Text
                    хозиты яков
ÆМДЗÆВГÆТÆ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ АССР-ы ПАДДЗАХАДОН РАо’АГЪДАД
Дзæуджыхъæу * 1951


ХОЗИЕВ ЯКОВ СТИХОТВОРЕНИЯ На осетйнском языке Госудзрственное Издательство Северо-Осетингкой АССР Дзауджикау * 1951
Нæ амондджын Райгуырæн бæстæ, Йæ дзыллæ, уарзон цæдисæн, Нæ хъæлдзæг уæлахизджын рæстæг, Нæ номдзыд бæллиццаджы фидæн,— Æдзух дæр кæй цинæй фæзарын,— Мæ чиныгæй уыдон ном арын. 3
ТАЛАТÆ Уалдзæджы уддзæф зымæджы тых басаста, Хурæфсæст быдыртæ равæрдтой тау, Арвы сæнт сау мигъты уады тых ахаста, Царды аив хуызтæм чи ’рхæсдзæн фау? Рæзы нæуæг дуне, рæзы нæуæг бæстæ, Уалдзыгон талатæ суагъта нæ хъæд. ’Рттивынц рæсугъд фæзтæ,—уалдзыгон хъæлæстæ Дардмæ сæ цинад зæллангæй хæссæнт! 4
сидт Ивгъуыд дугæй зæрдæ риссы, Уæд йæ тухитæ — фыд фын,— Ног цард мæм ныр размæ сиды, ’Мæ йæ сидтмæ æз цæуын. Абон райгæ хур æрттивы, Райгæ цардæн — ног йæ хæс, Акæс, дидинæгæй ивы Цард йæ хъисæй конд пæлæз! Хур æрттивы, хæхты тагæй Фæзтæм хъазгæ рахызт дон; Хуры хъарм тынты зæллангæй Цардæн—уалдзыгон хæдон. Фидæн бонты хъæлдзæг царды Цинæй у мæ зæрдæ дзаг; Уырдæм айтынг ис нæ разæй Райдзаст, рухс, уæрæх фæндаг. Цом-ма, кусæг! Уырдæм рагæй Мах æмзæрдæйæ фæндыд: Уым фæллойады бæркадæй Мадау фендзыстæм рæвдыд! 5
Хæц дæ бартыл, капиталæн Тохы ’нтыстæй кал йæ сис! Социализм—нæ фидæн зарæм, Зар, уæлахизджын Цæдис! 6
УАЛДЗÆГ Хур т’а хъæлдзæг Хъазы арвыл, ’Рцыдис уалдзæг, Ба&стæ дардыл Тынг ’фæцъæх. Миты ’нкъардæй Райхъал бæстæ, Цъиуты зардæй Райынц фæзтæ, Райы зæхх... Ног бæркадæй Зæхх йæ дарæс Йвы, дардæй Фен-ма, акæс, — Хъуысы зард,— Трактор ног фæз Уым фæйлауы, Хъæлдзæг колхоз, Ног хуым тауы, Ног—йæ цард! 7
МАДЫ РÆВДЫД (Авдæны зарæг) Цард цæуы дæ рæзты, згъоры, Хъазгæ дæу йæ фæдыл хоны Рухс дунеты ’рдæм. Цу, тырн æм. Рынæй дæм æфхæрд нæ уагътон, Цардæн дæ йæ фæдыл радтон, Згъор æмæ йæ сур! Уæ мæ хур! Мадæй дæ хуыздæр рæвдаудзæн, Цух дæ ницæмæй иыууадздзæн, Фид-иу ын йæ хæс! Коммæ кæс! йемæ рæздзынæ, фыцдзынæ, Ныфс нæ зæрдæтæн уыдзынæ, Тох æмæ хæсты Байрæз ды! Афтæ, зон, дæ фыд нæ уыди,— Уый æххуырстыты хæтыди Афæдзгай, мæ бон. Зон æй, зон! Гомæй-иу йæ уæнгтæ хаста, Афæдзы куыстæн-иу райста 8
Иу хоры кæфой. Хуысс æнцой! Кæрц хæдоны бæсты дардта, Хæрд гуыбыны дзаг кæм ардта! Гом къахæй-иу цыд. Афтæ уыд. Зонын:—Ныр кæм ис? — фæрсдзын^, Маст дæ зæрдæмæ хæсдзынæ Уый тыххæй ды дæр. Бирæ цæр! Уый йæ фыд цардмæ куы смæсты, Уæд йæ барты сæрыл хæсты Бахуыссыд йæ зынг. Ма кæн хъыг: Дæу цагъарæй уый æсуагъта. — Цæр сæрибарæй, — дын загъта, О мæ хуры хай, Байрæзай!.. 9
НÆ ДÆН ÆНКЪАРД! Нæ цардтæн æз цагьайраг ’дуджы, Нæ федтон рагбонты фыд уаг, Кæнæ мæ царды уалдзæг, туджы Мæцгæйæ, нæ арвыстон, мийаг... Нæ дæн æнкъард! Æнусты тары Мæнæн фæсмойнаг мур дæр нæй, Нæ дугæй æз фырты хæс дарын, Нæ фидæн!—уарзонад дæуæй. Æлгъыст заман фыдæлты цармæй Сындз къухæй бадомдга йæ мызд, Æмæ йæ калм зæрдæ, йæ армæй Сæ уд æгæр дæр ма фæрыст. Ныр та? Нæ хур цæхæрæй судзы Æмæ æввахс нæ уадзы мæт, Кæй зæрдæ йæм нæ комы худын, Гъе уый йæ мæлæтыл кæуæд! Мæн ды—æгъгъæд!—æнкъардыл ма дом, Фæнды мæ хъазын, худын фаг; Цин у мæнæн мæ дугæн фаззон Æмæ дзы у мæ зæрдæ дзаг! 10
САУ БОН (М. Горьиийы амарды бонмæ) Банцай, хъæргæнæг! Зæрдæхалæн уацæй Ма хой мæ рудзынг, Æпьгъæд! Чи загъта, Цавæр, Кæй хахуыр æвзагæй Рантыст æвирхъау мæлæт?! «Амардис Горький». Фыдæнæнау ногæй, Ниугæйæ, дымгæ хæссы. Баризы зæрдæ, Фæцæйтоны сонтæй, Цæстыты абады сыг... Амард? Мæнг зæгъыс! Кæд бахуыссы ’хсидав Цырен калгæ арты цæсты? Хъæбатыр æфсæддон кæд бамбæхсы хибар Æмгæрттæй уæлахиз хæсты?! Æнæнхъæл фыд уацыл Нæу баууæндаг зæрдæ, Æвастæй, Куыд мæнæ æвзонг Уæззау ’цæф хæстоны, Нæ уырны йæ мæлæт Уæлахизы феиыны онг. 11
Уад ниуы, Йæ сагъæс Æрбалвæста уæнгтæ, Стæй хъамайы фындзау Мæ риуы фæсагъд. Цæф сæгуытау сонтæй Æз рахызтæн уынгмæ, Мæ цæстытыл ирд сыг гæзæмæ ныссалд. Дзых бамыр ис, Хъустæ, къуырмайау, ныхкæдтой. Мæ алыварс адæм цæмæн сты тарст?... Тырысатæ тигъты мæйдары нымбæхстой, Æртыхсти сыл сау тæлм—мæ зæрдæйау раст. Рæуæг дымгæ хаста фæззыгон сыфтæртау Хъæргæнæг газеттæ тъыфылгай, чыргай. Сывæллæттау адæм зылдысты сæ фæдыл— Зæрондæй, нæуæгæй, лæппуйæ, чызгæй... (Цы фæзæгъынц къордæй Кæрæдзийы хъусы, Цæй тыххæй йыл сонтау Фæвæййынц тæргай...) Нæ уарзон Максимæй Кæй фæндыди хъусын Æнамонды хабар, кæмæй уыд уæлдай!.. Уый амард... О, сау бон! Дæхиуыл фæдзæхстæй Ныр сау сынтау ахæсс Мæ сонт зæрдæ дард: Æттæдæр, Тыгъд быдырмæ, Арвы цæхæрæй, Æнусон зæронд тулдз Кæцы ран иыккалд!.. Каой уындæй титанау ныфсджын уыди зæрдæ, Кæй фæрцы-иу ардта фæндаггон йæ фæд. Кæцæй кодтой уалдзæг сæ зарджытæ мæргътæ, Кæм амадта уадындз нæртон фийау сæрд. Хæсгæ мæ! Æз дæр дзы 12
Мæ фыдæлты кардæй йæ къалиутæй уадындз æрцаразои, æз! Мийаг кæд йæ ныфсæй, Йæ тыхджын æвзарæй Фæуаин æз хайджын,— Æссарин хъæлæс!.. 13
ÆМБИСÆХСÆВ Рог дымгæ, бæлæсты уайсæст, Уынгтæ—мидфынæй. Мил, фæскъау бæмбæгау, асæст, Хъазгæ, худгæ мæй. Арвы ирд гæбæзтæ, култау, Дидинæгæй цагъд. Хæхтæ—тинтычъийæ худтæ Кауы михтыл сагъд. Уым, —дæлдæр сæ бынмæ, фæлмы, Хъæды тар сыфтæр. Гоби арф комы æфсæрмы Доны хъал уынæр. Бæстыхæйттæ ам мæ разы, Сохъыр кæфтау раст. Иу, дыууæ, æртæ цырагъы — Ацырдæм сæ каст. Куыдз гуырысхойаг цæмæйдæр— Иу ранæй кæмдæр... Дугъон бæхау, дард кæцæйдæр— Машинæйы хъæр. Рог дымгæ, бæлæсты уайсæст, Уынгтæ—мидфынæй; Мил, фæскъау бæмбæгау, асæст, Хъазгæ, худгæ мæй. 30/У—1937 аз. 14
РЕСПУБЛИКÆ О, байрйай, Ирыстон! Дæ арфæйаг боны Ныййарæгау баком дæ фырты салам! Цы хъæбул йæ гуырæн йæхицæй нæ хоны, Гъе уымæн уæд маргау йæ фæллой хæрам!..- Æз уарзын дæу бирæ: сывæллонау сонтæй Дæ фæлмæн хъæбысы фæхастон мæ рæз. Ныр абон уæндонæй, мæ уалдзæджы бонтæй Æз рахызтæн цардмæ; æссардтон мæ хæс: Фæнды мæ дæ циныл стыр цинæй зарын, Октябрæн арфæ дæ номæй кæнын. Фæнды мæ нæ бонты аккаг дзырд æссарын,— Нæ дуджы æвзагæй мæ фæндтæ зæгъын. Ныццæнд вæййынц риуы. Цæхæр калгæ артау, Фæтонынц æттæмæ, фæдомын дæ æз, Цæмæй мын, о ног Ир! хæларзæрдæ мадау Ды раттай лæварæн дæ дæтты хъæлæс, Кæй байста лæгдыхæй Джызæлгомы донæй, Кæй раттдзæни састæй Уæлладжыры дон. Цæмæй æз дæ цинад дæ хъæбулты номæй Нæ уарзон фæтæгæн хæларæй зæгъон! «Нæ фæтæг! Ды фехъус Кавказы бæрзæндтæй Ирыстоны бузныг!—йæ фарны хъæрæй. Нæ цинæйдзаг дуджы дæ фидар хъæлæсæй Мах тохы уæндон сидт куы хъусæм дæуæй. Ды дзаг армæй радтай нæ дзыллæтæн амонд, Ды байтыдтай се ’хсаен фаг уарзондзинад, Ды натылйа скодтай нæ Ирæй дæр абон, Æмæ йæ дыккаг хатт ныййардта йæ мад!..» Республикæ! дардыл мæйдзаст цæстæй ахсын 15
Дæ фаззон æмгæртты нæ цины куывды. Æз уыдон дæу хуызæн мæ царды йас уарзын, Куыд уарзын нæ уæле нæ уарзон фыды. Гъæйтт, фезмæлут цырддæр, нæ къæрцхъус фæсивæд! Цы фестут? Сатана куы нæ у æлгъин! Уæ тасæй æзнагæн йæ зæрдæ ныххус уæд. Бæрзонддæр уæ зарæг, тыхджындæр уæ цин! Уадз уарзон Цæдисæн йæ алы кæрæттæм Æрвнæрдæй тыхджындæр уæ цинад нæра! Уадз тугдзых фыдгултæн сæ маргæйдзаг зæрдæ Ныссудза бынтондæр Уæлахиз ура! Г2/1Х—1936 аз. 16
ПАРОДИ «АУÆДЗ» КОЦОЙТЫ АРСЕН (колхозон мотивтæй) «Хуымты ’хсæнты ивæзтысты ауæдзтæ... «Арæх хъуысти ауæдзгæндтæй тохы хъæр, «Цымлæдзæг-иу фехситт кодта уæлдæфы, «Фæтæн хъама-иу арвы ’рттывдау ферттывта». Астъ-афрæллах, Арсеи! Куыд дын амардтæн, уэстæн, Цы дыл æрцыдис уый?.. Æцæгæй дын фæтарстæн; Мийаг зæгъын(?) уæдæ! Цы нæ æрцæуы царды. (Æрæджиау цæссыг дæр ма ныгæны марды). Цы йæ’мбæхсон ’мæ гъа! Æргом ныхас лæвар у,— Фæсаууон сусæг дзырд кæддæриддæр хæрам у: Цæвиттон æз æзнон нæуæг газеты кастæн, Æмæ гъе, уып фæдыл уыдзæн йæ сæр мæ хъастæн; (Лæджы аипп лæгæн æгъгъæд куыд нæ уа мастæн)... Кæсын дæлдæр... æмæ? — æмæ ма мæ цы къахыс, Арсен æд æмдзæвгæ. Гæды ныхас нæ уарзын! Фыр цинæй уайтагъддæр фæкуыддæр ис мæ зæрдæ— Нæуæг скуыхтдзинад у арфæйаг, цæмæннæ... Фæлæ... Фæлæ, зæгъын, — цæй тыххæй, уый æмбарыс? Кæсын дæлдæр... æмæ? — æмæ ма мæ цы къахыс, Æваст мæ зæрдæйау дæ балгъитæг куы фæуид... Фæлтау, зæгъын,—фæлтау мæныл нымад куы ’рцæупд, Уæд ма мийаг йæ кой бæсты дзаг кæд нæ уаид,— (Лæппуйæи алчидæр йæ тæригъæд ныппарид), — Фæлæ кæцæй, мæ хур, — æз ног^рсен^нæ уыдтæн, Æмæ дæ бæсты уым фыр æфс^ршей ныссырх дæп. 2 Хозиты Я.
Отæй куыд нæ> зæгъ-ма? нæ уæлейы цытджынæй, Фыссæгæн — номдзыдæй, дæсны æмæ тыхджынæй Нымадтам алкæм дæу. Нæ цин æмæ ыæ бадты Нæ чъирикувæгыл уыдтæ æдзух нымады,— Сæр æмæ бæрзæйæн сæ кад уыдис бынаты... Ныр та? Цы загъдæуа? Лæг хъал кæнын дæр зоны, Æмæ ма уæд йæхи йæ номæй дæр кæм хоны... Æз хъуамæ раст нæ дæн, ис алцæмæн дæр аххос: Мæ ныхæстæн — дæ фыст, дæ фыстæн та кæй аххос?.. Вæййы æмбисæндтæй дæр иуæй-иутæ раст дæр: «Бæх, дам, $уы нæ вæййы, уæд баифтындзынц гал дæр», Тыхджын поэт нæй, — рæстæг куыд домы, афтæ Домбай хъæлæсимæ нæма рахызтас размæ Сæ иу дæр. Раст у уый, нæма, нæма, нæма, и, Æмæ дæм хардзау уый æвæццæгæн æркасти. Фæбалц кодтай дæхи, дæ зачъетæ æрдастай, Æнгом дæ астæуыл нæуæг хъама æрбастай Æмæ дæ бафæндыдис ног хъæлæс æссарын, — Бæласы къалиуæй мæлгъæвзагæй ныззарын. Ныццæлхъ ластай уæдæ, æмæ дæ нæуæг зарды Æрæмысыдтæ ды, кæддæр цы уыд нæ царды, Цы ферох махæй ныр, цы диссаг нал у абон: Кæм рæзынц ног адæм: стахановон-хъазуатон... Цæйдæр хæмпæл ауæдз æрæвæрдтай нæ разы: «йæ сæрты ’хситтгæнгæ кæйдæр цымлæдзæг хъазы, — «Фæхæссы сæры фахс,' фæтæхы ноджы дарддæр, «Фæзилы иннæрдæм, нæмьь рæхойы тагъддæр... «Туг уайы цæсгомыл. Æркалдта тъæнгтæ хъама... Фæлæу-ма! — гъейтт джауыр, кæс-ма дæхимæ! — гьа-ма! Фæлæу-ма! — гъейтт джауыр, кæс-ма дæхимæ! — (Раст мæнæ Особа, кæнæ та «просто» аргъау) Фæбынæй уыцы дуг... «Октябрь», — зæгъгæ, дзурынц. «Æсизта цард бынтон, — фыссæджы хъустæ хъусыиц: «Ныр нал ис ауæдзтæ, колхозон хуымтæ фурдау «Фæйлауынц, къутутæ фæззæг æсвæййынц култау, «Бырсынц хъазуатонтæ, фæцæй сурынц кæрæдзи, «Чи кусы ерысæй» (чи архайы æнæ уый). «Сæ хæс фæцæй фæуы, æскъуымбил вæййынц тохы».,. 18,
(Хъæуы сæ улæфын, — уый фыссæгæй нæу рохы, Æмæ фыссы): «фæзылдысты хæрынмæ»... (Фæгæдзæ кæнут ам сæ аходæн фæуынмæ), Фыссæг дæр йед куы нæу, цæмæй зоны, куыд хæрынц; Хæлæфæй, ерысæй, æви ма гъа — куыд зæгъынц: Бæлвырд куы нæ зонай, уæд банцайын хуыздæр у. (Гæды ныхас кæнын æцæг дзырдæй зындæр) Æмæ йæхæдæг дæр... О! баулæфа иу цъус. (Сæ минасæй бæргæ, куы уаид уый дæр иу къус)... Фæцис сæ аходæн, ныр та æзгъорынц кафтмæ, — Фыссы фыссæг ног (куыд ын фæзæгъынц, афтæ): «Схъиуынц алырдæм, кæрæдзи сæрты хауынц, «Зæрондæй, ногæй ма сæ бынæтты кæм бадынц, «Чызг фæндыр аивазы, лæппутæ йæм зарынц», (Нæ фыссæджы æппын йæ хъуыдытæ нæ сайынц). Фæлæ дарддæр ныр цы бакæна? — дзыназы. Нæ сын ары бынат æмæ сæ кафгæ уадзы, Кæдмæ йын ног бæлццон нæ радзура сæ хабар, — Цы фæвæййынц дарддæр, кæсæг, дæхæдæг бамбар, Кæннод уал кафæнгуым, цы сын кæиа нæ фыссæг? Кæд бафæллайой, уæд «пажалыстæн!» Ныххуыссæнт! 1937 аз. 19
НОГ ИР Зæронд заман! дæ хъару басаст, Дæ рис, дæ тухитæ — мæ рын. Мæимæ æрттивгæ хур æрбакаст, — Æз абон Ног Иры цæрын. Мæ алы фарс куы райы уалдзæг, Рæвдаугæ, арвыл хъазы хур. Сæрибар тохы цины зарæг Мæ риуæй тоны, домы — дзур! Æз дзурын уæд, рæвдыд дæ цинæй, Кæй бои у уромын, зæгъ-ма? Дæ фидар, сау къæдзæхджын риуæй Иæуæг куы райгуыры хæзна. Бæрзонд, уæлхохы сæрмæ телтыл, Куы скæнынц вагæттæ сæ уад. Æндон хъæсдарæгимæ темпыл Хъайтар куы сиу кæны йæ зард. Хæссын мæ цæст дæ фæзтыл дардмæ, Мæ цин дæ рагуалдзæг хынцы. Нæуæг, хъæздыг колхозон цардмæ Нæ бæстæ ерысæй тындзы. Æндон бæх ног фæзтæй ныззары: Нæ бæстæ хоры кæндæй — зæй, 20
Хъазуатон ерысы фæлвары, Кæм ын ис равдисæн дзырдтæй? Бæргæ! куы ссарин, Ир, фæндонæй Дæу фаг æсныв кæнынæн дзырд, Цæмæй уа арфæйаг дæ номæй Нæ кусæг адæмы æмбырд! 21
ДОБРОЛЮБОВЫ МЫСГÆЙÆ Цæмæн фæзынд æстъалы а|рвыл Зымæгон сау æхсæвы тары? Цæмæн йæ сонт базыртæ дардыл Цæргæс бæрзонд хæхтæм фæлвары? Цæмæй йæ ирд цæхæры артмæ Уый тар æхсæвы ’нгас æрдара, Æви цæмæй йæ фæдыл дардмæ Æфхæрд уæнгты хъару æссара. Цæмæн йæ ферттывдимæ арвыл Уый хаугæ ’рттиваг фæд ныууагъта? Цæмæн æвзонг уарийы мардыл Æврæгъты ставд цæссыг æрхаудта? Цæмæй æдзух лæууа нæ разы,— Уæлахиз тох йæ баст рæмудза Æмæ сæрибары фæндагыл Æнусмæ уый цырагъау судза. 22
СЫРХ ДИДИНÆГ Сырх дидинæг, Байрйай!— Нæ уалдзæджы риуæй Дьь Бонвæрнонау, худгæйæ Сдардтай дæ сæр. О, байрæзай, уастæн! Дæ уындæй, Дæ цинæй Куыд буц у нæ зæрдæ,— Æнусмæ нын цæр! У райдзаст дæ фидæн, Æгæрон дæ уалдзæг. Парахат æппæт дæр: Дон, Хур Æмæ «_Сой. Нæ мæргътæ дæ уæлхъус Кæндзысты сæ зарæг, Дæу мысдзысты хорзæй, Кæндзысты дæ кой. Зæрин хур дæу арвæй Нанайау рæвдаудзæн, Дæу рог дымгæ уздзæн Йæ хъæбысы фаг. Йæ къухæй дын дзидзи Сæууон æртæх дардзæн, Сæуæхсидт дыл таудзæн 23
Йæ дари зæлдаг. Аив у дæ фæзынд, Фæнды нæ: Рæгъæдæй Куы ’рхæссис Ды махæн Æлутон мыккаг! Нæ хорæрзад гонты Куыд лæууа æвæрдæй, Нæ куысты бæркадæй— Нæ къутутæ дзаг. 24
хъыг (Адæмон номдзыд фыссæг Сулейман Стальскийы амардыл) Фæндараст, фæндырдзæгъдæг,—дзурæм æнкъардæй. Фæндараст, нæртон лæг... Уæззау у нæ хъыг,— Уæззау, фæлæ махмæ нæ зыны цæссыг,— Нæ кæуæм дæ уæлхъус: дæ диссаджы зардæй Ды самадтай махæн нæ цинæн мæсыг. Фæндаряст... Ды уарзтай дæ Райгуырæн бæстæ, Ды уарзтай дæ фæндыр — нæ амондджын цард> Ды систай бæрзондмæ сæрибары зард, Æмæ дæ цытимæ мах мысæм дæ фæстæ, Мах райдзаст æнустæм хæсдзыстæм дæ кад. Фæндараст... Кæд риуы ныллæууыди зæрдæ, Кæд арæхстджын къухæй дæ фæндыры тæн Ды нал хатыс абон,—уæддæр нæм цæрдзæн Дæ зарæг тыхджынæй æмæ йæ фæлтæртæм Дæ иузæрдион адæм хæларæй дæттдзæн! 25
ТЕРЧЫ ХЪАЗТ Дæ фæндаг раст, лæппу! .Хæстæгдæр ма мæм раздæх. Уынын дæ æз æдзух,— Цæуыс мæ былмæ арæх. Хæтыс мæ донгуырон, Фæбадыс-иу мæ фарсмæ, Кæсыс мæ уылæнтæм, Сæ знæтмæ, сæ хъазтмæ Æмæ та ’нæсдзургæ 'Фæстæмæ здæхыс ды. Цæуыл у уæд дæ мæт, Цавæр æмбæхст хъуыды Ныххызт дæ риуы арф?— Кæд фаг æрттивы мæй, Цъæх-цъæхид дары арв, Æрдз—хъæлдзæг, дуг— еæрибар?! Кæд у нæ бæстæ дзаг Цин, амондæй >йæ фаг, Æмæ дзырд кæд у дæхи бар?.. Æви ды дæ фыссæг? Æмæ мæйрухс æхсæвы Мæ хъæлдзæг рог зарæг Дæ зæрдæйыл æндзæвы Æмæ йæм хъусыс ды? Æви дæм ис хъуыды, Цæмæй мæ дæттæ дæр Хъæддаг, нырмæйау, ма уой. — Бæлвырд. .Мæ лымæн Терк, 26
Ды бамбæрстай мæ фæнд!.. —Разы йыл уæдæ æз, Æмæ уæлахиз уæд!.. Нæ дæн æз рагон Терк,— Æз дæр нæ амондджын дуг уарзын "Мæ йын мæ рагбонты -Фыдуаг мысгæйæ ныр Мæ тых дæттыныл дæн æз разы... О, уæд зыдтон фыссæджы æз,— Мæн уый сæрибары бæрц уарзта ’Мæ мын йæ фæндыры хъæлæс Лæварæн дард бæстæй æрхаста. Æвирхъау цард! Ныр дæр ма раст Хъуынтъызæй уый лæууы мæ зæрдыл: Нæ адæмæн, Нæ хæхтæн баст Куы уыд æлгъыст рæхыс сæ уæнгтыл: Хъæрзыд Кавказ, Æмæ фыдуаг Тыхгæнæг, цардимæ хæцгæйæ, Уæззау цагъары ’фсондз хæсгæйæ, Сæрд уа, зымæг,— Æхсæвæй-бонæй, Нæ сидзæртæн Бæгънæг, стонгæй Цыдис сæ удисæн цъæхахст... Куыдтон æз дæр, Æз медзаг мастæй Тыдтон мæхи æзнаджы бастæй Æмæ æрра куыдзæй хъыхъагдæр, Сырдæй знæтдæр ’мæ фыдуагдæр Мæхи æнæвгъау дуртыл хостон,— Æмæ æхситтгæнгæ згъордтон Уæд, калмау, денджызæн йæ арфмæ... Æлгъыст мæнæн уыдис мæ арфæ, •Фыдраконд æз хуыдтон хæрзиуæг Æмæ мæ дæтты стонг æфсинæн Лæварæн хастон æз кæсгоны, Кæсгон лæджы, кæнæ ироны,— 27
Цæй тыххæй?—Ар мæм марадз азым, Мæстджын йæ уды дæр нæ уарзы... Ныр та? Уыныс, нæ бонты цинæй Фæйлауын, худын, хъазын æз,— Фæлæ мæнæн уый нæу æгъгъæд, Мæныл дæр ис æфсарм ныртæккæ, Нæуæг мæнæы дæр у мæ хæс: Фæнды мæ мæи æндæр дæттау Мæ тых нæ цардамондæн раттын, Бæрзонд рындзæй турбинтæм хауын Æмæ сæ рогкæиын зырнау. Уынын аэз ам мæ алы фæрсты Кæмдæрты къада куыройы дæттæ Сæ «тæдзынæгæй» комы дагъы Ссудзынц иу-дыууæ цырагъы. Æмæ хæрзаг мæныл сæ зæрдæ Йæхи нымæр сæрыстыр худы: «Нæ Теркæн мур дæр нæу йæ бон, Уый цардæй иуфарсырдæм цуды, Уый у æнæпайда бынтон...» Цæй тыххæй уæд? Зæгъ-ма мьтн ды,— Кæмæй у Терчы уылæн къаддæр? Йæ тых чысылдæр, йе^згъорд цауддæр,— Кæй бон у мæн йæхи раз фауын? Æви мæ кой нæу хъуыст мæнæн, Æви ньгллæгдæр хæхтæй хауын, Æви мийаг æз Терк нæ дæн?! Æгъгъæд, Æгъгъæд, Æри мæнæн Домбай лæджы хъару, мæ бæстæ! Æмæ рæхджы бонты нæ фæзтæ Æхоæв дæр ирд боны хуызæн Æмхуызон сæрттивой мæ рухсæй. Æгас цæуæд хъæбатыр кусæг— Сæрибар лæг!.. О, цас ис ам, Хъару ’мæ цыт, 28
Ныфс æмæ цин. Кæй зæрдæ хурау дæу ыæ уарзы? Цы у мæнæн мæ бон дæ разы, Дæуæн цы фæнды фндар циу? Æрцу! Хæлар дæуæн мæ уылæи, Фæуæд дæ сæрвæлтау мæ сæр! Æрцу, Æрцу, Æмæ æз дæр Хъæрæй мæ дæтты хæндыг фурдæи Дæ номæй ног салам хæссон ’Мæ йын сæрыстырæй зæгъон: «Ныссæрф дæ тугæйдзаг дæндæгтæ, — Хæдмæлхор нал дæн æз дæуау, Æмæ лæджы фыдæй лæвæрттæм Æнхъæлмæ мауал кæс уæдау! Уыныс? Пыр Терк æндæр куыст зоны, Æндæр у Теркæн ныр йæ цин; Уый социализм йæхицæй хоиы Æмæ йæ тыхæи у æфсин. Ныр Терк кæны йæ зарæг, хъус, Уæззау турбинтимæ хъæрæй, Æмæ йæ диссаджы тынтæй Бон хуры цæст кæны фæлурс, Æхсæв та уæд—æфсæрмы мæй!» — О, номдзыд Терк! Æз бузныг дæн Дæ хъазт, дæ ног зæрдæйы уагæп, Фæндыди мæн лæмбынæг рагæй Фæдзурын уый тыххæй дæуæн. Æмæ цыдтæн, æхсæв уа — бон Дæ былмæ. Кастæн фаг дæ митæм, Цæмæй бæлвырддæрæй уыион Дæ фыдуаг уылæнтæн сæ фидæн! Ныр мæн уырны. Рæхджы дæ сидтмæ Кæй зындзæн лæг ныфсджып йæ куыстмæ Æмæ уынын: пыр дæр йæ дыстæ Стахановон кæй кæны фистæг!.. 29
октябры сидтон Æссæдзæм хатт Æгас цу, Амонд! Дæуыл мæ зарæг у мæнæн, Дæу фæрцы æз ныфсджынæй абон Октябрæн йæ сидтон дæн. — Æгæрон цин! Рæвдыд нæ хурæй— Æз ме’взонг бонтæм тилын къух, — Хæрзбон, Уæ хъæбул буцæй йæ сонты авдæиæй фæцух!.. Ныр дæн цæттæ, — Хъаруйæ, асæй. Нæ дугæй райстон æз хъæлæс, Æмæ цæхæр цæстыты ’нгасæй Кæсын мæ фидæн бонтæм æз! Кæсын. Æмæ уынын, æрттивгæ, Нæ нысан мах куыд хоны дард! Уæлахиз карз тохæй цытимæ Æз хъусын фидæнæй нæ зард... Хæрзбон, баба! Дæ рагон бонтæн Ныссадз дæ сау хъама цыртæн, Æмæ у хъал! — Æгайтма тохæн Бæззы дæ сау лæппу— фыртæн!.. Хæцыдтæ дзы 30
Æмæ дæ фæдыл Хъазуаты балц кæнын æз дæр, — Серго’мæ Кировы фæндæгтыл Мах номдзыд Клим кæндзæн ныр дæр, — Хæхты сæртьь Быдырты, Дæтты, — Тымыгъы, Уад æмæ хæсты. Лæджы сæр тохы бон кæм хъæуы, Уым махæн састæй ма тæрс ды... Цæуын!.. —Æзгъор, Фæлæ-иу зон: Дæ фыды галиу цонг æваст Фыдгулы сонт цæфæй куы ахауд, Уæддæр ма зиаджы бæрзæй раст Бындзарыл уæхсчытæй кæй атахт! Æмæ ныр дæр, куы хъæуа сæр, — Æзнаг мийаг куы уæнда размæ, Уæд дæм кæй зындзынæн æз дæр Æмæ кæй хæцдзынæн дæ фарсмæ!.. —Ныфсджын дæн æз, Нæ хъæлдзæг цардыл Дæ тох мæнæн скъола у Æмæ хæссын дæ сидт мæ кардыл Уæндонæй æз! Хæрзбон у!.. Нана! Ды дæр, Æрцыдис афои, Æз царды аккаг уæнг æсдæн, Мæн цин хæссы йæ арфмæ абон, Æмæ дæуæй æз бузныг дæн! Дæуæн, Æна! Дæ рæвдыд дардæй Мысдзынæн æз, нырау, уæддæр, — Хæрзбон! —Фæндараст... —Ды æнкъардæй Зæгъыс? 31
Æмæ æруагътай сæр? Цæй тыххæй уæд? Цы ’хсайы зæрдæ, Цæмæн у уый бæрц мастæй дзаг? —’Мæ гъа, Æстыр æст,ы дæ хæстæ Æмæ цæмæй зонын... Мийаг... —Æстыр? Бæлвырд! Æстыр мæ хæстæ! Æмæ æз бузиыг уымæй дæп, Кæй цæуын хъахъæнæг нæ бæстæ, Фæлæ кæс-ма! — Æз иу нæ дæн; Фæлтæр æндон нæ дуг ныййардта, Сæрибар бахсыста уый фаг, Хъару нын стыр Октябрь радта, Фæтæг ныи срухс кодта фæндаг, — Æмæ йыл мах цæуæм ныфсджынæй. Нæ алы къахдзæф у æитыст, Цæмæй коммунæйыл цытджынæй Нæ сурæт уа намысæй фыст!.. Фæлтæр — домбай, Æхсарджын — артау, — Зын раны, Цин æмæ хæсты. Нæ фезмæлд — уад, • Уæрагджып — сагау, Фæллайæи махæп нæй куысты: Ныннæры ком, Нырризынц хæхтæ, Иыллæууы йе згъорынæй доп — Æиусон цъитиджып бæрзæндтæ Уæд джихæй баззайынц бынтон!.. Нæй махæн зын! Цæгаттаг фурдæн Йæ пхтæ махæн не сты салд; Уыныс? Октябры хъæбултæн 32
У уым сæ тохы ’хсидаф сагъд!.. Кæм уыд хъæддаг, æгомыг бæстæ, Кæцы ран маргъ дæр ма нæ тахт, Уым—Сталинон æндон цæргæстæ,— Уæлдæф фæндаг æскодтам мах!.. Кæй бон у немæ ерыс кадыл, Бæрзонддæр махæй ссарын вæнд? Æмæ Æрфæны фæдау арвыл Ныууадзын мах хуызæн йæ фæд! Нæй ахæм тых!... Æмæ æнустæм Хъуысдзæнис кадимæ нæ дзырд,— Мах ивгъуыд тар дугæй куыд хъусæм Нæртон хъæбатыртæн сæ цыт!.. Æз федтон цард,— Æлгъыст фыд заман Ныр дæр ма тугæйдзаг ныхтæй Цагъары ’фхæрд уæнгтыл хъадаман Куыд ба&тты нæ алы фарс зыдæй; Æмæ æмбарын æз,—дæ цæссыг Æзнон дæ уадултыл куыд уад,— Испаны фондз сидзæрæн хæсты,— Куыд кастæ ды: — Фæмарщ сæ мад... Фæлæ кæндзæни сар æзнагыл, Фæстаджы тохы бон рæхджы Куы ссудза арт! Æмæ сæ бартыл Куы сдзурой иу дзыхæй бæстыл!.. Фæку-иу уæд, нана, хъæбулыл,— Æмбæхстæй уый куы ссарай, уæд, Кæнæ куы ауæрда йæ удыл, — Уæд ын хæрам дæ рæвдыд уæд!.. Ныр та æууæнд, Æстыр ныфсимæ, Нæ сомы бон кæй у хуыздæр.— Бæллиццаг — сидзæртæн сæ фидæн, Кæуинаг—тугдзыхтæн сæ сæр!!! 22/Х1—1937 аз 3 ХоЗИТо! Я. 33
ЗАРÆГ БОНТЫЛ Зар, мæнæй уый, цины бонтыл, Зар тыхджындæр, зар æдзух! Зар, мæ бæстæ, фидар блокы Партийыл куыд дары къух! Бонтæ, бонтæ, уат уæ бонæй, О, уæ цинад, о, уæ уарзт! О, тæхудиаг фæыдонæй Ссар сымах аккаг ныхас! Бирæ ме ’взаджы гæнæнтæ, Дард—йæ ныхæсты кæрон,— Нæй, уæддæр нæртон фыдæлтæ Мах бонтæн нæ радтой ном; Уымæн æмæ уыдон се ’ккой Хастой хъизæмары цард Æмæ фыны дæр нæ федтой Махау цины бонты ад; Хур-иу хохагмæ æрбакаст Ие стонг сабиты хъæрмæ, Æмæ та-иу ын фæндараст Загътой уыдон дæр кæугæ... Хур-иу хохагмæ æрбакаст Зæйы уылæнты бынмæ, Æмæ та-иу ын фæндараст Загътой халæттæ, уæдæ... 34
Хур-иу хохагмæ æрбакаст, Цъулберæн куы кодта най,— Æмæ-иу йæ зæрдæ асаст Æмæ-иу фæлыгъд тæргай... Кæд хæххоны айста ингæн, Кæд хæххоны ласта дон,— Уæд уькй уыд кæрон йæ зынтæн, Уый уыди йæ хуыздæр бон... Абон хур кæсы нæ бæстыл Æмæ йын ныгуылæн нæй— Хæхты, быдырты ’мæ фæзты Хъазы царды цин фæрнæй... Зарынц бонтæ, зарынц хъæлдзæг, Зары хохаг дæр хъæрæй; Нæй сæ цинадæн ныккæнæн,— Уымæн ф1аг ныффыссæн нæй: Бонтæ—райдзаст, бонтæ—амонд, Бонтæ—цинад æмæ ’нтыст; Бонтæ—кад, æскуыхт, хъазуатон, Бонтæ—улæфт æмæ куыст. Саби хисдæрмæ фæсиды: — Цом-ма размæ, цом, уæдæ! Хисдæрæн йæ риуы ’хсиды Хъæлдзæг сабийы зæрдæ. Алчи у йæ цардæй разы,— Куыстæн аргь кæм и хуыздæр?! Бон сæдæ путы æрласы Хорæй, цинæй та — фылдæр! Куысты махмæ чи у разæй, Уымæн дардыл хъуыст—йæ кой. Дзаг мæ райгуырæн бæркадæй,— Хæхтæ—магъз, нæ быдыр — сой; 35
Фынг бæрæчеттæй æртасы, Кæхцы сау бæгæны—кул, Хъал чызг буц лæппуйы уарзы— Кæд йæ бæстæн у хъæбул, Кæд йæ бæхыл бады хъæлдзæг, Кæд йæ зарæг ’у тыхджын, Кæд бæркадджын у йæ фæззæг, Кæд хъазуаты у ныфсджын... Бонтæ, бонтæ, уат уæ бонæй, О уæ цинад, о уæ уарзт! О тæхудиаг фæндонæй Ссар сымах аккаг ныхас!!! Денабрь, 1937 аз. 36
АРÆНТЫЛ Уæрæх Цæдисы арæнтæ Æрбарухс кæны бон. Фæтулы мæй йæ авдæимæ, Æрттивы Бонвæрнон. Æссæуы хур, мæ арæнтыл Лыстæг хæссын мæ цæст. Мæ къухы—топп, мæ астæуыл Мæ хъатара—æлвæст. Фыдыбæстæ, мæ гуырæн зæхх! Дæуæн дæн æз нывонд. Мæ ныфс—дæ цин, мæ саулох бæл,. Мæ карды ком, мæ зонд! Уынык: хъæхъаг æзнæгты бал Цæттæ кæны хæстмæ. Цæттæ дæн æз! — æрбакæс-ма, Мæ Райгуырæн бæстæ! йæ маст фыдгулæн не ссыди, Уый ног æыдзары арт,— Дзæвгар рæстæг та не ’рцыди йæ бæрзæйыл нæ кард... Æссæуы хур. Мæ арæнтыл Лыстæг хæссын мæ цæст. Мæ къухы—топп, мæ астæуыл Мæ хъатара—æлвæст! 1935 аз. 37
НÆ УАРЗОН СОВЕТТÆН Нæ уарзон Советтæ! Уæ цинæйдзаг ном Æз фарнимæ хъæлдзæгæй арын; Милуанты хъæлæсæй Нæ амондджын бон Уæ кадæг мæ фæндыры зарын... Æз зарын фæтæгыл,— Иæ цæстыты рухс, Уый махæн хур сау калмæй байста Æмæ нын йæ рухсмæ Нæ зæрдæтæ буц Уæд амондæй фидар æсбаста. Цæрæд нын æнусмæ! йæ намыс, йæ кад Мæ фæндыр куы нæ зæгъа, ’ххæстæй, Уæддæр сæ ныффысдзæн Йæ мæсыгыл цард Сæрибары дугты хъæлæсæй. Куыд нæ уон æз буц та?— Туаллаг—хæххон, Кæй нæ тавта хур дæр Зыруджы, Уый абон куы дæтты Йæ хъæлæс уæндон Нæ хурыл, нæ арфæйаг дуджы. 38
Æз зарын, Ирыстон мæм хъусы фæрнæй, Æмæ йыл мæ зæрдæ нæ ивын,— Ныййарæгау алкæд Нæ урссæр хæхтæй Йæ салам нæ фыдæн æрвитын. Дæ бонæй уай уастæн, Мæ фыдæлты зæхх! Куыд нæ уа дæ зæрдæ парахат,— Кæд ног Конституци Æндæрты æмрæгъ Дæу хоны: советон паддзахад! Цу размæ! Дæ фæндаг у хуримæ иу Коммунæмæ тохы фæндагыл. Дæларм-уæларм Фидар Цæдисимæ ды Æмзæрдæйæ хъахъæн дæ бартæ!!! 39
МÆ ФЫНЫ ДÆР Æнайы чызг, цы боны уай,. Цы номæй дæм фыссын?! Æзнон та дæ, мæ хуры хай, Мæнмæ æрхаста фын... Æз бадтæн уаты иунæгæй, Мæ хъуыдытæй мæ сæр Уыд дзаг,—хъæлдзæг мæ фидæнæй, Фæзындтæ мæм ды дæр; Рæуæг, бæрæгбон дарæсты Зæрдæрайгæ—дæ каст,— Дæ уыыдæй ме ’рыгон къабæзтæм Уæд цины хур æркаст... (Лæппу! Æрра кæм нæ вæййыс Ды ахæмты уындæй!!!) Æсдзырдтон дæм: цæмæн лæууыс? Чызгай» æрбад-ма, цæй! Æрбадтæ, æз дæ хъарм къухмæ Куыд февнæлдтон, ’мæ гъа, Дæ мидбылты мæм бахудтæ Æмæ дзырдтай: Æрра! Мæнау фæуай, о хъал чызгай (Дзырдтон дын æз бæргæ), 4Э
Кæд сау æрфгуыты бамбæхстай Ды ме ’нхъæлцау зæрдæ. Кæд уый æхсæвæй, бонæй дæр Дæу фæмысы æрмæст, Кæд сусæгæй, æргомæй дæр Дæ цинæй у æфсæст. 41
ЧИ У УЫЙ? Ломы цæфæй хох нырризы, Дард быдыртæй хъуысы зард. Уæрммæ ’ндон уæйыг ныххизы, Зæххы риуы судзы арт. Чи у уый? Фæлæуут, сабыр. Арт, хæсты æмдых, æхсар. Уый фæскомцæдис,— Октябыр Цард кæмæн скодта йæ бар... Бакæс, арты цинк æхсиды, Пецтæй ракæлы цæхæр. «Хох» æм цырд лæбуры, ’взиды, Цинчы тасæй ивы ’ндæр. Чи у уый? Фæлæуут, сабыр. Айнæг хох æмдых «æрвад». Уып фæскомцæдис,— Октябыр У кæмзэн ныййарæг мад. Дарддæр кæс, Дзæбугæй хойы, Хид лæдæрсы, уæнгтæ гом. йæ цæф æзиаджы риу рæхойы. Хъайтар, домбай, уæйыг йæ ном... Чи у уый? 42
Фæлæуут, сабыр. Кæуыл уæлахиз нæу фыдгул? Уый фæскомцæдис,— Октябыр Тохы фидар риу хъæбул. Акæс ног дуджы цæхæрмæ... Хъуысы йе ’фсæддон гæрах. Знаг фæуадзыг ис йæ хъæрмæ, Кæс, фæлдæхы, цуды къах... Чи у уый? Зæххы уæлцъарыл Тых кæмæн нæ ары тых? Уый фæскомцæдис,— Йæ бартыл Афтæ чи хæцы хтæддых... 43
ЦИНЫ ЗАРÆГ Ой, уæлæ нын арвыл Дыууæ хуры куы стулы. Еи, ей! Сæ рухсæй нæ хæхтæ Налхъуытау æрттивынц. Ой, уый Сталин Молотовмæ Афтæ куы дзуры: Ей, ей!—Ирон адæм иæм Курдиат æрвитынц: —Ой, бирæ нын цæрат, Нæ уарзон фæтæгтæ! Ей, ей, ныййарæг мадау Мах чи буц кæны, Ой, >сымах нын скодтат Рухсмæ фæндæгтæ. Ей, ей!—Уæ цæстæнгасæй Нæ зæрдæ рухс кæны. Ой, кæд раджы Ирыстон йæ туджы мæцыди, Ей, ей! — Йæ сидзæрты куыдæй Хæхтæ рызтысты, Ой, уæд нæм абон мæнæ Амонд куы ’рцыди, Ей, ей!—Кавказы хæхтæй Нæ зарæг куы хъуысы. 44
Ой„ бæркадджын быдыртæй Нæ зæрдæ куы райы. Ей, ей!—Нæцины хъæздыг цард,— Фæндырты цæгъдинаг. Ой, нæ цъитиджын хæхтæй Сæнт урс цинк куы уайы, Ей, ей!—Уæларвмæ куы фæцыд Беслæны комбинат. Ой, уыдон нын, Сталии, Дæ лæвæрттæ куы сты, Ей, ей!—Нæ парти дæ зондæй Куы никуы рæдийы. Ой, нæ бирæ бартæ Дæ къухæй фыст сты, Ей, ей!—Дæ сыгъзæрин чиныг, Дæ Коиституцийы. Ой, мах дын дæ хæрзтæ Нæ зæрдыл куы дарæм, Ей, ей! — Алкæд куы бæллæм Дæ рухс цæсгом фендмæ; Ой, æмхуызонæн дæ Иумæ куы ’взарæм, Бй, ей!— Иæ уынаффæдонмæ, Нæ хисдæр Советмæ. Ой, мах демæ æвзарæм Дæ тохы æмбæлтты, Ей. ей!—Иæ уарзон Молотон, - Нæ паддзахады сæр, Ой, нæ адæмы знæгты Дæуимæ чи сæтты, Ей, ей!—Дæуимæ чи схъомыл Нæ тохы зынты дæр... 45
Ой, уый арвыл нæ хуртæ Кафгæ куы кæнынц, Ей, ей!—Нæ хæхтæ сæ сæртæ Бæрзонддæр куы дарынц. Ой, уый Сталин æмæ Молотов «Разы» — куы зæгъынц, Ей, ей!—Ирыстоны дзыллæ Фыр цинæй куы зарынц. 46
У КЪÆРЦХЪУС Сауджын циу Æмæ цы уыд, Уый дæ хъуамæ ма уа рох, Дар æм ды Дæ цæст Бæлвырд Æмæ йемæ амай тох. Абон Мах Советтæ ’взарæм, Æмæ стæм сæ цинæй буц. Фæлæ Хаттæй-хатт Нæ дарæм Царды Фыднизтæм Нæ хъус: Иуæй-иутæ Сты сæрыстыр: Цардмæ Тынг лыстæг Нæ кæсынц, Æмæ не знæгтæ Сæ дысты, Раст Мыстау, Сæ хъуырмæ слæсынц. Бахуыйынц Сæхи Æнцад 47
Уым Дзæвгар рæстæг, Сæхтæгау, Стæй Уæззаугай Райсынц кард Æмæ— Ахауд Сæр, Мæнтæгау... Лæг фæци Йæ цард, Бæгуыдæр; Знаг ын цырд Йæ дзаума скодта Æмæ бонæй-бонмæ Тынгдæр Р1е зиаггад Нæ куысты Кодта. Уый фæстæ Дыи ыл Цы ’рцыд, Уый дæхæдæг дæр æмбарыс Фæлæ Махæй Лæг фæхъуыд, Куыет кæй фехæлд, Уый ’дæр хатыс. Аргъау дын Яæ каанын, Ма тæрс! Ахæм ’хабæрттæ æрцыд. Уый тыххæй Кæй фæнды Бафæрс, Æмæ дын зæгъдзæн: Бæлвырд!.. Уæлæ Абон та цы хуызы 48
Хъуамæ уа Нæ фиухъус, цы, Уый?! Минут Æнцад нæ хуыссы, Сабыр рувасы кæрцы Архайы, Æхсæвæй, бонмæ Советтæм Хъуызы Æмраст, Раджы Мæгуыры кæркдонмæ Куыд- хъуызыди, Уыйау Раст. Гъемæ сæм Мийаг Куы бафта, Мах куырмдзинады фæрцы, Уæд, Æвæдза, Де знаг афтæ,— Рагон кæркдоныл Цы ’рцыд, Уый Нæ сæртыл дæр Æрцæудзæн: Байгæрддзæн Нæ куыстмæ Дуар,— Уырдæм йе ’рдхæртты Фæкæндзæн Æмæ нын Нæ хъæлдзæг цард Раст Зæронд цардау Ныккæндзæн. Дар дæ зæрдыл уый 49
Бæстон, Æмæ дзы цæмæй уæм хызт: Уый тыххæй, Æхсæв уа—бон, Уыдон ныхмæ Скæн дæ куыст! 12/УГ—38 аз. 50
ÆВЗАРДЖЫТЫ ЗАРÆГ Æзмæл, Дуне, Нæ зарынмæ, Æнкъуыс Тыхджындæр Абон! Цæуы Нæ бæстæ ’Взарынмæ йæ Советтæ— Йæ амонд... Кæс-ма! Æскаст та Кремлæй Нæ уарзон хур Нæ фæзтæм, Æмæ йæ тынтæм, Ие ’рттывдæй Æмхуызон Райхъал Бæстæ. —Мæ хъæбултæ, Мæ йæстытæ, Салам уын Æз æрвитын; Цæут, Мæ хуртæ, 'Взæрстытæм,— Уый 51
Махмæ Афтæ сиды. —Цæуæм, Цæуæм, Нæ циндæттæг!— Зæгъæм ын Иумæ Мах дæр,— Нæ хъæлæстæ, Нæ буц фæтæг, Дæуæн— Фыццагдæр! Хæххон дæттау Нæ дзыллæтæ Тырнынц, Æзгъорынц Размæ; Дæсгай Урнæтæм,— Хъæлæскæнæн бынатмæ. Кæм—зард, Кæм—худт, Кæм—хъазты хъæр, Кæрон Нæ цинæн Нал ис. Зæрондæй, Ногæй— Алчи дæр Уæлдай тынгдæр Æсхъал ис. Гъей, гъей, Ныммæлæн Макуы уа, Цæрдæг лæппу, Дæ удæн! Кæс-ма, Кæс-ма йæм— Кафы та Иæ фæдыл 52
Сау рæсугъдæн. Бæрзонд, фæтæхы Цингæнгæ, Йæ къахфындзтыл æрхауы Æмæ йын Хъал чызг Цикъæйæ Хæцъил Йæ разы Тауы,— Фæлварæгау. Нæ лæ,ппу йæ Иæ дæндæгтæй Куы исы. (Уæдмæ та чызг Гæлæбуйау Иæ алы фæрсты Зилы), Чызгай, Æгъгъæд æй мар! Мæтæн ын — æгæр дæр Дæ худт, Дæ’сау æрфгуыты тар,— Кæй фæмысы Æхсæв дæр... Нæры Нæ цин’ Нæ зарынмæ Æгас дуне дæр Абон: —Цæуæм, Цæуæм Æвзарынмæ Нæ Советтæ,— Нæ амонд! 53
ИУУЫЛДÆР ФЫССУТ ЛÆГАУ ПАДДЗАХАДОН НОГ ÆФСТАУ! Хъус, æмбал! Кæд ды мæнау Тынг дæ гуырæн бæстæ уарзыс, Уæд цæрдæгдæр Ног æфстау Ды Зæрдæхъæлдзæгæй Рафысс! Æмæ уа Нæ бæстæ ноджы Фидардæр æмæ тыхджындæр. Æмæ ма æрбауæнда бонджын Мах хъæлдзæг бæстæм æппындæр! Рафысс цырд, цæмæй æххæст Уа нæ зæхх æппæт бæркадæй, Æмæ рыст, цагъар, æссæст Тохмæ сыста тагъд нæ зардæй! 54
М. Горький ЗАРÆГ УАДХÆССÆГЫЛ Денджызы цъæх фæзы сæрмæ Дымгæ мигьты ’мбырд кæны. Мигътæй денджызы æхсæнты, Сау æрвнæрыны хуызæнау, Уадхæссæг сæрыстыр, хъæлдзæг, Дардыл зилахар кæны. Куы йæ базырæй ныццæвы Денджызы æзнæт уылæнтæ, Куы фæтæхы, фатау, мигътæм, Хъæр кæны, ’мæ хъусынц мигътæм Цинад уый уæндон хъæримæ. Уыцы хъæры—уады мондаг! Масты тых, фæндоны зынг Æмæ ’ууæнк уæлахизадыл Хъусынц уыцы хъæры мигътæ. Ниуынц чайкæтæ йæ уындæй Уадæн. Ниуынц æмæ тагъддæр Сты цæттæ сæ тарст æмбæхстмæ Арфдæр денджызæн йæ быны, Уады фендæй... Ниуынц ноджыдæр гагартæ,— Уыдонæн, тæппуд гагартæн, Нæй сæ туджы тохы цинад,— -Аовы нæрынæй куы тæрсынц. Гъе, ’рра пингвин! Акæс, уый дæр Тагъд-тагъд къæдзæхы дыдагъы Апф йæ нард буар уый æмбæхсы... Фмæстдæр Уадхæссæг—сæрыстыр— Зилы бархийæ, уæндонæй 55
Фурды знæт уылæнты сæрмæ! Тагьддæр, тагъддæр æмæ ’ввахсдæр 'Рцæуынц цъæх денджызмæ мигътæ Æмæ зарынц æмæ тонынц Уылæнтæ сæхи уæлвонгмæ, Арв нæрыны размæ цырддæр. Арв ныннæры. Знæт фынчытæй схъæрзы денджыз, Сонт дымгæимæ быцæуы. Мæнæ ’рбамбырд кодта дымгæ Уылæнты дзыгъуыртæй иумæ Зыд, тыхджын, уæрæх хъæбысы, 'Мæ сæ фехста дард фыр мæстæй, Сау къæдзæхты риуыл уыдон Пырх ныккæнгæйæ тых цæфæй. Уадхæссæг тæхы хъæргæнгæ Сау æрвнæрæгау бæрзæндты, Фатау мигътимæ хæцгæйæ, Базыртæй рæдувы денджыз. Мæнæ, ’рбазилы куыд демон,— Сатæг-сау тымыгъы демон, Куы ныххуды, куы ныккæуы... Уый сæнт-сау мигътыл ныххуды, Уый йæ фыр цинæй ныккæуы! Арвы сонт нæрыны масты Хъусы уый—къæрццхъус фæллайын, Хъусы рагæй, æмæ ’ууæнды: Мигътæн нæй нымбæхсæн ху()ы,— Иæй нымбæхсæн! Дымгæ ниуы... Арв ныннæры... Ирд цъæх арт æсуадзынц мигътæ Денджызы сæрмæ фыр мæстæй. Денджыз арвы фаэттæ ахсы ’Мæ сæ арф йæхимæ ’мбæхсы. Раст сырх зынг кæлмытау доны Тагъд, къæдз-мæдзытæ гæнгæйæ, Арвы ’рттывды ирд тæмæнтæ Денджызы ныгъуылынц къордгай. Уад! 56
Рæхджы бон уад ныннæрдзæн! Уый тымыгъты ’хсæн уæндонæй Зилы Уадхæссæг хъæбатыр) Денджызы фыцæны сæрмæ, Уый ныхъæр кæны ныфсджынæй Дард, уæлахизы фидиуæг: —Уадз, тыхджындæр уад ныннæрæд! 57
ÆНАХУЫР ХЪУЫДДАГ В. Маяковский Владимир Маяковскийыл сæрдыгон дачæйы чи æ,рщыд, уый. (Пушкино, Акуловы хох, Румянцевы дачæ, 27 версты, Ярославы æфсæн- фæндагыл). Сæдæ хуртæй ныгуылæн сыгъд, Июльмæ сæрд фæцæй тылд. Уыдис æнтæф, Æнтæф тылдис Уæд дачæйы мæ сæрты. Ныггуыбыр Пушкины къуыбыр Акулон хохы тасæй. Йæ бынмæ та уым хъæуы цæмпылд, Ныддыдæгътæ, йæ цартæй Хъæуы фæстæ— Уыдис хуыггом Æмæ-иу уырдæм арвæй Æрвылбон хуры æз уыдтон Фæцæйхилгæ йæ балцæй. Сæумæ та Иогæй Дуие—рухс. Сырхæй-иу хур æскасти, Фæлæ æппын фæстаг мæнмæ уым Хардзау Уый æркасти. Æмæ дын-иу ахæмы уæд— Фыр тæссæй дуне бамыр— 58
Æз хурмæ схъæр кодтон: Æгъгъæд! Æрхиз, уым арвыл ма быр! Æз æм ныхъæр кодтон: «Лæвархор!» Уым мигъты ’хсæн æсхъал дæ, Фæлæ ма ам сæрд уа—зымæг— Мæнау ды фысс плакаттæ! Æз загътон хурæн, Багъæц ды, Сыиьзæрин ных—æнцай-ма! Дзæгъæлы леккайы бæсты Фæлтау Æрхиз мæ цаймæ! Цы бакодтон! Куы фесæфтæн; Мæнмæ дын барвæндонæй Быдыры даргъ къахдзæфтæй хур Æрбазынди кæронæй. Фæнды мæ бамбæхсын мæ тас Æмæ хъуызын фæстæмæ. Кæс, дыргъдоныл йæ ивд æнгас Æрбахызт мæнæ кæртмæ. Фæрсæгтыл, Дуарыл, Зыхъыртыл Æрбахызт хур æгасæй, Æрбахызт, Æмæ сдзырдта уый Бæзджын хъæлæсы дзагæй: «Мæ тæвд фæстæмæ ’рвитын æз Мæ равзæрдæй фыццаг хатт. Хуыдтай, поэт!—уæд цайтæ хæсс, Варенье хæсс парахат». Цыренау арт йæ цæстæй каст, Иæ тæвдмæ сæр фæзилаг. Æз ын: —Самавармæ æввахс Сбад, мæ хур,—æрттиваг! Цы хæнрæг домдта мæн æргом 59
Хъæрыл,— Кæнын æфсæрм дæр. Æрбадтæн бандоны кæрон,— Фæрсын: куы уа æвзæрдæо! Фæлæ аглутоны тæмæн Цыд хурæй, Æмæ ’нцадгай Æз йемæ дзурыныл фæдæн— Æрттивагæн уæззаугай. Гъе ууыл, Иннæуыл, зæгъын, Цы бахврдта нæ Рæсты Хур! «Ма кæн Ды дæхицæн зын, Дзæгъа&лы у дæ мæсты. Мæнæн, дæ зæрдæй, • Рухс кæнын Æнцон у? Цу, æвзар-ма!— Фæлæ цæуыс, Хъæуы цæуын Æмæ æрттивыс дардмæ». Дзырдтам мах афтæ талынгтæм,— Æзнон æхсæвмæ—ома, Æмæ кæрæдзийы базыдтам, Бæстон кæрæй-кæронмæ, Стæй, Æрдхорд æмбалау, æз йæ уæхск æрхостон уымæн. Раст афтæ хур дæр! «Ды ’мæ æз Æмбæлттæ стæм нæ дыууæ. Цæуæм, поэт, Æмæ нæ хæс Мах фидæм иумæ цардæн. Мæ хуры рухс дæттдзынæн æз, Ды та дæ тых дæ зардæй». Æндæрты сис, Æхсæвты тар Нæ хуртьт бын фæиыдæр. 60
Ис рухс^—æмдзæвгæтæ, Дæ бар— Æрттив цæмæй фæнды дæр! Фæллайа хур Æмæ хуыссын Фæнда гуымиры ’хсæвы, Уæд æз йæ бæсты рухс кæнын Æмæ та бон æрлæууы. Кæн рухс æдзух, Кæн алкæм рухс, Куыд нæ уа талыцг мур дæр! Кæн рухс ды, Цалынмæ цæрыс— Фæдзæхсын æз— Нæ хур дæр. 61
мигъ (Пушкинæй) Фæстаг мигъы къуымбил,— пырхытæгонд уадæй! Ды иунæгæй тауыс дæ аууон æнкъардæй, Ды иунæгæй арвæн йæ ирды хæтыс, Ды иунæгæй хъал бон æрхæндæг кæныс. Ды арвы æрæджы æмхуызон æмбæрзтай, Æмыр хъæртæ арæх уæззаугай лæвæрдтай. Æмæ дыл æрвæрттывд мæстыйæ тыхстис. Ды сур зæххы донæй уæд кодтай æфсис. Æгъгъæд у, цæй, фесæф. Дæ афон æрцыдис. Æсулæфыд зæхх, æмæ уад дæр фæлыгъдис, Ныр уæлдæф рæвдаугæ бæлæсты сыфтæр Æнцадгонд цъæх арвæй фæсуры дæу дæр. 6/Х—37 аз. 62
ÆРЫХЪАЛ (Бархи таалмац Пушкинæй) Мæ фæлмæн баз— Мæ нывæрзæн. Мæ алы фарс Мæ хуыссæнтæн Фæлыгъд сæ тафст. Фæлыгъд сæ ад, Мæ сæнттæ—саст, Мæ зæрдæ—’нкъард... О, мæ уарзон цард, Дæ бирæ маст, Дæ бирæ уарзт, Дæ нысæнттæ, Дæ цин, дæ ад— Зæрдæйы хъазт Да* фæдыл баст Лæджы сæнттæ... Сæнттæ, сæнттæ, Кæм и уæ ад? Кæм дæ, кæм дæ, Мæ адджын цард? Фæлыгъд мæ фын, Мæ хъæлдзæг фын Фæсайдта мæн... Кæсын, кæсын Æмæ уътнын: Æз сидзæрæй Хæрз иунæгæй Мæ тап фынæй Куы райхъал дæн... 8>1Х—34 аз. 63
ХЪАЗАХЪАГ (А. Пушкин) Иу æнафон йæ балцæй Тар мигъы фæлмы Цыд хъазахъаг барæг дардæй Иу доны сæрты. Худ йæ сæры фахсыл къулæй, Дзаума — рыджы ’мбæрст, Хъыримаг зынд уæраджы цурæй, Зæхмæ кард æххæст. Бæх уæгъдидонæй тырныдта Размæ, цыд д|зæбæх. Дымгæ йын йæ барц фæйлыдта, Зад йæ фæстæ зæхх. Уалынмæ хæдзæрттæ мæнæ, Рагон быру—калд. Фæндаг ам фæхицæн хъæумæ, Уым та хъæумæ—дард. «Нæй чызджытæ уым ныртæккæ»— Хъал Денис дзырдта.— «Уыдон ныр сæ хъарм хæдзæрттæм Аивгъуыйынц, а!..» Раздæхт хъæумæ, бæхыл уайтагъд Ехсæй тынг æрцыд! Æмæ фатау размæ атахт, Хæдзæрттæм фæзылд. Хъазгæ мæй æрттивы арвæй,— —Уай мæ саулох, уай.— 64
Рудзынджы раз бады ’нкъардæй Сау рæсугъд чызгай. Хъал лæппуйы ’ндæр цы хъуыди, Федта йæ куыннæ! Æмæ тагъдгомау фæзылди Рудзгуыты бынмæ. Æхсæв ноджы кодта тардæр, Бамбæхст мæй бынтон. <'Рауай-ма, мæ зæрдæ, тагъддæр, Ратт мæ бæхæн дон». «Уæ, мæ хур, æвзонг лæппумæ Нæй æууæнк æппын. У тæссаг цæуын дæ цурмæ,— Бæхæн дон дæттын».— «Ма тæрс о» рæсугъд, дæ удæн, Ратт мын, ратт дæ уарзт Æхсæв тасдæр у рæсугъдæн— Ферох кæн дæ тарст. Баууæнд мыл, чызгай, зæрдæйæ, Рацу-ма хæстæг, Сафыс дзæгъæлы тæрсгæйæ-, Диссаджы рæстæг. Сбад мæ саулохыл, дæуимæ Дард бæстæм цæуын, Лмондджын уыдзыстæм иумæ, Иу уыдзæн нæ зын». Нæй гæнæн,—сразы чызг дæр,— Тасдзинад фæлыгъд. Рог æй бафæндыд цæуын дæр,— Лæгæн ма цы уыд? Фенкъуыст бæх, æд къай кæдæмдæр Хъаз-ахъаг фæтар. Уарзта йæ къуыри, дыууæ дæр,— Æртыккаджы — нал. 5 ХОЗ 1ТЫ Я- 65
ЭПИГРАЛШÆ Фыссæг Клиты мардыл (Пушкинæй) Дзæнæт нæ райсдзæн дæу йæхимæ, Æсты дæ тæригъæдтæ хъуыст. Хуыцауæй ферох уæнт дæ митæ, Куыд ферох адæмæй дæ фыст. 66
(М. Ю. Лермонтов) Хæхты урс бæрзæндтæ Тары сты фынæй. Арв, æгомыг кæмттæ Дзаг— рæу уæлдæфæй. Нал рыг кæны фæндаг, Не змæлы сыфтæр. О, фæлæу, мæ бæстаг, Баулæф ды дæрК. 67
СТЪАЛЫ (Лермонтовæй бархи тæлмац) Ьæрзондыл мæй, Цъæх арвы риуæй Стъалы ’рттивы. Мæ цæстæнгас мын /Едзух фæливы. Мæ сæнттæ дардæй Рчæхимæ исы, Бæрзонд цъæх арвæй Мын цин æрвиты... Гъе уыйау уыд 1 Фæлмæн æнгас* Кæй уарзын æз Æппæты иас. Быхсын йæ бон. Нæ уыд зынад... Стъалыйау, Мæнмæ уыд дард. Фæллад цæстæй Пæ зыдтон цъынд, Æнæууæнкæй Кæсын фæндыд Мæн уымæ ’дзух. Нæ кодтой цух 68
Мæ зæрдæйæ Йæ цæстæнгас, Р1æ фæлмæн худт, Йæ буц ныхас... Ю/У—34 аз. 69
Шота Руставели витязь тигры цармы Фыццаг зарæг Ды æнæкæрон хъаруйæ скодтай зæхх, скодтай дуне, Радтай уд зæххыл цæрджытæн ды бæрзонд арвæй лæвар, Радтай зæхх лæгæн дæ уырзтæй, алы’ буц хуызты фæлыстæй, Радтай хицауад тыхджынтæн,—демæ чи уыдис æмбар... О, æсфæлдисæг. Дæ барæй арæзтузæххыл æппæтдæр. Ратт дæ хорзæхæй, мæнæн дæр ды, мæ фæндиаг хъару! Уадз мæлæты онг дæ фæндæй, риуы уарзонад цæхæрæй Судза рухс хурау тæмæнæй, ды мæ хæрзгæнæг фæу! Лæг—домбай,—æххæст æхсарæй, фидауы æзгъæрæй, уартæй, Афтæ раст паддзах Тамар дæр—хурау йе нæртон уындæй. Æз фæлварон ’ви мæ тыхыл, уый дзырдтæй аккаг æснывыл,— О, кæй æсбарон йæ цытыл, кæд æндæр гъе ахæм нæй! Зарын æз уæддæр Тамарыл,—чи нæ ферох уыдзæн царды, Æмæ кæцыйæн мæ зарды кодтон æз нырмæ дæр кад; Æз мæ сис æфсæстон рагæй уый сæнт-сау цæстыты цадæй Æмæ уадз, ныр дæр мæ зардæй ’ссарæд уарзонзæрдæ кард! Нæу æнцон мæ хæс,—æмбарын,—’ргом паддзах Тамарыл зарын,— 70
Уый къæлæт æрфгуыты тарыл, уый дæндæгты ирд цæхæр!.. Туг æхсыр æмхæццæ буарыл, уый цæсты хауты мæйдарыл, Фæлæ дур сагтты дзæбугæй, фод æздыйæ уый, уæддæр... Мæн хъæуы дзырдты тых бирæ, ’арт зæрдæ, ныфс æмæ лирæ,— Ирд æнгас, цæмæй цытимæ уа поэты дзырд закъон; Тариелы мах нæ зардæй сисдзыстæм бæрзонддæр арвæй, ’Ртæ геройæн ам хæларæй у сæ фæндаг иумæ конд. 'Рамбырд ут æмæ фæкæуæм Тариелы зынтыл ,иумæ,— Уыйау чи айста йæхимæ сусæг уарзоны зынад? Руставели—æз мæхæдæг, ацы зарджытæ æскæнæг, Уый зæрдæйы хъыгæн радтон фаг мæ кадæджы бынат... Уарзгæ чи кæны бæлвырдæй, хуримæ уый хъуамæ ’рттывдæй Уа æмсæр, тыхæй, æвзыгъдæй алы ран фæзминаг уа. Хъуамæ уа ныфсджын, æгъдауджын, зондджын, фæразон, кадджын, Уыдонæй куы уа уый хъаджджын, уæд цæй уарзон у» зæгъ-ма?! Уарзт у бастдзинад зæрдæйæ æмæ бирæ у йæ бар; Уарзт нæу чъизидзинад—ма зæгъ,—уыдон æхсæн ис дзæвгар зæхх, Байхъус ды мæ дзырдтæм, баздæх æмæ-иу дæ зæрдыл дар: Уарзыс, уæд æхеæвæй-бонæй ма ив ды дæ зæрдæ ногæй, Иуы уарз æмæ йæ номæй уæд дæ зæрдæ рухс æнцад; Быхс зындзинад, у фæразон,—дард дæумæ куы уа дæ уарзон. Уазал ’батæн сайын ма ком,—уый мæ цæсты у æгад. Рог, цæстмæ митæ кæмæ и, уый нæ зоны, циу зæрдæми,— Уый æппынæдзух уыдзæни, куы лымæн, куы та æзнаг... О, нæ рагбонты зæрдæтæ, сонт лымæнады фæндæттæ... Зонын,—уарзы, уый æрмæстдæр уарзонад кæй судзы фаг!.. 71
Уарзыс,—уром уæд дæ рысты, ма кæн де ’мкъайыл сæрыстырг Мыс æдзух дæр уый дæ тыхсты æмæ буц йæ цинæй рæз. Ку-иу сусæгæй дæ уаты,—судзыс раст цыма цъæх арты, Ма фæтæрс тыхджын лæгмартæй, фæлæ уарзоны раз тæрс. Уарзыс,—уæд фæраз дæхиуыл ды хæцын, цæмæй дын иууыл Адæм ма зоной дæ риуы сусæг уарзоны бынат. Знаджы фидисæй йæ бахиз, фæлæ ’ппæлыны онг ма хиз, Уарзондзинады уæлахизæн дæ уд мæлæтмæ ратт. Руставели—æз, Тамарыл ноджы хъæлдзæгдæрæй’ зарын, ’Фсæдты раздзæуæг, æхсары чи у, уымæ сидын æз; Нал дæн, о, мæ сæрæн уарзтæй, æмæ арфæгонд ныхасæй Курын: хайдæ цæстæнгасæй раттмæ цинадæн фæрæз! Райстон аргьау æз Иранæй, кæцы-йы Гуырдзымæ рагæй Зонынц хорз æмæ хæларæй; бирæ мингай къухтæм хызт. Сбастон уый аив æвзагæй, рифмæты хуыздæр хæзнатæй,— Кæд мийаг Тамары кастæй зæрдæ уаид къаддæр рызт... Бакуырм дæн йæ цæстæнгасæй, судзы риу мæлæтдзаг уарзтæй Æмæ фе^мбæлыны тасæй дарддæр быдырты хæтын, Уадз фæнык дæр фестæнт уæнгтæ, рухс уæддæр уыдзысты фæндтæ, Æмæ ’ртæ геройæн зæрдæ раттдзæн кадæджы йæ хуын... Цардæй нын нывгонд цы æрцыд, хъуамæ райсæм уый æнæсдзырд, Гутонæй хуымгæнæг кусæд,—’фсæддонæн хæцын— йæ ми. Афтæ уарзон дæр бæлгæйæ, с!сарæд аргъ. Лымæн зæрдæйæ 72
Искæй уарзтæн аргъ кæнгæйæ, хизæд чъизийæ йæхи. Зарды миниуæгæй хайджын чи у, уый д?ыллæтæн адджын У æдзух дæр, æмæ кадджын алы ран вæййы йæ фæнд. Сшр хъуыды цыбыр ныхасы уый аив зæгъын фæразы 'Мæ йæм хъусын лæг фæуарзы б,ирæ,—цас фæнды дæр уæд. Дугъон бæхæн дарддæр арæн у бæлвырд хуыздæр фæлварæн. Цыргъ хæстонæн та йæ кардæн раст йæ нысаныл æруад. Хорз дзырды дæсны уæд хъуамæ ныхæсты уырзæй æвзара 'Мæ дзы алкæмæн дæр ара фысты фидардæр бынат. Кæд фыссæг фæци яæмæгъдæр, арæхст дзырд æм у æстæмдæрг Æмæ улæфт домы сæр дæр,—рифмæтæ кæнынц къуылых, Уæд хуыздæр уыдзæн йæхицæн—«у хæрзбон»— зæгъын йæ сисæн Æмæ равзарын цæдисæн куыст, кæцы ран у хъæддых. Нæу поэт куыддæртæй иумæ иу дзырдæн æндæр дзырдимæ Чи-ссардта тыххæйты рифмæ æмæ уымæй чи у хъал, Кæнæ къаннæг хъуыды хомæй чи сбæтты дзырдты быронæй Æмæ чи фæуæнды ’ргомæй дзурын: «Нæй мæнæн æмбал!!» Ис фысджытæй ноджы ’ндæртæ,—сты лæмæгъ бынтон йæ ф;æндтæ, Чиныг кæсæгæн йæ зæрдæ изгард ахæмтæй хæссы. Сабийыл æз уыдон барын, кæцы фат йæ къухы дары Æмæ лыстæг сырдты мары, фæлæ иннæтæй тæрсы. Уацмыс иннæ хуыз фысджыты бахъæуы кæнæ чызджытыл, Кæнæ искæй дзаджджын фынгтыл дзурынæн,—куы уой æфсæст; Хорз у ахæм дæр, цæуылнæ,—раст куы уа йæ хъуыды уымæн, Фæлæ стыр кадæджы фенæн ис поэты тых æрмæст. Чи федта зындзинад бирæ, уый зарæг фæхизы риумæ_ 73
Уый йæ зæрдæ ратты иумæ æмæ нæу дзæгъæл йæ зард, Скæны уый фæндыры хъистæ зæрдæйæн йæ цин» йæ рыстæй Æмæ уарзоиæн йæ фыстæй скæны амæлæтмæ кад. О, æрбайхъусут та ногæй, зарын уый кадыл æргомæй, Кæцыйæн зæрдæфæндонæй æз хæлар кæнын мæ дзырд. Уымæн ис мæ цард йæ къухты æмæ фидæны æнусты Мæн фæнды æскæнын уымæн рухс мæ кадæгæй йæ цыт! 74
Шиллер ФÆЗЗЫГОН ЗАРÆГ «-Вильгельм Теллы» райдианы Куонийы зарæг Хæрзбон, сæрвæттæ! Æрцæуы та зымæг,— Иæ фийæуттæ хъæутæм Сæ дзугтæ тæрынц... Рæстæгмæ уæ уадзæм, фæлæ та уындзыстæм, Нæ мæргътæ нын—уалдзæг—куы ныззарой, уæд. Куы сфæлында ногæй нæ дидинæг рындзтæ, Нæ кæмтты та дæттæ куы фæкæной фæд. Хæрзбон, сæрвæттæ! Æрцæуы та зымæг,— Нæ фийæуттæ хъæутæм Сæ дзугтæ тæрынц... 75
НЫСТУАН САБИТÆН Нæ хъæлдзæг царды буц хъæбултæ, Нæ цин, нæ сомы бонты ныфс,— Æвзонг фæлтæр,— нанайы хуртæ, Дæттын салам сымахæн æз. Æдзух, кæмдæриддæр уæ зардмæ,— Сæрыстырæй хæстæг тырнын, Уым æз уæ ныр, уæ фидæн цардмæ Ныфсджын, зæрдæрухсæй кæсын. Æмæ уынын уæ алы сдзырды, Уæ алкæйы цæсгомыл дæр: Нæ бæстæйы æсуинаг фырты, Йæ намысы, йæ тохы сæр. Скъæфы тынгдæр риуы зæрдæ, Уæ рæнхъыты æз дæр вæййын; Сымахæн рæзынц рог мæ фæндтæ Æмæ сæ цингæнгæ хæссын. 76
САБИТÆ ÆМÆ АФÆДЗЫ АФОНТÆ 1 С а б и т æ æмæ з ы м æ г. С а б и т æ: Рцæуы та нæм уæлæ, Цъитиджын хæхтыл, Урсзачъе фæстæмæ Урс къуылых бæхыл. Зымæг: Багъæцут та, багъæц,— Бахæццæ уæм уон; Раттдзынæн уын дарæс, Æмæ—сар йæ бон! Сабитæ: Рауай, рауай, ма тæрс,— Ницы у дæ хъызт,— Хъарм, фæлмæн нæ дарæс, Алчи дæр—фæлыст. 3 ы м æ г : Хорз» уæдæ, æз рындзтыл 'Рывæрон мæ мигъ, Кæддæра уæ фындзтыл Цас æрзаид их. С а б и т æ: Мигъæй мах нæ тæрсæм,— Ма нæм дзы æвзид, Фæлæ дын фæдзæхсæм, Рахæсс тагъддæр мит! Бамбæрз къултыл, фæзтыл Ды дæ кæрц нæуæг 77
Æмæ та дæ фæрстыл Мах бырæм цæрдæг. Зымæг: Уæдæ ма фæлæуут,— ’Рæвæрон хъæпæн; Хъуамæ мæ æнхъæлут, Пакъуыйау, фæлмæн. Сабитæ: Ма кæ, ма мæстыгæр, Ма нæм дзур æгæр; Уар цæй бæрц фæнды дæр,— Махæн уый хуыздæр. 3 ы м æ г: Оххай,—загъта ’нкъардæй Хъыст зымæг—фыд уд,— Хъал æстут уæ цардæй Æмæ мæм уæндут. Рацæут, уæ ныхмæ Нæу хæцын мæ бон, Цас нæ уой мæ тыхтæ, Цас зымæг нæ уон. Хъазут та, хæлар уын Уæд мæ мит. Тырнут! Æз сымахæн уарын Æмæ йыл бырут. Сабитæ: Тагъддæр, тагъдцæр къултæм Дзоныгътимæ цом! Кафгæ, хъазгæ, худгæ 'Рвитæм мах кæ бон. Цинимæ—нæ райгуырд, Цинимæ—пæ рæзт. Ахуыр æмæ ахуыр — Махæн у фæдзæхст. Хъæлдзæг у нæ рæстæг, Амондджын—нæ цард.' 78
Хуры цæст—нæ бæстæ, Хуры тын—нæ мад... Бонтæ! Махау згъорут Дзоныгътыл сымах Æмæ нæм æрхонут Буц уалдзæджы тагъд!.. II Уалдзæг æмæ сабитæ. Сабитæ: Рауай-рауай, уалдзæг, Разгъор нæм цæрдæг, Мах кæиæм дæ зарæг, Мах стæм хъæлдзæг! У а л д з æ г: О мæ гыццыл хуртæ, Бирæ мын цæрут. Алкæд дæр нæм худгæ, Хъæлдзæгæй цæут. С а б и т æ: Асур тагъддæр миты, Айваз тынгдæр бон Æмæ та нæм цъиуты Дард бæстæй æрхон. Æрдзыл гауыз бамбæрз, Фæзтæн ратт æвзаг,— Махæн демæ рахæсс Дидинджытæ фаг. У а л д з æ г: Ногæй та сымахæн Цин æрхастон æз: Дарийау уæ хъазæн— Дидинæгджын фæз. ’Ркодтон мемæ мæргъты, Хурмæ айтынг бон, Хъæдтыл, фæзтыл, рæгътыл, Скодтон æз хæдон. Хъæлдзæг — иуыл бæстæ, 79
Райдзаст æмæ цъæх. Буц колхозон фæзтæй Зæрдæ у уæрæх: Дард быдырты тауынц Трактортæ сæ зард Æмæ сын æй айсынц Мин хъæлæстæ, дард... Зарут цæй сымах дæр, Барабан цæгъдут Æмæ иумæ тагъддæр Быдыртæм цæут!.. Сабитæ: Иууыл, иууыл ардæм! Уадындз, тынгдæр уас! Цæйут, иумæ зарæм: Уалдзæг, цу æгас! Ис дæуæн æрмæстдæр Мах зæххыл бынат. Махау у дæуæн дæр Хуры тын дæ мад. Махау—буц дæ зæрдæ, Хъæлдзæг та—дæ уынд. Мах хуызæн дæуæн дæр Сталин у дæ фыд. Уый нын радта амонд, Уый нæ тавы хъарм, Уый фæрцы дын абон Мах дæттæм салам. Рацу, зар нæ фарсмæ, Хъæлдзæг немæ уай ’Мæ ныл азæй-азмæ Иумæ ’мбæла Май. Азæй-азмæ махæн Уый хынца нæ тых, Мах æхсидæм цины Не ’уæнгтæ—хъæддых... Хъазы хур æрттивгæ Уалдзыгон бæсты, Уддзæф зилы, симгæ, Дидинæг фæзты. 80
Цомут иумæ уырдæм, Заргæйæ, ныр дæр, Уалдзыгон быдыртæм, Уалдзыгон фæлтæр!.. III С а б и т æ æмæ с æ р д. (Хъæлдзæг—бонты ахаст, Рухсдæрмæ—сæ фæд...) Сабитæ: Уалдзæг, у фæндараст, Тас нæм цу, нæ сæрд!.. Зарæг! Азæл! Ма ’нцай,— Циныл цин æфтау!.. Демæ нын цы ’рхастай, Хорджын сæрд, ды та? Сæрд: О, мæ буц бæлæттæ, Фесæфæд уæ рын,— Цардæн хур—йæ зæрдæ, Сæрдæн уый—йæ хуын. Æз хъæздыг дæн уымæй, Уæд йæ тæвд уæ бар; Бафсæдут йæ тынтæй, Йе ’ркаст уын—хæлар. У мæ бар æппæт дæр,— Æрдз,—кæмæн нæй аргь; Уæлдæф, фæзтæ, дæттæ,— Иууыл уæнт сымах. Худут æмæ хъазут, Доны найут фаг; Донкъабæзты ахсут Урсгуыбын кæсаг... Зонут цард уæ къухтау, 'Мæ уын рог уыдзæн; Рад хъæуы æдзухдæр— Улæфтæн, куыстæн. Кæд сты уæ уæнгтæ 5 Хоситы Я. 81
Ахуырæй фæллад, Уæд рæсугъд—нæ хæхтæ— Улæфæн бынат. Уæлдæф уым — рæуæгдæр,. Тæккæ хъæдрæбын, • Цъитидон — сыгъдæгдæр^ Саджы ’хсырæй уым. Дидинæг дзы бирæ, Халсар та—фылдæр, Мыдыбындз мыдимæ, Къозо æмæ ’хсæр. Арæх дзы—гæлæбу, Барджын, рог—«йæ тахт, Кæм фæлидзы тæрхъус, Кæм фаэтæхы маргъ. Зары фийау рагъыл, Хæхтæ йын хъырнынц, Фылдæр комы дагъы ’Хсæрдзæнтæ нæрынц. Хъал æрттивынц рæгътæ, Цæст сæ у æфсæст. Адæгтæ ’мæ кæмттæ— Дарийæ æмбæрзт... Сабитæ: Бузныг, сæрд, дæ хуынæй, Бузныг, сæрд, дæуæй,— Демæ нын цæрынæй Бафæлмæнæн насй. Цу ды дæр нæ фарсмæ, Рог дæ зарæг уæд. Хур та, уадз, нæ разæй Тырыса хæссæд! Гъей, Бæрзонддæр сæртæ, Амондьт фæлтæр! Лагертæм, Æмбæлттæ! Иу, Дыууæ, Æртæ!.. 82
IV С а битæ æмæ фæззæг. С а б и т æ: Байрайай, бæркадджын Бурзачъе фæззæг! У нын де ’рцыд адджын, Царды хос хæссæг. Рахæсс ма дæ рæттæ, Равдис ма дæхи. Махæн дæм лæвæрттæн Ацы йаз та ц’и? Ф æ з з æ г: Байрæзут, мæ хуртæ, Уæд тыхджын уæ цин. Æз мæ буц хъæбулæн Никуы дæн æлгъин: Фæззæгæй цы домат 'Мæ цы нæу уæ бар! Чиныг ’мæ уын скъола— Ме стырдæр лæвар... Уый фæстэе-— æушæтдæр, Халсарæй, дыргъæй,— Сегасæн зæгъæн дæр Иу ныхасы нæй. Хорæрцыдæц фæзтæ Ам кæнынц зæузæу, Уым дыргъы бæлæстæн Нал ис фаг быцæу. Алы хорз бæркадæй Бæстæ — иууыл дзаг. Раст хъæбысы дзаг радты Картофы губакк. Нартхоры æфсиртæ Хъал зæнгтыл уæззау, Сфардæг сты мигътæм, Рагон мæсгуытау. Фосыл хъæлдзæг фийау Дары хорз йæ арм 'Мæ сыл галы фиуау *Нал æххæсы царм. 83
Турæ сойджын басæй, Иу нæ кæны хъаст,— Цард, цыбыр ныхасæй, Царвы къусау раст. Уый мæнæн—мæ лæвар,— Уый мæнæн—мæ хуын, Æз сымахæн, мадау, Уый хæлар кæнын. Сабитæ: Уæд дæ лæвар бирæ!.. Лагерь! у хæрзбон. Мах уыдзыстæм иумæ Не скъолайы сом... (Хъал фæззыгон бонтæ, Мах хъæлдзæг бæсты Аивгъуыйын сонтæй,— Ерысы куысты) Æрдз фæбæгънæг. Арвæй Хур кæсы æстæм. Атахтысты балтæй Цъиутæ хъарм бæстæм. Ногдæр цины азмæ Исæм ныр нæ къах? Амонд хоны размæ Коммунизммæ ма!х! 17/У-38 аз. 84
ИУ БОН ЛАГЕРТЫ Райсом. Бон ивамы. А рв—сыгъдæг, сыгъдæгг Урс цъититæй уайы Рог уæлдæф цæрдæг. Мæй фæхизы хæхтæй... Нал зыны бынтон. Хъал, цъæхснаг хъæлæсæй Зары комы дон. Хъæд, сæгъау, лæугæйæ Ьафыиæй, — ныхъус. Æрдз дæр уы’й фæзмгæйæ У йæ фынæй буц... Арвы цъæх лæгъзæрыл Симы бонвæрнон,— ■ Схоны уый йæ фæдыл Ног цинимæ бон. Хæхты пака худтыл Хур бæрзонд фæзынд; Скодта арфдæр къултыл Кæмттæм уый йæ дыд. Æмæ ’нцадгай хохæй Худгæйæ æстылд,— Иу ран, уæртæ, къохæй Цъиуы зард фæцыд... Ам,—лæгъз хохы рагъыл, Стъалыты хуызы, Лагерь айтынг дардыл Æмæ ма хуыссы. 85
Нæу фынæй æрмæстдæр Хахъæнæг лæппу: Зоны уый йæ хæстæ Æмæ цырд лæууы. Палаткæмæ бацыд,— Уадындзмæ, цæрдæг Æмæ дзы ныууасыд Рог æмæ хъæлдзæг. Гъæй дæ, гъа, æваст дын,— Дæс, Сæдæ,— Дыккаг... Æмæ цинæн, хъазтæн Нал уыд фæз сæ фаг. Райхъал бæстæ иуыл, Райхъал цард бынтон; Арвы сæвджын риуыл Стынги райгæ бон. Арæхст цъиутæ зарынц, У сæ тахт рæуæг. Сабитæ ивазынц Се ’уæнгтæ цæрдæг. Уый фæстæ фæйнæрдæм, Барабан цæгъдгæ, Ацыдысты рæгътæм, Зарджытæ кæнгæ... Уым гæппытæй хъазынц, Уым—фæидыры хъæр, Гæлæбутæ ахсынц Иннæтæ дæлдæр. Алы хъæлдзæг митæ, Алы цииы зард, 'Ркодтой сабитимæ Ам фæрнæй бынат... Фæлæ ’мбисбон арвæй Тынгдæр хур ныккаст. Æмæ ’рвиты дардмæ Уадындз ног йæ уаст. Рындзæй фехъуыст зарæг, 'Рхæицæ сты æмтгæй, 86
Афтæ ’ртæхынц уалдзæг Цьиутæ хъарм бæстæй, Сихор рæвдз нæма у,— Не сты ууыл зыд. Ьайгом аууон раны Мæнæ ныр—æмбырд, Систа газет сæрдар Хызынæй, тыхтæй, Æмæ бакаст раздæр Дард бæсты тыххæй: «Тох кæны Испани,— Хæст сабырдæр нæу, ^Знæгтæй мин фæмарди, Уым та басыгъд хъæу. Баэстæ,—иууыл артау, Иу ран ’рынцой нæй,— Знаг лæбуры, калмау, Тугæйдзаг дзыхæй»... Байхъуыстой йæм иумæ Сабитæ лыстæг, Æмæ дард Мадридмæ Арвыстой фыстæг: «Не ’мзæрдион æмбæлттæ! Твитæм уын салам. Фидар уæд уæ зæрдæ, Уæд тыхджын уæ арм. Зонæм мах: уæ бæстæ Знаг кæй кæны пырх, Фæлæ йемæ хæсты Стут сымах хъæддых. Иунæг нæу Испани, Ныфс уæ риуты уæд: Алкæддæр уыл Сталин Тынг фæкæны мæт»... Радта сихор сойджын Сойдæттæг æфсин. ’Мæ та дарддæр ноджы Бацайдагъ ис цин. Хъазынц волейболæй Уæртæ уым, кæс ма! 87
Дæлæ уыдон донæй Рахæссынц кæсаг. Дарынц уым æнгуыр. (Гъей джиди, сымахæй Фест дыккаг хатт ныр!) Бон фæмилтæ, ’нцадгай, Уддзæф зилы рог. Сабитæ та балгай ’Рыздæхтысты ног. Ие сты уæнгмард уыдои, Иу сæ нæу фæллад. Бандзæрстой æмхуызон Алы рæтты арт. Аныгъуылд та хур дæр Арвы иу кæрон; Афтæ сыл ’æдзухдæр Аивгъуыйы бон. Бонтæ згъорынц размæ Дугъæттæй цæрдæг. Сæрды фæстæ махмæ Ралæууы фæззæг... 88
ЗÆРВАТЫКК ÆНДÆР БÆСТÆЙ Иу райсом, хуры цæст хæхты уæхсджытæй, Худгæ нæ бæстæм куы ’рвыста йæ тын, Авдаздзыд къаннæг чызг Симæ йæ фынæй Райхъал уæд рухс уаты, рудзынджы бын. Сыстади, ракаст æттæмæ йæ уатæй, Рудзынгæй рог уæлдæф рæуджытæм хызт. 13ахудт æм рухс хур йæ мидбылты арвæй Æмæ йæ тынтæй йæ хъуыры ныттыхст... Рæзыди балбæлас рудзынджы размæ, Симæйау хъарм тынтæй—уый дæр фæлыст, Æмæ дын мæнæ раст уыцы бæласмæ Æрбатахт зæрватыкк,—фæллад æмæ тыхст^ Абадти къалиуыл, дидинджытимæ Уый дæр æрттиваг хур батавта хъарм. —Тас цæуай,—дзуры йæм хъæлдзæгæй Симæг —Бузныг, чызг,—радта йын маргъ дæр салам., —Радзур-ма, райсомæй уый бæрц фæлладæй Ардæм кæцæй у дæ фæндаг, дæ тахт? —Дардæй, сæрибар чызг, дард бæстæй, дардæй^ Туджы уылæнты кæм ныгъуылы цард... Симæ фæдис кодта; фехъусы арæх Дард ран Испанийы тынг кæй у хæст. Сдзырдта йæм тагъдгомау:—Ардæм ма ратæх Æмæ мын радзур дæ хабар æххæст. 89
Батахти зæрватыкк, абадт йæ цуры Сынтæджы къухыл æдæрсгæ, æнцад, Афтæмæй райдыдта сабыргай дзурыи, Уыцы бæстæйы куыд уыди йæ цард. —Бæстæ уым судзы сырх пиллонæй арты Тугдзых æзнæгты æвирхъау тыхтæй. Суанг ма дзы маргъ дæр йæ ахстон нæ ары, Маргъæп дæр ма дзы фæцæрæн къуым нæй. Царддæн æз иу ран, мæ ахстоны, цары, Сидзæр, æнахъомæй, сабыр, æнцад. Æмæ мæ фысымтæм—уыцы хæдзары— Иунæг лæппуимæ цардис йæ мад. Азтæй уыд лæппу раст мæнæ дæ карæн, Мадгиу æм Карло йæ номæй дзырдта. Цардыстæм уыимæ иумæ хæларæй, Иумæ нæ арæх йæ мад дæр уыдта. Фæдæ дын иу æхсæв хъæуы, æвастæй, Знæгты хæдтæхджытæ бандзæрстой арт. Калдтой ныл уæлдæфæй бомбæтæ астæй, Æмæ дзы тынг бирæ адæм фæмард. Махыл дæр уыдонæй иу бомбæ ’рхауди, Фехæлди хæдзарыл, акалд йæ сис,— Амардис зæронд ус, хæдзар ныккалди, Лæппу мæлæтдзаг цæф уымæй фæцис. Фехæлд мæ ахстон дæр, акалд мæ хуыссæн Сонтæй ма ратæхын баци мæ бон, Знаджы куы федтаис афтæ мæн хуызæн,— Ме ’хсæв мыл ризгæйæ уынджы æсбон. Райсомæй батахтæн хæдзары хæлдмæ, Карлойы удисгæ баййæфтон уым. Вазыдта ма мæ, скаст мæм уæлæмæ Æмæ мын загъта, уæззаугай: «Мæлын»... 90
«Атæх ды ардыгæй ’хсæвыгон рæгътыл,— Знагæн нæ бартæ нæ раттдзыстæм ам... Атæх. Æрбад-иу сæрибары зæххыл, Ратт-иу ын мах номæй уарзон салам»... Уый дын мæ хабæрттæ,—загъта зæрватыкк, Афтæмæй урс риуыл цæссыг æртылд... —Ма хъыг кæн, уазæг, зын дын у, уый хатын, Фæлæ мæнæн дæр уый маст у бæлвырд,— Загъта йын Симæ, æстæй йын <йæ разы Авæрдта адджын хæринæгтæ тагъд. Скодта йын къалати уыцы бæласыл Æмæ сын бацайдагъ хъæлдзæгæй’ цард. Райсомæй Симæмæ уаты фæрсс^гæй Бакæсы зæрватыкк, батæхы рог. Фесты йæм худгæйæ уый дæр йæ уатæй, Уынгмæ та цингæигæ рацæуынц ног. Хорз у сæрибар зæхх,—уазæг фæзæгъы, Хъæлдзæг — æппæтæй дæр, цард дзы — æнцон. Фæлæ йæ бæстæ йæ зæрдыл фæлæууы Æмæ йыл йе ’нкъард -фæзыны æргом. —Ма тыхс, мæ лымæн,— фæдзуры йын Симæ,— Тагъд бон дæ бæстæ дæр райсдзæн йæ бар, Æмæ йæм мах уæд фæтæхдзыстæм иумæ, Иумæ дзы хъуысдзæн тыхджынæй нæ зард! 19/У—38 аз. 91
ГÆЛÆБУ ÆМÆ СКЪОЛАДЗАУ Гæлæбу; Æгас цæуай, лæппу! Л æп п у: Æгас цу ды дæр, Нæ уазæг гæлæбу, Дзæбæхæй мын цæр!.. Гæлæбу: Куыд уыдис дæ зымæг,— Хъæлдзæг æви ’нкъард? Л æ п п у: Дæуæн дæр мæ хуызæн Куы уаид дæ цард!.. Æз фаронау нал дæн Ныртæккæ фыдуаг: Йæ удхæссæг—маргъæн, Гæлæбутæн—знаг. Куыддæр уæд нæ бæстыл Нæ фæззæг фæзынд— Æз афтæ мæ уæхскыл Æрбастон хызын. Уыд хъæлдзæг мæ зæрдæ, Мæ азтæ æххæст, Скъолайы кæртмæ Уæд бацыдтæн æз. Ныххудт мæм нанайау, Уыд хурау йæ хуыз Æмæ мын бабанау Ныккодта хъæбыс. Мæ къухмæ мын радта Уый чиныг лæвар. 92
—Кæн ахуыр,—мын загъта, Рæвдаугæ, хæлар... Фыссыы ныр æдæрсгæ, Фæкæсын дзæбæх. Куыд рæзы нæ бæстæ— Мæ райгуырæн зæхх... Цы дæм ис хабæрттæй Дæумæ та, зæгъ-ма! Цы бæстæй, цы хæхтæй Æппæлыс ды та? Г æ л æ б у: Мæнæн у мæ бæстæ Дæ бæстимæ иу,— Кæуыл у æрмæстдæр Æгæрон мæ цин. Æндæр зæххыл афтæ Нæ уаид мæ тахт, Уым талынг у арв дæр, Æнуд дзы у цард... Л æ п п у: Тæхæм уæдæ иумæ Нæ фæзтæм, уæрæх, Æмæ дзы дæуимæ Фæхъазæм дзæбæх... 93
СКЪОЛАДЗАУ Райсом раджы хур хъæлдзæг Рудзынгæй куы ’ркæсы, Уæд мæ цæстыты хуыссæг Уый тынтæй фæтæрсы. Алидзы мæ уатæй дард, Скæнын æз мæ дарæс Æмæ ме скъоламæ тагъд Уайын уæд, æрбакæс! Фаг рæвдыд нæ цардæй дæн, Бирæ сты мæ хæстæ; Ахуыр, ахуыр,—уый мæнæн Ленин тынг фæдзæхста. Амондджын хуыйны мæ ном, Цин кæнын мæ цардыл, Сталинæн æз дæн .фæдон,— Фидæны хъæбатыр. 94
САБИЙЫ НЫХАС ТÆХÆГИМÆ Æз чысыл дæн, уымæ ды, Ме ’рдхорд тæхæг, ма кæс, Фæлæ демæ мæн хæрдты Хæдтæхæджы ахæсс. Абои ма æз саби дæн, Райсом стыр уыдзынæн . Æмæ уæлдæфы дæуæн Ивæгæн бæздзынæн. Мæнæй уый дæр уæд тæхдзæн Ихджын дард цæгатыл. Æмæ худгæйæ зæгъдзæн Сталин: — Дæ — хъæбатыр... Знаг куы хъыгдара мийаг Мах хъæлдзæг Цæдисы, Уæд уыдзынæн æз фыццаг Уый ныхмæ фæдисы. Æмæ кæд мийаг зæгъа: —Бавзарæм—йæ зæрдæ,— А лæппу æзды къæвда Фестдзæн уæд йæ сæрмæ. Уæд иæхимæ мæн цытджын Ворошилов хондзæн Æмæ ципгæнгæ тыхджын Уый мæ уæхск æрхойдзæн. 95
Уæд Калинин дæр зæгъдзæн: —Бузныг, ног фæсивæд!— Æмæ раттдзæни мæнæн Ленины хæрзиуæг. 95
ХÆСНАР Иу хатт дын сырдтæ æскодтой хæснаг: -«Чи фендзæн хурыскаст махæй фыццаг?..» Сеппæт дæр загътой:—«Æз фендзынæн раздæр!»— Рувас дæр, тæрхъус дæр, бирæгъ дæр, арс дæр. —Хорз уæдæ! Сбадтысты хуры ’рдæм иу рæгъ,— Рувас уа, тæрхъус уа, ноджы цъæх бирæгъ... Вадынц. Скæсæнмæ — иууыл сæ каст. Фæлæ дын, кæс, æмæ мæнæ нæ* арс Раздæхта йе ’ргом ’мæ фисынмæ сбадти, Лфтæмæй хæхты бæрзонддæрмæ касти. Каст уæдæ цы; æмæ инначгæй алчи Ууыл йæхи нымæр худæгæй марди... Цас рацыд, чи зоны, афтæ сæ бадтыл,— Уалынмæ хуры цæст сæмбæлди рагъыл. Сæмбæлди,—хохæй нæма ззынд æппындæр, Гъемæ ма иниæтæ бадынц гъе ныр дæр. Лрс дын фæгæпп ласта: «Федтон фыццаг!» Йе ’мбæлттæм дзуры йæ хъæлæсы дзаг... —«Амбылдта!»—загътой æмхуызон сæ ныхас Вирæгъ уа, тæрхъус уа, хинæйдзаг рувас... Ууыл ма абон дæр аргъауы дзурæм: —-«Арс дæр ма зоны йæ фæзынæн хурæн!..» ^\а—36 аз. ’озиты Я 97
УЫЦИ-УЫЦИТÆ 1. Базон, базон, уый та ииу,— Нæу цæргæс, бæлон, гъе цъиу, Фæлæ уый тæхы бæрзæндты, Хæхтæн, быдыртæн сæ сæрты, Æмæ бæстæтæм кæсы, йемæ адæмы хæссы,— Афтæмæй <йын уд дæр нæй; У æфсæн æмæ хъæдæй! 2. Уæдæ æз цы федтон абон, Уый ма ды ныртæккæ базон; Бауырнæд мæ ныхас дæу,— Уый æппын гæды дзырд нæу: Йу хæдзар æссыгъди разæй, Бакъуырма дæн æз йæ уастæй. Æмæ иннæтæ—фæд-фæдыл, Сау дыууæ лыстæг æндахыл,— Цæст нæ хæцыди сæ тахтыл, Афтæмæй йæ хуылфæй дард Хъуысти адæмæн сæ зард. 3. Цæй уæдæ,—уыци-уыциу, Базон ноджы,—уый та циу: К’ъулыл ауыгъдæй лæууы, Хъæлдзæг зарджытæ кæны, Зопы хабæрттæ æппæт дæр, Авд æфцæгæй дæр æттæдæр Æмæ чи бады йæ цуры, Уыдонæн сæ уый фæдзуры. 98
хозиты яков Хозиты Ясоны фырт Яков райгуырди 1916 азы Цæ~ гат Ирыстопы Нары зылды Хозиты хъæуы. Цытджын Октябры революцийы руаджы мæгуыр хæххон адæм зынвадат хохы цъассытæй ралыгъдысты быдырмæ æмæ райдыдтой амондджын цард аразын. Уыцы адæмимæ уыдысты Яковы бинонтæ дæр æма* æрцардысты Орджоникидзейы райоиы Кировы хъæуы 1925 азы Хозиты Яков ахуыр кæнын райдыдта хъæууон скъолайы æмæ уæдæй фæстæмæ райдыдта æхсæнадон куыст кæнын дæр, раздæр пионерты орга- низацийы, стæй та фæскомцæдисы рæнхъыты. Хæрз æрыгонæй Хозиты Яков базонгæ ис Хетæгка- ты Къостайы æмдзæвгæтимæ. Къостайыл йæхи ахуыр- гæнгæйæ, Яков райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын. йæ æмдзæвгæтæ мыхуыргонд цыдысты Цæгат Ирыстоны журналты æмæ газетты 1932 азæй фæстæмæ. 1930 азы Хозиты Яков ахуыр кæнын райдыдта Дзæуджыхъæуы, раздæр техникумы, стæй та Цæгат Ирыстоны Педагогон институты. Институт æнтыст^ джынæй каст фæуæвгæйæ, Яков дарддæр ахуыр кодта аспирантурæйы, уыцы иу рæстæг журнал «Мах Ду- ажы» редакцийы дæр кусгæйæ. 1938 азы сæрды, сфæлдыстадон æгъдауæй йæ тæк- кæ рæзгæйæ куы уыди, уæд Хозиты Яков æнæнхъæ- чæджы фæхъуыдис ирон советон фысджыты æхсæнæй. Йе сфæлдыстады ахадындзинадмæ гæсгæ Хозиты Яков лæууы ирон советон фысджыты зынгæдæрты сомрæнхъ. Стыр курдиатджын уæвгæйæ, Яков фыста Ныргъ æмæ политикон æгъдауæй тыхджын, актуалои 99
æмдзæвгæтæ. Нæ æхсæнадон царды алы цауы фæдыт дæр Яков фыста социалистон цардæвæрд фидардæр кæнынмæ нæ советон адæмы мобилизацигæнæг æм* дзæвгæтæ. Йе сфæлдыстады дæсны, хъаруджын ма- дзæлтты руаджы уый хаста уæрæх дзыллæты æхсæн- мæ коммунизммæ тырнындзинады идейæтæ. Хозиты Яковæн рацыдис мыхуырæй цалдæр чины. джы: «Ног талатæ» (Педагогон Институты литкъор- донтимæ иумæ), æмдзæвгæты æмбырдгонд 1939 азы, «Уалдзæг», æмæ 1939 азы «Домбайы цуан». Йæ тыхджын курдиаты руаджы Хозиты Яковы бирæ уарзынц нæ республикæйы фæллойгæнджытæ. .Уый йе’ппæт тыхтæ, йе’ппæт зонындзинад дæр æнæ- ьгъау лæвæрдта нæ адæмы амондджын царды сæрап- понд, адæмты æхсæн сабыр цардмæ сидти йæ бар- хъом домбай хъæлæсæй.
С Æ Р Г Æ Н Д Т Æ Пæ амоидлжын Райгуырæн бæстæ 3 Талатæ Сидт 5 Уалдзæг 7 Мады рæвдыд 8 Нæ дæн æнкъард 10 Сау бон 11 Æмбисæхсæв 1-1 Ррспубликæ * 15 Пароди 17 Ног Ир 20 Добролюбовы мысгæйæ 22 Сырх дидинæг 23 Хъыг 25 Терчы хъазт 26 Октябры сидтон 30 Зарæг бонтыл 34 Агæнтыл 37 Нæ уарзон Советтæн 38 Мæ фыны дæр 40 Чи у уый? 42 Цины зарæг ’ 44 У къæрцхъус 47 Æвзарджыты зарæг 51 Иууылдæр фыссут лæгау паддзахадон ног æфстау .... 54 Зарæг уадхæссæгыл (М. Горькийæ) «с5 Æнахуыр хъуыддаг (В. Маяковскийæ) 58 Мигъ (А. Пушкинæй) 62 Æрыхъал (А. Пушкинæй) ('3 Хъазахъаг (А. Пушкинæй) 64 Эпиграммæ (А. Пушкинæй) 66 ^æхты рухс бæрзæндтæ (М. Лермонтовæй) 67 Стъалы (М. Лермонтовæй) ^ Витязь тигры цармы (Щ. Руставелийæ) 70 Фæззыгон зарæг (Ф. Шиллерæй) 75 101
Ныстуан сабитæн /§ Сабнтæ æмæ афæдзы афонтæ 77 Иу бон лагерты 85 Зæрвагыкк æндæр бæстæй 86 Гæлæбу æмæ скъоладзау . . . . §2 Скъоладзау 94 Сабийы ныхас тæхæгимæ 95 Хæснаг 97 Уыци-уыцитæ 9& Хозиты Яков Ь9
Редактор Саламты А. Техредактор Дзгойты А. Корректор Гуытъиаты С. Мыхумр кæнынмæ лæвæрд æриыд 15(VI-1951 азы. Мыхуырон сыфтæ 5,72. Рауагъдады хыгъдон сыфтæ 3,45. Гæххæтты формат 84x108. Тираж 2000. Рауагъдады ^ь 244. Заказ №1977. ЕИ02574 Цæгат Ирысгоны АССР-ы полиграф- рауагъдады типографи. Дзæуджыхъæу, Дзачайты Иваны уынг, 20.