Author: Цæрукъаты В.  

Tags: æмдзæвгæтæ  

ISBN: 5-7534-0135-Х

Year: 1989

Text
                    Цæрукъаты Валодя
«*Зга-#>
ÆМДЗÆВГÆТÆ
ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР»
ОЕДЖОНИКИДЗЕ * 1989


840сет Ц23 Ц-23 Цæрукъаты В. Æмдзæвгæтæ. — Орджоннкидзе: Иг>, 1989.-142 с. Царукаев В. И. Стихи. 15ВЫ 5-7534-0135-Х Стихи для детей младшего школьного возраста. В них воспевается любовь к труду, Роднне, человеку, бережное отношение к природе. 4803010000—36 Ц — 47—89 840сет М131(03)—89 15ВЫ 5-7534-0135-Х © Издатсльство «Ир», 1989
Ма кæнут!.. Уæ мыстытæ, Ма кæнут Скъаппы бын Хыртт-хыртт. Сырддонцъиутæ, Ма кæнут Рудзынгыл Чыртт-чыртт. Цъысцъысæгтæ, Ма кæнут Пецы бын Цъыс-цъыс, — Гагийы фын Хъахъхъæнут... Сабыр, сабыр... Ыс-с... Цæмæн æй нæмыс? Хъазæн ыскъуырдта Чидæр йæ къахæй. Уый адыл скуыдта Сывæллон йахæй: — Цæмæн æй кæныс Дæ къахæй дзæппы? з
Цæмæн мын нæмыс Мæ арсы лæппын? Йæ мад изæры Хъæдæй æрцæудзæн. Нæмын æвзæр у, Фæлæ дæ снæмдзæн... Сывæллоны хъæзтытæ Раттут-ма мын уалæ мæй — Æз дзы пурти саразон. Хур мын раттут, æз цæмæй Фæзы уымæй ахъазон. Арвырдын мын раттут тагъд!— Фатæй стъалы баргъæвон. Раттут-ма мын урс æврагъ — Урс нымæт дзы бауæрдон. Арвасин та кæм ис уæд? — Арвмæ схизон талынджы, Басгарон Æрфæпы фæд, Фенон арв—ыстъалыджын. Сбадон арвастæу æмæ Æз уырдыгæй разарон, Цыкуратæ уын бынмæ Армы дзаггай разгъалон. Цъщтæ Хъæмпытыл — хæлоф, Пакъуытыл — хæлоф! Цаддоны сæ — тулгæ, Цъыфдзасты — æвдулгæ, 4
Ахстæттæ — кæнгæ, Уым æйчытæ ’фтаугæ, Стæй лæппынтæ — уадзгæ, Афтæмæй — цæргæ! Рувас Рувас хъæдæй рацыди Сусæгæй; Хъæуы ’рдæм фæраст кодта Сусæгæй; Кæркдонмæ дын бахъуызыд Сусæгæй; Карк агурын байдыдта Сусæгæп; Уасæджы хурх ацахста Сусæгæн; Тонынтæ йæ байдыдта Сусæгæн; Уалынмæ дын хæдзарæй Сусæгæй; Рацыд лæг æд хъыримаг — Сусæгæн; Рувасмæ дзы бахъавыд Сусæгæй; Къæрныхы æрфæлдæхта Сусæгæй... Арвы дуар Иу дæр æй нæ уыдта: Арвы дуар Уыд гом — Хæхты ’рдæм Æргом. 5
Иу дæр æй нæ уыдта... Тинты кæрц рæтыдта — Хуры чызг дзы Худт. Уый уæрдыдта Худ, Тинты кæрц рæтыдта. Диссæгтæ æвдыста: Арвы дуар Уыд гом — Федтон æй Æргом, Диссæгтæ æвдыста... Рон-æргъæу фæлыста — Мæйы чызг дзы Каст, Стъалы-бардзæй Раст Рон-æргъæу фæлыста... Схъæр кодтон мæ курдиат: Арвы дуар Уыд гом, — Уырдæм æз Æргом Схъæр кодтон мæ курдиат: «Чи скæна, — тæхудиаг... Дарæстæ — Хыццаг, Уыдоны Фыццаг Чн скæна, — тæхудиаг!»
Радзырдтой: «Алæмæт!..» Арвы дуар Уыд гом... Чызджытæ Мæ ном Радзырдтой: «Алæмæт, Иууылдæр — дæ тæлæт! Арвырдыныл Суай Æмæ сты Дæ хай, Иууылдæр — дæ тæлæт!..» Хуыйджытæ уым не сты... Арвы дуар — Æхгæд. Чи мæм Дзырдта уæд? Хуынджытæ уым не сты Дымд-дылагъан фесты... Ирвæзынц Худ, кæрц! Æргъæу роныл Хæц! Дымд-дылагъан фесты... Бæллæхы лæг — Уæ нæ лæппу, абонсарæй Ды цæуылнæ дæ хæдзары? — Æз мæ уис-æфсургъ, мæ бæхыл Азылдтæн бæсты уæрæхыл; Уайтагъд агæпп ластон фурдыл, Фос æрбаскъæрдтои Терк-Туркæй. 7
— Мæнæ ма, цы бæх, цы галтæ! Стыр барцытæ, хънл сыкъатæ! Гъæйтт-æллæх, уæдæ цы лæг дæ! Æмæ уый фæстæ цы фæдæ? — Стæй нæзы къæцæлтæ-йеддæй Ацарæзтон æз ракетæ, Уайтагъд абадтæн æмæ йыл Балæууыдтæн уалæ мæйыл. — Махæй ничима стахт уырдæм — Диссаг бантысти нæ гуырдæн. Гъæйтт-æллæх, уæдæ цы лæг дæ! Æмæ уый фæстæ цы фæдæ? — Уым мæ ракетæ фæуагътон, Цон нæхимæ, зæгъгæ, загътон. Арвы æрдыныл нæ уынгмæ Рауагътон мæхи уырдыгмæ. — Стыр ысгуыхтыты куы фæдæ! Хæлаф уымæн сихсыд уæдæ? Мæиæ дæ куыдтæтæй федтон — Арвы дуары йас дын фегом! — Уый мæн хъаз фæсте ныттыдта... — Загъта лæппу... ’мæ ныккуыдта. Иæ „Усгур" (Мады зарджытæй) Мæ хорз тиутæн цыппарæп Ды сæ кой дæ, сæ мæтаг. Мæ иу тиу дын Бухарæй — Худ æмæ куырæтаг.
Ростовæй дын мæ дыккаг — Уæргъуын баслыхъхъ — æмбисонд- Бакуйæ дын æртыккаг — Хъама æмæ æвзист рон. Бæх ма хъæуы... Йæ бæсты Мæ кæстæр тиу машинæ Мæ хуры тын, мæ цæстæн У Мæскуыйæ сласинаг. Сæхæдæг дæр а къуыри Нæ хæдзармæ зындзысты. Лæджы сæр дæ бахъуыди: «Ус дын курæм!» — зæгъдзысты. Цæй-ма уæдæ базмæлæм: — Чи уыдзæни нæ чындзаг? Хуыздæр чызджы базонæм, Фæкæнæм æй нæ фыццаг. Ног цацаты дуду дæ: Иу ныхасæй — фырыхъул. Дæлæ уынджы — гыгытæ: — Дæ цæст-ма сæм æрныкъул! Барысби-Дырысби Барысби- Дырысби Уæззау куыстæй Фæрысти: Хъæд ныццагъта, Фæласта; Йæ хорз уæрдон — Къаласка; 9;
Дзæлв уисæй у Йæ бæх та. Фæцис хъæуæн Дзæбæхтæ. Хæдзаргæнæг Ды ма уай? — Барысбимæ Уæд бауай: Хъайвантæ дын Кæрты дзаг Уый фæкæндзæн Дæ фыццаг. Кт^ту бийай, Кау ысбийай, — Уæддæр дæ уис Барысбийæ. "Хъæдмæ! Хъæумæ! — Дыууæрдæм Æдзух кæны ,Р1æ «уæрдоп». Барысби- Дырысби ^Хъæды куыстæй яфæрыстн. Нымæтын порти Порти дын мæнæ — Конд у хъуынæй. Хъазгæ дзы, фæлæ Рохгæиæи цæй:
Ие ’мсæр æмбал ын Не ссардзынæ. Сæвæрдтам хъалон Сырдтыл, æмæ Стайы цъæх рихи Адзæпгæл ис, Арсæй дæр — иу хил, Джирæй та — хъис. Домбайы барцæй Стыдтам æрду. Бирæгъы «хардзæй» Иннæ кæд у. Бауæрстам порти Уыцы хъуынæй. — Хъазгæ дзы! Згъоргæ! Пъуртт кæн, цæв æн! О, фæлæ ма дын Хъуамæ зæгъон: Сырдтæ дæ фæдыл Зилдзысты, зон. Æмæ дыл макæд Рамбæлæнт, охх! Науæд дæ семæ Бахъæудзæн тох. — Ницы мын тас у! — Рацæуæнт мæм: Сæ царм дæр ма сын Растигъдзыиæн! и.
Камы дзабатæ Урс дзибаты бирæ уарзы Ким, Алыбон дæр сыл фæкæны цин. Къæвда бон сæ сарамæ хæссы, Афоныл сæм холлагæй кæсы. Сбыдта сын лыстæг уистæй бына'1 Уырдæм сæ æрбахоны сæ мад. Урс дзибаты бирæ уарзы Ким, Урс дзибатыл тынг фæкæны цин. Бадары сын хъæзь/н къусæй дон, Аууонмæ сæ бакæиы тæвд бон. Дзибатæ чысыл ысты нырма, Ставд нæмыг нæма хæрынц, нæма, Хъæрццыгъайæ сын куы вæййы тас, Л<лш дæр уæд ныхситт ласы æваст, - "Дзибатæ та хæмпæлтæм тæхынц, Хъæрццыгъамæ гудзитæ кæнынц. Карчы цъиуты бирæ уарзы Кнм, Алыбон дæр сыл фæкæны цин. Афоныл сæм холлагæй кæсы; Хорз лæппу у Ким — лæгæн бæззы. Æнæхсад лæппу æмæ бабыз '(Адæмон ныхасмæ гæсгæ) «Бабыз, бабыз, Сырхкъах бабыз, :Узгæ-узгæ, Сындæг-сындæг
Дæ лæппынты Кæдæм кæныс? Цæуыл уасыс: Бапп-бапп?» «Мæ бабиты Найынмæ кæнын, Уыдзысты мын Дуду-сыгъдæг. Дæуæн та ис Дæ фындзы бын Гаппар! Бапп-бапп!» Ахæст цъиу æмæ гыгщыл чызг Хæдзары хицау Телын къалати Бинонты цинæн Сæвæрдта уаты. Булæмæргъ, дам, нын Тъæллангæй зардзæн, Æмæ сабпты Куыд хъæлдзæг дардзæн! Мæгуыр булбул та Ахстоны мидæг Катайы бафтыд. Дыууæрдæм силлæг: «Мæнау нæ хæрыиц Мæн æмбал цъиутæ Сау æндарæны Мæгуыры хъиутæ...
Цы раны фæдæн, Цы маст, цы фыды!.. Иыр ма кæм фенон Мæ мад, мæ фыды? Мæнæ цы бон и Мæ чысыл удыл... Исты амалæй Фервæз, тæхуды!» Мæгуыр булæмæргъ Ахстоны мидæг Катайы бафтыд, Дыууæрдæм силлæг. Хæдзары хистæр Бинонтæм сиды: «Мæнæ куыд кафы, Мæнæ куыд симы!» Маргъæн фæфылдæр, Йæ рыст фыццагæй, Æмæ та сдзырдта Цъиуты æвзагæй: «Мæнау ахæстьт Дæ бон ныххафай! Мæ симдæй симай, Мæ кафтæй кафай!..» Фыд дзуры цотмæ: «Марадз, мæ хуртæ, Зараг дзибапæн — Кæрдзыны муртæ!» «Сæ уæздан холлаг Цы у мæ цæсты? 14
Æфсæст æндарæн? — Мæлæт — йæ бæсты!» Лæг дæр та загъта: «Хæрдхъуаг нæу уазæг». Æмæ йын систой Тæбæгъ йæ разæй. Бинонтæ бадынц, Фынгыл — æхсæвæр. Æрмæст гыццыл чызг Нæ цыд хæстæг дæр. Магйрухс. Æнафон. Хуыссынц æфсæстæй. Æрмæст гыццыл чызг Кæсы йæ цæстæй. Бæгъæввад къæхтæ Пъолмæ æруагъта Æмæ дзпбамæ Базгъордта тагъд-тагъд. Райста æмæ йæ Æлвасы риумæ. Иу каст — йæ фыдмæ, Иннæ та — цъпумæ. Байтыгъта рудзынг, Ахæсты суагъта. Лидзгæ, мæ хæлар, Зæгъгæ, ма загъта. Сæумæйæ хистæр Куы рабадти ’мæ Куы бараст вæййы Сæ къалатнмæ: 15
Хурыскастыл сын Цæуылнæ зары? Агуры, фæлæ Цъиуы нæ ары. Æгас хæдзар дæр Æрыхъал фынтæй. Æрмæст гыццыл чызг Хуыссыд хуыррыттæй. 5.Ш.83 Денджызы был (Цикл «Æхсæртæг»-æй) 1. ÆХСÆРТÆГ «ФЕСÆФТ» Змисы тæвдыл къах нæ быхсы: Судзин дзы цыма фæныхсы. Хур æгæр æндавы абон. Бадæм къудзийæн йæ аууон. Ныййарджытæ мæныл не сты — Журнал кæсыныл та фесты. Æмæ сыстадтæн æз дæр; Денджызы былыл дæлдæр Стыр дзыхъхъ армы къускæй скъахтон Æмæ дзы мæхи æруагътон, Змис æрызæрстон мæ уæлæ, Фындз ма мæ зындис æддæмæ. Бафтыд ныййарджытыл дис: — Ой, нæ лæппу та кæм ис? 16
Мад ыскатай: — Доргы фенæтл!.. — Азгъордта мæ фыд дæр йемæ. Рауайбауайгæнгæ сгарынц, Агурынц, фæлæ нæ арынц. Пляжы хицаумæ — сæ тахт... Хабар ын æрдзырдтой тагъд... Радио æппæтæн дзуры, Радио æппæтæй куры: «Мах агурæм нæ сæфт лæджы — Ирон лæппу Æхсæртæджы. Куыдз, къæбысы хæст — йæ хъусыл,. Ис гæдыйы тынд йæ русыл, Дзыкку — сау æмæ къæбæлдзыг, Разад уæхсчыты æмбæрцыг...» Пляжы хицау афтæ дзуры: — Уым мæ мад кæуы йæ цуры. Слæстæн змисы бынæй уæд, Мадмæ азгъордтон — тъæбæртт! Уый мæм афтæ тынг фæмæсты, — Иу къæрцц мын фæкодта фæсте. 2. ДОНЫ СÆТÆЛÆГ Хæдзар — агъудау йæ уæлæ; Дон-дон æй фæдавы дæлæ. — Ратт-ма йæ мæнæн, сæтæлæг! — Афтæ нæй гæнæн, Æхсæртæг: 17
Нæй æнæ агъуд мæнæн Ацы дунейыл цæрæн. Уый бæсты дын змисыл уæртæ — Бирæ афтид хъузг-хæдзæрттæ! 3. ЧАЙКÆТÆ Хур фæныгуылы цæлхзылдæй. Скъæрæм катеры сыххуыттæй. Чайкæтæ фæсте мах сурынц, Хъиухъиугæнгæ холлаг курынц. Комдзаг сæппарын, æмæ йæ Уыдон ацахсынц тæхгæйæ. Гуыл гуы;]ы фæстæ æз хордтон, Къух дзæгъæл рæтыгъд фæкодтоп... Уый куы райсиккой хæрамæн. Иу мын дзы — æлхыскъ мæ армæн. Чидæр афтæ: «Ма кæ сайгæ, Науæд дæ ныххойдзæн чайкæ!» 4. МЕДУЗÆ Федтон иу лывз цыдæр æз, Уыд бæмбæг-цъуппы æнгæс, Доны бын кæмдæр ис пец, Æмæ сфыхтой халадец. Уарынц, дихтæ йæ кæнынц, Уылæнтæ йæ дард хæссынц. 18
Фæлæ денджызы бын æй Иунæг бахæрæг дæр нæй. 5. РАК Кæд нæма зонут, циу рак, Ие ’ддаг бакаст æмæ уаг: Бурбын сырх, цыма уырыдзьг,. Уый цæуы æрмæст сыдзмыдзы. Бадти дурдзæнды рæбын, Уыд нырма, мæгуыр, лæппын. Уымæн амонын хъæудзæни, Байрæздзæни — раст цæудзæни, 28.1.75 Цуанон, Рацу хъæдæй, цъæх бирæгъ, Æз дæ топпæй амарон! Рацу, сæгуыт, цæхх — бирæ; Æз дын армæй бадарон! Рацу, рацу, бур арс, хъæдæй, Æз дæ сбырсон æрдузы. Рацу, рацу, рувас, хъæдæй, Æз дæ смарон — кæркхъусыГ Саг, дæу фенынмæ ыссыдтæн, Хæстæгмæ дæм бакæсон. Раттис мын уæд та дæ сытæ: Æз сæ хъæумæ ахæссон. 19
Гъей æхсæрæг — хъæды цæрæг, Мæра скодтай цъуппыдзаг! Рахæсс мын дзы цæрдæг-цæрдæг Уыцы ’хсæртæй худы дзаг! Гъей сæлавыр, хуынкъæй рабыр: Мæнæн хъуамæ дзуапп раттай! Ранымай мын афтæ сабыр, — Цал карчы нæ адавтай?! Гъей зыгъарæг, æз — дæ марæг! Дæ царм худæн хорз уыдзæн. Дада кæны низы хъарæг, — Дæ сой уымæн хос уыдзæн. Ардæм, ардæм, сырдтæ, цæйут, — Ма æмбæхсут аууæтты! Æви хъæды дæр иæ вæййут, Стут æрмæстдæр аргъæупы?! Къæсæр Ахнз хæдзары къæсæрæй, Азнл быдыртыл æддæ. Хохæн худдзысты йæ сæрæй Хурмæ цъитийы цæндтæ. Æфцæг фестдзæни цъæх гауыз, Сапп та — дидинты фæтæн. Хъæд хъынцъымгæнæгау — тархуыз, Сырдты иудадзыг хæтæн. Згъордзæн къада цыхцыр фахсыл, Ирдæй дард ранмæ тæхдзæн. Лæнчы дурвæткъуы бæласыл Цъиудзуг аралло кæндзæн. 20
Хъæзы — малтæ æмæ тæгтæ, Фæлмæй — æрвгæрон æмбæрзт. Алы балцæмхиц фæндæгтæ — Зæххы къорийыл ныв&ст... Ахиз хæдзары къæсæрæй, Фен, кæцæй ивылы рухс. Цардрай дунеты уынæрæй Исты ’рцахсид кæд дæ хъус! Сæбе — Абон цы базыдтай, — Радзур, Сæбе! — Ацы бон базыдтон «А» æмæ «Бэ». — Иугæр кæм базыдтай «А» æмæ «Бэ», Уым нын ыстыр лæг Уыдзынæ, Сæбе! Дамгъæтæ Зæхбарæн сардзинмæ-ма Ды æркæс: йæ халднх — А. Т зонын дæ кæд фæнды, — Халамæрзæн сис: уый — Т. О-йы ратулдзыстæм мах, — Уый у кæд уæрдоны цалх. X — хæсгард, æрмæст æй цъус Рахæлну хъæуы куыстхъус. 21
Г цæвæгыл цæуы барст — У цæвæджы хуызæн раст. Ног мæй фæсрагъæй кæсьг,— Мæй нæ, фæлæ дамгъæ С. Сины сæртыл лæг хæцы, — Ф-йы æнгæс нæу уый, цы>. 14.1 V.83 Цæрайы ниныг Ахæм хорз лæварæй чи схъыг? Удау бауарзта йæ чиныг. Уый — æлхæд йæ гуырæн бонмæ. Федта йæ кæрæй-кæронмæ. О, цы кæмттæ дзы, цы хæхтæ; Арвы цъæх æмæ æврæгътæ. Нывы — арс, сæгуыт, сыкъафындз, Бæлæстыл мæлхъытæ бадынц. Ис дзы денджыз, еур зæхх, фурдтæ, Мæйтæ, стъалыбардзтæ, хуртæ. Згъæр, хæзна дуры къæрттытæг Алы адæмыхæттьгтæ. Ацы ног чиныг — ньгв-фæлыст, Ацы чиныджы — цьг нæ фыстГ Сси фæндагамон Цæрайæн, Цины уацхæсс æмæ райæге.
.Мады фæндиаг ын æнтысæд, <Фидæны йæ хорз ном хъуысæд! Лæппуйы бæллиц Ехх, æмæ куы фестин Сахъгуырд барæг — Плион, — Арвырдыны сæрты Агæпп кæнин иу бон. Ёхх, æмæ куы фестин Кучийы-фырт Юри, — Зæххы ихсæр цъуппæй Хъух æрдæттин Ирмæ! Ехх, уæд та куы фестин Хурдзæсгом Гагарип!.. Атæхин уæлæрвты, Арвы къуымтæ сгарин. Цьиу æртахти мииæвар Худти зымæг: «Хи-хи-хи!» Их зачъетæ, 1Лх рнхи. Дымгæ систа Футтытæ, Алырдæм Лæбурдтытæ. Тохынайыл — ЗДит-тьыфыл, 23
Салд лæдзджытæ — Фисынтыл. Бæласы хъæр: «Басыдтæн, Нæй кæрон дæр Карз хъызтæн!» Зæхх дæр: «Нæй мын Сулæфæн, Бахгæдта мæ Урс хъæпæн!» Цъиу æртахти Минæвар, Уалдзæгхон, Нæхи хæлар. Февнæлдта уый Уалынмæ Цæнды рагъыл Зарынмæ. Хур æркасти — Худгæбыл, Хæхтыл, хъæдтыл, Хъугæмттыл. Мит-лæдзджытæ Тадысты, Цыхцыр дæттæ Уадысты. Цъиу — зымæджы Бадомæг, Уалдзæг йемæ Рахонæг! 24
Лрс Хъарм дымгæ хъæды Кодта къуыззитт. Тади фæсвæдты Сабыргай мит. Хихтыл фæхæцыд Ногдзыд сыфтæр. Рувас æрцæйцыд Комы дæлдæр. Нарæджы бараст — Змæлæг дзы нæй. Лæгæтмæ бакаст: Арс ма — фынæй. Бадзырдта: «Уазæг Мæнæ — æввахс!» Ралæууыд уалдзæг! — Не ’рыхъал арс. Цъиутæ уæд загътой: «Базарæм ныр». Иумæ æрцагътой Зæлгæ фæндыр. Уымæп кæд æмæ Алыгъд йæ фын. Ралæст æддæмæ Уыцы фыдхъуын. Бæлæстыл хафгæ Ие рагъ, йæ фарс, Æрдузмæ афтæ Бахылди арс.
Бутъро тæрсы бын Дурыл æрбадт, Хурмæ йæ гуыбын Тавта æнцад. Дзерæйы найкæтæ Тынг æнуд, æнтæф бон... Къардиутæм æввахс Денджызы былгæрон Цас адæм и, цас! Дзерæ змисыл згъордта, Сæтæлæгдзуан зылд. Йсмæ йæ æркодта Сочимæ йæ фыд. Уасгæ ратæх-батæх — Чанкæтæ æдзух. Гыццыл чызг сæм арæх Ивæзта йæ къух... Фыд æпгуырæй дардта Къæдзæхы фæскъул, Урс мæргътæн-иу радта Кæсæгты дзæкъул. Хуыры уæлæ — сабыр, Бинонтæн — сæ дзæцц, Систы раст æрмахуыр, Истой къусæй хæлц... Дзерæ ’рцыд сæхимæ... Сабийы хæдвæд
Ратахтысты Ирмæ Чайкæтæ дæр уæд. Горæтæн йæ сæрты Зилæнтæ — дзæвгар, Кæрз бæласыл кæрты Сарæзтой «хæдзар». Айстой хи фæстæмæ... Ныр æнкъард кæнынц. Дзерæмæ æнхъæлмæ Хуссары кæсынц. Уадзына Хъæдхойæн — Цы куыстытæ: Алырдæм — Æрвыстытæ... Цас æрæмбырд, Цас, уазæг Тулдзы къохмæ Рагуалдзæг! Абон хъуамæ Цъиу-дзыллæ Ам æрцæуой Иу дзырдмæ. Хъæдхойæн дзы — Бариуæг, — Уый кæны Сæрдариуæг: 27
«Тохы бон Æрцыди ’мæ Бæлæстæн Сæ рынимæ Цъары æдде, Мидæгæй — Æз дæр хæцын Иунæгæй. Феххуыс кæнут, Гормæттæ, Хъæуты æмæ Горæтты Бæласы рын Хафынмæ, Зулкъ-фыдбылыз Сафынмæ!» Тæрхон хæссынц Цъиу-дзыллæ. Æрцыдысты Иу дзырдмæ: «Иу æнцон уа, Иу зын уа, — Мах кæндзыстæм Ундзына! Дыргъ-арæх уаг Маргъ-бирæ — Зиангæиджыты Апирæм! Хъахъхъæнут-иу Халопæй: 28
Нæ ауæрддзæн Халынæй Ахстæттæ ’мæ Къуырттытыл... Халон у Нæ фыдты фыд. Уæ, кæуа Йæ цæуæтыл. Мах æлгъыст Æрцæуæд ыл!...» Алыг кодтой Фæрстытæ, Æмæ ныр — Пæррæстытæ! Къæвда Мах бæгъæввад къахæй Уынджы къæйыл хъазæм.. Хауы ’ртæхтæ арвæй, Æмæ сæ куы ахсæм. Рацыд сыг, йæ фæстæ — Сонт сæххæтт дæлæмæ. Туфлитæ, пæлæзтæ Скодтам уæд нæ уæлæ. Иу æркалд ма, нннæ... Къæхтыл февзæрд уымæьг Чобæтæ — резинæ Арф малы цæуынæн.
Пака зонтыкк — къухы... Къанауы — цъæппытæ. Згъорæм, уайæм дугъы, Цыхцырмæ — гæппытæ... Тынг ныккалдта уарын, Змæлы бæлас, чиуы. Къæвдайæн — йæ зарын, Дымгæйæн — йæ ниуын. Донластæй, хуылыдзæй Хæдзармæ — нæ тъæбæртт. Ранхъæвзта тыгъдызæй, Арвы нæрд, цæхæрвæд... Ракæсæм æддæрдæм, Цæст æппæтдæр ахсы: Саха-фурд дæлæрдæм Уынджы пурти ласы. Фнсынæй æрхауди Халонæн йæ ахстон. Дон уæларвæй калди Иудадзыг æгас бон. Хъæддаг бал — Хъæддаг бал, цæмæн дæ маст? Нæй дын бахæрæн дæр раст... — Уарзон хотæп дæн æз цух, Æмæ маст кæнын æдзух. — Уæд куыдæй баци дæ бон Афтæ сырæзьтн бæрзонд? зо
— Ивазын мæхи уæлдæр: Хъæумæ сæ уынон уæддæр... Сабиты чеаена Ахæм кафт ис нæ ирмæ: «Ой, чепена!» Бауарзтам æй мах бирæ, «Ой, чепена!» Фарны кафт у, хæлары, «Ой, чепена!» Æгас зæххæн йæ цъарыл — «Ой, чепена!» Фыдлæг æмæ фыдбонæй, «Ой, чепена!» Фервæздзыстæм æнгомæй, «Ой, чепена!» Хæстæндзарæг фæхъыпп уа!: «Ой, чепена!» Йæ пъызы дзых фæсыпп уаГ «Ой, чепена!» Уæхски-уæхскæй ныррæгъ уæм,. «Ой, чепена!» Урс бæлæттау фæтæхæм, «Ой, чепена!» Æгас дуне куыд фепа, «Он, чепена!» Нæ фарны кафт — чепена, «Ой, чепена!» 17.XI 1.83
Хъазихан Кафы, кафы Хъазихан, — Сындзыхъæуккаг Хъазихан! Еуæ-еуæ, Хъазнхан! Хуыздæр кафæг — Хъазихан. Гъæйтт-гъæйтт, Хъазихан! Хæрдмæ хау! Хæрдмæ хау! Орца! Æнгуылдзæхтæ, Хъазихан! Бадгæ-снргæ, Хъазпхан’! Къæхтыл-къухтыл, Хъазихан! Амбылдта уæ Хъазихан, — Сындзыхъæуккаг Хъазнхан! Æрц-тох! Мæй æмæ стъалытæ Цуан кæны денджызы Урсбазыр кæф. Агуры цъингуыртæ, Йс змæлд — кæрæф. Фæлæ дзы уыдон дæр Лпдзыпц цæрдæг, 32
Ансæфынц уайтæккæ, Денджыз — быгъдæг. Кæф дæр уæд бамбæхсы Цъалайы бын, Афтæмæй байдайы Цадæг хъуызын. Баззайы афтидæй Кæфæн йæ хæдз. Гъе мардзæ, иуыл дзы Искуы ныххæц!.. Къаппа-къоппа— къæбæлдзыг Къаппа- Къоппа — Къæбæлдзыг. Къаппа- Къоппа — Хæтæлдзыд. Къаппа- Къоппа — Уæлвæзы. Къаппа- Къоппа — Дæлвæзы. Уæлвæзы дæ Гæмæхсæр. Дæлвæзы та — Пæлæхсар. Дымгæ, Дымгæ, Цкрукъаты Валодя
Дымгæ та дын Аскъæфта Дæ худ. Де ’мбал Та дыл Дæлвæзæй Фæхудт. Къаппа- Къоппа — Футт! Рауар, рауар! Байсыст цад, йæ бын ныххус и, Хæфс йæ зарынæй ныхъхъус и... Рауар, рауар! Бабыз ахаудис уæлгоммæ — Къæхтæ нал кæсынц йæ коммæ... Рауар, рауар! Æхсынæнтæ дон æркуырдтой, Сæртæн зæххы онг æркуывтой... Рауар, рауар! Хуымы уырыдзы ныссæмпæл, Уым ыл бафæлдæхти хæмпæл... Рауар, рауар! О, дæумæ куы бæллæм мах дæр, Къæвда, цæй-ма, рауар тагъддæрГ Рауар, рауар! 34
Арвырдын Фæтдзæгъдæны Къæлæт у? Уым судзгæ чъил Æвæрд у? Нæртон аджы Æлæт у? Сатанайы Уæдæртт у? Хур-цæстыхау — Зынг æрду? Мæйы цалхæн Йæ æмбис? Ацырухсы Кæрæмпс? Æвн мæлхъы Цæхæр сис? Фæсуарын та Æркъæдз ис! Дис ыл кæнæм, Æцæг дпс! 2.У.85 Рагуалдзæг Атадысты миттæ, Бахъæлдзæг и бон. Ихæй арæзт хидтæ Фес-тадысты дон. Хуссæртты фæзынди Цъæх-цъæхид кæрдæг.
М ’алыварс æрзылди Гæлæбу цæрдæг. Дзывылдар ныццавта Хъæндилыл йæхи... Тынгдæр хур æртавта... Зæхх фæхæмпус и. Трактортæ дæр уæртæ Гутонвæд кæнынц. Уалдзæджы æууæлтæ Алыран зынынц. Кæсаг ахсынмæ Ызнон изæрæй Урокты фæстæ Фæраст дæн донмæ Мæ æнгуыр хæсгæ. Ауæзты рæбын Æнгуырæй дарын... Чысыл тъепа мæ Мæстæй куы мары. «Фæлæуу... Ныртæккæ...» — Мæхицæн дзурын. Ысрæтыгътон æй, — Ыстæлфыд сурыл. Æрцахстон ноджы Дыууæ хуыдзыхы: Иу — дуры рæбын, Иннæ — хъæддыхы. 36
Æз уыдон халыл Дзэебæх æркодтон, Æмæ тъæбæрттæй Нæхимæ згъордтон. Нæ дæргъмæ уынджы Тындзгæ ыстæхын Хуыдзыхы къæдзил Ныдзæвы зæххыл. Ныхасы адæм Куы кæнынц дистæ: «Ацы чысыл дзы Уый бæрц куыд систа?» Æрцу, зымæг! Ныр цы футт кæныс, зымæг? Уадз нынннуæд уад тызмæг: Мах нæ тæрсæм, нæ, дæуæй, — Хъарм дзаума нын исты нæй?! Сты нæ дзоныгътæ цæттæ. Мах та хъаздзыстæм æддæ. Тагъддæр урс нымæт ныккæн, Сæвæр быдырты хъæпæн, Доныл цъенга их ныхсид, — Къахдзоныгъ куыд кæна ’хситт! 37
Заз æмæ митын лæг Ног азмæ сфæлыстам Диссаджы заз. Уæртæ-ма, сабитæн Байдзаг йæ раз. Кафæм йæ алыварс, Гъæйтт-мардзæ, цырд! Уалынмæ митын лæг Худгæ фæзынд. Радзуры зачъеджын! — Хызьтн рæвдз дар! — Алкæмæн хордзенæй Сисы лæвар. Фездæхт мæнырдæм дæр: — Рауай лæгау! — Радта мын замманай Атомон нау! Къуыппыл Дысон-бонмæ мит фæуарыд, Зæхх нымбæрзта урс хъæццулæй; Дымгæ фæзты, кæмтты зарыд, Сгæрста алы къуым хæддзуйæ. Бонмæ их ныддæвдæг доныл, Балæст цъалайы бын кæсаг; Халон нал ыссардта холы, Стонгæн алырдæм фæлгæсы. 38
Абон хур куы ’рбакаст ногæй, Митыл уый рухс тын куы схъазыд, Сабнтæи та уæд уæнгрогæй Къуыппыл бацайдагъ и хъазын. Дзоныгътыл æртæхынц къулы, Уæртæ, гъæйтт-мардзæ, уырдыгмæ; Иннæтæ къуыбылой тулынц, Митæй аразынц уæйыг лæг. Октяброитæ Мах — цъæх фæлтæр, Октябронтæ, — Цытджын Ленины Фæдонтæ. Ис фæскомцæдис Нæ фарсмæ, Парти мах Куы хоны размæ. Размæ, размæ, Октябронтæ, — Цытджыи Ленины Фæдонтæ! Хицау суыдзыстæм Æппæтæн: Арвы тыгъд уыдзæн Нæ хæтæн. Размæ, размæ, Октябронтæ, — 39
Сæххæст кæнæм Рухс фæндонтæ. Мæйыл тырыса Æрсадзæм. Уым нæ къæхты фæд Иыууадзæм! Размæ, размæ, Октябронтæ, — Цытджын Леннны Фæдонтæ! Ма скæнут авари! Фарстон сабиты: — Сымахæй Чи цы суыдзæни уæддæр? — Схор-хор кодтой цъалхæй-малхæй: — Шофыр — æз! — Æз дæр!... — Æз дæр!.. — Куыстытæ чысыл куы нæ сты, Иу уæ дохтыр дæр фæуæд. ■— Ницы нæ хъæуы, æрмæст нын Рулыл бадыны бар уæд. — Чи ма хуым кæидзæни зæхх та, Уе ’ппæт шофыртæ куы суат? Кæнæ чн къахдзæпи шахтæ? Фынгмæ чн хæсдзæн бæркад? Фæлæ сабитæн уæддæр Уыд сæ уынаффæ хъæбæр: 40
— Машинæ цыдæрид и: «Волгæ», «Чайкæ», «Жигули», «Запорожец» æмæ МАЗ...— Се ’ппæты дæр мах бар уадз, Æмæ-иу æдзух кæндзыстæм Мах дæр адæмæн лæггад: Алкæй ласдзыстæм йæ куыстмæ, Дзурдзыстæм: «Мах фарсмæ сбад!» Суанг ма космосон ракеттæ (Уым дæр шофыр хъæуы, зон!) Марстæ, Мæйтæ æмæ йёддæм Суыдзæи аскъæрын пæ бон!... — Хорз уæдæ, уæ дзырдæн бар и, Æмæ йæ кæнут æххæст. Фæлæ ма с к æ н у т а в а р и!— Уый та уып мæнæй фæдзæхст. Нымæтхуд Цас дæ фæнды, уыйас худ: Дымгæ мын мæ сæрæй Аскъæфта мæ нымæтхуд Фæсхъæуы изæрæй. Зæххыл атылдис фыццаг; Сисынмæ йæ хъавын. Сурын æн, фæлæ — хъыгаг! —. Нæй, нæ йæ æййафын. Доны уалынмæ ныххауд, Дымгæ та йæ ссоны. Худ уыд сæфынæн æвгъау, Фæлæ ленк нæ зонын.
Былмæ та ыстылднс худ Фаллаг фарс куыддæртæп. Цъус дæлдæр цы стыр хид уыд, Ууыл — дугъ тъæбæрттæй! Уæдæ ныр мæн у, зæгъгæ, Бацыд ныфс мæ уæнгты. Фæлæ ацы ’взæр дымгæ! — Систа худ уæлвæнгты. Сгæпп-иу ластон æз бæргæ, Фæлæ ницæй маргъ дæн: Урс нымæтхуд дæр тæхгæ Хъæуы ’рдæм ныффардæг. Уым æй базыдтой нæ сых, Райыдтой мæ хъазын! -— Ацы лæппу ма уæд сих — ;Худ тæхы йæ разæй. -— Стæ-ма, гамхуд у, мыййаг? Уый дæр йед нæ уыдзæн.. /— Бирæ ам цы ис дзырлдаг? — . Л æ п п у у æ г у ы д з æ г. Дымгæ мын фæсхъæу мæ худ Ку’ аскъæфта мæ сæрæй, Уæд мæныл нæ сых фæхудт ;Иупзæр кæл-кæлæй. Ногдзаутæ Уадындз сиды, Уадындз уасы., - Къах кæиæм æмист. 42
Тырыса Нæ сæрмæ хъазы, — Фндар къухты нс! Рухс — цæсгæмттæ, Дарæс — аив, Галстуктæ — цæхæр, Ба- ра- бан Цæгъды хæрзаив. Къах хъæбæр æвæр! Арвмæ мах Нæ урс бæлæттæ Сæппæрстам — пæррæст! Зарæм, зарæм, Сывæллæттæ! «Мах нæ хъæуы хæст!» Рухс — цæсгæмттæ, Дар’æс — аив, Галстуктæ — цæхæр. Ба- ра- бан Цæгъды хæрзаив. Къах хъæбæр æвæр!
Æхсæртæг (Мæ номæвæрд Джыккайты лæппуйæн) Æфсургъ дын æз æрбакодтон — фæдисон. Дæттын дæм фат æмæ æрдын, цыргъ кард, — Мæхи къухæй зæлдагбаст у йæ фистон: Тых кæнын пæ — тых сæттын у пæ ард. Ыскатай бæх: нæртон барæджы хаты. Хъæбæр-ма йын йæ æхтæнгтæ нылвас! Нæ дын тæрсын лæгæй-лæгмæ хъазуаты, Æрмæстдæр у бæттын-бийынæй тас. Æхсар дæм сиды: «Йа, кæм дæ, Æхсæр- тæг!» — Гуымирытимæ бакъубал фыдран... Ехсы къæрцц. Скалдта арт-цæхæртæ сæфтæг... Фæдисы хъæрмæ атахти мæ хъан’ /Иридæ Иу бон райсом дын мæнмæ Дуар уæздан æрбахост. Байгом æй кодтон, æмæ Гыццыл чызг æрбахызт — Мидæмæ! Æгас цæуай! Ды кæй дæ, ’мæ чи дæ? — Æз дæн мамæйы чызгай, ЧУ мæ ном Иридæ. — Замманай ном у, уæздан. Гъы, цы хур, иы къæвда? 44
Чызг мын радзырдта: æз дам, Агурын æмдзæвгæ. — Цы? Æмдзæвгæ!.. Уый зын нæу, Ууыл та цы тыхсыс? — Æз дæр уымæн ссардтон дæу: Ахæмтæ фæфыссыс. Райдыдтон ын æз кæсын, Хъусы мæм Иридæ. Цæп, куыд у, зæгъгæ, фæрсын, — Дарддæр! Иннæ! Иннæ! Райдыдтон кæсынтæ ног, Дарддæр — карзæй-карздæр! — «Рувас», «Уæрцц», «Дызгъуын», «Коко» Стæй ма «Хъæды арс» дæр... Адон та, зæгъын. — Мæ-гъа... Нæ.. цыма сæ иу дæр... Æмдзæвгæйы хъуамæ уа Афтæ фыст — И р и д æ. Æмæ ахæм фыст кæнын Кæд нырма нæ зоиыс, Бахатыр кæн, фæлæ мын Уæд фыссæг цы хоныс? Цæн, позт нæ дæн, фæлæ Дæн ирон уæддæр та: Азилæн кодтон æмæ Рахастон цыдæртæ. Зæгъын, фынгмæ дæр æркæс... ...Бацымдта мæм иу цай. 45
— ’Рбацæудзынæн-ма дæм æз: Чи зоны, ныффыссай, — Загъта мын æмæ цæуын Сфæнд кодта сæхимæ. Уазæгæн æгъдау хъæуы, — Рахызтыстæм иумæ. Касти хур æмæ сыгъта. Зæхх ыскъуыди фаркæй... Чызг æрымысыд ныр та Мемæ цæуын паркмæ. Ацыдыстæм, уæдæ куыд! — Хистæрыл цы бон и? Куы-иу бæлæгъ мах бар уыд, Куы нæ скъæфта пони. Уым цы нæ федтам æниу! Бахордтам сæлдæг дæр. — Хорз уыд... Нал балхæнис иу? — Иу цæмæн? — дыууæ дæр! Уалынмæ æрцыд изæр, Хур фæсхох ныгуылди. Саби бафæллад æгæр, Мад, фыды мысыди. Мæнæ — галуан. Ам цæры. — Цæй, дæ къух æри, дам. Радтам къухтæ, стæй зæгъы Гыццыл чызг Иридæ: — Хорз лæг дæ, нæ дæ гæды, Стæй нæ дæ чъынды дæр, Фæлæ ма куы зонис ды Афтæмæй фыссын дæр... 46
— Гъемæ кæд мæ бон ысуа... Тынг фæнды мæхи дæр... — Æмдзæвгæйы хъуамæ уа Афтæ фыст — И р и д æ. Фезгъоры. Æз æм кæсын: Уды гага, уæвгæ! Йе ’рбацыдмæ мæн фыссын Ныр хъæудзæн æмдзæвгæ! Дзыбыны хабæрттæ Рараст хæдзарæй Дзыбын, Уæртæ уынджы суайы. Ауыдта дын сисрæбын Уынгмæрзæг дадайы. — Æхсынæнтæ ма ’хсын ды, — Лæг зæгъы Дзыбынæн, — Иауæд ацы марзт уынгты Цйл хатты мæрздзынæн? Уæд æндæр уынгыл фæраст, Уыд æнтъыснæг й’ ахаст. Ам æм хплдасæг æваст Иу рудзынгæй ракаст. Уый дæр йемæ кодта хыл, Хæсгард къухмæ систа: — Уый сæр у æви мæкъуыл? Дæлæ куыд иыффист и! Худннаг кæпыс мæн дæр! — Лæппу йæм нæ хъуыста. Айста уый йæхи дæлдæр Æмæ размæ схуыста.
— Гъей, фæлæуу-ма! — дзуры лæг> — Зоныс мæ?.. Æз дæн хуыйæг! Уый цæп дæргъæн у дæ дыс? Горæт аллайаг кæныс. Иал та ауæндыд цæуын Æмæ раздæхтис Дзыбын. Цыппæрæм уынгыл фæрасти. Ам та йæм цы бæллæх касти? Урс халатджын ус лæууы Ныр нæ размæ — дохтыр! — Мæнæ куыддæтæй цæуы! Ахуырст ма уай дохтæй?! Дохтырты уатхмæ-ма цом, Чъизи у цæттæ низ, Уым нæ уыдзæни æнцон... Судзин уым хъæудзæнис... Цыппар уынджы йын йæ раз Бацахстой «ызнæгтæ». Цу ’мæ афтæмæйты хъаз, Уый дын, гъе, хъуыддæгтæ! Ницыуал ын уыд гæнæн, Раздæхти мæстджынæй. Цæй, гъе ныр цы ис зæгъæн Фистбецыкк Дзыбынæй? С. В. Михалковæн (Поэты 70 азы бонмæ) Кавказы нарæг кæмтты арфæй Нæ Иры цот æмбырдæй ам Дæуæн æрвитынц зæрдиаг арфæ Æмæ бæрæгбоны салам! •48
Дæхæдæг загътай: у хæхбæсты Дæуæн дæ хорз хæлар ирон. Æрцу: дæ фысымтæ цæттæ сты, Æмæ нæм Степæйы æрхон! Уый ракæсид нæ къахыр тигътæй, Нæ тæрсид — хохаг нæу, уæддæр. Æмæ нæ урс-урсид пырд мигътæй Фæуид йæ даргъ къубал уæлдæр. Æмæ ма сабиты дæр хъуамæ Уый йемæ ахонид, уæллæй. Æрмæст-иу ма схизæд Сæнамæ— Куы скъуыра арвы къуск сæрæй! Егъау билет ын балхæн, рафьгсс, — Кæд демæ махырдæм цæуа. Æнæхъæн поезд-иу ын баххуырс, — Дыууадæс вагоны кæм уа!... Кавказы нарæг кæмтты арфæй Нæ Иры цот æмбырдæй ам Дæуæн æрвитынц зæрдиаг арфæ Æмæ бæрæгбоны салам! Джамбот-полиглот Джамбот нын базыдта фыццагдæр Ирон — йæ мадæлон æвзаг, Иæ фæстæ — стыр уырысы ’взаг дæр. Фæлæ йын не сты уыдон фаг. Æндæр кæцæйдæр æвдæм къласмæ Куы ’рбафта скъоладзау, мыййаг,— 49*
Джамбот æрбаддзæни йæ фарсмæ — Дзыхъхъынног базона æвзаг: — Куыд у, куы, уе ’взагыл сымахæн «Æгас æрцу!», «Дæ бон хорз уæд!»?— Иæхæдæг та йæ ног хъонагъæн Иронау амондзæни кæд. Джамботæн цас и, цас, хæлæрттæ! — Мæхъхъæлон, сомихаг, кæсгон... Иæ фылдæр чингуытæ — дзырдуæттæ: — Кæсон сæ ног æмæ кæсон! Дзырдæн цы ’мбæхст вæййы нæ быны— Иæ рагон равзæрæнтæ раст,— Джамбот ма уыдон дæр фæуыны Æмæ сæ бацамоны раст. Ис къласы авд адæмыхатты — Кавказæй... Скæсæн уа... Цæгат... Салам сын хи æвзæгтыл ратты, Тæры уый авд лæджы бæркад. Рацыди салдат хуыммæ Гутонæй тохы фæндæгтыл Уый уыд цыппар азы цух. Фæлæ фæндзæхстоны хъæдыл Къаддæр нæ ныууæзæг къух. Рацыд ныр уалдзæджы хуыммæ; Сæрбосыл хæцæг — йæ фырт. Салдат куыд цин кодта, уымæ Бакæсын дисса’гау уыд. '50
Галтæн сæ фароны къæмдзыг Æгъдтæй æфтауы уырзæй, Анцайы гутоны къæдзыл, Сау зæхх фæлдахы гæрзæй. Сатæг, нæма тæхы дзынга, Бон дæр нæма у æмбис. Уалынмæ сæппæрста дзыргъа Зæххæй æфсæйнаджы схъис. Систа йæ, сыджыт къуыбæрттæ Ахсæста, æмæ куы ’ркаст, Уæд ын æфсæйнаг йæ æрмттæ Судзæгау бакодта раст. Феппæрста бомбæйы тæгæл,— Сæмбæлди æрхы кæмдæр. Арф сагъæс бафтыди лæгыл, Риуыл æркъул и йæ сæр. «Папæ, цæмæи лæууæм? Ауадз! — Лæппуйæн райхъуыст йæ дзырд. — Дæлæ куы ныззул и ауæдз... Папæ, цы кæуыс? Цы ’рцыд?» Ауыгъта ивгъуыды цаутыл Лæг дæр йæ уæззау къух уæд. «Цобе!..» — фæхъæр кодта галтыл, Æмæ та азмæлыд цæд... Фæнд Сабитæ куы ’вæриккой Æгъдæуттæ сæхæдæг, Уæд, цымæ, цы зæгъиккой Дунеты цъæх зæнæг? 51
Ис ма зæххыл бирæтæ, Къæс, кæрдзын кæмæн нæй... Уыдонимæ иннæтæ Хъазиккой лымæнæй. Бавдæликкой зарынмæ, Цинтæ ’мæ хъæбыстæм. Дидинджытæ садзынмæ Батуликкой дыстæ. Сабиты ’мбырд фенкъуысид, Рацæуиккой зиумæ: Хæцæнгæрзтæ денджызы Бакаликкой иумæ, Бар нæ раттид марынæи Иунæг дæр йæ фыдæн. Баззаиккой алыран Къонатæ æвыдæй. Сабитæ куы ’вæриккой Æгъдæуттæ сæхæдæг,— Адæмтæ æрцæриккой, Нал уаид хылгæнæг. Алан Иу мæ сыхаг лæппу ’фсадæй Отпускы ызнон ыссыд. Цин ыл кодтой, æмæ адæм Ацарæзтой уымæн куывд. Бæлццон хабæрттæ лæмбынæг Кодта уым: кæм уыд, цы ран. 52
Уалынмæ дын æм бæгуылæг Бацыд — не ’фсымæр Алан. — Демæ акæн мæн дæр хæстмæ, Шпион ахсын мæ фæнды. — Акæндзынæн дæ, æрмæст ма Иу чысылтæ айрæз ды. — Бафæрс-ма уæдæ нанайы: Æз ныр хохы йас лæг дæн, Æз нæ фæкæуын баппайыл, Æмæ демæ ахон мæн. — Стæй куыд ацæуис мæнимæ? .Ды æфсæддон рæвдз нæ дæ. — Топп — хъæдæй, мæ къæбыс Тимæ — Уыдон Та цы сты уæдæ? — Уым хъæуы æфсæддон дарæс — Динел, пъагæттæ, мæ хур. Мæнæ-ма мæнмæ æрбакæс: Ис дын ахæмтæ, уæд дзур. — Диссаджы рæсугъд пъагæттæ! Адонæй мын иу æрис! — .Иупъагон даргæ кæд федтай, .Афтæ гæнæн та куыд ис? — «Нæгъ-нæгъ» ма кæн ды æдзухæй. Æз дæуæн нæ дæн чъынды: Фæткъуыйы æрдæг мæ къухæй Дал хатты-иу айстай ды? Ратт мын цырыхъхъытæй иуы, Уыдон байуарæм уæд та. — Де ’фсымæрыл худой иууыл, Уый дæ хъуамæ ма фæнда. 53
Ды — цырыхъхъы йас дæхæдæг, Къаннаг дæ нырма, лæппын. — Уæдæ иунæгæй мæхæдæг Шпиои ахсынмæ цæуыы! Фыстæг Кырджалийæ Æрдхорд мын ис Кырджалийы — Æвзонг димитровон. Фыстæг мæм дзы æрбахаста Нæ постхæссæг ызнон. Фыссы йæ цард, йæ ахуырыл, Æрбарвыста йæ къам. Æгас Иры сывæллæттæн- Æрвиты уый салам. Ныффыстон æм, болгайрагау Кæй базыдтон кæсын Æмæ йæ ныв Димитровæн Мæ риуыл кæй хæссын. Болгарийы сæрибарыл Ысхæцынмæ цæттæ Фыдæй фыртмæ кæй уыдысты Нæ Иры сахъ гуырдтæ. Ныффыстон æм, нæ мыггаджьг Хъæбатыртæ кæй уыд, Кæддæр кæй хæцыд Шипкæйы Мæ фыды фыды фыд. Кæй амардта уый туркæгтæй’ Хъазуат хæсты æхсæз, Кæй сын байста сæ тырыса,— Гъе уый ныффыстон æзГ 54
Сæумæ (Æмдзæвгæ — Милы Зилы- Нæй Стайы, Тайы Мæй.) Коммæ Донмæ Цъус Калы Стъалы Рухс. Хохы, Къохы Фын Суры Хуры Тын. Зары Суары Дон. Мусы Кусы Бон. 16.111.83
Цард—зау (Микроæмдзæвгæ) Куыст — Мард: Тыхст — Цард. Хос Нæй; Фос — Уæй! — Бæх, Гал, Сæгъ — Нал... Мыд, Сой Куыд Уой?.. Сау- Мæр Тау, Зæр. Зон: Хъац.. Дон Уадз.. У Хæс: Цу ГæсГ 56
'Стур? ’Сырд? — Сур ТДырд. Хуым Хиз: Уым — Ис! 15.IX. 1987 Ныв "Хуры цæст — Тарф. Мигъæмбæрзт — Арв. Рацыд зæгъ, Сыг. Нал у зæхх Рыг. Хъæугæрон Раст Арвы рон — Таст. 15.111.83 Хуртуаигæс Хомбыл Хасан — Хуртуангæс. Хураууоны Хæрзадæн 57
Хурма хæры, Халыввæ. Халои — хæлоф Хуртуаиыл: Хойы, хойы Хлепа. Халон: — Хасан — хæлиудзых! — Халамæрзæн — Хасанмæ. Халонæн — хафт! — Ха-ха-ха! — Хуыссы халон Хæмпæлты. Хорз хуртуангæс — Хасанбег. Тути Тути тоны Тутатæ. Тыргъы тауы Тутатæ. — Тæргæ, Таму, Тутийы! — Таучел тырын Таму та: — Туаг тутатæ — Тæлæттаг. Тонгæ, Тути, Табуафси! 58
Æхсæвыгон Æнафоны æхсæвгæс Æрфынæйау, æррæхцыд. Æвзæргæнæг æстурыл Æвæлмонæй æрхæцыд. Æрчъибосæй æстуры Æддæдуармæ æккуырсы. Æсулæфыд æхсныфтæ: «Æпчхи! Æпчхи!» — æхснырсы. Æрыхъал и æхсæвгæс, Æмбæхсæнæй æрхызти Æмæ æнæсæрмагъзыл Æхсидавæй æрцыди. Æртæ лæджи (Тагъд-тагъд дзургæйæ) Хæрзæрæджы Бæрзæфцæджы Æртæ лæджы Цъæх хæйрæджы Сау куырмæджы Дардтой саджы Æмæ таджы Райсомраджы Сæрджын саджы Сфыхтой аджы. 59
Хурбон Зиллакк рагъыл Стылди — сырх. Фæсхъæу дагъыл Хъом фæпырх. Доны найы Хур йæхи. Нæууыл тайы Æртæх-хид. Бон ыспиллон, Дзынга — зыст. Хосдзау-зиууон Уадзы куыст. Скæс-ма арвмæ: Иууыл — гом. Сатæг ранмæ Лидзынц хъом. Хæхты фæстæ Хур ныттылд. Хъæдтæ, фæзтыл Зæрин — тыд. 13.111.83. Æрвнæрд Ныннæрыд арв зымæгон хъæды сæрмæ. Арс фехъал, хуыккомæй ыслæсти хъæрмæ: Цæй уалдзæг и, цæй æндæр и нырма? — Хъæпæн митыл чырс бæлæстæ— къуырма.
«Æйтт-уыйтт! Мæи чи сайы?» — æрсой ысмæстьь Иæ хъæлæс айзæлд адæгтæ ’мæ фæзты. Кæмдæр йæ хъусмæ уалдзæгæн фæхæццæ — Фыццаг хатт уалдзæг ракасти йæ дзæццæй. 30.1.85 Мæдинæ Хъæуыл ацы хабар хъуыст — Дæлæсыхы, ам дæр: — Рацыди Мæдийæн фыст, «Ногдзау»-ы — йæ къам дæр. Дистæ, арфæтæ — сæрæй Уый куыд фесгуыхт уа цырд! Фыццаг къласы йын хъæрæй Кастысты йæ радзырд. Уый æрмæст Мæдийæн нæ! — Се ’ппæтæн дæр цин уыд. Къухæмдзæгъд дæр дзы — куыннæ! Хъæлдзæг уылæи ивылд. Кодтой лæгтæ та быцæу, Ахæлиу и тауыс: Чызгæн, дам, йæхи фыст нæу — Фыд ын радта уацмыс. Батыхст тынг йæ дарæг уæд, Хъуыддагмæ æрбæстон: — Цавддур фестон, амæн кæд Исты æз æмбæрстон!.. 61
Стæй мæ зæрдæмæ кæмдæр Ацы куыст нæ цæуы. Ахуыр хорз кæнæд, æндæр Мах йæ фыст нæ хъæуы. Уæдæ цин кæнын æз та Фидæны æфсирыл: Мах хъæуæй дæр уадз æфта Иу ног фыссæг Ирыл! 13.УЯ5 Ибрашкæ Ничи басæтдзæн Ибрайы,— Алы раимæ Мемæ уайы: Хъæдмæ, Хасгæрстмæ, Уæлрагъмæ, Цъититæм, Зæронд гæнахмæ. Хъизæмары хос, Æгæнон... Растдæр — Байраджы Фыдæбон. Ацы хатт Кæсагдзуан Барæй Рацыдтæн Бынтон сæудярæй.
Тахт мæ фæстæ,» Згъордта ме ’мгуыр... Доны барæцыгъта Йе ’нгуыр. Иу кæсаг уал! Дыккаг! Ис ма! Хызын Байдзаг уал Æмбисмæ! Дзурын: «Хъæумæ Фæндаг дарæм!» Нæгъ, дам, Ноджыдæр ма Дарæм! Фæлæ дарддæр Уым цытæ ’рцыд? — Тынг егъау цыдæр Фæхæцыд!.. Лæппу сцырд и, Гъæтт, ивæзта! Сисын æй Куы нæ фæрæзта! Уылæн схъиуы, Уылæн хъазы. Дыууæйы дæр Дон фæласы. Уайтагъддæр æз Уырдæм — гæппГ Æмæ
Зилгæ гуылфы — Цъæпп! •Лæппуйы Бæргæ æрцахстон, Донæй Сурмæ йæ Куы сластон... Къухы — Даргъ, лыстæг Дзæлв-уис; Ууыл — баст Кæронæй хъис. Фæлæ Ие ’нгуыр та, Иæ къæндзы? — Цæст ыл,— Диссаг у,— Нæ хæцы! Кæф æй Ауагъта Иæ хъуыры... Ныр тæлфы Иæхæдæг Уырыл. Бирæгъ-кæсаг — Тынг цыргъдæндаг, У кæрæф Æмæ фыдуæндаг! Хуылыдз дарæстæ Рæвдз ласгæ, 64
Сбустæ кодта ма Ибрашкæ: «Ме ’нгуыр Раттæд мын Фæстæмæ, Науæд æй нæмын — Æстæ-ма!» 6' V 85 Агуыйты мыггагæн сæ кæстæр Барæг... Сиукъфисын нымæт Тигъæй разынд мæнæ. Цухъхъа, басылыхъхъ, куырæт Тынг аив — йæ уæлæ. Топп драгуйнаг æмæ кард Ныфс, æхсар куыннæ сты! Уый сырх орден ын кæм рард, Цавæр ран, цы хæсты? Фиуауындзæн рихи кæд Пух русыл ныздыхта. Хъазахъхъаг ехсæн йæ хъæд Цырыхъхъы æртъыста. — Чи нын дæ? — фæрсæм &й мах. — Агуыйтæй, Ибырхи! Далæ паддзахы гæнах Мах цæфтæй ныппырх и! Дзурынц адæм: — Раст, æцæг: Уыд дæрдтыл дæ сагъæс.— 3 Иæрукъаты Валодя 65
Дыккаг бон та рацыд лæг, У æндæр йæ дарæс. Сæрыл — села худ æнгом, Мæскуы-ронмæ ’вналы. Ног китель, зæрип пъагон, Хуртæмæнтæ стъалы. — У цыдæр хицон йæ каст, Равзарæм æй тагъддæр. — Æз — Темырболат, хæстмаст, Агуыйтæн сæ сахъдæр. Гитлеронтæн фаг фæдæн, Цагътон сæ æгъатыр., Æмæ уый тыххæй куы сдæн Разагъды хъæбатыр. Уым нæ фæдæн, зæгъгæ, æз,— Абон дæр хæциккой. Ацы карз тохæн йæ уæз Рахастон мæхи ’ккой. ...Ног та нæм фæзынди тагъд. Кодтам ыл цымыдис: Худ — пæл’æхсар, ууыл — сагъд Арвырдын мæлхъы сис. Шпагæ хойы йын йæ фарс, Хъеллаугæнгæ схъиуы. — Гъей сæ лæппу! Ма йæ сласГ — Уе ’хсæн Яго чи у? Цъаммарæп цы хъæуы, уый Бакæнон ныртæккæ! 66
Кассио дæн æз — Агуыи: Корто — хенц, æлгъгæнгæ! Лæппу рамбылдта быцæу, Удайст нæ фæкодта: — Иры дзыхъхъы сгуыхт куыд нæу Мах артист Дзибокка! Хаттæй-хатт вæййыи Чермен — Хъобайнаг кæй загъди! Ацы кард-ма цыргъæй фен — Знаджы туг дзы тагъди... Цæй, цы равдисдзæн ныр та: Дзыппы ’рсагъта ручкæ. — Æз — дзырдфæлдисæг,— дзырдта,— Кæн лæмбынæг хъусгæ!.. — Багъæц, ахæм дæр уæм ис? — Ис, поэт— Агыса. А дуне — йæ боп, йæ ис, Раст— рыстæй цы фысса. — Зонæм, фидауцы мыггаг Рагæй стут нæ хъæуы. Зæгъ æххæст: дæхи хъуыддаг Скъолайы куыд цæуы? Иугæр Агуыйтæй — ды дæр,— Де ’нтыстдзипад хъуамæ Ма уа иннæтæй дæлдæр: Рахæсс боныг, йа-ма! Бавæрдта зæрдæ, æцæг, Ам, дам, мæм фæлæуут. 3* 67
Ацыд, фæлæ... нæн зынæг... Сайæг уа, куыд зæгъут? — Хъусут, уæгъды у уæ хъонц — Ис, дам, ын «цыппар» дæр. Цалынмæ йæ скæна «фондз»,— Нал ракæсдзæн ардæм. 7.1Х.87 Цъиуты бон Райсом — цъиуты бон, лæппутæ, Æмæ уæгъды бадæн нæй: Бафистæг кæнæм нæ къухтæ, Ахстæттæ кæнгæ уæм, цæй! Дурæхсæн кæй дзыппы ссарæм, Уымæн не ’хсæн нæй бынат. Цъиуты мах лымæнтæн дарæм, Мах кæнæм хæлæртты цард. Рохуаты нæ уыдзæн иу дæр, Алы къайæн — хицæн уат. Фæлæ хъуамæ зараг цъиутæн Раттæм мах хуыздæр бынат. Цъиутæ, хъусут-ма, æрмæст уæм Махмæ иу курдиат дæр ис: Дарут цæст нæ дыргъ бæлæстæм, Сафут уыдонæн сæ низ! 68
Фæззæг Комулæфт дардмæ — бæрæг, Обæуттыл халас фæхæцыд. Астымты баруад кæрдæг, Æхсынцъы фахсыл æррæхцы. Къабузæй æмпылд сыфтæр Зилдухтæгæнгæ æрхауы. Халæтты уасын, цъæл-хъæр Удыл æрхæндæг æфтауы. Иртæсы цъæх мигъæй сыг... Байдайы уарын æнгæстæ. Агуры хъæмпы нæмыг Бур дзылы æмбонды фæстæ... 1953 Цъыидатæ Зымæджы къæсæрыл Куыройгæс Тъæрæс Ие ’фсинæн куы зæгъы: — Ныр куыд кæнон æз? — Арæзт у мæ зымæг Худ æмæ кæрцæй, Фæлæ мын нырма дæр Хъарм цъындатæ нæй. — Æз цæстæй хорз иал дæи,— Радта дзуапп нана.— Дзимæ та пæма у Кусынтæн нырма!
Мæнæ тагъд фæзындзæи Горæтæй нæ чындз. Къуымбилтæ чыргъæды Ие ’рцыдмæ лæууынц. — Уалынмæ нæм, ма тæрс, Зымæг дæр зындзæи. Салдбазыр дымгæ мыл Ниудзæни, кæудзæн! ...Бонæй-бон хæстæгдæр Хохæй мит хъуызыд. Гъе фæлæ сæ чындз та Курсытæн нæ зынд. Нæу дзы зæронд разы, Нал быхсы, хæцы: — Афоныл нæ цæуы, Ныр цы кæнон, цы? Фыды фыды тыхстмæ Бакатай æмæ Иу изæр Тъæрæсмæ Баздæхти Дзимæ: — Уæ баба, мæхæдæг Бавналин уæд та? Иу хатт ма куы скодтон Гæдыйæн цъында. ^— О, ныууадз, мæ хъæбул, У æндæр дæ хæс — Къуымбилтæн цы зоныс? — Чингуытæ мын кæс. Нæ, фæлæ Дзимæйæн Чиныг нæу æгъгъæд.
«Хорз цъындатæ скæнон»,— Алыг и йæ фæнд. Равæрдта къуымбилтæ, Пирæн уа, æлхуи. Афтæмæй æрмгуыстыл Сифтыгъта йæхи. Пирæнæй — тыхтона, Фæтдзæгъдæнæй — дзæхст, Æлхуи дæр ныццырын — Тæбын ыл нывæзт. Фыды мад ысхъæлдзæг — Амоны Дыдта. Гыццыл чызг фæцарæхст, Цæгыл цæг быдта... Афтæмæй цъындатæ Сцæттæ сты, æмæ Рахаста бабайæн Стыр лæвар Дзимæ. Сыхагæн æппæлыд Уыцы бон Тъæрæс: — Гъе Бæтæ, нæ уыныс? — Мæнæ-ма æркæс: Диссаджы цъындатæ Махмæ дæр ныр и. Адоиыл фæбадти Дзимочкæ къуыри. Ахæмтæ ма хохы Дардтоп æз кæддæр. Цæй, дæумæ куыд кæсынц, Исты зæгъ уæддæр! 71
—Нæй æмбал сын! — зап.та, Дисгæнгæ Бæтæ. Суанг ма сæм хæлæг дæр Бакодта. Уæдæ! 1957 Нæу рох Æд идон — бæх, бæрцытæ, ’взист ром Нывгондæй дур-цыртыл уынын. Йæ разы худ мæ сæрæй систон, Æнцад, сæргуыбырæй лæууын... Мæ цæстыл уайы хæст — сæрсæфæн, Дунайыл туркæгты фыдми. Ам тугæн анхъæвзта йæ лæсæн, Ам — мæнæ рухс ингæи кæм и... Нæу рох болгайрæгтæн, кæй æрцыд Фæдисы дагоймаг хæххон... Æз та сæрыстыр дæн, кæй хæцыд Болгарты амондыл ирон. 6.1Х.61 Салдат Знон банцад тохы хъæр нырма. Кæмдæр ма кæмттæй хъуысы й’ азæлд, Сты дуртæ, бæлæстæ къуырма, Зæххыл кæрдæг дзæбæх нæма сзæлд. Салдат йæ хæдзармæ æрцыд, Йæ сæрæй систа фронтаг каскæ. «Тæхуды,— загъта,— æмæ ныр Дыккаг хатт ’фсæддон дарæс ма скæ!» Г2
Фæфыста хъаймæты хæстæ, йæ туг æнæвгъауæй ныккалдта. Уæддæр йæ Райгуырæп бæстæ Фыдгулæн карз тохы иæ радта. Сæ къулыл сауыгъта йæ кард, Йæ куыстмæ уайы рухс хæдзарæй. Фæнды йæ, дунейыл сæ цард Куыд хæссой адæмтæ хæларæй,— Цæмæй нæ ныййарæг — нæ мад Æдзухæй мауал бада дудгæ, Цæмæй пæ сабитæ æнцад Фæлдахой дамгъуат чиныг худгæ; Цæмæй хæстон цырыхъхъы фæд Нæ зына ирд сæууоп æртæхыл, Цæмæй-иу хъæлдзæг мæргътæ сæрд Уæндой æдæрсгæйæ æртæхын... Фæлæ куы ракæна фыдуад,— Салдат та рацæудзæн фæдисы, Цæмæй нæ уый фæстæ йæ кард Æнусмæ мауал хъæуа исын! 1952 Зарæг Советон Æфсадыл Тауы пæ хуымон æдæрсгæ, Авдæн мад узы сындæг. Урс бæлон стæхы пæррæстæй, Арв у нæ сæрмæ сыгъдæг. ^азард: Иу туг дæ, иу ыстæг немæ^ Иу у нæ къона, нæ арт. 73,
Хъахъхъæныс амонд дунемæ, Уарзон Советон Æфсад! Сабыр цард аразын, кусып — Махмæ æндæр бæллиц нæй. Амонд куыд ысуа æнусон, Дзыллæ куыд цæрой фæрпæй. Базард: Иу туг дæ, иу ыстæг немæ, Иу у нæ къона, нæ арт. Хъахъхъæныс амонд дуиемæ, Уарзон Советон Æфсад! Чи уæнда махмæ лæбурын, Чи уадза мах риуты маст, Уымæн йæ æлгъыст бындурыл Суадздзыстæм сау зынг æваст. Ъазард: Иу туг дæ, иу ыстæг немæ, Иу у нæ къона, нæ арт. Хъахъхъæныс амонд дунемæ, Уарзон Советон Æфсад! 20.У.75 Хоры зарæг (Æлбегаты Харитоны номыл) Уæй, уæртæ, зæгъы, цингуывдтæ кæнынц, Ой, Хуымæллæджы, Ой, Хуымæллæджы! .Уый, зæгъы, куы нæ у, куы нæ, мæ хуртæ, Ой, хуымæтæджы, ^Ой, хуымæтæджы! 74
Уый Æлбегаты сæрæн Харитон, Ой, куы басгуыхти, Ой, куы басгуыхти! Йæ къухвæллойæ Цæлыччы быдыр Тугыл аскъуыди, Тугыл аскъуыди! Нæртон диссагау æрзайын кодта Сыгъдæг сызгъæрин, Сыгъдæг сызгъæрин! Фæхсдæндаг нартхор, бакæсут-ма йæм,— Æцæг æрмæрин, Æцæг æрмæрип! Алы рæттæй йæ æвзаргæ лæгтæ, Ой, куы агурыиц, Ой, куы агурынц! Æмæ дзы, зæгъы, зынаргъ мыггæгтæ, Ой, куы ракурынц, Ой, куы ракурынц! Налхъуыт нæмгуытæ бирæ бæстæты-, Ой, ныссадздзысты, Ой, ныссадздзысты! Æгас дунейыл хæлар æвзартæ Уæд куы суадздзысты, Уæд куы суадздзысты! 1961 Уæхи аххос у (Зарæг) Мæсты мæм кæнынц дæ пыййарджытæ, Дæ мад бынтондæр катайы бацыд:
Ныссæста, дам, нын нæ дидинджытæ, Нæ чызджы, дам, нын æицад нæ уадзы. «Фæкæс, æмæ та гæххæтты гæбаз Æрбацæйдæтты нæ гом рудзынгæй. Бæргæ йæм фестын, фæлæ та сылваз Иæ къух фæтилы цæхгæрмæ уынгæй. Нæ сых дæр ма йæ хонынц «нæ сиахс», Ныззардзыстæм, дам, рæхджы «уæрæйдæ». Нæ хæцаг куыдз дæр кæд у фысы йас, Фæлæ йыл сахуыр... Цу, марадз, гъæйдæ!..» Уæхи аххсс у, буц ныййарджытæ: Куы нæ уæ хъуыди рæсугъд чызг хæссын! Æрзайдзысты та уæ дидинджытæ — Æрмæст уæ чызгæн фæкуырдæй тæрсын 1957 Лъæззы ТТьæззыйыл уæдæ 'Кæм не ’мбæлы лæг! Пъæззы у махæн <Фыдбылызгæнæг. Къаххъæр дып не скæндзæн, Цæст æй иæ уыны, Афтæмæй алы ран ;Уайтагъд фæзыны. Тыццыл чызджытæ ’мæ Гыццыл лæппутæи Пъæззы уæлдай тынг Тæссаг у сæ удтæп. /6
Къласмæ сæм баца^уы Уыцы хæйрæг,— Суанг æй нæ фендзæни Ахуыргæпæг. Чи нæ-иу базоны, Дзырдæн, урок, Уымæн йæ рагъмæ Ысхизы уæлвонг. Иугæр дыл лъæззы Фæхæст, зæгъгæ, уæд Нал дæ ысуадздзæн Цæрæнбонты уæгъд. Хъахъхъæнут, сабитæ: Уыцы пъæззы У’ алкæй фæдыл дæр Æдзынæг кæсы. Фæлæ йæ ныхмæ дæр Уымæн и хос: Хпстæрмæ хъус æмæ Ахуыр кæ хорз. Сæрæн сывæллæттæй Лидзы пъæззы... Ацы æмдзæвгæ дæр Йæ ныхмæ бæззы. Зондаба æмæ /Ьрраби «Дон хæссæм тæсчъы!» — Загъта Æрраби. «Уый та куыд фæтчы?» — Фарста Зондаби. 77
«Хур-ма æрисæм!» — Сдзырдта Æрраби. «Нæй йæм ысхизæн»,— Загъта Зондаби. «Слæууæм нæ сæртыл!» — Ратæвд Æрраби. «Ма фæзм æвзæрты!» — Домдта Зондаби. «Басудзæм кæрдæг!» — Сцырд та Æрраби. «Фос та цы хæрдзæн?» — Батыхст Зондаби. «Аппар дæ чиныг!» — Сцырд та Æрраби. «Афтæ нæ чины»,— Фепкъард Зондаби. «Æз дæн зондаби!» — Загъта Æрраби. «Уæд æз — æрраби», — Бахудт Зондаби. Нæ сыхæгтæм —„Жигули* Нæ сыхæгтæм цы хыл и: Фырт хæцы йæ фыдмæ, Балхæ, дам, мын «Жигули» Афæдзы æмгъуыдмæ. Фыд кæны æбоны дзырд: «Нæй капекк хæдзары...» «Уæдæ уæртæ Годзы фыд Уыцы ’хца кæм ары?» 78
«Ууыл нæхи ма барæм — Фидар у йæ уидаг, Кусы дæлæ базары, Уым кæны æфтиаг». Мад дæр дзуры æгъдауыл: «Хæдзар куы у кæсинаг...» — «Уæдæ феыæм, кæд ма уын Бахæрон хæринаг! Ацы бонæй фæстæмæ Нал систон къæбæр дæр!» Мад, фыд фесты лæгъстæмæ... Дурæй уый — хъæбæрдæр! Хъуыддаг рæстмæ фæкъул и, Хал æвæрынц халыл. Годзмæ куыд уа «Жигули»,— Архайынц амалæй. Мадæн ныр куыст — балцытæ: Мннск, Душанбе, Ригæ... Сласы бпрæ алцытæ — Уым вæпйы къуыригай. Беслæныхъæу. Базары Къахыдарæс равæр! Алчи дзаума равзары — Импортни— йæ тавар. Фыды змæлд дæр — зæрдæйæ: «Циу мæ куыст æрмадзы?» Права-бартæ — цæттæйæ Бабадти ныр МАЗ-ы! Лæг æхсæвдзу фестад, Аууонмæ — йæ нывæзт: 79
Уæй! — фæйнæгæй, зестæй, Писи уа, чъырызмæст. Æмæ афтæ куыддæртæй Æхца стымбыл,— цас хъуыд... Иу бон куы уыд,— сæ кæртæй Ног «Жигули» суасыд! Годз ныууагъта йæ тæргай, Нал у ныр æнахъæл. О, фæлæ дзы хæдæгай Иу хабар куы рахъæр: Нæ сыхæгтæм джигул и... Уый та уын сæ «Жигули»! Богал Богæлтты æрцыдыл Кодта цин æргом. Баййардта йæ фыды: — Райс билеттæ, цом! Сбадтысты дын разæй... Нæй хъæлæба, сым. Адæм уый ныхасæй Байдыдтой тыхсын: — Ма йæ суадз, æвдæрз æй: Цну дын уый — лæппын! Ацахс ын йæ бæрзæй, Ацæгъд ын йæ хъуын! — Нал дæ стæм нæ сæрæн! — Систой йемæ хыл. 80
Тæрхонгæнæг дæр æм Бавзыста чысыл. Тардтой йæ æддæмæ,— Ма бакома, цы!.. Уый уæдæй фæстæмæ Агуры хæцын. Хæцъæфтæ — хъандзалæй,, Гомæй риу хæссы. Алкæцы амалæй Йе ’мбæлтты бырсы. Фехсы сæ йæ сæрты, Бирæ у йæ бон. Мах уынджы, нæ кæртьг Уый у чемпион. Афтæ йын æнтысы! — Хъуамæ суа богал. Дунеон ерысы Схауæд-иу йæ хал! „Абырæг" Гуыв-гуыв, дзыгъал-мыгъул, ызмæлæг Цæй бæрц и стыр уынджы, цæй бæрцГ Уæддæр сæ дзолгъойы фæбæрæг Асфальтыл цæфхæдты къæрцц-къæрццг Кæцæйдæр горæты тыфылмæ Æрбафтыд иу лæппу бæхыл. Фæтæхы, бакæсут-ма уымæ! — Æппындæр нал хæцьг зæххьгл. 81
Кæм фæндаг слыг кæны цæхгæрмæ, Дугъ уадзы трамвайтимæ, гъæтт! Нæ хъусы адæмæн сæ хъæрмæ: Сæгуытау клумбæтыл — сæррæтт! Цы дзы уыд диссагдæр, зæгъон æй: Фæмидæг иу лифты æваст... Æмæ дын иумæйаг балкъонæй Бæрзондæй адæммæ æркаст. «О, царциат! Фарæстæм уæладзыг... Куыд нæм ысхызт цымæ æд бæх?...» — Фæтарст дзы иу чидæр, фæуадзыг, Æрхауд, йæ къæсæрыл ныддæргъ. «Фæзынут тагъд — бæхджын абырæг!» — Уым чидæр телефонмæ уад... Æрфистæг лæлпу дæр, мæгуырæг. Сæргуыбырæй лæууыд æнцад... Чысыл ма афæлвæрдта тлифтыл, Зæгъгæ, уынг фенхъæлдтон æз сапп. Æд бæх æн рауагътой уым лифтыл. Дæтдзæн йæ сонт митыл ныр дзуапп. Р1æ хабар лæппуйæн фæдзырддаг — Рæстмæ нæ рауадис йæ «дугъ»... Æз та йын бакæнин йæ фыццаг Быдираг уадæмуай æфсургъ! 21.У.85 €2
Гино æмæ Мила (Мульти-æмдзæвгæ) Куыдз уыдис уæд бирæгъдзуаны хъæды,. Гæды та — уырыты ныхмæ хæсты.- Хæдзар уæдæ ныр цымæ кæй бар уа? — Баззадысты лæппынтæ сæ бæсты. Чысыл Гино тынг фыдуæгтæ кодта, Уымæй фыддæр чьгсыл Мила разынд: Иу дзы царвы атъыста йæ къæдзил, Иннæ ацъыртмиз кодта сæ базыл. Телефонæй Домбаймæ фæдзырдтой, Мах, дам, дæ æрнæмдзыстæм, сыстбецыкк! Уый дæр сын: «Ныртæккæ уæм фæцæуын!» — Æмæ тæссæй балæстьгсты пецьк Хæдзар сызмæст, арвистон дзы рауад. Гæпп, гæррæтт! Уым базы пакъуы цагътой. Уый дæр та сæм фаг, æгъгъæд куы нал каст,, Уæд сæ фатер гомдуарæй ныууагътой... Иуырдæм сын бабæззы троллейбус, Иннæрдæм æрсенк ласынц трамвайы. «Цæй, ныр та уал акъæмс кæнæм’ исты!..» — Хусысмагмæ комыдон æруайы. Дард ранæй æрцæуджытæ кæм вæййынц, Бадынц уым дыууæйæ — «Интуристы». «Карчы фыд-ма рахæссут Милайæи, " Стæй мæнæн та фиуы кæрдих-исты!..» Авæрдтой сын нард хæйттæ сæ разы. «Мяу!» — «Гъæу!» кæнгæ бавнæлдтой хъуыддагмæ.. 83*
Хорз фæминас кодтой уым сæхицæн, Хъарм æхсыр дæр анызтой фæстагмæ. «Афидут, мæ хуртæ, ныр уæ хæлцæп!» — Раздарæнджын дамкъа сæм æрхаты. Ахсæм уал нæ сой-дзæмбытæ раздæр, Зæгъгæ, Гино ахæм дзуапп куы ратты. Аисты дымд-далагъан... «Хъалагъур!» — Рувас-буфетгæс тылдта йæ къæхтæ. Фæлæ уыдон — Терчы фале мæнæ Æмæ сидынц ноджыдæр бæллæхтæ. «Мах — артисттæ!» — уыциу гæппæй циркмæ Бафсæрстой æнæбилет хæлæрттæ. Раззаг рæнхъы рабадынц бæгуытау Æмæ мысынц ног фыдбылыз уæртæ: Домбайы хъуынджын æккоймæ — сæррæтт! Уайтагъд систой кафынтæ æнæнхъæл. Гино цармы ауагъта йæ ныхтæ, Цыргъ дæндагæй къæбыла ныззæгæл. Домбай дын фæбогъ ласта æрвнæрдау,— Тæссæй лидзынц циркдзаутæ фæйнæрдæм. Мила, Гино расхъиудтой сæ сонтæй, Се ’ргом уынджы сарæзтой дæлæрдæм. Нал æвзæрстой ницыуал æппыпдæр,— Ай цæуæг у, сырхцæст светофор у. Уалынмæ æхситгæнгæ сæ фæстæ Егар — уаг, æгъдауæвæрæг — згъоры. ...Стыр Бульдог йæ кабинеты бады. Фыр мæстæй йæ цæстæнгас ныттар и: 84
«МАЗ ыскъуырдта цъупдзагæй КамАЗы, Рауади сымах фыдæй авари!» Уым ныффыстой карз уынаффæ — суагъæ. «Уат» сьш радтой къулбадджытæн хибар. Хæдзармæ дæр байхъуысти сæ фыдгæнд,— Ныййарджытæй алчидæр фæивар. «Ратдзыстæм, цы бахъæуа гæртамæй — Фыд, хъаймагъ, сырды цæрмттæ дæр ноджы,— Рауадзут сæ, рауадзут, нæхимæ!..» Нæй, нæ бантыст балхæнып Бульдоджьг. Дауынц ныр фынддæс суткæйы къанцы Гино, Мила — уадз æмæ дзы джиуой! Исчи ма сæ скъæра кæд хынджылæг, Искуы ма сæ къæдзилтæ кæд схъил уой! 27.11.83 Фæзмæгой Бадæм чиныгыл: уым ис Зарæг — «Гино, гино, гисс». Æмæ Дзим ныууасыд: ми-ау! — ’Раст цыма гæды уыд, уыйау. Иннæ фарсыл — куыдз нывгонд... <«Ма та райдан, Дзим, фæлæуу!» 'Уымæн — галиумæ йæ зонд, Æмæ та кæиы «гъæу-гъæу!» ’Ноджы — теуайы кой дарддæр... Фестад Дзим, фæуагъта партæ, ’Иа-мардзæ, дыууæрдæм реуа: Афтæ, дам, фæкæны теуа! 85
Машинæйы коймæ худт Æмæ кодта «бипп! ду-дутт!»^ Дзимæн — диссаджы хъæлæс; Алкæй, алцыдæр фæзмыдта, Фæлæ йæ уроктæй фæрс, Уæд къуытты уыди... нæ дзырдта!' Скъоладзау бындз Нæу та йæ хынцинаг Конд æмæ фыст. «Уымæй куы фервæзин!»-— Лæппу ыстыхст. Ахылы, амылы Кодта зынæй: «Игрек» ыссардтон, «Икс» та нæй. Мад æмæ фыдæн У куыстмæ цæугæ, Фæлæ æрбадтысты Æмæ — хынцгæ! Гæххæттыл ивылы Нымæцты зæй. «Игрек» бæргæ бафтыд,. «Икс» та — нæй. Бинонтæ катайыл Систы, æмæ Куы кæмæ бадзурынц; Куы та — кæмæ: «Алло! Нæ хæрæфыртг,. Бахъуьгд дæ сæр:. 86
Мæнæ-ма хынцинаг Афысс рæвдздæр!..» «Алло! Коллегæтæ! Хъусут-ма!.. Иед... Исчи уæ разынæд, Гъæтт, Архимед!..» Фараст инженеры Баифтыгътой, Фондз агроиомы дæр Гъæйттæй хыгътой. Дзурынц кæрæдзимæ Телефонтæй. Мад æмæ фыд дæр Куы лæууынц гæппæй. Алырдæм абарынц: Уæдæ куыд уа?.. «Игрек» бæргæ ам ис, «Икс» — нæма... «Цавæр зын арæн у? — Дзуры нана.— Зæронд чырыны йæ Фенут уæд та!» Дзуры дада дæр сæм: «Райсут æфстау — Сыхæгтæй никæмæ Разындзæн, ау?» Зæрæдты ныхæстыл Худын æмбæлд, Фæлæ ма уымæ дæр Искæй æвдæлд? 87
Диваныл ауæлгом. Бындз дæр дзæбæх, Гуыбыныл сæвæрдта: Гуылты тæбæгъ. Дасы, æмпулы сæ Æмæ ныфсæст. Сахаты цыдмæ дæр* Дары йæ цæст. «Уæ папæ, мамочкæ, Схауы мæ уд! — Ницыуал æмбарут? Тагъддæр кæнут!» Сихормæ нал баззад- Бирæ рæстæг, Афтæмæй хынцинаг — Къахыр, æрдæг... Мад æмæ фыдæн Куыднæ у уый маст? Мадмæ уæд иу фæнд Куы ’рцæуид æваст: «Далæ Мæскуыйы — Мæ тиуты кæстæр! Уый йæ куы нæ скæна,— Ничи — æндæр! Цу, нæ лæг, адзур æм;. Хынцинаг, зæгъ!» Ногæй та — телефон, Ног та — дзæгъ-дзæгъ.... Скъоламæ рæвдз кæньпг Афон у ныр... 88
Уалынмæ сдзырдта Мæскуыйæ Батыр: «Быцдзæн йæ хынцинаг Раст фыст нæ уыд...» Афтæ ’мæ афтæ, дам, Саразут хыгъд. Бындзæн йæ хынципат ’Срæвдз и, ура! Фыдæбон чи кодта,— Бирæ цæра! Лæппуйы скъоламæ Скъæфынц: ду-дутт! — «Волгæ» сæм ахæм п — Балгъуыз, рæсугъд! Бинонтæ — цъиувæдис; Хорз æфсон уыд, Æмæ сæ фатеры Сарæзтой куывд. Фараст — инженертæ, Фондз агрономы Систой уым нуазæнтæ Бындзæн йæ номыл! Дзиу Дзиу — нæ сыхæгты лæппу. Уый æвзæр нæ хонын. Фæлæ разынди тæппуд... Иу хабар дзы зонын. 89
«Атезгъо дæ кæд фæндьг,— Дзурынц ын,— уæд ма йын. Схæццæ кæн йæ сихор ды Хъæдбынмæ дадайæн!» Зæххыл худгæ хур тылди,. Хуссæрттæ сыгъдысты. Дзиу та мыддартæм цыди Тынг бæзджын фæлыстыг Тарсти калм æмæ бындзæйг Мæтыхы пæррæстæй, Пысыра æмæ сындзæй, Хъæндилы фæхæстæй. Нæууыл цырыхъхъ уадзы фæд... Дзиу йæ фæндаг дары... Ныр кæд æрулæфдзæн, кæд, Мыдгæсты хæдзары? Æрдуз — арф хæмпæл, дзыхъхъау... Къах-иу цилы аныхст. «Калм, æллах! Хæцы мыл, уауу!» — Лæппуйы хъæр райхъуыст. Хызын феппæрста æмæ... Хуын дæр уым фæуагъта, Лæппу афтæмæй хъæмæ Р1ахгæнгæ ныццавта. Быдырдзаутæ— гъæтт, фæдис! Æз фæдæн сæ разæп. Дзиу ма удмидæг уыдис, Иу цыбырныхасæй... Худæг тæппуды фæрцы Бахæцыди махыл. Цæй, уæддæр цы ’рцыди, цы? — Лывдзæг стыхст йæ къахыл!.. 90
Тæркули (Ног æмбисонд тæрхъусты цардæй) Тæрку æмæ Тæркуса, , Сæ иунæг фырт — Тæркули... Дзæбæхæй сын æркуса, Амонд уымæ æркъул и... Каст сын фæци уый скъола Кæмдæр æмæ куыддæртæй. Хъуамæ йемæ æрхона Иæ хæлæрттæй кæйдæрты. Æмæ цалдæр хъоиагъы Æрбахизынц æфцæгæй. Хъæудзæни сын е’благъуæ Халсар æмæ кæрдæгæй. Се ’рбацыдмæ— сæ фынгтæ — Ног къабуска, цæхæра, ’Сырх уырыдзы — уырынгтæ, Лæджирттæг уа, æндæр уа — Залмы сыфтыл хæларæй Хæлц æвæрдта Тæркуса... Хъуамæ гъе ныр æвналой, Сæ хъæр-ныхас фæхъус уа. 'Фæлæ уыдон кæндæртау Хастой ам дæр æфсæнттæ: «Ды, Тæркули,— æнæгъдау, Адон цы сты? Хæмпæлтæ! Ды нæ уыдтæ хынцинаг, Алчидæр нæ куы сразы, Исты адджын нуазинаг Цæуылнæ ис нæ разы?..» 91
Хуыппаг разынд сæхимæ... Дымынмæ та — гæны рыг... Сæ хæрд, сæ нозт— æлгъимæ, Дзæгъæл чыр-чыр, уæгъд пыррыкк, Тæркулимæ — тамако, Цыдæр чъиу дæр æууилы. «Уыдон фæзмын ды ма ком!! —- Мад гæндзæхтæ куы стилы.— Æхсынын дæм кæд цæуы,— Марадз, уæртæ — бæрзы цъар[» «Уый модæйы нæ цæуы, Бахъуыды дар, мæ дзыцца!» «Гæнгæлы дын, кæрог дæр — Æнæнизы кæрдæгхал...» Фырт нал хъуыста бынтоидæр, Чъыллипп кодта, æгæр хъал... Иæ галиу хъус ныззæбул, Иæ цæст фæирд, фæцырагъ.. Уалынмæ дын сæ хъæбул Къудзирæбын æрдыдагъ. Чи ма хæцыд йæ къахыл,— Ратас-батас кæфтытæ. Рауади сæм хылкъахæн, Кæрæдзийæн — хæфтытæ. Лæууьшц зæххыл фæлдæхтæй. Цы уыдзæни фыддæр ма? Уыцы боны бæллæхтæй Риссæм æргом ныр дæр ма... Тæрку æмæ Тæркуса, Сæ иунæг фырт — Тæркули... 92
Мадмæ чи уæ иæ хъуса,— Йæ цардвæндаг фæзул и..„ Бæбила Атезгъо кæнид, Фæлæ Бæбила Фистæгæй горæты Къуымты куыд зила? Фыд дæр ма уыцы Хæдтулгæйæ ц’ аразы? Дары йæ кæрты Æхгæдæй йæ гаражы. Агуры лæппу Зæрип-бур дæгъæл... Гаражы дуарæн та Сбæззыд зæгæл! Адæмы дзолгъо Куы бацыд йæ тынгмæ,— Машипæ ратылдта Кулдуарæй уынгмæ... Мæнæ «Жигули» Лæгау уый ыскъæры, Зоны йæ уромып, «Скорость» æвæрын. Руль уый æрзилы ’мæ Байдайы зарын: «Никæй къуырын æмæ Никæй хъыгдарын! 93
Машинæ скъæрын Куыд зонын,— уынут? Ай та йæ уасæн у: Дутт-дуду-дутт! .Иннæ гыццылтæ дæр, Дæй, мæн фæзмут: Папæты гаражтæ Байгом кæнут, Æмæ мæ фæстæ Халæй тæхут! Мæнæ цы дзæбæх у: Дутт-дуду-дутт!» — Ма хъусут, гыццылтæ, Ма йæ фæзмут. Папæты гаражтæ Ма гом кæнут: Ахæм «сæрæн лæг» Иæ туджы фæмæцы. Дæлæ куыд фентъæры, Цæст .ыл иæ хæцы...» Руль та æрзилы ’мæ Байдайы зарын: «Никæй къуырын æмæ .Никæй хъыгдарын...» Цæхгæрмæ уынгæй дып Трайлер æрбазынд. Лæппунæ фæцарæхст, Иуварс нæ азылд. Уый ма кæй бои уыди, Уадау тæхгæпæ? 94
Æмæ сæ тæрныхтæ Сцавтой дыууæйæ. Уастæн дæ фыдгул дæр Уыйау фæхъил уа! Рудзынгæй асхъиудта, Адæргъ Бæбила... Уæйтæккæ милицæ Фæдтæ куыд барстой, Дохтыртæ лæппуйы Сынтыл куыд хастой, Чиныгмæ уыдон Нæ хъæуы хæссын: Хабар фæстагмæ Куыд рауад,— фыссын: Абон нæма лæууы Гипс-тыхт уæрджытыл. Арæх æй ауынæм Дуармæ лæдзджытыл. «Мæйног дыл скаст, æви?» — Исчи куы афæрсы,— Армы тъæпæнæй Йæ сæры нос амбæрзы. Роботтæ-хъазæнтæ Рахуыдта тезгъо кæнынмæ Робот-сабийы йæ фыд. Фырт нæма арæхст цæуынмæ, Æмæ иуварсмæ хæцыд. 95
Феуæгъд и... дзæгъ-дзæгъ... фæтæхы: "Рог гæппытæ ’мæ хи-хи. Бахауд уалынмæ бæллæхы: Скъуырдта трамвайыл йæхи. Æмæ разылди йæ зиллон, Цъæттæ нал ысты æлвæст, Телдадзинтæн скалд сæ пиллон, Ахуыссыди цырагъ-цæст. Фыд ын аздыхта йæ хъандзал, Æвдузæн æрцыд æвæрд. — Цæй, дæ пыс-пысæй-ма банцай! Дзырд кæд бамбардзынæ, кæд? Д’ антеннæ ныззæбул мæнæ, Контактмæ нæ дарыс хъус. Ма хиз искæйы уылæнмæ, Ды дæхи уылæныл кус. Робот мын дæ ды æрмæстдæр, Садзгæ зонд нæ сæрты ис: Тыпг куы баздухынц нæ лæсгæр, Хъуамæ ма кæнæм уæд хъист. Куы ссыгъди хæст Куы ссыгъди хæст — фыдыбæстон, Уæд абырыди къудзиты. Ныууæй кодта лæджы цæсгом; Нæ хъæдбынæй — йæ гудзитæ. Æхста æрмæст партизанты, Æхста, зæгъынц, фæндзæхстонæй. Нæ ныи фæци чысыл зиантæ Фашисттимæ æмдзæхдонæй.
Г1æ цард уыди хæрз пицæйаг, Æрвыста йæ дыдзæсгомæй. Куыд ма уæнды пъæлицæйаг Нæ ныхасмæ? Цы цæсгомæй? Фаг не ’рцыди æфхæрдтытæ: Фæзынди йын хæстæджытæ. Ыссардтой йын гæххæттытæ, Фæкодтой йæ сыгъдæджытæ. Ныр немæ ’рбады иу рæгъыл, Куы бамбæхсы йæ фæндйæгтæ. О, ма ’ууæндут лæгбирæгъыл: Цыргъ нæм дары йæ дæндæгтæ. Цы ма кæсæм, цы хорз бонмæ? — Йæ хъуыддаг ныы æвзаргæ у. Уæпгæнæг пын къæлæнчомæ Æзæстиатæй æппаргæ у. Коко—колхозон Куыстæй дыы фæлидздзæн, Афтæмæй Коко Агуры йæхицæн Хай дынджыр — попо. Нал æй уагътой,— ацыд Быдырмæ Коко. Ам дæр та кæм уадзы Сайд митæ Коко. Бригадирæн загъта: «Рувдзынæн, о, о!» — Дзургæ йæ фæуагъта — Раяымдта Коко. 4 И*фукъаты Валоля 97
Ацауæзта куырой Хъæугæрон Коко. Райгæ у дæ гуырæй Гъе ныр, гъе, Коко! Зæронд лæг фæмæсты,—* Бахаудта Коко... Снадта йын йæ фæрстæ. Ие ’взæр та фæкой. Иу чидæр йæ сæгъыл Сæвæрдта «Коко», Æмæ сæм æхсæвæй Слæбурдта Коко. Бахауд фос бæллæхы: Кæвдæсмæ Коко Бауад, снадта сæгъы: Ма, дам, хуыиы «Коко». Къамтæ ’ркалы дурыл Фокусник Коко. Райхъуысы йæ дзурын: «Ракъуырдтон очко!» Сабиты нæмыныл Сардауы Коко: «Дур ыл цæв — нæ уыны, Баппар ыл гыркъо!» Цæуджытыл дæр дурæй Н’ ауæрды Коко. Ннкуы ’рцæуы хурæй Хæдзармæ Коко. Гъе ныр дæр та хидыл Уæртæ сбадт Коко. 98
Худынц ып йæ митыл: «Гъе, уæууæй, Коко!» 2.У.1956 Гуылсевзаг Рагæй дæр æз «р» нæ дзурын Æмæ тынг тыхсын. Кæд зæгъын фæхъæуы «дурып», «Дулын» уæд зæгъын. Бахъуыд помдартæ æрхæссын. Сдардтон къух: «Цæлгæс!» Ахуыргæпæг мæм иыккæсы: «Ма сæ хон æнгæс: «Цæргæс» маргъ у, арвмæ стындзы, Уарзы уым хæтын; У «цæлгæс» та лæг, гуыбыидзæл, Хъахъхъæны гуыдын... Демæ стыр бæллæхы фестæм, У мын зын, хъыг у! «Л» ’мæ «р» дын иу мыр пе сты, — Бамбар-ма йæ, гугк! Цавæр рох сæ кæныс, цавæр? — Ахуыргæнæг стох.— Ныр куыд дæм кæсы дæ уавæр?» Холз, зæгъын, нæу лох... Уыцы дзырдмæ ме ’мбал стæлтæг- (Лох хуыпдис йæ ном): «Ды къуытты куы дæ дæхæдæг, Уæд æвзæр æз уон?!» 4"
Дарддæр райдыдта тъогъыллæ: Иргъæвтой дæсæй... Алкæддæр вæййынц мæ хылтæ «Р»-йы аххосæй. Дохтырмæ дæр ма ныццыдтæн. Загъта мын: «Мæ хур, «Р» кæм хъæуы, ахæм дзырдтæ Арæх-арæх дзур!» Уæрко Хъæуæй пын мады хо фарон Сласта лæвар: Урс уæрыкк; айдæн тæрныхыл — Сау тæпп, зыгъар. Æвдæм уæладзыджы уазæг Немæ æрцард. Баззад йæ хизæнуат уымæн Быдыры дард... Радтам ын фатеры тыргъы ’Хицæпæй къуым. Иу чысыл пух гобан пъолыл Байтыдтам уым. Урс хъуын — сæрвасæнфаст, ноджы Бецыкк — æлвыд. Кодтам æй ваннæйы арæх Сапонæвдылд. Къапнæгæн æвгты æхсырæй Дардтам йæ фаг. 101)
Печени, зæгъай, къафеттæй — Никæддæр хъуаг. Сыхæгтæ уадысты къордгай Уымæ уынæг. Бирæтæ чысыл уæркомæ Кодтой хæлæг, Ницæмæй баййæфта никуы Схуыст, йе хъыгдард. Фæлæ дын иу заман, оххай, Сгæмæл, нынкъард. Нал иста сабиты къухæй Мисхал къæбæр. Ферох йæ телбаст сывæдæг, Уасыд æгæр. Дохтыр æм уайтагъд фæзынди, Агуырдта пиз. Фæлæ нæ базыдта, уастæп, Уæркойы рис... Уый кæд æрфæндыд æцæгдæр Хъæдбын цæрын, Лебæда, футæг, æхсæры Сыфтæ хæрып. Телевизорæй йæм уаты Рухсвæлм изæр Кæд, мыййаг, разынди искуы Фысты уæтæр. Кæнæ йæм радио — уацхæсс Сонтæй æваст Уæлвæзтæй баскъæфта се ’мбу, Се змæлд, сæ уаст. 101
Тархъæды æрдузтæ, фæхстæ Уымæн йæ цæст Ахста ма, чи зоны, хатгай Кинойы ’рмæст. Фыдæлты равзæрæн къона, Сæрвæттæ, хох Уымæй иæ уыдысты хъуам^ Иу минут рох. Æмæ пæ зæрдæпы уæрко Хаста бæллиц: «Гъей-джиди, аирвæз, тагъддæр Хизмæ фæлидз! Азил дзы къутæртыл тæрфы, Суадопæй нуаз, Де ’мгар фыркъатимæ райгæ Къуыппыл фæхъаз!» Уынгмæ-иу, сусæг-хъуызгæйæ, Балкъонæй каст. Мардта тæригъæдæй ахстау, Хордта йæ маст. Дарддæр цы æрцыди, уый мын Дзурынмæ — зын, Абон дæр ма йыл æрхуымæп Катай кæнын. Ратардтой стыр дзугтæ хæхтæй, Комы хуылфæй; Балкъоны бынты æмпырстой Размæ гуылфæй. Фыййæуттæ — хъал бæхтыл, куыйтæ Семæ — æмвæд.
Дардтой сæ фæндаг Хъызлармæ Ауылты кæд. Уæрко тæлфгæ зæйы ракалд Цыма уыдта, Фосмæ йæ сæнтты быцъынæг Хъардта, тыдта. Æвдæм уæладзыгæй — зыввытт, Расхъиудта — гуыпп! Баззади хурсыгъд асфальтыл, Нал дзы схауд сыпп. Ардæм цы фыдбылызæн æй Схаста йæ къах?! Уæркойыл цас фæхъыг кодтам Сабитæ — мах. Пластилин Æз паддзах æрбадæн Уæлкъуыппæн йæ уазыл: Сызгъæрин — мæ бадæн, Мæ къахæвæрд — базыл! Бынмæ уæд æрхызтæи, Дæлджпнæг— мæ бынат: Ныртæккæ æххуырст дæн, Мæ бæрны — хъæмпын уат. Фæлæ та мæ уымæй Нывзылдтой дæлдæрмæ: Фæхъусын æрхуымæй Мæ сæфтджыты хъæрмæ... 103
Æрнадтой мæ, ’рхог Фæдæн та æууæрсты: Егар куыдз мæ скодт^* Цъæх хайуаны бæсты.., Куы риударæн, хъуссæг Æдбазыр тæхæг дæр, Куы паддзах, куы кусæг, Куы та ма хæрæг дæр!.. Куыд æфты уый къухы, Цы кæлæн, цы хянæй? — Æз комын æздухын — Æз дæн пластилииæй... 21.8.84 Сагтсе Кæддæр бынсæфт кодтой сайгактæ, Сæ уд сын бирæгътæ тыдтой. Æмæ æркаст уый хардзау сагтæм, Сайгакты хъысмæтыл дзырдтой: «Æркæсæм сæфтæгмæ, сыкъамæ: Сайгак нын хион у, æрвад, Æмæ йæ бахизæм мах хъуамæ: Ныббырсæм тугдзыхтæм! Хъазуат!» Нызмæлыд, анкъуысыд сæ уылæн, Сæ сытæ фергъæвтой, тæхыпц... Хæст рауад — диссаджы æвдылæн, Кæрæдзийы быидзагъд кæпынц: Уым саг — цыргъ сыкъайæ, зæвæтæп! Уым бирæгъ — дæндæгтæй дзæнгæл! 104
Зæхх нал зынди, æмæхгæд — мæрдтæй; Туг кодта суадонау хæл-хæл... Нæ зонын, уæллагæй уыд амынд, Æви сæхæдæг сты сæрæн: Уым сагтæн атылди сæ амонд — Æрцыди сау тугдзых дæрæн... Ныссæрфта кæрдæгыл йæ сытæ, Иæ дарæн аивта ныр саг. Йæ хиз — кæрдæгæхгæд хъæдбынтæ, Иæ нозт — хæххон суадоны таг. Дзæбидыр, хъал сычъи дæр хохы Нæ зонынц бирæгъы фыдми, Æрбадынц сатæг ран бæрз къохы... Фæлæ нын сайгак та кæм и? Ныббирæ уайтæккæ йæ мыггаг, Ныддасы зайæ4гхал — кæрдæг. Æмæ æидæр хуызы фæдзырддаг — Хъæуы йæ хаттæй-хатт куынæг. Фыдызгъæл — ницы уыйас ахæм... Фынгыл ын не ’вæрынц йæ сæр. Фæлæ нæ базарады махæн Цæуы æнæбары кæмдæр. Зæххыл — ыстæм, хæрз куынæг сагтæ (Маст райстой бирæгътæ уæддæр). Фæлæ бæз-бæз кæнынц сайгактæ, Куы фесты сиуджынтæй уæлдæр! Ныр бодзæн равзæрстой сайгачы: Уый сагтыл ауддзæн хуыздæр... Сæ хъуыддаг абадти «йæ гаччы» — Сæ хъысмæт — бонæй-бон фыддæр: 105
.Æдзух сæ тугдзыхтæн фæхъары: «Æргæвдут! Адонæн.,. Æз сын!..» Æмæ сæ сырх чиныгмæ барæй Нæ уадзы иуы дæр хæссын. 25.3.83 Куыдз æмæ бирæгъ Раджы, дам, тынг раджы куыдз æмæ бирæгъ Иу мады зæнæг æфсымæр уыдысты, Иумæ фæкодтой фыдбылызтæ бирæ, 4>ос давынмæ дæр æмвæндæй цыдысты. Дыууæ æфсымæрæй бирæгъ уыд хистæр. Сгарæг-иу алкæддæр куыдзы æрвыста; •Кодта кæстæйрад æнæзивæг уый дæр, Æхсæвы тары-иу бахъуызыд фыстæм. Куыдз та куыд бацыдис иу хатт тæлæтмæ, Афтæ йæ фосдоны хицау æрцахста. Хъуамæ уым радтаид куыдзы мæлæтмæ... — Ма бакæн, уæ гормон! — къæрпых ын загъта.— Удæгасæй мæ куы ныууадзай абои,— Ме ’нусы бонмæ лæггад дын кæпдзынæн; Мæнæ дæ бирæ фос... Ме ’вджид уæнт адон, Алкæд сæ сæрыл дæндагæй хæцдзынæн... Куыдзыл цæг бафтыдтой. Баззади лæгмæ. Стæг дæр ын аппæрстой, æмæ йæ кайдта... «Ме ’рвад цæмæн цæуа афтæ æрæгмæ?» — Бирæгъæи куыдзмæ йæ зæрдæ æхсапдта. 106
Мидæгдæр бахъуызыд кауы æицæнтты, Ауыдта куыдзы: — Цы кусыс, мæ цæдис?! — Суагъта Куыдз йе стæг. Фæдзагъыр. Ысрæйдта — Цæг ыл чи бафтыдта, уымæ фæфæдис... Бирæгъ ма аирвæзт Тутыры руаджы, Дзомсæй йын кæрты фæцæйсастой й’ астæу... Сфыц сæ дыууæйæ ныр иумæйаг аджы — Куыдзимæ нал баиу уыдзæн сæ бас дæр. Рынчынфæрсæг Хъæдгæсæн йæ хæдзар — хъæды, 'Суадоны хæд цур, фæсвæды. Цардис уым пæ фырт лæр уымæн — Сырдтæн рагæй уыд сæ лымæн. Æмæ иу заман куы стыхсти, Къахы какон-сындз куы сныхсти,— Рынчыпмæ фæрсæг сæхимæ ’Сырдтæ уадысты хуыптимæ. Къозотæ æрхаста уызын, Æхсæрæг — æхсæрты хызын. Тæрхъус къабуска æрхаста, Иу мыды чыргъæд ьтн — арс та. Зыгъарæг та йын, æнхъæлдæн, Фиу æрхаста — лзабыроæрдæп. Хъæддаг хуы сæ уым нымбылдта: Кæртмæ дынджыр нас æртылдта. 107
Рувас бафæстнат и барæп: Афтидармæй бахызт дуарæй. Рынчыны цур сбадт рæбынæй. «Диссагдæр цы фендис уымæй?' Иу ыстæг уæд та йæ роны Бакодтаид, фæтк куы зоны...» — Сырдтæ хъус-хъусы уым дзурынц,. Цæст кæрæдзимæ ныкъулынц. Рувас бамбæрста æппæтдæр: Бабадт рынчынмæ хæстæгдæр Æмæ хиуыл тынг æрвæсгæ Загъта ахæм хин ныхæстæ: «Æз æрхастоп уарзаг зæрдæ,— Уый та хуынтæй пæу æвзæрдæр...» Ссардта хорз æфсон йæхицæн... Ууыл æмбисонд фæхицæн. Рувас æмæ зыггарæг Рувас хин у рагæй, Зонут уый бæлвырд. Р1е ’дзæсгомдзинадыл Ныр уыдзæн пæ дзырд. Иу хатт та йæхицæи Не скодта хуыкком, Зыгъарæгмæ басхъæл, Загъта йын æргом: 108
«Рувæстæп æрцыдп Цотгæнæн заман: Ратт мæнæн дæ хæдзар,— Тынг хорз у йæ ран.» Ратардта йæ уый дæр: «Махæн нæй дзырддаг. Сырдты дуаг дæ скæнæд Куыйты амæттаг!» Рувас æм фæмæсты. Нæй йæм тохмæ ныфс, Фæлæ загъта: «Фенæм, Иу чысыл фæбыхс!.. Ай нæ ратдзæн хæдзар, Цасфæнды йын дзур».— Æмæ йын йæ хуынкъыл Сфæлдæхта къæйдур. Зыгъарæг куыднæ тыхст, Нал ын уыд гæнæн. Бавдæлди, фæкъахта Фалæрдæм цæуæн. «Уæдæ ма дып махмæ Иу фыдбылыз ис!» — Рувас æм ыыппæрста Цуансн куыдзы фкст. Зыгъарæджы цæстыл Цуанон куыйтæ уад, Фæлæ та фæрæзта, Арф хуыккомьт бадт. «Амæн мын, зыгъарæг, Ницы у дæ бон!..» 109
Ацы хатт æм хуынкъыл Аскъæрдта уый дон. Зыгъарæг æрцыдис Афтæмæйты тард. Цæттæтыл æрбадти Рувасы мæигард. Цъиу-сырддонцъиу — Æфсин, уазæг уæм- фæцæуьг. Дзурыпц, а хæдзар хынцаг у\\ — Цъиу-сырддонцъиу, дæу цы хъæуы? Аздæх: мах лæппу фыдуаг у. — Æз нæ дæн хуымæтæг уазæг, Дæн сымахæн буц кæнинаг. Фынг мын авæрут мæ разы, Рахæссут мæнæн хæринаг! — Уагæры дæуæй цы дарæм, Кæнæ чи дæ, стæй кæм уыдтæ?1 — Скодтон ахстон æз уæ цары,. Уым æрæфтыдтоп æйчытæ. — Къуырттыл нын дæуæй уый баддзæн, Фæлæ махæн циу йæ панда: Йе нын цъиувæлтæр нæ ратдзæн, Йе дзы не скæндзыстæм хъайла?! — Уыдон ахæм къуыртт куы не сты„ Сты уæ лæппуйæн лæвайраг: Иу дзы боныцъæхмæ фестдзæн; Алæмæты дугъоп баараг, 110
Гамхуд басгуыхдзæнис иннæ, Æртыккаг та — саргъ æд идон. Уæдæ лæггаг та — уæхимæ... Куывд ыскæнут, куывд, цæвиттон! — Мидæмæ! Дæ фæндйаг — ноггуырд! Мах ныртæккæ ам дæ номыл Куывд ыскæндзыстæм, нæртон куывд: Рæвдз æрбаргæвддзыстæм тохъхъыл! Арсы æмбасонд Арс дын нал уагъта цæрынтæ Бындзыты æнцад. Ссардта сын кæмдæр сæ чыргъæд, Уырдæм-иу фæуад; Мыд-иу бахордта хæларæн... Быпдзбал æм фæзыст. Чысыл судзин арсы буары Афтæ тынг кæм ныхст? Æмæ арсмæ иугай-иугайг Баластой сæхи. — Мыдæн дын дæттæм нæ иу хай, Иннæ та — пæхи. Арс сæ ариуыгъта къахæй: — Уымæн нæй гæнæн. Ницы агурын сымахæй — Мыд у ’рмæстдæр мæн. Сфæнд кодтой уæд арсы ныхмæ" Бындзытæ æцæг: Чыргъæд ахастой æмдыхæй Стыр былмæ хæстæг. т
Уырдыгæй æддæмæ ’ртасыд Иу зылын бæлас. Чыргъæд уыцы мæиг бæласыл Уæд æрцыди баст. Арс ныр систа сонты хъæртæ: — Бамбæрстон уæ фæнд! — Мыд цы фæци, гъей сæлхæртæ? Амопгæут фæд! Бындзбал та йæ разæй атахт Къæдзæхы былмæ. Арс дæр балæууыд уым уайтагъд: Сысмыста хæрдмæ. Бахылд бæласыл уый узгæ Чыргъæды æмбæрц. Фенцой кодта хус къабузыл... Уалынмæ дын — къæрцц! Иунæг хатт ма арсæн сыхъуыст Арф комæй йæ богъ. ...Ацы ’мбисонд нæу уæгъды фыст: Макæмæй уæд рох. Уæлæ хъæды—æрсытæ Уæлæ хъæды — Æрсытæ, Æрсытæ. Симынц, симынц Æрдузы Æрсытæ. Саст бæлас сын — Нæртон фæндыр Æрсытæн. 112
Тутт бæлас сын — Тъупп-æмдзæгъдæн Æрсытæн. Симынц, симынц Реуа симдæй Æрсытæ. Сирынц, сирынц Фæрсмæ сирдæй Æрсытæ. Рувас та сæм Кæцæй бафтыд — Рубæга? Симды астæу Цæмæн бады Рубæга? Афтæ æнкъард Цæй тыххæй у Рубæга? Йæ цæссыгтæ Цæмæн калы Рубæга? Бадзурынц æм: — Ралæуу не ’хсæн, Рубæга! Айс-ма афтæ Мæ дзæмбы, Рубæга! — Симдмæ та мæ Цæмæн хонут, Æрсытæ? Ауадзут мæ Мæ хуыккоммæ, Æрсытæ!.. Рувас симын 113
Нæ фæзоны, Æрсытæ!.. — Мах дæ сахуыр Кæндзыстæм, Рубæга! Мæнг дзурынмæ Дæсны куы дæ, Рубæга! Уæд нын симын Куыд нæ зоныс, Рубæга? Цуанæттæн нæ Фæнымыгътай, Рубæга! Фæхъуыдыстæм Æрс-хуыздæрæй, Рубæга! Нæ буц хистæр Арсæмæджы, Рубæга, Ныууæй кодтай Рæстдзæвинæн, Рубæга! Нæ буц кæстæр Къуыбылеццы, Рубæга, Ныууæй кодтай Ды сырддонмæ, Рубæга,— Уæд нын симын Куыд нæ зоныс, Рубæга?! Мах дын æрс-тох
Бацамонæм, Рубæга! Бафтыдтой йз* Тымбыл симды Æрдузы. Айвазынц ын Йæ къабæзтæ Æрдузы. Иæ дымæг ын Æрыскъуынынц Æрдузы. Йæ фæрстæ йын Бацъæл кæнынц Æрдузы. Райстой дæ ныр Сæ рагон маст, Рубæга! Мæнгардæй сыл Цæмæн цыдтæ, Рубæга? Уæлæ хъæды — Æрсытæ, Æрсытæ. Симынц, симынц Æрдузы Æрсытæ. Саст бæлас сын — Нæртон фæндыр Æрсытæн. Тутт бæлас сын — Тъупп-æмдзæгъдæн Æрсытæн. 115
Уæрщ-былдыхъ Иу изæр нæхимæ хуымæй Згъордтон тагъд. Раст мæ тæккæ къæхты бынæй Уæрцц ыстахт. Загътон: ацы маргъ æрцахсын У æнцон. Уæрцц кæм абадт, уым æй фахсыл Агуырдтон. Басгæрстон уым уайтæккæ дæр Алы дзыхъхъ, Фæлæ та фæцыд æддæдæр: «Уæрцц-былдыхъ!» Адугъ та кодтон йæ уастмæ Рог-рог-рог. Фæлæ ’рбайсæфт хуымы астæу Уый дæр ног. Уæрццы иуырдæм фæсурын, Æтт-тъæбæртт! Уый та иннæ ранæй сдзуры: «Мыст, мæ мæрт!» Рацыдтæн æз дæр æрхуымæй, Фыхт мæ маст. Хъуысти ма мæ фæстæ хуымæй Уæрццы уаст: «Æз — хуымы ’лдар, уæрцц — зынахсæн, Цъыкк-цъырыкк! Мæн хæлиудзых никуы ’рцахсдзæн, Уæрцц-былдыхъ!»
Пыл Уæззаугай пыл фæцæуы хъæды, Иæ къæхты бын ныццуды зæхх. Бæласæй, къудзийæ — ыссæнды, Р1æ бакаст — растæндæр къæдзæх. Сындæггай пыл йæ фæндаг дары, Ыстоны къудзийæ сыфтæр. Æндæр кæд никæйы хъыгдары, Уый фауынц иннæтæ уæддæр. Сыкъафындз пылæй загъта афтæ: — Йæ фындз у лукъайау фæлмæн. Фæранк дæр ыл куы кæны даутæ: — Иæ къах — къуыдыроны хуызæп; Йæ бон нæу тонын, стæй лæбурын: Дзæмбыйы хъæстæ йыл куы нæй. Уæд домбай йе ’мбæхсæнæй дзуры: — Пылтæ, дам, тынг тæрсынц мыстæй. — Нæ цæуы зæрдæмæ, фыдконд у, Æндæр æй аныхъуырин æз! — Иæ сæр ысдардта анакондæ Æмæ та доны бын нымбæхст. Кæфхъуындар загъта: — Уæ, цæйас у, Фæцыдис алырдæм бынтон! Фæлæ цæйаг у? — удæгасæй Мæлдзыг нæу бахæрын йæ бон. Фæфаудтой пылы уым, æлгъыстой, Цы нæ ’взæр номæй йæ хуыдтой! Æрмæст сæ тыхджын пыл нæ хъуыста: Æппæтдæр с у с æ г æ й дзырдтой. 117
Æгæр цымыдис Кæсаглас хъæзбыны Фæцæйцыд уæзбын, Æмæ йыл куы фембæлд Уым калмы лæппын. — Ды чи дæ? — Кæсаглас. — Кæсаглас? Цæмæн? Кæсæгтæ фæласыс?.. Æмæ уæд — кæмæн? — О, ахсын кæсæгтæ. Фæлæ дын зæгъын: Æз маргджын кæлмыты Уæлдай тынг хæрын!— Дзуапп радта кæсаглас, Бынмæ йæм æркаст Æмæ йæ йæ арцæй Æркъуырдта æваст. Хæфсытæ Ныссæбæкк вæййæм фæндаджы хъæбæрыл. Цырыхъхъ уа, цалх уа — мах зæкъæн кæнынц. Хуыцауы бын ысдзурæг нæй нæ сæрыл, Æмæ нæ маргъæй, хилæгæй — хæрынц. • Æрбафсæрынц нæм маргзæрдæ кæлмытæ, Сæ хъæлæсы фæвæййæм мах хуыдуг. Нæ комы нæй дæндаг, æрмæст — мылытæ, Æмæ нæ райсæм иуæй дæр нæ туг. 118
Цы кæмæн? Мæймæ н’ асхъиудзынæ уалæ, Кæлмытæн хæст нæ сиддзынæ науæд Куы баззад ма нын иунæг уый амалæн: Дæ мыггаг сбирæ кæн!.. Цæуæт! Цæуæт! Фæхъуыд нæ иу хъыппи — уæд мин — йæ бæсты! Нæ æйкдзæгæн нывæнддзыстæм йæ тын. Цæмæй зæххыл фылдæр фæуа пæ хъæстæ,— Æртухдзыстæм æй ивазгæ дæрдтыл. Кæдмæдæр зæххы тавстæй иу мур уа, Кæдмæдæр цадмæ хур йæ тын æппара Æмæ зæххыл фæлмæн къæвдатæ уара, Уæдмæ хæфс-дзыллæ зардзысты «хъывва!» Нæ къæбыс Уый бæргæ нæ хъуыди Хæдзармæ хæссын дæр, Фыййæуттимæ хохы Цардаид фæлтау! Гъа, хуыснæгыл ма срæй, Ма базон хæцын дæр, Фæлæ йæм кæцæй ис Ацы ног æгъдау? Бинонтæй сæ иуæн Бамбæхсдзæн йæ дзабыр, Райсомæй та иннæ Нал ардзæн худ, рои. Агур къуымты, кæрты, Гоны бынмæ бабыр,— Æмæ та дзæгъæлы Фесæфти дæ бон! П9
Чи йæ куыстмæ н ’ацыд Рагацау сæумæйæ, Чи та къуымы бады — Скъолайæ фæцух. Уый æгæнон митæ Нал быхсæм æмæ йæ Рахъавæм нæмынмæ... Нæй, нæ тасы къух! Худгæцæстæй скæсы, Раст цыма дын дзуры: «Хъазын дæр нæ зонут, Цавæр ыстут, ау?» — Æмбæхст худ æрдавы, Дзабыр, рон — дæ цуры... Ахæм у нæ къæбыс. Ацу ’мæ йæ фау! Джеоргуыбайы Мæнæ дын, кæстæр, Дзыхъхъыыног хабар: Дзæбæх æм байхъус Æмæ йæ бамбар. Чысыл Батырбег Джеоргуыбайы Фембæлди уынджы Расыг Гуыбайыл. Хæстæг нæ уæпды Сыхаджы цурмæ. Йæ фæстæ ацыд Уый гурæй-гурмæ. 120
Кæсы, æмæ дын Нуазаг лæг уæртæ Æрфæлдæхт цъыфы, Дзуры æвзæртæ. Кæйдæрид федта — Иууыл сæ ’лгъыста. Дондзау устытæ Фæлидзæг ысты. Тыхтæ-амæлттæй Ламийæ рахылд. Æрмæст йæ цырыхъхъ Нал ис йæ къахыл... Нырма нæ фесты Гуыбайы митæ. Алырдыгæй йыл’ Агъуыйынц куыйтæ. Иу ын æрцахста Йæ къахы нарæг. — Дзæгъæл фæниуæд Дæуæн дæ дарæг! — Зæгъгæ, фæстæмæ Гуыба фæзылди, Арахъхъы авгæй Куыдзыл æоцыди. Уæлæсыхæй та Райхъуыст йæ хъаугъа: Кæйдæр фæсонтыл Бафтыдта дамгъа. Кусджытæ ласынц, Кæсут-ма, уартæ — 121;
Фосы фермæмæ Тæфкалгæ бардæ. Æрлæууыд хидыл Сæ размæ «сахъ лæг»: — Æнтыд кæм вæййы, Уым ис арахъхъ дæр. Зæгъут, лæппутæ, Мæпæп йæ адрис, Кæпнод уын дарддæр Цæуæн куы нал ис!.. Æмæ æрхуыссыд Хидыл уæлгоммæ: Ам, дам, лæудзыстут Ардыгæй бонмæ. Хъæуы уынг байдзаг -«Ду-дутт, ду-дутт»-æй. 'Фæндаг, дам, суæгъд кæн — 'Тилынц æм къухтæ. Лæг сæм нæ хъусы, Дзырдмæ нæ тасы, Сæхи дæр ма сын Рахуыдта расыг. Йæ ныхас уымæн Уыдис æдзæлгъæд. 'Гуыба йæ зондæй \Бынтон фæдзæгъæл. Æмæ ыссардта 1 Фыдбон йæхицæн: Æрбахæццæ йæм ^Фæдис — милицæ!
Гуыба сæ фарста: — Сымах та чи стут? Фæлæ йæ уыдон Гуыффæмæ систой... Сæхимæ згъоры Батыр тъæбæрттæй: Уым карз нозт зоны Нанайы ’вæрдæй. Пъадвалы смидæг, Æнæ ыстыфæй Куы рафæлдæхта Арахъхъы стыр авг. Нана фæфæдис Йæ фæстæ уайтагъд. Фæлæ йе ’рцыдмæ «Цъæх хæйрæг» атагъд. — Æз уымæ барæй Куы нæ æвналын. Цæмæн акалдтай Арахъхъы балон?.. Бæргæ йæ уагътон Æз Ичъынамæ. Бабын мæ кодта, Кæсут-ма амæ! Нæ фæныкъуылдта Батыр йæ цæст дæр. Нанайæн загъта Афтæ æрмæстдæр: — Нæхи баба дæр Гуыбайы хуызæн
Куы фæрасыг уа, Уæд дын куыд уыдзæн? Ахъуыр-хъуыр кодта, Фæлæ йæ маст та Зæронд напайæн Би’рæ кæд хаста? Æмæ та ногæй Куыстытыл силлæг. Ныфснайдта къуымы Ривæд тычъилæг. Æрлымæн та сты Бинонтæ уайтагъд. Фæлæ цы фæци Къупри Гуыба та?! Барæгъы цæдисон Бирæгъæн цæдисон Тæрхъус искуы сразы? ’Ис уæдæ æмбисопд,— Ахæм хъилхъус разынд. Ие ’фсымæры хинæй Бирæгъмæ ыссайдта. Уый дæр ыл фыр цинæй, Гъæйтт, йæхи ныццавта. Бирæгъ холы дасы ’Æрдузы къæйдурыл. Тæрхъус сбадт йæ разы. Дозбаугæнгæ дзуры: 124
— Стон-ма йын йæ ига^р Де стыр цыргъ дæндагæй; Уый нæ уарзта иу дæр Мах хъæдбыпы рагæй. Схуыдта нæ тæппудтæ, Тох, дам, хъæуы армæй, Науæд дам уын худтæ Скæндзысты уæ цармæй. Уæд сымах куыд фаудта — Бирæгъты мыггаджы! Уый дæуæй та загъта: «Хъуг ныргæвста таджы!» Цæл нæ уыд æрæгмæ,— Уайтагъд фынг ныссыгъдæг. Бирæгъ ардауæгмæ Ныр ныккаст æдзынæг: — Раст дзырдтай, мæ хæдзар, Амонд нæ кæм фæци? Фæлæ мах, æвæдза, Не ’ргæвдæм кæрæдзи. Тæрхъус ма дзырд куры... Бирæгъ æм кæм хъуыста! — Уый дæр та къæйдурыл Уайтæккæ æрбырста. Фурд æмæ æртах Загъта Фурд: «Мæнау тыхджын Нæй дунетыл, ард хæрын!» 125
Кодта Æртах дæр/быцæу: *Æгæр *™у«^ -*■ Уæ, нæ хъал Фурд, уый æмбар — У мæнæй гæнгæ дæ цард». «Ды куы нæ уай, о, тæрсын, Уæд мæнæн уыдзæни зын! Ницы дæ, дæ бынат зон, Æмæ ма змæнт, ма, мæ дон!» Æртах загъта: «Уæдæ кæс, Кæддæра куыд кæнын æз». ...Мигътæй нал хауди цæссыг, Бæстæ иууыл фестад рыг; Къада баци, ба, бынхус, Дæтты зарын дæр ныхъхъус. Фурдыл нал æфтыди мур, Хур æй басыгъта... Ныссур. Басаст Фурд: «Дæ хъару ныр Бамбæрстон, æмæ... хатыр!..» Æрвадæлтæ (Æмбисонд) Ысхылди михыл хъилхъæдур бæрзондмæ. Ныр ма цы у зæххыхъæдур йæ разы? Бынмæ йын каст былысчъилæй йæ кондмæ, Йæхицæн дзы зæрдæдзæбæхæн хъазыд: 126
— Цымæ кæй бауырнйд: ды мын æрвад дæ?— Нæй махмæ ’мхуызондзи^д мур дæр. Бынмæ рæзыс, æви цæмæн^ырруадтæ? Дзæбæх куы нæ дæм кæсы х^р лæр... Æз та! Чындздзон чызгау мæ хуьГз ыскалын, Рæудымгæ зилы м’ алывæрсты кафгæ, Нæ вæййьш хурхъуаг, афоныл мын—уарын! Дæу дæр, ме ’рвад, бæргæ бафæндид афтæ, Фæлæ-ма бавзар цу, хъысмæтæн амон... (Йæ сыфтæртæ тæригъæдгæнгæ стылдта.) Æвæццæгæн, æрдзæй фæдæ æнамонд, Гъе стæй у, зон, лæгмæ гæсгæ дæр хъуыддаг. Куыд цæрдзынæ уым рохуаты æгадæй?.. Уæдмæ кæцæйдæр иу фыдбылыз касти: Æрбакодта тыхджын дымгæ цæгатæй, Нæ хъилхъæдурæн йе ’нцой-мих фæсасти,— Йæ дидинджытæ асхъиудтой кæдæмдæр, Уæззаугай рафæлдæхт æмæ ныддæргъ и. Гъе афтæмæй дын йе ’рвадæй фæдæлдæр. Цæхæрадонæй райхъуысти уынæргъын...- # # * Бæрзонд куы схилай «михыл» кæнæ «кауыл», Уæд зон, кæй ис фæстæмæ дæр æрхауæн. Хæдзарон дохтыр Дзерæ коммæ нал кæсы, Иу палат у, иу налат! Сæрыл къопп-худ рахæссы, Нс гем хъусæп, урс халат. 127
Бавдæлд æмæ>бин6нтæн Се ’ппæтмæ дæ/байхъуыста. Хистæр хо М^динæтмæ Зивæджыдиз равзæрста. «Схуысс-ма, папæ, сынтæгыл! Улæф-ма! Ныр ма улæф! Зæрдæ та пыссындæг и, Суадз дæ фæллад, баулæф; Дæу хъæудзæни хи дасын, Ваннæйы — сыгъдæджытæ. Фæлæ ма дæм иу лаз и: Не ’рхастай сæлдæджытæ». Дзуры мадмæ: «Ныййарæг, Рацу, дæу дæр ауынон». Хъусы: «У дæ хъыгдарæг: Гуыл нæ кæпыс алыбон... Ныййарджытæ, хистæр хо, Ныр æз шприцмæ базилон. Ис сымахæп иу тæрхон: Судзиитæ уæ базилои!» Фыд фæци сæлдæджытæм, Хистæр хо — сыгъдæджытæм, Мад йæ хыссæ базмæста, Цыхтыл цæхх дæр айзæрста. ... Дзерæ бады мииасыл, Гуыл уа, сæлдæг — тынг хæрзад. Шприц — æвæрд йæхи разы: Бахъæудзæн та иниæ хатт. 2. II. 83 128
Кола æва Чырысти? «О, Чырысти рангасГ»— «Райгас и Чырысти!» — Куадзæн боп та ац’ аз Устытæн æнтысти. Тонынц та кæрчытæ, Бæгæны æхсидынц, Ахорыиц æйчытæ... «Куывдмæ, куывдмæ!» — сидынц. Фæстаг чъири фынгыл Сæмбæлди, ныннæтыд... Æмæ бадт — йæ тынгыл! Уæдæ сæ цы мæт уыд? Горæтаг æй хуыдтой — Иу лæппу дзы фембæлд. Хорз æй уым æруыдтой, Афтæ хорз, куыд пе ’мбæлд: «Абои, мæ хур, — куадзæн. Ахъаз кæнæд махæн. Бур айкæн пæй уадзæн, Сырх айк дæр-ма ахæр!» Хæстæджытæ курынц: «Ноджыдæр ма гъйай дæр!» Алы къуымтæй дзурынц: «Айс-ма, цæй, мæ хай дæр!» Æйчытæй дыууадæс Бахордта... фæуыргъы. Уæртæ йæм ныр бакæс: Ауæлгоммæ тыргъы. 5 Пæрукъаты Валодя 129
Фысым-ус ф-æтыхети, Бафтыди уым «ох»-тыл: «Йа, кæм дæ, Чырысти!» ... Фæлæ ’рбацыд дохтыр! Скодта йыи амæлттæ, Æмæ фервæзт уааæг. Фæлæ та зæрæдтæ: «Мах, Иесо, — дæ уазæг! Алкæд-иу ныл ауд, Рох бæстæй æрцæуæг!» Афтæмæй, Кола уыд Удирвæзыпгæнæг... «Райгас и Чырысти!» — «Хорз амонд æри нын!» ... Ныр æцæг куы сыстид, — Ссарин æй, зæгъин ын: «Райгас дæ? Дзæбæхæп! Мидæмæ иæм рахиз! Иу курдиат: бæллæхæй Мах кæстæрты бахиз: Уыдон махæн — ие сом...» Бадзурип йæ хъусы: «Дин иыууадзæм, Иесо: «Ахсæп» æй нæ кусы!» 9. V. 8Г>
Куывды Артыл — Аг: Нарты Фаг. Фынгтæ, Бадт. Хуынтæ. Кад. Кæстæр, Рæвдз Сæвæр Кæхц! Галы Фыд Цалы Хъуыд? Хъарм æй Дар. Нардæй Уар! Лæгæн Къус Æвгæн Дзус. Бас дæр Сис, — Цасдæр Ис! 5*
Марадз, Ног Рауадз Ронг! Нарты Нозт — Царды Хос. Фæлæ «Цъæх»? — «Нæ! Нæ!» — Зæгъ: Мары Зонд. Тары Фод! 17.111.83 Фыййау куыдо Нал зоны, чи йæ æркодта Горæтмæ хохæй уæддæр; Ферох, дзидза-иу куыд хордта Г1е ’мгар куыйтимæ кæддæр. Куыдз, зæгъгæ, уыд ма къæбыла, Уæтæры цард æмæ рæзт; Фынйæутты хъазæн, фæдылуай, Бакастæй — къориæнгæс. Ие ’мдæндаг къæбыстæй уыйау Иу дæр нæ уыди сæрæн. 132
— Бирæгъмар суыдзæни, — фыййау Армæй сæрфта йæ фæлмæн. Фæлæ йæ туристтæй чндæр Горæтмæ сласта кæддæр... Ам та иæ зоны йæхи дæр, Агуры уынгты къæбæр. Азджилы къуымы фæлхæрттæ, Брондопы атъыссы фыпдз. Батæбæкк ысты йæ тæнтæ, ;Хуры тыптæ дзы кæсынц. ’Над ыл æрцæуы æихъæлæй, Н’ ары йæхицæн бынат, .Мидцæрæг куыйтæ йæм уæле Рудзынгæй рарæйыпц хатт. Чи райгуырд бирæгъты хæстæн, 'Чи уыд гуырцæй аргъопахъ, — Акæсы цæуджыты фæстæ, ’Дзыхмæ кæсын у йæ уаг... 'Уæртæ ныр ахауд дыдагъæй Асфальтыл къулмæ хæстæг: Мауал æй цæвут уæ къахæй, Мауал æм исут лæдзæг... Ехх, уæдæ, уый-иу куыд уарзта 'Фосы дзуг, хохы уæтæр! Бабып уа, чи йæ æрхаста Уырдыгæй иу хатт кæддæр. „Хъæбатыр цуанон" Ацы хабар зонын Сабитæн иæу зиап. 133
Дьгргъдзæхæрадоны Чиныг каст Тугъан. Цыдн алы сырдтыл Чипыджьг ныхас — Пылтæ ’мæ кæлмытыл'.... Уыдонæи у тас. Фæлæ сæ æрцахсы Сахъ цуанон уæддæр,, Иемæ сæ æрласы Удæгæстæй дæр^ Лæппу дæр йæхимæ^ Ахæм лæг æркаст... Цуаиы хъуыдытимæг Адзæгъæл æваст;.. Уалынмæ æрфынæи Бæласы рæбын, Уым хуыссыд хуыр-хуырæй, Æмæ федта фын: Мæнæ цыма хъæды Ставд бæлæсты ’хсæн- Бафтыди йæ фæдыл Иу дыиджыр пылæн. Лидзынæй пыл бастад, Афтæмæй фæкалд. Уæд æй лæппу ’рцахста, Скодта йыл бæхбадт. Иураи калм ныммардта; Уый та йын ныр — ехс. Дзуры пылмæ: «Дарддæр Портийау хи фехс!» ТЯ4"
Галиу къухæй «бæхы» Даргъ «фындзыл» хæцы, Афтæмæй фæтæхы, «Ехсæй» йæ цæвы. Хъæумæ цыма скъæры Тигрты рæгъау... Уалынмæ йæ сæрыл Иу фæткъуы æрхауд. Лæппу фехъал, скуыдта. Хæдзармæ ныббыидз. Уайгæ-уайын скъуырдта Тарвазыл йæ фындз. Рахъæр кодта уатæй: «Дуар-ма сæхгæнут!» Фыны уыд хъæбатыр, Хъалæй та — тæппуд. Дагом (Скъуыддзаг) (Агъниан мысы иæ мад Цоюараппон Хадзыгуайы, йæ фыд Агънаты Увæдзы æмæ йæ фыды мад Уырымон Уасиаты). Мысын мæ нанайы... Цæстыл ма ауайы, Фын цыма нæу. Ехх, уый куыд раджы уыд!... Дагом —Уæлладжыры — Фыдæлты хъæу... 135
Цыбыр Увæдзимæ — ’Мхасæн кæрæдзимæ... Срæвдз и уæ къуым. Домдта уыргæй кусын, Хъацæн куыфæй хæссын Армыйас хуым. Фос дæр уæм цас уыди? — Кæвдæсæй уасыди Иу цола хъуг; Хæрæг, дыууæ галы — Кусæг дыууæ ’мбалы, Къаннæг фысдзуг. Амонд уæм бахойы... Райгуырд цыппар хойы,, Тыртæ — æхсæз. (Уыцы къорд ниуæгæй Абон ма иунæгæй Баззадтæн æз. Цотæн йæ сæраппонд Батадтæ, Джсраппон, Баруад Увæдз. Цард уæ куы бадомы: Аст цырты Дагомы Рагъыл пыххæдз. Мемæ сæ номыл ма Раирвæзт хъомылмæ Кæстæр — Раццæ. Уый дæр та- бавæрдтон... Зæрдæ ныссаумæрддон, Сонтæй —сæццæ). 136
Кусгæ — фæстиноиæй: Уазæгæй, бипонæй — Се ’ппæт зылддаг. Царды уæз уромын Де ’фсин Уырымоныл Базыдтай фаг. -Хохæгты рагондæр, — Уый кой ма абон дæр Адæм кæнынц. Уымæн йæ кадджытæ Ныхасы бадджытæ Днг.æн хæссынц. ’Уый рæвдыд, уый хъармачЧ, Уый зондæй, уый фарпæй Дагом уыд хъал. Ирыл йæ аив дзырд Алыран аивылд, Нæй йын æмбал... Мысын мæ нанайы... Цæстыл ма ауайы, Фын цыма нæу. Ехх, уый куыд раджы уыд!... Дагом — Уæлладжыры — Фыдæлты хъæу... Цæрæгойты къуым Скъолайы сарæзтам «Цардæгас къуым». Алы сырд, алы маргъ Махмæ ис уым. 137
Уьгдонæп сæвæрдтам’ Ахæм æгъдау: Ардыгæп ма хъуысæд; Хъист æмæ уауу. Алчидæр ацы ран Сабыр цæрæд, Иу дæр дзы иннæйьг Ма хъыгдарæд. Мах дзырд та фидар уг. Сайæп ын нæй: Хъусыпц æм иууылдæр — Маргъæй, сырдæй.- Бирæгъ нæ раласдзæн» Тæрхъусы кæрц, Рувасæй нал тæрсьг Хуымы ’лдар — уæрцц.. Ацы ран пал тæрсы Калмæй дæр хæфс, Калмы та пал тоны Цырддзаст цæргæс. Цъиусур та бæлæттæа — Сабыр сыхаг. Куыдз сæм нæ лæбурьг,, Ам иæу хъыхъхъаг. Тугдзьгхæй, хилæгæй — Иумæ дæр лæг Махмæ пæ райсдзæни Топп пе лæдзæг. 138
Цуанæттæн нал дæттæм Марыны бар. Уазджытæй алкæмæн — Хицæн хæдзар. Сабитæ, уьгрдæм сьш Хуынтæ хæссут. Се ’ппæты царды уаг Дисæн фæрсут. Алы æмбисæндтæ Хъусдзыстут уым. Фенут-ма, феиут-ма «Цардæгас къуым»-
СÆРГÆНДТÆ: Ма кæнут! .... Цæмæн æй нæмыс? Сывæллопы хъæзтытæ . Цъиутæ Рувас Лрвы дуар .... Бæллæхы лæг Ыæ «усгур» .... Барысби-Дырысби . Нымæтын порти Кимы дзибатæ Æнæхсад лæппу æмæ бабыз Лхæст цъиу æмæ гыццыл чызг Денджызы был Цуанон Къæсæр Сæбе Дамгъæтæ .... Цæрайы чипыг Лæппуйы бæллиц Цъиу æртахти минæвар Арс Дзерæйы чайкæтæ Уидзына Къæвда . .... Хъæддаг бал .... Сабиты чепена Хъазихан .... Мæп æмæ стъалытæ Къаппа-къоппа — къæбæлдзыг 140
Рауар, рауар! 34 Арвырдын 35 Рагуалдзæг — Кæсаг ахсынмæ 36 Æрцу, зымæг! 37 Заз æмæ митын лæг 38 Къуыппыл — Октяброптæ 39" Ма скæнут авари! 40 Ыымæтхуд 41 Ногдзаутæ 42 Æхсæртæг 44 Р1ридæ — Дзыбыны хабæрттæ 47 С. В. Михалковæн 48 Джамбот-полиглот 49' Рацыди салдат хуыммæ 50 Фæнд 51 Алан 52 Фыстæг Кырджалийæ 54 Сæумæ 55 Цард —зиу 56 Ныв 57 Хуртуангæс — Тути 58 Æхсæвыгон 59' Æртæ лæджы _ Хурбон 60 Æрвнæрд — Мæдинæ 6Г Ибрашкæ 62 Агуыйты мыггагæн сæ кæстæр 65 Цънуты бон 68 Фæззæг 69' Цъындатæ _ Нæу рох 72' Салдат _ Зарæг Советон Æфсадыл 73' Хоры зарæг 74 Уæхи аххос у 75 Пъæззы 76 Зондаби æмæ Æрраби 77 Нæ сыхæгтæм — «Жигулн» 78' Богал 80 «Абырæг 81- 141
Гино æмæ Мила . Фæзмæгоп Скъоладзау Бындз Дзиу Тæркулн . Бæбила . Роботтæ-хъазæнтæ . Куы ссыгъди хæст . Коко — колхозон Гуылæвзаг Уæрко Пластилин Сагтæ . Куыдз æмæ бнрæгъ . Рынчынфæрсæг Рувас æмæ Зыгъарæг . Цъиу-сырддонцъиу . Арсы æмбисонд Уæлæ хъæды — æрсытæ Уæрцц-былдыхъ Пыл Æгæр цымыдис Хæфсытæ . Ыæ къæбыс Джеоргуыбайы Бнрæгъы цæдисон . Фурд æмæ æртах . Æрвадæлтæ Хæдзарон дохтыр Кола æвп Чырыстн Куывды Фыййау куыдз Хъæбатыр цуанон Дагом (Скъуыддзаг) Цæрæгойты къуым
ВЛАДИМИР ИБРАГИМОВИЧ ЦАРУКАЕВ Стихи Редактор Л. Е. В а л н с в Художник У. К. К а н у к о в Художествспный редактор X. Т. Сабанов Техннческий редактор 3. С. М н с и к о в а Корректор Е. А. И к а е в а
ПБ № 1940 Сдано в набор 14.12.88. Подписано к псчатн 23 02 89. Формат бумагп ТОхЮО^/зг- Вум. тпп. № 1. Гарн. шрпфта литсратурная. Псчать высо- ьая Усл. п. л. 5,8 + 0,03 вкл. Усл. кр.-отт. 5,99. Учстно-изд. листов 5,76 + 0,02 вкл Тираж 1000 экз. Заказ № 582. Цсна 35 коп. Издатсльство «Ир» Государствсниого комнтста Ссвсро-Осстннской АССР ио делам издатсльств, полиграфии и кннжноп торговли, 36'2040, г. Орджоникидзс, проспскт Мира, 25. Книжная типография Государствспного комитста Северо-Осстинской АССР по дслам издатсльств, полиграфии и книжноп торговли, 362011, г. Орджоннкидзе, ул. Тсльмана, 16.