Text
                    н. н о с о в
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ*1956


н. носов ВЕСЁЛАЯ СЕМЕЙКА Перевод на осетинский язык В. Бекузаровой Северо-Осетинское книжное издательство г. Орджоникидзе 1956
Хора фæнд ЫЦЫ хъуыды нæм фæзынд, Миш- кæимæ консервы къоппæй цы тæ~ фæй кусгæ машинæ сарæзтам уый куы фехæлд, уæд. Мишкæ дон æгæр стаевд кодта, къопп фæйнæр- дæм аты,.:а æмæ та:фæи йæ къух асыгъд. Йæ амонд уыди, æмæ йын æй йæ мад йæ цæфыл аафталаны мазæй айсæрста. Уыцы хос. тынг хорз æххуыс кæньг. Кæй нæ уырны, уый йæ йæхиуыл бавзарæд. Æрмæст дзы сæрдын хъæуы, буар куыддæр асудза, афтæ, цалынмæ нæ атæппал уа, уæдмæ. ""' Уыцы бонæй фæстæмæ нæ Мишæйы мад хæлд машинæимæ архайын нал уагъта æмæ нын æй бы- з
рæттæм аппæрста. Иуцасдæр рæстæг ницы куыстыл хæст уыдыстæм æмæ фыр тыхстæй нæхицæн бынат нæ ардтам. Уалынмæ уалдзæг ралæууыд. Мит тайынмæ фæци. Дæттæ хæлхæлгæнгæ уадысты. Хуры тынтæ рудзгуы- тæй мидæмæ лæгæрстой. Фæлæ махæн нæ зæрдæтæ ницæмæй рухс кодтой. Нæ дыууæ Мишкæ æппынæ- дзух дæр исты куы нæ архайæм, уæд нæ зонæм. Куыст нын куы нæ вæййы, уæд æнкъард кæнæм, тыхсæм, цалынмæ та исты „æрхъуыды кæнæм, уæдмæ. Иу бон, дын, Мишкæтэем’ бауадтæн. Кæсын æмæ мæ хæлар стъолы уæлхъус бады, йæ къухтæ йæ сæр- мæ сбыцæу кодта, афтæмæй цавæрдæр чиныгыл ныг- гуыбыр. Ме ’рбацыд мын нæ Чзафиппайдта. Æз дæр барæй дуар дзæбæх æрбагуыпп кодтон, кæд ракæсид, зæгъгæ. — А, уый ды дæ, Николадзе! —бацин кодта Мишкæ. Ацы Мишкæ диссаг у, мæ номæй мæм ницæй тыххæй сдзурдзæн. Коля, зæгъгæ, иу хатт нæ фæ- рæдидзæн, фæлæ æрхъуыды кæны исты æнахуыр нæмттæ: Николæ, Микулæ Селянинович, Миклухæ- Маклай, иу хатт та мын цавæрдæр грекъаг ном æр- хъуыды кодта — Николаки. Алы бон дæр мыл ног ном æвæры. Æз æм уый тыххæй мæсты нæ кæнын. Кæд æм хорз кæсы, уæд уадз æмæ мысæд алы нæмттæ. — Æз дæн, — зæгъын. — Æмæ дын уый та ца- вæр чиныг у? Джыбыйау ыл куы ныддæвдæг дæ! — Куы йæ зонис, диссаджы чиныг. Абон райсом æй киоскы алхæдтон. . Æркастæн чиныгмæ: йе ’ттаг цъа{зтыл карк æмæ уасæджы ныв æмæ йыл фыст: „Хæдзары мæргътæ", 4
йæ алы фарсыл та цавæрдæр кæркдæттæ æмæ чер- тёжтæ. — Æмæ дзы ахæм диссагæй цы ис? —фæрсын æй æз. — Мæнæ цавæрдæр наукон чиныг куы у. — Æмæ ды наукон чиныг цы хоныс? Уый дын аргъæутты чиныг нæу. Ам кæй фыссынц, уыдон иу- уылдæр æцæг сты. Ахæм чиныг’ бакæсын тынг пай- да у. Мишкæ, æвæдза, æнахуыр адæймаг у: исты хъуыд- даг райдайыны размæ хъуамæ сбæрæг кæна, пайда цы æрхæсдзæн, уый. Æхца йæм куы вæййы, уæд дзы дуканийы исты пайдайы чиныг балхæны. Иу хатт та тригонометрийы чиныг балхæдта. Кæй зæ- гъын æй хъæуы, уыцы чиныгæй иу ныхас дæр нæ бамбæрста, фæлæ йæ фæстæдæрмæ нывæрдта, куы фæзондджындæр уон, уæд æй бакæсдзынæн, зæгъгæ. Уæдæй нырмæ уыцы чиныг тæрхæгыл лæууы, æмæ, йæ хицау куы фæзондджындæр уа, уæдмæ æнхъæл- мæ кæсы. Мишкæ кæм касти, <уый фæнысан кодта æмæ чи- ныг ахкæдта. — Ам, мæ хæлар, алцæйы тыххæй дæр ис фыст— кæрчытæм, бабызтæм, хъазтæм, гогызтæм куыд зи- лын хъæуы, уыдæтты тыххæй. — Гогызтæ дарынвæнд ма скæн, мийаг? —афар- стон æй æз. — Нæ, цытæ дзурыс! Афтæ мæм диссаг кæсы мæргъты тыххæй исты базонын. Ис, дам, ахæм маши- чнæ саразæн, æмæ æнæ каркæй цъиутæ чи уадза. Уыцы машинæ хуыйны инкубатор. — Æмæ уый та чи нæ зоны? —загътон æз. — Фарон мæ мадимæ колхозы куы уыдтæн, уæд дзы федтон инкубатор. Уый алы бон дæр фондзсæдæ, . 5
суанг мин цъиуы онг уагъта. Инкубаторæй исын сæ тыххæй æййæфтой — афтæ бирæ уыдысты. — Æцæгæй? —фæдис кодта Мишкæ. — Æз та ныронг афтæ ’нхъæл уыдтæн, æмæ цъиуты æр- мæстдæр карк’фæуадзы. Хъæуы куы цардыстæм, уæд федтон, карк къуыртты куыд фæбады æмæ цъиутæ ку&д фæуадзы, уый. — Æз дæр федтон, карк цъиутæ куыд ’фæуа- дзы, уый,— загътон æз. —Фæлæ инкубатор бирæ пай- дадæр у. Каркæн цæвæрынц дæс айчы, инкубаторы та иу хаттæн мин аичы. — Зонын æй, — зæгъы Мишæ. — Уый тыххæй ацы чиныджы дæр ис фыст. Стæй ма кæс, цалынмæ карк къуыртты фæбады, уый фæстæ та цъиуты фæ- дыл фæцæуы, уæдмæ æйчытæ нæ фефтауы: Фæлæ цъиутæ инкубатор куы фæу’адзы, уæдмæ карк та æйчытæ фефтауы æмæ уый цас пайдадæр у!\ Мах нымайыныл схæцыдыстæм, кæрчытæ сеппæт дæр цъиутæ уадзыны бæсты æфтаугæ куы кæной, •уæд æйчытæ цас фылдæр уыдзæн, уый. Карк къуырт- ты фæбады æртæ къуырийы, стæй уый фæстæ фæ- хъомыл кяены йæ цъиутыуæмæ та цалынмæ æйчытæ æфтауын райдайы, уæдмæ рацæуы æнæхъæн æртæ мæйы. — Æртæ мæйы сты нæуæдз боны, — загъта Мишкæ. — Карк-иу къуыртты куы нæ бадлд, уæд-иу афæдзмæ аерæфтауид нæуæдз айчы фылдæр^ Æрмæст дæс карчы цы хæдзары уа, уым дæр афæдз цæрæм- бырд уаид фараст сæдæ айчы фылдæр. Фæлæ йæ мæргъти фцзмæйы мин карчы бæрц кæмæн ис, ахæм колхоз æмæ совхозы та æрæфтаудзысты нæуæдз мин айчы фылдæр. Ахъуыды-ма кæн — нæуæдз мин айчы фылдæр! б
Бирæ ма фæдзырдтам, инкубатор цас пайдадæр у, ууыл. Стæй Мишкæ загъта: -- Ныр нæхæдæг гыццыл инкубатор куы сара-г зиккам, уæд та куыд уаид’г —Æмæ йæ куыд аразыс, — загътон æз, — куыд æй кæнын хъæуы, уый куы нæ зонæм, уæд? — Диссагæй дзы ницы ис, — дзуапп радта Миш- • кæ. — Куыд арæзт у, уый тыххæй мæнæ чиныджы бæлвырдæй фыс^ынц. Æрмæст кæсын хъæуы уымæ, цæмæй æртæ къуырийы дæргъы æйчытæ æппынæ- дзух цæуой æмхуызон хъармгонд æмæ дзы уæд цъиутæ рацæудзæн. Карчы цъиутæ нæм куы уаид, уый мæ афтæ тынг бафæндыд, "æмæ зæгъæн дæр нæй. Æз мæ гыццылæй нырмæ дæр бирæ уарзын алы мæргъты æмæ сырд- ты, Фæззæджы ма нæ дыууæ Мишкæ нæхи юниатты къорды дæр ныффыстам æмæ дзы кусгæ дæр акод- там; фæлæ уалынмæ Мишкæ тæфæй кусгæ машинæ аразыныл фæци æмæ нæ юннатты куыстмæ нал æв- дæлд. Къорды старостæ ВитяХмиршв нæм бартхъи- рæн’кодта, куы нæ цæуат, уæд уæ ахахх кæндзынæн, зæ’гъгæ, фæлæ йын мах цæуынæй зæрдæ бавæрдтам æмæ нæ уæд#ныууагъта. Мишкæ дзурын райдыдта, нæ инкубаторы цъиу- тæ куы рацæуа, уæд уый куыд хорз хъуыддаг уы- дзæн, ууыл. ^ , ^ —Куыд дзæбæх уыдз;ысты гыццыл дзибоккатæ! — дзырдта уый|>-- Кухнийы сын иу къуым ^ахицарп кæндзыстæм æмæ уым цæрæнт,^мах та сын хæринаг даеттдзыстæм, зилдзыстæм сæм. — Фæлæ цалынм’æ æйчытæй цъиутæ рацæуа, уæдмæ сæм æртæ къуырийы дæргъы кæсын хъæу- дзæн! —заг-ътон æз. 7
— Цæмæн сæм хъæудзæн кæсын? Инкубатор куы саразæм, уæд цъиутæ рауадзын . уый бар уадз. ~ Æз хъуыдытыл фæдæн. Мишкæ мæм æрбакæс- æрбакæс кæны, кæддæра цы зæгъдзынæн. Хъуыд- дагмæ та тагъддæр бавналынмæ кæй нал хъæцы, уый бæрæг уыд. у — Цæй, фæуæд афтæ! Уæддæр нын куы ницы куыст ис, — загътон æз. — Уайтагъддæр æй зыдтон, кæй сразы уыдзынæ, уый, — сцин кодта Мишкæ. — Æз мæхæдæг дæр са- разин инкубатор, фæлæ дыууæйæ нæ куыст рæвдз- дæр цæудзæн. Æнæнхъæлæджы цæлхдуртсе ÆЙ æмæ инкубатор’ аразыны бæсты æй- чытæ каструлкæйы мидæг пецыл сæвæ- рæм, — загътон æз. — Æрра фæдæ!—зæгъгæ, мыл Миш- кæ йæхи сцагъта. —Искуы ма уый дæр фендæуыд! Пец а^руазал уыдзæн, æмæ æйчытæ фесæфдзысты. Инкубаторæн йæ тæвд иудадзыгдæр хъуамæ уа уыцы иухуызон— æртын фараег градусы. ♦ — Æмæ дзы æртын фараст градусы та цæмæн хъæуы? — Уымæн æмæ карк æйчытыл куы фæбады, уæд йæ буары тæвд дæр æртын фараст градусы вæййы. — Æмæ карчы буар тæвд вæййы, уый кæд фе- хъуыстай? Тæвд æрмæст адæймаджы буар вæййы, йæ рынчыны рæстæг. 8
— Бирæ ’мбарыс! Тæвд алкæй буар дæр вæййы, «рынчынæй дæр æмæ æнæнизæй дæр, æрмæст адæй- маг рынчын куы уа, уæд йæ тæвд фылдæр вæййы. Мишкæ чиныг райгом кодта æмæ инкубатор куыд арæзт у, уый амоныныл схæцыд. — "Кæс-ма, æцæг иккубатор куыд арæзт у, уымæ. Мæнæ ам ис аг донимæ, æйчытæ цы асыччы æвæрд сты, уырдæм агæй цæуы хæтæл. Аг у бынæй тæвд- гæнгæ. Хъарм дон агæи хæтæлыл асыккмæ цæуы æмæ æйчытæ хъарм кæнынц. Мæнæ уым та ис тер- мометр æвæрд, тæвд ’цал градусы у, уый бæрæг кæныны тыххæй. — Фæлæу, фæлæу, æмæ нын аг та кæм уы- дзæн? — Æмæ нæ аг цæмæн хъæуы? Аджы бæсты консервы къопп ссардзыстæм. Стыр инкубатор куы нæ аразæм, мийаг. — Æмæ йæ тæвд та цæмæй кæндзыстæм? — афарстон та æз. — Хуымæтæджы фæтæгены цырагъæй дæр ын ис тæвд гæнæн. Уæрт)æ нæ сарайы иу зæронд цы- рагъ уыд æмæ уый æрбахæсдзыстæм. 1 Ацыдыстæм сарамæ цырагъ агурынмæ. Сарайы къуым зæронд , дзаума æмæ алы хæррæгъæй разынд йе ’дзаг. Уым^уыдис зæронд батинкæтæ, къалос/гæ, саст зонтик, æрхуы хæтæлГ^ирæ аль!ху_ь130н æвпгæл’ æмæ зæронд консервы къоппытæ. Агурæм, бæстæ ^рафæлдæхтам, фæлæ цыма цырагъ зæххы скъуьцы ныххауд, уыйау цыдæр фæци. Уалыш^æПкæсын, æмæ уæле~тæрхæгыл лæууыГ Мишкæ йæм схызт æмæ йæ райста. Цырагъ рыгæй" нал зьшд, фæлæ 1'^ авг æнæ- хъæн разынди, суанг ма дзы фител дæр уыд. Мах нин^у ямар^стæм, цырагъ æмæ æрхуы хæтæл рай- 9
стам, иу дзæбæх стыр консервы къопп равзæрстам æмæ сæ иууылдæр кухнимæ æрбахастам. Мишкæ раздæр цырагъ ныссыгъдæг ’кодта, фæ~ тæген дзы ньшкодта æмæ йæ е^ыгъта. Цырагъ хорз сыгъд. Фителæн уыди æрзилæн. дæр æмæ уæлæмæ скабнæн дæр. Стæй йæ ахуыссын кодтам æмæ инку- батор аразын рзйдыдтам. Æппæты разæй бавнæлд- там асыкк аразынмæ. Г?айсталт фанер æмæ дзы 5ёЕ§~§~ там, фынддæс айчы кæм_ бацыдаид, ахæм асыкк. Асыччы мидæгæй цæвæрдтам бæмбæг, бæмбæджы æтте та бахуыдтам ньшæт; >цæмæй æйчытæн хъарм- дæр уа, уый тыххæй. Асыккæн , скодтам сæр æмæ дзы ахуынкъ кодтам. Уыцы хуынчъы ауагътам гра- дусник," тæвдмæ цæст дарыны тыххæй. Стæй райдыд- там тæвдгæнæн аппарат аразын. Консервы къоппы дыууæрдыгæй ) ахуынкъ кодтам. Уæллаг хуынкъыл баныхæстам æрхуы хæтæл, стæй инкубаторы фарс бахуынкъ кодтам æмæ дзы хæтæл бауагътам, хæтæл атасын кодтам, цæмæй асыккæн мидæгæй йæ къул- тæ æмхуызон тæвдгонд цæуой, уый тыххæй, хæтæ- лы’ кæрон асыккæй æттæмæ сарæзтам æмæ йæ кон- сервы къоппы бинаг хуынкъмæ баныхæстам. Ныр саразын хъуыди афтæ, цæмæй консервы къоппæн уа бьГнырдыгæй хъарм кæнæн. Мишкæ иу стыр фанер къопп æрбахаста, хъен æй сæвæрдтам, йæ уæллаг фарс ын ахуынкъ кодтам æмæ йæм инкубатор афтæ сарæзтам, "консервы къопп цырагъы сæрмæ куыд æрцæуа. Цырагъ бынæй асыччы бавæрдтам, цæмæй къопп дзæбæх тæвдгонд цæуа, уый тых- хæй. Уыдæттæ конд ;куы фестæм, уæд къоппы дон ныккодтам æмæ цырагъ ссыгътам. Хъарм дон хæ^ тæлыл ацыд, æмæ инкубатор хъарм кæнын райдыд- ю
та. Градусничы джынасу сындæггай уаелæмæ ссыди æмæ фæстагмæ æртын фарастмæ’ схæццæ. Æвæццæ- ’ гæн ноджы уæлдæр дæр фæуыдаид, Мишкæйы мад куы нæ ’рбацыдаид æмæ нæ куы нæ бахъыгдардтаид, уæд. — Фæтæгены тæф та цæмæн кæны?Амцы архай- ут? —афарста нæ уый. — Мæнæ инкубатор аразæм, — дзуапп радта Мишкæ. — Цавæр инкубатор? — Цъиутæ уадзынæн. — Уыдон та цавæр цъиутæ сты? — Куыд цавæр?.. Хуымæтæджы цъиутæ, карчы цъиутæ. Мæнæ ам уыдзæн æйчытæ æвæрд, ам та цырагъ судздзæн... — Цырагъ та дзы цæмæн хъæуы? — Куыд цæмæн? Æнæ цырагъæй дзы кицы рауай- дзæн. — Цы, уый зонут, мæ хуртæ? Цырагъы кой кæнгæ дæр мауал скæнут. Судзгæ-судзын куы фæ- фæлдæха, уæд фæтæген ныггуыпп кæндзæн æмæ дæ фыдгул афтæ. — Нæ ныггуыпп кæндзæн. Мах та ма цы хъа- хъæнæм? Кæсдзыстæм æм. — Нæ, нæ, мæ хуртæ! Зынгимæ хъазын фыдбы- лыз у. Æгъгъæд дын нæу, фыцгæ донæй басыгътæ, уый, ныр та ныл арт æндзарынмæ хъавыс? Мишкæ ма йæ мадæн бæргæ лæгъстæ кодта, фæлæ йын дзы ницы рауад — нæ нæ бауагъта фæ- таеген^цырагъ судзьш. ’ ~~ — Гъе уый та дын „дзибоккатæ"! — мæстæй ма загъта Мишкæ. п
Цырагъ ссардтам ЫЦЫ ’хсæв æрæгмæ бафынæй дæн. /,; Æнæхъæн сахат хуыссæны инку- баторыл хъуыды кодтои. Фыццаг хъа- выдтæн мæ мадæн зæгъынмæ, цæмæй нын цырагъ судзын бауадза, фæлæ уы- ’ мæй ницы рауайдзæн, уый бамбæрстон, уымæн æмæ мæ мад рагæй дæр зынг сирвæзынæй тынг тарсти æмæ кæддæриддæр мæнæй спичкæтæ æмбæхсгæ кодта. Стæй бæрæг уыд, Миш- кæйы мад дæр нын нæ цырагъ кæй нал раттдзæн, уый. Нæ бинортæ раджы бафынæй сты, фæлæ мæн хуыссæг нæ^ахста, инкубатор мæ сæрæй нæ хицæн кодта. Уалынмæ мæм иу хорз хъуыды фегуырд: „Ныр дон электрон цырагъыл тæвд кæн, ^узед та [куыд уаид, цымæ?" Æз сындæгтай сыстадтæн, цырагъ асыгътон æмæ йыл мæ къух авæрдтон, куыд тæвд кæны, зæгъгæ. Цырагъ уайтагъд афтæ атæвд, æмæ йыл къух нал лæууыд. Уæд къулæй градусник райстрн æмæ йæ цырагъмæ бахастон. Джынасу уайтагЬд уæлæйæ сгæпп ласта æмæ æрлæууыд: дарддæр ын цæуæн нал уыд. Æз градусник йæ бынаты æрцауыгътон. Уый фæ- стæ кæддæр æрæджиау бафиппайдтам, нæ градусник раст кæй нæ амыдта, уый. Агъуысты-иу рæстæмбис хъарм куы уыди, уæд градусник æвдыста цыппор градусы тæвд, кæд æмæ-иу агъуыст фæхъармдæр, уæд-иу суанг уæлæмæ схæццæ æмæ уым лæууыдаид, цалынмæ йæ æрцагътаис, уæдмæ. Уыцы градусник- мæ гæсгæ нæ зымæг дæр арт кæнын нæ хъуыдаид. 12
Дыккаг бон электрон цырагъы тыххæй радзырд- тон Мишкæйæн. Скъолайæ куы ’рбацыдыстæм, уæд мæ мадæй ракуырдтон, рагæй дæр скъаппы сæр чи лæууыд, уыцы стъолыл даргæ электрон цырагъ. Мах ,.с_фæнд кодтам ууыл дон хъарм кæнын бафæлварын. Фæтæген цырагъы бæсты йæ асыччы нывæрдтам. Цæмæй цырагъ консервы къоппмæ хæстæгдæр уы- даид æмæ йæ хуыздæр тæвд кодтаид, уый тыххæй йын Мишкæ йæ быны цалдæр чиныджы бавæрдта. Цырагъ ссыгътам.æмæ градусникмæ нæ цæстдарæм.^ Джынасу дзæвгар рæстæг иу ран фæлæууыд. Мах ма тæрсгæ дæр фæкодтам, нæ хъуыддагæй ницы рауайдзæн, зæгъгæ. Уалынмæ дон хъарм кæнын €айдыдта| æмæ джынасу сындæггай уæлæмæ ссыд. Сахаты ’рдæгмæ æртын фараст градусмæ схæццæ. Мишкæ фыр цинæй ныхъæр кодта: — Ура! Гъе уый ’уын карчы буары тæвд, гъе! Кæс-ма, дæ хорзæхæй, электрон тых дæр фæтæ- генæй æвзæрдæр куы нæ у! — Æмæ цæмæн хъуамæ уа æвзæрдæр! — загътон æз. — Электрон тыхæй хъарм кæнын ма хуыздæр дæр у, уымæн æмæ фæтæген схæцын дæр зоны, электрон цырагъæн та уымæй тас нæу. Уалынмæ кæсæм, æмæ джынасу ноджы фæуæл- дæр æмæ цыппор градусмæ схæццæ. — Æрлæуу! — фæхъæр кодта Мишкæ. — Кæс-ма, кæдæм фæцæуы! — Искуыдтæй йæ бауромын хъæуы, — зæгъын æз. — Æмæ йæ куыдæй баурæдæуа? Фæтæген цы- рагъ куы уаид, уæд ын йæ фител фæзил, æмæ фæци. . — Цæй фителы кой кæныс, электрон цырагъæн цæй фител ис! > 13
— Мурæн дæр нæ бæззы дæ электррн цырагъ!— рамæсты и Мишкæ. — Æ’мæ мæн цæмæн у?— фæхъыг мын Мишкæйы ныхас. — Мæн куыд у, дæу дæр афтæ у. — Уымæн æмæ элект- рон цырагъылтæвд кæнын ды æрхъуыды кодтай. Уæр- тæ ма акæс — цыппор дыууæ градусмæ схæццæ! Афтæмæй æйчытæ сфыц- дзысты æмæ сæ цъиутæ нал рацæудзæн. Ам алцы дæр бæлвырд æххæст *кæ- нын хъæуы! — Хъус-ма, Мишкæ, мæнмæ гæсгæ цырагъ дæл- дæр æруадзын хъæуы, — уæд дон къаддæр хъарм кæндзæн, æмæ тæвд дæр фæкъаддæр уыдзæн. Цырагъы бынæй æппæты бæздкьщдæр чиныг райстам æмæ æнхъæлмæ кæсæм, дарддæр цы уы- дзæн, уымæ. Джынасу сындæггай дæлдæр æрцыд æмæ æртын фараст градусыл .æрлæууыд/ Мах сцин кодтам, стæй Мишкæ загъта: — Ныр нæ хъуыддаг ацæудзæн. Къуыртт æвæ- рынмæ бавналæм. Ныртæккæ æз мæ мадæй æхца ра- курдзынæн, ды дæр уæхимæ згъоргæ, æхца ракур æмæ сæ æйчытæ балхæндзыстæм. Æз нæхимёе’ азгъорцтон1 мæ мадæй æхца ку-^ {зынмæ. Мæ мад (Ъьншпг пæ бæмбæрста,, æйчытæ нæ цæмæн бахъуыди, уый. Æз ын æй бамбарын кодтон зæгъгæ, инкубатор аразын фæнд скодт<йл|карчы цъиу- тæ рауадзыны тыххæй. — Ницы уын дзы рауайдзæн, — загъта мæ мад.-- Кæм федтат æнæ каркæй цъиутæ уадзгæ? Æрмæст- дæр рæстæг дзæгъæлы фесафдзыстут. 14
Фæлæ йæ æз уæддæр нæ ныууагътон æмæ мæ мад сразы’æхца раттынцл. — Цæй хорз, фæуæд афтæ. Фæлæ æйчытæ та кæм æлхæнынмæ хъавут? -*■ Дуканийы, æндæр кæм. — Дуканийы æйчытæ къуыртты æвæрынæн нæ бæззынц, — загъта мæ мад. — Къуырттæн фев^рынц ногæфтыд æйчытæ, бирæ чи фæтеууы, ахæм æйчы- т’æй цъиутæ нæ рацæудзæни. - Мишкæмæ азгъордтон æмæ мæ мадæй цы фе>„ хъуыстон, уыдон ын радзырдтон. — Гъе ныр æз хæлиудзых нæ дæн! —загъта Мишкæ. — Чиныджы куы ис уый тыххæй фыст. Куыд мæ ферох! Сфæнд кодтам ^ыккаг бон хъæумæ ацæуын, фаг_ рон сæрд кæмæ цйрдыстæм, уыцы "зонгэе ус Ната- шæмæ. Уый кæрч’ытæ’ ’дары1 æмæ йæм ногæфтыд æйчытæ уыдзæни, ууыл нæ зæр.дæ^дардтам. Дыккаг бон ’ВÆДЗА, иуæй-иу хатт хъуыддаг куыд фауайы! Тæккæ знон дæр ма искуь!- дæм ацæуын нæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, ныр та мæнæ поезды бадæм æмæ хъæумæ, нæ зонгæтæм фæцæуæм. ФæндыАис нæ тагъддæр æйчытæ æрба- ласын æмæ инкубаторы къуыртт нывæ- рын. Презд, цыма махæн фыдæнæн кодта, уыйау цыд сындæг æмæ нæм фæндаг мæлæты даргъ фæкасти."" Алы хатт дæр афтæ вæййы: адæймаг тагъд куы фæкæныУууæд ын цыма ницыуал фЫтысы.1 Мах нæхимидæг тыхстыстæм, Наташæ искуыдæм куы ацæуа æмæ^йæ сæхимæ куы нæ баййафæм, зæгъгæ. 15
Фæлæ куыд æнхъæл уыдыстæм, хъуыддаг афтæ нæ рауад. Наташæйы сæхимæ баййæфтам. Тынг ныл бацин кодта, уымæй афтæ æмæ йæм цæрынмæ æрцыдыстæм. — Æмæ нырма ахуыры аз куы нæ фæци, — загъ- та Мишкæ. — Мах дæм хъуыддаджы фæдыл æрцыдыстæм,— бамбарын кодтон æз. — Æйчытæ нæ хъæуы. — Цавæр æйчытæ? — Хуымæтæджы æйчытæ, карчы æйчытæ. Ногæф- тыд æйчытæ нæ хъæуы. —- Æндæр ницы? —фæдис кодта Наташæ. — Æмæ- горæты æйчытæ ссарæн нæй? — Нæй, — загъта Мишкæ. — Дуканийы ис, фæлæ, ногæфтыд не сты. — Уый тй куыд? Дуканийы зæрондæфтыд æй- чытæ уæй кæной, уый мæ нæ уырны. — Цæуылнæ дæ уырны? —зæгъы Мишкæ. —Æй- чытæ дуканимæ кæцæй æрбаласынц? Колхозæй. Æмæ карк куыддæр айк афтауы, афтæ йæ, мийаг, куы. нæ бахæццæ кæнынц дуканимæ. — Уый раст у. — Гъемææз дæр уый зæгъын!—сцин кодта Миш- кæ. — Колхозы æйчытæ æмбырд кæнын райдайынц, цæмæй уыцы иу фæдыл бирæ аласой, уый тыххæй; чи зоны, æмæ сæ æнæхъæн къуыри фембырд кæ- нынц, йе та дыууæ къуырийы æмæ сæ æрмæст уæд арвитынц дуканимæ. — Æмæ цы? —афарста Наташæ. — Дыууæ къуы- римæ дæр æйчытæн ницы у. — Куыд ницы сын у? Уæдæ нæ чиныджы афтæ фыст куы ис, æйчытæ дæс бонæй фылдæр куы фæ- лæууой, уæд дзы цъиутæ нал рацæудзæн, зæгъгæ. 16 ’ ’
— Цъиутæ уадзынæн, ай-гъай, ногæфтыд æйчы- таё хъæуы, фæлæ хæрынæн мæй, дыууæ мæйы чи фæлæууы, ахæмтæ дæр бæззы. Сымах, мийаг, цъиу- тæ уадзынвæнд куы нæ кæнут. — Куыд нæ кæнæм? Бæгуыдæр кæнæм. Мах* ардæм дæр уый тыххæй æрцыдыстæм, — загътйн æз. — Æмæ сæ куыд уадзынмæ хъавут? —фæрсы нæ Наташæ — Цъиутæ рауадзынæн каркæн къуыртт нывæрын хъæуы. — Мах æнæ каркæй дæр нывæрдзыстæм къуыртт.- Мах инкубатор сарæзтам. — Инкубатор, зæгъыс? Диссæгтæ! Æмæ уæ цæмæн бахъуыд инкубатор та? — Куыд цæмæн? Цъиутæ рауадзынæн. — Æмæ цъиутæй цы кæнут? — Куыд цы? —загъта Мишкæ. — Уадз æмæ нæм уа. Хъæлдзæгдæр нын уыдзæн. Сымахмæ ам алцыдæр ис: кæрчытæ, хъазтæ, хъуццытæ, хуытæ, махмæ та æппындæр ницы ис. — Уымæн æмæ мах хъæуы цæрæм, фæлæ горæ- ^ы цæй хъуг дарæн и? — Раст у, горæты хъуг дарæн нæй, фæлæ дзы лыстæг фос дарæн хъуамæ уа. , — Лыстæг фосимæ дæр горæты адæймаг хурхæй амæлдзæн! — бахудти Наташæ. — Цæмæн амæлдзæн?— зæгъы Мишкæ. — Махæн нæ кæрты иу лæгмæ цынæ зараг цъиу ис, ахæм нæй, суанг ма йæм сауцъиутæ дæр ис. 1 — Омæ уый цъиуты къалатиты дары. Æмæ сы- мах дæр уæ карчы цъиуты къалатийы бакæнынмæ .хъавут? — Цæмæн. къалатййы? Карчы цъиутæн кухнийы дарæн дæр ис. Бынат сын ссардтам. Æрмæст нын 2 Хорз фæнд 17
ддæбæх æйчытæ ратт, тæккæ ногдæр æфтыд æйчы- тæ,учкæннод æвзæр æйчытæй цъиутæ нæ рацæудзæн. — Раттдзынæн, раттдзынæн, мæ хуртæ, ууыл ма тыхсут, — загъта Наташæ. — Къуырттæн цавæр æй- чытæ хуыздæр у, уый мын сымах амоньш нæ хъæуы. Мæ кæрчытæ æрæджы райдыдтой æфтауын, æмæ уын ногæфтыд æйчьлтæ раттдзынæн. Уыцы ныхæстимæ Наташæ хæдзармæ бадаст æмæ нын фынддæс æвзаргæ айчы рахаста. Æйчыты, немæ цы чыргъæд уыд, Наташæ уым!дæвæрдта æмæ сæ хъарм кæлмæрзæнæй æрæмбæрзта,чфæндагыл куыд нæ æруазал уой, афтæ. "" — Уæ хъуыддаг фæр^ст.мæ ^æд, мæ хуртæ! — загъта нын Наташæ, æмæ рацыдыстæм. Æтте фæталынггæрæттæ æмæ~ Мишкæимæ стан- цæмæ фæтагьд кодтам/ Нæ хæдзæрттæм æрбахæццæ. стæм æхсæвы дыу- уадæсæм сахатыл. Афтæ кæй бафæстиат\\с1æм, уый тыххæй мæм нæхимæ фæзагъд кодтой. Мишæйæн дæр йæ мад хорз фæци. Уый ма бæргæ ницыкодта! -Фæлæ уыцы бон нæ къухы къуыртт нывæрын кæй нал бафтыд, ууыл гйæстæй мардыстæм. ,Цы гæнæн уыд? Дыккаг бонмæ йæ аргъæвтам. Хъуыддаг хорз цæуы 7Т ЫККАГ бон куыддæр скъолайæ æрбацыдыстæм, афтæ чыргъ&д~кух- нимæ æрбахастам æмæ æйчытæ инкубаторы цæвæрдтам. Иууылдæр дзы бацыдысты^ уа^ддайбынат дæр ма дзы баззад. Инкубаторæн йæ сæр æрæхкæдтам. Градусник 18
дзы ауагътам æмæ ныр цырагъ ссудзæм, зæгъгæ, афтæ ма Мишкæ сдзырдта: ^ — Дзæбæх ма ахъуыды кæнæм, кæддæра нæ ницы ферох. Цымæ раздæр инкубатор куы стæвд кæниккам, стæй дзы æйчытæ уый фæстæ куы цæвæ- риккам, уæд хуыздæр нæ уаид? — Гъе уый зæгъын дын мæ бон нæу, — дзуапп радтон æз.—Уый тыххæй чиныгмæ æркæсын хъæуы, уым, æвæццæгæн, фыст ис. Мишкæ чиныг райста æмæ йæ рафæлдæхта. Би- рæ дзы фæкасти, ’стæй загъта: — Цы, уый зоныс, мæ хæлар^гыццыл ма бахъæ- уа ма сæ фенуд кæнæм. — Кæй? — Æйчыты. Кæд æмæ айк дæр у цæрдудыл цымад. — Айк? Цæрдуд?—фæдис кодтон æз. — • Æцæгæй дын зæгъын. Кæд дæ нæ уырны, уæд æй мæнæ дæхæдæг бакæс: „Æйчытæ сты цæрдуд, æтте бакæсгæйæ уый зын раиртасæн у. Цыма дарД айчы хуылфы фынæй вæййы, афтæ зыны:"' Фæлæ айк хъарм кæнын куы райдайы, уæд цард йæ хуылфы базмæлы. Айчы мидæг цы гуырдз ис, уый щезын райдайы, æмæ куыдфæстæмæ с’вæййы гыц- цыл цъиу. Иннæ цæрдудты хуызæн, айк дæр улаеф)'- гæкæны..." Бамбæрстай? Кæд æз дæр æмæ ды дæр улæфгæ кæнæм, уæд айк дæр улæфгæ кæны. — Ныууадз дæ таурæгътæ!/Æз æмæ дынæдзых-^ тæй улæфæм, фæлæ айк та цæмæй улæфы!уКæм ис айкæн та дзых? — Мах дæр нæ дзыхтæй нæ, фæлæ нæ {^у^щь!" тæй улæфæм, — загъта Мишкæ. V— Уæлдæф нæ рæу- джытæм дзыхæй бафты, æйчытæм та уæлдæф айчы цъарæй цæуы}æмæ афтæмæй улæфынц. 19
— Гъемæ улæфæнт! Чи сæ нæ уадзы? — загъ- тон æз. — Æмæ дын къоппы мидæг куыдулæфой? Улæф- гæйæ рахицæнавæййы ^залщуаг--таз. Гъе ньар ды къоппмæ^куьГ ныббырис æмæ йын уæле йæ сæр куы сæхкæниккой, уæд уый бæрц æвзалытуаг газ раулæ- фис, æмæ уым фæхуыдыг уаис. — Æмæ цæмæн хъуамæ ныббырон къоппмæ?Ис- ты рагæй дæр фæхуыдыг уæвынмæ бæллын? — ра- мæсты дæн æз. — Ды нæ ныббырдзынæ, фæлæ мах æйчытæ кæм æвæрæм? Къоппы сæ не’вæрæм? Гъемæ уым фенуд уыдзысты. — Уæдæ сын дæ зæрды цы ис? — Афтæ саразын хъæуы, цæмæй сæм сыгъдæг уæлдæф цæуа. Уыцтыххæй асыччы хуынчъытæ акæ- нæм, — загъта Мишкæ. — Æцæг инкубатортьг дæр вæййы уæлдæфдзæуæнтæ арæзт. Арæхстгай æйчытæ иууылдæр къоппæй систам æмæ сæ чыргъæды нывæрдтам. Стæй Мишкæ бырау æрбахяста æмæ инкубатор цалдæр раны ахуднкъ» кбдта^цæмæй æвзалытуаг газ æттæмæ цыдаид, уый тыххæй. Уый фæстæ та æйчытæ фæстæмæ къоппы ны- ваердтам æмæ йын йæ сæр æрæхкæдтам. — Фæлæу, фæлæу, æмæ^ТсуьГ’н’æ^’базыдтам, раз- дæр инкубатор схъарм кæнын хъæуы æви уал дзы æйчытæ нывæрын хъæуы, уый, — сдзырдта Мишкæ. Ногæй та чиныг кæсын байдыдта. Стæй загъта: — Раст та нæ бакодтам. Чиныджы ма куыд фыст и, уый зоныс? Инкубаторы хъуамæ уа уымæл уæл- дæф, уымæн æмæ уæлдæф хус куы уа, уæд æйчы- тæй сысдзæн бирæ уымæлдзинад æмæ сæ гуырдзтæ 20
амæлдзысты. Уый тыххæй инкубаторы кæддæриддæр истæй мидæг дон дарын хъæуы. Дон сысдзæн æмæ уæлдæф уымæл кæндзæн. Æйчы’тæ та инкубаторæй систам æмæ дзы дыууæ_ агуывзæйы донимæ нывæрдтам. Фæлæ нæ агуывзæтæ æгæр бæрзонд уыдысты æмæ асыччы сæр æнгом не ’хкæдта. Агуывзæты бæдты дон цæм ныккæнæм, уый фæцагуырдтам, фæлæ ницы ссардтам. Уалынмæ Миш- кæйы зæрдыл æрбалæууыд, йæ кæсдæр хо Майкæйы хъазæнтимæ чысыл хъæдын къоппытæ кæй ис, æмæ загъта: — Цæй æмæ Майкæйы хъазæнтæй уыцы къоп- пытæ сисæм. — Уый зон, хорз æрхъуыды кодтай! — сцин код- тон æз. — Рахæсс-ма сæ. Мишкæ Майкæйы хъазæнты ’хсæн цыппар хъæ- дын къоппы равзæрста æмæ сæ инкубаторьГ’афæл- " вæрдта. Хорздзы цыдысты. Къоппыты дон ныккбд- там æмæ сæ инкубаторы цыппар къуымы цæвæрд?а"м, стæй дзы æйчытæ æвæрын райдыдтам. ÆйадтæТГзы сегас нал цыдысты. Равæр-бавæр сæ фæкодтам, фæ- лæ дзы дыууадæсæй фылдæр ницы хуызы цыд. — Цæй ницы кæны, — загъта Мишкæ. — Дыууа- дæс цъиуы нын æгъгъæд у.- Цæмæн нæ хъæуы уы- мæй фылдæр? Цас уæлдай холлаг сын бахъæудзæн! УаÆьщмæ Майкæ кæцæйдæр æрбауад æмæ йæ хъазæнтæ инкубаторы куы ауыдта, уаед’’бæстæ йæ сæрыл систа. :1'^\Г~~* — Байхъус-ма, — сабыр æй кæнын æз, — бынтон- дæр дын сæ нæ райстам. Æртæ къуырийы фæстæ дын сæ фæстæмæ раттдзыстæм. Кæд дæ фæнды, уæд дын уый тыххæй æртæ айчы дæр балæвар кæндзыстæм. — Æмæ æйчытæй цы кæнын? Афтид куы сты! 21
— Афтид не сты. Сæ хуылфы урсытæ дæр æмæ буртæ дæр ис. ^ — Цъиутæ дзы куы уаид! — Æмæ мæнæ цъиутæ куы рацæуой, уæд дын дзы иу раттдзыстæм. — Нæ фæсайдзыстут? — Нæ, нæ дæ фæсайдзыстæм; Майкæ сразы ис æмæ йæ уæд кухнийæ арвыстам. — Ныр цæугæ, мах дæумæ не’вдæлы. Æнæ дæу дæр цы кæнæм, уый нæ зонæм: ра’здæр инкубаторы æйчытæ нывæрæм, стæй йæ уый фæстæ тæвд кæнын райдайæм, *æви йæ раздæр тæвд скæнæм, уый фæс- тæ та дзы æйчытæ нывæрæм. Мишкæ та чиныг райста. Æппынæрæджиау рабæрæг, уæлдай кæй нæу, аф- тæ дæр æмæ афтæ дæр раст уыдзæн. — Уæдæ рухс ссудз æмæ бавналæм, — загътон æз. — Æз æм фыццаг нæ бдвналдзынæн, тæрсгæ кæ-. нын, —^едзырдта Мишкæ.^ Фæлтау æй дæхæдæг ссудз, æзТГьГхъуыддаг райдайон, уый рæстмæ нæ кæны. — Æмæ ахæм æнамонд цæмæн дæ? — Æмæ гъа. Цыфæнды хъуыддагмæ куы бавна- лын, уæддæр мын нæ фæрæстмæ вæййы. — Уæдæ мæнмæ дæр амонд хæстæг куы нæ цæ- уы, — загътон æз. Мах мь1сьщ райдыдтам, нæ царды мидæг ныл цы бæллæхтæ сæмбæлд, уыдон, æмæ нæ дыууæ дæр иуыл амондджынтæи нæ разындыстæм. — Гъемæ нын, уæдæ, æвæццæгæн, ацы хъуыд- дагæй дæр ницы рауайдзæн,—æнкъардхуызæй сдзырд- та Мишкæ. 22
— Уæд та Майкæмæ фæдзурæм? — загътон æз. Мишкæ мемæ сразы. Фæдзырдтам Майкæмæ. н- Зæгъ-ма Майкæ, ды амондджын дæ?— афарстон æй ’æз. I— Уæдæ цы дæн. [— Искуы дыл исты бæллæх æрцыд? — Никуы ницы. !— Хорз. Уæртæ асыччы хуылфы цырагъ уыныс? — Уынын. — Уæдæ йæм хæстæгдæр гибацу æмæ йæ ссудз. Майкæ инкубатормæ бацыди æмæ рухс ^ссыгъта. — Ныр та цы кæнын хъæуы? — афарста чызг. уч — Ныр ардыгæй ацу æмæ нæ ма хъыгдар, — загъта йын Мишкæ. Майкæ фæтæргай æмæ ацыд. Мах тагъд-тагъд инкубаторы сæр ахкæдтам æмæ градусникмæ кæсæм. Фыццаг джынасу æвдыста æвддæс градусы, стæй сындæггай у^лдæр^цæуь1н баÆдыдта, схæццæ ^ыу^ уынмæ. \^алынмæ йæ цыд фæгагъддæр æмæ дыууын с{Г6ндзмæ схæццæ, уый фæстæ —æртыпмæ. Сахаты ’рдæгмæ ссьГд~~æртын æхсæз градусмæ с-.мæныллæу- уыд. Æз ма цырагъы бын иу чиныг бавæрдтон, æмæ та джынасу уæлæмæ • цæуын байдыдта. Æртын фа- растæй фæуæлдæр. — Æрлæу!—фæхъæр кодта Мишкæ.—Кæс-ма — цыппор градусы! Æгæр бæзджын чиныг дзы бавæрд- тай. Æз та уыцы чиныг райстдн гæмæ дзы æндæр, тæнæгдæр чиныг бавæрдтон. Джынасу иуцасдæр~йу бымтьГ^алæууьдд,. стæй дæлæмæ цæуьш раидыдта. Æртын фарастмæ æрхæццаЬ æмæ ноджыдæр дæлдæр æрцæуы. _ 23
— Ацы чиныг та æгæр тæнæг у, — загъта Миш- кæ. — Ныртæккæ æз тетрад радавдзынæн. ! Тетрад радавта æмæ йæ цырагъы бын атъыста. Джынасу та~уæлдæр ссыд, æртын фарастмæ та с^æц- цæ æмæ æрлæууыд. Нæ цæстытæ градусникæй )нал истам. Джынасу йæ бынатæй не змæлыд. — Ахæм тæвд хъуамæ ахæсса дыууын иу бон, — сдзырдта Мишкæ. — Бауромдзыстæм æй? — Бауромдзыстæм, — загътон æз. —’ Куы нæ йæ бауромæм, уæд нæ хъуыддагæй ницы рауад. — Ма тæрс. Бауромдзыстæм æй. Суанг боны кæронмæ инкубаторы раз фæбад- тыстæм. Нæ уроктæ . дæр кухнийы скодтам. Гра- дусник æвдыста иудадзыг дæ’р æртын фараст градусьь — Нæ хъуыддаг хорз цæуы! —цин кодта Мишкæ. Дарддæр дæр афтæ куы уа, уæд нæм дыууын иу боны фæстæ уыдзæн цъиутæ. Дыууадæс карчы цъи- уы. Æнæхъæн дзуг1: Тæвд къаддæрæй-къаддæр кæны ННÆ лæппутæн нæ зонын, фæлæ мæ- нæй куы зæгъай, уæд æз хуыцаубоны раджы стаг нæ дæн — ахуыссын уарзын. Скъоламæ[ цæуын нæ фæхъæуы, æнæ- § уый дæр никуыдæм фæтагъд кæнын æмæ хуысс дæ зæрдæйы дзæбæхæн, кæдмæ дæ фæнды, уæдмæ. Инкубатор куьГ сарæзтам, уымæн йæ дыккаг бон хуыцаубон уыди, фæлæ ацы хатт, иннæ хæттытæй хъауджыдæр, раджы райхъал дæн. Хур нæма скаст, фæлæ æтте рухс уыди. Иучысыл ма ахуыссынмæ хъа-^
^выдтæы, фæлæ уалынмæ æваст инкубатор мæ зæрдыл æрбалæууыд. Æз фæтæррæст ластон, тагъд-тагъд мæ ^заумæттæ акодтон æмæ Мишкæтæм азгъорд- тон. Мæ тых мæ бонæй дзæнгæрæг ныццагътонГ Мишкæ уайтагъд дуар фегом кодта æмæ мæм дзуры: — Тс-с-с! Сеппæты дæр райхъал кæндзынæ! Бон куы нæма æрбацъæх, афтæмæй бæстæ дæ сæрыл куы систай! Æрра фæдæ? Мишкæ мæм ракаст ми- дæггаг дзаумæтты, бæгъæв- вадæй. — Омæ куы сыстадтæ! — О, сыстадтæн, — ба- хъуыр-хъуыр кодта Мишкæ. — Хуысгæ дæр нæма скод- тон. — Цæуылнæ? — Уыцы æнæхайыры ин- кубаторы тыххæй. — Æмæ цы кодта? — Æппынæдзухæй дæлæмæ хауы. — Цæмæн? Дзæбæх æй куы бафидар кодтам. — Инкубатор нæ хауы, æдылы къоппа! Тæвд хауы. — Æмæ цымæ тæвд цæмæн хауы? — Цу, æмæ йæ бафæрс. Куы схуыссыдтæн, уæд градусник раст.æвдыста. Фæлæ мæуæддæр хуыссæг нæ ахста. Æппынæдзухæй хъуыды кодтон карчы цъиутыл. Стæй мæхинымæр афтæ зæгъын: „Цон, æмæ инкубатор бабæрæг кæнон". Рацыдтæн кухни- мæ, кæсын,- æмæ джынасу æртын аст æмæ æрдæгыл 25
лæууы. Æз уайтагъд цырагъы бын ноджыдæр иу тетрад авæрдтон. Тæвд та æртын фарастмæ схызт. „Кæй нæ афынæй дæн, уый цы хорз уыди, — ахъуы- ды кодтон мæхинымæр, — нæ мæгуыр цъиутæ фе- сæфтаиккой". Рацыд сахат, дыууæ —тæвд уыцы иу- хуызонæй лæууы. Æнцад бадынæй т’ыхсын байдыд- тон, райстон чиныг, кæсыныл фæдæн, æмæ мæ гра- дусник æрбайрох. Уалынмæ йæ фæхъуыды кодтон, бакастæн æм æмæ та æртын аст æмæ эёрдæгыл æр- хауд. Иу градусы ’рдæг та æрхаудта! Цырагъы бын та иу тетрад атъыстон æмæ та тæвд йæ бынатмæ ссыд. Нырма йæ бынаты ис, фæлæ дард’дæр цы уы- дзæн, уый бæрæг нæу. — Ды уал ацу ’мæ схуысс, æз инкубаторы раз абаддзынæн, — загътон Мишкæйæн. — Цавæр хуыст ма^ у, — загъта Мишкæ. — Ныр бон куы у. Мишкæ йæ къахфындз/гыл уатмæ бацыд, йæдзау- мæттæ рахаста æмæ йæ гæрстæ кæнын байдыдта. Йæ хæлаф æмæ йæ хæдон скодта, йæ батинкæты бостæ бабаста, стæй тъахтиныл æрхуыссыд /’æмæ уайтзгъд йæ хуыр-хуыр ссыд. „Уадз æмæ -ахуысса. Адæймаг æфсæйнаг, мийаг, куы нæ у", —загътон мæхицæн. Инкубаторы раз сбадтæн æмæ градусникмæ кæ- сын. Стæй иунæгæй тыхсын байдыдтон, хæдзары мæргъты тыххæй чиныг райстон æмæ, инкубатормæ цæст куыд дарын хъæуы, уый тыххæй кæсын. Чи- ныджы фыст уыди, зæгъгæ, æйчытæ инкубаторты мидæг æппынæдзухдæр фæлдахын хъæуы, кæннод сæ гуырдзтæ айчы хъузгыл баныхæсынц. Ахæм æй- чытæй рацæуы зылынфарс, фыдхъуын цъиутæ, кæнæ дзы æппындæр нæ рацæуы, айчы хуылфы ныммæлынц.' 26
Цæмæй гуырдзтæ мидæгæй айчы хъузгыл ма баны- хæсой, уый тыххæй инкубаторы æйчытæ æртæ са- хатæй æртæ сахатмæ зилын хъæуы. Æз тагъд-тагъд инкубатор фегом крдтрн, æмæ æйчытæ иннæрдæм(зрцн^байдыдтон. Уалынмæ Миш- кæ фехъал æмæ инкубатор гомæй куы ауыдта, уæд ныхъæр кодта: — Цы кусыс уый? Æз йæ хъæрæй афтæ фæтарстæн, æмæ, чысыл ма бахъæуа, айк мæ къухæй ма ^хауа. — Ницы, — зæгъгæ, ма сдзырдтон. — Куыд „ницы"? Инкубаторы сæр цæмæ байгом чкрдтай дæ куы фæрсын? Нæ йæ зоныс, инкубатсР рæн æртæ 1а>уырийэГ раздæр гом кæнæн кæй нæй, уый! Афтæ ’нхъæлыс, æмæ дыккаг бон æйчытæй цъиутæ рагæпп -кæндзæн? — Ницы æнхъæлын, — загътон æз æмæ архайын, æйчыты алы æртæ сахаты фæстæ дæр фæлдахын кæй хъæуы, Мишкæйæн уый бамбарын кæныныл. Фæлæ мæм Мишкæ хъусгæ дæр нæ кæны æмæ хъæлæсы дзагæй хъæр кæны: — Сæхкæн æй дын зæгъын! Гъе ныр ай бæллæх нæу! Иу минут афынæй кæнæн дæр ма уæд! Куыд-. дæр мæ цæстытæ кæрæдзиуыл авæрын, афтæ та йæ сæр инкубаторы фæтъыссы. Мишкæ инкубатормæ уыцы иу гæпп бакодта æмæ асыччы сæр ^ахкæдта^’фæлæ ма уæддæр æйчытæ афæлдахын мæ къухы бафтыд. Нæ хъæрмæ рауа- дысты .Мишкæйы фыд æмæ мад. — Цы хабар у? Цæуыл хъæлæба кæнут? —фæр- сынц нæ уыдон. — Цæуыл, цæ! Мæнæ ацы зондаби инкубаторы сæр байгом кодта, — загъта Мишкæ. 27
Æз Мишкæйæн бамбарын кæныныл архайын, æй- чытæ куы нæ фæлдахай, уæд цъиутæ ныххæдмæл уыдзысты, зæгъгæ. — Цавæр хæдмæл у? — хъæр кæны Мишкæ.—Уæ- дæ каркæн цæуылнæ ныххæдмæл вæййынц? — Уымæн æмæ карк къуыртты бадгæйæ æппынæ- дзух дæр йæ æйчытæ зилгæ фæкæны; — загъта Мишкæйы мад. — Цæмæй йæ фæзоны, æйчытæ зилын хъæуы, уый? Мæлæты зонды хицау куы нæ у карк, — загъ- та Мишкæ. — Ды куыд айнхъæл дæ, афтæ æдылы нæу, — дзуапп радта Мишкæйы мад. Мишкæ хъуыдытыл фæци. — Афтæмæй мæхæдæг дæр федтон, карк æйчы- тæ куыд фæзилы, уый! — загъта Мишкæ фæстагмæ.— Æз ма дис кодтон, цымæ сæ, зæгъын, йæ фын- дзæй цæмæн фæзилы. Мишкæйы фыд ныххудти: — Æдылы къоппа! Æмæ каркæн цæй фындз ис? * — Фындз нæ, .фæлæ бырынкъ. Гъёмæ фындзæй бы- рынкъæй цы уæлдай ис? Тæвд та уæлæмæ фæцæуы АЙСОМЫ дæс сахатмæ та джынасу иу градусы æрдæг уæлдæр ссыд. Цырагъы бынæй та иу тетрад райсын бахъуыди. —Цымæ уæлæмæ-дæлæмæ цæмæнкæ- ны? —дис кодта Мишкæ. — Дысон дæ- лæмæ цыд, ныр та уæлæмæ фæцæуы. Сихормæ ма цырагъ бахъуыди но- джыдæр дæлдæр æр^адзын, уымæн æмæ та тæвд ноджыдæр фæбæрзонддæр. 28
Фæссихор Мишкæ^ тъахтиныл æрхуыссыд æмæ афынæй.' Æз иунæгæй æнкъард кæнын байдыдтон. Æмæ уæд мæ нывты альбом нæхицæй æрбахастон æмæ Мишкæйы ныв кæнын байдыдтон. Фынæй адæй- маджы ныв æнцондæр кæнæн у, уымæн æмæ змæлгæ нæ фæкæны. 7 Уалынмæ нæм Костя Девяткин æрбацыди æмæ Миш- кæйы тъахтиныл дæргъæй куы ауыдта, уæд фæрсы: — Ай та цы кæны, рынчын у? — Нæ, афтæ æнæуый афынæй. Костя кæцæйдæр иу æрхуы тас раскъæфта æмæ Мишкæйы сæрмæ æрцагъта. Мишкæ сæрзилæччынау фæсæррæтт,. кодтд. —Æллæх! Сбон и? — фæрсы нæ уый. — Сбон, зæгъыс? — ныххудти Костя. — Æмæ ныр тагъд изæр куы у. Сыст уæлæмæ, æмæ цом нæхи аирхæфсæм. Акæс-ма, æтте цы дзæбæх бон у, уымæ, хур тæмæнтæ калы! Уалдзæг! Сырддонцъиутæ цъы- бар-цъыбур кæнынц. — Мах ныр уынгтæм-йеттæм нал æвдæлы, — загъта Мишкæ. — Мах хъуыддаджы лæуд стæм. — Цавæр хъуыддаджы? 29
— Куы йæ зонис, мæ лымæн, æцæг хъуыддаджьк Мишкæ инкубаторы размæ бацыд, градусникмæ бакаст æмæ мыл уыцы иу хъæр ныккодта: /’ — Цымæ ма ды та ам ^ды хъахъæныс? Нæ уыныс! Градусникмæ бакастæн, æмæ та æртын фараст æмæ ’рдæг! Мишкæ цырагъ фæныллæгдæр кодта. — Æз куы нæ райхъал уыдаин, уæд æй, æвæц- цæгæн, цыппормæ дæр суагътаис! —хъæр кодта Мишкæ. — Æмæ дын мæн аххос у, æдзух фынæй кæй кæныс, уый? — Уæдæ дысон кæй нæ бафынæй дæн, уый мæн аххос у? — Мæн аххос дæр нæу. Костя инкубатор ауыдта æмæ афарста: — Тæфæй кусгæ машинæ та аразут? — Кæм федтай ахæм тæфæй кусгæ машинæ? ч — Уæдæ цы у? — Базон æй. Костя йæ къæбут аныхта: — Æвæццæгæн тæфæй кусгæ турбин. — Нæ йæ базыдтай. — Уæд та исты реактивон змæлынгæнæн. Мах Мишкæимæ худæгæй бакъæцæл стæм. — Сæдæ азы куы фæхъуыды кæнай, уæддæр æй нæ базондзынæ. — Цæй-ма уæдæ цы у? — Инкубатор. — Инкубатор, зæгъыс! Акæс-ма, дæ хорзæхæй. Æмæ кусгæ та цы кæны ацы инкубатор? — Куыд „цы"? — фæдис кодта Мишкæ. — Цъиу- тæ уадзы. 30
— А! Æмбарын, æмбарын! Æмæ сæ цæмæй уадзы? — „Цæмæй уадзы"! — ныппыррыкк кодта Миш- кæ. —Æйчытæй, æндæр цæмæй. — Æйчытæй, зæгъыс! А-а, карчы бæсты къуыртт инкубаторы цæвæрынц. Æз дæр æй зыдтон, бæргæ, фæлæ инкубатор хуыйны, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Мæнæйафтæ ма гогызбатор кæнæ каркубаторхуыйны.// Уæдæ инкубатор у, зæгъут, йæ ном? Æмæ æйчытæ та кæм æвæрд сты? — Мæнæ асыччы, — Равдис-ма сæ. — Алкæмæ сæ куы ’вдисæм, уæд сæ цъиутæ нал рацæудзæн. Фæлæу, мæнæ сæ иннæрдæм’куы зилæм, уæд сæ фендзынæ. — Æмæ сæ кæд зилдзыстут? Мишкæимæ банымадтам, æмæ æйчыты хъуыдис изæры«аст сахатыл зилын. Костя сæхимæ нал ацыд. Мишкæ щахмæттæ ра- хаста æмæ шахмæттæй хъазын райдыдтам. Раст куы зæгъон, уæд æртæйæ чи фæхъазы, уыдон сæхицæй’ хынджылæг фæкæнынц;7дцууæйæ хъазгæ фæкæнынц, æртыккаг та куы иуæн фæамоны, куы иннæмæн. Цæй хъазт у уый? Куы рамбулай, уæд дын зæгъдзысты, искæйы æххуысæй рамбылдтай, зæгъгæ, æмбылды куы фæуай, уæд та дыл худгæ кæндзысты, ома дын кæд æххуыс кодтой, уæддæр нæ сарæхстæ. Гъе уымæ гæсгæ дыууæйæ хъазын хуыздæр у — ничи сæ фæхъыгдары. Уалынмæ аст сахаты дæр , сси. Мишкæ инкуба- торы сæр байгом кодта æмæ æйчытæ фæлдахын райдыдта. Костя сæ анымадта æмæ загъта: — Иуæндæс айчы. Цъиутæ дæр дзы, уæдæ, иу- æндæс рацæудзæн? 31
— Куыд иуæндæс? —фæдис кодта Мишкæ.— Æмæ дыууадæс куы уыдысты! Иу айк дзы цы фæуы- даид? Ай бæллæхы хъуыддаг нæу? Мæ цæстытæ æт- тæгуæлæ нæма авæрдтон, æмæ айк ^ыдæр æрбаци!\;' Ды та ма цы хъахъæдтай? —йæхи мыл андзæрста Мишкæ. — Омæ къахдзæф дæр куы ничердæм акодтон. Ногæй сæ банымайын хъæуы, кæд Костя рæдигæ фæкодта? Уæд сæ Мишкæ банымадта, æмæ уымæн та æртын- дæс рауадысты. - 1 — -Гъе ныр та дзы иу уæлдай разынд! —схъуыр- хъуыр кодта уый. — Чи йæ цæвæрдтр уым, цымæ? Æз та ногæй æйчытæ банымадтон, æмæ дыууа- дæс рауадысты. ’— Æ, мæгуыр уæ бон, гъе, арифмометртæ! Дыу- уадæс айчы банымайын ма фæраз! — Фæлæу-ма,— загъта Мишкæ. — Бæстæ сæмхæц- ’цæ кодтат! Æйчытæй иу нæ азылдтон, фæлæ кæцы уыди, уый нал зонын. Уыцы айк куыд агуырдта, афтæ Майкæ æрбаз- гъордта, инкубаторы æйчытæн сæ тæккæ стырдæр равзæрста æмæ дзуры: — Мæнæ ацы айкæй цы цъиу рацæуа, уый мæн уыдзæн. / Нæ дыууæ М.ишкæ афтæ рамæсты стæм, æмæ йæ дуары зетте фæкодтам. — Куыддæр ма дæ ,къах ардæм æрбавæрай æмæ нæ ’хъыгдарай, афтæ ма цы айсай, уый фендзынæ. Майкæйæн æттейы йæ футт-футт ссыд: — Инкубаторы мæ къоппытæ æвæрд сты! Мæ- нæн дæр ис æйчытæм кæсыны бар!
— Цы бар дын ис, уый дын æз ныртæккæ фе- ныи кæндзынæн! — загъта Мишкæ æмæ дуар ахкæдта. — Ныр цы чындæуа? — стыхстæн æз. — Уæд та æйчытæ иууылдæр ногæй иннæрдæм афæлдахиккам? — Нæ, нæ хъæуы, раздæр чердæм уыдысты, уы- цырдæм зылд та нын куы фæуой. Фæлтау дзы иу æнæазилгæйæ лæууæд. Иннæ хаттæн’ нын зондæн бæздзæн. — Нæ фæлæ æйчытыл бæрæггæнæнтæ скæнут, æмæ йæ уæд зондзыстут, кæй дзы азылдтат æмæ кæй нæ азылдтат, уый, —загъта Костя* — Æмæ сыл цавæр бæрæггæнæнтæ скæнæм? — бафарста Мишкæ. — Крестытæ сыл æвæрут. — Нæ, æз сыл фæлтау номыртæ ныффысдзынæн. Мишкæ кърандас райста æмæ æйчытыл. нрмыртæ сæвæрдта — фыццаг’ но)\шрæй дыууадæсæм’мæ. — Куы сæ зилæм, уæд< номыртæ бынырдыгæй уыдзысты, стæй та уæлæрдæм фæуыдзысты. Ныр нал фæрæдидзыстæм, — загъта Мишкæ æмæ инкубаторы сæр сæхкæдта. Костя сæхимæ цæуынвæнд куы скодта, уæд ын Мишкæ бафæдзæхста: — Хъусыс, æрмæст скъолайы макæмæн радзур, мах инкубатор сарæзтам, уый. — Цæуылнæ? — Лæппутæ ныл худдзысты. — Цæмæн уыл худдзысты? Инкубатор раразын хорз хъуыддаг у. Цæуыл хъуамæ худой? — Лæппуты нæ зоныс, мæстæй та нæ мардзысты, къуырттон кæрчытæ, зæгъгæ. Стæй нын дзы куы ницы рауайа, уæд та нæ ракæсын бынтон нал уадз- дзысты. 3 ДГорз фæнд 23
— Æмæ дзы цæуылнæ хъуамæ рауайа? — Цы нæ вæййы. Æнцон хъуыддаг нæу. Истæмæй куы фæрæдийæм, мийаг, æмæ куы нæ фæрæстмæ уой. Фæлтау-иу мацы зæгъ. — Хорз, ма тыхсут, — загъта Костя, — мæ дзы- хыл цъутта сæвæрдзынæн. Инкубатор бакодтам Майкæйы бар ЪЫ, куыд у? Знонæй нырмæ та ницы бæллæх æрцыд? — афарстон дыккаг райсом Мишкæйы. — Ахæмæй ницы. Æрмæст та тæвд дысон-бонмæ дæлæмæ цыд. — Æмæ та нæ бафынæй дæ? — Нæ, æз ныр фæзондджын- дæр дæн! Мæ ^азы бын сахат баг^ вæрдтон æмæ мæ рæстæгæй-рæстæгмæ хъал кодта. — Диссаг нæу, тæвд цымæ дæяæмæ цæмæн хауди, боны уæлæмæ куы цыд, уæд? — Ныр æй æз зоиын, — загъта Мишкæ. — Æхсæв уазалдæр у, инкубатор æруазал■ [вæййы, æмæ тæвд дæлæмæ æрхауьЫбон та хъармдæр вæййы æмæ уымæ гæсгæ таевдГдæр уæлæмæ ссæуы. . — Уæдæ ныр цы бакæнæм? —фæрсын Миш- кæйы. — Æз æмæ ды скъоламæ куы ацæуæм, уæд градусникмæ йæ цæст чи фæдардзæн?' — Майкæйæн зæгъиккам? Мишкæ Майкæмæ фæдаырдта æмæ йын лæгъстæ кæнын байдыдтам, не ’рбацыдмæ инкубатормæ йæ цæст^куыд ^дзра^афтæ. ~г" — Знон мæ"~тæргæ акодтат, абон та мын лæгъстæ кæнут? Нæ йæ хъахъæндзынæн! — загъта Майкæ. 34
— Байхъус-ма, —дзурын æм æз, — куыд нæ йæ ’мбарыс — цъиутæ фесæфдзыссы. Мах дын нæхи тыххæй нæ лæгъстæ кæнæм, гыщ!дыл дзибоккаты тыххæй дæ курæм. ; Майкæ фæстагмæ сразы. Æмæ йын уæд бæлвырд радзырдтам, цытæ йæ кæнын хъæудзæн, уый. — Мæнæ уый градусник у, — загътон æз. — Йæ джынасу хъуамæ хæццæ кæна æртын фарастмæ. Кæс-ма, мæнæ ам æртæ фыст ис, ам та — фараст. Дæ зæрдыл æй бадардзынæ? — Бадардзынæн. Цæмæй йæ ма Фчерох_уа, уый тыххæй джынасу кæдæм хъуамæ хæщда_кæна, уыцы ран сырх къран- дасæй ныххахх кодтон. — Дзæбæх-иу кæс, ма фæрæди,—бафæдзæхстон ын ноджы. --уКуыддæр джынасу бæрæггонд ранæй фæуæ|гæо уа, афтæ-иу цырагъы бынæй иу тетрад ^райс, уæд цырагъ фæиылдæхдæр уыдзæн^æмæ джы- насу дæр дæлдæр æрцæудзæн. Бамбæрстай? — Бамбæрстон.; / Уый фæстæ йын бацамыдтон, æйчытæ иннæрдæм куыд зилын хъæуы, уый. Стæй йын загътон, куыд- дæр иуæндæс сахаты уа, афтæ инкубаторы сæр]бай- гом кæнын æмæ æйчытæ азилын кæй хъæудзæн. Майкæ мын мæ ныхæстæ бамбæрста. Фæлæ ма йын сæ йæхицæн дæр радзурын кодтон. Æмæ сæ æнæ рæдыдæй куы радзырдта, уæд Мишкæимæ скъоламæ араст стæм. — Гъы, уæ инкубатор куыд кусы? — афарста нæ Костя, куыддæр къласмæ бахызтыстæм, афтæ. — С:с! Хъæр ма кæн, — сдзырдта Мишкæ æмæ фæйнæрдæм акасг, ома йæ ничи фехъуыста. ~*Æмæ уæ сындæг куы бафарстон. 35
— „Сындæг, сындæг"! — бахъуыр-хъуыр кодта Мишкæ. — Кълас дæ <хъæлæсы куы фæцæйхастай! — Цæй, цæй, ницыуал зæгъын. Уæд та йæ лæп- путæн радзуриккам? — Уæдæ ма радзур!Уæд-иу нæм дæ къах дæр ма- уал æрбавæр. Мах æй æрмæстдæр дæуæн схъæр код- там, ды та... — Цæй хорз. Цы ’рхъуыды кодтон, уый зоныс? Æрдззонæны уро^гы Марья Петровнæйæн зæгъдзы- шенГсымах инкубатор сараезтат, уый. Æмæ уæ Марья Петровнæ раппæлдзæн. — Уæдæ ма бафæлвар! Уыцы минут аЬй лæппу- тæ куыд айхъусой, аф1:æ дæ фæнды? — Цæй, цæй, нæ зæгъдзынæн... Хъыпп-сыпп дæр не ’скæндзынæн. — Костя йæ къух йæ дзыхыл авæрдта æмæ иуварс ацыд.' Бæрæг у^1д, инкубаторы тыххæй йæ искæмæн радзурын тынг кæй ’фæнды, уый. Уроктæ райдыдтой. Мишкæ тыхсти. Иу минут æнцад нæ бадт. — Ныр кæд афонмæ Майкæ бæстæ нымхæццæ кодта, уæд та? — Æмæ цы хъуамæ нымхæццæ кæна? — Градусник æй куы ферох уа. — Ма тæрс, нæ йæ ферох уыдзæн. — Æнцад бадынæй куы стыхса æмæ уынгмæ куы рацæуа, уæд та? — Гъемæ цæмæн хъуамæ рацæуа, дзырд куы радта, хæдзары баддзынæн, зæгъгæ! — Инкубаторæй йæ къустæ куы сиса, уæд та? -г- Нæ сæ сисдзæн. — Цырагъ куы басудза, уæд ын цы бакæндзæн? Æрдззонæны урочы æппынæдзух дæр ныхас кæй кодтам, уый тыххæй нæ Марья Петровнае алы 36
рæтты сбадын кодта. Мишкæйыл цыма стыр б&д- ^æх а^рцыХ^уьГйау æнкъардæй бадти æмæ-иу мæм къласы йннæ къуымæТ1й~е ^фгуыты^бынæй æрба- каст. Уалынмæ Костя йæ къухтæ йæ дзыхыл нук- девæрд акодта æмæ нæм æрбадзырдта: — Гъёй! Нуртæккæ уæ инкубаторы тыххæй Марья Петровнæйæн зæгъдзынæн. Мишкæ йæ мидбынаты стæлфыд: , —^Уæдæ ма зæгъ, дзæгъæлдзых! Фæлæ уæдмæ Костя йæ къух сдардта. — Цы зæгъыс, Костя? —афарста йæ Марья Пет- ровнæ. Мишкæ Костямæ бартхъирæн кодта. — Марья Петровнæ, инкубатор та цы у? — ба- фарста Костя. Марья Петровнæ нын райдыдта инкубаторы тых- хæй дзурын. Уый нын радзырдта, зæгъгæ, адæм раджы базыдтой æнæ каркæй, æйчытæ хъарм кæн- гæйæ, цъиутæ уадзын. Ра- ,джы заманы, суанг дыууæ мин азы размæ Египеты æмæ Китайы адæм а^æз- то’иЧшкубатортæ æмæ аф- тæмæй цъиутæ уагътой. Ахуъфгæнд^гæ ссардтой, зæххы бын чи фæци, ахæм рагон Египетаг цæрæнуæт- тæ. Уым сæрмагонд агъуы- стыты рагон адæм арæзтой инкубатортæ. Уыцы за- маны инкубатортæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ныры уонты хуызæн нæ уыдысты æмæ-иу дзы стыр къуыртт 37
цæвæрæн нæ уыд, фæлæ ныртæккæ ^махмæ ис, цалдæр мин айчы кæм цæуьл, ахæм инкубатортæ дæр. — Мæ зонгæ дыууæ лæппуйы та сæхæдæг са- рæзтой инкубатор, — загъта Костя. — Цымæ ахæм инкубаторы цъиутæ рацæудзæн? — Рацæудзæн, фæлæ уый тынг зын хъуыддаг у, — загъта Марья Петровнæ. — Æцæг инкубатортæ афтæ арæзт сты, æмæ дзы æппынæдзух дæр вæййы, цавæр тæвд æмæ уымæлдзинад фæхъæуы, ахæм.. Хи ’арæзт инкубаторты та уыдæттæм æдзух дæр цæст дарын хъæуы.^Лæппутæ æну^зыдæи куы архайой æмæ æгъдауджын куы уой, уæд сæ хъуыддагæй’^’’исты р^у^^зæн,/(фæлæ мæнæ Мишкæ æмæ Коляйьгхуы- зæттæ ницы бакæниккой. — Цæуылнæ бакæниккам? —йæхи нал баурæдта Мишкæ. — Уымæн æмæ уæм æгъдау нæй, къласы дæр нæ зонут уæхи дарын, — загъта Марья Петровнæ æмæ нын дарддæр урок дзырдта. Урокты фæстæ нæм Витя*0мирнов æрба^цыд æмæ нын фехъусьщ^кодта, абон, дам, скъолайы цæрæгой|гы къуы^ы д^журяæ/гæ стут. '~ — Цытæ дзурыс! —зæгъгæ, йыл Мишкæ йæхи сцагъта. — Цæй цæрæгойты къуымы кой кæныс? Мах не ’вдæлы. — Сымах никуы февдæлы! Къорды уæхи ныф-' фыстат, афтæмæй дзы кусгæ нæ кæнут. Уалдзæг ралæууыд, уый уæ фææн^ерхæ^жы дæр нæй. Зæ- гъут-ма, цъиутæн уае^бæсты ахстæттæ чи кæндзæн? — Уый фæстæ сын скæндзыстæм. — Кæд „уый фæстæ"? Ныр тагъд цъиутæ куы ’ртæхдзысты, уæд. — Не ’ртæхдзысты. * 38
— Куыд не ’ртæхдзысты? Сымахмæ æнхъæлмæ к’æсдзысты? — Цæй, иучысыл банхъæлмæ кæсæн дæр ис!— загъта Мишкæ. Мах нæхимæ азгъордтам. Нæ мæт дзæгъæлы уыди. Цырагъ нæ басыгъд, тæвд дæлæмæ-уæ,- лæмæ нæ кодта. Майкæ дæр инкубаторы цурæй ни- чердæм ацыд. Мах дзы раппæлыдыстæм æмæ йæ уынгмæ хъазынмæ арвыстам./ ^/%^ * Хъуыддаг фехæлд\ ЫЦЫ бонæй фæстæмæ æнцой нал зыдтам. Æхсæвæй-бонæй тæвдмæ цæст дарын "х’ъуыди, æртæ саха- \ тæй æртæ сахатмæ та æйчытæ зилын. Консервы ’банкæйы æмæ къоппыты дон дæр-иу .уайтагъд айсыст, æмæ сæ æппынæдзухæй дон кæнын хъуыд. Уый^зын^^хъуйддаг бæргæ нæу, фæлæ инкубаторæн иу минут дæр ^^> уаты уадзæн нæ уыд, ,Кнауæд-иу кæнæ тæвд хæрд- маГ’сгæпп кодтаГйе~ та-иу æйчытæ азилын æрбай- рох сты. Мишкæйæн уæлдай зындæр уыдис, уымæн æмæ йæ æхсæв дæр инкубатормæ кæсын хъуыди. Хуыс- сæг&й, мæгуыр^йæ фаг нал иста æмæ бон-изæрмæ^ хуыссæгхъæлдзæгæй рацу-бацу кодта. Фæссихор-иу/>/ кухнийы гьаххшшл атымбыл,Уæмæ йын аез дæр ахæм сахатмæ хъавыдтæн: уайтагъд-иу ын йæ ныв кæнынмæ фæдæн. Афтæ фæтухи кодтам фондз боны æмæ фондз 39
æхсæвы. Æхсæзæм бон Мищкæ æнæхуыссæгæн нал бафæрæзта æмæ урочы бафынæй. Надеждæ Викто- 1 ровнаОын^уыйтыххæй бауайдзæф кодта, кълас та йыл йæхи худæгæй схаста. Лæппутæ йыл кæй худтысты, уый йæм хардзау æркаст. Иу адæймагæн иннæуыл ахудына&й хуъГздЩГ мацы ратт, фæлæ йын йæхиуыл куы фæхудыиц, уæд æм хорзГнал фæкæсы. Уый ма бæргæ ницы кодта, фæлæ уыцы бон фыдбылызæн мæ нывты альбом мемæ куы ’рбахæс- син. Мæ зæрды уыди, нывкæнынмæ куыд арæхсын,\ уый лæппутæн равдисын. Лæппутæ нывтæм куы’ ^ркастысты, уæд уайтагъдМишкæйы б^зьщТои. Мишкæ нывты алы ран дæр уыди ф^ынæиæ кондУкæм тъах- тиныл хуысгæйæ, кæм бадгæйæ, суанг ма лæугæйæ дæр. — Ай æцæг фынæйы дзæкъул/куы дæ, — загъта Мишкæйæн~ Лёшæ Курочкин, — Æппæт дунейы рекордсмен!—баппæрста йæ ныхас Сенькæ Бобров дæр. — Ничи йæ ^мбулдзæд фынæй ’кæнынмæ, арсау, суткæгай х^ыррытт кæны. Альбом къух-къух ацыди. Лæппутæ нывтæм кæс- гæйæ артæнхæлдтæ-.кодтой. — Ныр уыцы æнæхайыры альбом ардæм цьК’рбан- тъæрдтай? —зæгъгæ, мыл Мишкæ йæхи андаæрстаГ — Æмæ йæ цæмæй зыдтон, лæппутæ афтæ худ- дзысты, уый? —загътон æз. — Нæ зыдтай! Барæй. йæ æрбахастай, цæмæй мыл иууылдæр худой! Хæлар дзы ахæм куы нæ уа. Стыр бузныг! — Барæйнæ уыдтæн, бауырнæд дæ! Уый куы зыд- таин, уæд дын дæ нь1в дæр нæ кодтаин, — мæхи ма рæстытæ кодтон, фæлæ ницыулл. 40
Мишкæ æнæхъæн бон тæргайхуызæй фæбадт, стæй изæры загъта: — Ахæсс инкубатор æмæ æхсæв-бонмæ йæ цуры фæбад, стæй уæд базондзынæ, карикатурæтæ куыд. кæнын хъæуы, уый! — Æмæ мæ цæмæй тæрсын кæныс? Бæгуыдæр æй ахæсдзынæн. Ды йæ фондз æхсæвы фæхъахъæд- ^гай^ ныр æй фондз æхсæвы та мæ.бар бауадз.Рады- гай йæм кæсдзыстæм. Уый адыл инкубатор махмæ æрбахастам æмæ- уæдæй фæстæмæ та æз райдыдтон хъизæмæрттæ кæншГГ ’1 V Изæры-иу нæ сахат мæ базы бын бавæрдтон æмæ-иу мæ æхсæв йæ зæлланг|æй райхъал кодта. Уæд-иу æз фæгæпп "ластон"" æмæ .æрдæгфынæйæ, къуырттытæ гæнгæ, кухнийы смидæг дæн,, градус- никмæ-иу æркастæн, æйчытæ-иу ’азылдтон æмæ та-иу хъæццулы бын абырыдтæн. Фылдæр хатт-иу уый фæ- стæ мæ бон „бафынæй нал уыдис, рафæлдн?х-б'.фæл- дæх-иу ’фæкодтон* фæлæ ныр афынæй уон, зæгъгæ, афтæ та’-ку сахат ныззæлланг кодта. Æз-иу сахатмæ рамæсты дæн æмæ-иу загътон, раст æй з’æххыл ныц- чцæв, куыд базгъæлæнтæ уа, афтæ. ~Райсомæй-иу ахæм уæнгмардæй райхъал дæн, æмæ- иу ’сыстын’’’мæ бон нал уыди. Мæ дарæс скæнынмæ дæр-иу нал арæхстæн: хъуамæ-иу мæ’’сæрыл хæдоньГ бæсты^хæлаф æркодтаин, кæнæ-иу хæдоны мæТгьах атъысс-атъысс кодтон™~ Иу хатт та æнæрхъуыдыйæ мæ батинкæтæ алы къæятыл скодтон æмæ афтæмæй скъоламæ ацыдтæн. Лæппутæ мæ уыцы хуыяæнæй куы федтой, уæд мыл худын байдыдтой’. ЦьГгæнæн ма мыв уыд:урочысæ раластон • æмæ сæ рæстмæ скодтон. У 41
Фæлæ мыл стырдæр бæллæх æрцыд дæсæм æхсæв, Куыд рауади, уымæн мæхæдæг дæр .ницы зонын, кæнæ мæ сахат саразын ферох и, йе та йæ зæлланг- мæ хъал нæ радæн — зын зæгъæн у. Æхсæвы схуыс- сыдтæн æмæ райхъал/ДаЁн, даæбæх куьГрбабо^й’с/ ’æрмæст уæд. Фыццаг’^цы ’рцыд, уый нæ бамбæрстон", стæй фæхъуыды кодтон, æхсæв-бонмæ иу~хатт дæр кæй нæ ^Тстадтæн, уый, æмæ кухнийы смидæг дæн. Кæсын, æмæ градусник æртын авд æвдисы. Цы ’мбæлы, * уымæй æнæхъæн дыууæ градусы къаддæр! Æз цы- рагъы бын дыууæ тетрады атъыстон. „Цы ’ххуыс ма сын фæуыдзæн ныр хъарм?Æй- чытæ æруаз.ал_сты æмæ нæ* фыдæбæттæ доны къу- сы сæфт фæкодтой. Дæс боны дæргъы, фæллад иæ зонгæйæ, нæ ^дтæ фæхъардтам^æмæ æйчыты стыр гуырдзтæ куы сæвзæрдйс, уæд сæ æз иунæг æхсæв- мæ фесæфтон!" — загътон мæхицæн. Мæхимæ афтæ мæсты уыдтæн, æмæ ма, тымбыл къухæй меС^дылы къопп^йæн иу хафт фæкодтон. Джынасу та^сындæггай æртын фарастмæ схæццæ. Æз æнкъардхуызæй градусникмæ кастæн æмæ хъуы- дытæ кодтон: „Гъеныр та тæвд йæ бынатмæ схызт, æйчытæ æтте бакæсгæйæ æндæрхуызон нæ фесты, фæлæ мидæгæй сæ цард, æвæццæгæн, бахуыссыд æмæ дзы цъиутæ нал рацæудзæн!" Стæй та мæ сæры æндæр хъуыды февзæрд: „Цæй,' кæд сын ницы уаид. Фæлæ йæ куыд базындæуа? Уымæн базонæн ис æрмæст иунæг хуызы: кæд æй- чытæй дыууын фыццæгæм бон цъиутæ нæ рацæуа, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, фесæфтысты. Фæлæ сын, чи зоны, æмæ ницы уыд. Уый базондзынæн æз æрмæст иуæндæс боны фæстæ. 42
\ „Гъе уый дын ногуагъд цъиуты дзуг!а — сагъæс- гæнгæйæ дзырдтон мæхи мидæг... — Дыууадæс^цъТй-^ уæй иу дзбр’ нæ*~рацæудзæн, æвæццæгæн! Уалынмæ Мишкæ дæр æрбацыд. Градусникмæ бакаст æмæ хъæлдзæгхуызæй фæкодта: — Иттæг хорз! Чи æмбæлы, ахæм тæвд. Нæ хъуыддаг хорз цæуы! Ныр та æз баддзынæн инку- баторы раз. — Нæ, мæхи бар æй уадз, — загътон æз. — Ды та ма дæхи дзæгъæлы цæмæн тухийæ марыс? — Куыд дзæгъæлы? — Цъиутæ дзы куы нæ рацæуа, уæд та? — Æмæ дзы куы нæ рацæуа, уæд цы гæнæн ис... Рацæуа дзы, ма рацæуа, уæддæр хæлæрттæ стæм æмæ нæ фыдæбон хъуамæ æмбис кæнæм. Мишкæйæн цы загътаин, уый нæ зыдтон. Цы ^ба^ кодтон, ууыл басæттын нæ бауæндыдтæн. Кæд уый ЗЩæсгомд^над^хмДи, уæддæр сфæнд кодтон мæхи йыхъус кæнын. """ Отряды æмбырд ОСТЯ нæ-иу алы бон дæр абæ- рæг кодта, стæй-иу уæд не убæдд^ ^æн радзы.рдта, хъуыддаг куыд цæуы/уый. Æрмæст сын инкуба- тор нæ дыууæ Мишкæ сарæзтам, ’уый не схъæр кодта. Костя æрæмы.сыд, зæгъгæ, инкубатор сарæзтой цавæр^дæр дыууæ лæп.- пуйы æндæр скъолайæ. Иуахæмы йын Витя Смирнов афтæ зæгъы: 43
— Дæ хорзæхæй,! уыцы лæппутимæ мæ базонгæ кæн. / — Цæмæн дæ бахъуыдысты? — Куыд цæмæн? Базонон сæ, чи сты, цавæр сты. Нæ юннатты къорды ахæм лæппутæ куы уаид! Ба- уырнæд дæ, нæ куыст бынтон æндæрхуызон ацæуид. Уæдæ’ мæнæ Мишкæ æмæ Коляйы хуызæттимæ ку- сæн ис: дежурнæ уæвын сæ нæ фæнды, бæлæстæ садзынмæ сæ кодтам — нæ акуымдтой, сауцъиутæн ахстæттæ нæ аразынц... —л Æмæ уыцы дыууæ лæппуйы дæр бæлæстæ нæ сагътой, — загъта Костя, æмæ нæ дыууæ Мишкæмæ йæ цæст æрныкъуылдта. ^ — УыТШТТъувддаг æндæр у: уыдон æнæуый дæр куыстæй сæ хъуырмæ сты. Витя йæ æмбаргæ дæр нæ бакодта, Костя йын нæ дыууæ Мишкæйы тыххæй дзырдта, уый. Æмæ, æцæг дæр, куыстæй нæ хъуырмæ уыдыстæм. Нæ инкубаторыл уый бæрц рæстæг хардз кодтам, æмæ нæ урок+æм нал æвдæлд:х;)дыууæ1[^д^~Три(рмети-4 кæйæ æвзæр бæр^йтæнæнтæ райстам. Александр. Ефремович мæ фæйнæгмæ ракодта, æмæ ^шнцинаг кæй не скодтон™,' уыйРтыххæй мын „дыууæ" "*н1асхуыста. Стæй уый фæстæ Мишкæйы ракодта, æ^’уымæн та „дыууæ плюсимæ" сæвæрд- та. Æвзæр бæрæггæнæнтæ нын кæй æмбæлди, ууыл ныхас дæр нæй, фæлæ нæм уæддæр хардзау æр- каст. — Дæуæн ма ницы у, ды „дыууæ" дайстай æмæ фæ^ни ’фæлæ æз „дыууæ плюсимæ" райстон. ~"~ — Мæнмæ гæсгæ уæддæр „плюсимæ" хуыздæр у, — загътон æз. — Ницы ’мбарыс! Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, „дыу- 44
уæ"-мæ „плюс" куы бафтауай, уæд уымæй- фылдæр фæуыдзæн? — Фылдæр нæ фæуыдзæн. — Уæдæ, дæумæ гæсгæ, „плюс" цæмæн февæрынц? — Ницы йын æмбарын. — Гъе уæдæ дзы уый зонын хъæуы. „Плюс" та уымæн сæвæрынц, цæмæй афтæ ма ’нхъæлай, æмæ дæ ахуыргæнæг дзæгъæлы бафхæрдта. Ома дын „плюс" сæвæрын дæр нæ бахæлæг кодтам! Цы дзуапп радтай, ахæм бæрæггæнæн райстай. —, Æмæ ууыл цы маст кæныс? •. — Куыд цы? Лæгæн хъыг уый у, æмæ йæ æды- лыйыл кæй нымайынц. З.ондджынæн „дыууæ" сæ- вæрдхо-йи æмæ фæци,|уый ^ШуыиГдæр бамбардзæн, фылдæр’ын кæй не ’мбæлыГаГдылыйæн та ма æвзæр бæрæггæнæны фарсмæ „плюс" уымæн сæвæрынц, дæмæй афтæ ’нхъæл ма уа, æмæ йæ æнæхъуаджы æфхæрынц. Фæлæ ма „дыууæимæ минус" дæр фе- вæрынц, — дзырдта дарддæр Мишкæ. — Нæ йæ ’мба- рын, „минус" та ма дзы цæмæн фæхъæуы? „Дыу- уæ" уæд сæвæрынц, æмæ адæймаг æппындæр куы ницы фæзоны. Гъемæ куы ницы ’мбарай, уæд ма уымæй ноджы къаддæр зонæн дæр ис? ~ Мæнмæ гæсгæ, нæй, — дзуапп радтон æз. — Уыныс! —бацин кодта Мишкæ. — Уæдæ „ми- нус" уый бæра^ггæнæн у, æмæ кæй ницы ’мбарыс, уымæй уæлдай ма дæ исты бамбарын фæндгæ дæр кæй нæ кæны. Æнæуый дæ урок куы сахуыр кæнай, уæд дын „дыууæ" нывæрдзысты, фæлæ кæд зивæг- гæнаг, лодыр дæ, уæд ма дын æм „минус" бафтау- дзысты, цæмæй дæм тынгдæр бахъара, уый тыххæй. Вæййы ма уымæй æвзæрдæр бæрæггæиæн дæр...— Нал æмæ нал æнцад Мишкæ. 45
Фæлæ уыцы бæрæггæнæны тыххæй радзурын йæ къухы нал бафтыд, уымæн æмæ нæ Александр Ефре- мович алы рæтты сбадын кодта. Фæстаг переменæйы нæм Женя Скворцов дзуры: — Урокты фæстæ уæ баззайын хъæудзæн, лæп- путæ! Нæ отрядæн сбор уыдзæн. — Махæн гæнæн нæй, нæ нæ ’вдæлы, — загътам нæ дыууæ Мишкæ. — Æнæ ныллæугæ уын нæй, — ныхас сымахыл цæудзæн. — Махыл? Цæмæн цæудзæн махыл? Цы ракод- там?х_ — Уым æй равзардзыстæм, — загъта Женя. — Иичи йæм хъусы! — рамæсты Мишкæ. — Мах йеттæмæ кæуыл дзурат, уый уын нæй? Æвзæр бæ- рæггæнæн никуы ничи райста? Афтæ ’нхъæлы, æмæ отряды сæрдар кæй у, уымæ гæсгæ йæ бон алы хъуыддаг дæр æмбырдмæ хæссын у! Ницы кæны, иекуы уый дæр райсдзæн æвзæр бæрæггæнæн, æмæ- иу уæд йæхи тыххæй дæр фарста æмбырды æрæ- вæрæд. — Ма тæрс, уый нæ райсдзæн æвзæр бæрæггæ- нæн, Женя хорз ахуыр кæны, — загътон æз. — Æмæ ды та йæ сæрыл цы хæцыс? — Йæ сæрыл ницы хæцын. — Ныр та урокты фæстæ лæуу! — хъуыр-хъуыр кодта Мишкæ. — Ницы кæны, инкубатормæ Майкæ фæкæсдзæн. Урокты фæстæ æмбырдмæ баззадыстæм. -уАбон не^мбырды дзурдзыстæм нæ ^ахуыры æмæ нæ ^ц^сцигГлШт^йы тыххæй, — загъта Женя Скворцов. -^А фæстаг заманы не ’мбæлттæй иуæй- иутæ сæхи’* урокты хорз нал дарынц. Дзæгъæл ны~ 46
хас кæнынц, иннæты дæр хъыгдарынц. Уæлдайдæр та Мишкæ æмæ Коля. Ныр сæ иу цалдæр хатты уый тыххæй хицæнтæй сбадын кодтой. Иуныхасæй, къла- сыл фæстæмæ хæцынц. Абон та бынтон „фескуых- тысты" — дыууæйæ дæр æмхуызон æвзæр бæрæггæ- нæнтæ райстой. — Æмхуызон бæрæггæнæнтæ ницы райстам! Мæ- нæн „плюсимæ" у, — загъта Мишкæ. ^_ — Бирæ хъауджыдæр дзы нæй! — дзуапп радта Женя. — Иннæ предметтæй дæр уæ хъуыддаг уыйас хорз нæ цæуы. — Иннæ предметтæй нын æвзæр бæрæггæнæнтæ нæй, æрмæст уырыссаг æвзагæй „æртæ" райстон, — загъта Мишкæ. — „Æртæ минусимæ!" — бадзырдта Ваня Ложкин. — Дæу дзы ничи фæрсы, æмæ дæ дзыхыл хæц!— загъта Мишкæ. — Цæмæн хæцон? Отряды æмбырды мын алцæ- уыл дæр ис дзурæн. — Гъемæ бар райс æмæ афтæмæй дзур/ — Æмæ уæд нæ райсдзынæн?.. Æмбæлттæ, мæн- мæ гæсгæ, æвзæр бæрæггæнæнтæ исын уымæн бай- дыдтой, æмæ сæ хæдзары сæ уроктæ нæ цæттæ кæнынц. Цыдæр сын къуылымпы кæны сæцахуыр æмæ йæ сæхæдæг куы зæгъиккой, цы сæ хъыгда- ры, уый. — Цæй аххосæй къуылымпы кæны уæ ахуыр?— бафарста нæ Женя. — Ницæй аххосæй, — сдзырдта Мишкæ. — Æз æй зонын, цы сæ хъыгдары, уый, — загъ- та Лёшкæ Курочкин,—урокты сæ хъусынмæ нæ фев- дæлы, ныхас фæкæнынц. Сæ хæдзары та куыд æм- бæлы, афтæ нæ цæттæ кæнынц сæ уроктæм. Мæнмæ 47
гæсгæ сæ бынтондæр хицæн рæтты сбадын^ кæнын хъæуы, ныхас куыд нæ кæной, афтæ. — Цæмæ нæ бадын кæныс хицæнтæй? Мах æм- бæлттæ стæм. Иумæ хорз кæй цæрæм, уый тыххæй нæ фæхицæн кæнынмæ хъавут? — Æмæ уын, уæдæ, куыд гæнгæ у, кæд уæ хæ- лардзинад уæ дыууæйæн ’дæр зиан хæссы, уæд? — бафарста Сенькæ Бобров. Уалынмæ Костя фестад æмæ нæ сæрыл дзурын- мæ фæци: / — Ныр сæ уæ ныхтæ цы ныссагътат? Кæм фехъуыстат хæлардзинад зиан хæссы, зæгъгæ? — Æмæ адон хæлардзииад æнахуыр у — иу цы кæна, иннæ дæр уый: иу куы ныхас кæна, уæд ин- нæ дæр ныхас кæны; сæ иуы йæ уроктæ ахуыр кæ- нын куы нæ бафæнды, уæд сæ иннæ дæр нæ сахуыр кæны; сæ иу æвзæр бæрæггæнæн куырайсы, уæд æй иннæ дæр бафæзмы. Хицæнтæй сæ сбадын кæнын хъæуы, æндæр ницы! —Фæци йæ ныхас ВитяСмир-,. нов. — Хъусут-ма, лæппутæ,-=-загъта та Костя.— Хи- цæнтæй сбадын кæнæн сын кæддæриддæр уыдзæн. Фæлæ сын кæд истæмæй баххуыс хъæуы, мийаг? Кæд сæ сæ уроктæ цæттæ кæнынмæ нæ февдæлы, уæд та1? — Æмæ сæ цæуылнæ февдæлы? — Цы бæрæг ис, кæд исты хорз хъуыддаг кæ-. нынц. — Цавæр хорз хъуыддаг? — ныххудти Сенькæ Бобров. — Цæмæй йæ зонут, хъуамæ инкубатор аразынц. — Мишкæ æмæ Коля? Инкубатор? — иыххудти^ та Сенькæ. 48
— Цы бæрæг и? Кæд, мæгуыр, æхсæв-бонмæ ин- кубаторы тæвдмæ сæ цæст дарынц æмæ сæ фагнæ фæхуыссынц, уæддæр æй зонут? Чи зоны, æмæ бон- сауизæрмæ сæхи тухийæ марынц, мах та сæм хæц- гæ кæнæм. Кæд... — Дæ хорзæхæй, „кæд, кæд" цы систай? —фæ- мæсты Женя. — Цыма æцæгæй дæр инкубатор сарæз- той, уый ныхæстæ куы кæныс. — Бæгуыдæр сарæзтой. — Уый, æвæццæгæн, ды цы лæппуты кой код- тай, уыдоны бафæзмыдтой, — загъта Витя. — Æз цы лæппуты кой кодтон, уыдон Мишкæ æмæ Коля сæхæдæг сты. — Мишкæ æмæ Коля? — 0, мæ хæлар. — Æмæ афтæ куы загътай, уыдон æндæр скъо- лайæ сты! — Барæй афтæ дзырдтон. Уыцы ныхæсты фæстæ лæппутæ нæ алыварс амбырд сты. — Уæдæ инкубатор сымах сарæзтат? Уæд, дын, нæм Витя Смирнов баздæхт: — Ныр уын худинаг нæу? Æцæг юннаттæ-иу аф- тæ фæкæнынц? Инкубатор сарæзтат, афтæмæй йæ басусæг кодтат... — Куы ныл худат, уымæй тарстыстæм. — Æмæ дзы худинагæй цы ис? Мах ма уын æххуыс дæр бакодтаиккам. Инкубатормæ радыгай кастаиккам. Сымахæн дæр æнцондæр уыдаид, стæй уæ ахуыр дæр нæ къуылымпы кодтаид. •^ Лæппутæ, цæй æмæ амæй фæстæмæ инкубатор- мæ радыгай кæсын райдайæм, — загъта Вадик Зайцев.^ — Раст зæгъыс! — схор-хор кодтой æмхуызонæй. 4 Хорз фæнд 49
Уæдæ инкубатор сымах сарæзтат? 50
Витя нын загъта, фæссихор нæм æрбацæудзæн æмæ рад скæнынæн номхыгъд саразд^ь^тæ^з^æгъгæустæй баныхас кæндзыстæм, нæ цæст æм куыд дардзы- стæм, |уый тыххæй дæр. Ууыл не ’мбырд фæци. Æмцегдзанад ^ÆССИХОР нæ кухнийы æрæмбырд^ сты юннатты къорды ^æнртæ. Не ’мбæлттæн инкубатор равдыстам, стæй сын радзырдтам, куыдæй йæ тæвд кæнæм, нæ цæст тæвдмæ куыд дарæм, æйчытæ рæстæгæй-рæстæг- мæ иннæрдæм куыд азилæм, уыдæттæ иууылдæр. Уый фæстæ ныхас кодтам, рад куыд скæнын хъæуы, ууыл. Витя Смирнов бахаста дежурнæтæн фæтк саразы- ны ^}Ш1ДОн: Иууылдæр сразы сты Витяйы фæндо- ныл æмæ бауынаффæ кодтам афтæ. Дыууæ дежурнæйæн урокты фæстæ нæ дыууæ Мишкæ амоидзыстæм, цы сæ кæнын хъæудзæн, уый, æмæ боны кæронмæ- баддзысты инкубаторы раз. Си- хор хæрынмæ æмæ сæ уроктæ ахуыр кæнынмæ цæудзысты радыгай. Дежурнæтæ ма хъуамæ сæ цæст дарой нæ дыууæ Мишкæмæ дæр, цæмæй уыцы рæ- стæджы инкубаторы цурмæ ма цæуæм, фæлæ нæ уроктæ ахуыр кæнæм. Витя садæзта рады номхыгъд æмæ ашсан код- та, дежурнæ чи кæд уыдзæн, уый. Номхыгъд къу- лыл сауыгътам. — Мах та дзы цæуылнæ стæм? —афарста Миш- кæ. — Мах дæр фæнды рады цæуын. 51
— Сымах та йæм æхсæв дарут уæ цæст, — загъ- та Витя, — уый уын æгъгъæд уыдзæн. — Цæугæут, лæппутæ, — зæгъгæ, Женя лæппуты фæдуарæтте кодта. — Ам ма баззайдзысты дежур- нæтæ, иннæтæ ма хъыгдарæнт. Лæппутæ ^ацыдысты, кухнийы ма баззадысты Же- ня æмæ Витя, стæй нæ дыууæ Мишкæ. — Сымах дæр цæугæут, — загъта Женя, иууыл- дæр куы ацыдысты, уæд. — Мах та кæдæм ацæуæм? — фæрсæм æй мах. — Ацæут, æмæ уæ уроктæ кæнут. — Æмæ инкубаторыл исты куы ’рцæуа, уæд та? — Ма тæрсут, ницы йыл æрцæудзæн. Уæ сæр нæ куы бахъæуа, уæд уæм дзурдзыстæм. — Бадзурут-иу нæм, хъусут? Махæн дæр ма цы гæнæн уыд — нæ уроктæ^ахуьф кæныныл сбадтыстæм. У^щьюадг ^взагæй фæлварæн*" куыстытæ ныфф’ыстам, геюграфийы урок сахуыр код- там,)арифметикæйæ дæр иу хынцинаг скодтам, ~фæлæ" дыккаг мæлæты зын рауад.Фæстæдæр æй скæндзыстæм, зæгъгæ, йæ ныууагътам, æмæ кухнимæ бацыдыстæм. — Цæмæ æрбацыдыстут? Нæ фехъуыстат, цы уын загътой, уый? Ацæут æмæ уæ уроктæ кæнут. — Иууылдæр сæ скодтам. — Уæ тетрæдтæ ма равдисут уæдæ. — Нæ ныл æ ууæндут? —загъта Мишкæ. — Иугæр ^]^1МШа^ нæхимæ ^д^йстт, УæД уын уæ куыст бæлвырд бæрæг_кæнæм. Мах нæ тетрæдтае^рахастам. / — Уæ хынцинæгтæй иу йеттæмæ конд куы нæ у. Иннæ кæм ис? — Уый фæстæ йæ акæндзыстæм. — Нæ, мæ лымæн. Йæ цæфыл æй куы нæ скæ-
нат, уæд уæ ферох уыдзæн, æмæ райсом скъолайы сыгъдæг тетрæдтæ равдисдзыстут? — „Сыгъдæг тетрæдтæ" цæмæн? Иугай хынци- нæгтæ дзы не скодтам. — Кæд кодтат, уæд сæ фæуын хъуыди, — загъта Женя, — уый йеттæмæ мæнæ æмбисонд куыд зæгъы: „Чидæр гал стыгъта, æмæ кард йæ къæдзилыл асаст", уыйау сымах дæр. Цы чындæуа? Ацыдыстæм æмæ та нæ хынцинæг- тыл сбадтыстæм. Фæлæ нын дзуапп чиныгмæ гæсгæ нæ уад. Æнæхъæн сахат ыл фæцархайдтам, стæй та кухнимæ бацыдыстæм. — Нæ хынцинаг нæ уайы, — загъта Мишкæ. — Кæнгæ йæ раст кодтам, бæргæ, фæлæ дзуаппмæ гæсгæ .нæ цæуы. Æвæццæгæн, чиныджы йæ дзуапп раст нæу. — Чиныджы аххос æй ма кæнут! —зæгъы Женя. — Нæ дæ уырны? Иу хатт дæр ма иу хынци- наджы дзуапп чиныджы раст нæ разынд. — Кæд уæхæдæг фæрæдыдыстут? Ныртæккæ йæ базондзыстæм. Женя дæр немæ рацыд æмæ хынцинаг кæнын 53
райдыдта. Бирæ рæстæг ыл (^есæфта, фæлæ уымæн дæр чшшджы дзуаппмæ гæсгæ!Гæ~]рауад. — Нæ^дын дзырдтон! —цин кодта Мишкæ. Фæлæ Женя загъта: — Цалынмæ мæ рæдыд ссарон,,, уæдмæ йæ нæ ныууадздзынæн. Йæ тæккæ сæрæй та йæ райдыдта æмæ æппын- фæстаг йæ рæдыд ссардта. — Мæнæ и, ссардтон æй!— фæхъæр кодтауый.— Зæгъут-ма, авд хатты авд цас у? • — Цыппор фараст. — Сымах та цы ныффыстат? Дыууын иу! Нæ рæдыд нын сраст кодта æмæ уæд хынцинаг рауади. — Тагъд кæй кæнут, уымæн уын афтæ рауад,— загъта ма Женя æмæ инкубаторы цурмæ ацыд. Хынцинаг сыгъдæг шфыстам, æмæ мах дæр кух- нимæ бацыдыстæм. . —* — Фестæм нæ уроктæ. — Ныр цæут уынгмæ, æмæ уæхи аирхæфсут, сыгъдæг уæлдæфæй аулæфут — пайда уын у. Нæ дыууæ Мишкæйæн уыцы ныхæстæ цас æхсыз-^ гон уыдаиккой, фæлæ ницы сдзырдтам æмæ кæрт^ мæ рацыдыстæм. Æтте уыди замманайы хъарм бон. Лæппутæ волейболæй хъазыдысты æмæ сыл мах дæр б^амбал^^тæм.4 Уый фæстæ ацыдыстæм Костя Девят- кинмæ. Уалынмæ нæм Вадик Зайцев дæр фæзынд, æмæ цьшпарæй суанг изæрмæ лото æмæ æндæр ?.Ъ^§т1ытæй ф^хъ^дьшыстæм. Нæхимæ æрбацыды- стæм изæрæй æмæ ма кухнийы Женя æмæ Витяйæ уæлдай æрбаййæфтам Ваня Ложкины дæр. Ваня йæ мадæй йæхи чракуырдта, æхсæвы йæ инкубатормæ фæкæсын куыд^§ауадза7 афтæ. 54
— Æнхъæлдæн æмæ дзы махмæ рад нал æрхау- дзæн! —загъта Мишкæ. — Абон ды ракуырдтай дæхи, райсом та æндæр исчи ракурдзæн. Æз ууыл разы нæ дæн! — Цæй, хорз, — сдзырдта Витя, — сымах дæр ба- хæсдзынæн радмæ. Æмæ нæ номхыгъды æппæты бынæй ныффыста. Мишкæимæ анымадтам, нæ ’рад кæдмæ хауы, зæгъгæ, æмæ нын æрШдй æппæты хуыздæр бонмæ^" къуыртт цы бон хъуамæ рацæуа, уыцы боцмæ! Мах алцы дæр срæвдз кодтам Т/ÆД/ ÆДÆ^^ДÆЙ ма нæ дыууæ ишкæ дæр нæ ^риу/гы дзаг ^су- лæфыдыстæм! Фыццаг нæм афтæ. ^каст, цыма инкубатормæ баст ^тæм. Исты нæ куы ^феро^а|^дпынæдз^х^ дæр уымæй тарстыстæм. Иннæ хъуыддæгтæ нын къуылымпь/йы хос йеттæмæ ницы уыдыстыХ/стæй нæ сæрмæ ницы цыди. Фæлæ ныр æнæ мах дæр хорз арæхстысты. Мах равдæлди юннатты къорды кусынмæ^цæрæгойты къуымы нæ рад хастам, сауцъиутæн дыуу’æ ахстоны сарæзтам æмæ сæ нæ цæ- хæрадоны бæлæстыл æрцауыгътам, скъолайы зæххы хайы дæр-иу акуыстам, стæй дидинджытæ æмæ бæ- лæстæ садзынмæ фæкастыстæм. Фæлæ уæлдай ахс- джиагдæр хъуыддаг уыди, алы бон нæ уроктæ зæр- диагæй цæттæ кæнын кæй райдыдтам, уый. Мæ мад æмæ Мишкæйы мад уыдтой, фæстаг заманы та нæ ахуыр кæй фæхуыздæрхстæй сын æхсызгон уыди, 55
лæппутæ нын инкубатормæ фæкæсынмæ кæй æххуыс кæнынц, уый. Иуахæмы нын Марья Петровнæ юннатты къорды радзырдта^ цъиуты рдуадеынмæ нæ цытæ бацæттæ кæнын хъæуы, уый. Стæй ма загъта, цъæх кæрдæг дæ~р, дам, сын хорз у, æмæ исты кæрдæджы мыккаг байтаут. Марья Петровнæ нын бацамыдта, зæгъгæ, хуыздæр уаид сысчыйы мыккаг^байт^уынХ/уымæн æмæ уый иуæй цъиутæн тынг\пайда у, иннæмæй та тагъд рæзы. Хъуыды кæнын райдыдтам, сысчы кæм ссарæм, ууыл. " — Мæргъты базар бабæрæг кæньш хъæуы,- — загъта Ваня Ложкин, —уым алы холлаг дæр вæййы æмæ дзы сысчы дæр уыдзæн. Урокты фæстæ Ваня æмæ Женя мæргъты базар- мæ ацыдысты æмæ дыууæ сахаты фæстæ сæ дзып- пытæ сысчыйæ се ’дзагæй æрбахастой. — Балхæдтат? — сцин кодтам мах. — Цытæ дзурут! Æлхæнынмæ йын ссарæн ис? Æгас базарыл ^зылдыстæм æмæ дзы цы нæ ис: гæны мыккаг, еуу, суанг ма дзы х^ьщыр булчъы мыккаг дæр федтам,уфæлæ дзы сысчыйæн йæ1сои дæр нæй. Нæхимæ куы рацæйцыдыстæм, уæд ма кроликтæ кæм уæй кодтой, уыцырдæм фездæхты- стæм. Кæсæм, æмæ иу бæхы раз зæххыл голлаг æвæрд æмæ сысчы хæры. Мах дæр нæ цæсгом ба- тардтам, æмæ дзы иучысыл сысчы ракуырдтам, — Кæмæй? Бæхæй? —фæдис кодта Мишкæ, — О, бæхæй! Колхозонæй. Бæхыл базармæ кро ликтæ æрбаласта. Хорз лæг разынди! Фыццаг нын нæ лæвæрдта. Фæрсы нæ, цы, дам, дзы кæнут? Църу- тæн, нæ, зæгъын, хъæуы. Цъиуты, дам, сысчыйæ 56
нæ фæхæссынц. Уæд ын радзырдтам, тауынæн нæ кæй хъæуы, уый. Æмæ дын уæд афтæ: „Ахæссут дзы, уæдæ". Гъемæ дзы мах дæр нæ дзыппытæ бай- дзаг кодтам. Ваня æмæ Женя сысчы сæ дзыппытæй æркалд- той. - ~"""^ ~ ——- Мах уайтагъд фанерæй дыууæ уæлæнгай асыччы аца^æзтам, сыджыт дзы ныккодтам,%дон ыл,бапырх кодтам æмæ йæ сызмæ^стам. Уый фæстæ змæст сыджыты сысчыйы нæмгуытæ ньшп^стшлДногæй та йæ дзæбæх сызмæстамГæмæ асыччытæ пецы бын бавæрдтам, цæмæй сын хъарм- дæр уа, уый тыххæй. Марья Петровнæ нын радзырдта, зайæгойты мык- ^кæгтæ дæр, мæрг^ты æйчытау, цæрдуд кæййстьг;/'; уый. Мыккæгты мидæг цард цыма фынæй вае’й’йГыГ уыйау фæзыны, фæлæ куыддæр мыккаг хъарм, уы- мæл мæрмæ бахауы, афтæ дзы цыма цард райхъал вæййы, æмæ рæзын байдайы. Зайæгойты мыккæгты мидæг дæр цард иуæй-иу хатт бамынæ^’вæЙйыГæмæ уæд нал разэйынц. Нæ хоры мг.лккæгтæ куы нæ разайой, уымæй тынг , тарштыстæм^æмæ алы минут дæр асыччытæм ныккæс- ныккæс--кодтам., Дыууæ боны рацыдц, фæлæ нæм- гуытæ нæма разадысты. Æртыккаг бон кæ.с.æмг~æмæ асыччы сыдншТ^æле аскъуыдтæ, стæй куыддæр сдымстис. - ~ - ^ . * —’ГГ^т^ та цы у?—фæдис кодта Мишкæ. — Амæй ■ чи фæхынджылæг кодта? Сыджыт чи сызмæста? — Ничи!—дзуапп радта Лёшкæ Курочкин. Уыцьг бон дежурнæтæ Лёшкæ æмæ Сенькæ Бобров уы- дысты. — Уæдæ сыджыт къахты хуызæн цæмæн у? — 57
рамæсты Мишкæ. — Æвæццæгæн æй сымах сызмæс- тат, цæмæй мыккæгтæ фенат, уый тыххæй. — Ничи сæм бавнæлдта, дын, зæгъын! — загъта Сенькæ. — Цæмæн нæ хъæуынц? Æз асыккæй сыджыты къуыбар систон æмæ дзы иу сысчыйы нæмыг ссардтон. Нæмыг снæрст æмæ аскъуыд, йæ кæронйл уыди урс билцъ! Мишкæ дæр сыджытæй иу нæрст нæмыг ’ систа~æмæ уый дæр билцъджын разынд. Бирæ йæм фæракæс-бакæс код- та, стæй æваст ныхъæр ласта: <- А! Бамбæрстон æй ныр! Уыдон сæхæдæг сфæйлыдтой сыджыт. — Чи „уыдон"? — Нæмгуытæ, æндæр чи! Райгасстыæмæхæрдмæ бырынц. Кæс-ма, сыджыт куыд снæрсти. Зæххы бын сын бынат нал фаг кæны, æмæ хæрдмæ ныццавтой! Мишкæ азгъордта, мыккæгты тыххæй лæппутæн фе^ъ^ьщ.дæнын^æ. Лёшкæ æмæ Сенькæимæ ма иу- цалдæр мыккаджы асыккæй систам. Сегае дæр уы- дысты билцъджынтæ. Уалынмæ лæппутæ дæр æрба- хæццæ сты.. Сеппæты дæр фæндыди мыккæгтæ фенын. — Кæсут-ма, лæппутæ,—загъта Витя Смирнов:— нæмыг ныддымсы, афæды æмæ дзы билцъ йæ сæр радары. — Æмæ уæдæ куыд æнхъæлдтай?—загъта Миш- кæ.—Сысчы дæр удæгас у, æцæг уый куы сæвзæра, уæд йæ мидбынаты æнцад лæудзæн, фæлæ мæнæ цъиутæ куыддæр айчы хъузгæй рагæппытæ кæной, афтæ разгъор-базгъор байдайдзысты, бæстæ цъипп- цъиппæй байдзæг уыдзæн æмæ хæринаг агурдзыс- ты. Кæсгæ ма-иу кæнут, цавæр хъæлдзæг дзибок- катæ уыдзысты, уымæ. 58
Æппæты тыхстдæр бон ÆППУТÆ нын æххуыс кæнын куы байдыдтой, уæдæй фæстæмæ нæ куыст хъæлдзæгдæр ацыд. Фæстаг бонтæ ^куьТд'~ агæппытæ кодтой, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтам. Æмæ мæнæ ралæууыд, нæ цæстытæ кæмэе ныуурс сты, уыцы дыууын фыццæгæм бон. Уый уыди майрæмбоны. Рагагъоммæ алцæмæй дæр нæхи барæвдз кодтам. Сарайæ иу стыр каструлкæ æрбахастам, йæ хуылфы йын. нымæт бавæрдтам, цъиутæн хъармдæр цæмæй уа, уый тыххæй. Стæй цугуны дон схъарм кодтам æмæ каструлкæ ууыл сæ- вæрдтам, цъиуты рацæуынмæ хъармæй куыд лæууа, афтæ. Уыцы ’хсæв мах Мишкæимæ хуыссынвæнд., нæ кодтам/фæлæ нæм уалынмæ Вадик Зайцев æрбацыд æмæ загъта, )мæ мад, дам, мын ахсæв инкубаторы раз фæбадыны бар радта. — Сымах æхсæв-бонмæ мæ разы куы бадат, уæд ма æз та цы хъахъæндзынæн?—загъта Вадик.—Фæл- тау ацæут æмæ схуыссут. — Æмæ цъиутæ æхсæвыгон цæуын куы райдай- ой, уæд та? # — Уæд цы? Цъиу куыддæр айкæй рагæпп кæна, •афтæ йæ каструлкæйы нысхойдзынæн æмæ уым хус кæнæд. — Куыд æй нысхойдзынæ? Цъиутæм арæхсгай æвналын хъæуы, — загътон æз. — Ма тыхсут, æз æй зонын, куыд сæм æвналын хъæуы, уый. Ацæут æмæ схуыссут. Райсом уæ рад 59
уыдзæн, æмæ куы нæ бафынæй кæдат, уæд уæ къæхтыл нал слæудзысЬут. — Цæй, д& ком^æ дæр *& кæсæм, — сразы Миш- кæ.—Фæлæ къуыртт цæуын куы байдайа, уæд-иу нæ, дæ хорзæхæй, райхъал кæн. Кæдæй æнхъæлмæ кæсæм уыцы сахатмæ! — Хорз. Райхъал уæ кæндзынæн,—сразы ис Ва- дик. Уый адыл ацыдыстæм хуыссынмæ, фæлæ уыцы ’хсæв æз æрæгмæ бафынæй дæн — цъиутæ мæ сæ- рæй нæ цух кодтой. Куыддæр бон æрбацъæх, афтæ Мйшкæтæм балæууыдтæн. Мишкæ дæр мæ бацыдмæ сыстад. Инкубаторы фарсмæ бадт æмæ æйчытæ ра- уын-бауын кодта. Куы мæ ауыдта, уæд æнкъардхуы- зæй сдзырдта: — Нырма дзы иу дæр нæма рацЬщ. — Раджы ма сын у, æвæццæгæн, —загъта Вадик,— фæстæдæр райдайдзысты цæуын. Уалынмæ Вадикæн йæ рад фæци æмæ сæхимæ ацыд. Ралæууыд мах рад. Вадикы ацыдУ фæстæ ма Мишкæ æйчытæ иу хатт баскарын4 фæнд скодта^ Мах сæ иугай исын байдыдтам æмæ сæ фæрауын- бауын кодтам, кæд дзы искуы иу гыццыл хуынкъ разыьид, цъиу йæ бырынкъæй кæй ракъæртт кодта ахæм, :зæгъгæ. Фæлæ дзæгъæлы. Æйчытæ иууылдæр æнæхъæн уыдысты. Инкубаторы сæр сæхкæдта æмæ æнæ дзургæйæ бирæ фæбадтыстæм. — Уæд та дзы иу айк асæттæм, æмæ йæ фенæм, кæддæра дзы цъиу ис, — загътон Мишкæйæн. — Нæ, уый гæнæн нæма ис,—не сразы Мишкæ.— Цъиутæ нырма сæ буарæй улæфынц, рæуджытæй нæ фæлæ. Куыддæр цъиу рæуджытæй улæфын рай- дайы, афтæ айчы хъузг рахуынкъ кæны. Æмæ айк 60
афонæй раздæр куы асæттæм, уæд йæ хуылфы цы цъиу ис? уый амæлдзæн. — Ныр æйчыты мидæг цъиутæ удæгас уыдзыс- ты, чи зоны, æмæ се ^змæлд æттæмæ дæр хъуысы. Мишкæ инкубаторæй иу айк систа æмæ йæ йæ хъусыл’авæрдта. Æз дæр æм æргуыбыр кодтон æмае æнувыдæй хъусын. — Сабыр!—схъæрмыл кодта Мишкæ. —Бæхы сым-, сым куы кæныс! Æз сулæфын дæр нал уæндыдтæн. Бæстæ нысса- быр. Æрмæстдæрма хъуысти, сахат куыд цъыкк-цъыкк кæны, уый. Уалынмæ дзæнгæрæг ныццагъта. Мишкæ фестъæлфыд æмæ, гыццыл ма бахъæуа, айк йæ къу- хæй ма ’рхауа. Æз азгъордтон дуар кæнынмæ. Уый уыди Витя. Æйчытæй цъйутæ цæуынц æви нæ, уый базонынмæ æрбауад. — Нæма, — загъта Мишкæ. — Раджы ма у„ — Цæй, æз та уæм скъоламæ цæуын афон æр- бауайдзынæн,— загъта Витя æмæ фæстæмæ фездæхт. Уый куы ацыди, уæд та Мишкæ айк йæ хъусыл сæвæрдта æмæ йæм хъусы. Бирæ йæм фæхъуыста, стæй æрæджиау загъта: — Æппындæр дзы ницы хъуысы! Æздæр айк райстон æмæ йæм хъусын. Сымдæр дзы нæ цæуы. — Кæд ацы айкæн йæ гуырдз мард у, мийаг! — загътон æз. — Иннæты ма фенæм. Æйчыты та иугай нæ хъустыл æвæрын райдыд- там, фæлæ дзы иуæй дæр ницы хъуыст. 61
— Ныр цымæ гуырдзтæ иууылдæрфесæфтысты?— загъта Мишкæ.—Иу дзы куыд нæ баззад удæга- сæй? Уалынмæ та дзæнгæрæджы зæлланг фæцыд. Дуар фегом кодтон — æмæ Сенькæ Бобров. — Цæй раджы сыстадтæ? — фæрсын æй æз. — Абæрæг уæ, зæгъын, кæнон, хъуыддæгтæ куыд цæуынц, уый базонон. — Хорзæй нæм ницыма ис. Нырма раджы у, — загъта Мишкæ. Сенькæйы хæд фæдыл ’Серёжæ фæзынд: — Гъы, куыд у, йу цъиу дæр дзы нæма рацыд? — Куы нæуал лæууыс! — мæсты кæнын с*бай- дыдта Мишкæ.—Æхсæвы цæстæй дын райдайой гæп- пытæ кæнын? Рацæудзысты, цы’тагъд кæной? Серёжæ æмæ ма Сенькæ иузысьи абацглстьь стæй ацыдысты. Нæ дыууæ Мишкæ та ногæй æйчы- тæм хъусын райдыдтам. —’ Фесæфтысты! — тыхсти Мишкæ. — Æппын- дæр сæ ницы хъуысы! — Æмæ кæд сæхи барæй ныссабыр кодтой, уæд та? — Цæмæн хъуамæ кæной барæй? Ныр сын æй- чытæй æттæмæ цæуын афон куы у. ^ Уалынмæ æрбацыдысты Юрæ Филиппов æмæ СтасикЛевшин,сæхæд фæстæта æрбахызт Ваня Лож~ кин. Лæппутæ иугай кæрæдзи фæдыл цæуын бай- дыдтой, æмæ ^фæхтагмæ æнæхъæн æмбырдваг сысты. Нæ дыууæ Мишкæ Майкæмæ бадзырдтам æмæ йын бацамыдтам, æнæ мах цъуитæ цæуын куы райдайой, уæд сын’ цы кæнын хъæудзæн, уый, стæй æмхуызонæй скъоламæ араст стæм. Нæ царды мидæг ныл уыцы бонæй тыхстдæр бон 62
никуы ма скодта. Афтæ нæм касти, цыма чидæр мах фыдæнæн рæстæг аивæзтаЧæмæ уроктæ цы вæй- йШц; ’уымæй сæ дæс ’хаТты даргъдæр фæкодта. Нæ -удтæ уадысты, цалынмæ урокты бадæм, уæдмæ цъиу- тæ цæуын куы байдайой, æмæ Майкæ бæстæ куы ныззыгъуыммæтæ кæна. Уæлдай даргъдæр нæм фæ- каст фæстаг урок. Рæстæг цыма æппындæр размæ нал цыд. Афтæ дæр ма æнхъæлдтам, кæд дзæнгæ- рæджы цæгъдын нæ фехъуыстам. Йе та кæд Дуняйы дзæнгæрæг ныццæгъдын рох фæци æмæ сæхимæ ацыд, уæд нæ скъолайы райсоммæ баззайын ба- хъæудзаен, цалынмæ та йæ куыстмæ æрбацæуа, уæдмæ. Лæппутæ тыхстысты æмæ сыбар-сыбур кодтой. Женя Скворцовмæ афыстам, цал сахаты у, зæгъгæ,} фæлæ уыцы бон уый дæр, фыддæрадæнау, йæ сахат сæхимæ ферох кодта. Къласы змæлд ахуыргæнæджы хъыгдардта, æмæ Александр’ Ефремович мах баса- быр кæныны тыххæй цалдæр хатты урок фескъуыд- та. Уалынмæ Мишкæ йæхи нал б^аурæдта æмæ йæ къух сдардта, ома урок фæци, зæгъгæ,,, ахуыргæнæ- гæн фяхъусын кæна, фæлæ уыцы минут дзæнгæрæг ныццагъта. Лæппутæ сæ бынæттæй фæгæппытæ код- той. Фæлæ Александр Ефремович неппæты дæр фæс- тæмæ раздæхта, нæ бынæтты нæ сбадын кодта æмæ загъта, цалынмæ ахуыргæнæг къласы уа, уæдмæ ахуыргæнинæгтæн сæ партæтæй стæн нæй, зæгъгæ. Стæй Мишкæйы афарста: — Æнхъæлдæн, цыдæр фæрсинаг уыдтæ? — Нæ, ницы. Урок фæци зæгъынмæ хъавыд- тæн. — Æмæ дæ къух, урок куы нæма фæци, уæд куы сдардтай. 63
— Æз афтæ ’нхæлдтон, æмæ дзæнгæрæг хæлгæ -фæкодта. Александр Ефремович йæ сæр батылдта, стæй журнал райста-æмæ ,ацыд. Лæппутæ къласæй уыцы иу гуы*ф ракодтой :æмæ'л'асинтыл сæ гыбар-гыбур ссыд. Дуармæ куы рахæццæ ’стьь^ уæд дзы къæрмæ- гау нь]нныхстысты,уфæлæ нæ дыууæ Мишкæйæн «уыддæртæй сæ разæй рагæпп кæнын бантыст æмæ уынджы дæлæмæ ныййарц стæм. Нæ фæстæ ныххал сты иннæ лæппутæ дæр. Фондз минуты фæстæ нæхимæ балæууыдыстæм. Майкæ бадт инкубаторы цур æмæ йæ чындз Зина- идæйæн къаба ;<уыдта. — Ницы ’рцыди? — афарстам æй мах. — Ницы. — Кæд ныккастæ инкубатормæ? — Раджы, æйчытæ куы зылдтон, уæд. Мишкæ инкубаторы размæ бацыди, фæлæ йæ •ныфс нæ хаста инкубаторы сæр сисынмæ; Куыддæр тæрсæгау крдта. Лæппутæ инкубаторы алыварс сдзы- гуыр сты, Сæ къубæлттæ ивæзтой, сæ къахфындз- ч тыл-иу слæууыдысты. Ваня Ложкин та, хуыздаер мæм зына, зæгъгæ, бандоцмæ схызт æмæ уырдыгæй расхънудта- Гыццыл ма бахъæуа Лёшкæ Курочкины йæ быны ма фæкæна. — Цæй, байгом æй кæ! — нал фæлæууыд лæп- ■путæй чидæр, — цæмæ ма йæм кæсыс? Мишкæ инкубаторы сæр систа. Æйчытæ, урс- урсид дуртау, асыччы бын лæууыдысты. Мишкæ æн-„ цад алæууыд, стæй сæ арæхсгай иугай фæиста æмæ та сæм лæмбынæг фæкаст; фæлæ никуы ’мæ ницы. — Иу дæр дзы нæ фæкъæртт! — æнкъардхуы- зæй загъта Мишкæ. •64
Кæй аххос у? ÆППУТÆ æнæ ^дзургæйæ нæ алы- варс лæууыдысты. — Æмæ кæд æппындæр нæ ра- цæудзысты, уæд та? — бафарста Сенькæ Бобров. Мишкæ мæстыхуызæй загъта: — Нæ зонын, каркуын, мийаг, нæ дæн! Цæмæй йæ зонын? Цы сын æмбарын? Уæд лæйпутæ æмдзыхæй дзурын райдыдтой. Бæс- тæ дзолгъ^молгъо сси. Иутæ дзырдтой, цъиутæ дзы æппындæрчнæ рацæудзæн, иннæтæ ма сæ зæрдæ дардтой, хъуамæ дзы рацæуэ, зæгъгæ^ æртыккæгтæ дзырдтой — кæнæ дзы рацæудзæн, кæнæ нæ. Фæс- тагмæ Витя Смирнов загъта: — Фæлæуут уал, уæ хъæлæба нырма дзæгъæлы у. Бонæй нырма бирæ ис. Сæхи ’бар сæ ныууадзут æмæ нæ хæдзæрттæм цомут. Ам ма баззайдзысты æрмæстдæр дежурнæтæ. Лæппутæ сæ хæдзæрттæм ацыдысты. Нæ дыууæ Мишкæ иунæгæй куы баззадыстæм, уæд ма æйчытæ ноджы иу хатт фæразил-базил кодтам, кæд сæ ис- кæуыл иу чысыл хуынкъ уæддæр разынид, зæгъгæ. Фæлæ дзæгъæлы — иууылдæр уыдысты æнæхъæн. Мишкæ инкубатор æрæхкæдта æмæ загъта: — Цæй, цы уа, уый уæд! Тыхсын нæма хъæуы. Изæрмæ ма банхъæлмæ кæсæм, æмæ уæдмæ куы ницы уа, уæд райдайдзыстæм тыхсын. Сфæнд кодтам цы уыдзæн,уымæ æнхъæлмæ кæсын.. /Тыхсын нæ хъæуьь зæгъгæ, æнцон дзурæн у. Фæлæ 5 Хорз фæнд 65
ма ахæм сахат дæхи хъæддых дарын бафæлвар! Ма-. хæн уымæй ницы рауад. Дæс минутæй-иу дæс ми- нутмæ нæ сæртæ инкубаторы фæтъыстам. Лæппу- тæ дæр махæй æдыхстдæр нæ’уыдысты — уайтагъд- иу æрбахæццæ сты æмæ-иу афарстой: — Ницы ма? * , I ( Мишкæ сын фæстагмæ дзуапп дæр нал лæвæрд- та, æрмæст-иу йе уæхсчытæ^азмæлын кодтаД.æмæ боны кæронмæ йе уæхсчытгЬ афтæ бæрзонд ис- тæй баззадысты, цыма йын сæ исчи йæ хъустæм ныхасгæ бакодта. Æризæр. Лæппутæ нæ афтæ арæх нал бæрæг кодтой. Фæстагмæ ма нæм Витя æрбацыд æмæ би- рæ фæбадт. — Кæд бонтæ раст нæ банымадтат, лæппутæ? — бафарста ,уый. Ногæй та сæ банымадтам. Рæдыд дзы нæрауад. Абон фæци дыууын фыццæгæм бон, фæлæ цъиутæн сæ кой дæр нæма уыд. — Цæй, ницы кæны, — зæрдæтæ нын авæрдта Витя, — райсоммæ ма банхъæлмæ кæсæм. Цы бæ- рæг ис, хъуамæ ахсæв рацæуой. Мæ мадæн балæгъстæ кодтон, цæмæр"1 ма мæ ацы хатт Мишкæтæм ауадза, уый тыххæй;^æмæ та сразы. Мах Мишкæимæ уыцы ’хсæв хуыссынвæнд нæ код- там. Бирæ фæбадтыстæм инкубаторы раз. Дзургæ ницæуыл кодтам. Нæ фæндтæ фæсыкк сты æмæ ма цæуыл дзырдтаиккам! Уалынмæ трамвай’гæ сæ цыдæй банцадысты. Бæстæ ныссабыр. Нæ рудзынджы раз цы фанар сыгъди, уый дæр ахуыссыд. Æз мæхи тъахтиныл æруагътон, Мишкæ та бандоныл бадгæйæ дфынæй’æмæ дзыТчыСыл ма бахъæуа, ма рахауа.Стæй 66
мæнмæ тъахтинмæ схызт, æмæ дыууæйæ дæр бафы- нæй стæм. Райсомæй куы райхъал стæм, уæд дæр та нæ зæрдæтæ ницæмæй барухс сты. Æхсæвы ногæй ницы ’рцыд: æйчытæ иууылдæр уыдысты æнæхъæн. \ Иуы хуылфæй дæр дзы змæлын нæ хъуыст. Лæппутæ фæфыдæнхъæл сты. — Цымæ цæмæн афтæ рауадаид? — фарстой кæ- рæдзи. — Куыд æмбæлы, афтæ куы зылдыстæм инку- батормæ! — Ницы йын æмбарын, — дис кодта Мишкæ йæ~ хæдæг дæр. Æз æй бæргæ зыдтон, цы сыл æрцыди, уый. Иу æхсæв куы, бафынæй дæн æмæ сæ дзæгъæл куы ныууагътон, уæд, æвæццæгæн, фесæфтысты. Æйчытæ æруазал сты, æмæ сæ хуылфы цы цард равзæрд, уый аскъуыд. Мæ аххо^ æмбæрстон æмæ, æнæ уæлæмæ сдзургæйæ, * мæхи æфхæрдтон. Мæн тыххæй ме ’мбæлтты фыдæбон фæДзæгьæл! Фæлæ чи уæндыди ныртæккæ уый кой скæнын. Мæхинымæр загътон, хъуыддаг лæппутæй куы ферох уа, уæд сын æй ра- дзурдзынæн, зæгъгæ. Скъолайы дæр уыцы бонæй æнгсъарддæр никуы уыдыстæм. Лæцпутæ та мæн æмæ Мишкæйæн тæри- гъæд кодтой, æмæ нæм ахæм цæстытæй*кастысты, цыма. ныл стыр бæллæх сæмбæлд, уыйау. Æмæ • та Сенькæ Бобров хъазгæйæ пинкубаторы хицæуттæ" зæгъгæ, куы срæдыди, уæд ыл лæппутæ сæхи ан- дзæрстой. Нæ дыууæ Мишкæ ма куыддæр къæмдзæс- тыгхуыз дæр фестæм. — Фæлтау нæм лæппутæ загъд куы кæниккой, уæд нын æнцондæр уаид! — дзырдта Мишкæ. — Загъд та цæмæн? 67
— Уымæн æмæ мах тыххæй дзæгъæлы фæ- фыдæбон кодтой, æмæ сыл загъд кæнын æм- бæлы. Фæс урокты ма нæм не ’мбæлттæ иу хатт æрба- уадысты, стæй нæм дзы æнæхъæн бон ничиуал æр- базынд. Æрмæст ныл Костя Девяткин йæ зæрдæ нæ ивта, рæстæгæй-рæстæгмæ-иу нæ ’абæрæг кодта. -- Уыныс, лæппутæ нæм, æвæццæгæн, ’ смæсты сты,—загъта Мишкæ. — Гъемæ цæуыл у сæ маст? Алкæуыл дæр æрцæуы ахæм бæллæх. ш — Дæхæдæг куы дзырдтай, загъд кæнын дæр сыл æмбæлы, зæгъгæ. ,— Бæгуыдæр сыл- æмбæлы! — рамæсты Мишкæ. — Дæуыл дæр æмбæлы мæ- сты кæнын. Мæн аххос у иууылдæр. — Цæмæн у дæу ах- хос? Куы ничи дæ зылын кæны. Дæу аххос дзы ни- цы ис. — Мæн аххос у, мæн. Æрмæст ды тынг ма смæс- ты у. . —Цæуыл хъуамæ смæс- ты уон? — Мæнæн мæ хъуыд- даг рæстмæ никуы цæуы. Цымæ ахæм’æнамонд цæмæн фæдæн? Куыддæр ис- тæмæ бавналын, афтæ йын æнæ фехæлгæ^ нæй. — Уый æз фехæлдтон хъуыддæгтæ^ — загътон æз. — Мæн аххос у иууылдæр. — Нæ, æз дæн’ аххосджын. Æз бабын кодтон цъиуты. 68
— Куыд сæ бабын кодтай? — Радзурдзынæн дын æй, æцæг тынг ма смæсты у,— загъта Мишкæ.—Иу æхсæв бонырдæм афынæй дæн æмæ инкубатор рохуаты аззад. Тæвд цыппор градусмæ схæццæ. Æз ма инкубатор бæргæ фегом кодтон, цæмæй æйчытæ æруазал уой, фæлæ уæдмæ, æвæццæгæн, сæ гуырдзтæ амардысты. — Кæд уыди уый? — Фондз боны размæ. Мишкæ мæм йе ’рфгуыты бынæй æрбакаст. Йæ цæсгом уыди^аххосджынхуыз, æнкъард. — Уæдæ дæхи дзæгъæлы ма ’фхæр, — загътон æз: — æйчытæ уый размæ байсæфтысты. — Куыд уый размæ? — Дæуæн куы аззадысты, уый размæ. — Кæй аххосæй? — Мæн аххосæй. — Куыдæй? — Æз дæр æхсæв бафынæй дæн, тæвд дæлæмæ æрцыд, æмæ æйчытæ æруазал сты. — Уый кæд уыди? — ’Инкубаторы сæ куы нывæрдтам, уымæн йæ дæсæм бон. — Æмæ ныронг дæ дзых цы ныххуыдтай? — Мæ цæсгом нæ хъæцыд. Мæ зæрдæ ма сыл дардтон, кæд сын ницы уаид, зæгъгæ, кæд фервæ- зиккой, фæлæ нал фервæзтысты. — Хорз ми бакодтай, ницы дын у, — йæ сæр ныттылдта Мишкæ æмæ мæм мæсты каст æрбакод- та. — Æмæ ды æргом зæгъын кæй нæ бауæндыд- тæ, уый тыххæй лæппутæ та хъуамæ дзæгъæлы фы- дæбон кодтаиккой, нæ? 69
— Æмæ хъуыддаг афтæ рауайдзæн, уый æнхъæл чи уыди! Уæддæр лæппутæ загътаиккой, кæронмæ йæ ахæццæ кæнæм, цæмæй æйчыты гуырдзтæ амар- дысты æви нæ, уый базонæм. , — „Лæппутæ загътаиккой"! — сфæзмыдта мæ Мишкæ. — Гъемæ йæ радзурын хъуыди æмæ иумæ бауынаффæ кодтаиккам, хъæуы йæ кæронмæ ахæц- цæ кæнын — нæ, уый. Ды та хъуыддаг дæхæдæг алыг кодтай. — Ныр мыл цы хъæртæ кæныс? Ды та йæ кæ- мæн загътай? Ды дæр сеппæты бæсты дæхæдæг куы бауынаффæ кодтай, уæд! — Раст зæгъыс. Æдзæсгом дæн æз! Гъемæ мæ снæмут! — Нæмынмæ дæ ничи хъавы, фæлæ йæ лæппу- тæн радзурынвæнд ма скæн, —! загътон æз. — Тæккæ райсом сын æй радзурдзынæн! Дæу кой сын не скæндзынæн, фæлæ мæхи тыххæй, бæ- гуыдæр, зæгъдзынæн. Уадз æмæ йæ иууылдæр зоной, æз хæрæг кæй дæн, уый. Афтæ мын хъæуы! —^Уæд æз дæр радзурдзынæн мæхи тыххæй. — Нæ, ды ма радзур. — Цæуылнæ? — Уымæн’ æмæ ныл æнæуый дæр лæппутæ худгæ фæкæнынц, алцыдæр иумæ кæнынц, зæгъгæ: скъо- ламæ дæр иумæ цæуынц, сæ уроктæ дæр иумæ кæ- нынц, æвзæр бæрæггæнæнтæ дæр иумæ исынц. Ныр ’ та зæгъдзысты, дыууæйæ дæр сæ рады ба- фынæй сты æмæ сæ инкубатор æнæ фæкæсæгæй баззад. —Гъемæ худæнт, — загътон æз. — Уæдæ æр- мæст дæуыл куы худой, уæд мын æнцондæр уыдзæн? 70
Нæ ныфс бынтон асасгп ЬЩ^Т æмæ æрхæндæгæй нæ бон арвыстам æмæ та мæнæ изæр дæр æ{)хæццæ. Кухнийы ногæй ницы ’рцыд: инкубатор дарддæр дæр хъарм кодта, цырагъ сыгъди, фæ- лæ нæ ныфс бынтон асаст. Миш- кæ æнкъардæй бадти æмæ айк йæ къухты ^зил-базил кодта. Куы- иу загътам, асæттæм æй æмæ йæ мидæгæй фенæм, стæй та-иу сфæнд кодтам чысыл банхъæлмæ кæсын’. Уалынмæ, дын, мæм Мишкæ тарстхуызæй æрбакаст. Мæнæй афтæ, мæ чъылдыммæ исты æбуалгъ цыдæр •ауыдта. Фæстæмæ фæ^астæн, æмæ дзы ахæмæи ни- цы разынд. Æз та Мишкæмæ бакастæн. } — Кæс-ма! — къуы^гæ сдзырдта уый^æмæмæм, йæ къухы цы айк уыди, уый æрбадардта;, Фыццаг æркæсгæйæ дзы ницы бафипп^айдтон, стæй кæсын, æмæ дзы иу ран чысыл фаз, цыма йæ мидæгæй рахуынкъ чындæуыд, уый хуызæн. — Цы у уый? Кæд æй æнæрхъуыдыйæ дæхæдæг фæцъæл кодтай? Мишкæ йæ сæр батылдта. — Уæдæ цы уыдзæн? Цъиу æй рахуынкъ кодтаид? Уæд Мишкæ йæ сæр разыйы тылд бакодта. — Цæмæй бæрæг у? Мишкæ ницы сдзырдта/ — Мæхæдæг дæр æй нæ зонын! — æрæджиау загъта уый. Айк кæм фæфаз/уым мæ ныхæй арæхсгай схæ- цыдтæн æмæ’дзьГрауади чысыл хуы’нкъ. Уыцы^ хуын- 71
къæй иу цъусдугмæ разынд лысыл бур бырынкъ æмæ фæстæмæ амбæхст. • Фыр цинæй нæ дзыхы дзырд нал бадт, æмæ кæ- , рæдзийæн ныхъæбыс код- там. - "~ — Царциаты ^диссæг- тæ|— зæгъгæ, ныхъæрТсод^ • та Мишкæ æмае^худæгæйГ бакъæцæл. — Цæй, ныр кæцыр»дæм згъорæм? Æз * дæу куы фæрсын, кæцыр- дæм? —хъæр кæны Миш- кæ. — Фæлæу-ма! Кæдæм згъорыс? Цæмæн?. — Лæппутæм хæрзæг- гурæггаг фæуын хъæуы. Мишкае дуары ’рдæм фæзылд. х — Айк уал йæ быиаты сæвæр, кæдæм æй ,фес- къæфыс? Мишкæ фездæхт æмæ айк инкубаторы авæрдта. Уалынмæ Костя æрбацыди. — Дæ хæрзæггурæггаг мæн, иу ноггуырд цъиу уал! — ныхъæр кодта Мишкæ. — Ма сай! — Нæ дæ уырны? — Уæдæ кæм ис? — Ныртæккæ дын æй фенын кæндзыстæм! Мишкæ инкубатор фегом кодта. Кбстя йын йæ хуылфмæ ’ныккаст. — Кæм и цъиу? Ам æйчытæ йеттæмæ куы ницы ис. Мишкæ айк кæм авæрдта, уый нал хъуыды дсод- .
та æмæ йæ иннæты ’хсæн нал..„ардта. Æрæджиау ьш фæхæст æмæ йæ Костямæ равдыста.' ^ — Лæппутæ! Æцæгæй дзы цъиуы бырынкъ куы зыны! — сцин кодта Костя. — Æцæгæй, уæдæ мæнгæй! Афтæ ’нхъæлдтай æмæ дæ сайгæ кæнæм? „ — Ныртæккæ мæ ардæм^хъæуы, лæппутæ,—айкыл. дзæбæх хæцут, æз иннæтæн фехъусын кæнон! — фæхъæр кодта Костя. —Згъоргæ, згъоргæ, кæннод лæппуты, æвæццæ- гæн, уырнгæ дæр нал кæны, цъиутæ ма нæм рацæу- дзæн, уый. Йзæрсарæй дзы иу дæр нал æрбазынд. — Æмæ уæртæ иууылдæр махмæ куы бадынц. Сымах тыхсын кæнын нал уæндынц, æмæ мæн рар- витынц, цу ма базон, зæгъгæ. — Цæуылнæ уæндынц? — Исты йæ не ’мбарынц, сымах ныртæккæ уы- доныл не стут, уый! Ам хъыгдарыны хос йеттæмæ ницы уыдаиккой æмæ уæ дзæгъæлы нæ тыхсын код- той. Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, Костя дуары æтте фæ- ци, æмæ ма йæ къæхты хъæр ^ынæй ссыд — Мæнæ мæ куыд ферох, \нырма'*мамайæн дæр куы ницы загътон! — фæхъæр кбдта Мишкæ æмæ азгъордта, хабар йæ мадæн фехъусын кæнынмæ. Ч> Æз дæр уæд айк фелвæстон æмæ йæ мæ мадæн æвдисынмæ аскъæфтон. Мæ мад айкмæ æркаст æмæ мын афтæ, тагъд, дам, æй фæстæмæ инкубаторы цæвæр^ кæннод æр- уазал уыдзæн\æмæ йæ хуылфы цы цъиу и’с, уый амæлдзæн. Æз та Мишкæтæм балæууыдтæн. Кæсын, æмæ ’ Мишкæ, æррайау, къуымты . разил-базил» кæны, цы- 7-а
дæр агурьц/йæ мад æмæ йæ фыд та йæ уæлхъус лæуу’йнпГæмæ худæгæй мæлынц. — Айк кæм авæрдтон, уый нæ федтай^? Цыдæр мын æрбаци! — Цавæр айк? — фæрсын æй æз. — Цъиу кæм и, уый! — Мæнæ. Мишкæ айк мæ къухы куыауыдта, уæд æм фæлæ- бурдта: У Гъе ныр ды адæймаг дæ! 'Мæнæн та йыл æр- дæббнсарæй мæ сæр разылд! — Уæ хъæлæба ныууадзут! — загъта Мишкæйы мад. —Иу айчы тыххæй бæстæ уæ сæрыл куы систат!. — Æмæ ма йæм æркæс, цавæр айк у, уымæ! Хуымæтæджы айк æй хоныс? — сдзырдта Мишкæ. Мишкæйы мад айк йæ къухмæ р^ста/, æ^æ цъиу йæ гыццыл бырынкъ куыд раЧар-радар кæнь’, уымæ лæмбынæг ныккаст. МишкæЫ фыд дæр æм æркаст. — Диссаджы хъуыддаг ’нæу, зæгъут! — йæ мид- былты бахудгæйæ, загъта уый. — Æмæ дзы диссагæй цы ис? — йæхицæй ныб- бузныг, афтæмæй бафарста Мишкæ. — Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр — æрдзы хуымæтæджы фæзынд. — Мæнæ ды дæр æрдзы фæзынд! — ныххудти Мишкæйы фыд. — Карчы цъиуы, кæй зæгъын æй хъæуы, диссагæй ницы ис, фæлæ уæ къухы сæ ра^ уадзын кæй бафтыд, диссаг уый у. Раст куы зæгъон, уæд мæ нæ уырныдта, исты уын дзы рауайдзæн, уый. — Уæдæ нын искуы цæуылнæ исты загътай? — Æмæ уын цæмæн зæгъон? Мæнмæ гæсгæ уынгты дзæгъæл ратæх-батæхæй исты архайьщ., паи- дадæр у. Уалынмæ Майкæ дæр æрбауад. Йæ къаба йыл 74
зыгъуыммæ конд, йæ батинкæтæ æнæ цъындатæй йæ къæхтыл. Майкæ схуыссыд, фæлæ цъиуы кой куы айхъуыста, уæд йæ дзаумæттæ тагъд-тагъд фæс- тæмае акод^. æмæ кухнийы сми- дæг. Айк ын йæ къухмæ райсын бауагътам. Майкæ йын йæ зыхъыр- мæ йæ иу цæстæй нм^; ист, фæлæ цъиу æваст зыхъырæй йæ бы- рынкъ радардта "æмæ дзы фæ- тарст. — Йæ бырынкъæй мæ ныццæ- вынмæ хъавыд! — ныхъæр кодта Майкæ. — Ничи йæм кæсы! — Ныр цымæ цъиуыл цы хъæр- тæ кæныс! —зæгъгæ, йын Мишкæ айк йæ къухтæй акъахта æмæ йæ инкубаторы нывæрдта. Уалынмæ бæстæ змæлд, къæхты хъæр сси, æмæ кухни лæппутæй аидзаг. Алкæй дæр фæндыди/ цъиу йæ’ бырынкъ куыд радары, уый йæхи цæстæй фенын æмæ та айк къух-къух ацыди. — Лæппутæ, æгъгъæд у, æриут айк ардæм! Инку- баторы йæ цæвæрын хъæуы, кæннод мæгуыр цъиу суазал уыдзæн, — лæгъстæ сын кодта Мишкæ, фæ- лæ йæм хъусæг нæ уыд. Тыххæй сын айк сæ къухæй байстам æмæ йæ ин- кубаторы нывæрдтам. — Иннæ æйчытæй ничи ма фæкъæртт?— афарс- та Витя. Æйчыты фæрауын-бауын кодтам, фæлæ ма уыдон æнæхъæн уыдысты. — Æрмæст к фæндзæм номыр фæкъæртт, ин- нæты ницыма зыны/ — сдзырдта Мишкæ. 75
— Иннæтæ дæр хъуамæ фæкъæртт уой, — дзырд- той лæппутæ. — Ницы кæны, — загъта;Мишкæ. — Иунæг цъиу йеттæмæ ’нæм куы нæ рацæуа, уæддæр хъуамæ цин кæнæм. Нæ фыдæбон дзæгъæлы нæ фæци! — Лæппутæ, — фæхъæр кодта СенькæБобров, — ныр айк куы асæттиккам æмæ цъиуы куы рауадзик- кам, уæд хуыздæр нæ уаид? Уым, мæгуыр, къуын- дæджы бадын, æвæццæгæн, йæ бон нал у! - — Ныр цы ’мбарыс? — фездæхт æм Мишкæ. — Айкæн сæттæн нæй. Нырма цъиуæн йæ буар нæма сфпдар æмæ’йын фæцъæррæмыгъд уыДзæГн! : Лæгшуты инкубаторы, разæй сæ къах нал хаста.- Алкæй дæр фæндыди, цъиу айкæй куыд фæхи; цæн уыдзæн, ч уый йæхи цæстытæй фенын, ’ фæ’лæ тынг банафон æмæ сæ бахъуыд сæ хæдзæрттæм ацæуын. — Тыхсгæ ма кæнут, лæппутæ, — загъта сын Мишкæ, сæ фæстæ куы рацыд, уæд. — Иннæтæ лæр< фæкъæртт уыдзысты. Лæппуты ацыды фæстæ ма Мишкæ æйчыты иу хатт баскæрста æмæ ма дзы иу къæртт-разьщд. — Кæс-ма, иуæндæсæм дæр фæкъæртт! — фыр цинæй ныхъæр код^а уый. Айк мæ къухмæ райстон. „Иуæндæсæм" номыр кæуыл уыди, уый дæр разынд чысыл хуынкъ. —Гъе ныр мæстæй ма амæл — ницæйы номыл æй лæппутæ нал федтой, — загътон æз.—Сæ фæдыл аз- гъориккам, фæлæ æгæр æнафон у. — Цæй, ницы кæны, райсом удæгас цъиутæ фен- дзысты. Инкубаторы цурæй ничердæм уал цыдыстæм. Фыр цинæй нæхицæн бынат дæр нал ардтам. 76
. — Цымæ ма нæ дыууæйæ амондджындæр, зæх- :хыл ис?! — загъта Мишкæ. — Ахæм амойд алкæмæ нæ-фæкæсы! Æрæхсæв. Хæдзары иууылдæр раджы бафынæй сты, фæлæ мах Мишкæимæ æппындæр хуыссæг нæ ахста. Рæстæг размæ згъордта. Æмбисæхсæвæй дыууæ сахаты куы рацыд/уæд ма æйчытæй ^ноджы дыууæ фæкъæртт:\гæстæм, стæй дæсæм’ номыр. Уый фæстæ та инкубатормæ ныккастыстæм æмæ сонт хъæр фæ- кодтам: æйчыты ’хсæн ногуагъд цъиу. Йæ къæхтыл слæууыныл архайы, фæлæ~йын * дзы, мæгуыр, ницы уайы, уайтагъд та фæцуды æмæ æрхауы. Фыр цинæй мæ хъуыр ахкæдта, мæ зæрдæ сцæлхъ- цæлхъ кбдта. Мæ къухмæ йæ систон. Цъиу нырма хуылыдз æмæ ’лæгуынхуыз уыди. Бумбулиты бæсти’йæ фæл- мæн сырх^Зуа рыл баныхæстысты цы- дæр бур хъуынтæ. Цъиутæь! цы ка- струлкæ сцæттæ кодта, Мишкæ ~уый сæр фелвæст^. . Æз цъиуы уым æрæвæрдтон æмæ йын цæмæй хъарм- дæр уа, уый тыххæй ма авджы тæвд дон> æркодтон. — Ныр йæ хъуын куы бахусуа, уæд æй зонгæ дæр нал бакæндзыстæм, афтæ дзæбæх уыдзæн, — загъта Мишкæ. 77
Стæй, цъиу цы айкæй рацыд, уымæн йæ цъар ин- кубаторæй систа æмæ дзуры: — Диссаг дæм нæ кæсы, ныр ахæм гыццыл хъуз- джы ахæм стыр цъиу куыд цыд. Æмæ, æцæгæй, цъиу хъузгæй бирæ стырдæр зынд. Уым, мæгуыр йæ бон, æвæццæгæн, йæ къæхтæ йæ быны батымбыл кодта, йæ сæр иуфарс ныкъул, аф- тæмæй хуыссыд, фæлæ ныр йе уæнгтæ аивæзта, йæ сæрыл жæцыд æмæ йæ гыццыл къæхтыл слæууыд. Мишкæ айчы хъузгмæ дзæвгар ..фæкаст, стæй уалынмæ ныхъæр кодта: — Ай уыцы цъиу нæу! — Куыд нæу? — Фыццаг чи фæкъæртт, уый нæу, фыццаг фæн- дзæм уыд, ай та иуæндæсæм у! Айчы хъузгыл уыди иуæндæсæм номыр фьГст. Мах инкубатормæ ныккастыстæм, æмæ фæидзæм номыр æнцад йæ бынаты лæууы. — Кæс-ма уымæ, æппæты разæй йæ фындз ра- дардта, фæлæ æттæмæ хизынвæнд нæ кæны! — Æвæццæгæн лæмæгъ у æмæ айчы цъар асæт- тын нæ фæразы, — загъта Мишкæ. — Уадз æмæ уал йæхиуыл фæхæца. Нæрæдыд УЫСТЫ афтæ аныгъуьщдыстæм, æмæ куыд ^рбабон, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтам. Хур скаст æмæ кухни дæр цыдæр райдзастхуыз ныцци. — Ныртæккæ лæппутæй искæй ардæм хъæуы,—загъта Мишкæ. — Сæ зæрдæ нæ фæлæудзæн! 78
Дзырд нæма фæци, афтæ Женя æмæ. Костя æр- балæууыдысты. — Ног диссаг уын фенын кæнæм?' — фæхъæр кодта Мишкæ æмæ каструлкæйæ цъиуы фелвæста.— Уый уын æрдзы диссаджы фæзындтæй иу! Лæппутæ цъиуы рауын-бауын кæнын^ райдыдтой. — Стæй ма дзы æртæ айчы-та къæрттытæ ис,— аппæлыдиМишкæ:фæндзæм,æстæм æмæ дæсæмномыр, Ноггуырд цъиуæн, æвæццæгæн, уазал уыд, æмæ-иу æй -нæ къухтæм ^куы райстам, уæд йæ гæртт-гæртт ссыд, стæй-иу æй йæ бынаты куы нывæрдтам, уæд æрсабыр и. — Ницы ма йын бахæрын кодтат? — афарста нæ Костя. — Цытæ дзурыс! — нырма йын раджы у. Цъиу- тæн хæринаг æрмæстдæр дыккаг бон раттын’ц, —. бамбарынТлн кодта Мишкæ. — Ныр та хъуамæ дысон-бонмæ нæ бафынæй стут? — бафарста нæ Женя. — Цæй хуыссæг æмæ ма цæй æндæр!Ууыл уы- дыстæм! — Омæ уал уæдæ ахуыссут, мах сæм фæкæсдзыс- тæм,. — загъта Костя. — Æмæ нæ райхъал кæндзыстут, ног цъиу та куы фæзына, уæд? — Ма тæрс, райхъал уæ кæндзыстæм. Куыддæр нæ сæртæ базыл æруагътам, афтæ афы- нæй стæм. Раст зæгъгæйæ, мæн хуссæг рагæй ахста. Лæппутæ нæ райхъал кодтой иу дæс сахатыл. — Сыстут, æмæ дыккаг диссаг фенат! — фæ- хъæр кодта Костя. — Цавæр дыккаг диссаг? — хуссæгхъæлдзæгæй йæ афарстон æз æмæ мæ алыварсмæ акастæн. 79
Кухыи лæппутæй уыд йе ’дзаг. — Мæнæ ацы диссаг! — схор-хор кодтой æмхуы- зонæй æмæ, каструлкæмæ ацамыдтой. Нæ дыууæ Мишкæ фестадыстæм æмæ каструл- :кæмæ ныккастыстæм. Уым лæууыди дыууæ цъиуы. Иу’ дзы мæлæты дзæбæх уыд: ты мбылтæ арæзт, пух, айчы буры хуызæн, бур-бурид. — Мæнæ цы дзæбæх у! Уæдæ фыццаг ахæм лæ- гуын цæмæн у? — бафарстон æз. Лæппутæ ныххудтысты: — Уыцы фыццаг дæ разы уый у. — Кæцы? — Дæлæ рæсугъддæр. — Цытæ дзурут? Фыццаг дæлæ уый у, лæгуын. — Уыцы лæгуын нырма ныр рахызт хъузгæй. рымахон схус æмæ схæмпус. — Диссæгтæ! Дыккаг куы бахус уа, уæд уый дæр афтæ дзæбæх уыдзæн? — Уæдæ куыд æнхъæлдтай. — Æмæ лæгуын кæцы номыр у? — фæрсы Мишкæ. — Куыд кæцы? — нæ йæ бамбæрстой лæппутæ. — Æйчытыл сеппæтыл дæр номыртæ æвæрд ис, — бамбарын сын кодта Мишкæ. ~ — Мах æм кæсгæ дæр не ’ркодтам, кæцы уыди, уымæ, — загъта Костя. — Йæ цъармæ гæсгæ йæ базондзыстæм, — мæ ныхас баппæрстон æз. — Йæ цъар уым баззад. Мишкæ инкубаторы сæр систа æмæ дын йæ хъæ- лæсы дзаг куы ныхъæр кæнид: — Диссæгтæ! Ноджыдæр ма дыууæ ноггуырды! Лæппутæ, кæрæдзи схуыстытæ^тæнгæ, инкубато- ры уæлхъус амбырд сты. Мишкæ дыууæ ноггуырд 80
цъиуы арæхсгай инкубаторæй систа æмæ нæм сæ æвдисы. ™"" "^— Цæргæстæ не сты, зæгъут, цæргæстæ! — йæ- хицæй ныббуц Мишкæ. УыдонЫ’’дæр каструлкæйы нывæрдтам. Ныр дзы уыди цыппар. Цъиутæ иу ран сдзыгуыр сты æмæ кæрæдзимæ сæхи нылхъывтой, цæмæй сын хъарм- дæр уыдаид, уый тыххæй. Мишкæ инкубаторæй айчы цъæрттæ систа æмæ сын сæ номыртæм кæсы. ’ — Цыппæрæм, æстæм æмæ дæсæм. Фæлæ дзы чи кæцы у? ’ Æртæ ноггуырд цъиуæй чи кæцы хъузгæй рацыд, уый равзарын’нæ бон нал сси. — Номыртæ иууылдæр фемхæццæ сты! — худынц лæппутæ. — Фæндзæм номыр нырма инкубаторы лæууы? — ба ф а р[стодæз. — Æллæх! Уый мæ куы ферох! — фæхъæр код- та Мишкæ. — Кæд, мæгуыр, ныммард, уæд- дæр! ’ Систам фæндзæм номыр æмæ йын гыццыл йæ къæртт расхъис кодтам. Цъиу æнцад бадти айчы хуылфы æмæ йæ сæр змæлын кодта. ч— Æгас у! — сцин кодтам мах, æмæ айк фæс- тæмæ нывæрдтам. Мишкæ ма æйчытæм æркаст æмæ та дзы иу къæртт разын’ди. Уый уыд æртыккаг номыр. Лæппу- тæ цинæй мардысты, хъæлдзæг худт кодтой. — Хъуыддæгтæ хорз цæуынц!—зæгъгæ-иу бакод- той уыдон. ,, Уалынмæ нæм Майкæ дæр рацыд. Цъиуты йæм равдыстам. 6 Хорз фæнд о1
> — Мæнæ ай мæн у! — зæгъгæ, тæккæ дзæбæх- дæрмæ фæлæбурдта. — Фæлæу-ма, лæбургæцæмæн кæныс?Уырдыгæй цъиутæн исæн нæй, суазал уыдзысты, —загътон ынæз. — Хорз уæдæ, уый фæстæ йæ сисдзынæн. Æр- мæст мæ мæнæ ацы пух дзибркка хъæуы. Фыдуынд- тæ мæ нæ хъæуынц. . Уый уыди хуыцаубон æмæ нæ скъоламæ цæуын нæ хъуыди. Лæппутæ суанг изæрмæ махмæ базза- дысты. Чи дзы бандоныл бадт, чи табуреткæйыл, чи тъахтиныл. Нæ дыууæ Мишкæ та инкубаторы раз бадтыстæм — æппæты кадджындæр ран. Рахизæрды- гæй, пецы цур, уыди каструлкæ ноггуырд цъиутимæ, пецыл —цугун тæвд донимæКрудзынгыл та асыччы мидæг сысчыйы тау. Лæппутæ хынджылæг кодтой, худтысты, алы диссæгтæ дзырдтой. — Цымæ цъиутæ сæ афоныл цæуылнæ рацыдЪь сты? —афарста лæппутæй чидæр. — Майрæмбоны сæм куы ’нхъæлмæ кастыстут? — Нæ зонын, — дзуапп радта Мишкæ. — Чиныг- мæ гæсгæ хъуамæ дыууын фыццæгæм бон рацыда- иккой, ныр та сæ дыууын æртыккæгæм бон- у. Кæд чиныджы рæдыд ацыд? . — Нæ, фæлæ кæд уæхæдæг фæрæдыдыстут? — загъта Лёшæ Курочкин. — Инкубаторы æйчытæ ’кæ- цы бон нывæрдтат, уый ма хъуыды кæнут? — Æртыккæгæмы. Уыцы бон сабат уыди, — загъ- т#я Мишкæ. — Уый хорз хъуыды кæнын, уымæн æмæ дыккаг бон хуыцаубон раййæфта. - — Байхъус-ма! —баздæхт æм Женя Скворцов.— Мæнмæ гæсгæ, ,раст нæ нымайут: къуыртт сабаты цæвæрдтат, сæ дыууын фыццæгæм бон та уын май- рæмбоны рауад. 82
— Æцæгæй! —сдзырдта Витя Смирнов дæр.—Кæд æйчытæ сабаты нь^вæрдтат, уæд дыууын фыццæгæм бон дæр хъуамæ сабат æрыййафа. Къуырийы авд боны ис, дыууын иу бон та сты эертæ къуырииы. — Æртæ хатты авд —дыууын иу! —схудти Сень- кæ Бобров. — Таблицæмæ гæсгæ афтæ уайы. — Дæумæ таблицæмæ гæсгæ куыд уайы, уымæн æз ницы зонын. Мах сæ таблицæмæ гæсгæ нæ ны- мадтам!—фæмæсты ис Мишкæ. — Уæдæ сæ куыд нымадтат? — Мæнæ афтæ, — Мишкæ йе ’нгуылдзтыл ны- майын райдыдта. — Æртыккæгæмы уыди сæ фыццаг бон, —уый дын иу, цыппæрæмы — дыккаг, фæндзæ- мы — æртыккаг... и^С!/': Афтæ нымайгæйæ ^^р^^бошэ? æрхæццæ, æмæ йæм рауадиГ дыууын иу бон. —~*Уый куыд уайы, — бадис кодта Сенькæ. — Таб- лицæмæ гæсгæ дыууын фыццæгæм бон сабатмæ цæ- уы, дæуæн та — майрæмбонмæ? Худæгæй марыс! — Иу хатт ма|нын равдис, куыд нымайыс, уый,— загъта Женя. — Кæс, — зæгъгæ^ та Мишкæ йе ’нгуылдзтыл нымайын райдыдта: — Сабаты, æртыккæгæмы — иу бон, хуыцаубоны, цыппæрæймаджы — дыууæ боны, — Фæлæу-ма, фæлæу! Уый куыд нымайыс? Кæд æртыккæгæмы нывæрдтат къуыртт, уæд уыцы бон нымадмæ нал хауы. — Цæуылнæ? — Уымæн æмæ сыл æртыккæгæмы бон нæма ра- цыд. Æнæхъæн бон сыл рацыд æрмæстдæр цыппæ- рæймаджы. Æмæ дæ . нымайын дæр гъе уæдæй хъæуы. Нæ дыууæ Мишкæ бамбæрстам, куыд нымайын - *"" . 83
хъуыди, уый. Мишкæ^ ногæй ранымадта,. æмæ нæ рæдыд ссардтам; ^~^1 " Рзсх ~ зæгъут. Дыууын фыццæгæм боп уыди знон. /?(., >ау — Уæдæ хъуыддаг раст рауад, къуыртт. сабаты изæрæй нывæрдтам æмæ^æйТытæй * дæр фыццаг са- баты изæры ^æкъæртт. Раст сыл дыууын иу бон рацыди, — загътон" æз.' " — Уыныс, арифметикæ хорз куы нæ зонай, уæд хъуыддæгтæ ^ТГд^ныссуйтæ ^’вæйиынц, — мæстæй ^марын нæ ра^дыдта Ваня|Л/1ожкин. Иууылдæр ньТх- худтысты. — Цас фæтухи кодтам уыцы рæдыды тыххæй! — затъта Мишкæ. Райгуырæн бон БОНЫ коронмæ цъиутæ дæс баи- сты. Æппæты фæстæ рацыд фæн- дзæм номыр. Нал æмæ нал хызти æттæмæ. Цæмæй йын айкæй рахи- зын æнцондæр уа, уый тыххæй ай- чы хъузг æрдæгмæ æрсастам. Аф- тæ куы нæ бакодтаиккам, уæд мыккагмæ дæр уым баззадаид. Уыцы цъиу иннæтæй гыццылдæр æмæ лæмæгъдæр уыди. Уый, æвæццæгæн7:’айчы™хуылфы æгæр бирæ кæй фæци, уымæн афтæ рауад. Изæрмæ ма инкубаторы баззад æрмæст^ дыууæ айчы. Уыдоныл иунæг хуынкъ дæр нæ зынд. Фæлæ ма уæддæр инкубатор хъарм кодтам. Æйчытæ æх- сæвы дæр нæ фæкъæрттытæ сты. Ног уагъд цъиу- тæ се ’хсæв каструлкæйы дзæбæх арвыстой, райсо- мæй сæ пърлмæ рауагътам. Цъиутæ уыдысты æм- 84
хуызон бур, пух æмæ* бæстæ сæ цъиу-цъиуæй бай- дзагГ Сæ гыццыл цæстытæй рухсмæ дзæбæх кæсын нæ’ма фæрæзтой. Иутæ дзы ныридæгæн сæ къæхтыл фидар лæууыдысты, иннæтæ, цудтытæгæнгæ, лæууы- ныл архайдтой, æртыккæгтæ та-иу уыцы цæрдæг- хуызæй азгъордтой, фæлæ-иу уайтагъд фæкалдысты. Пъолыл-иу исты тæпп куы ауыдтой, уæд-иу æй сæ бырынчъытæй æрхостой^суанг ма-йу зæгæлт^ы æрт- тиваг сæртæм дæр "фæлæбурдтой, — цы сæ хуыдтой, ацу æмæ йæ базон. — Мæгуыр сæ бон! Кæд сы’н æххормаг у! — загъта Мишкæ. Мах иу айк къуыдырфых акодтам, лыстæг æй ныккарстам æмæ йæ цъиуты раз æрæвæрдтам. Фæлæ айк хæрьшмæ бæззы, уый цъиутæ нæ зыдтой. Айчы муртæ сын-иу сæ разы авæрдтам æмæ-иу сын алæгъ- стæ кодтам: — Хæргæут, æдылытæ! Фæлæ цъиутæ хæринагмæ кæсгæ дæр нæ кодтой. ’ Уалынмæ Мишкæйы мад кухнимæ æрбацыд. — Мамæ, цъиутæ айк нæ хæрынц! —рахъаст кодта* Мишкæ. — Æмæ сæ хæрын ацахуыр кæн. — Куыд сæ ацахуыр кæнон? Дзурæм сын, æмæ нæ коммæ кæсынц. — Æдылы къоппа, афтæ ахуыргæнгæ кæм фед- тай? Пъол ма де ’нгуылдзæй æрхой уæдæ, кæддæра нæ хæриккой! Мишкæ цъиуты раз дзуццæджы æрбадт æмæ сын хæринаг кæм конд уыд, уым пъол йе ’нгуылдзæй æрхоста. Цъиутæ афтæ фенхъæлдтой, æмæ æнгуылдз. холлаг уидзы, æмæ уæд уыдон дæр уидзынмæ фестыА Цæсты фæныкъуылдмæ айкæй иу мур дæр нал аз- 85
зад. Уæд сын тæбæгъы дон а^ркодтам, æмæ цъиутæ дон нуазынмæ февнæлдтой. Ууыл сæ ахуыр кæнын дæр нæ бах^ъуыд. Стæй иу ран пъолыл сдзыгуыр сты æмæ кæрæдзимæ сæхи нылхъывтой. Мах та сæ каструлкæйы нывæрд- там,цæмæй сын хъарм- дæр уа, уый тыххæй. Уыцы бон куыддæр &*ГЧ Марья Петровнæ ъяеь къласмæ бацыд, афтæ лæппутæ йæ размæ базгъордтой æмæ йын,ныхас кæрæдзи дзыхæй исгæйæ, радзырдтой цъиуты тыххæй. Марья Петровнæ тынг фæдис^ кодта. Æхсызгон ын уыдис ахæм хабар фе- хъусын. — Уæдæ уын ноггуырдты тыххæй раарфæ кæ- нын хъæуы! — бахудти ахуыргæнæг. Иууылдæр ныххудтысты, æмæ уæд Витя Смир- нов загъта: — Æмæ сын сæ гуырæн боны тыххæй куы ницы сарæзтам! Цæй æмæ уыцы бæрæгбон абон арвитæм. Лæппутæн уыцы уынаффæ сæ зæрдæмæ тынг фæцыд: — Æцæгæй, скæнæм ма бæрæгбон! Марья Пет- ровнæ, ды нæм не’рбацæудзынæ? —схор-хор кодтой алырдыгæй. — Бæгуыдæр бацæудзынæн, — бахудти Марья Петровнæ. — Цъиутæн ма лæвæрттæ дæр бахæсдзы- нæн. ч — Мах дæр сын бахæсдзыстæм! —хъæр кодтой •лæппутæ. Скъолайæ куы ^рбацыдыстæм, уæд Мишкæимæ уазджыт æм æнхъæлмæ кæсын райдыдтам. 86
Сеппæты разæй фæзынд Сенькæ Бобров дидин- джыты чъинаимæ. — Уый та цы у? —афарста йæ Мишкæ. — Цæ- мæн æрбахастай дидинджытæ? — Лæварæн! — Æмæ цъиуты ахæм лæвар цæмæн хъæуы? Ди- динджытæ дын хæрдзысты? — Хæргæ цæмæн? К’æсдзысты сæм æмæ дзæбæх тæфмæ смуддзысты. — Цы нæ. зæгъдзынæ, иу ахæм дын нæй! Ди- динджытæ никуы федтой, æви сæ цы кæнынц! — Бæгуыдæр нæ федтой. Æри-ма банкæйы дон. Куыд дзæбæх уыдзæн, уый ныртæккæ фендзынæ. Банкæйы дон ныккодтам æмæ дзы дидинджытæ нывæрдтам. Сенькæйы фæстæ æрбацыдысты Серёжæ æмæ Вадик. Уыдонæн дæр сæ къухты уыди дидинджы- тæ — малусджытæ. — Уæ хорзæхæй, уеппæт дæр дидинджытæ æр- бахæссыныл дзырд бакодта^? — тарæрфыгæй сæ ба- фарста Мишкæ. — Æнхъæлдæн æмæ нæ лæвæрттæ дæ зæрдæмæ нæ цæуынц?—фæтæргай Вадик. — Цы, уый зоныс, мæ хæлар, лæвары бæх дæндагæй нæ фескарынц. Уыцы дидииджытæ дæр доны нывæрдтам. Уалынмæ ’рбацыд Ваня Ложкин. Уый та сысчыйы килойы ’рдæг æрбахаста. Мишкæ йæ сæр нын- къуысга. — Нæ зонын, ахæм касаг хæрой? — Уæдæ ма сын дзы æркæн, — загъта Ваня. — Æххæст Марья Петровнæйы æрбацыдмæ фæ- лæууæм æмæ уый бафæрсдзыстæм. Уалынмæ Марья Петровнæ дæр æрбацыд. 87
Йæ къухы уыди цыдæр тыхтон. Райхæлдта йæ, æмæ авг, авджы та цыдæр урс. — Æхсыр! — зæгъгæ, фæхъæр кодта Мишкæ. — Махæн нæ фæсонæрхæджы дæр не ’рцыд цъиутæн æхсыр раттын! " — Уый хуымæтæджы æхсыр нæу, туаг æхсыр у, — бахудти Марья Петровнæ. — Цъиутæн фыццаг бонты туаг æхсыр сæ фаг дæттын хъæуы. Тынг æй уарзынц. - Цъиуты та пъолмæ раргъæвтам, уæлæнгай тæбæ- гъы сын туаг æхсыр æркодтам æмæ сын æй сæ цу- ры æрæвæрдтам. Цъиутæ хæрынмæ февнæлд- ТОЙ.' — Гъе уый æцæг лæвар у, гъе! —цин кодта Мишкæ. — Цъиутæн лæварæн цы хуыздæр у, уый зонын хъæуы. % „Уазджытæ" цыдысты кæрæдзи фæдыл. Витя æмæ Женя та еуу æрбахастой. Уыдон фæстæ æрба- хæццæ Лёшæ Курочкин, сывæллоны хъазæн йæ къухы, афтæмæй, æмæ ныхъæр кодта: — Ноггуырдтæн цы балхæдтаин, уымæн ницы зыдтон! Цæуын, цæуын, хъуыдытæ кæнын, уалынмæ кæсын, æмæ иу киоскы — дзæгъдзæгъгæнæгтæ. Гъе- мæ сын дзы æз дæр райстон. — Хуыздæр ницы æрхъуыды кодтай? Ныр кæд федтай цъиутæн ахæм лæвар æлхæнгæ! —бахъуыр- хъуыр кодта Мишкæ. — Цаемæй зонын, цъиутæн цы фæлæвар кæнынц, уый? Кæд ацы хъазæн сæ зæрдæмæ фæцæудзæн, уæд та? Лёшæ цъиуты размæ бауад æмæ сын æй сæ сæрмæ сдзæгъ-дзæгъ кодта. Цъиутæ сæ хæрын фæ- уагътой æмæ сæ сæртæ хæрдмæ схъил кодтой. 88
— Нæ уын дзырдтон! — сции кодта Лёшæ.—Сæ зæрдæмæ фæцыд! Лæппутæ худæгæй бакъæцæл сты. — Цæй, цъиуты хæрын бауадз, — загъта Мишкæ. >Æз Марья Петровнæйы бафарстон: — Цымæ цъиутæн сысчыйы къурупа дæттæн ис? Марья Петровнæ загъта, фыхæй, дам, сын æй дæттын хъæуы. — Æмæ йæ фыцыы та куыд хъæуы? — бафарста йæ Мишкæ. — Касы фых ’æй скæнут. Мах æй уыцы фæдыл сæвæрынмæ хъавыдыстæм, фæлæ нæ ног „уазæджы" æрбацыд бахъыгдардта. Уый уыди Костя Девяткин. — Æмæ дæ лæвар кæм ис? — ракастысты йæм лæппутде. — Мæнæ, — Костя йæ дзыппæй дыууæ чъиригондыу систа. — Гъе уый ’лæвар у, гъе! — ныххудтысты лæп- путæ. — .Ноггуырды куывд чъпритæй фидауы,"—йæхи рæстытæ кæныныл архайдта Костя. — Æмæ дæ чъиритæ цæимæ сты? —хин фарст æи акодта Мишкæ. - Касимæ. — Касимæ, зæгъыс?! —сцин кодта Мишкæ.— Æмæ уæд æрдæбонсарæй дæ дзых цы ныххуыд- тап? Мишкæ Костяйы къухтæй чъиритæ раскъæфта æмæ сын сæ кас къахынмæ фæци. — Фæлæу-ма, цы кусыс? —фæурæдта йæ Костя.— Нæ уыныс, касимæ сты, уый? Цæмæн ма сæ къа- хыс? 89
Фæлæ йæм Мишкæ ницы сдзырдта. Кас тæбæгъы æркодта æмæ пæ цъиуты раз æрæвæрдта. Цъиутæ касмæ февнæлдтой. Майкæ, цъиутæн лæвæрлтæ æрбахастой, уый куы ,.; федта, уæд ауад æмæП^у- сырх лент радавтаД^Лент алыгтæ^_к.одхча æмæ дзы алы цъиуы къубал^л дæр иу гæбаз абаста. Мах цъиуты ^алыварс банкæты ми- дæг дидинджытæ æрæвæрдтам, — æцæг бæрæгбои сын сарæзтам. Сæ разы тæбæгъты та уыди хæри- , наг: йуьг— ~кас, иннæйы — туаг æхсыр, æртыккаджы та—сыгъдæг дон. Цъиутæ сæ сырх лентытимæ уы- дысты æдæг бæрæгбонхуыз! Костя ма сæ цъæх кæр-- дæгæи дæр хо^з^фенынмæ хъавыд, фæлæ йæ Марья Петровнæ нæ бауагъта, нырма сын раджы у цъæх холлаг дæттынмæ, райсоммæ фæгæдзæ хъæуы, зæгъгæ. Цъиутæ ^ф^стысты, дон дæр банызтой. Сæ лентытæ сын райхæлдтам æмæ та цъиуты"'фæстæмæ сæ бынаты нывæрдтам. Марья Петровнæ нын загъта, цъиутæн ’хуыздæр уыдзæн кухнийы иу къуым рахи- цæн кæнын, стæй сын пъолыл цугуны тæвд дон сæвæрын, цæмæй сын хъармдæр уа, уый тых- хæй. — Уымæй хуыздæр та уаид, искуыдæм сæ хъæумæ куы аласиккат, уæд. Æхкæд агъуысты цъиутæ рын- чын кæнынц æмæ афтæмæй амæлын дæр зонынц. Æнæмæнг сæ сыгъдæг уæлдæф хъæуы. * Марья Петровнæйæн нæ инкубатор дæр равды- стам. Уым ма баззад дыууæ айчы. — Ацы æйчытæй, мæнмæ гæсгæ, цъиутæ нал ра- цæудзæн, — загъта уый. —Ницы кæны, уæ зæрдæтæ сыл ма риссæнт. Уæ къухы æнæуый дæр хорз хъуыд- даг бафтыд! Зæрдиаг куыст бакодтат! 00
Цъиутæ сæ лентытимæ уыдысты æцæг бæрæгбонхуыз. 91
— Мах æрмæст нæ дыууæ нæ куыстам: лæппутæ- иын иууылдæр æххуыс кодтой, — загъта Мишкæ. • — Æмæ хъуамæ уæвгæ дæр афтæ уа,—дзуапп рад- та Марья Петровнæ. Хæларæй, æмвæндæй куы арха- йат, уæд цыфæнды зынтыл дæр уæлахиз кæндзы- стут! '• ’ — Æз та афтæ æнхъæлдтон æмæ нæ хъуыдда- гæй ницы рацæудзæн, уымæн æмæ иу æхсæв бафы- нæй дæн, тæвд фæкъаддæр æмæ æйчытæ æруазал сты, — загътон æз. — Уымæй сып ницы уыдаид — къуырттон карк: дæр æпцынæдзух æйчытыл нæ фæбады. Бон иу хатг уый дæр хæрынмæ ратæхы, æмæ æйчытæ иуцасдæр- æруазал вæййынц. Инкубаторты дæр æйчыты бон иу хатт æруазал кæнынц, цæмæй гуырдзтæ æрдзон^ уавæрты куыд рæзынц, афтæ рæзой, уый тыххæй. Фæлæ æгæр куы стæвд вæййынц, уæд сын уый зиан* у, бамбарын нын кодта Марья Петровнæ. ; — Гъемæ мæ рады та æлчыгæ иу хатт æгæр* стæвд сты,—загъта Мишкæ. — Тæвд суанг цыппор- градусмæ схæццæ. — Æвæццæгæн æй афойнадыл фæхъуыды код- тай, уый йеттæмæ дæ фыдгул афтæ — фесæфтаик- кой, — загъта Марья Петровнæ. Изæры, цъиутæ цы æйчытæй нæ рацыд, уыдон аса- стам. Дыууæйы дæр гуырдзтæ разынд, фæлæ уыды- сты мард. Чи зоны, æмæ æгæр кæй стæвд сты, уый: сæ бахъыг.дардта. Нæ цырагъ дæр ахуыссьш кодтам. Уый æнæсцу- хæй фæсыгъд дыууын.æртæ боны. Градусничы джы- насу сындæггай бынмæ æрцыд. Инкубатор æруазал- Пецы раз каструлкæйы та хъæлдзæг цъыбар-цъыбур> кодтой бур хæмпус ногуагъц цъиутæ. 92
Сæрабар цардмæ Æ ДÆС гыццыл лымæны цардысты тынг хæларæй, æнæ кæрæдзийæ иу минут дæр нæ лæууыдысты. Ис- кæйы-иу дзы йе ’мбæлттæй куьг фæхицæн кодтам, уæд-иу бæстæ цъиу-цъиуæй байдзаг, æмæ-иу ра- тæх-батæх систа, цалынмæ иннæты ссардтаид, уæдмæ, стæй-иу æрсабыр. Майкæ рагæй фæнд кодта йæ цъиуы фæхицæн кæнын, фæлæ йын, æй мах нæ лæвæрдтам. Уый нæм уæддæр нæ байхъуыста æмæ йæ уатмæ бахаста. Са- хаты ’рдæгæй фылдæр нæ ’рацыд, афтæ йæ фæстæ- мæ æрбахæццæ кодта æмæ кæугæйæ дзуры: — Гъа, айсут æй фæстæмæ! Тæригъæдæй марыГ Æз æнхъæлдтон, йе ’мбæлттæ дзы айрох уыдзысты, фæлæ, мæгуыр, йæ цъиу-цъиуæй не ’нцайы! Куыддæр æй Майкæ зæхмæ æруагъта, афтæ цъиу йе ’мбæлтты ’рдæм ныййарц. Мах цъиутæн кухнийы иу къуым рахицæн код- там. Пъолыл клеёнкæ байтыдтам æмæ йыл хъарм донимæ цугун æрæвæрдтам. Цугун уæле базæй бам- бæрзтам, цæмæй дон æрæгмæдæр, уазал кæна, уый тыххæй. ’ Цъиутæ-иу, раст цыма карчы алыварс æрæмбырд сты, уыйау цугуны алыварс ’сгуппар сты. Æмæ сын æцæгæйдæр цугун уыди мады бæсты. Хаттæй:хатт-иу цъиуты кæртмæ рахастам., фæлæ сæ иу минут дæр иунæгæй фæуадзæн нæ уыд^куы-иу искуыцæй гæды рагæпп кодта, куы та куыдз — иу- ныхасæй-иу бæллæх кæцырдыгæй фæзынди, уый нæ базыдтам. Уымæ гæсгæ фылдæр рæстæг уыдысты мидæгæй, кухнийы. Кæй зæгъын æй хъæуы, агъуы- 93
сты сын сыгъдæг уæлдæф фаг нæ кодта æмæ сын мах уый тыххæй тынг тарстыстæм. Уæлдай тынгдæр та тарстыстæм цъиутæй иуæн. Уый йе ’мбæлттæй къаддæр æмæ æгуыдзæгдæр уыди. Иннæты хуызæн цæрдæг нæ разгъор-базгъор кодта, фæлæ иу ран æнцад лæууыд, стæй хæринаг дæр хорз нæ хордта. Уый уыди фæндзæм номыр, æппæты фæстæ чи ра- цыд, уыцы цъиу. — Нæ цъиуты хъæумæ куы аласиккам, уæд хорз уаид, — загъта Мишкæ. — Кæннод нын куы фæрын- чын уой, уымæй тæрсын. Фæлæ цъиутæй фæхицæн уæм, уый нæ зæрдæ нæ куымдта æмæ нæ ацыд бонæй-бонмæ æргъæвтам. Иу райсом Мишкæимæ цъиутæн хæринаг раха- стам. Уыдон ныл афтæ сахуыр сты, æмæ-иу ,нæ куыддæр ауыдтой, афтæ-иу цугуны цурæй нæ размæ цъипп-цъиппгæнгæ разгъордтой. Сæ разы сын тæ- бæгъы еууы кас æрæвæрдтам. Цъиутæ йыл амбырд сты. Мæн фылдæр фæуа, зæгъгæ, кæрæдзи схуы- стытæ кодтой, сæ иу иннæмæн бар нал лæвæрдта, иу та дзы тæбæгъмæ бахызт. — Æмæ фæндзæм номыр та кæм ис? —афарста Мишкæ. Уый-иу, мæгуыр, кæддæриддæр фæсте баззад. Иннæтæ йыл æппынæдзух тых кодтой æмæ йын хæ- ринаг хицæнæй лæвæрдтам. Иуæй-иу хатт-иу хæр- гæ дæр нæ бакодта, фæлæ-иу уæддæр иннæтимæ æрбазгъордта, æвæццæгæн-иу- æй иунæгæй баззайын нæ фæндыд. *Фæлæ ацы хатт семæ нæ уыди. Баны- мадтам цъиуты æмæ уыдысты фараст. Кæд, мийаг, цугуны фæстæ бамбæхст, зæгъгæ, цугуны фæстæмæ ныккастæн. Æмæ æцæг уым разынд. Пъолыл хуыссыд æмæ 91
ма æз афтæ дæр банхъæлдтон, кæд, зæгъын, йæ фæл- лад уадзы. Мæ къухмæ йæ систсчр. Йæ буар уыди уазал. Йæ сæр, æрцауындзæг æмæ йæ лыстаег къу- балыл дзедзырой^кодта.^Фæндзæм номыр уыди мард. Нæ зæрдæ йыл афтæ фæрыст, æмæ иудзæвгар нæ бон сдзурын дæр ницы баци\афтæмæй йæ уæлхъус лæууыдыстæм. — Нæхи аххос уыдй! —æрæджиау загъта Миш- кæ. — Хъæумæ сæ куы аластаиккам, уæд сыгъдæг уæлдæфмæ сфидар уыдаид. Цъиуы баныгæдтам кæрты сусхъæд бæласы бын. Дыккаг бон иннæты чыргъæды нывæрдтам æмæ не ’мбæлттæн фехъусын кодтам, хъæумæ сæ ласæм, зæгъгæ. Цъиутæн хæрзбон зæгъынмæ æрбацыды- сты лæппутæ иууылдæр. Майкæ кæугæйæ. йæ цъиуæн пъатæ кодта. Бæр- гæ йæ нæ фæндыд цъиуы хъæумæ ауадзын, фæлæ тарсти, йе ’мбæлттæй куы фæхицæн уа, уæд æнкъард куы кæна, æмæ æрæджиау сразы. Чыргъæд хъарм кæлмæрзæнæй æрæмбæрзтам æмæ вагза^мæ’ араст стæм. Цъиутæн чыргъæды хъарм уыди. Æгас фæндаг æнцад бадтысты, æрмæстдæр иу хатт, цыма кæрæдзимæ сидтысты, уыйау сцъипп- цъипп кодтой. Поезды цæуджытæ нæм-иу цымыди- сæй æрбакастысты, æвæццæгæн, æмбæрстой, чыр- гъæды цъиутæ ласæм, уый. — Æгас цæуат, маргъдартæ, æйчытæм та æрцы- дыстут? —ныххудти Наташæ, мах куы ауыдта, уæд. — Нæ, — загъта Мишкæ. — Мæнæ дын гыццыл цъиутæ æрластам, схъомыл сæ кæн. Наташæ чыргъæдмæ ныккаст. — Диссæгтæ! Кæм уын уыди уый бæрц цъиутæ? — Нæхи инкубаторы уагъд сты. 95
— Ма сайут! Искуы сæ зоомагазины балхæдтат, æвæццæгæн. — Æмæ нын æйчытæ мæйы размæ дæхæдæг куы радтай. Гъе ныр дæм уыцы æйчытæ удæгасæй фæ- стæмæ æрæздæхтысты. — Цирчытæ! — ныддис кодта Наташæ/— Куыд кæсын, афтæмæй сымахæй номдзыд фосдарджытæ рауайдзæн. — Цы бæрæг и, — дзуапп радта Мишкæ. — Æмæ уæ зæрдæ комы цъиуты ам ныууа- дзын? * — Бæргæ нæ комын, — загъта Мишкæ.— Фæлæ дæхæдæг нæ зоныс, горæты цъиутæ дарынкуыд зын у, уый. Ам сын сыгъдæг уæлдæф фаг, уым та се , уæнгтæ кæм аивазой, уый дæр сын нæй. Куы схъо- мыл уой, уæд уыдзысты æцæг кæрчытæ æмæ уас- джытæ. Кæрчытæ уын æйчытæ æфтаудзысты, уас- джытæ та уын уасгæ кæндзысты. Цъиутæй нын нæ- химæ иу амард æмæ йæ^кæрты бæласы бын баны- гæдтам. ""^—" """" — Мæ къона акæнат! — зæгъгæ, нæ Наташæ йæ хъæбысы æрбакодта. — Цæй, ницы кæны. Иу цъиу бæсты сæфт нæу. Мæнæ уын иннæтæ схъомыл уæнт. Цъиуты зæхмæ куы раргъæвтам, уæд хурмæ куыд хъæлдзæг разгъор-базгъор’кбдтой, уымæ кæсын дис: саг уыди. — Æз дæр иу каркæн къуыртт цæвæрдтон, — загъта Наташæ. Нæ дыууæ Мишкæ сарамæ азгъордтам къуырт- тон карк уынынмæ. Карк бадти тæсчъы æмæ йæ < бынæй алырдæм хъæмпы хæлттæ ныхъилтæ ст-У." Карк нæм мæсты каст æрбакодта, цыма йæ æй- чытæн аисын(æй тарст, уыйау. 96
— Ныр’нæ цъиутæн дæр æмбæлттæ фæуыдзæн, — загъта Мишкæ. — Иумæ сын хъæлдзæгдæр уыдзæн. Уыцы бон нæ рæстæг арвыстам хъæуы. Уыды- стæм хъæды, ацыдыстæм доны былмæ. Диссаджы дзæбæх уыди 3,РАЗ нæ алыварс! Айразмæ куы ’рцы- дыстæм хъæумæ, уæд бæлæстыл сыфтæр нæма уыди/ уфæлæ ныр бæстæ цъæх адардта. Мæлдзыджытæ кæр- дæджы змæлыдысты, майрæмы кæрчытæ, гæлæбутæ пæррæст^тæ кодтой,^лы "ранæй’ хъуысти цъиуты хъæлдзæг зард. Нæ алыварс афтæ дзæбæх уыди, æмæ^ нæ нæ къах нæхимæ нал хаста. Мйшкæимæ сфæнд кодтам, зæгъгæ, сæрды фæстæмæ ардæм æрцæудзыс- тæм,у?доны был нæхицæи халагъуд"сараздзыстæм ^æмæ уым, Робинзоны хуызæн, цæрдзыстæм. Бирæ фæзылдыстæм, фæтезгъо кодтам, стæй æрæ- джиу нæ Шысымтæм д^аздæхтыстæм. Наташæ нын фæндагмæ- фæйнæ чъирийы хайы нывæрдта æмæ нын ныффæдзæхста, цæмæй йæм сæрды каникулты цæрынмæ æрцæуæм. Кæртмæ куы {эацыдыстæм, уæд ма ф^аж1мУ2 цъиуты размæ бауадыст;æм. Уыдон нырйдæгæр сæ ног бынатыл ацахуыр сты æмæ, хъæл- дзæг цъиу-цъиу гæнгæ, къудзиты ’хсæнты ратæх-ба- тæх кодтой. Фыццаджы хуызæн, ныр дæр сæ кæрæ- .дзийæ нæ хицæн кодтой — уайтагъд-иу иу ран фæ- гуппар сты, æмæ иу-сæ исчи куы фæхицæн, уæд-иу æм сидын байдыдтой, кæрдæджы куыд нæ фæдзæгъæл уа, афтæ. — Цæй уал, хæрзбон нæ хъæлдзæг хæлæрттæ!— загъта Мишкæ цъиутæн. — Сыгъдæг уæлдæфы фаг улæфут, хурмæ уæхи тавут, уæ буар бонæй-бон фидардæр кæнут, уæ тыхтыл æфтаут. Амæй фæстæ- мæ дæр, ныронджы хуызæн, хæларæй цæрут. Рох уæ ма уæд, иууылдæр æфсымæртæ кæй стут — иу 7 Хорз фæнд (ут
Мады цот, цытæ дзурын —иу инкубаторы цот. Сы- мах инкубаторы лæууыдыстут фæрсæй фæрстæм, мæнæ хуымæтæджы æйчытæ куы уыдыстут æмæ згъорын дæр куы нæма зыдтат, стæй дзурын дæр... 98
Мæна^ та куыд фæрæдыдтæн — цъиу-цъиу кæнын дæр, уæд. Мах дæр-иу ма ферох кæнут, уымæн æмæ инкубатор мах сарæзтам, æмæ дунейы рухс дæр мах руаджы федтат. Дунейыл та цард ахæм дррз, ахæм рæсуг;ъд V, æмæ диссаг... Ныр уал хæрзбон!
СÆРГÆНДТÆ Хорз фæнд - 3 Æнæнхъæлæджы цæлхдуртæ . • 8 Цырагъ ссардтам 12 Дыккаг бон 15 Хъуыддаг хорз цæуы . . . , 18 Тæвд къаддæрæй-къаддæр кæны , 24 Тæвд та уæлæмæ фæцæуы . . . х. 28 Инкубатор бакодтам Майкæйы бар . . • * . . 34 Хъуыддаг фехæлд . . . • 39 Отряды æмбырд ^З Æмцегдзинад 51 Мах алцы дæр срæвдз кодтам 55 Æппæты тыхстдæр бон 59 Кæй аххос у? 65 Нæ ныфс быитонасаст 71 Нæ рæдыд 78 ’Райгуырæн бон • 84 Сæрибар цардмæ 93 Автор Носов Николай Наколаевич Редактор Н. Н. Мамиева Художник А. В. Петров Художественный редактор Р. П. Скакун Технический редактор //. С. Байматов Корректоры: Е. У. Датриева и В. Т. Дзодзикова Сдано в набор 31-УН-56 г. Подпнсано к печ. 19-1Х-56 г. Формат бум. 60x92 1/ Печат. листов 6,25. Учетно-изд. листов 3,99 Заказ № 3175. Издат. Мв 154. Тираж 2000. Цена 1 руб. 40 коп. Северо-Осетннское книжное издательство, г. Орджоникидзе, проспект Сталина, № 11. Республикаиская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева № 20.