, змис. Фурдæн йæ бын та бур-бурид æрт- тивы... Тарбын сыгъзæрины хуызæн. Донбакæлæнты-иу кæсагахсджытæ ленк кодтой сæ лодкæтыл. Баппæрстой- иу хыз доны, сæхæдæг-иу дæрддзæф тъæпп-тъæпп ра- лæууыдысты лæдзгуытæй доны уæлцъарыл: афтæ кæсæг- ты сырдтой уыдон хызмæ... Мæнæ цытæ дзурын, мæхæ- дæг дæр сын ницы æмбарын... — Дæ мад ахуыргæнæгæй куыста? — Нæ,—Люся систа йæ худ æмæ йæ сæр батылдта* Бæрæг нæ уыд „нæ" кæй загъта, уый бафидар кæнын æй фæндыд, æви йæ сæры хилбараст кæнынмæ хъивыд. Къæ- лæстæ морæгъуыз дзыккутæ æркалдысты æмæ тар æрт- тывд фæкодтой.—Цæмæн афтæ хъуыды кæныс ды? Буфет- гæсæй куыста станцы. — Дæ фыд та? — Дæу цæмæн хъæуынцуыдæттæ? Мæ фыд зынгхуыс- сынгæнджыты хистæр уыд. —• Иттæг хорз,—загъта Белов. — Цы ис уым хорзæй? — Чысыл лæппутæ бирæ уарзынц зынгхуыссынгæнджы- ты. Кæм ис ныртæккæ дæ фыд? — Белоруссы фронты. Минометчикы сержант у. Æз æмæ нана та Пензайы горæтмæ ныххæццæстæм... Цы диссаджы 6]б
торæт у, уый зоныс! Уый’æрынцад бæрзонд ран, трамвай- тæ дзы нæ цæуьшц, æрмæст автобустæ. Æз уым баззад- тæн æгасæй иу зымæг. Госпиталмæ кусынмæ дæр уык бацыдтæн фыццаг хатт санитаркæйæ, уый фæстæ кæй фæнды фронтмæ, зæгъгæ, нæ фарстой, мæ мад, чысыл ма бахъæуа, йæ уд сиса, æз дæр мæхи ныффыстон, уый куы фехъуыста, уæд... — Ды фæскомцæдисон дæ, Люся? — Кæй зæгъын æй хъæуы! Ды мын мæ ном бахъуыды кодтай, дæуæк та цы хуыйны дæ ном? — Игорь. Люся нырьтонг йæ фæллад цæстытæй касти рудзынджы рыгæйдзаг авгмæ, фæлæ, Игоры ном фехъусгæйæ, æвип- пайды йæ сæр фæзылдта, - цыдæр æнахуыр каст бакодта Беловмæ, йæ цæстытæ фæирд кодта, цыма йæ басудзын- мæ хъавыд сæ цæхæртæй æмæ та ногæй акаст иннæрдæм, бамбæхст фæстæмæ сæтæлæгау йæ хъузджы. Чи зоны уый ныры онг Беловмæ комкоммæ назма бакаст æмæ нæ зыдта, цы хуызæн у, уый дæр. Фæлæ чызджы зæрдæмæ фæцыд æви нæ, уый ыикуы базыдтаид æмæ ууыл хъыг кодта ныр Белов. Люсяйы бирæ æнæнхъæлæджы æмбæлц- цæттæй сæ иу... Æфсæддон фæндаг кæддæриддæр едзаг вæййы адæмæй æмæ дзы Люсяйы дæр бирæ чидæртæ зыд- та, фæлæ сæ цыма искæйы цæсгоммæ ахæм сусæг æх- сызгондзинадимæ каст? Люся йæ къухтæ аууæрста æмæ сын се ’нгуылдзтæ ,æркъæрццытæ кодта. — Æз фæцайдагъ дæн цæфтимæ архайыныл. — Æнгуылдзтæ къæрццытæ кæнын зиан хæссы,—ба- фиппайдта Белов,—афтæ фехъуыстон кæмдæр... —Пензайы сæ тротуартæ та фæйнæгæй конд сты,— загъта та Лтося æмæ ногæй аууæрста йæ къухтæ, цыма сæ тавгæ кодта, уыйау,—цæмæй къæвда бонш уынгтæ ма цъыф кæной. — Æз дæр федтон ахæм тротуартæ. Æмæ Игорь дæр æрымысыд йæ сывæллоны бонтæ. Би- рæ азтæ нæ рацыд уæдæй ардæм. Уайтагъд йæ зæрдыл .æрбалæууыд дард Байкалы цур горæт. Белов дзы æгасæй 617
фæци æрдæг бон, кæнæ чи зоны æнæхъæн бон дæр. Йæ фыды уынынмæ ныццыд уырдæм. Уый та уым тæлтæг Шилкайы донбылгæрæтты æгомыг обæутты сырх сыджы- ты, геологты партиимæ сыгъзæрин агуырдта. Фæлæ Белов» æгас горæты хуыз рæстмæ нал хъуыды кодта. Цахæм хæ- дзæрттæ дзы уыд, уыдон та дзы бынтон ферох сты, фæлæ- дзы æнæнхъæлæджы цы фæйнæгын тротуартæ федта, уы- дон æнустæм бадардта йæ зæрдыл. Фæстæдæр ноджы æрымысыд: къæбыртæй пырхкалгæ чи уад, уыцы сырх къада дæттæ æмæ къæбырттæгджьпг сакъадæхты алыварс,æгомыгæй кæй улæнтæ æртыхсынц, уыцы Шилкæйы дæр. Æрмæст нал ахстой йæ хъустæ уы- цы фурды хъæдтаг сæр-сæр, æмæ уымæн йæ унæр. Æвæц- цæгæн, æм дард кæй уыд, уый тыххæй йæ нал æрымысыд. Уыцы сæрд Игорь фыццаг хатт федта Тайга, фыццаг хатт цуан кодта, хæмпæлгæрдæджыты ’хсæн цы бабызтæ уыд, уыдон фæдыл, æнæбары цагъта йæхи арæзт уадындзæй, цæмæй йæ амæттæгты æрбасайдтаид йæхимæ хæстæгдæр. Фыццаг хатт сбадт кæсагахсæджы лодкæйы фæдисы тард кодта къæбырттæг тонынмæ. Уымæй семыдзаг уыдысты Шилкæйы сакъадæхтæ. Ах, куыд раджы уыд уый, куыд дард уыд уыцы рæс- тæг ныр. Дард уыд дæрддзæгæй нæ, фæлæ æндæргъуызон. Афтæ зынди, цыма уыцы рæстæджытæ æмбæхст уыдысты æндæр цардæн йæ тæккæ бын, уымæн æмæ уый уыди хæсты размæ. — Ды та цы куыстгæнæг дæ?—бафарста йæ Люся, нæ йæм бакаст æмæ гæзæмæ фæсырх, афтæмæй.—Де ’фсæд- дон хаймæ цæуыс? -Нæ. — Дэнкъубалæгæн уыцы фарсмæ хизын, зæгъгæ, нæ дзырдтай? Æз корреспондент дæн газетæй... — А-а...— даргъ ауагъта Люся, фыдæнхъæл дзы мый- йаг иæ фæци, фæлæ куыддæр æнкъардæй, цыма Белов уымæн нæ дзырдта, уыйау. — Акæндзысты м& уыцы чызджытæ фаллаг фарсмæ семæ? 618
— Хæдтæхæгскъæрджытæ? Ыæ зонын, кæд дæ амонд’ уа... Машинæ лæгъз быдырвæндагыл згъордта æнцонæй. Дуа- ры зыхъхъыр цæлхытæ рыгæй байдзаг кодтой. Гуыффæ- йы рудзгуыты æттийæ та сабыр, уыцы иугъæдонæй ленк кодта æнæкæрон цъæх арв, згъордта фæстæмæ. Люся йæ цинел рытыдта, гуыффæйы сынтæгау ауыгъд цы лæггуыф уыд, ууыл æмæ йыл æрхуыссыд. Йæ сæры бын акодта фыццаг йæ худ, фæлæ йæ стæй фелвæста æмæ йæ фæрсырдыгæй æрывæрдта. Нывæрзæн куы фæныллæг, уæд сæр дæлдæр æрхауд æмæ йæ цæстытæ рухсы тынмæг цъæх æрттывд фæкодтой. — Æртæ бон æмæ æртæ æхсæвы нæ бафынæй дæн,, æмæ тæрсын, куы бафынæй уон, уымæй,— басаст Люся. — Цæмæн афтæ? — Куыддæр мæ цæстытæ æрцъынд кæнын, афтæ мæ- разы февзæрынц нанайы конд галушкæтæ77. Æцæг дын зæгъын. — Æз дæр бахæрин галушкæтæ. Чысыл фæстæдæр Беловмæ афтæ фæкаст, цыма чызг афынæй. Æвæццæгæн, дæлæ йæ кабинæйы иунæгæй цы даргъæлвæст шофыр бадт, уый æнцой нæ лæвæрдта мато- рæн,— уыцы иугъæдонæй ниудта, раст цыма Люсяйæн- авдæны зарæг кодта, уыйау. Белов йæхæдæг дæр арæдзæ-мæдзæ кодта б’адгæйæ, фæлæ æвиппайдæй йæ хъустыл ауад: — Ныффысс дæлæ ахæмыл...—Люся йæ къухæй аца- мыдта кабинæйырдæм. Хæст ын уыцы æдылы хæринаг- гæнæджимæ батæ кæнынæй дарддæр ницы хай кæны. Стæй куыд тæрсы, бомбæ йылкуы ’рхауа, уымæй, тæрсаг дзы ахæм никуыма федтон! Æрдæбон дæр мын уымæн лæхстæ кодта, кæд тагъддæр ацæуиккам ардыгæй. Тæрсы... Æз æй> нæ уарзын. — Мæнæн æндæр у мæ хæс, Люся. — Æмбарын дæ... * Галушкæгæ—гэлушки—украинаг националон хæринаг. 61»'
Белов йæхи айвæзта, Люсяйы фарсмæ цы лæггуыф уыд, ;ууыл. Афтæ йын æнцондæр уыд. Машинæ аздæхт, æвæц- цæгæи, рагконд хуымты, фæлæ шофыр нæ фæкъаддæр код- та йæ тагъдад æмæ уый дæр гæппытæгæнгæ згъордта. — Дæ ном Игорь хуыйны,—загъта Люся.—Дæ мыг- гаг та? — Белов. — Еныр-иу дын дæ уацмыс куы кæсон газеты, уæд ^зондзынæн чи йæ фыссы. Æз уарзын газет кæсын. Раззаг хахмæ мæхæдæг нал бахаудтæн. Беловæн æцæг æндæр уыд йæ хæс. Знон изæр æм ре- дактор йæхимæ фæсидти æмæ йын, тамако дымгæйæ, рай- , дыдта дзурын, зæгъгæ, нæ газеты хорз уац рагæй нал уыди, мæнæ адæмы зæрдæтæм чи бахъара, ахæм. Афтæ- мæй та алы æфсæддон хайы дæр ис сгуыхт адæймæгтæ, фæлæ сыл нырма ничи ницы загъта. Æмæ мæнæ, гъе, - райсом раджы Белов фæцæуы „сгуыхтдзинад" агурæг, ре- дакци уыд кубайнаг горæты иу кæройнаг хæдзары. Уыр- дæм æввахс уыд фæндаг æмæ ам Белов уайтагъд сбадт машинæйыл, фæлæ йæ денджыз фæстæмæ раздæхта... Цыма йæм цы амонд касти аэродромы та? Фаллаг фарс- мæ æнæмæнг ахиздзæн, зæгъгæ, уый ныфс-иу дзы куы ■бацыд, уæд-иу фæхъæлдзæгдæр, фæлæ-иу æвиппайды фæдызæрдыг æмæ-иу уæд мæстæй йæ зæрдæ æрбауынгæг. Фæлæ йæ бынтон афтид блокнотимæ ныздæхын кæй ба- хъæудзæн редакцимæ, ууыл нæма хъуыды кодтауæддæр... Цæй, бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы! Машинæ тæригъæдтаджы хъыллист ныккодта æмæ цы* ма истæуыл йæхи скъуырдта, уыйау банцад. Белов бакод- та дуар æмæ æргæпп кодта зæхмæ. — Тамако бадымæм, лейтенант?—бафарста шофыр фæн- дагмæ зивæггæнгæ рахизгæйæ.—Куыд дæ æрхæццæ код- тон? — Ницы йын уыд. — Айс тамако, — Бузныг. — Нæ дæ хъæуы? -т- Куыддæр æй мæ зæрдæ нæ куры. •№{)
—Цæуылнæ? Хорз сигарет бадымын стыр æхсызгояр хъуыддаг у. Люся лæууыд тæккæ дæр машинæйæ æрхизæны, æмæ уыдта, Белов йæхи куыд Сьтгъдæджытæ æмæ дзæбæхтæ кодта, уый... — Кæд нæ атæхай, уæд-иу махмæ рацу,—загъта чызг,— Махæн хорз хистæртæ ис. — Цæмæйхорз сты?—бафарста шофыр. — Кæрдзын дын бахæрын кæндзысты æмæ дæ ахсæв дæр бавæрдзысты. — Фенынмæ, Лгося,—загъта Белов.—Бузныг. — Фенынмæ,—дзуапп ын радта уый украинагау. Шофыр дæр ын хæрзбон загъта. Машинæ анкъуыст. Люся йæ сæр æттæмæ радардта, хъуамæ æрбахгæдтаид дуар, фæлæ йæ нæ ахста, уый дыууæрдæм дзедзло кодта гуыффæйыл, Люся йæ ныууагъта æмæ Беловмæ йæ къух фæтылдта, хæрзбон ын кодта. „Цæй худæг у",—цæмæндæр ахъуыды кодта Белов - æмæ æвиппайды нынкъарди. з Хæдтæхджытæ зыр-зыр кодтой дымгæмæ. Цъырцъы- раджы йæстæ зындысты дардмæ. Белов фæндагæй цæхгæр фæзылд æмæ араст комкоммæ уыдонырдæм. Хатт-иу хус кæрдæджы фæтыхст, куы та-иу уырыйы хуыккомы цур - фæлмæн сыджыты губаккыл скъуырдта йæ къах. Цыппар хæдтæхæгæй иу дæр нæма скуыста, сæ кабинæтæ дæр уыдысты афтид, нæма сæм фæзындысты хæдтæхæгскъæр- джытæ, фæлæ сæ алфæмбылай чидæртæ архайдтой. Белов сæ дардмæ уыдта æмæ тагъд кодта, цыма байрæджыкæны- нæй тарст, уыйау. — Байриат,—загъта сын æмæ йæ рахиз къух йæ къæ- мисæнмæ систа, æфсæддон салам сын радта. Дзуапп ын дзы радта æрмæст иу схъæлфындз чызг— хæдтæхæгскъæрæг. Уый йæ иу армы нылхъывта сырх- фавс фæткъуы æмæ дзы зæрдиаг комдзæгтæ кодта, ин- нæтæ сæ куыст нæ уагътой. Дыууæ салдаты уæзласæн машинæйæ истой ссадæй семдзаг голджытæ. Зæххыл-иу 621
«куы сымбæлдысты, уæд-иу сæ урс рыг скалд. Дыууææн- .дæр салдаты тыхнад голлаг æрывæрдтой лæггуыфыл, ба- хастой йæ кæройнаг хæдтæхæгмæ æмæ йæ базыры бын цæхгæрмæ цы авдæнгонд ауыгъд уыд, уым æй бавæрд- той. Стæй æрбахастой æндæр голлаг æмæ уый дæр афтæ æд лæггуыф бавзылдтой, иннæ базыры бын цы авдæнгонд уыд, уырдæм. Æртыккаг та бавæрдтой кабинæйы, хæд- тæхæгскъæрæджы хæдфæстæ. Афтæ рауад, цыма уыцы голлаг лæугæ нæ кодта, фæлæ сæрыотырæй æрбадт пас- сажиры бынаты. Æмæ йæ рывæрыны цъус нæ фæфыдæ- бон кодтой, дыууæ салдаты дæр æмæ хæдтæхæгскъæрæг гчызгдæр, йе ’рдæгхæрд фæткъуы йæ дзыппы нывæргæйæ, • стæй уæд ам сеппæтыл чи камандæ кодта, уыцы капитан дæр. Æппынфæстаг голлаг куы сраст кодтой æмæ йæ куы <5абастой, уæд Белов бацыд капитанмæ æмæ йын афтæ зæгъы: — Æз фронтон газетæй дæн.—Йæ ног бæлвырдгæнæн гæххæтт æм къыбар-къыбургæнгæ бадардта.—Мæнæ, гъе, æркæс-ма йæм дæхæдæг. Донкъубалæгæн уыцы фарсмæ мæ хъуамæ ахизын кæнай,-—æмæ Белов йæ къухтæ фæй- ’нæрдæм фæхаста, раст афтæ, цыма дзырдта капитанæн: Уыцы хъуыддаг зын саразæн кæй у, уый æмбары, фæлæ ны’фс кæмæй бав%æра. Капитан бирæ фæкаст Беловы гæххæттмæ, æвæццæ- ^гæн æм исты аипп агуырдта. — Нæй мын бар,—æвиппайды фæпæртт кодта уьтй.— Махмæ бæлццæттæласæн хæдтæхджытæ нæй. —Беловæн йе уæхск æрхоста æмæ йæ уайтагъд фæуагъта, Тамарæ, уайгæ тагъд машинæмæ!—фæхъæркодта уый.—Цырд лæуу, дæхæдæг æппæт дæр зоныс. Ныр уыцы чызг тагъд-тагъд ахордта йæ фæткъуы æмæ йын йæ хæрæн дард хус кæрдæджытæм фехста. Уый ахызт хæдтæхæджы базырмæ, йæ иу къах кабинæйы къæ- сæрæй мидæмæ бавæрдта æмæ уайтагъд нал фæзынд. Хæдтæхæг бирæ фæгæпп-гæпп кодта зæххыл згъоргæ- йæ, цалынмæ не стахт, уæдмæ. Афтæ зынди, цыма йæ уæлæ цг^ уаргъ уыд, уый не сфæраздзæн æмæ æппын- 622
дæр никуы стæхдзæн. Фæлæ кæддæр кæд уыд, тыхæй- фыдæй, иу гæпп бафæрæзта хæрдмæ æмæ йæ цыдæр хор- зæн йæ базыртæ баурæдтой уыцы æмвæзадыл, стæй уæд сындæггай хæрдлтæ сфардæг, æмæ куыд фæстагмæ мигъ- ты ’хсæн бынтондæр айсæфт. — Уый дæр афтæ фот,—загъта капитан æмæ та уæззау сулæфыд, уымæн æнæуый дæр, æвæццæгæн, зынулæфæн уыд, æмæ афтæмæй ноджы алырдæм бæстытæ уыд цал- дæр ронæй,— Вера! — фæдзырдта уый. Хæдтæхæджы базыры бынæй разынд æвзонг чызджы дзыгъуыр, фæлæ уæздан цæсгом, йæ нарæг скæсæйнаг лыг цæстытимæ уый дисы баппæрста Беловы. Рæсугъдтæ та куыннæ федта, фæлæ-иу уыдонæн æндæр уыд сæ ба- каст,—ныв, мæнæ рæсугъд конд нывмæ куыд кæсай, афтæ. Фæлæ ацы чызг... Ахæмыл уынджы, кæнæ трамвайы куы фембæлай, уæд цæмæй хъуамæ базонай, цы стыр лæджы- тъæд æмæ хъæбатырдзинады хицау у, уый? Афтæмæй та хæдтæхæгскъæрджыты скъоламæ бархийæ бацыд, стæй •бахауд сыдгоймæгты авиацион полкмæ, æмæ ныртæккæ, дыууæ-æртæ минуты фæстæ атæхдзæн зын æмæ тæссаг фæндагыл. Стыр хъару, æвидиГæ хъæбатырдзинад хъæуы уымæн... Йæ хæдтæхæгмæ йын хастой голджытæ уымæн дæр. Уый ныккодта йæ шлем, йæ мыдгъуыз т’æнæг дзыккутæ уый бын амбæхста æмæ йæ цæсгом фенцъылдта, цыма дзы 1исты фæрыст, уыйау. Белов æм цæрдæг бауад, афарста йæ: — Верæ, цымæ мæнæн демæ ацæуыны амал ницы æгъ- дауæй ис? — Куыд?—йæ шлемы хъусыл хæрдмæ схæцгæйæ, ба- фарста уый. — Хæдтæхæгыл цы уаргъ ис, уыимæ мæ сывæр, кæд дæу бафæнда, уæд чи зоны капитаны дæр сразы кæник- кам, и? — Нæ, хæдтæхæг уымæй уæлдай не сфæраздзæн. Уый .дæр ын уæззау у. Галечкайæн йæ къах асаст. — Кæмæн? — Галя Кругляковайæн. Абон æппæты фыццаг уый С2а
атахт æмæ йæ къах асаст, йæ хæдтæхæг куы ’рцæйбадын кодта, уæд. Хæдтæхæгæн дзы рæстмæ æрбадæн дæр нæй/ траншейтæ дзы фæкъахтой алырдæм. •—Æмæ уæдæ Галя не ’рбаздæхт? -—Нæ, дын, куы зæгъын. Тас у немыцæгтæ йын йæт хæдтæхæг куы ныппырх кæной, уымæй, Куыддæр нæ суы~ ной, афтæ райдайдзысты æхсын, хæдтæхджытæ кæм æрба- дынц, уыцы чысыл фæзуатмæ. Æнæмæнг. Æцæг Машае- йемæ инструменттæ аласта, чи зоны йæ бацалцæг кæной, фæлæ нæ зонын бантысдзæн сын? — Æмæ ма уæдæ æз та цы ми бакæнон? — Бахатыр кæн,—Верæ æруагъта йæ шлемы хъус æмæ, схызт йæ хæдтæхæджы, базырмæ. — Ай дын мардæрцыд! —стыхст Белов. Уый хъуамæ Верæйæн ракодтаид йæ хъаст, куыд зын у лæгæн йæ куысты уæлхъус æрлæууын, фадат ын куы нæ уа, цыма æгас дунейæ фæиппæрд, афтæ йæм фæкæсы уæд, æмæ йын æндæр ахæмтæ бæргæ фæдзырдтаид, фæлæ Верæ адард. Уый бахызт кабинæмæ, йæ чысыл цæстытæ ноджы фæ- уæндагдæр сты, капитанмæ, гъе, æндæр искæмæ фæтылд- та йæ къух æмæ цыма йæ хъæлæсы иуыл тынгдæр таг аскъуыд, уыйау фæхъæр кодта: — Хæдтæхæджы цурæй уæхи , айсут иуылдæр. —Æмæ хæдтæхæджы матор скуыста, стæй хæрдмæ, арвмæ сфар- дæг æмæ та иннæтау ацы хæдтæхæджы дæр фæндараст кодтой, йæ фæдыл æгомыгæй кастысты, афтæмæй. — Уæдæ ницы фадат ис фалæмæ ахизынæн?—бафарста* та ногæй Белов капитаны. Капитан йæ иу уæхск сабыр фезмæлын кодта. — Хъуыддаг цæй мидæг ис, уый зоныс? Уырдæм ссад, ацырдæм та цæф хæстонты ласæм. Æз дын æрдæбон дзæ- бæх куы бамбарын кодгон нæ уавæр. Дзул фаг нæй уым, адæмæн. — Уый раст у,— сразы Белов,—фæлзе уæддæр... — Уæддæр цы?~бафарста капитан. Уый æххæстæй нæ загъта йæ хъуыды, фæлæ йæ Бе- лов æнæуый дæр бамбæрста: Ныртæккæ ссад уыд æппæ- 624
тæй ахсджиагдæр. Капитанæн та уый уыди, æргъгæнæг аргъ кæмæн не скодтаид, ахæм хæзна æмæ та иу дыууæ сахаты фæстæ Беловы дисгæнгæ афарста: — Ам ма дæ цы? — Ам дæн, уæдæ цы хъуамæ фæуон? — Цымæ дæ афтæ зæрдиагæи цæ’мæн бахъуыд фаллаг фарсмæ ахизын? — Ахизын мæ кæндзынæ?—йæхимидæг бацин кодта Белов æмæ дызæрдыггæнгæ бакаст капитанмæ. — Нæ, нæ, æз дæ афтæ æнæуый афарстон!—тагъд-тагъд арæуæг капитан, цæмæй дзы фервæзтаид. — Хъыгаг у, хъыгаг!—æнкъардæй загъта Белов æмæ фæстæмæ ссады голлагыл æрбадти. Æмæ уантагъд ахъуы- ды кодта: „Иу хорз ма уый у уæддæр, æмæ мæ ардыгæй нæ сурыпц. Люсяпы загъдау, „чи зоны мæ амонд скуса." Хæдтæхджытæ-иу атахтысты, æрбаздæхтысты-иу фæс- тæмæ æмæ та-иу ногæй атахтысты. Матортæ не ’нцадысты сæ нæрынæй æмæ Белов дис кодта: Куыд æввахс у уы- цыфарс донбылгæрон, фæлæ йæм куыдзын бафтæн у ныр- тæккæ. Базырты бын цы авдæнгæндтæ уыд, уыдон нал зындысты ссады урс рыгæй. Авдæнгæндтæй хастой цæф хæстойты, уыдонæн дæр сæ цинелтæ уыдысты ссадæй- дзæгтæ æмæ ноджы тугамæхст. Лæггуыфтыл-иу сæ уай- тагъд бадавтой, хурыскæсæнырдыгæй цы санитарон ма- шинæтæ цыдысты, уыдонмæ. Белов æнхъæлмæ каст: Чи зоны уыцы машинæтæп искæуыл æрбацæуа Люся дæр, зæгъгæ. Фæлæ Люся никуыцæп зынд. Беловы фæндыд йæ фенын, фæлæ йæм худинаг дæр каст, афтæ бирæ кæй баз- зад ам æмæ æнæвдæлон адæмы кæй хъыгдары, уый. Стæй æфсæрмы кодта цæф хæстоятæй дæр. Уыдонæй иутæ цы- ма удæгас дæр нал уыдысты, уыйау бамыр сты бынтон, иннæтæ хъæрзыдтой, чи та сæ сæнттæ цагъта, сæхæдæг дæр æй нæ зыдтой, афтæмæй къухæй-къухмæ цыдысты сæфты, гъе, рæзты фæидагыл царды сæрыл тохмæ. Уы- цы тохæй иппæрд мачи хъуамæ уа, зæгъгæ, æмæ Белов дæр лæггуыфтæ хæссын райдыдта санитартимæ. — Бирæ ма дзы ис цæфтæ?—бафарста, йæ иу цæст баст кæмæн уыд, уыцы салдаты. 40 62&
~ Бирæ... дзæвгар баисты дыууæ боны дæргъы,—дзуапп радта уый, йæ хус былтæ тыхæй змæлынкæнгæйæ. Цалдæр хатты балæхстæ кодта Белов къæсхуыр Верæ <земæ нарст Тамарæйæн, кæд æй семæ фаллаг фарсмæ акæ- никкой, фæлæ ницы цыд йæ хъуыддагæй, кæд æм чыз- джытæ фæхæлар сты, уæддæр. — Ды куыд æнхъæлыс, æмбал лейтенант,—бафарста йæ Тамарæ,—зарæг ныффыссын *зын у? — Зарæг ныффыссын дæ фæнды? — Фæнды мæ. — Гъе мæ ма уæдæ бафæлвар! — Цытæ дзурыс! Хъуыды ма кæнын искуы-иу мæ тех- никумы хуымæтæджы уац ныффыссын куы бахъуыдис къулы газетмæ, уæддæр-иу цас фæцархайдтон, фæлæ ни- цы цыд мæ фыдæбонæй, ныр æрбад æмæ зарæг ныффыс... Æнæуый заргæ цыфæнды ныхæстæ дæр акæндзынæн... Хæдтæхæгыл хатт лæджы зæрдæ зарын æрцагуры... Афтæ исты ногæй... Æз тæхгæ-тæхын цыфæнды дæр ныццæлхъ жæнын, мæ дæлывзаг цыдæриддæр æрбабады, уый. Чызг зæрдиагæй ныккæлкæл кодта. — Æмæ цавæр техникумы ахуыр кодтай ды? — Хъуымæцтæ ахуырстам, хорз дæсныйад ууый... Кæм «еыфтæртæ, кæм дидинджытæ. Мæнæ Верычкæимæ иумæ уыдыстæм... Верæ æрбацæйцыд быдырырдыгæй, йæ иу къухы къап- «па-къуппайы хуызæн цыдæр, сырхбын, бур хиталæджимæ. — Мæнæ цы дидинæг ссардтон,—загъта æмæ йæм лыс- тæг ныккаст. Дидинæг уыд цъæх агъуды. — Цæй зæронд баци,—-загъта та Верæ. Санитарон машинæйæ Тамарæйы хæдтæхæгмæ бахастой лакеттæ, клёнкæйы мидæг цыдæр стыр тыхтон, иу цал- дæр къоппы хъæбæр гæххæттæй. — Цы сты уыдон,—бафарста Тамарæ, ногæй та фæткъуы асаста йæ астæуыл, йе ’рдæг ын уайтагъд ахордта, иннæ æрдæг ын, йæ цуры чи лæууыд, уыцы салдатмæ авæрдта. — Медицинон каменттæ!—фæцырди салдат фæткъуыйы æрдæг исгæйæ.—Хостæ. — Медикаменттæ, — бараст æй кодта Тамарæ, —зонды къуыбар!.. 626
— Æз дæр ма исты зонын,—мидбылты худгæ дзуапп радта „зонды къуыбар" йæ чъизи худимæ,—фæлæ сæ ацы хатт æндæргъуызон куы схонæм, уæд сын уымæй цы уыдзæн? — Фæт#ъуы сыгъдæг у, дæ чъизи цинелыл æй цы х’а- фыс? Æмбал капитан!—фæдзырдта Тамарæ,—адон дæр аласон? — Æнæмæнг, æвæстиатæй!—фыртагъдæй фæцæйхуыдуг кодта, афтæмæй дзырдта капитан.—Уым сæ тынг хъæуынц. — Æмæ ма сæ кæм сывæрон? — Дæ разы сæ къассеты бафснай, куыннæ дын ахауой. Белов лæууыд хæстæг æмæ сæм хъуыста. Ныр бам- <>æрста базырты бын цы авдæнгæндтæ ауыгъд уыд, кас- сеттæ уыдон кæй хуындысты, уый. — Æмæ уæд иннæйы та цы нывæрон, цæмæй базыр- тæй уæзгæ мачи рацæуа?—бафарста Тамарæ,—ссад? Нæй тæнæн ахæм дымгæйы... фæхæсдзæн æй... Капитан схæцыд, клёнкæйы цы тыхтон уыд, ууыл, бæ- рæг ын кодта йæ уæз. Æмæ ам уый фæконкоммæ Бе- ловмæ. —-Ноджы ма ам дæ? — Ам ма дæн, ам! Капитан ахъуыды кодта. — Барæныл цас ласыс? — Нæ зонын. — Цы зæгъыс, Тамарæ, нæ дын бабæздзæн иннæрды- гæй сывæрынæн? Цас хъуамæ уа йæ уæз? — Цæстæй бакæсгæйæ? Тамарæ лæмбынæгæй бакат Беловмæ æмæ йæ цыбыр бæзджын цæсты хаутæ æртъæбæртт-тъæбæртт кодта. Чызг йæхæдæг алцæмæй дæр æххæст уыд, йæ гуымы фындз фидар бадт йæ уадулты ’хсæн, йæ сыгъдæг фæтæн ны- хыл тарбын дзыккутæ æрзæбул сты шлемы бынæй æмæ йын цыдæр рæсугъддзинад æфтыдтой йæ фидыцмæ. Но- джы сау хæххытау бæрæг дардтой йæ цæсты хаутæ. — Хорз, сывæрæм æй,—загъта чызг æмæ йæ къухтæ фæхаста, цыма æнæхъæн уаргъ уыцы иу схæстæй баппар- дзæн хæдтæхæгыл, уыйау.—Хорз у адæймагæн йæ тыхст 627
заманы баххуыскæнын! Адон иуылдæр кассетæйы бавæ- рут, лейтенанты иннæ кассетæйы, иу голлаг ссад та—ка- бинæйы. Беловæн фырцинæй йæ уæнгтæ барызтысты, стæй йæм афтæ фæкаст, цыма йæ рæстмæ нал уромынц йæ къæхтæ дæр. Капитан ын йæ нарст къухæй гæзæмæ йæ уæхск ба- риуыгъта: — Фæдзæхсын дæ развæлгъау. „Меесертæ" донкъуба- лæджы сæрмæ дыууæрдæм кæнынц. Хæдтæхджыты бадæн фæзмæ та сармадзаны нæмгуытæ хауынц. Белов ницы загъта. Чысыл фæстæдæр уый æрхуыссыд лæггуыфы, афтæ- мæй йæ бассыдтой æнуд авдæнгонды æмæ йыл чысыл дуар багуыпп кодтой. Ныр уый уыд пассажир дæр æмæ уацай- раг дæр. Æниу цы уæлдай у? Хæдтæхæгыл куыд фæнды бад—æдас нæ дæ. Кæм ис, уырдæм дзæбæх куы ’ркæстытæ кодта Белов уæд йæ сæрмæ фæфиппайдт^ чыеыл фæрсеаггонд æмæ йеннæ фарсыл æрзылд. Ныр уыдта, пропеллер куыд ферт- тив-ферттив кæньт, уый. Æмæ фæрссаггондмæ йæхи хæс- тæгдæр куы баласта, уæд æм Тамарæйы цæсгом дæр фæ- зынд. Машинæ сындæггай рызти, афтæ зынди, цьша дард кæ- дæмдæр кусы æндæр хæдтæхæджы матор. Цалыпмæ хæд- тæхæг зæххæй фескъуыддзаг, уæдмæ Беловы нæ уырныд- та, тæхгæ кæндзæн, уый. Æгæр сабыр дæр ма уыд йæ ал- фæмбылай. Фæлæ æвиппайды хæдтæхæг анкъуыст, размæ афсæре- та, стæй уæд фæхицæн зæххæй æмæ æрцауындзæг уæлдæ- фы. Белов йæхинымæры нымадта цал километры уыдзæн донкъубалæгмæ, зæгъгæ. Хъуыдыйæ афæлвæрдта дæрд- дзæг барыныл, фæлæ уайгагъд фæрæдыд, æмæ кæд йæ рæмбынкъæдзтыл æнцойгæнгæйæ, йæхи бæрзонд систа, уæддæр бынæй зæххыл ницы ахæм бæрæг бынат бафип- пайдта—ногæй нымайын кæцæй райдыдтаид. Папиростц: къоцдыйас фæлгæты æвæрд уыд уымæн ныртæккæ æгас дуне. Уырдыгæй йæм зындысты фыццаг æгъуыз быдыр- тæ, стæй та, дымгæ кæй знæт кодта, уыцы урс улæнтæ. 628
Фæлæ цавæр улæнтæ сты уыдон? Уаллонау сур зæххьт астæу чи балæст, уыцы донбакæлæны, масты фæйлауæн- тæ сты æви денджызæн йæхи улæнтæ разындысты? Æниу канд улæнтæ? Нæ. Дæлæ, гъе, адæргъи змисын фæтæн уаццаг, доны улæнтæ йыл хойынц сæхи, уæдæ уый ден- джызы былгæрон у æцæг. Раст цыма хъусты къæрмджытæ тъыст уыд, уыйау йæ къуырма зарæг дарддæр кодта матор. Хæдтæхæджы дзой-дзойгæнаг базыр æй фервæзын кодта æнхъæлмæ кæ- сынæй æмæ йæ фæхæссы тасы улæнтæм. Уый хыгъд абон дзæгъæлы цы рæстæг фесæфта, ууыл нал мæт кодта ньтр. Æмæ амондджыныл цымадта йæхи. Æрмæст зæрдæ йæхи тынгдæр хоста мидæгæй. 4 Уый нæ бамбæрста цæмæн ныррызт æвиппайды хæдтæ- хæт, æрмæст æнкъардта матор йæ тых йæ бонæй кæй кусы, æмæ йын фаркгай фæхауынæй тас кæй у, уьгй. Æмæ уы- цы тыхархайд нæ фæуд кодта. Чысыл фæрссаггондæй Бе- лов ауыдта Тамарæйы тасæфтыд цæсгом. Уый зынди фы- дуынд, æвæццæгæн, фыртыхстæй,, фырархайдæй, кæннод та фыдбылызы хауын, зæгъгæ, уый кæй хатыд, уымæн. Стæй ма ноджы уыцы уысмы йе ’хгæд хъустыл ауад рог æхсидт, уыцы карз æхсидт акарста уæлдæф æмæ бамыр. „Мессер",—ахъуыды кодта Белов,--куы нæрыппарой,- куыдзы хъæвдынау фæдæлдон уыдзынæн. Ацы æхгæд ранæй афтæ тагъд нæ агæпп кæндзынæ, цалынмæ къахæй чысыл дуаргонд æттæмæ атонай. Æниу дын атонын дæр баком- дзæн?" Ноджы ма иу хатт куы бакæсид Тамарæйы цæсгоммæ, æмæ цы ’рцыд, уый дзæбæх куы бамбарид, фæлæГ йын нæ бантыст: æрбайсæфт ын кæмдæр афтид тыгъдады, æмæ афтæ зынди, цыма хæдтæхæг йæхæдæг цыд йæ фæндагыл, кæнæ та лыгъди знагæй. Уалынмæ йæ цæлхытæ цæуыл- дæр баныдзæвдысты, æмæ Белов фесхъиудта хæдтæхæ- джы риуыгъдæй, æви зæхмæ кæй æрхæццæ, уый цинæй— <5æрæг нæ уыд. 629
0, æцæг зæхмæ æрхæццае сты, æмæ йæ кæд нырыонг бынатыл дзæбæхæй сымбæлыны ныфс æххæст нæ уыд,. уæд ныр рог сулæфыд йæ къуындæг æхгæд бынаты, æмæ цалынмæ хæдтæхæг къуыбарджын зæххыл фесхъиу- фесхъиугæнгæ згъордта, уæдмæ йæ бафæндыд куы афы- нæй уыдаид, уый дæр æмæ æцæг фæцæйфынæй кодта уыцы чысыл, хъарм, сабыр æмæ талынггонды. Фæкомком- мæ та йæ чысыл фæресаггондмæ. Зындысты йæм арв æмæ хæдтæхæджы тъæпæн фындз иуфарсырдыгæй. Уайтагъд кассеты дуæрттæ байгом сты æмæ Белов дæр, йæ къæх- ты бын зæхх сгаргæйæ, уæззаугай рахызт æттæмæ. — Мæнæ хуыцауы диссаг,—загъта, кассеты дуар чи ба- кодта, уыцы салдæттæй иу,—мах кæй агурæм, уыдон ам. куы нæ сты. Уæдæ кæм æвæрд сты хостæ та? — Иннæ базыры бын. Хæдтæхæгæн йæ фындз здæхт уыд денджызырдæм.. Æвæццæгæн уæртæ кабинæйы ссады голлагыл чи архайы, уыцы салдæттæ фыццаг февнæлдтой" „У—2"-йы рог къæ- дзилмæ æмæ йæ фæзылдтой, фæстæмæ здæхын æввонг æй акодтой. Матор куыста. Денджызы знæт гуылфæнтæ цы змис былгæрон слæгъзкодтой, уымæ æртæ сæдæ санчъе- хæй фылдæр нæ уыдаид. Уый уыди денджызы æмвæз æмæ зынди хæрз хæстæг. Уьш змисыл, йæ иу базырыл бахъил, афтæмæй сау дардта хæдтæхæг, йæ цуры тыхызмæлд код- той адæм. Галиуырдыгæй быдыр къулаив ахаста æмæ уы- цы тъæпæн худæвæрдау зынд знагмæ. Рахизырдыгæй иу цалдæр обауы кæрæдзийыл баныхæстысты æмæ сæ хъæ- бысы æмбæхстой, аэродром цы лæнчы уыд, уый, хъахъ- хъæдтой йæ знаджы цæстæй. Уыцы обæутты сау дардтой æфтауцдæтты уæрмытæ, зæхбын къæссты æмæ траншейты бацæуæнтæ. Уым хуыздæр бынæтты цардысты салдæттæ. Белов хорз зыдта, зæхбын цæрæнуæттæ куыд æрцæттæ кæнын хъæуы, уый. Кæддæр ма уыд ам æмæ ныр ногæй базыдта амы бынæттæ. Уæртæ донмæ хæстæг кæронæй цы обау ис, уый знаджы цæстæй æмбæхсы наулæууæнты æмæ санитарон халагъудты. Уырдыгæй былгæрæтты, къæдзæх фæхстыл цъилау зилы фæндаг æмæ ныххизы уый дæр ахæм лæнкмæ, æрмæст чи зоны уый уа арфдæр æмæ на- 630
рæгдæр. Хæдтæхæг уым не ’рбаддзæн, фæлæ уый хыгъд уьш, иуфарс, кæсагахсджыты раздæры стъаны ис дзулфы- цæн. Хæдзарæн йæ иу æрдæджы уазал у æмæ уым æвæрд вæййы се ссад. Иу хатт кæддæр Белов уым цемент пъолыл -афтид голджытыл æхсæвиуат дæр бакодта. Мæнæ ацы гол: лаг дæр бæхуæрдоныл аласдзысты кæсагахсджыты стъан- мæ æмæ йæ уадидæгæн ратдзысты дзулфыцджытæм. Уыдон кусынц, змæлынц, архайынц хæдзары иннæ æрдæ- джы æмæ никуы ахуыссы сæ пец, суг сæм куы вæййы, уæд„ Лæнчы цæгат кæрон та ис цъай. Немыцæгтæ йæ зо- нынц: уыдон сæхæдæг дæр уырдыгæй хастой дон. Æгаа донбыл, денджызон фистæг æфсады полчытæ æмæ ба- ^альонтæ кæм æрфидар сты, уым нуазыны дон никуы уал уыд æндæр. Цъайы дон у змæст æмæ æнæад, ’ фæлæ> æдзух кæм у, уым дзы салдæтты хæринаггæнджытæ лас- той бæхтыл. Цъайы алфæмблай немыцæгтæ рæстæгæй-рæс- тæгмæ æхсын райдайынц куы сармадзантæй, куы та ми- наметтæй. Уæд хæринаггæнджытæ-дондзæуттæ амбæхсынц уым хæстæг траншейты, æрмæст ма иу цалдæрæй азза- йынц уæлæуыл бæхтыл хæцгæйæ, сæ къухты æртыгай,— цыппæргай бæхты рохтæ, афтæмæй. Цæфты ардыгæй ахæс- сынц комкоммæ наулæууæнмæ. Мард бæхты аласынц æт- тæдæр æмæ сæ уым баныгæнынц. Донмæ ацæуын атакæйæ- ацæуынæй уæлдай нæ уыд. Обауьт къул фахсыл адаргъи иу!?ьахвæндаг фронты раззаг хаххмæ. Изæры онг ам хорз. æмбæхсæнтæ ис, фæлæ гæнæн уыд лæг аирвæзтаид раз- заг хаххмæ уыцы иукъахвæндагыл боныгон дæр... Æниу ын ацы фарсмæ рахизын бантыст æмæ уал уый дæр хорз у! Белов фездæхт Тамарæмæ, цæмæй йæм, хæрзбонкæнгæ- йæ, йæ мидбылты бахуда æмæ йæм бузныджы тылд ба- кæна йæ къух. Тамарæ лæууыд кабинæйы, йæ бадæныл æмæ йæ тымбыл къухтæ тылдта, афтæмæй хъæр кодта: — Тагъддæр дын зæгъын, цæй-ма тагъддæр! Кæмæ дзырдта, уый йын маторы хъæрæй йæ ныхæстæ не хъуыста. Кинонывмæ кæсæгау йæ фæндаг ногæй йæ цæстытыл ауад Беловæн. Денджызы былæй хæдтæхæджы ’рдæм къуыбылæйттæгæнгæ згъордта иу салдат, йæ уæхс- джытыл ирвæзынгæнæн зиллакк, афтæмæй. Йæ разæй цы 63 >
кина фехæлд, уый йыл еыджыт æркалдта, фæлæ уый уай- тагъд фæгæппкодта, йæхи дæр нæма асыгъдæджытæ код- та, фæгуыбыр кодта æмæ ногæй атьшдзыдта размæ.Дыккаг мияæ фехæлд фæрсырдыгæй. Йæ сау фæздæгæй нал фæ- зынд, ссад цы бæхуæрдоныл фæцæйластой, уый. Белов афæлгæсыд денджызыл æмæ дзы куы ницæуыл йæ цæст схæцыд, уæд хæрдмæ, арвырдæм скаст. Ныр уый суыдта „Мессершмитты" нарæг цъæх силуэт. Уый æвип- пайды фæзынд арвыл, уыцы иу цъывытт акодта æмæ уай- тагъд æврæгъты ’хсæн æрбайсæфт. Дард фæсобауæй хæрд- мæ фæцыд фæздæджы цæджындз. — Цы у уый?-—бафарста Белов, йæ цуры цы ацæргæ салдат лæууыд, уый. — Рынпæрстой махоны. Уый Белов йæхæдæг дæр бамбæрста цыма, фæлæ йæ æххæст бæлвырдæй кæм нæ зыдта, уым ’æй нæ фæндыд æууæндын ахæм цауыл. —Тагъддæр!—хылгæнгæ хъæр кодта Тамарæ. — Æмæ уæд хæдтæхæгскъæрæг та цы баци?-—бафарс- та та Белов салдаты. — Денджызмæ рагæпп кодта. —Дæхæдæг æй федтай? — Уæдæ йæ нæ федтон! Сымах рацæйтахтыстут æмæ знаджы „Мессерщмитт" бафтыд уæ фæдыл. Уæд æй махон <5аййæфта, фæлæ уый куыддæртæй аирвæзт... Æмæ-— æр- мæст иунæг уысммæ, гъе, афтæ... — Æмæ уæдæ хæдтæхæгскъæрæг рагæппкодта? — Куы дын загътон... рагæпп кодта. Минæтæ ноджы тынгдæр ныууарыдысты быдырыл. -~ Траншеймæ ныххиз, æмбал лейтенант, — бауынаффæ йын кодта, емæ чи ныхас кодта, уыцы салдат, йæхæдæг фæгуыбыр кодта, иуыл хæстæгдæр сæм цы траншей уыд, уый хъуыры аирвæзт æмæ та уырдыгæй дæр фæдзырдта Беловмæ. Фæлæ раст уыцы уысм, ирвæзынгæнæн ’зилаччимæ цы салдат æрбацæйзгъордта, уый фæуæлгом, зиллакк ас- хъиудта йæ уæхсджытæй, зылын-мылынтæгæнгæ фæтулæг ажæ банцад, чысыл раздæр минæ сыджыт кæм скалдта, 032
уыцы уæрмы тæккæ былыл. Велов хъуыды дæр нæ акодта,—йæхи йæм аппæрста. Планшет ын йæ зæнджы хæ- цъæфтæ надта, æмæ-иу ын лидзгæ-лидзын йæ нарæг гæр- зыл хæрдмæ фæхæцыд, фæлæ та-иу уый ногæй æрбырыд. Салдат уæлгоммæ хаудæй лæууыд, йæ сæр иуфарс азæ- <>ул, афтæмæй йæ ирд цæстытæ арвмæ ныццавта,—бæрæг нæ уыд сур фæци, æви бынтондæр адунейаг нал у. ,— Ахæссæм æй, ахæссæм!—Беловы хъустыл ауад зон- гæ хъæлæс, фæстæмæ фæкаст æмæ ауыдта, чысыл раздæр кæимæ ныхас кодта, уыцы салдаты. —• Мауал фæстиат кæн! — Ис!—загъта йын Белов, цыма йæ хистæр уыд, уыйау. Ирвæзынгæнæн зиллакк фолвæста æмæ фæстæмæ, хæд- тæхæгмæ згъорыныл фæци. Куы-иу зæххыл дæлгоммæ адæргъ, куы-иу минæты æхситтмæ хъусгæ дæр нал код- та, афтæмæй хæдтæхæдяш базыры цурмæ бахæццæ Белов. Æмæ куыддæр ирвæзынгæнæн зиллаччимæ Тамарæйы цур дыккаг кабинæмæ схизын бафæрæзта, афтæ хæдтæхæг фенкъуыст размæ. Белов кассеты уæлгоммæ куы хуыссыд, уыйау æм ма- торы хъæр æгомыгæй нал хъуыст. Ныр уый нæргæ кодта. Зæхх айсæфт хæдтæхæджы бын æмæ йæ бæсты разынд денджыз. Тамарæ архайдта хæдтæхæг раст бауромыныл. Фæлæ уый æмбæлццон дымгæ хæрдмæ скъæфта æмæ Беловмæ афтæ каст, цыма йæ скъæфы цыдæр æвæджиау тых, æмæ уымæн та ныртæккæ йæ бон уыд адæймаджы фервæзынкæ- нын, уый цардмæ рыздæхын. Уый тыххæй куысæфти, ир- вæзынгæнæн зиллаччимæ цы салдат згъордта, уый дæр. Æмæ уыцы зиллакк ныртæккæ мæнæ Белов йæ уæрджы- тæм нылхъывта, афтæмæй йæ фæхæссы. Зиллаккыл фыст уыди: „Арвы рон". Йæ дамгъæтæ рæстмæ яал зындысты, ранæй-рæтты сæ ахорæн ссыд. Беловæн æхсызгон уыд, ацы зæронд зиллакк бирæты кæй фервæзын кодта, уый æмæ уыцы хъуыдыйыл цин кодта, фыццагхатт æцæг ар- вы рон куы федта, уæд ууыл куыд цин кодта, афтæ. Беловæн йæ зæрдыл æрбалæууыд, минаты фехæлдмæ чи фæуæлгом, уыцы салдат: цыма фервæзт, æви бабын, 633
кæнæ сын сæхи не ’рыппардзысты знаджы хæдтæхджы- тæ? Цымæ бахæццæ уыдзысты сæ нысанмæ, æви сæ цард фæуыдзæн ам фæстаг тохы? Бынæй денджызы улæнтыл гæппытæгæнгæ сæ фæдыл цыд лодкæ, фæлæ уый фæстийæ баззад æмæ нал зынд Бе~ ловитæм. Тамарæ фæстæмæ, Беловмæ ракаст, йæ цæстытæ йæм фæирд кодта æмæ йæ къухæй бынмæ ацамыдта æмæ Бе- лов уайтагъд улæнты сæр ауыдта сау тæпп. Уыдон афтæ< ныллæг æруагътой сæхи денджызмæ æмæ ныр уыдтой, уым улæнты чидæр куыд тъыбар-тъыбур кодта, уый. Ден- джыз уыд рæсуг æмæ йæ мидæг хæдтæхæгысьъæрæг куыд ленк кодта, уый сæм дзæбæх зынди. Белов йæ кабинæйы слæууыд æмæ агуырдта, цæуыл фæхæца, ахæм исты. Хæд- ’ тæхæг хæрз хæстæг æруагъта йæхи донмæ æмæ Белов Та- марæйы бардзырдмæ гæсгæ ирвæзынгæнæн зиллакк ауагъта денджызмæ. Уый фæстæ уыдон афтæ тагъд адард сты æмæ Белов нал федта, доны чи хуыдуг кодта, уыцы хæдтæхæг- скъæрæг ма ирвæзынгæнæн зиллаккыл фæхæст æви нæ. Дымгæйæ фæстæмæ фæкæсæнтæ нæ уыд, йæ къубал иу <ын сцæйтыдта æмæ йæ бар-æнæбары кабинæйы нынныгъ- уылын бахъуыд. Хæдтæхæг цыд фæстæмæ йæ фæндагыл, денджызы сæр- ты, урс дæндаджджын сæрвасæны хуызæн донбакæлæнты сæрты, афтид донбылгæрæтты, стæй уæд æдзæрæг тыгъд быдыры сæрты. Зæрдæ рысти цыдæр æбæрæг аххосагмæ- гæсгæ. Æрмæст иу хатт бахудт Белов йæ мидбылты. Уый та уыд, аэродроммæ куы фæцæйхæццæ кодтой æмæ йæм Тамарæ фæстæмæ куы фæкаст, уæд. Уый дзы бузныг уыд, йемæ æххуысмæ фæдисы кæй фæуад, уый тыххæй. Зæхмæ æрхæццæсты дзæбæхæй. — Æгас нæм цу!—фæдис кодта Беловыл аэродромы ка- питан,—куыд тагъд фездæхтæ? Лæгъзтæкуы кодтай, цæ- мæй дæ уыцы фарсмæ ахизын кодтаиккам. — 0, бæргæ лæхстæ кодтон,—тыхст хъæлæсæй дзуашг лæвæрдта Белов, фæлæ афтæ рауад хъуыддаг. Уый йæ уæхсджытыл хæрдмæ фæхæцыд, цыма хатыр* куырдта, уыйау. 634
— Афтæ рауад хъуыддаг,—æмбарын кодта Тамарæ, йæ шлем йæ сæрæй исгæйæ,— Чысыл ма бахъæуа Беловимæ кæсæгтæм уазæгуаты бахауæм. Чызг мæнг худт бакодта. — Æфсæддон æгъдаумæ гæсгæ мын фехъусын кæн, цы хабар у?!—фæмæсты капитан. Тамарæмæ хабæрттæм байхъусгæйæ, капитан йæ нарст къухтæй йæ ных асæрфта, ахъуыды кодта æмæ Беловæн загъта: — Цæй цы гæнæн ис... Хорз...—-хæдтæхæгскъæрæг чызгмæ комкоммæ бакаст, фездæхт салдæттæм, æмæ сын æнæсдзургæйæ бамбарын кодта, сæ куыст куыд кæной, уый. Цалынмæ уыдон „У—2"-мæ ссадæй едзаг голджытæ хастой, уæдмæ Белов æрбадт иуварс, цавæрдæр асыккыл. Тамарæ йæм хæстæг бацыд. — Фæткъуы дæ нæ хъæуы? — Ахæрин. Райсомæй нырмæ æххормаг дæн. Кæцæй дын цæуынц уый бæрц? — Ис мын иу уарзон, хæстон полчы. Цух мæ нæ уа- дзы. Ме ’мбæлтты иуылдæр фæуазæг кæнын, хæрзад исты куы райсын, уæд,—цыма рагæй зонгæ сты, уыйау дзырдта чызг.—Уый бомбæтæ згъалæг у. Æхсæвæй фæтæхы алы хатт. Гъе, уыдоныл куы ныффыссис... — Уыдоныл фыстой. — Хæдтæхæгыл кæд нæ бафæлмæцыдтæ? Искуы ма йыл тахтæ? -^- Нæ,—басаст Белов.—Алы хуыз транспортыл дæр уыд- тæн, фæлæ тæхгæ абон фыццаг хатт кодтон. —-Цытæ дзурыс! Нæ мæ уырны!.. Иу хæдтæхæг стахт, æмæ чысыл фæстæдæр иннæ та бадгæ æркодта. Тамарæ æмæ Беловмæ фæдисы уадæй æр- бацæйцыд капитан. Йæ цæсгомыл, цыма судзгæ кодтой, уыйау сырх дардтой хицæп тæппытæ. — Верæ фæдæлдон,—загъта уый хæрз сабыр, цыма __улæфгæ дæр нæ кодта, афтæ. — Цы?!—Тамарæ фæгæпп кодта. — Верæ?—бафарста Белов. Йæ цæстыты раз февзæрд, абон кæй федта, уыцы чызг, 636;,
сывæллоны цæсгомы æууæлтимæ. Ноджы уыцы гæвзыкк цæрдгъуыз дидинæг хус хиталæгыл. — Куыд?—сирвæзт Тамарæйæ,--„Месеер?" — 0.-— дзуапп радта капитан. Ныхъхъус сты. Дымгæ фыццагау лæбурдта быдырты сæр- ты. Беловы нæ фæндыд, уыцы зиан уæззау кæмæн уыд, уйдон хъыгдарын. Ацыд нуфарс, æрбадт кæрдæгыл æмæ ныккуыдта. — Цæуыл кæуыс? — æрдхъирæнгæнæгау ыл фæхъæр кодта Тамарæ. — Сывæллон!—-багуым-гуым кодта капитан. Сывæллон? Уый та афтæ æнхъæлдта цыма иу хатт Шилкæйы сакъадæхтæм къæбырттæджы фæдыл лодкæйы цы сывæллон фæцæйцыд, уый фæстийæ баззад æнустæм, к&мдæр дард, фыццаг арвы роны бын, йæ сывæллоны бон- тимæ иумæ... Æнæрхъуыдыйæ кæрдæджытæ тонгæйæ уый радзырдта йæхинымæры цы чындæуа, зæгъгæ, ныр дарддæр, куыд , ма сыххæст кæна йæ хæс? Уый тыхст, афтæ йæм касти, цыма иуыл сæйрагдæр æй цы хъуыд, цы агуырдта, уы- мæн ахызт йæ иу фæрсты. Кæйдæр нæ бафиппайдта, цы адæм ыл рамбæлдысты йæ фæидагыл, уыдонæй... Фæлæ цымæ кæй? Донбыл зæхбын къæсоы цы матрос уыд, уый? Люся-санитаркæйы? Æви мæнæ сæрдыгон камбинезонтæ чи дары, уыцы хæдтæхæгскъæрæг чызджыты, хæлгæ минæ- ты ’хсæнты ирвæзынгæнæн зиллаччимæ чи згъордта, уы- цы салдаты! Денджызы был хæдтæхæг чи цалцæг кодта, уыцы механикы? Дзулфыцджыты? Немыцæгтæ сæ зынджы ^ын кæй дарынц, уыцы тæссаг цъаймæ донхæссынмæ чи цæуы, уыцы хæринаггæнджыты? Цы хъыгдардта Беловы хъуыдыты, цæуылнæ хæст код- ток сæйрагдæр тагыл? Цы стыр цауæн лæвæрдта йæ зæр- дæйы бынат? Ферох æй. Уым æрынцад Верæйы фæлгондз... Никæмæн бантыст йæ фервæзынкæнын. Белов æмæ Тамарæ •ирвæзынгæнæн зиллакк кæмæ ныппæрстой, уыцы истреби- тель скъæрæг сын сæхи куыд фервæзын кодта, афтæ. 0, уый æцæг хæтæхæгскъæрæг уыд! Ууыл ныффыссид? Фæ- лæ уый куы раппæрстой!.. в-ЭД
Куыд диссаг у! Абон уый кæуыл фембæлд, уыдоныл радзырд ныффыссæн уыд иу рæнхъæй. Хæтæхджытæ дон- къубалæджы сæрты хастой ссад. Куыд диссаджы рæнхъ уаид уый. Салдат ирвæзынгæнæн зиллаччимæ азгъордта æмæ æрхауд æмæ радзырд цæттæ... фæци... Белов æвип- пайды фестад, æндæр цыдæр маст ын асыгъта йæ з&рдæ. — Æмбал капитан! Истребителтæм телефоны фæдзу- рæн нæй? —Дæмæ сæм дзурыс? — Базоньш мæ фæнды... — Уыцы истребительскъæрæджы тыххæй? -0. — Гæнæн ис, фæлæ уыдон сæхæдæг куы ницыма зо- нынц. — Ах, хæйрæджы хай фæуинаг!—схауд Беловæй. ... Бон изæрырдæм фæкъули. Хур æврæгътæй йæ цæст нæ’радардта, афтæмæй быдыргæрон авæрдта уарди- гъуыз-рыгæйдзаг *уаВДаг— Уьш... уым, денджыз æрра митæ кæм кодта, уым. Уым царды фæтк нæ фехæлди: фых- той дзул æмæ цъайæ хастой дон. — Æмæ уæдæ æз цы бакæнон ныр? — бафарста Белов капитаны. — Банхъæлмæ кæс райсоммæ: чи зоны та дын фæуа фадат... — Баххуысын хъæуы,—загъта Тамарæ карзæй, дард кæдæмдæр кæсгæйæ. Афтæ зынди, цыма æппæт дæр хъуамæ райдыдтаид но^æй. 637
Шолохов Михаил ФЫДÆХДЗИНАДЫ ЗОНАД »...Нæй зяагыл фæуæлахизгæнæн, кæд æмæ нæ сахуыр уай дæ зæр- дæйы бынæй уымæ фыдæхдзинад дарын, уæд. И. В. Сталин. Хæсты, адæймæгтау, бæлæстæй алкæмæн дæр ис йæхи хъысмæт. Æз федтон, нæ артиллерийы зынг кæй ныццагъ- та, ахæм егъау хъæды фадыг. Ацы хъæды эбрæджы сæхи æрфидар кодтой С-йы хъæуæй фæстæмæ æппæрст æрцæ- уæг немыцæгтæ. Ам уыдон æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, дзы афæстиат уыдзыстæм, фæлæ сæ мæлæт скарста бæ- лæстимæ иумæ. Нæзы бæлæсты фæлдæхт зæнгты бын лæууыдысты немыцаг мард салдæттæ. Цъæх-цъæхид цилы мидæг æмбыдысты сæ онгсаст буæрттæ, æмæ сармадзаны нæмгуытæй чи нысхъистæ ис, уыцы нæзы бæлæсты пи- сийы хæрз тæфæн йæ бон нæ бацис пырх марды буæртты æнуд хуыдуггæнаг сымаг бамынæг кæнын... Афтæ зын- ди, цыма, æгæрыстæмæй, зæхх дæр, æд морæхуыз, арыд æмæ дæрзæг, тигъджын, сармадзаны нæмгуытæй къахт уæрмытимæ иумæ кодтой ингæны тæф... Ацы æрдузы, нæ сармадзанты нæмгуытæ кæй скъахтой æмæ сарæзтой, уым сæрыстыр æмæ æгуыппæгæй æлдари- уæг кодта мæлæт; æмæ ма æрмæстдæр æрдузæн йæ бæс- тыастæу дæууыди, диссаджы ирвæзт чи фæкодта, ахæм иунæг бæрзбæлас, æмæ йын сармадзаны нæмгуыты схъис- 638
тæ цы къалиуты ныппырх гсодтой, уыдоны дымгæ æн- къуыста æмæ сыбар-сыбур кодтой, йæ æвзонг, æрттиваг æндæдзаг сыфтæртыл. Мах æрдузыл фæцæйцыдыстæм. Мæ разæйцæуæг, баст- дзинадон сырхæфсæддон, бæрзбæласы зæнгмæ гæзæмæ йæ къухæй февнæлдта æмæ æргом, рæвдауæг хъæлæсæй сдзырдта: — Ды ма ам æнæхъæнæй куыд баззадтæ, мæ зынаргъ?.. Фæлæ кæд æмæ нæзы бæлас, карст æфсирау, уырдыгмæ хаугæйæ сармадзаны нæмыгæй амæлы, æмæ ма лыджы бынаты аззайы æрмæстдæр судзингъуыз, писийæ æвдылд <цъупп, уæд тулдзбæлас та бынтон æндæргъуызонæй фем- - ба^лы йæ мæлæтимæ. Лæнкауы немыцаг сармадзаны нæмыг сымбæлди æнæ- ном гыццыл цæугæдоны былыл лæууæг зæронд тулдзыл. Скъуыдтæ, æттæмæ зынæг цæф бынат бæласæн йе ’рдæг • бахус кодта, фæлæ дыккаг æрдæг донмæ ныллæг æртасы- ди, уалдзæджы адзæбæхи æмæ йыл ногдзыд сыфтæр ра- :хæцыди. Æмæ, æвæццæгæн, абоны онг дæр, сахъатджын тулдзы бинаг къалиутæ цæугæдоны сæхи найынц, уæллаг къалиутæ та нырма дæр хурмæ ивазынц сæ зырнæйзылды хуызæн хъæдтых сыфтæртæ... Бæрзонд, чысыл гуыбыргомау, цъиусуры базыртау хæрдмæ хъил, фæтæнуæхскджын лейтенант Герасимов бадтис блиндажмæ бацæуæны æмæ лæмбынæгæй дзырдта ййоны тохыл, батальон æнтысгæйæ фæстæмæ кæй аппæрс- та, ныхмæлæууæджы уыцы танкæйон атакæйы тыххæй. Лейтенанты фæлахс цæсгом уыд сабыр, йæ æнæмонц, сырх цæстытæ фæлладгъуызæй ’æрдæг цъынд бакодта. Уьгй ныхас кодта къаеркъæргæнаг бæзджын хъæлæсæй. Искуыдæй-искуыдмæ-иу йе ставд здыхт къухты æн- туылдзтæ сдзуарæвæрд кодта. Уыцы къухæйамынд бынтон- дæр нæ бадти йæ тыхджын гуыры кондыл, йæ хъæдтых æхсарджын цæсгомыл, йæ æгуыппæг маст æмæ йын йæ ~арф æмæ уæззау катай афтæ аивæй æвдисаг цæсгомыл. Фæлæ уадидæгæн ныхъхъуси, æмæ йæ цæсгом цæсты- ныкъуылдмæ фендæргъуызоя ис: йæ саулагъз рустæ афæ- лурс сты, йæ уадулты бын фæзынди æнцъылд бынæттæ> 639
йæ æдзынæг, размæ æмдзаст цæстыгæ та сыгъдысты ахæм æгъуыстаджы карз фыдæхдзинадæй, æмæ æз дæр бар-æнæбары йæ цæсгомырдæм азылдтæн æмæ ауыдтон нæ хъахъхъæдады раззаг хаххæй хъæд-хъæд цæуæг æр- тæ уацайраг гитлероны. Сæ фæстæта цыди конвой—сырх- æфсæддон, йæ хурмæ ивд, бынтондæр сурс уæвæг æфсæд- дон хæдоны мидæг æмæ йæ къæбутырдæм къулаив конд пилоткæйы. Оырхæфсæддон цыдис сабыргай. Йæ къухты винтовкæ дыууæрдæм æмхуызонæй дзедзлой кодта, йæ джебогъы фат хурмæ ферттив-ферттивкæнгæйæ. Афтæ сабыргай хылдысты уацайраг немыцæгтæ дæр. Æвæндонæй истой размæ сæ къæхтæ, сæ уæлæ цыбыр, бур æлыгæйг амæхст цырыхъхъытæ, афтæмæй. Разæйцæуæг гитлерон—ацæргæ лæг, йæ мидæмæ хауд уадултææмæморæгъуыз бæзджын æнæдаст хилимæ, блин- дажы комкоммæ æрбацыди, мердæм сусæгæй йæ би- рæгъы цæстæнгас раздæхта æмæ иннæрдæм фæзылди, цæугæ-цæуын йæ роныл ауыгъд згъæр худ рæстытæ кæн- гæйæ. Æмæ уæд лейтенант Гераслмов дæр йæ бынатæй сонт сæррæтт фæкодта æмæ сырхæфсæддоныл цъæхснаг хъæлæсæй фæхъæр кодта: —Уый цы ми кæныс, семæ тезгъо кæныс? Дæ цыд фæ- тынгдæр кæн! Тагъддæр сæ кæн, дын, зæгъын!.. Æвæццæгæн ма йæ фæндыдн исты хъæрæй зæгъын, фæлæ йæ тыхстæй ферхæцыди, æмæ, иннæрдæм цæхгæр фæзылди, афтæмæй блиндажы къæпхæнтыл уырдыгмæ тагъд-тагъд нызгъордта. Ныхасы рæстæджы уым чи фæ- ци, уыцы политрук, мæ дисæфтауæг цæстæнгасæн дзуапп дæтгæйæ, æрдæгхъæлæсæй загъта: — Æндæр цы хъуамæ бакæнон, нервтæ афтæ сты. Нæ йæ зояыс, уый немыцæгтæм уацары кæй уыди, уый? Ис- тыгъуызонæй ма йемæ аныхас кæн. Уый уым бирæ зын- дзинæдтæ бавзæрста, æмæ йæ уæдæй фæстæмæ нæ фæнды гитлеронты удæгасæй фенын дæр. Мæрдтæм куы кæсы, уæд ын ницы у. Æз ма афтæ дæр зæгъин: æхсызгон ын вæй- йы, фæлæ мæнæ уацайрæгты куы фены, уæд кæнæ йæ цæстытæ бацъынд кæны æмæ фæлурс æмæ хидæйдзагæй 640
фæбады, кæнæ та иннæрдæм азилы æмæ ацæуы.—Полит- рукмæ йæхи æрбаввахс кодта æмæ мын сусу-бусуйæ дзу- рын райдыдта: — Æз уыимæ дыууæ хатты атакъайы ацыд- тæн. Бæхæй тыхджындæр у, куы йæм бакæсис цы аразы, уымæ... Алы диссæгтæ федтон æз, фæлæ уый джебогъ æмæ топпы хъæдæй куыд архайы, уый куы фенис. Ды зоныс, уый цы тæссаг вæййы! < Æхсæвы немыцаг уæззау артиллери æхста æнæрынцо- йæ. Æхсæнмæ-æхсæнты дардæй хъуыстис сармадзанты æхст, æмæ цалдæр уысмы фæстæ нæ сæрты, бæрзонд стъалыджын арвы, хъуыстис сармадзаны нæмыджы æф- сÆйнаг къæр-къæр, йæ ниугæ зæл тыхджын æмæ дардæй- дарддæр кодта, æмæ-иу стæй кæмдæр, нæ фаестæ, боныгон иу фронты хахмæ, хæстон æрмæджытæласæг машинæ- тæ бæзджынæй кæм цыдысты, уыцы фæндаджы æрдыгæй бур. æрттывдæй ныггуыпп кодта пиллон æмæ-иу нæмыджы фехæлд æрвнæрдау хъуысти. Æхсты рæстæджы-иу, æхсæнмæ-æхсæнты, хъæды-иу алцы дæр куы ’рсабыри, уæд хъуыстис къогъотæ лыс- тæг ^хъæлæсæй куыд зарыдысты æмæ-иу фалдæр, цъыф- дзасты хæфсытæ сæ зардæн куыд хъырныдтой, уый. Мах хуыесыдыстæм æхсæры къутæрты бын, æмæ, лей- тенант Герасимов, саст бæласы къалиуæй къогъотæ сур- гæйæ, сабыргай дзырдта йæхи тыххæй. Йæ радзырд ын æз д^урын, куыд æй бахъуыды кодтон, уымæ гæстæ. — Хæсты размæ æз куыстон Хурныгуыл’æн Сыбыры заводтæй сæ иуы, механикæй. Фарон мæм фарастæм июлы æфсадмæ æрсидтысты. Мæ бинонтæ уыдысты: ме ’мкъай, дыууæ сывæллоны æмæ мæ инвалид фыд. Æмæ, мæн фæн- дарасткæнгæйæ, куыд вæййы, афтæ, мæ ус иу чысыл акуыдта, æмæ мын фæндагыл фæдзæхсгæйæ загъта: „Дæ райгуырæн бæстæ, стæй мах дæр хъæбатырæй хъахъ- хъæн. Куы бахъæуа сæр, уæд-иу цард дæр радт, цæмæй мах фæуæлахиз уæм. Мæ зæрдыл лæууы, уæд æм æз фæхудтæн æмæ йын загътон: „Æмæ , мын ды чи дæ, мæ бинойнаг, æви бинонты агитатор? Мæхæдæг сты’р куы дæн. Уæлахизы тыххæй куы дзурæм, уæд уый мах фа- шистты хурхæй срæдувдзыстæм, тыхсгæ ма кæн!" 41 641
Мæ фыд, кæй зæгъын æй хъæуы, фидардæр уыд, фæ- лæ та ам дæр хъуыддаг æнæфæдзæхстæй нæ ацыди: „Кæс, Виктор,—дзырдта мын уый,—Герасимовты мыггаг хуымæтæджы мыггаг нæу. Ды дæ зæйцон кусæг; Дæ фы- ды фыды фыд ма Строгановмæ дæр куыста; нæ мыггаг оæдæ азы дæргъы Райгуырæн бæстæйæн æфсæйнаг арæз- та, æмæ ды дæр ацы хæсты хъуамæ уай æфсæйнаг. Хи- цауад. дæр дæу у. Уый дæ хæсты агъонмæ фæсауæрцон командирæй дардта æмæ хъуамæ знаджы тынг цæвай!" „Афтæ бакæндзынæн, мæ фыд!" Вакзалмæ цæугæйæ, партийы райкоммæ бауадтæн. Нæ секр»етарь уыдис цахæмдæр иттæг уазалзæрдæ, æд-зонд адæймаг... Хъуыды кæнын, зæгъгæ, мæ кæд ме ’мкъай æмæ мæ фыд фæндагыл агитаци кодтой, уæд мын ацы адæймаг та бынтон æрынцой нæ ратдзæни, æрдæг сахаты бæрц мæ ныхасыл ныддардзæнис, æнæмæнгæй мæ ныддар- дзæнис. Фæлæ хъуыддаг бынтон æндæргъуызон рауади „Сбад,Терасимов,—дзырдта мын секретарь,—дæ балцы раз- мæ иу минуты бæрц абадæм зæронд æгъдаумæ гæсгæ, Иумæ иу чысыл абадтыстæм, æнæдзургæйæ, алæууы- дыстæм, уый фæстæ сыстади. Кæсын, æмæ цыма йæ кæ- сæнцæстытæй хид рахъардта, афтæ мæм фæзынци... Мæ- нæ,—хъуыды кодтон æз,—цахæм диссаджы цаутæ цæуы. Секретарь та мын дзурын райдыдта: „Алцы дæр бæрæг æмæ æмбæрстгонд у, æмбал Герасимов. Мæ зæрдыл ма лæууыс ахæм чысылæй, пионеры галстук куы хастай. Уый фæстæ дæ хъуыды кæнын фæскомцæдисонæй, куыд коммунист, афтæ дæр дæ зонын дæс азы дæргъы. Ацу æмæ цæв æнæхатырæй цъаммæртты! Парторганизаци дæ ныфс æвæры. Æз фыццаг хатт мæ секретары ахъæбыс код- тон, хæйрæг æй базонæнт æмæ мæм уæд раздæры хуызæн уазал зæрдæ нал фæзынди. Йæ хорз зæрдæ ахастæй ме уæнгтæ афтæ схъарм сты, æмæ райкомæй рацыдтæн хъæлдзæг æмæ знæтзæрдæйæ. Æмæ мæ ам та ме ’мкъай бахъæлдзæг кодта. Дæхæ- дæг æй æмбарыс, фронтмæ йæ мойы фæндараст кæнын иунæг æмкъайæн дæр æнцон кæй нæ вæййы, уый; 0, æмæ ме ’мкъай дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, мастæй чысыл 642
^æтыхстис, иудадзыг æй фæндыдис цыдæр ахсджиаг ны~ •хас зæгъын, фæлæ йæ хъуыдытæ йæ сæрæй атахтыстыт. Поезд фезмæлыди, ме’мкъай дæр мæ вагоны комкоммæ раз- мæ цыди, мæ къух мын йæ къухæй нал уагъта æмæ мын. тагъд-тагъд дзырдта: — Дæхимæ кæс, Витя, дæхи хъахъхъæн, уым, фронты дæ уазал ма бацæуæд. „Уый цытæ дзурыс, цытæ, Надя,— дзырдтон ын æз!—Ницæйы тыххæй мæ бацæудзæнис уазал Уым тынг хорз климат ис. Уый нæ, фæлæ ма дзæбæх кли- мат дæр у." Гъемæ, мын фæхицæн кæнын зын уыди æмæ ;бахъæлдзæг дæн ме ’мкъайы æнæзонд æмæ уарзон ныхæс- тæгй, æмæ мæм сындæггай гитлеронтæм фыдæхдзинад сыв- ^зæрди... Иугæр нæ фæцагайттат, — хъуыды кодтон æз,— æлгъаг знæгтæ,—-уæд унл дзæбæх абырдзыстæм!" Герасимов иу цалдæр минуты æнæдзургæйæ алæууы- ди, раззагон хаххыл ныййазæлæг пулеметон æхстмæ ай- хъусгæйæ, стæй та, æхст куыд æвиппайды байдыдта, аф- тæ æвиппайды куы банцади, уæд дарддæр йæныхас кодта: — Хæсты агъонмæ нæм заводмæ æрбаластой машинæтæ Герхманæй. Машинæйы хæйттæ æмбырд кæнгæ-кæнын-иу алы деталы дæр иу фондз хатты басгæрстон, бакастæн-иу æм алырдыгæй дæр. Уыцы -машинæты арæхстджын къух- чтæ кæй арæзтой, уый тыххæй ницы зæгъдзынæн. Немыцаг фысджыты чингуытæ кастæн æмæ сæ уарзтон. Фæцайдагъ да§н- куыддæр немыцаг адæммæ цытдарыны ахастыл. Раст у, хаттгай-иу мын хъыг уыдис, уый тыххæй, æмæ ахæм курдиатджын æмæ куыстуарзаг адæм кæй быхсынц сæхи- мæ, иуыл æлгъагдæр гитлерон хицауад, Фæлæ, боныфæс- тагмæ, уый уыдис сæхи хъуыддаг. Уый фæстæ Хурны- гуылæн Европæйы хæст райдыдта... Гльемæ, æз цыдтæн фронтмæ æмæ хъуыды кодтон: не- мыцæгтæм тыхджын техникæ ис, се ’фсæдтæн дæр ницы у» Хæйрæг æй базонæд, ахæм ныхмæлæууæгимæ хæцын, -æгæрыстæмæй, интерес дæр у. Йæ фæрстæ йын ныцъцъæл кæндзыстæм. Мах дæр цыппор фыццæгæм азы уыдонæй зедыхдæр нæ уыдыстæм. Басæттын ыл хъæуьг, уыцы ных- :мæлæууæгæй æз уæлдай намыо æгъгъæл нæ уыдтæн. Цæй .намысыл хъуамæ дзурон . æниу, кæд æмæ мах хъуыддаг мг
уыдис фашизмимæ, уæд, фæлæ уый æнхъæл никуы уыд~ тæн, æмæ нæ хæцын бахъæудзæнис ахæм цъаммаримæ,. цахæм разындис гитлерон æфсад. Цæй ууыл фæстæдæр адзурдзынæн... Итолы фæуды не ’фсæддон хай æрхæццæ ис фронтмæ. Тохмæ бацыдыстæм дыууын æвдæм йюлы сæумæрайсом^ Райдианы, ног æрцæугæйæ, иуцасдæр тæссаг уыди, фæстæмæ нæ æппæрстой минаметтæй, фæлæ изæрырдæм фæцайдагъ стæм æхснн æмæ сын сæ бæрзæйтæ ныххос- там. Иу хъæуæй сæ фæстæмæ аппæрстам. Уыцы тохы мах уацары ракодтам æнæхъæн къорды, иу фынддæс лæджы. Мæ зæрдыл ма лæууы, цыма еныр уыди, афтæ: æрбакод- там сæ. Уыдысты тарстгъуыз æмæ фæлурс. Мæ хæстон- тæ уæдмæ тохæй февдæлон сты æмæ алчи дæр уацайрæг- тæн хаста, йæ къухы кæмæн цы уыдис, уый; чи сын ба- сы аг хаста, чи тамако, кæнæ папирæстæ, чи та сæ цайæ суазæг кодта. Оæ къухтæй-иу сын сæ бæрзæйтæ æрцав- той, „камрадтæ" сæ хуыдтой, цæй тыххæй, дам, хæцут^ камрадтæ... Иу кадрон хæстон æдзынæгæй каети ацы зæрдæагайæг нывмæ æмæ загъта: „Уæ сæт калут ацы хæлæрттæм кæс- гæйæ. Ам уыдон иууылдæр камрадтæ сты, фæлæ куы фе- никкат, уыцы камрадтæ уым, фæсфронт цы митæ кæнынц æмæ нын нæ цæф хæстонтæ æмæ æнæхæцæг адæммæ цы ахаст дарынц, уый." Афтæ загъта уый, æмæ ныл, цыма уазал доны къæрта рауагъта, афтæ фестæм, стæй ацыди. Уалынмæ размæбырсты ацыдыстæм æмæ уæд æппæт дæр федтам. Цъыбырттысыгъд фæуæг хъæутæ, сæдæгай фехстгонд сылгоймæгтæ, зæрæдтæ, уацарыбахауæг сырх- æфсæддонты, уæнгтæ саст мард буæрттæ, тыхæй кæуыл. ныххæцыдысты æмæ сырдон æгъдауæй кæй амардтой, уы- цы сылгоймæгтæ, чындздзон æмæ æнахъом чызджытæ... Уæлдай тынгдæр мæ хъуыдыйы баззадис уыдонæй иу чызг: ууыл цыдис иуæндæс азы. Бæрæг уыди уый кæй цыдис скъоламæ. Немыцæгтæ йæ рацахстой, цæхæрадонмæ йæ баластой, тыхæй йыл ныххæцыдысты æмæ йæ амардтой. Уый хуыссыди ссæст картофы сыфтæрты. ’хсæн. Гыццыл. чызг, нырма саби уыди. Йæ алы фарс та лæууыдысты ту~- 644
тæйдзаг тетраедтæ æмæ ахуыргæыæн чингуытæ... Йæ цæс- гом тынг къуыхтæ уыдис пъæнæзæй. Йæ къухы æлхъыв- дæй хæцыди йæ чингуыты хызыныл. Мах ын йæ буар пъæлæзцатырæй бамбæрзтам æмæ йæ цуры æнæдзургæйæ лæууыдыстæм. Уый фæстæ, раст афтæ æнæдзургæйæ, -хæстонтæ фæйнæрдæм фæцыдысты, æз та йæ цуры лæу- уыдтæн æмæ, хъуыды ма йæ кæнын, æррайау сусу-бусу кодтон: „Барков, Половинкин, Физикон географи. Æнæх- хæст астæуккаг æмæ астæуккаг скъолайы ахуыргæнæн ’чиныг." Уый æз бакастæн йæ ахуыргæнæн чйнгуытæй сæ иуыл. Гъемæ мьш уыцы ахуыргæнæн чиныг та зындгонд уыди. Мæ чызг дæр ахуыр кодта фæндзæм классы... Уый уыдис Ружинмæ æввахс. Сквирайы цур та ададжы фембæлдыстæм, уацары бахауæг сырхæфсæддонтæн фыд- митæ кæм кодтой, уыцы марæн бынатыл. Искуы ды фы- дызгъæл уæйгæнæн дукани федтай? Æввахсмæ сисгæйæ раст афтæ зындис уыцы бынат дæр. Ададжы, бæлæсты цæнгтыл ауыгъдæй лæууыдысты тугамæхст гуыртæ, æнæ- къух æмæ æнæкъæхтæй, æрдæджы онг сæ царм стыгъд, афтæмæй... Ададжы бын хицæнæй рæдзагъд уыдысты аст адæймаджы мæрдтæй. Уым базонæн нæ уыдис, фыдмар- дæй кæй амардтой, уыдонæй кæмæй цы онг цух уыдис, -уый. Комкоммæ зæгъгæйæ, уым уыдис онггай кæрстытæ фыдызгъæлы цæнд. Уæлийæ та лæууыдысты кæрæдзийыл тæбæгътау æвæрдæй аст сырхæфсæддон пилоткæйы... Афтæ æнхъæлыс, æмæ цыдæриддæр федтон, æппæт •уыдон тыххæй ныхæстæй радзурæн ис? Нæй, нæй. Ахæм .дзырдтæ ссарæн нæй, уый хъуамæ дæхи цæстæй фенай. Æмæ, иудзырдæй, фаг у уый тыххæй дзурынæн!—-лейте- олант Герасимов иудзæвгар гомыгæй алæууыди. — Ам тамако дымыны бар ис?~бафарстон æй æз. — Бар ис. Дым, дæ папирос дæ армыдзыхъы бакæн, афтæмæй,—фæсус хъæлæсæй дзуапп радта уый, æмæ, тамако сдымгæйæ, дарддæр ныхас кодта:—Гитлеронтæ цы митæ фæкодтой, æппæт уыдон фенгæйæ, мах хъæддаг -сырдты хуызæн кæй систæм, ды уый æмбарыс? Æмæ нын, уæвгæй, æндæр гæнæн дæр нæ уыди. Мах не ’ппæт дæр •«бамбæрстам, хъуыддаг нæ кæй уыдис адæймæгтимæ нæ, 645
фæлæ цахæмдæр æлгъыстаг куыйтимæ. Куыд рабæрæгис, афтæмæй уыцы æлгъыстæгтæ, кæддæр станоктæ æмæ ма— шинæтæ цахæм арæхстдзинадимæ арæзтой, раст ахæм арæхстдзинадимæ уыдон ныртæккæ марынц, æфхæрынц æмæ тыхæй хæцынц нæ адæмыл. Уый фæстæ мах ногæй фæстæмæ алæууыдыстæм, фæлæ хæцыдыстæм уæйгуытау^. Мæ ротæйы хæстонтæ, стæмты йедтæмæ, иууылдæр уьтдысты сыбырæгтæ. Фæлæ Украинæйы зæхх мах хъахъ- хъæдтам удуæлдайæ. Ме ’мзæххонтæй Украинæйы бирæтæ фæмард сты, фæлæ уым немыцæгтæй фылдæр фæцагътам. Цы гæнæн уыд, фæстæмæ лæууыдыстæм, фæлæ сын аккаг- уыдыстæм. Йæ папирос зыдæй сдымгæйæ, лейтенант Герасимов ныр сдзырдта æндæргъуызон, фæлмæндæр хъæлæсы хаттæй: — Хорз зæхх ис Украинæйы, æмæ йæ æрдз дæр алæ- мæттаг у. Алы хъæу æмæ нæм алы цæрæн лункт дæр кас- тысты райгуырæн хъæуы хуызæн, чи зоны æмæ уым нæ< туг æнæвгъауæй кæй калдтам, уый тыххæй афтæ уыдис Æмæ туг та, куыд дзурынц, афтæмæй зæрдæмæ æппæт дæр хæстæг кæны.... Гъемæ-иу искæцы хъæу куы ныу- уагътам, уæд-иу зæрдæ уынгæгæй-уынгæгдæр кодта. Æвгъау-иу уыдысты, иу дзырдæй, тынг æвгъау! Цыдыс- тæм-иу, фæлæ-иу кæрдзийы цæстытæм нæ бакастыстæм. ... Уæд æз уый æнхъæл нæ уыдтæн, æмæ фашисттæм- уацары бахаудзынæн, фæлæ уæддæр бахаудтæя. Сентябры мæйы фыццаг хатт фæцæф дæн, фæлæ рæнхъæй нæ рахыз- тæн. Дыууын фыццæгæм сентябры та Полтавæйы областы^. Денисовкæйы цур, дыккаг цæф фæдæн æмæ уацары ба- хаудтæн. Немыцаг танкæтæ нын нæ галиу фланг æрбатыдтой, • сæ фæстæ та фйстæг æфсад æрбафсæрста. Мах хæцгæ-хæцын цыдыстæм æрхъулайæ. Уыцы бон мæ ротæ стыр зиæнттæ баййæфта. Дыууæ хатты фæстæмæ аппæрстам ныхмæлæу— уæджы танкæйон атакъаты. Басыгътам æмæ ныппырх код- там æхсæз танкæйы æмæ иу бронемашинæ, нартхоры бы-- дыры ныццагътам сæдæ дыууын гитлероны бæрц. Уый фæстæ нын нæ размæ раппæрстой минометон батарейтæ^. æмæ мах дæр бар-æнæбары бахъуыдис, æмбисбонæй бонш 646
цыппар сахатмæ нæ къухты цы бæрзонд дардтам, уый ныу- уадзын. Райсомæй уыдисæнтæф. Арвыл мигъы мур дæр нæ уыди, фæлæ хур афтæ сыгъта æмæ нын бынтондæр сулæфæн нал уъгди... Минатæ хаудысты ихуарæгау. Хъуы- ды ма йæ кæнын, дон нуазын нæ афтæ тынг фæндыдис, æмæ хæстонтæн сæ былтæ фырдойныйæ ныссау сты. Æз та командæ лæвæрдтон цахæмдæр æнахуыр, бынтон фæ- сус хъæлæсæй. Мах адаг-адаг размæ куы згъордтам, уæд мæ размæ минæ фехæлди. Æнхъæл дæн; æмæ ма ауыдтон сау сыджыты æмæ рыджы цæджындзæг, гъе, æндæр ницы. Минæйы схъис мын ме згъæр худ фæхуынкъ кодта, иннæ схъис та сымбæлди мæ рахиз уæхскыл. Мæ зонд фесафгæйæ, цас фæхуыесыдаин, уый нæ хъуы- ды кæнын, фæлæ æрчъицыдтон кæйдæр къæхты хъæрмæ. Мæ сæрыл схæцыдтæн, æмæ федтон, цы бынаты æрхаудтæн, уым нæ, фæлæ æндæр ран кæй хуыссыдтæн, уый. Мæ гим- настеркæ мæ уæлæ нæ уыди, ме уæхск та мын цъапп-цуп- пæй чидæр абаста. Ме згъæр худ дæр мæ сæрыл нал уы- ди. Мæ сæр дæр мын чидæр бабаста, фæлæ бинт фидар тыхтне ’рцыди æмæ йæ кæрон мæриуыл æрцауындзæг ис. Иу уысммæ ахъуыды кодтон, зæгъын мæ мæ хæстонтæ сæ къухты хастой æмæ мæ цæугæ-цæуын бабастой, æмæ мæ сæрыл тых æмæ фыдæй хæрдмæ куы схæцыдтæн, уæд æнхъæлдтон, зæгъгæ, нæхиуæтты фендзынæн, фæлæ мæ рдзмæ згъордтой нæхиуæттæ нæ, фæлæ немыцæгтæ. Мæн сæ къæхты хъæр æрчъицын кодта. Уыдон æз федтон ит- тæг бæрæгæй, куыддæриддæр хорз киномæ кæсай, афтæ. Мæ алыварс мæ къухтæй асгæрстон. Мæ цуры хæцæнгарз нæ уыди: нæ дæр наган, нæ дæр винтовкæ, æмæ нæ дæр, æгæрыстæмæй, гранаттæ. Мæ хæцæнгарз æмæ мын мæ планшет нæхиуæттæй чидæр систа. „Мæнæ, гъе, мæ мæлæт",—ахъуыды кодтон æз. Цæуыл ма хъуыды кодтон уыцы уысм? Кæд æмæ дæ уый дæ сомбоны романы тыххæй хъæуы, уæд дæхи хъуыдыйæ фысс,—уæд мæнæн ницыуал бантыст мæ зæрдыл бадарын. Немыцæгтæ уыдысты тынг æввахс, æмæ мæ нæ фæндыдис хуысгæйæ амæлын. Иу дзырдæй, нæ мæ фæндыди, мæ бон нæ уыди хуысгæйæ амæлын, бамбæрстай? Ме ’ппæт тых- 647
тæ æрбамбырд кодтон æмæ мæ зонгуытыл слæууыдтæн, мæ къухтæй зæххыл æнцайгæйæ. Уыдон мæм куы ’рбаз- гъордтой, уæд мæ къæхтыл лæууыдтæн, цух-мухтæ кодтон æмæ тынг тарстæн, зæгъын, та ныртæккæ фæстæ- мæ æрхаудзынæн, æмæ мæ хуысгæйæ джебогътæй ных- хуынчъытæ кæндзысты. Иунæг адæймаджы дæр дзы мæ зæрдыл нæ бадардтон. Уыдон мæ алыварс лæууыдысты, цыдæртæ дзырдтой æмæ худтысты, афтæмæй. Æз сын загътон: „Цæй, ныммарут мæ, цъаммæрттæ! Амарут мæ, кæннод ныртæккæ æрхаудзынæн." Сæ иу мын топпы хъæ- дæй мæ бæрзæй фæцæф кодта. Ахаудтæн, фæлæ та уа- дидæгæн фестадтæн. Уыдон ныккæл-кæлкодтой æмæ мæм дзы сæ иу йæ къух фæтылдта размæ цу, зæгъгæ. Æз ацыдтæн. Мæ туг æгасæй мæ цæсгомыл ныхъхъæбæри. Мæ сæры цæфæй нырма дæр цыди туг, тынг хъарм æмæ æн- дæдзаг туг, ме уæхск рыстис, æмæ мæ бон нæ уыдис мæ рахиз къух хæрдмæ сисын. Хъуыды ма йæ кæнын; мæн фæндыди æрхуыссын æмæ макуыдæм ацæуын, фæлæ уæд- дæр цыдтæн... Нæ, мæн бынтондæр’амæлын нæ фæндыди, уæлдайдæр та—уацары баззайын. Иттæг зынæй, мæ сæр зилын æмæ зæрдæхæццæкæнын ницæмæ даргæйæ, размæ цыдтæн.— Уйедæ афтæ, æз уыдтæн удæгас æмæ мæ.бон дарддæр ар- хайын уыди. 0, куыд мæ хъизæмарæй мардта цойны. Мæ ком ныххуси, æмæ æппæт рæстæджы дæр, цалынмæ мæ къæхтæ размæ истон, уæдмæ мæ цæстытыл уади цахæмдæр сау рудзынгæмбæрзæн. Ницыуал æмбæрстон, фæлæ уæд- дæр цыдтæн æмæ хъуыды кодтон: „Куыддæриддæр дон баназон æмæ чысыл аулæфон, афтæ алидздзынæн!а Æрдузы кæрон неппæты дæр, уацары чи бахаудта, уы> доны æрымбырд кодтой æмæ нæ рæнхъыл слæууын код- той. Уыдон иуылдæр уыдысты сыхаг æфсæддон хайы хæс- тонтæ. Нæ полкæй дзы базыдтон æрмæстдæр æртыккаг ро- тæйæ дыууæ сырхæфсæддоны. Уацайрæгтæн сæ фылдæр уыдысты цæфтæ. Немыцаг лейтенант уырыссагау цъæр- рæмыхстытæй афарста, зæгъгæ, уе ’хсæн комиссартæ æмæ командиртæис, æви нæ? Неппæт дæрныхъхъус стæм. Уæд та ноджы дæр бафарста: „Комиссартæ æмæ афицертæ дыу- 648
уæ Къахдзæфк размæ рацæуæд. „Рæнхъæй ничи рахызти. Лейтенант сындæггай рацыди рæнхъы цурты æмæ ра- хицæн кодта æхсæрдæс адæймадяш, хуызæй дзуттæгты æнгæс чи уыди, ахæмты. Алкæйы дæр-иу сæ бафарста: „Юде дæ"—æмæ-иу дзуаппмæ æнæбанхъæлмæкæсгæйæ, бар- дзырд радта, цæмæй-иу рæнхъæй рахызтаид. Кæй рахи- цæн кодта, уыдон æхсæн уыдис дзуттæгтæ, сомихæгтæ æмæ ма, иудзырдæй, уырыссæгтæ дæр, фæлæ саулагъз цæсгом æмæ сау сæрыхъуынтимæ. Сеппæты дæр чысыл иу- фарс акодтой æмæ сæ нæ цæсты раз автоматтæй фехстой. Уый фæстæ нæм цъапп-цъуппæй баджигул кодтой æмæ нын байстой не ’хцадæттæ æмæ ма нæм хи сæрмагонд фæл- лойæ цы уыдис, æппæт уыдон. Æз мæ партбилет æхца- доны никуы хастон, тарстæн ын фесæфынæй; уый æвæрд уыдис мæ хæлафы мидæггаг дзыппы, æмæ йæ джигул кæ- ■ныны рæстæджы не ссардтой. Æвæдза, адæймаг диссаджы фæлдыст у: æз фидарæй зыдтон, мæ цард æрдуйыл кæй лæууы, уый. Алидзыны фæнд куы скæнон, уæд мæ куынæ «амарой, уæддæр мæ фæндагыл кæй амардзысты, уымæн ^æмæ мæ бирæ туг фæцыди æмæ уый адыл иннæты æм- <>æрц цæуын мæ бон тыххæй уыдаид, фæлæ джигул куы фесты æмæ партбилет мæхимæ куы баззади, уæд афтæ цин кодтон, æмæ мæ, æгæрыстæмæй, мæ дойны дæр айрохи. >1ах рæнхъæй слæууын кодтой æмæ нæ хурныгуылæ- нырдæм атардтой. Фæндаджы фæрсты цыдис иттæг тых- джын конвой æмæ дæс немыцаг мотоциклетисты. Размæ нæ тардтой тагъд къахдзæфтæй æмæ нæ тыхтæ фæлахс кæнын райдыдтой. Дыууæ хатты æрхаудтæн, сыстадтæн <æмæ та цыдтæн, уымæн æмæ зыдтон уæлдай минут зæх- хыл куы фæлæууон æмæ къорд куы аивгъуыйа, уæд мæ тæккæ уыцы ран, фæндагыл, кæй фехсдзысты, уый. Ахæм бон æркодта, мæ разæй чи цыд, уыцы сержантыл. Уымæн йæ къах цæф уыдис æмæ цыдис тых æмæ фыдтæй, хъæрз- гæйæ, хатт та-иу, æгæрстæмæй, йæ къахы рыстæй хъæр дæр кодта. Километры бæрц куы рацыдыстæм, уæд уым хъæрæй сдзырдта: „Нæй, мæ бон нал у. Хæрзбон, æмбæлт- тæ!"—æмæ фæндаджы астæу сбадти. Немыцæгтæ цæугæ-цæуын афæлвæрдтой йæ сыстын- 649
кæныныл, уый йæ къæхтыл слæууынкæныныл, фаелæ та- иу ногæй зæххыл йæхи æруагъта. Фыны фенæгау, мæ зæр- дыл лæууы, йæ фæлурс æрыгон цæсгом, йæ хъуынтъыз æрфгуытæ æмæ йæ умæл цæстытæ... Уацайрæгты къорд аивгъуыдта йæ цурты. Уый фæстийæ аззад. Æз фæстæмæ фæкастæн æмæ ауыдтон, мотоциклист æм æввахс куыд бацыди æмæ, йæ бадæнæй æнæ ’рхизгæйæ, хуымпырæй пистолет куыд систа, сержанты хъусмæ йæ куыд фæца-~ рæзта æмæ йæ куыд багæрах кодта, уый. Уалынмæ чысыл цæугæдонмæ бацыдыстæм. Уæдмæ ма конвойртæ фехстой цалдæр, фæстийæ баззайæг сырхæфсæддоны. Гъемæ, дын, ауыдтон чысыл цæугæдон, калд хид æмæ, рацæйцæугæйæ фæрсырдыгæй цыуæзласæн матпинæ ныл- лæууыди, æмæ уыцы ран дæлгоммæ ахаудтæы. Цымæ мæ зонд фесæфтон? Нæй, нæ фесæфтон! Хуыссыдтæн, мæ къæхтæ адаргъкæнгæйæ. Мæ дзых рыгæй уыди йемыдзаг, мæ фырмæстыйæ мæ дæндæгтæ хъыррыст кодтон æмæ змис мæ дæндæгтыл хъыррыст кодта, фæлæ уæлæмæ оыс- тын мæ бон нæ уыди. Мæ цурты цыдысты ме ’мбæлттæ. Сæ иу мын сабырæй загъта: „Уæлæмæ сыст, кæннод дæ амардзысты!" Мæ къухы æнгуылдзтæй райдыдтон мæ дзых тонын, мæ цæстытæ æлхъивын, цæмæй мын мæ рыстытæ- уæлæмæ сыстынæн баххуыс кодтаиккой. Уацайрæгты къорд мæ цурты аивгъуыдта æмæ хъуыс- тон, ме ’рдæм цы мотоциклет æрбацæйцыцис, уый цæлхыты унæр. Гъемæ та уæддæр сыстадтæн. Мотоциклистмæ фæс- тæмæ æнæфæкæсгæйæ, расыгау цух-мухтæгæнгæ, æз мæ разы æрывæрдтон уацайрæгты къорд банйафыны хæс, æмæ слæууыдтæн фæстаг рæнхъыты. Чысыл цæугæдоныл ахи- зæг немыцаг танкæ æмæ автомашинæтæ дон сызмæстрй, фæлæ мах уæддæр нозтам уыцы морæгъуыз, хъарм пъæ- ра, æмæ нæм кастис иуыл хуыздæр суадоны донæй ад- джындæр. Мæ сæр æмæ ме ’уæхек донæи схуьтлыдз код- тон. Уый мæ тынг фæрогдæр кодта æмæ мæм ног тыхтæ- фæзындис. Ныр мæнæн мæ бон цæуын уыдис ахæм ныф- симæ, зæгъын, нал ахаудзынæн æмæ фæндагыл хуысгæ- йæ нæ баззайдзынæн... Куыддæриддæр цæугæдонæй ахызтыстæм, афтæ ныл> 650
фæндагыл фембæлдис астæуккаг уæз немыцаг танкæты колоннæ. Уыдон цыдысты нæ размæ. Разæйцæуæг тантшст уый куы федта, зæгъгæ, мах уацайрæгтæ стæм, уæд йæ тых йæ бонæй æрбаскъæрдта æмæ нæ колоннæйы ’хсæн смидæги... Раззаг рæнхъытæ калмдзæлхытæй цъист æмæ ссæст æрцыдысты. Фистæг конвойтæ æмæ мотоциклисттæ ацы нывмæ кæсгæйæ худтысты. Цыдæр хъæрæй дзырдтой люктæй сæ сæртæ радарæг таншсттæм æмæ сæм сæ къухтæ тылдтой. Уый фæстæ та нæ ногæй рæнхъыл слæууын код- той æмæ нæ фæндагæй иуырдæм размæ сæ разæй атард- той. Хъæлдзæг адæм сты, цы хъуамæ зæгъай... Уыцы изæр, стæй æхсæвы æз лидзыны фæнд нæ код- тон, уымæн æмæ базыдтон мæ бон ацæуын кæй нæ ба- уыдзæнис, бирæ туг мæ кæй фæцыди æмæ иттæг кæй слæ- мæгъ дæн, уый тыххæй, стæй дæр нæ карзæй хъахъхъæд- той, æмæ алидзыны тыххæй цыфæнды бафæлвæрд дæр, æвæццæгæн, фæссыкк уыдаид. Фæлæ фæстæдæр мæхи тынг æлгъыстон, уыцы фæнд кæй нæ сыххæст кодтон, уый тыххæй. Райсомы нæ акодтоц иу хъæуыл, цы ран уыдис немыцаг æфсæддон хай. Гитлеронтæ уынгмæ ракалдысты, цæмæй нæ федтаиккой. Конвой нæ æнæхъæн хъæуыл сæпп- дугъ акæнын кодта. Хъуамæ нæ фронтмæ æрбаввахсуæвæг немыцаг æфсæддон хайы цæстыты раз фегад кодтаид. Гъе- ъмæ, мах дæр згъордтам. Чи-иу æрхаудта, æмæ-иу фæс- тийæ чи аззади, уый-иу уадидæгæн фехстой. Изæрырдæм мах уыдыстæм æфсæддон уацайрæгты лагеры. Цахæмдæр МТС-ы кæрт уыдис сындзджын телæй æм- бондгонд., Мидæгæй æнтъыснæгæй лæууыдысты уацайрæг- тæ. Мах лагеры хъахъхъæнджыты къухмæ радтой æмæ нæ уыдон дæр топпыты хъæдтæй сындзджын телæй æхгæд„ æмбонды мидæг батардтой. Ацы лагер зындон у, зæгъгæ, загътай, уый фаг нæ уыди. Къахбынат дзы нæ уыди. Адæм- иу æттæмæ кастысты сæ мидбынæтты. Лæууыдысты æмæ хуыссыдысты цъыфы æмæ сымаггæнаг пъæрайы. Тынгдæр чи слæмæгъи, уыдон бынтондæр уæлæмæ нал стадысты. Хæлц æмæ нындоа лæвæрдтой суткæйы мидæг ну хатт. Доны кружкæ æмæ хом еууы мур, кæнæ æмбыд. 651*
хурмæзилаг—æппæт адон уыдысты нæ хæлц. Иуæй-иу бон та-иу сæ махæн исты радтын бынтондæр ферохис... Дыууæ боны фæстæ уыдис тыхджын къæвдатæ. Лаге- .ры цъыф афтæ сызмæсти æмæ дзы нæ уæрджыты онг ныхстыстæм. Сæумæрайсом хуылыдз адæймæгтæй кал- дис тæф, цыма бæхы хиды тæф уыдис, уыйау. Къæвда та уарыди æнæбанцайгæйæ... Алы æхсæв дæр-иу марди цал- дæр дæс адæймаджы. Бонæй-бонмæ не ’ппæт дæр лæмæ- тъæй-лæмæгъдæр кодтам, хæринаг кæй нæ хордтам, уымæ гæсгæ. Уыимæ ма мæн фыдæбонæй мардтой мæ цæфтæ дæр... Æхсæзæм бон æз банкъардтон, мæ сæрæмæ меуæхскыщæф тынгдæр кæй рыстысты, уый. Мæ цæфтæ райдыдтой хæф кæнын. Уый фæстæ æнуд сымаг кодтой. Лагеры фарсмæ уыдысты колхозон бæхдæттæ, цыран хуыссыдысты уæззау •цæф сырхæфсæддонтæ. Райсомæй хъахъхъæнæг унтермæ бацыдтæн æмæ дзы ракуырдтои дохтырмæ бацæуыны бар. Куыд мын загътой, афтæмæй уыцы дохтыр уыди цæфты цур. Унтер уырыссагау хорз дзырдта. Уый мын дзуапп радта: „Ацу, уырыссаг, дæ дохтырмæ, уый дын уайтагъд- .дæр баххуыскæндзæнис". Уæд ын æз йæ хынджылæг ны- хас нæ бамбæрстон æмæ цингæнгæ дохтырмæ араст дæн. Æртыккаг ранджы æфсæддон дохтыр мыл бацæуæны фембæлди. Уый уыдис мæрдтæм хæстæг адæймаг. Мæл- лæг, фæлахс, фæлмæцыд. Уый уыдис æрдæг æрра адæй- маг, æппæт цыдæриддæр зындзинæдтæ федта æмæ бав- зæрста, уыдон фæстиуæгæн. Цæфтæ хуыссыдысты фаджыс- лæсæн фæйнæджытыл æмæ бæхдоны æнуд сымагæй хуы- дуг кодтой. Сæ фылдæрæн сæ цæфтæ сбыр сты, йæ бон ма кæмæн уыди, уыдон сæ сыгъдæг кодтой се ’нгуылдз- тæ æмæ къæцæлтæй... Уыцы ран ма уыдис мард уацай- рæгты рæдзагъд дæр. Сæ ахæссынæн сын ницыуал фæ- рæзтой... — Федтай?—бафарста мæ дохтыр. — Цы баххуыскæнын дын у мæ бон? Мæнмæ иунæг бинт дæр нæй, ницы мæм ис. Хуыцауы хатыр бакæн, æмæ ардыгæй ацу, ацу ардыгæй! Дæ бинттæ аскъуыдтæ кæн æмæ дæ цæфыл фæнык бай- зæр. Мæнæ ам дуары цур ис ног фæнык. Æз дæр афтæ бакодтон. Унтер мыл сымбæлдис, йæ мид- 652
былты худтис, афтæмæй: „Цæй, куыдухабар? 0, уæ сал- дæттæн иттæг хорз дохтыр куы ис! Баххуыс дын кодта?"* Мæн фæндыдис йæ цурты æнæисты сдзургæйæ рацæ- уын, фæлæ мын уый мæ цæсгом йæ мустъучъийæ ныц- цавта, æмæ мыл фæхъæр кодта: „Нæ дæ фæнды дзуапп дæттын, хайуан, и?!" Æз зæххыл æрхаудтæн æмæ мын уый иу, цасдæр мæ риу æмæ мæ сæр йæ къахæй надта. Надта мæ, цалынмæ бафæллади, уæдмæ. Мæ амæлæты бонмæ уы- цы эсессовоны нæ ферох кæндзынæн. Уый фæстæ дæр ма мæ иу æмæ дыууæ иады нæ фæкодта. Куыддæриддæр-иу мæ телы æхсæнты ауыдта, афтæ-иу мын бардзырд радта. æттæмæ рацу, зæгъгæ, æмæ-иу мæ æгомыгæй нæмын рай- дыдта, Удæгас ма куыд базадтæн, уымæй мæ фæрсыс нæ? Хæсты’агъонмæ, цалынмæ механик не стæн, уæдмæ æз куыстон Камайы цæугæдоныл æвгæнæгæй. Уæргътæ æвдæлоыкæнгæйæ, æз хастон фæйнæ дыууæ голладжы цæхх, алкæйы дæр сæ уыдис фæйнæ центнеры, афтæ- мæй; Тых мæм уыдис, мæ тыхæй хъаст нæ кодтон æмæ ма, иу дзырдæй, уыимæ мæ организм уыдис æнæниз, фæлаз сæйраг уый уыдис æмæ мæ амæлын нæ фæндыдис, ныхмæ фæлæууынмæ мæ бархъомыс тыхджын уыдис. Æз хъуамæ баздæхтаин Райгуырæн бæстæйы сæрыл хæцæг хæстонты рæнхъытæм, цæмæй кæронмæ знæгтæй мæ маст йстаин! Уыцы лагеры мæн, цыма дихгæнæн лагерь уыди, афтæ мæ æндæр лагермæ аивтой. Фыццагæй сæдæ километры дарддæр уыдис. Уым дæр æппæт афтæ арæзт уыдис, куыддæриддæр дихгæнæн лагеры: бæрзонд цæджындзтæ, сæ алыварс сындзджын телæй æмбонд. Нæ сæрмæ агъуыст,. нæ уыди, ницы дзы уыди. Хæринаг нын лæвæрдтой раздæры хуызæн, æрмæст-иу нын хатт хом еууы>. бæсты лæвæрдтой фæйнæ крз^кæйы æмбыд фых хой- раджы нæмгуытæ, кæнæ та-иу лагермæ мард бæхтæ æр- баластой. Уацайрæгтæн-иу уыцы хæдмæл сæхæдæг сæ- хиуыл байуарыны бар радтой. Мах-йу æй хордтам, цæ- мæй сыдæй ма амардтаиккам, æмæ-иу сæдæгæйттæй,., мардысты... Æппæт уыдонимæ ма иумæ октябры мæйы 653-
райдыдтой уазæлттæ, æнæ бйнцайгæйæ уарыди къæвдатæ. Райсомæй-иу уыдис уазал ирдгæтæ. Уазалы стыр дудгæ- бонтæ æвзæрстам. Æз мард сырхæфсæддонæн йæ гимнас- теркæ æмæ йæ цинел раластон æмæ мæ уазалæй фервæзын кодтой, æххормагдзинадыл та мах рагæй фæцайдагъ стæм... Хъахъхъæдтой нæ стигъæггаг фæллойæ чи снардис, уыцы салдæттæ. Сæ характермæ гæсгæ уыдон иуылдæр уыдысты иу джиппы уагъд. Нæ хъахъхъæнджытæ иууыл- дæр уыдысты равзаргæ фыдном цъаммæрттæ. Цæвиттон, уыдон сæхи ирхæфстой мæнæ афтæ: райсомæй-иу телын æмбондмæ бацыдис искæцы ефрейтор, æмæ-иу тæлмацгæ- нæджы æххуысæй дзурын райдыдта: „Ныртæккæ хæринаг уардзысты. Хæринаг уарын рай- дайдзысты галиуæрдыгæй." Ефрейтор ацыдис. Телын æмбондæн галиуырдыгæй æр- бамбырд сты, кæмæндæриддæр йæ бон йæ къæхтыл лæу- уын уыдис, уыдон. Æнхъæлмæ кæсæм сахат, дыууæ са- хаты, æртæ сахаты. Сæдæгай удæгас стæгдары-иу уазалы гæв-гæв кодтой цæстытæкъахæг дымгæмæ. Лæууынц æмæ æнхъæлмæ кæсынц. Æмæ-иу æнæнхъæлæджы иннæрдыгæй хъахъхъæнджы- тæ фæзындысты, телы сæрты æрбаппæрстой къуыхтæ бæ- хы фыды хæйттæ. Стонг адæм иуылдæр сæхи уыцырдæм алпæрстой, æмæ-иу цъыфы амæхст бæхы фыды хæйтты цур схъуырдухæн сты. Хъахъхъæнджытæ сæ тых сæ бонæй кæл-кæл^ кæнынц. Уый фæстæ цæхгæр райхъуысти пулеметы дæргъвæтин æхст. Хъуысы хъæртæ æмæ хъæрзын. Уацайрæгтæ балыгъ- дысты телын æмбонды галиу фарсмæ, зæххыл та базза- дысты мæрдтæ æмæ цæфтæ... Бæрзондгомау обер-лейте- нант, лагеры хистæр, тæлмацгæнæджимæ телын æмбондмæ бацыди. Обер-лейтенант, йæхи фырхудæгæй тых æмæ фы- дæй уромгæйæ, дзуры: Хæрииаг уарыны рæстæджы æр- цыдис æбуалгъ зма&стытæ. Кæд æмæ мауый фæлхатт æр- цæуа, уæд ратдзынæн сымах, уырыссаг хуыты, æгъаты- рæй æхсыны тыххæй бардзырд! Мæрдтæ æмæ цæфты ар- 654
дыгæй атте кæнут!" Эсэссовонтæ лагеры хистæры фæстæ къордæй лæугæйæ худæгæй мардысты. Сæ зæрдæмæ цыдис сæ хицауы „цыргъзонд" ми. Мах æнæдзургæйæ мæрдты лагерæй рахастам æмæ сæ хæстæг ададжы баныгæдтам. Уыцы лагеры надтой мус- тъучъийæ, лæдзгуытæй, топпы хъæдæй. Надтой нæ, иу- дзырдæй, куы-иу нынкъард сты, уæд, сæхи ирхæфсыны тыххæй. Мæ цæфтæ байгас сты, стæй та ногæй фегæмттæ сты, æвæццæгæн, æдзухон умæлы æмæ нæдтыты аххо- сæй, æмæ мын фыд рыст кодтой, фæлæ уæддæр цардтæн æмæ уырдыгæй сирвæзыны ныфс нæ сæфтон. Фынæй код- там растдæр цъыфы. Нæ нын уыдис хъæмпын хуыссæн- тæ, ницы нын уыди. Нæ кæрæдзимæ-иу æнгом бардзæй балæууыдыстæм, æмæ афтæмæй хуыссыдыстæм. Æнæхъæн æхсæв-иу хъуыстис сабыр хъæлæба. Иуыл бынæй чи хуыссыди, уыдон æргъæвстысты, баргъæвстысты-иу, уæ- лийæ чи хуыссыди, уыдон дæр. Уьтй фын нæ, фæлæ мæс- таг хъизæмардзинад уыди. Бонтæ афтæ цыдысты, цыма уæззау фынтæ уыдтам. Бонæй-бонмæ лæмæгъæй-лæмæгъдæр кодтон. Ныр мæ сы- вæллон дæр афæлдæхтаид. Хатт-иу мæ хус царм къухтæм тæссагæй кæсгæ хъуыды кодтон: „Цымæ ардыгæй куыд ацæудзынæн?" Мæхи æлгъыстон, тæккæ фыццаг бонты, алидзыныл кæй нæ бафæлвæрдтон, уый тыххæй. Цы уы- даид? Уæд мæ куы амардтаиккой, уæд ныр афтæ тынг фыдæбон нал кодтаин. Зымæг æрлæууыд. Мит фæйнæрдæм акъахтамæмæ хуы- ссыдыстæм салд зæххыл. Лагеры мах къаддæрæй къаддæр кæнын райдыдтам... Боны фæстагмæ нын фехъусын кодтой, зæгъгæ, нæ цалдæр боны фæстæ кусынмæ арвитдзысты. Неппæт дæр райгас стæм. Алкæйы уæнгты дæр нæ ныфс бацыди, кæдстырнæ, уæддæр чысыл ныфс, ома нын, чи зоны, æмæ алидзын бантыса; Уыцы æхсæв уыдис сабыр, фæлæ иттæг уазал. Бон дзир-дзур кæиын куы байдыдта, уæд фехъуыстам сарма- дзанты нæрд. Мæ алыварс алцы дæр базмæлыди. Гъемæ та дыккаг хатт нæрын куы райхъуыстис, уæд чидæр «æвиппайды хъæрæй загъта: 655
„Æмбæлттæ, махуæттæ размæ бырсынц!" Гъемæ, уым федтон æнæфенгæ цау: æнæхъæн лагерь йæ- къахыл слæууыди, командæмæ куыд слæууынц, афтæ.. Æгæрыстæмæй, цалдæргай бонты уæлæмæ чи нæ стади, уыдон дæр сыстадысты. Нæ алыварс хъуыстцс тæлтæг сусу-бусу æмæ уынгæг æрдиаг... Мæ фарсмæ чидæр, сыл- гоймагау, хæкъуырццæй куыдта...Æз дæр... Æз дæркуыд- тон...—къæзгæ хъæлæсæй тагъд-тагъд дзырдта лейтенант Герасимов æмæ иу уысм æнæдзургæйæ алæууыди, фæлæ та стæй, йæхи æрымбаргæйæ, дарддæр сабыргай ныхас кодта:—мæыæн дæр мæ цæссыгтæ мæ рустыл тылдысты æмæ-иу дымгæмæ асалдыеты... чидæр мæллæг хъæлæеæй „Интернационал" базарыдис, мах ын бахъырн&дтам лыс- тæг, мæллæг хъæлæсæи. Хъахъхъæнджытæ нæ пулеметтæй^ æмæ автомат^æй æхсын райдыдтой. Райхъуыст командæ: „Хуысгæут!" Æз хуыссыдтæн, мæ буарæй мит нылхъив- гæйæ, æмæ сывæллонау куыдтон. Фæлæ уыдок уыдысты æрмæст цины цæссыгтæ нæ, фæлæ ма нæ адæмæй сæрыс- тыруæвыны цæссыгтæ дæр. Гитлеронтæн сæ ;бон уыдис мах, æнæхæцæнгарз, æмæ æххормагæй сыдыхуæвæг адæ- лш амарын, сæ бон уыдис мах хъизæмарæй амарын, фæлæ* нæ бархъомыс басæттын сæ бон нæ уыдис, æмæ йæ никуы дæр басæтдзысты! Комкоммæ йæ зæгъын, афтае æнхъæл кæмæй уыдысты, мах уыдон хуызæн не стæм. Нæ мын бантысти уыцы æхсæв лейтенант Герасимовы радзырдмæ кæронмæ байхъусын. Æфсæддон хайы штаб- мæ йæм æвæстиатæй фæсидтысты, фæлæ та цалдæр боны фæстæ ногæй фембæлдыстæм. Сыджыт къæс кодта хъуы- на æмæ назы чъиуы тæф. Лейтенант бадтис бандоныл,. гуыбырæй, къухты тъæпæнтæ йæ дзуарæвæрд æнгуыл- дзтимæ йæ уæрджытыл æрывæргæйæ. Уымæ кæсгæйæ, æз æнæбары ахъуыды кодтон,*зæгъын, уый афтæ бадыныл уым, æфсæддон уацайрæгты лагеры, фæцайдагъ, йæ- къухты æнгуылдзтæ дзуарæ.вæрдæй даргæйæ, сахатгæйтты æнæдзургæйæ лæууын æмæ уæззау æнæ пайда хъуыдьг кæныныл дæр уым фæцайдагъи. — Ды мæ фæрсыс, ралидзын мын куыд бантысти, уы- мæй, нæ? Ныртæккæ дын æй радзурдзынæн. Æхсæвы сарг 656
мадзанты нæрын куы фехъуыстам, уый фæстæ нæ уай- тагъд фидæрттæ аразыны куыстмæ арвыстой, Ихуазæлтты фæстæ бæстæ стæфсти. Къæвдатæ уарыди. Мах тардтой лагерæй Цæгатырдæм. Райдианы цытæ цыди, ыыр дæр та раст афтæ: чи-иу слæмæгъи, уыцы адæймæгтæ-иу зæх- хыл æрхаудтой, æхстой æмæ сæ фæндагыл уагътой... Иудзырдæй, иу адæймаджы дзы фашистон унтер фехс- та æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ цæугæ-цæуын зæххæй салд картоф кæй фелвæста. Мах цыдыстæм картофы бы- дырыл. Старшинæ, йæ мыггаг Гончар, украинаг, уыцы æл- гъыстаджы картоф систа æмæ йæ хъуамæ бамбæхстаид. Унтер æй фæфиппайдта. Иу дзырд дæр не скодта, афтæ- мæй Гончармæ бацыдис æмæ йын йæ къæбутыл нæмыг фæкодта. Колоннæ æрурæдтой æмæ нæ рæнхъæй слæууын кодтой: „Адон иууылдæр сты Германы паддзахады хи- исад,—загъта унтер, йæ алыварс дардыл йæ къух ахæс- гæйæ,—йæхигъæдæй уæ чидæриддæр исты сиса, уый æхст æрцæудзæнис." Цы хъæуыл рацыдыстæм, уым нæ сылгоймæгтæ куы ауыдтой, уæд нæм дзулы къæбæртæ æмæ фых картофтæ æппарын райдыдтой. Махæй кæмæндæрты бантысти исты сисын, иннæтæн нæ бантыст. Конвой рудзгуыты ’рдæм æхсын райдыдта. Махæн та бардзырд радтой, цæмæй тагъддæр цыдаиккам. Фæлæ сывæллæттæ тас нæ зонынц, уыдон-иу цалдæр кварталы размæ азгъордтой æмæ-иу фæн- дагьгл дзулы къæбæртæ æрыппæрстой, æмæ-иу сæ мах дæр систам. Мæн дæр дзы фæцис иу стыр фых картоф. Мæ сыхагимæ йæ йе ’рдæгыл адих кодтам æмæ йæ æд цъар бахордтам. Мæ царды дæргъы æз уымæй хæрзаддæр картоф никуы бахордтон! Фидæрттæ арæзт цыдысты хъæды. Немыцæгтæ хъахъ-, хъæнджыты зынгæ бæрцæй фæфылдæр кодтой. Радтой нæм белтæ. Нæ, мæн уыдонæн фидæрттæ аразын нæ фæн- дыди, уый нæ, фæлæ мæ сæ фехалын дæр фæндыди. Раст уыцы бон изæрырдæм æз сфæнд кодтон: цы уæрм къахтам, уымæй рабырыдтæн, мæ галиу къухмæ бел райс- тон æмæ хъахъхъæнæгмæ бацыдтæн... Уæдмæ æз бафип- пайдтон, иннæ немыцæгтæ къахт бруйы цур кæй уыдыс- 42 65?
ты, æмæ нæ къордмæ йæ цæст чи дардта, уымæй дарддæр нæм хъахъхъæнджытæй æввахс кæй ничи уыдис, уьгй. — Мæнæмæбел асасти... æркæс-ма йæм,—хъуыр-хъуыр кодтон æз, салдатмæ мæхи баввахс кæнгæйæ. Иу цæсты ныкъуылдмæ мæ сæры февзæрдис ахæм хъуыды, зæгъын, мæм фаг тыхтæ куы нæ разына, æмæ йæ мæ. фыццаг цæ- фæй куы нæ сфæлдахон,—уæд бабын дæн. Æвæццæгæн, хъахъхъæнæг цыдæр фæфиппайдта, мæ цæсгоммæ бакæс- гæйæ. Йе уæхск фезмæлын кодта, автомат исгæйæ æмæ йын уæд æз белæй йæ цæсгом фæцæф кодтон. Мæ бон нæ уыди уымæн йæ сæр ныццæвын, уый тыххæй æмæ йыл уыди згъæр худ. Тых мæм уæддæр фагразындис. Не- мыцаг зæххыл уæлгоммæ ахауди, хъыпп-сыпп дæр не скодта, афтæмæй. Мæ къухы ис автомат æмæ æртæ агъуды. Лидзын! Хъуыддаг афтæ рауади æмæ мæ бон лидзын нæу. Нæй мæм тых æмæ фæци. Æрлæууыдтæн, мæ фæллад суагътон æмæ та ногæй сæппдугъ кодтон. Ададжы фалейæ хъæд уыдис бæзджындæр æмæ æз дæр уырдæм тырныдтон. Мæ зæрдыл нал лæууыд, цал хатты æрхаудтæн, уый. Æрхауд- тæн-иу зæххыл, сыстадтæн æмæ та-иу ногæй æрхаудтæн. Фæлæ минутæй-минутмæ цыдтæн дарддæрæй-дарддæр. Фæлладæй, тыхулæфткæнгæйæ куыддæр бахæццæ дæн тархъæдыл къуылдымы фаллаг фарсмæ, афтæ дард, фæс- тийæ анæрыдысты автоматты гæрæхтæ æмæ райхъуыстис хъæр. Ныр ме ’рцахсын æнцон нал уыдис. Изæрдалынгтæ æввахс кодтой, æмæ кæд немыцæгтæн, мыййаг, мæ фæд ссарын æмæ мæнмæ æввахс æрбацæуын сæ къухты бафтыдаид, уæд фæстаг нæмыг æз ныууагътон æрмæстдæр мæхи тыххæй. Уыцы хъуыды мын ме уæнгты ныфс бауагъта, æмæ æз дæр цыдтæн сабырдæр æмæ арæхстджындæрæй. Æхсæвиуат кодтон хъæды. Цахæмдæр хъæу мæм уыдис æрдæг километр дарддæр, фæлæ нæ уæндыдтæн уырдæм бацæуын, немыцæгтыл хæрхæмбæлд куы фæуыдаин, уы- мæй тæрсгæйæ. Дыккаг бон^ мæ партиз^нтæ акодтой. Дыууæ къуырийы бæрц сæм сыджыт къæсы фæхуыссыдтæн. Сфидар дæн æмæ мæм ног тыхтæ фæзындис. 658
Райдианы мæм цыдæргъуызон сæ зæрдæ æхсайдта, кæд æмæ сæм, лагеры, куьтддæрты мæ цинелы астæрды кæй ба- хуыдтон, уыцы партбилет равдыстон, уæддæр. Уый фæс- тæ, иугæр, сæ операциты хайад исын куы байдыдтон, уæд мæм сæ ахаст раивтой. Уыцы ран æз байгом кодтон, кæй фæцагътон, уыцы немыцæгты хыгъд, бæстонæй йæ абоны онг дарддæр кæнын, æмæ сæ нымæц цадæггай сæдæмæ фæхæццæ кæны. Январы мæй мæ партизантæ фронты хаххыл ахизын кодтой. Иу мæйы бæрц госпиталы фæхуыссыдтæн, ме уæхсджы цы минæйы схъис уыд, уый мын систой. Лагеры цы стæгниз æмæ æндæр’низтæ райстон, уыдонæн та хос кæндзынæн хæсты фæстæ. Госпиталæй мæ хæдзармæ мæ- хи сдзæбæхкæнынмæ ауагътой. Хæдзары къуырийы бæрц ядардтæн, æндæр дзы мæ бон нæ баци. Æрынкъард дæн, æмæ та ам февзæрдтæн. Куыдфæнды дæр æй дзур, фæлæ уæддæр мæ бынат кæронмæ ам ис. Сыджыткъæсы бацæуæны цур кæрæдзийæн хæрзбон загътам. Сагъæсгъуызæй, хуры æрттиваг тынтæй рухс хъæдвæндагмæ кæсгæйæ, лейтенант Герасимов дзырдта: —...Æцæг, æгъдаумæ гæсгæ, сахуырыстæм хæцын дæр, фыдæхзæрдæ дарын дæр æмæ уарзын дæр. Ахз§м цыргъ- гæнæн дурыл, цахæм у хæст, адæймаджы æппæт æнкъа- рæнтæ иттæг хорз сцыргъ вæййынц. Афтæ мæм зынд и, цыма уарзт æмæ фыдæхæн кæрæдзийы фарсмæ æрывæ- рæн нæй, зоныс, уый тыххæй куыд фæдзурынц: „Иу <бæхуæрдоны бæх æмæ тыбар-тыбургæнæг хъузæн иумæ сифтындзæн нæй/ —фæлæ сæ мах уæддæр сивтыгътам иумæ æмæ хорз æнцайынц. Мæнæн гитлеронтæ тынг удхæссæг сты, мæ райгуырæн бæстæйæн, стæй сæрма- гондæй мæхицæн цй мæстытæ бавзарын кодтой, æппæт уыдон тыххæй. Уыимæ иумæ æппæт зæрдæйæ уарзын мæ адæмы, æмæ мæ нæ фæнды, цæмæй уый хъизæмар кæна фашистон æфхæрды бын. Гъе, уыцы хъуыддаг мæн, стæй махæй алкæйы дæр хæцын кæны афтæ карзæй, номхуын- .дæй нæ уыцы дыууæ æцæг æнкъарæны уæлахизмæ æркæн- дзысты. Æмæ кæд райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад æвæрд ис нæ зæрдæты æмæ дзы æвæрд уыдзæнис, цалынмæ 659
уыцы зæрдæтæ кусой, уæдмæ, уæд фыдæхдзинад та махг. кæддæриддæр хæссæм нæ джебогъты цыргъ бырынчъытыл. Бахатыр мын кæн, кæд уый къæлæсытæйзагъдцæуы, уæд,. фæлæ æз афтæ хъуыды кæнын,—фæцис йæ ныхас лейте- нант Герасимов æмæ нæ базонгæйы рæстæджы дæргъы фыццаг хатт йæ мидбылты бахудтис хуымæтæг æмæ зæр- дæмæдзæугæ сабион худтæй. Æз та фыццаг хатт рахатыдтон, хъуагдзинæдтæ æма& зындзинæдтæ кæй бадомдтой, фæлæ нырма тулдз бæласау тыхджын æмæ фидар чи у, уыцы æртын дыууæаздзыд лей- тенантæн йæ къæмисæнты цур урсытæ кæй фæзындис^ уый... Æмæстыр хъизæмардзинадæй фæзынæг урс хил аф- тæ сыгъдæг уыдис, æмæ-иу лейтенанты пилоткæйыл нындæ- дзæг. Хæлуарæджы тыны урс æндах фæтары ис къæми- сæныл аныдзæвгæйæ æмæ мын йæ феныны фадат нæ уыди, кæд тынг тырныдтон уый фенынмæ, уæддæр. 1942 азы вюнь» 660
Эренбург Илъя КОММУНАРЫ СУРДЫМÆН Рæсугъд горæттæ бирæ ис, фæлæ се ’ппæтæй рæсугъд- дæр у Париж. Уьш худынц рæузонд сылгоймæгтæ, каш- тан бæлæсты бын къуыдипп лæгтæ нуазынц ахуырст -арахъхъ. Мингай цырæгътæ ныгъуылынц авджы хуызæн уæрæх (|зæзуæтты. Сисамайæг Луи Ру райгуырди Парижы. Уый 48 азы „июлы бонтæ" йæ зæрдыл бадардта. Уæд ыл сæххæст авд азы, фæндыд æй хæрын. Æнæисты дзургæйæ-иу цæргæсы лæшшнау, йæ дзых схæлиу кодта æмæ æнхъæлмæ каст. Фæ- лæ дзæгъæлы æнхъæлмæ каст, уымæн æмæ йæ фыд Жан Еумæ кæрдзын нæ уыд. Уымæ уыд æрмæстхæцæнгарз æмæ хæцæнгарзæн та хæрæн нæй. Йæ фыд йæ хæцæнгарз куы 'Сыгъдæг кодта, уыцы сæрдыгон райсом ма Луи хъуыды кæны. Йæ мад раздарæнæй йæ фындз сæрфта æмæ куыдта. Луийæфыдыфæдыл азгъордта—хъуыдыкодта, зæгъгæ, йæ фыд ног сыгъдæггонд хæцæнгарзæй дзулуæйгæнæджы агуыпп кæндзæни æмæ йæхицæн рахæсдзæнис иуыл стыр- дæр, Луийæ стырдæр кæрдзын, хæдзарыйас кæрдзын. Фæ- лæ йæ фыд фембæлд йæхицæй æнкъарддæр лæгтыл. Уы- донмæ дæр уыдцс æхсæнгæрзтæ. Уыдон иумæ райдыдтой зарын æмæ хъæр кæнын „кæрдзын". Луи ныхъхъус. Æнхъæлмæ каст, зæгъгæ, ныртæккæ уыцы зарджыты тыххæй рудзгуытæй ракалдзысты гуылтæ^ уæлибыхтæ æмæ луаситæ. Фæлæ уыдон бæсты райхъуыст «ахъаззаг хъæлæба æмæ лыстæг нæмгуытæ ныггæргæр кодтой. „Кæрдзын" чи домдта, уыдонæй иуныхъхъæр кодта 661
„мæлын" æмæ ахаудта зæххыл. Уыцы рæстæджы йæ фыд æмæ йе ’мбæлттæ цыдæр æнæфенгæ диссæгтæ арæзтой. Уыдон дыууæ фæхс бандоны афæлдæхтой. Сыхаг кæртæй æрбатылдтой боцкъа, цъæл стъол æмæ, æгæрстæмæй, дын- джыр кæркдон. Æппæт уыдон уынджы астæу сæвæрдтой æмæ сæхæдæг зæххыл æрхуыссыдысты. Луи æнхъæлдта, зæгъгæ, утыппæт æнкъард адæм куырмæмбæхстытæй хъа- зынц. Уалынджы райдыдтой æхсын, æмæ сын сæхи дæр æхстой. Уæдмæ сæм фæзындысты æндæр адæм. Уыдонмæ дæр уыди хæцæнгæрзтæ, фаелæ уыдон сæ мидбылты хъæл- дзæгæй худтысты. Сæ худтыл æрттывтой стыр, рæсугъд кокардатæ. Иуылдæр сæ хуыдтой „гвардионтæ". Уыцы адæм Ын йæ фыды æрцахстой æмæ йæ Сыгъдæг Мартины булварыл’, ракодтой. Луи æнхъæлдта, зæгъгæ, йын уыцы хъæлдзæг гвардионтæ йæ фыды кæрдзынæй бафсаддзыс- ты, æмæ кæд æгæр ферæджы, уæддæр сæ фæдыл рацыд- Бульвары сылгоймæгтæ худтысты, каштан бæлæсты бын къуыдипп лæгтæ нуæзтой ахуырст арахъхъ. Мингай адæй- мæгтæ æмызмæлд кодтой авджы хуызæн тротуары. Сыгъ- дæг Мартины кулдуары цур иу æнæмæт сылгоймаг ка- фейнийы бадти æмæ гвардионтæм рахъæр кодта: — Кæдæм ма йæ кæнут афтæ дард? Мæнæ ам дæр, райс- дзæни йæ хай... Луи худгæ усмæ базгъордта, æнæисты дзургæйæ, цæр- гæсы лæппынау, йæ дзых схæлиу кодта. Гвардионтæй иу чидæр йæ хæцæнгарз райста æмæ та фехста. Фыд ныхъхъæр кодта æмæ афæлдæхт, уыцы сылгоймаг та худæгæй мард. Луи йæ фыдмæ базгъордта, йæ къæхтыл ын нындæгъд, цыма фыд хуысгæйæ цæуынмæ хъашд, уыйау йæ къæх- тæ схъиудтой æмæ зæрдæрисгæ хъæр райдыдта. Уæд сылгоймаг загъта: - Фехсут къæбылайы дæр! — Фæлæ йæ фарсмæ стъолыл ахуырст арахъхъ чи нуæзта, уыцы къуыдипп ын не сразы: — Кусгæ та ма чи кæндзæни? Æмæ Луи фервæзт. Тæссаг июлы фæстæ æрбалæууыд август. Ныр ничиуал зарыд æмæ ничиуал æхста. Луи ’схъомыл æмæ хæларзæрдæ къуыдипп лæджы фæндон 662
сæххæст кодта. Йæ фыд Жан Ру уыди сисамайæг, æмæ сисамайæг сси Ру Луи дæр. Уæрæх хъæдабæ хæлаф, кæр- дæггъуыз кæттаг хæдон дардта æмæ сæрдæй-зымæгæй арæзта хæдзæрттæ. Диссаджы рæсугъд Парижы фæндыд, цæмæй ноджы рæсугъддæр суыдаид. Æмæ Луи уыди, ног уынгтæ кæм арæзтой, уым. Ахæмтæ та уыдысты: авд- тынон стъалыйы ’фæзуат, Гаусман æмæ Малербайы уæрæх бульвартæ, операйы проспект. Сæ алфæмблай сын сагътой каштан бæлæстæ. Ацы бынæттæм ныридæгæн базаргæн- джытæ ластой алы диссæгтæ—уæлдзæрмттæ, æрттиваг ми- гæнæнтæ æмæ зынаргъ фæрдгуытæ. Уый арæзта театртæ æмæ дуканитæ, кафейнтæ æмæ банктæ, арæзта тынг дзæ- бæх хæдзæрттæ, цæмæй æнæмæт сылгоймæгтæ, уынгты, Ламаншы ’рдыгæй куы ’рбадымы æмæ кусæн дарæсы ми- дæг ноябры уазæлтты адæймаджы буар куы сæлы, уæд æнæмæтæй худой раздæрау. Цæмæй къуыдипп лæгтæ ма ныууадзой талынг, мæйдар æхсæвты сæ арахъхъ нуазын. Уæззау дуртæ хæсгæйæ, уый ноджы рæсугъддæр фæлыс- та рæсугъддæр горæт Парижы. Мингай цъæххæдонджынтимæ уыди Луи Ру дæр. Чъы- рæй ахуырст хъæдабæ, уæрæх æмæ лæгъз шляпæйы, йæ дзыппы æлыгæй сурдымæн, афтæмæй, мингай йæхи хуы- йæттау, цæсгомджынæй куыста Дыккаг Империйы рæ- сугъд фидæны тыххæй. Уый арæзта диссаджы рæсугъд хæдзæрттæ, йæхæдæг та бон лæууыди арæзтадон хъæдырмæджытыл, æхсæв та хуыссыди талынг сымаггæнаг къуымы, Оаударæг Идæдзы уынджы. Уыцы къуымæй калди чъыр, хид æмæ сау та- макойы тæф. Хæдзармæ бацæуæн нæ уыдис гæдыйы фа- джыс æмæ æнæхсад мидæггаг дарæсы тæфæй дæр. Сау- дарæг Идæдзы уынджы иу хайы, сыгъдæг Антонийы ин- нæ фæрсаг уынгтау, базаргæнджытæ сойæ едзаг тебæты фыхтой картоф," фындзы хуынчъытæ цавта бæхы фыды ахст туг, цæхджын кæсæгты æмæ брондæтты æнуд тæф æмæ пецты фæздæг. Æмæ мыййаг Саударæг Идæдзы уын- джы тыххæй куы нæ схуыдтой Парижы горæтты рæсугъд- дæр. Уый рæсугъдуйæ диссаджы уæрæх бульвартæй, йæ хæрздæф джыджынатæй^ Фидыдады уынджы мандаринтæ 663
æмæ парфимерон хæзнатæй. Ацы уæрæх бульварты æмæ авдтынон Стъалыйы тыххæй, цыран иудадзыг куыстой цъæххæдонджынтæ, Парижы схуыдтой горæтты рæсугъд- дæр. . Луи Ру арæзта кофе æмæ бæгæны нуазæндæттæ. Уый хаста дуртæ шахматтæй хъазджыты уарзондæр бынат, Регенствойы кофейнийæн", „Англисаг кофейнийæн", цы- ран-иу фембæлдысты дæсны хæринаг æвзарджытæ, дугъон <5æхты скъæтты хицæуттæ, æттаг паддзахадты зынгæ лæг- тæ. Йæхимæ дыууын алыгъуыз театры артисттæ чи æм- бырд кодта, уыцы „Таверни-Мадридæн" æмæ ноджы бирæ зынаргъ арæзтæдтæн. Фæлæ Луи Руйæн йæ фыд куы амард, уæдæй фæстæмæ уыцы ногарæзт кофейнтæм æв- вахс дæр никуы бацыд, æмæ иунæг хатт дæр никуы са- хуырста йæ хъуыр ахуырст арахъхъæй/ Падрядчикæй-иу лыстæг урс æхцатæ куы райста, уæд-иу ын сæ айста нуа- зæндоны зæронд хицау. Уыдоны бæсты йын-иу радта цал- дæр бæзджын æрхуы æхца æмæ йын-иу агуывзæйы нык- кодта змæст тæнгъæд. Луи-иу æй уыцы иу хуыпп акодта æмæ-иу хуыссынмæ араст, йæ талынг къуыммæ. Фæлæ йын урс æмæ еау æхца дæр куы нæ уыд нуази- наг, кæрдзын æмæ куыст дæр куы нæ уыд, уæд-иу йæ дзыппы тамакойы бырæттæ æрцагъта, кæннод та-иу уын- джы æрдæгдымд папирос ссардта, йæ æлыг сурдымæны- иу сæ ныннадта, æмæ-иу хъуынтъызæй хъеллау кодта Сыгъдæг Антонийы уынгты. Уый нæ зарыд æмæ нæ хъæр кодта ;,Кæрдзын мын". Иу хатт йæ фыд Жан Ру куыд хъæр кодта, уыйау, уымæн æмæ йын нæ дæр хæцæнгарз уыд, цæмæй æхстаид, нæ дæр фырт, цæргæсы лæппынау, йæ дзых чи схæлиу кодтаид. Луи Руйæн йæ бон цас уыд, уый бæрц сарæзта, цæ- мæй Парижы сылгоймæгтæ æнæмæтæй худтаиккой, фæлæ- иу сын сæ худын куы фехъуыста, уæд-иу тарстхуызæй йæхи иуфарс айста, — афтæ ма кæддæр иу сылгой- маг худти сыгъдæг Мартины кофейы, йæ фыд Жан Ру уынджы куы хуыссыд æмæ ма цæуынмæ куы хъавыд, уæд. Луи фондз æмæ ссæдз азмæ йæ цуры æрыгон сыл- гоймаг никуы федта. Фæлæ йыл фондз æмæ ссæдз азы 664
куы сæххæст æмæ Саударæг Идæдзы уынгæй æндæр ран- мæ куы ралыгъд, уæд ыл æрцыд ахæм хъуыддаг, боны фæстагмæ, иннæ адæймæгтыл цы ’рцыди, уый. Сыхаг уын- джы царди æрыгон сылгоймаг Жульеттæ. Иу изæр, здых- тытæ асиныл, Луи фембæлд Жульеттæйыл æмæ йæм бацыд ■спичкæтæ курæг, уымæн æмæ йæ æхсондур баихсыд. Æмæ Жульеттæйæ фæстæмæ раздæхт боны цъæхæй. Дыккаг бон Жульеттæ, Луи кæм царди, уырдæм бахаста йæ дыууæ хæдоны, цайцымæн къопп, щеткæ æмæ иумæ бацардысты. Иу азы фæстæ сæ къуындæг хæдзары фæзынд ног уазæг ^емæ йæ мэрийы* цнффыстой „Ру Поля-Мария." Гъе афтæ базыдта Луи, сылгоймаджы ад цы у, уый. Фæлæ, рæсугъд Париж сæрыстыр кæмæй у, уыцы еыл- гоймæгтау, Жульеттæ сæрхъæн худт никуы кодта. Æниу æй Луи бирæ уарзта, уæззау дуртæ чи хæссы æмæ рæ- сугъд хæдзæрттæ чи аразы, ахæм сисамайæджы уарзтæй. Æвæццæгæн, уый æппындæр никуы худти, уымæн æмæ царди Саударæг Идæдзы уынджы, цыран иу хатт æнæ- мæтæй худти зæронд пысултæ æхсæг Мари, æррадонмæ йæ куы ластой, уæд. Æвæццæгæн ма, Жульеттæ нæ худ- ти, уымæн æмæ йын уыдис æрмæстдæр дыууæ хæдоны. Нæ худтис ма уый тыххæй дæр æмæ Луи, урс æмæ сау иæхца кæмæн нæ уыд, æнкъардæй йæ сурдымæнимæ чи хъеллау кодта Сыгъдæг Антонийы уынгты, уымæн йæ бон нæ уыд радтаид иу æрхуы æхца, цæмæй йæхицæн бал- хæттаид ног къаба. 1869 азы уалдзæджы Луи Руйыл 28 азы куы сæххæст, йæ фырт Поляйыл та дыууæ азы, уæд Жульеттæ йæ дыу- уæ хæдоны, цайцымæн къопп æмæ щеткæ айста йемæ æмæ æрцарди фатеры Саударæг Идæдзы уынджы, бæхы фыдæй базаргæнæджы хæдзары. Уый йæ лæгæн ныууагъ- та Поляйы, уымæн æмæ фыдызгъæл уæйгæнæг уыд мæс- тыгæр, æмæ кæд æрыгон сылгоймæгты бирæ уарзта, уæд уый хыгъд йæ удхæссæг уыдта сывæллæттæй. Луи йæ фырты йæ хъæбысмæ систа, йæ къухы йæ тылдта æна- рæхсгæ, уымæн æмæ уый зыдта уæззау дуртæ лухын. Иæ * Мэри—муниципалом управлени. 665
дзыхы сурдымæн, йæ хъæбысы йæ фырт, афтæмæй арасг Сыгъдæг Антонийы уынджы ’рдæм. Уый тынг бирæ уарзта Жульеттæйы, фæлæ Жульеттæ афтæ кæй бакодта, уый раетыл нымадта, уьшæн æмæ фыдызгъæлуæйгæнæгмæ уыд бирæ сыгъзæрин æхцатæ. Уымæн йæ бон у æмæ æндæр уынгмæ. дæр ралидза æмæ йемæ Жульеттæ дæр æнæмæтæй худа. Руйæн йæ зæрдыл æрлæууыд, йæ фыд Жан, июлы- мæй райсомæй йæ хæ- цæнгарз ныссыгъдæг кæнгæйæ, цæуынмæ куы хъавыд, уæд куыд загъта Луийы кæугæ мадæн: — Æз хъуамæ цæуон, ды та мæ хъуамæ ма уадзай. Уа- сæг агуры бæрзонд бадæн, нау—уæрæх денджыз, сылгой- маг^та сабыр цард. Йæ фыды ныхæстæ мысгæйæ, Луи ноджы дæр ахъуы- ды кодта æмæ æрцыд ахæм хаццæгмæ: Жульеттæйы кæй урæдта, уымæй раст бакодта, фæлæ Жульеттæ хъæзныг базаргæнæгмæ кæй ацыд, уый дæр раст у. Уæд та Луи ногæй хæдзæрттæ арæзта æмæ йæ фырт- имæ зылди. Фæлæ райдыдта хæст æмæ мæсты пруссæгтæ Парижыл æрхъула кодтой. Ныр хæдзар аразыны фæнд ни- чиуал кодта æмæ æрдæг арæзт хæдзæрттæм йæ хъус ничи уал дардта. Пруссаг сармадзанты нæмгуытæ хаудысты æмæ пырх кодтой, Луи Ру æмæ иннæ сисамайджытæ кæуыл фыдæбон кодтой рæсугъд Парижы, уыцы хæдзæрттæ. Луийæн нæ уыд куыст, нæ йын уыд кæрдзын, афтæмæй æртæ аздзыд Поль æнæдзургæйæ йæ дзых схæлиу кæнын базыдта цъиу цæргæсы лæппынау. Уæд Луийæн хæцæнгарз радтой. Хæ- цæнгарз куы райста, уæд нæ дæр заргæ, нæ дæр „кæр- дзын" хъæр кодта, фæлæ мингай иннæ сисамайджытау, куырдтау, æрмдæснытау, хъахъхъæдта пруссаг фыдгæн- джытæй æппæт горæтты хуыздæр—Парижы. Оывæллоны йæхимæрайста дидинджытæ уæйгæнæг, хæларзæрдæ сыл- гоймаг Моно. Луи Ру йемхуызæттимæ, бæгъæмвадæй, уазал зымæджы Сыгъдæг винценсийы фидары сармадзантæм тылд- та нæмгуытæ æмæ сармадзан æхста фыдгул пруссæгтыл. Уый цалдæр боны уыд æххормаг, уымæн æмæ Парижы хæри- наг нæ уыд. Уымæн йæ къæхтæ басыдысты, уымæн æмæ 666
Парижы зымæджы уыд æнæфенгæ уазал. Пруссаг нæмгуы- тæ æмбæлдысты СыгъдæгВшщенсийы фидарыл, æмæ цъæх. хæдонджынтæ къаддæрæй-къаддæр кодтой, фæлæ Луи Ру йæ бынатæй нæ фезмæлыд, лæууыд къаннæг сармадзаны фарс- мæ,, уымæн æмæ уый хъахъхъæдта Парижы. Æмæ горæттьг рæсугъддæры хъуыд æнæмæнг хъахъхъæнын. Уазал æмæ стонгмæ æнæкæсгæйæ италиаг æмæ Капуциновы булвæрт- ты цырæгътæ цæхæр калдтой, фаг уыд къуыдипптæн ахуырст арахъхъ, сæ æнæмæты худын нæма ныууагътой’ рæузонд сылгоймæгтæ. Луи Ру зыдта, император кæй нал ис æмæ ныр Парижы республикæ кæй ис, уый. Сармадзантæм нæмгуытæ ласта, фæлæ иу, хатт дæр никуы ахъуыды кодта, циу „республи- кæ", фæлæ цъæххæдонджынтæ ардæм цыдысты Дарижæй, дзырдтой-иу, зæгъгæ, дам, бульвæртты кафейнитæ раздæ- рау сæ тæккæ едзаг сты къуыдипп нæлгоймæгтæ æмæ æнæмæт юылгоймæгтæй. Луи Ру хъуыста уыдон мæсты хъуыр-хъуырмæ æмæ бамбæрста Парижы æппæт дæр куыд уыд, афтæмæй кæй баззад æмæ „Республикæ’* Саударæг Идæдзы уынджы кæй нæй, фæлæ авдтигъон Стъалыйы уæ- рæх проспекты. Æмæ сисамайæг пруссæгты куы фæсура, уæддæр та-иу гыццыл Поль раздæрау йæ дзых схæлиу кæндзæни. Луи Ру уыцы хъуыддаг зыдта, фæлæ йæ сар- мадзаны цурæй нæ рацыд æмæ Парижмæ нæ уагъта прус- сæгты. Фæлæ йын иу сæумæрайсом бардзырд радтой, цæмæй сармадзан ныууагътаид æмæ фæстæмæ Саударæг Идæдзы уынгмæ ацыдаид. „республикæ" цы адæмы хуыдтой, уы- дон, æвæццæгæн, уыдысты æнæмæт сылгоймæгтæ æмæ къуыдипп нæлгоймæгтæ æмæ пруссæгты дæр уымæн æр- бауагътой рæсугъд Парижмæ. Йæ сурдымæн йæ дзыхы, афтæмæй æнкъардæй хъеллау кодта Луи Ру горæтгæрон Сыгъдæг Антонияйы уынгты. Пруссæгтæ æрцыдысты æмæ аздæхтысты, фæлæ хæ- дзæрттæ ничи уал ’арæзта. Поль-иу цæргæсы лæппынау йæ дзых схæлиу кодта, æмæ-иу Луи Ру йæ хæцæнгарз сыгъдæг кæнын райдыдта. Фæлæ къултыл баныхæстой тæссаг бардзырд, цæмæй цъæххæдонджынтæ сæ хæцæн- 667
гæрзтæ радтаиккой, уымæн æмæ къуыдиппытæ æмæ æнæ- мæт сылгоймæгтæ „Республикæ" кæй хуыдтой, уыдон зæр- дыл лæууыдысты 48-æм азы июлы бонтæ. Луи Руийы нæ фæндыд йæ хæцæнгæрзтæ радтын æмæ уыимæ Сыгъдæг Антонийы, стæй иннæ горæтгæрон бы- нæтты цæрæг цъæххæдонджынты сеппæты дæр. Уыдон хæцæнгæрзтимæ рацыдысты уынгтæм æмæ райдыдтой æх- сын. Уый уыди иу хъарм изæр, Парижмæ уалдзæг куы рыввахс, уæд. Дыккаг бон Луи Ру уынгты федта рæсугъд фæлыст каретатæ, фургунтæ æмæ уæрдæттæ кæрæдзийы фæдыл цæугæ. Уæрдæттыл уыди алыгъуызон мигæнæнтæ, фæлæ каретæты та бадтысты адæм. Уыцы адæмы-иу Луи арæх уыдта стыр булвæртты кафейниты, кæннод та Була- ны хъæды. Ам уыдысты тæригъæдтаг инæлæрттæ сæ мæстыхуыз рихитимæ, æрыгон сылгоймæгтæ уæрæх къа- баты алдымбыдтимæ, хытъынджын аббаттæ кæрдæггъуыз къабаты, зæронд юцидипптæ алыгъуызон æрттивгæ ци- линдрты, æрыгон афицертæ, сæ цæрæнбонты сыгъдæг Вин- ценсийы æмæ иннæ фидæртты чи нæма уыд, ахæмтæ, сæрыстыр лæгуынсæр лæггадгæнджытæ, гыццыл къæ- былаты, сæ лæгъз хъуынтыл лентатæ бастæй, æмæ æгæрс- тæмæй хъæргæнаг тутитæ дæр. Уыдон се ’ппæтдæр тын- дзыдтой Версалы кулдуæрттæм. Луи Ру уыцы изæр Опе- райы фæзуатмæ куы бацыд, уæд кофейниты ничи уыд, бынтон сафтидысты, къуыдиппытæ дзы ахуырст арахъхъ нал нуæзтой, афтид дуканиты фарсмæ нал худтысты æнæ- мæт сылгоймæгтæ. Елисейы Быдыртæ Отейлий^е æмæ Сыгъдæг Жермены кварталты адæм, цъæххæдонджынтæ сæхæцæнгæрзтæ кæйнæ радтой, уымæй фæхъыг уæвгæйæ, ныууагътой рæсугъд Париж. Æгæрстæмæй авджы хуызæн тротуартæм дæр цырæгъты рухс нал калд æмæ ныссау- далынг сты. Луи Ру федта „республикæ" каретатыл æмæ фургонтыл ’кæй афардæг, уый. Уый бафарста иннæ цъæххæдонджын- ты, республикæйы бæсты чи баззади, зæгъгæ, æмæ йын дзуапп радтой: „Парижы коммунæ", æмæ Луи бамбæрста, Парижы коммунæ кæмдæр, Саударæг Идæдзы уынгмæ æв- вахс кæй цæры, уый. 668
Фæлæ Парижæй чи фæлыгъд, уыцы къуыдипп лæгтæ æмæ сылгоймæгты нæ фæндыд горæтты рæсугъддæры фе- рох кæнын. Уыдон нæ фæндыд уый сисачайджытæ, хъæд- дæснытæ æмæ куырдтæн ныууадзын. Æмæ та ногæй сар- мадзанты нæмгуытæ райдыдтой хæдзæрттæ пырх кæнын. Еныр фыд-зæрдæ пруссæгтæ не ’хстой, фæлæ æипынæдзух „Англисаг" æмæ иннæ кофейниты *ш минас кодта, уыдон. Æмæ Луи бамбæрста, фæстæмæ та йæ йæ зæронд бынат Сыгъдæг Винценсийы фидармæ аздæхын кæй хъæуы, уый. Фæлæ дидинджыты дуканийы хицау æхсин Моно канд зæрдæхæлар сылгоймаг нæ уыд, фæлæ ма уыд фæлмæн- з&рдæ католикон диныл хæцæг. Уый йæ хæдзармæ нал бауагъта æнæхуыцауы, Парижы епископы марджытæй сæ иуы фырты. Уæд Луи Ру, йæ дзыхы сурдымæн, афтæмæй йæ фырт Полы сыккой кодта æмæ араст сыгъдæг Винценсийы фидармæ. Райдыдта та тулын уый сармадзанмæ нæмгуытæ, Поль та йæ фарсмæ хъазыд афтид гильзытæй. Æхсæв-иу лæп- пу фынæй кодта Сыгъдæг Винценсийы фидары донуад&æн хъахъхъæнджыты хæдзары. Хъахъхъæнæг Поляйæн балæ- вар’ кодта, раст йæ фыд Луи Ру кæй дымдта, ахæм æлы- гæй сурдымæн æмæ иу къæртт сапон. Ныр-иу лæппуйæн сармадзанты нæрын æмæ судзгæ нæмгуытæм кæсынæй йæ зæрдæ куы сцъæх, уæд-иу сапоны тæппузтæ арæзта. Са- поны тæппузтæ уыдысты кæрдæг, уарди æмæ лылагъуыз. Уыдон уддысты, къуыдипп лæгтæ æмæ рæузонд сылгой- мæгтæ Тюильрнскы цæхæрадоны сæ лæппутæн цы тым- былæгтæ æлхæдтой, уыдон æнгæс. Æцæг-иу цъæххæдон- джыны лæппуйы сапоны тæппузтæ иу уысммæ аскъуы- дысты, фæлæ Елисейы Быдырты кварталы сывæллæтты тымбылæгтæ уыдысты фидар—æнæхъæн боны фаг кодтой. Сæ иутæ дæр æмæ иннæтæ дæр уыдысты тынг рæсугъд, фæлæ бирæйы фаг нæ уыдысты. Æлыг сурдымæнæй-иу Поль сапойы тæппузтæ куы уагъта, уæд-иу дзы кæрдзын æмæ йæ дзых схæлиу кæнын байро х. Йæ фыд цы адæмы ’хсæн уыди, „коммунартæ" кæй хуыдтой, уыдон цурмæ-иу куы бацыд, уæд-иу йæ фыды фæзмгæйæ сæрыстырæй йæ дæндæгтæй афтид сурдымæн нылхъывта ... Æмæ-иу адæ- мы минуты бæрц сармадзантæ æрбайрохысты. Уæд-иу По- ляйæн рæвдаугæдзырдтой: €69
— Ды дæ æцæг коммунар. Фæлæ цæххæдонджынтæн сармадзантæ æмæ нæмгуытæ •фаг нæ уыд, цъæххæдонджынтæ сæхæдæг дæр уыдысты цъус. Фæлæ Парижаей чи { фæлыгъд æмæ еныр королты резиденци—Версалы чи цард, уыцы адæммæ æрвыл бонлас- той ног салдæттæ — францы къуымыхзонд зæхкусджыты фыртты, стæй сын фыд-зæрдæ пруссæгтæ цы ног сармадзан- тæ балæвар кодтой, уыдон дæр. Уыдон æввахсæй-æввахс- дæр цыдысты Парижы алыварс сыджыт брутæм. Боны фæстагмæ горæты фидæртты фылдæр хай сæ къухты баф- тыдысты. Луи Руимæ Оыгъдæг Винценсийы фидары хъахъ- хъæнæг сармадзанæхсджытæй чи амарди, уыдоны раивын- мæ-иу ничиуал æрбацыди. Сисамайæг-иу ныр йæхæдæг батылдта сармадзаны нæмгуытæ, йæхæдæг-иуæй ифтыгъ- та, йæхæдæг-иу æй æхста. Æххуыс ма йын кодтой æр- мæст дыууæ цъæххæдонджыны. Францы королы раздæры резиденцийы уыдысты тынг хъæлдзæг, фæйнæджытæй тагъд-тагъд арæзт кафейнтæ нæ фаг кодтой, ахуырст арахъхъ’ нуазын кæй фæндыд, уыдонæн. Каталикон сауджынтæ сæ кæрдæггъуыз къабаты цыбæлæй æххæст кодтой сæ куыст. Сæ пух рихитæ дау- гæйæ инæлæрттæ хъæлдзæг ныхас кодтой æрцæуæг прус- саг офицертимæ. Лæгуынсæр лæггадгæнджытæ æлдæрт- ты чемодантимæ архайдтой, сæхи рæвдз кодтой горæтты хуыздæрмæ ’рыздæхынмæ. Диссаджы рæсугъд парк саразыныл куыстой дыууын мин кусæджы æхсæвæй-бонæй; къахтой зæхх, цагътой бæ- лæстæ, сур кодтой цæдтæ, цæмæй Хуры—Король цы рæс- тæг снысан кодта, уæдмæ фæуыдаид арæзт, фæлыст цы- дис тырысатæй уæлахизы сæраппонд. Бон-иу музиканттæ сæ рустæ ныддымстой, фараст стыр æмæ цыппор къаннæг фантаны фæлывд цæссыг кялдтой. Пырхгонд Парижы фæз- уæтты алыварс æхсæв цырæгътæ нал сыгъд, фæлæ сыф- тæрты æхсæнтæй дыдзы ’рттывд кодтой, уæлахизкæнæгау, цырагъдарæнтæ. Националон æфсады лейтенант Франуса д 'Эмоньян æр- ласта йæ усаг Габриели де Бониветæн цъæх дидинджыты губакк, кæй йæ уарзта, уый тыххæй. Дидинджытæ æвæрд ^70
дыдысты сыгъзæрин дидинæгдоны. Балхæдта йæ Версалы фидыдады уынджы ювелирмæ. Букет ын балæвар кодта уæлахизы цытæн. Франуса д’Эмоньян Парижы фронтæй æрцыд иу боны æмгъуыдмæ. Уый йæ усагæн радзырдта змæнтджытæ пырхгонд кæй «рцыдысты, уый, æмæ рай- сом йæ салдæттæ Сыгъдæг Винценсийы фидар кæй райс- дзысты æмæ Парижмæ кæй æрбацæудзысты, уый. — Операйы сезон кæд райдайдзæни?—-бафарста йæ Га- ’бриель. Уый фæстæ хæсты хъайтар æмæ йын йе ’рцыдмæ ат- ласæй тамакойы чыссæ чи хуыдта—йæ усаг, уыдон рай- дыдтой уарзондзинады цъыбар-цъыбур. Уарзондзинады арф -æнкъарæнтæ æвдисгæйæ, Франсуа йæхимæ æрбахæцыд Габриелыл æмæ йын загъта: — Мæ зынаргъ, ды нæ зоныс, ацы коммунартæ дурзæр- дæ кæй сты, уый. Æз биноклæй федтон, Сыгъдæг Винцен- сийы фидарæй къаннæг лæппу сармадзанæй куыд æхста, уый. Æмæ дæ бауырнæт, уыцы чысыл Нерон ныридæгæн оурдымæн дымы. — Æмæ куы зæгъæм, уæд сæ сымах æд сывæллæттæ куы ныццæгъддзыстут,—сдзырдта Габриел ныллæг хъæлæ- сæй æмæ йæ риу тынгдæр базмæлыд уæззау ныббырсты хайадисæджы къухы бын. Франсуа д’Эмоньян цы дзырдта, уый æмбæрста. Дык- каг райсом йæ полчъы салдæттæ бардзырд райстой, цæмæй сыгъдæг Винценсийы фидар бацахстаиккой. Луи Ру, уды- гасæй ма цы дыууæ йæхихуызæны баззад, уыдонимæ æхс- та салдæтты. Уæд Франсуа д’Эмоньян бардзырд радта, цæмæй урс тырыса сдардтаиккой. Луи Ру кæддæр фе- хъуыста, зæгъгæ, урс тырыса фидыдады нысан у æмæ нал æхста. . Уый афтæ фенхъæлдта, зæгъгæ, салдæтты цæст нæ бауарзта горæтты рæсугъддæры пырх кæнын, æмæ æп- пынфæстаг сразы сты Парижы Коммунæйыл. Æртæ цъæх- хæдонджыны мидбылты худгæ дымдтой сурдымæнтæ, æн- хъæлмæ кастысты салдæттæм. Гыццыл Поль та йæ фыды фæзмгæйæ, йæ дзыхы дардта сурдымæн æмæ уый дæр йæ мидбыл худти. Салдæттæ сыгъдæг Винценсийы фидармæ æввахс куьг бацыдысты, уæд Франсуа д 'Эмоньян хохаг 671
Савайы æртæ хуыздæр хæотонæн бардзырд радта, цæмæй æртæ змæнтæджы амардтаиккой. Гыццыл коммунары та цæмæй йæ усагæн равдыстаид, уый адыл æй хъуамæ ма амардтаиккой. Савойы хохæгтæ æхсынмæ арæхстысты, æмæ Сыгъдæг Винценсийы фидармæ куы бацыдысты, уæд дзы салдæттæ сармадзанты фарсмæхуысгæ федтой æртæ адæймаджы сур- дымæнтимæ. Салдæттæ бирæ лæджы мæрдтæ федтой æмæ сæм дзы диссагæй ницы фæкаст. Фæлæ сармадзаныл гыц- цыл лæппуйы сурдымæнимæ куы федтой, уæд фæджихау сты æмæ дзы иутæ скуывтой Сыгъдæг Чырыстийæн, ин- нæтæ та—мингай хæйрæджытæн. — Ды та кæцæй фæдæ, налат хъæды сыст?—бафарста йæ савойæгæй сæ иу. — Æздæнæцæг коммунар,—худгæбылæй йын дзуапп радта Поль Ру. — Салдæттæ йæ хъуамæ джебогъæй ныххуынчъытæ кодтаиккой, фæлæ сын кæстæр командир загъта, зæгъгæ, капитан Франсуа д’Эмоньянæй дзырд ис, цæмæй гыццыл коммунары ныккæнæм, иннæ уацайрæгтæ кæм сты, уыцы иуæндæс ахæстонæй иумæ. — Махонтæй цал амардта мæнæ ацы зæды лæппын!— Поляйы топпы хъæдæй æхсойгæйæ хъуыр-хъуыр кодтой салдæттæ. Гыццыл Поля, йæ цардцæрæнбонты никæй амардта, æрмæст сурдымæнæй сапоны тæппузтæ уагъта æмæ йæ цæмæн æфхæрынц ацы адæм, уымæн ницы æм~ бæрста. Цыппар аздзыд тохгæнæг уацар, Поля Руйы национа- лон æфсады салдæттæ ракодтой байстгонд Парижмæ. Цæ- гатфарсы ’рдыгæй ма æхстой æмæ мардысты цъæххæдон- джынтæ. Елисейы Быдырты, Операйы кварталтыл æмæ авдтигъон Стъалыйы кварталы адæм цин кодтой. Уыдиг мæйты хуыздæр—май. Уæрæх булвæртты каштантæ диди- нæг æфтыдтой æмæ сæ бынты кафейнты фынгты фæрстæм къуыдипп лæгтæ нуæзтой ахуырст арахъхъ, устытæ æнæ- мæтæй мидбылты худтысты. Сæ цурты сын гыццыл мур коммунары куы рацæй кодтой, уæд райдыдтой хъæр кæ- нын, цæмæй сын æй радтаиккой. Фæлæ кæстæр командир 672
йæ зæрдыл дардта капитаны бардзырд æмæ Поляйы хъахъ- хъæдта. Фæлæ сын уый хыгъд лæвæрдтой иннæ уацай- рæгты—лæгты æмæ сылгоймæгты. Уыдон сыл тутæ кодтой, рæсугъд лæдзджытæй сæ надтой, салдæттæй райстой джебогътæ æмæ фæллад чи уыд, уыдон рæхуыстой. Поль Руйы æркодтой Люксембурджы цæхæрадонмæ. Уым, Галуаны размæ уыд æмбондгонд стыр фадыг æмæ уырдæм тардтой уацайрæгты. Поль йæ сурдымæнимæ се ’хсæнты сæрыстырæй рацу-бацу кодта æмæ зæрдæхæлд хъарджытæ чи кодта, уыцы сылгоймæгтæн ныфсæвæрæн ныхæстæ кодта: — Æз сапонæй тæппузтæ уадзын зонын. Мæ фыд Луи Ру дымдта сурдымæн æмæ æхста сармадзанæй. Æз дæн æцæг коммунар. Фæлæ Сыгъдæг Антонийы алфæмблайы сæ сывæллæт- тæ кæмæн баззадысты, сапонæй тæппузтæ уадзын чи уарз- та, уыцы ныййарджытæ Полы ныхæстæм хъусгæйæ ноджы зæрдæхалæндæрæй куыдтой. Уæд Поль кæрдæджытыл æрбадт æмæ йæ рæсугъд æрвгъуыз, уарди æмæ лылагъуыз тæппузтæ ’рымысыд. фæлæ бирæ хъуыды кæнын йæ бон кæй нæ уыд æмæ Сыгъдæг Винценсийæ Люксембурджы цæхæрадонмæ дард æмæ зын фæндаг кæй уыд, уымæ гæсгæ уайтагъд æрфынæй, йæ сурдымæныл хæцгæйæ. Цалынмæ уый фынæй кодта, уæдмæ дыууæ сираг бæ- хы Версалы сосæ фæндагыл ф<рцæйластой рог файтон. Уый Франуса д 'Эмоньян йæ усаджы Габриель де Бо- ниветы рæсугъд Парижмæ фæцæйкодта. Габриель де Бо- нивет абонау рæсугъд никуы уыд. Йæ дæргъæццон цæсгом зæрдыл лæууын кодта флорентиаг мастерты партретты. Уыдис ыл лимонгъуыз къаба Мельхерины дзуары монас- тиры быд алдымбыдтæ æмæ нывтимæ. Къаннæг хураууон ын майы æмраст хуры тынтæй хъахъхъæдта йæ рæсугъд саулагъз Цæсгомы цъар. Æнæмæнгæй уый уыди Парижы рæсугъд сылгоймæгтæй сæ иу æмæ уый хатгæйæ сæрыс- тырæй йæ мидбыл худти. Франуса д 'Эмоньян горæтмæ куы бацыд, уæд йæ пол- чъы салдæттæй иумæ фæсидти æмæ Сыгъдæг Винценсийы 43 673
фидарæй цы уацайраджы ракодтой, уымæй йæ бафарста. Уарзæттæ Люксенбурджы цæхæрадонмæ куы бацыдысты æмæ куы федтой зæронд каштаны дидинæг æфтыдæй, стæй Медичы фантаны сæрмæ доны пырхæитæ æмæ сау дзæ- гъындзæгты аллеятыл гæппытæкæнгæ, уæд Габриель де Бониветæн йæ зæрдæ цинæй байДзаг æмæ йæ мойаджы къух рæвдаугæ балхъивгæйæ сдзырдта: — Мæ зынаргъ, куыд хорз у цæрынæн!.. Уацайрæгтæй æрвыл сахат æхсынмæ кæй кодтой, уы- дон-иу стыр тасимæ фембæлдысты капитаныл, зæгъгæ, та мæ рад дæр æрцыдис, фæлæ сæм Франуса д 'Эмоньян йæ хъус нæ дардта. Уый агуырдта чысыл коммунары. Ныр æй фынæйæ куы ссардта, уæд æй гæзæмæ йæ къахæй ба- .къуырдта æмæ йæ райхъал кодта. Лæппу райхъал æмæ скуыдта. Фæлæ Габриелы хъæлдзæг хуызæй куы федта æмæ йæ цуры цы устытæ уыд, уыдоны хуызæн сагъæс- хуыз ын куы нæ уыд, уæд йæ сурдымæн йæ дзыхы бакод- та, æмæ йæ мидбыл бахудгæ загъта: — Æз дæн æцæг коммунар. Габриель райгондæй сдзырдта: — Æцæгæй дæр мæнæ цæй чысыл у! Мæнмæ афтæ кæ- сы æмæ адон райгуырынц лæгмарджытæй, æмæ еныр иуылдæр, æгæрстæмæй, ныртæккæ чй райгуырди, уыдон дæр сыскъуынын хъæуы. — Еныр æй ды федтай æмæ йæ ныммардзыстæм,—загъ- та Франуса æмæ салдатмæ фæдзырдта. Фæлæ йæм Габриель бахатыд, цæмæй иу цъус багæдзæ кодтаид. Уый фæндыд ацы хъæлдзæг æмæ æнæмæт бон адарддæр кæнын. Йæ зæрдыл æрбалæууыд иу хатт Бу- лонскы хъæды базар. Уæд дзы федта иумаейаг цæрæнтæ ауыгъд æлыг сурдымæнтимæ. Уыдонæй иуæй-иутæ тпгъд зылдысты. Æвзонг адæймæгтæ топпæй æхстой æлыг сур- дымæнты. Габриель де Бонивет кæд уæздан æлдæрттæй уыд, уæддæр хуымæтæг адæмы хъæлдзæгдзинад уарзта æмæ базары хиирхæфсæнтæ æрбаймысгæйæ бахатыд йæ мо- йагмæ: —Мæн фæнды æхсын сахыр кæньщ. Националон æфса- 674,
ды хæстон офицеры ус хъуамæ хæцæнгарзыл хæцын зо- на. Бар мын радт æмæ ацы гыццыл фыдгæнæджы сурды- мæн фæцæф кæнон. Франуса д’Эмоньян йæ усагæн нæ никуы загъта. Æрæ- джы йын балæвар кодта æртын мин франкы аргъ хъуыры фæрдгуытæ. Æмæ йын еныр ацы хуымæтæг хиирхæфсы- нæн „нæ" загътаид? Уый салдатæй райста хæцæнгарз æмæ йæ йæ усагмæ радта. Уацайрæгтæ хæцæнгарзджын чызджы куы федтой, уæд фæлыгъдысты æмæ иннæ фнсыны ныттымбыл сты æм- бонды цур. Æрмæст Поль æнцад лæууыд йæ сурдымæни- мæ æмæ мидбылты худти. Габриелы фæндыд, цæмæй сур- дымæн змæлыдаид æмæ йæ афтæмæй фæцæф кодтаид. Æмæ йæм куы ныхъхъавыд, уæд лæппуйæн загъта: — Лидзгæ кæн! Æхсгæ дæ кæндзынæн!.. Фæлæ Поль арæх уыдта адæм куыд æхстой топпытæй, æмæ уый адыл йæ бынаты æнцад лæууыди. Уæд Габриель уайтагъд фехста, æмæ фæлтæрд æхсæг кæй нæ уыд, уый тыххæй йын йæ дзæгъæл гæрах йæ цæстмæ бадарæн нæ уыд. — Мæ зынаргъ,-—загъта Франусад 'Змоньян,—ды æлыг сурдымæн нæмыгæй фæцæф кæнынæй бирæ хуыздæр арæх- сыс зæрдæтæ фатæй æхсынмæ. Кæсыс, уыцы æнаккаджы амардтай, фæлæ сурдымæн æнæагайдæй баззадис. Габриель де Бонивет ын дзуапп ыæ радта. Къаннæг сырх тæппмæ кæсгæйæ, уый тагъд-тагъд райдыдта улæ- фын. Йæхи Франусамæ тыхджын нылхъывта. Фæндыдис æй куы йæ рæвдыдтаид æмæ йын загъта, зæгъгæ, хæдзар- мæ цæуæм. Поль Ру фæцарди æрмæстдæр цыппар азы. Уый бирæ уарзта сурдымæнæй сапоны тæппузтæ уадзын. Ныр мæнæ хуыссы æнæзмæлгæйæ. Æрæджы æз Брюсселы фембæлдтæн зæронд коммунар Пьер Лотекыл. Æз емæ схæлар дæн, æмæ мын зæроид иу- нæг лæг балæвар кодта, мулкадæй йæм цы уыди, уый — æлыгæй сурдымæн. Уыцы сурдымæнæй фæндзай азы размæ гыццыл Поль Ру уагъта сапоны тæппузтæ. Цыппар аз- дзыД змæнтæджы Габриель де ’Бонивет бонтæй иуы куы 675
амардта, уæд Пьер Лотрек уыди Люксенбурджы цæхæра- доны ахæстоны. Уым чи уыд, уыдон иуылдæр сыскъуыд- той версалæгтæ. Пьер Лотрек удæгасæй баззад, уымæн æмæ къуыдиппытæ бамбæрстой, зæгъгæ, цæмæй рæсугъд Па- риж ноджы хуыздæр æмæ рæсугъддæр уа, уый тыххæй хъуамæ исчи куса æмæ йæ бахъæудзысты сисамайджытæ, хъæддæснытæ æмæ куырдтæ. Пьер Лотрекы фондз азы ахас- той Каенмæ, фæлæ уырдыгæй Белгимæ ралыгъд æмæ алы фыдбылызты æхсæнты йемæ рахаета Поль Руйы сурды- мæн. Уый йæ мæнæн радта æмæ мын, мæнæ кæй ныффыс- тон, уыцы истори радзырдта. Æз æм арæх бавналын, фырмæстæй чи хус кæны, уы- цы былтæй. Уым ис æнæазым, уæздан комулæфты фæд æмæ чи зоны, раджы чи аскъуыд, сапоны уыцы тæппузты фæд. Фæлæ уый у гыццыл Поль Руйы хъазæн, сыл- гоймæгты рæсугъддæр Габриель де Бонивет, горæтты рæ- сугъддæр Парижаг сылгоймаг кæй амардта, уый хъазæн. Уый дзуры мæнæн стыр Фыдæхдзинадыл. Уымæ æрзоны- гуыл кæнгæйæ, æз кувын æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй урс трдрыса фенгæйæ, мæ хæцæнгарз ма руадзон мæ къу- хæй, ЛуиРуйæ куыд æруагъта, афтæ, æмæ царды æппæт циндзинæдты сæраппонд Сыгъдæг Випценсийы фидарыл гадзрахатæй ма рацæуон, цыран нырма дæр æнæсæттонæй лæууынц æртæ фыдахин цъæххæдоиджыны æмæ сапоны тæппузтæ чи уагъта, уыцы æнахъом сывæллон. 676
СÆЙРÆГТÆ Альтов Г. Сырх дидинæг — Гафезы тæлмац 3 Беляев В. Зæрæдтæ — Гайты Евгены тæлмац 11 Войнов А. Партбилет — Гайты Евгены тæлмац 25 Вихров В. Æфцæгыл — Гаглойты Владимиры тæлмац. 51 Вишневский В. Кроыштадты полчы мæлæт—Гæбулты Мелитоны тæлмац 70 Гонцов Н. Махмæ, нæ хъæуы — Цоциты Р. тæлмац • • 80 Гайдар А. Зынг дур — Дзесты Куыдзæджы тæлмац • • 117 Грибачев Н. Августы стъалыты — Плиты Лаверы тæл- мац 123 Гладков Ф. Тыгъд быдыры — Букуылты Алыксыйы тæлмац 134 Иванов В. Литер «Æ» — Гаглойты Владимиры тæлмац • • 159 Коновалов Г. Мохнаков — Гуыцмæзты Михалы тæл- мац 169 Караваева А. Зонгæ адæймаг — Джиоты Катяйы тæлмац 192 Лукин Н. Адæймæгты æмæ стъалыты тыххæй — Бе- къойты Елиозы тæлмац 203 Лавров И. Милицийы лейтенант — Цоциты Резойы тæл- мац 251 Мугуты X. Советон Колумб — Пухаты Алыксандры тæлмац 282 Малишкин А. Поезд цæуы хуссармæ — Плиты Ильяйы тæлмац 319 Нагибин Ю. Ныхас — Гайты Евгены тæлмац 341 Никитин Н. Октябры æхсæв —Бестауты Георы тæл- мац 355 677
Новиков-Прибой А. Отрадæйы бухтæйы — Дзугаты Георы тæлмац 369 Неверов А. Цæрын мæ фæнды — Дзесты Куыдзæджы тæлмац 397 Паустовский К. Кордон «273» — Плиты Ильяйы тæлмац . 404 Пришкин М. Анчар — Гуыцмæзты Михалы тæлмац • • 427 Полевой Б. Уарзет — Дзугаты Георы тæлмац 436 Павленко П. Къæвдатæ — Джиоты Катяйьт тæлмац • • • 447 Серафимович А. Дыууæ мæлæты — Нигайы тæлмац • • • 458 Симонов К. Æртыккаг адъютант — Мæргъиты Къостайы тæлмац 466 Собольев А. Гуырдзиаг аргъæуттæ — Гуыцмæзты Михалы тæлмац 477 Толстой А. Уырыссаг удыгъæд — Гафезы тæлмац • • • 486 Тендряков В. Гуыргъахъ фæндаг — Дзуццаты Хадзы- Мураты тæлмац 496 Тренев К. Райгуырæн бон — Нигайы тæлмац 547 Трелольский Г. Фæндырдзæгъдæг Игнат — Дзадтиаты Георы тæлмац 560 Фадеев А. Мæгуырдзинад æмæ хъæзныгдзинады тыххæй — Бекъойты Елиозы тæлмац 588 Холопов Г. Хъахъхъæнæг ротæ — Джиоты Дауыты тæлмац 597 Холендра Д. Сгуыхтдзинад агурæг — Букуылты Алык- сыйы тæлмац 609 Шолохов М. Фыдæхдзинады зонад — Пухаты Алексан- дры тæлмац 638 Эренбург И. Коммунары сурдымæн — Джиоты Дауыты тæлмац 661
КОЛЛЕКТИВ АВТОРОВ РУССКИЕ СОВЕТСКИЕ ПИСАТЕЛИ (на осетинском языке) Госиздат Юго-Осетии Сталинир—1961 63ФСП6С05 сЗ(ПСГО^(ЬОЗО (соь^б) абоЪа) ЬаЭЬсодог) соЬдспоЬ ЬаЬдс™йо6о Ьфс>е»обосоо—1961 Редактор Р. М. Чочиев Худолшик Ш. Г. Дзассохов Техредактор Н. С. Сиукаев Корректор Д. С. Кумаритова Сдано в набор 11. VI. 1961 г. Подписано к печати 5. VII. 1961 г. Заказ №466. Формат бумаги 70x92 см. Изд. листов 33,8. Печатных листов 49. Тираж 1500 экз. Цена 1 руб. 45 кон. Сталинирская типография Грузглавиздата, г, Сталинир, ул. Исака? %