Text
                    МИХАИЛ ИСАКОВСКИ
ÆМДЗÆВГÆТÆ
Уырыссаг æвзагæй ДЗУГА7Ы Г. тæлмащ
ХУССАР ИРЫСТОПЫ ПАДДЗАХАДОН РАУАГЪДАД
СТАЛИНИР— 1055


МИХАИЛ ИСАКОВСКИИ С Т И X II (На осетинском языке) Перевод с русского ДЗУГАЕВА Г, Госиздат Юго-Осетип Сталинир—1Э55
ХЪУЫДЫ ЛЕНИНЫЛ Куы сырæзай, мæ буц чызг, Уæд ратдз ысты дæу моймæ Ыстыр хъæумæ, æцæгæлон хъæумæ. Уым лæгтæ сты мæстыгæр, Цыргъ фæрæттæй лæбурынц, Уым къаты бон къæвдатæ, Бæрæг бон дæр—къæвда... Уырыссаг адæмон рагон зарæгæй. ’Смоленскы губерны, нæ уазал хæдзары Мæ мад мæн ныййардта зымæгон хъызт бон, *Фæлæ мын нæ ратта йæ хъизæмар царды’ Нæ амонд, нæ райдзаст æвзонгады бон. Æрхаудтой нæм хайæн чъылыхдон быдыртæ, Чъылыхдон быдыртæ, фæцæр дзы, цæй, гъа! Нæ амонд—цыфыддæр, нæ къатбон—хъызтытæ, Нæ къатбон хъызтытæ, бæрæгбон—къæвда, Уыдтæн-иу æххормаг, йе хатгай, хæрдджын дæр, Уæддаф æз куыддæртæй ысхастон мæ рæз. Дæс азы мыл сæххæст—мæ митæн сæ хуыздæр: Мæцъ къоходзи бийын, кæйдæр фосæн гæс. Быдтаин сæ дзухæй... 'Мæ уайтагъд мæхæдæг Мæ фыды фæстийæ фæуагътаин, зон... Фæлæ уæд дунейыл уыд диссаг ысгуыхт лæг, Нæ ма йын зыдтон æз йæ хуыз, йе, йæном. 3
Сырх тырыса сдардта, æмæ сидт йæ бæстæм, Уый бавзæрста цардæн йæ тухитæ ’ппæт. Уый федта мæн дардæй йæ дард уынаг цæстæй„ Уый бирæ хатт кодта мæ сагъæс, мæ мæт. Йæ зæрдыл лæууыдис æбар адæм дзухæй, Чи ’рæгмæ хуыссыди ’мæ раджы ыстад, Чи заводты ’взæрста фыдми æмæ тухи, Кæй хуымы гæбазыл цæсты сыгтæ калд. Кæй талынг халагъуд арф, зæххы ныгъуылди„ Кæй хæдзар æрвыл аз гæвзыккдæрмæ цыд, Чи йе ’знæгты мæстæй цъæх артау ыссыгъди,. Йæ фæрæт сæм даудта, фæлæ уал хъæцыд. Ысси уый Уырысæн йæ ныфс ’мæ йæ рæстад, Йæ хъысмæт, йæ амонд, йæ диссаджы кад. Йæ фæсидтмæ дзыллæ æхсарджынæй растад, Йæхæдæг сæ разæй ыстыр тохмæ уад. Сау, талынг хæдзæртты хъæдын цырагъ рухсма^ Чи райгуырд, чи марди бызгъуырты уæлæ, Уый Ленинæй райста цæрыны бар нусмæ, Мæ хуызæттæ—минтæ, æрдзæ сæдæтæ. Уый ратта мæ зардæн зæлланггæнаг зæлтæ, Ныр хъуысынц сæрибар нæ фарыы бæстæй. Уый ратта мæ хуымæн æрдхæрæны ’фсиртæ,— Хъызт боны нæ сийынц, нæ тæрсынц тæвдæй^ Æмæ ныр кæмдæрид, цыфæнды фæндагыл, Цыфæндц дард ранмæ æз размæ цæуон,— Мæ цйнаджы боыты, мæ масты сахæтты— Кæддæрид’мæ риуы фæдарыи йæ ном. 4
.Æндæр амонд никуы нæ хъæуы мæн царды,—- Куыннæ мæ хъуыд амонд,—хъæуы мæ æрмæст: Цæмæй йын йæ номдзыд, æгъуыстаг хъуыддагыл Фæстаг улæфты онг æз кусон æххæст. 1940-1951 5
НЫСТУАН ÆМБАЛ СТАЛИНМÆ Æрцыдис уый æнæхонгæ* йæхæдæг Æмæ йын нæй уромыны фæрæз. Цæй, бар мын ратт, нæ уарзон фыд, нæ фæтæг,— Зæгъон дын æз мæ зæрдæбын ныхас. У цины бон. Бæллыдыстæм æм рагæй, Нæуæгæй та æппæт бæстæ—æнцад. Ыстыр бузныг, дæ сахъ ысгуыхтдзинадæй, Дæ хъуыддæгтæй ысбæллиццаг нæ цард. Ыстыр бузныг тæссаг, фæлварæн азты, Кæй амыдтай хъæбатырæй лæууын. Нæхиуыл дæр не’ууæндыдыстæм афтæ, Куыд æнувыд уыдыстæм мах дæуыл. Нæ фыдгултыл кæй бакæндзæни сау (юн, Ды уый зыдтай, уыдтæ нæ выфсы сæр. Цæй, бар мын ратт,—дæ фарны къух дын райсон^ Дæ разы буц æркъул кæнон мæ сæр, Кæй дæ нæ мад—нæ уарзон зæххыл нувыд, Кæй дæ зæндджын, кæй у ыстыр дæ цьгт, Кæй у дæ цард сыгъдæг, рæстаг ’мæ хурдзыд^ Кæй дæ æппæт фæллойгæнджыты фыд. Ыстыр бузныг, уæззау, æнамонд бонты Кæй кодтай афтæ не’ппæты мæт ды. Кæй дæ ды немæ куысты æмæ тохы, Кæй цæрыс ды нæ фæндиаг зæххыл. 1945 6
ФЫСТÆГ (Иу хъæуы æрцæупе хабар) Нырма дæр ис нæ райоыы Рæстаг лæгыл æцæг таурæгъ. Дæтдзæнис æй æнусбонты Дзыхæй-дзыхмæ дуне дзæбæх. Уый алчи дæр хорз зоны ам,— Кæмæн фæнды дæр æй æрдзур. Æмæ Ленин—нæ бæсты фарн,— Цыма рбаддзæн уæ тæккæ цур. 1 Уыдис уыцы æрдхæрæн аз,— Фæллойгæнæг куы иста уæд Æгас дуне—дзыллæты раз Зæхх, амонд æмæ хицауад. Уæд талынг хъæу Ключийы та Æййæфтам мах æфхæрд, фыдтæ. Хъæзныджытæ, хъыхъаг сырдтау,, Æвæрдтой ам сæхи ’гъдæуттæ. Сæ фыдмитæн кæрон нæ уыд, Кæмдæриддæр мах дардтой хъыг. Зæхкусæгæн нæ хъæусовет Уæд асктзæрдта йæ иунæг хъуг. 7
Ныр хæдзар у бынтон афтид, Æрмæст ма дзы сырх уасæг ис. Мæгуыр лæгæн кæлы йæ хид, Кæмæн зæгъа йæ судзгæ рис? Кæмæ хъуысти йæ маст, йæ дзырд, Кæй уыди, кæ, мæгуыры мæт? Иуахæмы нæ хъæумæ ’рцьтд Хæцæнуатæй уæд иу салдат. Уый бацыдис æфхæрд лæгмæ,— Рæвдаугæ йын зæгъы сындæг: —Гæххæтт ныффые ды Лениимæ, Дæ сагъæстæ нывыл, лыстæг. Ныффысс бæстон афтæ, афтæ... Æппæт дæр, зæгъ, цæуид æххæст, Фæлæ кулак байста бартæ, Зæхкусæг та—æфхæрд, ыссæст. Дæ хъуыддаг дын Ленин -цæхгæр Æвæстиат æрлыг кæндзæн. Уый адæмыл хæссы йæ сæр, Дæуæн дæр уый фæхос уыдзæн.. Зæххы цъарыл ахæм зæрдæ Ды никæмæ ыссардзынæ. Æрмæстдæр æм фысгæ ныккæн,— Æмæ дзуапп тагъд райсдзынæ. Дæхæдæг кæд нæ арæхсыс, Фыссæнгæрзтæ дæм никуы уыд, Уæд дын бæстон ныффыссон азз Зæрдæбынæй æмбæлоы дзырд... 8
Дзæгъæлы æз нæ фæцардтæн... Æмбарын дын дæ уæззау рис. "Салдат фыста, бæрз цырæгътæй Фысым кодта гæзæмæ рухс. Лæг дардта цырд йæ рухсмæ хъус Æмæ кодта салдатмæ загъд: —Куыд лыстæг у... Ыставддæр фысс, ИДæмæй Лешш уый фена тагъд. 2 Оыхаг лæг-иу фæзынд изæр Æмæ уайтагъд уыдис йæ фарст: —Нæмарайстай дзуапп ныр дæр? Дзæгъæлы у, бæлвырд, дæ ка’ст. Æвæццæгæн ницы ’рцæудзæн, Уый ахæмтæм кæм æвдæлдзæн? Æнæ мах дæр ахæм лæгæн Кæуылты сты йæ хъуыддæгтæ! Уæд бонджынтæ фыддæрадæн Хъæубæсты ’хсæн дзырдтой хъæрæй: —-Куы рауайа фыддæр дæуæн, •Сæгъхизæнтæ куы бавзарай. Æмбал Ленин—сæйраг фæтæг, Паддзахадæн дзуапп дæтты, Ды та уымæ фыссыс фыстæг, Цы у дæ хъуг, цы давы, цы?.. Æмæ ногæй лæг тыиг тыхсы, Йæ зæрдæйы—дызæрдыгад: —Æвæццæгæн нæ хъуыд фыссын, Фæкодтон æз дзæгъæлы тагъд. 9
Фæлæ салдат кæм сæтты, кæ; Йæхи дзырдыл хъæбæр лæууы: —Хæснаг кæнын, хæснаг, дæумæ Кæй рыздæхдзæн дæ хъуг рæхджы- Æмбал Ленин у ахæм лæг— Æдыхы уый кæны тыхджын. Фæкалд исчи, йе афæлдæхт— Йæхи къухæй кæны уый стын. Фæлæ бонтæ тæхынц, тæхынц, Ыскæсы хур,—нынныгуылы. Хъæуы цурты пост ахæссынц, Фæлæ дзуапп нæма зыны... Уый фыны уыд, йе хъалы уыд,— Фæлæ хъæуы уæд рабæрæг: Æхсæвыгон æрбалæууыд Пакетимæ тæргæ барæг. Фыста Ленин йæ бардзырды Цыбыр, бæлвырд æмæ тызмæг: „Хъуг раттут тагъд æнæ дзырдæй„ Мæнмæ кæнут рæхджы бæрæг’Ч Зылыыджынтæ фæуæнт лæвæрд Тæрхондонмæ. Мæнгард ысты. Уадзбаййафой аккаг æфхæрд,— Иугæр рæстæй нæ цардысты. Зæхкусджытæ хæдзар-хæдзар Бæрæгбонау æрзылдысты. Сæ уæнгтæ рог, сæ зæрдæ хъал) Куыд цин кодтой, куыд радыстыС 10
Бынтон чи уыд æнæдзураг, Фесты уыдон дæр ныр æрдаг: —Йе, уый у, йе рæстылдзæуæг, Йе, уый у, йе ’нæ ахсджиаг. Ныр Иличы ацы стыр кад Æрымысыыц нæ хъæубæсты. Кæм ма и, кæм, ахæм рæстад Дун-дунетыл æндæр рæтты? 1924 11
МÆ МАДМÆ Иана, ды ма тыхс д ’алидзæг хъæбулыл: Хуыздæр амонд мæ царды æз нæ мысын. Æз алы аз Октябры сырх хурыл -’Зæрдæхъæлдзæг æмдзæвгæтæ фæфыссын. -Фæфыссын æз нæ уыцы хæлд тæрхæгыл, Цы ран æхсæв гæвзыккдзинад ызмæлыд. -Фæфыссын æз, æрхуы телыл куыд тæхы Нæ хæдзармæ электры цæхæр зынг. -Фæфыссын æз, мах ауæдзтæ куыд сæфтой, Куыд мардыстæм бæгънæг æмæ ыстонгæй, Æмæ ныр та машинæтæй куыд кусæм, 'Сырх мæнæуæй куыд æртасынц ыæ гонтæ, Ныййарæг мад, уæларвызæдтæм кувæг! Ныййарæг мад, йæ хъысмæтыл æууæндæг! Ды ныхæстай нæ хæдзары дæ уырзтæй Сахъ Ленйнæн кæрдзынаппæй йæ нывтæ. Нзæрыгон цырагърухсмæ æрбадыс, -Фæдзурыс ды æфсæрмдзæстæй дæ чындзæн: —Мæ зæрдиаг, цæй газет ма тагъд бакæс, * Цы ран дзы ис æмдзæвгæтæ мæ фыртæн? Зæронддзинад ныр авддæлдзæх куы фæуид, Уæд разгъорис мæ фæдыл ды цæрдæгæй, Йе, уый тыххæй Октябрмæ кæддæрид Дæумæ фыссын мæ салæмттæ зæрдæйæ; 1925 12
ДЫМГÆ Цадæггай рæудымгæ Кулдуарæй рæхызт. Бахоста нæ фæрссаг, Уæлхæдзæртты азылд. Ахъазыдис цъустæ Къæбырттæджы хихтæй.. Зонгæ сырдтонцъиутæн Акодта уый бустæ. Айтынг кодта хъæлдзæг Базыртæ фæйнæрдæм. Атахти хæрз цæрдæг Рыджимæ кæдæмдæр. 1927 1»
УАЛДЗÆГ Иыр батад мит, цъæх адардта нæ сæрвæт, Уæрдонджынтæн рæсугъд ’фæндаг фæци. Оырдтонцъиутæн фæтынг сæ зард, фæхъæлдзæг, •Фæткъуы бæлас ысфæлыста йæхи. Æгас хъæуæй сæурайсомæй изæрмæ Цæуы къуырцц-къуырцц—зæрдæрай куысты хос. Лæгъз æрдузы, дари фæлыст цъæх сæрдмæ -Фийау исы фæхизынмæ йæ фос. Цæры, цæры, нæ буц уалдзæг, улæфьт, Нæ алвæрсты йæ хъæлæба цæуы, Нæ сырх уасæг бæрзонд ранмæ ыстæхы Æмæ йæ зард æгас зылдыл нæры. Нæ фæрссæгтæм хъæрмуст уæлдæф ызгъоры, Нæ донгæрон рæуæг цъæх фæлм зыны. Хъæр, цин кæнынц нæ сабитæ ирд боныл, Кæнынц нæ цардыл зæрæдтæ хъуыды. 1927 14
УСТЫТЫ ДАМ-ДУМТÆ "Тас хъæубæстыл уадид-иу æркодтой Дам-думтæ ’мæ алы хуызон дистæ... Хъæдгæрон, дам, Таняйы федтой Комфæсцæдис Мишæимæ иумæ. Цыма раст æмбисæхсæвæй ахызт, Мæйы тынты комы аууон хордта,— Афтæ Таня Карст быдыры разынд— Казаковæн цъиргæ пъатæ кодта... •Фæлæ Таня никуы уыд æппындæр Хъæдьг фæстæ сау æхсæвы тары. Уый æрмæст Хæлæг куы кæнынц сылтæ— Нал ысты ныр’ Пъа кæныны кары." Баст ысты сæ хæдзары зылдтытæм, Бахаудтой фыдуаг лæгтæн сæ къухтæм,— ,Уый тыххæй Ныр нал лæууынц сæ дзыхтæ Æмæ мысынц чызгыл алы тугтæ. Артау судзы Таня фырмæстæй, Быдыры уый нйкуы уыд, Нæ зылди. Иу обауыл 15
Кпдта пъатæ ’рмæстдæр, 'Мæ дзы иу дæр Цъиргæ пъа нæ уыди. Æмæ иодяш ахæм хъуыддаг рауад: Дымгæ дам-дум алы уынгты хаста, Цыма Таня Мæтæй батад, баруад, Цыма Мишæ Уый бынтон ныууагъта. Йеныр сæм æнæуынæр изæрты Бæрзы къох дæр нал кæсы æнхъæлмæ..^ Хабар кодтой Нæ зонгæйæ сылтæ, Хабар афтæ Дзæгъæлы æнхъæлдтой. Сылгоймæгтæ федтой уым уæрдондяшн, Уымæй дарддæр Ницы зонынц уыдон. Лæппу цыд, Йæ губкомæй уыд барджын, Кодта ’ххæст алы ран йæ фæндон. Уый агъоммæ лæппуимæ хосыл Арвыста хæрзбонкæнгæйæ йе ’хсæв. Мишæ дзырдта, Уый æрвыл хуыцаубон Фысдзæн фыстæг, сæрды та—чындзæхсæр„« Уый фæстæ та Цъайгæрон тыхджындæр Сылгоймæгтæ Сусу-бусу кодтой, 16
Цыма лæппу Нал фыссы æшшндæр,— Таняйыл Систа къух бынтондæр. Цыма’Таня уарзты зынгæй бахус, Цыма уый ныр нал æндавы зарыш 0, устытæ, туг уыл уара, сау туг, Кæд чызгайы Нæй уæ зæрды сафын? 1927 17
АЦÆУЫНЫ КАДÆГ (Хуторон Уæрæсе) Ацы талынг уаты къуымы Ницы уал ис, нæ, мæнæн. Ацы къуындæг сау цары бын Нал ис, нал, мæнæн цæрæн. Ацы къуымты дзух æнцадæй ’Ххормагдзинад радяш ’рцард. Алы тар зыхъырты ’рбадти Зулчъыты ызмæлгæ бардз. Ацæудзынæн, æвæццæгæн... Дзæгъæлы нæ кæнын мæт. Нæй мæнæн ныр æндæр гæнæн, Уый цыфæнды дæр фæуæд. Дыуармæ у бынтон сабыр, Балцкæнынæы нæй фæндаг. У сау æхсæв бынтон æмыр,— Никуы зыны рухсы таг. Тыгъд быдырмæ куы рацæуай,— Адæймаг нæ фендзæн дæу. Цы бакæнай, куыд бакæнай,-— Дæ сæрыл дæр хъен ыслæуу! У дыууадæс æхгæнæнæй Хуторон Уæрæсе ’хгæд. Уый сæрмæ мæй хæрз сидзæрæй Цъус æрцъынд кæны йæ цæст. 18
Ам парахат дзыхы дзырдæн • *Фаг нæма айтынг йæ уæнг. Ам бынтондæр у хæрз къуындæг -Зæххæй суанг арвы онг. Ам алцы дæр—фæз уæд рагъæй >У лыстæггай дихтæгонд. - Баззадис ма иумæйагæй Рагон уæлмæрд, нæу уый конд. Ам алкæмæн—-йæхи фæндтæ, Хи’хъуыды, хи фæндæгтæ. Ам алкæмæн доны былты Ис йæхи булæмæргътæ. Ам быдыры алкæмæн дæр Ис йæхицæн арæнтæ. Хи сæрмагонд азмæлæнтæ, Хи сæрмагонд къахвæдтæ. Ам адæймаг мæтæй тайы, ^агъæс, цаудæй бампылы. Ие, йæ цъус тыллæг куыд зайы Ацы уалдзæг дард хуымы?.. Алы сæрд дæр ныфо æвæры •Уæлæ арвы стыр зæдтæй. Уæд зымæг та зæрдæ дары .„Хæларзæрдæ, хорз лæгтыл". Йе, дæ тыллæг куы фесæфы, Куы акæсы гонты рухс,— ^Хæлар лæгтæм" фæцæйцæуыс, Æнкъардгъуызæй, цауд, фæлурс. *Фембæлынц дыл хъыхъаг куыйтæ Тулдз дуары тæккæ цур. •Фæтонынц дын дæ фæтджитæ, ♦Фæлæ уæддæр кур ’мæ кур. 19
Акув ныллæг уæд дæ сæрæй, Кур, æнамонд, ды æххуыс. Зæрдæ—талынг стонг рæстæгæй,— Сæфт дæ цъойы хуым, ныххус. Афтæ уайынц азтæ бонгай, 0, мæ къона, о, мæ бон. Афтæ сæфы буц æвзонгад, Нæй, хъæуы йын ныр кæрон. Ацы сæфты ран—тыхсæттæг,. Бирæ дзы фæдæн æз баст. Абон ралæууыд мæ рæстæг, Ардыгæй кæнын æз раст. Акæндзынæн æз мæ мады, Уарзон чызджы дæр дзæбæх. Ахиздзыстæм кæрты разæй, Ласдзынæн мæ иунæг бæх. Рахиз къухæй цырд, æвзыгъдæй* Рохтæ райсдзынæн цæхгæр. Афтæ ластон-иу чьгсылæй Бæхты ’хсæвхизмæ кæддæр. Дымгæ, рог дьтмгæ хæларæй Хъаздзæн бæлæстыл мæнæн. Уайдзæн заргæйæ, мæ разæй— Дард, кæйонг фæнды цæуæм. Рахæсдзынæн ма фæстаг хатт Æз чысыл, цæхджын къæбæр. Æмæ ’ндæр хъæубæсты—ног цард„ Уым цæры Петров—сæрæн. Уым ыотъалытæ цъæх сæрды Раууындзынц сæхи сындæг Æмæ трактортæн æхсæвы Амонынц куыстмæ фæндаг. 20
Бацæудзынæн уыцы лæгмæ чЗоны, дам, уый алцыппæт. Радяурдзынæн ын: æз дæумæ ЗКолхозмæ æрбацыдтæн. Ратдзынæн æм æз мевзонгад, Иуылдæр мæ тых, мæ ис, Кусæг лæджы æнусон цард, -Зæхкусæгмæ цыдæрид ис. Уый зæндджын ’мæ хæлар лæг у, У йæ дзуапп дæр хæзна. Бацамондзæн,—æз мæ хъару, Кæм, куыд кæндзынæн пайда. -Æз, ’вæццæгæн, ысуыдзынæн Хорз, арæхстджын тракторист. Алцыппæт дæр уыдзæн мæнæн, .Арфæйаг—мæ фарны куыст. Афтæ, уæдæ, алыг кодтон, >Нал мæ хъæуы ахæм цард, -Æз—рæгъæд фæткъуы—æрхаудгон,— Атылдтæн бæласæй дард. .Къуыппы сæрыл хи æруагъта Арвы цъæхæй сабыр мæй, Дымгæ зардяштæ æрцагъта Талынг æхсæвы тæгтæй. 1929 21
ФЫЦЦАГ ФЫСТÆГ Мæхи, Ваня! Цæуыл мæм дæ хæрам? Ды не ’рвитыс дæ ныв кæнæ фыстæг. Дæ мæтæй мыл куы нал хæцы хуысс æг- Æрвитыы дын зæрдæбыщвй салам. Фæфардæг дæ, æнхъæлмæ дæм кæсын, Кæм дæ, куыд дæ, мæхимидæг тыхсын. Æз ликбезы ныр базыдтон кæсын,- Мæхицæн дæр мæ бон у ныр фысеын. Мæнæн у уый ыстыр æнтыст ’мæ цин, Фæдис кæнис, куыд "ракастæн цæстæй. . Ныр чиныгæн мæхæдæг дæн æфсин, Кæсын æй»,æз кæроны онг рæвдзæй. Кæсын æмæ кæнын мæхиуыл дис: Куыд баци, куы, йе, ахæм куыст мæ бон?э Тас абеты цъæх чиныдяш цы ис,— Лыстæггай уый куыд равзæрстон бæстон? Куыд æй зонын, мæхи Ваня, ды хъус,— Мæ зæрдæ афтæ нæкæрон ныррухс, Æмæ йын нæй фыстæджы дæр фыссæн, Æмæ йын нæй ныхæстæй дæр зæгъæн. Куы базонын æз нæкъæзгæйæ дзырд,— Хуыздæр кæнын, у базырджын мæ фæнд. Цыма мæ цард дзыхъхъыннæуæгæй—гуырд*. Цыма мæнæн рæсугъддæр у мæ сæрд. 22
Чызгæмбæлттæ цымыдисæй зæгъынц, Дæуæн, дам, ис дæ ахуыры æнтыст. Æрмæстдæр ма нывистытæм бæллын, Уæд ноджыдæр рæвдздæр уаид мæ куыст. Æрмæстдæр ма æз не ’мбарын æппын,— Мæн иу хъуыддаг æдзух кæны тыхсын: Мыхуыр чиныг бæргæ рæвдзæй кæсын, , Фæлæ къухфыст нæ февзарын, у зын. Æмæ свæййын мæхимæ дæр мæсты, Цæуылнæ йыл фæтых дæн, цæ, нырмæ? Нæ фыссыс ды—куыд базонон кæсын, Куыд кæнон, цæй, æз афтæмæй, зæгъ-ма? Фæлæ кæнын æрвыл сахат дæр тох, Уыдзæн мæ фæнд, нæ дæн мийаг тæппуд. Дæу та, Ваня, нæ фæкæндзынæн рох, Дæуæн дæттын мæ зæрдæ ’мæ мæ уд. Æмæ дæ кой куы фехъусын чысыл—•' Вæййы мын цин, йе уый, мæ хур, æмбар. Дæ хуызист мын кæд ие ’рвитыс—хъæцын, Уæд та фыстæг, ау, посты йæ ныппар. 1932 28
ИБК Æ (Колхозон Марусайы радзырд. Фыст у кохмкоммæ йæхи ныхæстæм гæсгæ). —Куыд куыстон æз? Бæлвырд у уый иттæг. Цы фарст у уый фæскомцæдисонæн? Кæсут мæнæ, дзыхъхъыннæуæг ибкæ Мæ уæлæ ис, уый у лæвар мæнæн. Æрысгар æй уырзты æхсæн бæстон,— Лæууæн хъуымац, рæсугъд æмæ нывыл. Нæ уыди, нæ, зæгъын уын æй æргом, Цæрæнбонты рæстмæ дарæс мæныл. Нæ, ма ’нхъæлут—гæды ныхас кæнын, Мæ ибкæйæ æппæлын æз æг&р. Уый ратта мын—бæлвырдæй уын зæгъын, Нæхи сæрдар—зæрдæхæлар лæвар. Уыд иу изæр нæ хъæубæстæн æмбырд,— Цыдыстæм æм нæ быдыры куыстæй. —Кæм ис, уæдæ,—æрбайхъуыстис мæм дзырд,— Нæ колхозы хъазуатондæр чызгай? Тынг сыфсæрм дæн, ’мæ рахызтæн сындæг, Æрлæууыдтæн æмбырды раз æнцад. —Кæддæрид, дам, Маруса у цæрдæг, Куысты—цæхæр æмæ йын абон—кад. 24
Фæтых сыл ис лæппуйæ ’мæ чызгæй, Æппæт куыстмæ хæрзарæхст у йæ арм. Æмæ, дам, ын колхозонтæ æмткæй Зæгъынц, зæгъынц, сæ зæрдæбын салам. Æмæ йын ныр чысыл лæвар куы уа, Нæ, дам, у хъыг, нæ, махæн уый æппын. Уадз, алкæмæй фæлыстдæрæй цæуа, Уадз’, уарзой йæ нæ лæппутæ тыхджын. Ыстæй дзырдта нæ советон бæстыл, ■Зæронд æмæ нæуæг дуджы фæдыл. Æмæ æз уæд куы бахыгътон хæсыл Æмбырды раз бæрнон ныхас зæгъын. Цы загътаин, Цы уыд мæ дзырд?— Æвддæсаздзыд Хуымæтæг чшг. Лæууын æнцад, мæ лæварыл хæцын, Фæлæ ме ’взаг ныкъуымых и, ныццам. Ыстæй дын уæд сабыр ныхас кæнын, Фыццаг уал сын зæгъын уæздан салам. Уæд уый фæстæ фæныфсджын дæн æваст, Мæ ныхас рæвдз, æдæрсгæйæ фæраст. —0, хорз адæм, нæ советон бæстæ 'Дзух аразы нæ дзыллæйæн хæрзтæ. Уæдæ мах уæм нæ колхозтæн йæ куырд, Куысты дугæй пайда кæнæм æххæст. Нæма фæдæн мæ хъуыдытæ æз дзырд— Ыстыр уаты ныннæрыди æмдзæгъд. 25
Фæстæдæр хъазт, æрыхъуыста. нæм хъæу, Нæ зард, нæ кафт æвзонг зæрдæ сыгъта. Нывисæг та æдзухдæр иста мæн Бынтон лæвар, нæ мæ айста æхца. Ныфс бавæрдта Вязмæйæ рæхджы Ныв рарвитдзæн æвæстиат мæнæн. Фæлæ ныв нæй, рæстæг тæхы, тæхы, Æвæццæгæн, фыстæг фæци дзæгъæл. 1934 26
ЛЕНИНЫ МАВЗОЛЕЙЫ ЦУР Фæуы ’хсæв. Æмæ цъæх арвы риуыл Сырх сæуæхсид кæсы. Нæ амард уый: æмæ дунейы иууыл Йæ хъуыддæгты цæры. Æмæ кæд йæ фæдзæхсттыл дæ ’нувыд,— Йæ уалдзæгмæ цæуæг,— Ысу уæд ды дæ бæстæйæн аккаг гуырд, Йæ. амындтыл хæцæг. Кæд амайыс нæ арæзтады дуртæ,— Æвæр сæ уæд рæстмæ,— Цæмæй уа буц дæ куыстуарзон рæвдз къухтæй Дæ райгуырæн бæстæ. Кæд аразыс дыргъдæттæ ’мæ сæндæттæ Нæ быдырты дзæбæх, Уæд афтæ кус, цæмæй бæсты бæркæдтæй Уа ’видигæ нæ зæхх. Куы фехъусай нæ арæытæм ызнагæй Хæцæнгæрзты фыд нæрд, — Уæд размæ бырс гæрзифтонгæй, æхсарæй^ Нæ фыдгулы ныссæтт. Цыфæнды дæр куы аразай нæ цардæн,— Кæддæриддæр ды зон: Ды архай, кус, цæмæй æдзухдæр махæн Нæ зæхх кæна æвзонг. 27
Дæмæй ды ам, нæ бæстæйыл куы фæуай .Дæ фарнамонды бон, Уæд рымысой кæсдæр фæлтæр æвауæй 43æрдæбуцæй дæ ном. 1935 28
ДЫ ДÆ БÆСТÆЙЫЛ ЦÆУЫС Цæуыс, цæуыс дæ райгуырæн бæстæйыл Æмæ дæуæн æруромæн кæм ис! Æхсæрдзæнтæ ныхъус вæййынц дæ фæдыл, Зындзинæдтæ фæстæ исынц сæхи. Цæуыс, цæуыс дæ райгуырæн бæстæйыл, Ды куы ивыс цæугæдæттæн сæ цыд. Ды иу кæныс цъæх денджызтæ дæ зæххыл, Ды иу-кæныс цъæх денджызтæн сæ дзырд. Цæуыс, цæуыс дæ райгуырæн бæстæйыл, Дæ разы—тыгъд нæ дарæг зæхх, нæ мад. Ныррухс кæны дæ цинæйдзаг зæрдæйы Дари быдыр—нæ колхозы бæркад. Æмæ кæм нæй кæрдæдяш хал дæ бæстыл, Цы ран уыд хус цæугæдон æмæ цад,— Фæйлауынц уым сырх мæнæутæ дæ фæдыл,. Уым равзæры уæлахизгæнæг цард. Дæ рухсы цур дæу арвы рон нæ хъæуы, Ды раст фæндаг зæрин хурмæ кæныс. Æхсарджынæй дæ бæстæйыл фæцæуыс Æмæ дæуæн æруромæн кæм ис! 1935 29
ЛУБÆ Ой, дзæгъæлы сæндонмæ æрцæуæн Ализæр къæхты бын ыесæндынц, Ой, дзæгъæлы усгуртæ Лубæйæн Уарзоны зарджытæ фæкæнынц. Авд лæппуйæн бабаста сæ уæнгтæ, '0, фæлæ не ’мбары—цæй тыххæй,— Авдæн дзы уый разылдта сæ сæртæ— Иумæ дзы рацыдис сæ тыргъæй. Рацыдис, хорз бонтæ йьш загъта Суадоны тæккæ был рæсугъд чызг. Сахъ гуырдæн ’нусбонтæм дзырд ратта— Уарзонад кæй калдзæн цæхæр зынг. Райсоммæ йæ ныхæстыт ныддардта, Хицæн кодтой,—цæсты сыг нæ калд, Мысынæн ын мисхал дæр нæ ратта,— Ратта зæрдæ, бахордта йын ард. Ацыд лæппу, дард ранмæ фæцæуы, Атахт, атахт хъæлдзæг булæмæргъ. Чизоны та иуахæм изæры Рымыса йæ Лубæйы дзæбæх. Хур сæумæйы цадæг уым ыскæсы, Тар æхсæв дзы арæх у фæлывд. Сахъ хæстон уым хъахъæнæг фæлгууы Амуры был йе ’мбæлттимæ цырд. 30
Уым фæлæууы, алы сыбыртт хъусы, Алы чысыл дуры дæр уыны. Лубæмæ дзы ницы уый бæрц хъуысы, „Банхъæлмæ кæс"—хаттæй-хатт фыссы. Лубæ кæсы йе ’мгъуыдмæ æнхъæлмæ, Айхъуысынц йæ зарджыты зæлтæ: —Тагъддæр зын Ыскæсæнæй нæ хъæумæ, Рахæсс демæ ме ’хсидгæ зæрдæ. Мæй ыстулы, тæф фæкæны битъна, Тар æхсæвау сау-сауид дзыкку, Ой, уæгъды йæм ма цæут лæппутæ, Ма йæм кæнут къахихсыд, куырд у! 1935 31
РЕВОЛЮЦИЙЫ ЗАРÆГ Сæумæйы асæсты, тызмæг бон Æнкъардæй уалдзæджы куы тыдтон Æз намонд гутондар—æнæном, Мæ чысыл хуымы хай—чъылыхдон. Зылдтæн æз горæдтæ ’мæ хъæутыл,— Мæ уырзтæй агуырдтон дæ фæдтæ. Хуыдтон дæ ме ’нкъард зарды зæлтæй,. Æнхъæлмæ касти дæм мæ зæрдæ. Æз кодтон уазал тар æхсæвты Дæу тыххæй арф хъуыды, ыстыр мæт.. Æз цыдтæн карз тохмæ æд гæрзтæ,— Æз кодтон де ’рцыдыл домбай хæст. Æнусон тар хъæдæн йæ сæрты Мæ сагъæс, ме ’стыр мæт ды хъуыстай. Фыццаг хатт мин азты мæнмæ ды Куы раттай фарны къух æххуысмæ! Ды ’рхастай мах хъæмпсæр хæдзармæ Зæрдæрухс, амондджыны рухс бон. Фыццаг хатт загътай ды хæларæй Музуккаджы уарзон рæсугъд ном. Дæ комулæфт ахъардта уæнгты; Дæ рæвдыд мын—уалдзыгон хурау. Дæрын ныр нæ советон бæсты— Ыстыр зæхх, денджызтæн сæ хицау. 32
Нæ зонын, цы дæттæ, цы фурдтыл Хъæудзæни ахизыы мæи дарддæр,.— Æрмæст дæ сæрыл æз æнустæм /Евгъау нæ кæидзынæн^мæ цард дæр. 1936 3. М. Иеаковски. 33;
М А Д Испаны республикæйы хъæбатыр сылгоймæгтæн» Æнцад у фæз. Хур судзы тынг. Фæци ыстыр лæнкауы хæст. Кæм дæ, Линæ, мæ уарзон чызг? Цы дыл æрцыд, мæ уд, мæ цæст? Æви ныммыр бынтон дæ хъус? Æви ныт.тар дæ царды бон? Дæ зæронд мад мæтæй ныххус, Æрхаста дын уый уазал дон. Æнцад у чызг, нæ разыиди,— Кæддæрау уый нæ фæдзырдта, НыОйарæгмæ нæ рацыди,— Оуадоиæй Рæ банызта. Фынæй кæны зыигхуры бын, Фынæй кæны æд хæцæнгарз. Тæвд, тугæйдзаг ызмисыл ын У дойнаг дур йæ фæлмæн баз. Чызджы къаба ныыцъылдтытæ, Йæ дзыккутæ ысты пыхцыл. Æнæзмæлгæ—йæ цæстытæ, Кæсы ма сæ æрмæст чысыл. Цæстытæ йын мад бахгæдта, Æнæдзургæ, бецау, æнцад, Цъæх къутæр-был уый бавæрдта Йæ уарзон чыэджы судзгæ мард. 34
Йæ ингæныл лæууыд уырдыг Дæргъæццон дур æнкъард цыртæн. Йæ дзыккутæй йын иу бындзыг -Мад рахаста, йæ хотых дæр. Æмæ хохаг фыдвæндæгтыл .Йæ адæммæ уый ахызти, Уым бацыди хъайтар хæсты, Тох самадта, йæ маст фыхти. Фыдыбæсты рæсугъд бонæы Лæвæрдта мад æппæт йæ цард, Уыцы сыгъдæг суадонæн Æнæнуæзтæй чи баззад. 43æрдæ судзы, йæ маст—тыхджын, •Зæрдæ ниуы, хъуысы йæ зард: „Дæлвæзтæ æмæ къуылдымтыл Размæ ыссæста сахъ æфсад". 1936 35
ХЪАЗТИЗÆРÆЙ ХÆДЗАРМÆ Рахæссут мын, цæй, фæндыр^ Й’амонæн-—сыгъзæрин. Лæппу чызджы хæдзармæ Озауæй фæкæны. Хъазгæ, худгæйæ цæуынц, Хъæлдзæгæй сæхицæн. Ой, сæ фæндаг ныр фæуы„ Бахъуыд сæ фæхицæн. Уæртæ хæдзар у æввахс, Талынг у йæ фæрссаг... Ой фæлæу, фæлæу чысыл, Адаргъ у, сæ фæндаг! Ой, сабырдæр цу, лæппу, Ахæм райдзаст изæр, Уымæн æмæ тынг зын у Афтæ тагъд фæхицæн, Рахæссут мын, цæй, фæидыр,— Сагъæстæ æрцæгъдон. Лæппу чызджы хæдзармæ чРакæны ’хсæвыгон. Уыд сæ зæрды бацæуыи Хæдзармæ рæвдыдæй. ’Мæ цæугæ та бакодтой Донбылмæ рæдыдæй. 3&
Бал базыдта сахъ лæппу Зæрыгон сæ цæуæн. Галиумæ хъуыд аздæхып,— Рахизмæ фæцæуæг. Дон, тæлтæг дон, заргæ уай, Сонт зæрдæ фæхæццæ... Юй, Никалаи-Никалай, Чызджы сæр ысхæццæ... Цæй, куыд цæуа боицъæхты Ацы ’хсæв сæхимæ? Къæхтæ барæй хæдзармæ Райдыдтой ныр зивæг. Нал сæ фæнды, нал æппын, Нал, мæ бон, ыздæхын. О, мæ фæндыр, хъал фæидыр, Д’амопæн—сыгъзæрии! 1936 37
К А Т 10 Ш Æ Дидин калдтой фæткъуытæ ’мæ балтæ, Урс мигъ комæй афардæги дард. Рацыдис-иу донбылмæ Катюшæ, Сахъ лæппуйыл зæлыди йæ зард. Цадæг хъуысы буц чызгæн йæ хъæлæс,. Сагъæсгæигæ ивайы йæ бон. —Фехъус ма мæ арæнмæ, мæ цæргæс, Уарзои бæсты хъахъæнæг хæстон. Ой, фæтæхут, зарджытæ, фæтæхут, Хуры тынтæм раттут, ра, уæ арм. Ой, уæ рæуæг базыртыл фæхæссут Сахъ лæпцуйæн буц чызгæй салам. Уадз, æрлæууа сауæрфыг йæ зæрдыл, Уадз, ’мæ зарæг азæла хъæрдæр. Цъиутæхæг дæр ма уадзæд пæ бæстыл^ Уæд Катюшæ уарздзæн уый фылдæр. Дидин калдтой фæткъуытæ ’мæ балтæ„ Урс мигъ комæй афардæги дард. Рацыдис-иу допбылмæ Катюшæ,— Оахъ лæппуйыл зæлыди йæ зард. 1938 38
ФЕНЫНМÆ УАЛ, ГОРÆДТÆ ’МÆ ХЪÆУТÆ (Балцы зарæг) Фенынмæ уал, горæдтæ ’мæ хъæутæ, У нæ фæндаг зын æмæ ыстыр, Сахъ лæппутæ, уадæмдых, зынгзæрдæ, Махмæ сиды_тохы^бон-ыстæр. Боны цъæхæй рацæут, чызджытæ, Раттут нын фæндарасты салам. Ма-иу кæнут сагъæстæ, хъуыдытæ, Кадимæ уæ рыййафдзыстæм ам. Басудздзыстæм тар мигътæ нæ зынгæй, Басæтдзыстæм алы стыр зынтæ. Нал цæудзысты куйдзыхтæ æвыдæй, Баййафдзысты судзгæ сау фыдтæ. Райстам, райстам бахъуыды нæ гæрзтæ, Ратта нын сæ сахъ адæм—ыстыр. Фенынмæ уал, горæдтæ ’мæ хъæутæ, Махмæ сиды тохы бон-ыстæр. 1941 39
АМ НЫГÆД ИС СЫРХÆФСÆДДОИ Кæдæм фæнды фæцæйцæуай,— Æрулæф-иу ды ам. Æмæ ацы зыиаргъ цыртæн Хæларæй ратт салам. У чи фæиды—шахтер, фийау, Йе гутондар фæу: Дæ зæрдыл дар, ам ис ныгæд Нæ ахсджиаг хъæбул. Уый сарæзта нæ дыууæйæн Цыддæрид уыд йæ бон. Уый бахызта фыдыбæстæн Йæ абон ’мæ нæ сом. 1942 40'
ÆРБШХЪУСУТ, 0, НЕ ’МБÆЛТТÆ... Æрбайхъусут, о, не ’мбæлттæ! «Сындзæрх ысты нæ дуæрттæ,— Ныхгæдтон сæ фыдызнæгтæ,-— ♦Фæуы нæ царды бон. Æрбайхъусут, о, не’мбæлттæ! Краснадойнаг æвзонг гуырдтæ, «Зæгъынц, зæгъынц зæрдæбынæй ♦Сæ фæстаджы хæрзбон. Цы нæм æмбæлд, кæм цыдыстæм, Ды нæм уыди, кæм зылдыстæм,— Хæрз чысыл ма сæ баззади, Нæй, нал нын ис амал. Мах не ’знæгтæ фыдбæстытæй, Уæнгтæ цъæлтæ, фыдиæдтытæй Кæндзысты тагъд мæлæты хай, Æрхæстæги адзал. Æрбайхъусут, о, ие ’мбæлттæ! Æрхæсдзыстæм æвзонг сæртæ Фыдгулимæ ыстыр тохы,— Фæци нæ цин, нæ хъазт. Æрмæст зыы у,—куыд ныууадзæм •Сæрибарад, бæллицаг цард, Рæсугъд арвыл сыгъзæрии хур, Зæххы цъарыл та—уарзт. 41
Æмбарæм æй, о, пе ’мбæлттæ,-— Нæй, нал нын ис ныр фервæзæн, Кæндзысты нæ рæхджы цæгъдгæ Налат сырдты æрдонг. Фæлæ та нæм фыдты фæстæ Куы рыздæхид, куы, не ’взонгад,— Дæттиккам æй фыдыбæстæп Фæстаг улæфты опг. Æрбайхъусут, о, не ’мбæлттæ! Нæ фæндагыл цы нæ бантыст, Цæмæ бæллыд нæ сонт зæрдæ, Цы нæ баци нæ бон,— Дæттæм уыдон, фæскомцæдис, Фæскомцæдис, хæстон фæдис, Дæ арæхстджын, нæртон къухтæм, Ыскæн-иу сын кæрон. Æрвыл минут, æрвыл сахат, 0, райсут-иу æфхæрдты маст. Лæгбирæгъæи йæ налат уд Куыд ысхауа бынтон. Кæй амардта, кæй бадомдта, Фыдхудинаг кæй фæкодта, Уыдон иуыл куыд байрайой, Куыд ысрухс уа сæ бои. Тыхгæнæг сырд, дæлдзæх фæуа, Æмризæджы куыд ысриза, Германы зæхх куыд нал фена Г[æ удæгас, йæ мард. Фæдзæхсы уый æвзонг гварди Краснадойнаг æвзонг гварди \Иæ адзалы сахат. 1943 42
УЛЗÆГ МÆ БАКÆН, ТАР ХЪÆД, МÆ УАРЗОК Уазæг мæ бакæн, тар хъæд, мæ уарзон,— Сау маст мæ фæдыл калмау лæсы. Иу судзгæ мастæн исты фæразин, Пе, фæлæ иниæ ме ’мдзу кæньт... Дардтæн ’мæ рæзтæн ахæм уæзæгыл,— Адæмы амонд бираГкæм уыд, Алы хъæуы дæр фарыы уазæгæн Чи кодта райгæ ном æмæ цыт, Ног конд хæдзæртты хъæлæс кæм зæлыд,— Назы æхсиыфы диссаг хæрздæф, Дзаг фæззæг алаз дардмæ кæм нæрыд Чындзхонты зарæгдъастæй дзæбæх: „Хорзæй фæцæрут, хорзæй, фысымтæ, Раут хæрзæхсæв, фенут хæрзфынтæ". Райгуырæп уæзæг бабыни, батар, Ралæууыд сау бон, удхор рæстæг. Акодта не ’знаг адæмы уацар, Тапынц, рыуайынц талыиг, фыдраи. Цæдтæ ’мæ дæттæ сызмæста слу еырд, Арвы цъæх мигътæй бамбæрзта тар. Райгуырæн хæдзлр б^стъæлди, басыгъд„ Гас хъæу ыскодчой иуыл уæлмæрд. Како сыидз æмæ судзаг иысыра Сыгъъæтш астæу зайынц бæрзонд... 43
.Уазæг мæ бакæн, тар хъæд, мæ уарзон,— Сау маст мæ фæдыл кллмау лæсьт. Иу судзгæ мастæн исты фæразин, Йе, фæлæ ипнæ ме ’мдзу кæны... -Фембæлдтæн царды ме ’мкъайыл райгæ Ахæм сыгъзæрии донбылты æз,— Хъарм сæрды бонты худгæ мæ ’хъазгæ, Хурау, сæуæхсид дзухæй кæм сыгъд: Ну сæуæхеид-иу аныгуылд цадæг,— Иннæ-иу уайтагъд худгæ ысхызт, Иу уæрцц-иу цъусгай самыдта зарæг, Иннæйы хъæлæс сæрвæтæй хъуьгст. .Бабыпи алцы—нсмыцаг нæмыг Аскъуыдта нусмæ мемкъайы цард... Уымæн æз раттон уарзты цæхæр зьшг, Бахордтон уымæн рагбонты ард. .Афтæмæй та мын бар дæр нæ раттой Уарзон иыгæныл авæрын’арм. Къухтæбастæй мæ вагонмæ ’рластой, Фидар ныхгæдтой йе ’фсæн дуар. Райгуырæн уæзæг топп æмæ арцæй Рох кæнын домы тугдзых ызнаг. -Ласынц нæ, ласыпц дарддæрæй-дарддæр, Талынг Ныгуылæн... удхар, фыднад. •Сыхсыст мæ риуы сау маст, уыраугæ, Авдæвæр фестад ме ’хсар, мæ тых. Ме’ндон хыз барызт, бамур мæ разы, Топпы нæмыг дæр разынд æшх... Рымбæрз мыл, рымбæрз, тар хъæд, дæ сыфтæр, «Сау фыд мæ фæстæ уайы, цæуы. 44
Чизоны дзурут—калын цæссыгтæ,— Уыдон ныууагътон уарзон хъæуы.. Арф сæ нымбæрзтон сыгъдæтты цагъды— Райгуырæн къуымы ’ртхутæджы раст. Рахастон мемæ ацы фæндагыл Куйдзых фыдгултæм судзгæ фыд маст. Бафиддяæн иуыл не ’знаг-тæлусон, Не’стыр а^фхæрдтæ, пе’стыр зынтæ, Уазабг мæ бакæн, тар хъæд, æнусон, Лйсут мæ, айсуг, партизантæ. 5 декабр, 1943и 45
СТЕПАН ÆМÆ МÆЛÆТЫ ТАУЫРÆГЪ 1 €тепаны хæдзармæ цъæх уалдзæг изæры Æбæрæг фæндагыл æрхъуызыд мæлæт. — Степан Алексеич! Дæ сагъæс—дзæгъæлы... Отепан Алексеич! Æгъгъæд дын фæуæд. Куыд зыны, афтæмæй дæ хъару ныссасти, Сæйыс æмæ уæгъды кæрдзынтæ хæрыс... — Бæгуыдæр, бæлвырд у, рынчын дæн, уый раст у, Лæзæрын нæ пецыл—æцæгæй зæгъыс. Æз цæрдтæй ныр мæрдтæм хæстæгдæр лæууыи, Нæ быдыр, нæ кæрты æз нал вæййын, ыал... —Æрцæттæ кæи, уæдæ ’мæ иумæ фæцæуæм, Æрхæццæ ис абон дæ фæстаг адзал... —Цæттæ дæн. Ныр зоиын, мæ ингæн цы ран ис, Дæ.ттæ сты мæ къубовæйнæджытæ дæр, -Фæлæ мæ уæд та уал фæззæгмæ куы уадзис!— Æгæр хорз у ацы аз уалдзæг, æгæр. Фæнды ма мæ иу цъус мæ фæстаджы бонты Куы ацæрин сæрды рухс, хъарммæ чысыл. Æппæтæн куы зæгъин зæрдæбын хæрзбонтæ, Дæмæй уа мæ ингæн рæуæгдæр, нывыл. Кæд афтæ зæронд дæн, уæддæр хорз æмбарын, Æрбайхъус æмæ дын мæ бæллиц зæгъон: Цы зæгъы Сталин нæ фыдгул ызнагæй, Цæмæ ’рцæудзæн хæсты хъуыддæгты кæрон? Æз фендзынæн алцы æмæ уæд дæ хæд раз 46
Æдыхстæй, æнцойæ ысхауид мæ уд. Мæлæт æм ысдзырдта:—фæуæд цæй дæ ныхас, Фыццаг мит æруардмæ дæттын дын æмгъуыд. 2 Оæрд атахти уайт&гъд. Карст фесты нæ хуымтæ. Тыллæг фæци найгонд. У бæстæ æнцад. Фæхæцыди халас. Урс адардтой къултæ, Их райдыдтон цъусгай цæугæдæттæ, цад. Сæ фæрссагæй акаст зæронд лæг ’мæ фенкъард: Йæ зонгæ уазæг та тындзгæйæ фæзынд. . —Стеыан Алексеич! Æрыййæфтай митуард, Пыр сыххæст и демгъуыд, уыд афтæ нæ дзырд... —Уый раст у, бæгуыдæр. Афон у фæуынæн,— •Фæцардтæи-— æгъæд у,—лæг загъта сындæг. •Фæлæ ис иу хъуыддаг, кæсын æм, бæллын æм Æмæ мын мæлынæн нæма.ис рæстæг. Уыдзæн уæд хæрз сыгъдæг мæ намыс, мæ цæсгом, Нырма уал мæ бауадз, зæгъон ма дын иу дзырд: Кæсын æз æнхъæлмæ, уыдзæн мын бæрæгбон— Мæ чындз мын рæхдяш боп ныййардзæни ног гуырд. У афтæ мæ фадат,—-зæронд лæг æм дзуры,— •Фæлæуу уал æрхъæцмæ, нæма у мæ бои. Æрмæстдæр ма фенон æз уыцы хъæбулы, Цыхуызæн уыдзæни, куыд хуындзæн йæ ном. Æмæ йын рæстæг та нæ бахъæудзæн уый бæрц,— Дыууæ кæнæ иу мæй. Цыма дзурыс цæй? Нæма фæци хæст дæр, флдыдад нæ сидыиц, Фæлтау уал фашисттæм фæкæс ды рæвдзæй. Ыстæй иу мæм рацу. Æртæ аршин абар, Уæд ницы уал зæгъид Степан дæуæн. Хæрз æнцад хуысдзæни, хорз зондзæни хабар — 47
Йæ мыггаг кæй цæры—уæлахиз, сæрæн. Дæхæдæг æмбарыс/цард фенæг салдатæн, Йе, рагон хæстонæн фæхатыр хъæуы. Мæлæт æм ысдзырдта:—Фæуæд уал та афтæ^ Кæй мыл зилыс хинæй, уый зонын бæгуы... 3 Фæсасти хъыст зымæг. Тымыгътæ дæр фесты„ Мит нал у фыццагау æрттивгæ, хæит урс. Ыæ доны хæд сæрмæ изæрæй мигъ сысты, Иæ чызджытæ уалдзæгмæ адардтой хъус. Фæндагыл суадон æрцæйуади тагъд-тагъд, Фыркафтæй, фырзардæй ыскъуыдта йæ уд. Степан уæд фæцырди, нæ фæлæууыд, рабадт, Сæ кæрты бандоныл рæвдз кодта хамут. Степан та фæсæрæн, куыннæ у æхсызгон, Зæрдæ йыл нæ дардтой, ныр кусы æнцад. Цæй рынчын, цæй^цыдæр, æрцыд ып куысты бон^ Кæд ма вæййы афтæ рынчын лæджы цард! Кæсут ма йæм уæртæ, йæ арæхстджыы къухты Бæрæгæй куыд зыны йæ диссаг æрмдзæф. Йæ фырты фырт хурау куыд райы, куыд худы, Лæипу нæ, фæлæ раст цæргæс у, цæргæс! Ыслæг уыдзæн сахъ гуырд тыхджын ’мæ эæндджынæй Æмæ та йæ фыды фæндагыл цæудзæн,— Хъуыды кодта зæронд... фæлæ та сæ бынæй Æрбайхъуысти дзурын:—Степан, цæй, кæм дæ? Степан æм уæд акаст:—Фæзындтæ дзæгъæлхæт!.. Æз та дæ ыыр рох дæр фæкодтон бынтон. Кæм ахсы зæрондæн æппæт ми йæ зæрдæ, Кæм ма вæййыуымæн æрхъуыдыты бон! — Ой, сайыс мæ, Степан,-—ысдзырдта йæм мæлæт, 48
Мæ хорздзинæдтæ дæ ыскодтой æрра. Хъуыды кодтон не ’мгъуыд... Ныр уый та æнæмæт Хамуттæ рæвдз кæны, кæс-ма йæм, кæс-ма. Дзæгъæлы фæкодтон æз лекка дæ фæдыл? Лæгдзинад у, уæллæй, цьт ма вæййы ’ндæр! Æз та дын дæ намыс, дæ дзырдтыл æууæндин, Æз та ма æнхъæлдтон—нæ фæсайдзынæ,— Фæмæстыи зæронд:—Æнхъæлдтон, æнхъæлдтон! Йæ дзырд, дам, фæсайдта—уым диссаг цы ио? Цы сагъуыдтæ ардæм, цы цæуыс æрвыл бон, Цыма дын æидæр куыст æппындæр нæ ис. Цы мыл цыуан кæныс æхсæвæй, уæд бонæй?-— Ысуыдтыл мæ кодтай, цыма у дæ хæс. Мæ фырт тагъд æрцæудзæн уæлахизы тохæй Æмæ мæм æрвиты æнхъæлмæ, дам, кæс. Куыннæ йыл фембæлон, куыннæ йæм бакæсон, Куыннæ хъуамæзарон уæлахиз—цытæн. Æнæ мæн куы ’рцæуа нæ номы бæрæгбон,—- Мæрдтæм мæ уæд ницы фæхæццæ уыдзæн. Уæ’гъды мæ баййардтай—мæ афон иæма ’рцыд, Дяæгъæлы сфæнд кодтай мæн уайтагъд фæуын. Куыд фæнды куы фæуа—-зæгъын дын цæхгæр дзырд— Цыфæнды фæкæнай, цы фæнды фæмысай— Æз цалынмæ фенон—сау Гитлер ныммард^ Уæдмæ мæм ды ма цу, дзæгъæлы мæ ма сай, Мæ къæсæргæронæй фæфардæг у дард. Йе, уый дын фæстаджы кæронбæттæн кадæг, Йе, уый дын æгайнæг, æ’наивгæ дзырд. Мæлæт ма фæлæууыд, хъуыды кодта цадæг, Ыстæй уæд кæдæмдæр мæстджынæй фæцыд. 1944 4. М. Исаковски. 49
НОГÆЙ БАМЫРИ САУ ÆХСÆВ БОНМÆ Ногæй бамыри сау æхсæв бонмæ, Нал и иу сыбыртт, не ’рттивы зынг. Азæлы ’рмæстдæр уынджы кæронмæ— Фæндыр иу чидæр айвазы тынг; Рацæуы кæртмæ, ацæгъды цъусгай, Йе, та фæстæмæ баздæхы тагъд. Раст цыма тары агуры искæй, Раст цыма буц чызг афардæгдард. Быдыртæй радымы тар æхсæв уазал, Фæткъуытæй дидин атæхы—урс. Басæтт ыл, лæппу, чи у дæ уарзон, Афтæ ’нувыд кæмæ дарыс хъус? Чи зоны ам ис искуьГæввахс ран, Чи зоны рагæй ’нхъæлмæ кæсы. Цæй-ма, цы хæтыс ’гас æхсæв алран, Хъæуы чызджытæн сафыс сæ фын. 1945 50
КУЫД ХОРЗ У УАЗАЛ САРÆДЖЫ Куыд хорз у, куыд хорз, уазал сарæджы Дæрддзæф хъæлæсты зæлтæм фæхъусын: Æгуыппæг хъæдæн сабыр фæззæджы Йæ сыгъзæрин хил дымгæ фæузьт. Лæууынц æдзынæг нæзы бæлæстæ, Сындæггай хъуысы сæ сусу-бусу. Цыма фæкæнынц зæронд зæрдæтæ Оæ уалдзæджы кой кæрæдзи хъусы. Æз та уæд фыссын хъæрæй æмдзæвгæ,— Куыд мыхуыр кæны фæззæг. æхцатæ, Сырх рæгъæд мæцкъуы къуыбыры сæрйæ Куыд байгом кæны йæ ирд гагуытæ. Фынæй хъæды сæр уæлиау мигътæ, Æмпылæг зæххæй кæдæмдæр дардмæ, Сæ наукæтты бын куыд кæнынц симгæ, Цыма щьæх фурды фæцæуынц наутæ. 1945 51
.0, ФЕХЪУС МÆ, РÆСУГЪД ЧЫЗГАЙ 0, фехъус мæ, рæсугъд чызгай, 0, фехъус мын мæ уарзон сидт, Мæ райсомы зынг хуры хай, Мæ изæры сырх сæуæхсид; Фæцæуын æз нæ даргъ уынджы,— Æлвисы мæй йæ рухс тынтæ, Æлвисы мæй йæ рухс тынтæ, Цæмæй нæ уæм мах талынджы. Нæма ’рцыд, нæ, нæ хосгæрдæн, Нæма ’ркарстам нæ хорз кæрдæгг. Къæбырттæджы сырх дидинæг Нæма фæци, нæ, фидиуæг. Нырма, сæууон хур, не ’взонгад Нæ фæлидздзæн, нæ, афтæ тагъд., Уæдмæ уал, ды, рæсугъд чызгай,. Мæн бауарз, ба, фæрнæй цæрай! Æрцу, æрцу, мæ хуры хай, Фæзын, фæзын, рæсугъд чызгай>— Мæ райсомы бæллицмæ сидт, Мæ изæры сырх сæуæхсид. 1945 52
НÆ БЫДЫР РАЦЪÆХИ ДЗÆБÆХ •Фæрухсдæр бæстæ ’мæ фæхъарм, Нæ быдыр рацъæхи дзæбæх. „Дæтты нæм фæрссагæй. йæ арм Нæ уалдзæг—райдзаст ’мæ хæрздæф. Нæ къада дæр кæны йæ зард Сындæг, цыма кæны æфсæрм. _Йæ урс цонг тилы дардæй бал; -,,Нæ рæз хæссæм, æмбал, хæссæм!" 1945 53
ЦЫТ Н’АДÆМÆН Сыбыры æгæрон тыгъдадæй Палессæн йæ тар хъæд, цъыфдзæсттæм* Куы растад нæ адæм æфсадæй, Нæ номдзыд, уæлахизхæсс адæм. Уый растад сæрибар, рæстагæй,— Хæсты ныхмæ самадта карз хæст. Нæ уарзон паддзахады кадæн Нæ хъару æхсыст æмæ байрæзт. Болатконд гæнæхтæ выссæста, Фыдгулæн йæ бæрзæй ныссаста, Берлины хæд сæрмæ æрсагъта Рæстады тырыса—ысдардта. Уый фурдтæ, цъæх пиллоны ахызт, Йæ фæндагæй фæсфæд нæ азылд. Ыстыр цыт, ысшр цыт, нæ адæм, Дæуæн æмæ де ’стыр Æфсадæн. 1946. 54
БЫДЫРЫ Куыд хорз у, æфсиртæ фæйлаугæ, Изæрæй быдырмæ цæуын. Уым нарæг къахвæндаджы фарсмæ Сырх мæнæу тар хъæдау лæууы. Уæрцц зары изæрæй ысбонмæ, Кæй уыдзæн хорз тыллæг, хъæзныг, Кæй цæры фаллаг фарс нæ донбыл Мæ уарзон титыччы фæрдыг. Мах кодтам иу классы ахуыр, Хуыммæ дæр иумæ уыд нæ цыд. Уæдæй нырмæ мæ уарзон быдыр Хуыздæр мæ зæрдæмæ фæцыд. Æмæ изæрырдæм, рæсугъдæй, Зæрæхсид дард ранæй куы сзынд, Уæд уым нæ быдыртæн сæ худтæй Фæхъуысы йе сныхас, йæ дзырд. Куыд хорз у ахæм уысм, уæвгæй дæр, Æфсирты уарзон сусæг хъазт! Фæйлауы денджызау сырх мæнæу, Цæст дæр ыл не ’ххæссы æххæст. 1947 55
КÆМ СЫРÆЗТÆ, РÆОУГЪД ЧЫЗГАИ? Арвы æнгæс цады былæй Кастæн иу хатт æз. Æмæ федтон цады хуылфы Комкоммæ мæ хуыз. Цад сындæггай донгæрдæгмæ Мидбылты фæхудт. Ома, ацы диссаджы чызг У хæрзконд, рæсугъд. Ацæуын æз мæнæргъымæ — Азæлы мæ зард.— Булæмæргъ мæм хъæды къохы Фехъусы æнцад. Хур акъулы нæ даргъ уынджы Рацæуын хъæмæ,— Сахъ лæппутæ алы рæттæй Ракæсынц мæнмæ: —0, кæм сырæзт ады рæсугъд, Уарзон хуры тын? Райгуырдтæн æмæ сырæзтæн Дон Окайы был. Райгуырдтæн æмæ сырæз^æн Тар хъæды рæбын. Уым сæуæхсид мæ бæстæйыл Райтауы йæ тын. 50
ÆВЗОНТАД Сывæллæттæ, хъазут! Сæрибарæй рæзут! Сыгъзæрин æвзонгад уын цалынмæ ис! Н. НЕКРАСОВ 1 Уый раджы уыд, раджы, лæууы ма мæ зæрдыл Смоленскы нæ талынг бæстæ, Нæ хъæугæрон -фæзы нæ уалдзæджы цъæхыл Æрцыди æвзонгад мæымæ. Æрцыд æмæ загъта:—Дæ карæнтæ иууыл Уæ цады цур хъазынц, кæсыс? Æмæ ды æнкъардæй чысыл тигъы риуыл Цы бадыс, цæуылнæ цæуыс? Цæмæннæ дæ фæнды мæнимæ нæ доны Даргъ тъиуитыл аленк кæнын, Суадæтты сæрты гæппытæ, ызгъоргæ, Цъæх æрдузы тезгъо кæнын,— Йе бæлæсты сæртæм уæндонæй ысхизын, Йе уадындзаг ракæнын хъæз. —Бæргæ мæ куы фæнды,—сындæггай йын дзурын, Фæлæ æз хуыгæс дæн, хуыгæс. Мæ хуытæ та ахæм фыдуаг ысты, ахæм,—- Нæ лæууынц минут дæр æнцой! Æмæ мын нæй фадат, цæй, иумæ куыд хъазæм, Фæлтау-иу æндæр хатт æрцу. 57
2 Æрцыди та мæнæ сыгъзæрин æвзонгад Июлы, раст сæрды тæмæн. Æмæ та мæм дзуры рæвдаугæ дыккаг хатт: —Цæмæн та дæ хибар, цæмæн? Бынмæуит, дæ ферох, мæнæргъы кæй ыссырх, У хъæдмæ цæуынæн афон. Бынмæуит, нæ зоныс, цы, ахæм ыстыр кæф Лæппутæ æрцахстой ызнон. —Бæргæ мæ нæ ферох,—æнкъардæй йын загътон,— Фæлæ мын нæй ацæуæн, нæй: Нæ бинонтæ куыстмæ фæцыдысты абон,— Ныууагътой хæдзаргæсæй мæн. Мæ чысыл æфсымæр ис мемæ, ам хъазы,— Æдзух æм дæ цæстæнгас дар. Куы аззайа иунæг, ныххаудзæн уæд цады, Кæнæ йæ ныццæвдзæни гал. Кæрчытæ лæбурынц нæ цæхæрадонмæ,— Фæнды сыл æхс дуртæ, лæдзæг. Рæстæгмæ ыстæхынц æмбонды кæронмæ, Ыстæй та фæзынынц нæуæг. Дзырдтон ын æз афтæ мæхи расткæнгæйæ, Сындæггай æнкъард хъæлæсæй. Йæ урс лæдзæг райста æвзонгад цæугæйæ Æмæ та фæфардæг мæнæй. 3 Æрцыди та ногæй мæ иузæрдыг уазæг Зымæгон нæ уазал къуыммæ. Мæ къухыл ныххæцыд йæ тæвд армæй цадæг: —Цæй рацу!—ысдзырдта мæнмæ. 58
Цом рацу цæрдæгдæр, цæмæн дæ æрхæндæг, Æз зонын кæцыфæнды хъазт. Ыскæндзыстæм иумæ урс митын зæронд лæг, Цъæх ихыл фæбырдзыстæм фаг. Йе дзоныгъыл къулæй дымгæйау тæхдзыстæм, Æхсдзыстæм рыг миты къуыбар... —Бæргæ сты бæллиццаг дæ фæндтæ, дæ дзырдтæ„ Фæлæ сты мæ къухтæ цыбыр. Куыд æй ферох кодтай, кæй у ныр хъызт зымæг, Кæй нæ мын ис уынгмæ цæуæн. Кæсыс мæм, æз бадын бæгъæмвад, хæрзбæгънæг,. Нæ нæм ис кæрдзыны къæбæр. Фæлтау-иу, мæ хæлар, æрбацу цъæх уалдзæг, Уæд фаг у æрмæстдæр хæдон. Ныуулæфыд мæстæй мæ цардбæллон уазæг Æмæ уæд фæфардæг бынтон. Фæфардæг æмæ йæ нæ федтон мæ цæстæй,— Уый раджы уыд, радяш кæддæр. Кæннод та бынтондæр нæ уыди, æрмæст æй Мæ фыны- æз федтон куыддæр... 1947-194а 59
ЗСУЫД ХОРЗ У РУХС УАЛДЗÆГ ÆРЗИЛЫН Куыд хорз у рухс уалдзæг æрзилын, 0, райгуырæн уæзæг, дæуыл- Зæрæхсид зæрæхсидмæ сиды, Нывæнды быдырмæ йæ тын. Кæм ма у афтæ ирд бæрзонд арв: У не ’хсæв хъæлдæг, цины фурд. Фæхъуысы булæмæртъы буц зард Фæндырдзæгъдджытимæ рæсугъд. Кæсыс ’мæ не ’ууæндыс дæхиуыл: Сæнт урс у нæхъæн верст бынтон. Йе тымыгъ растади ам иуыл, Йе дидин рафтыдта дыргъдон. Уым къалиу къалиуыл æркъули, Æмæ сыбар-сыбур кæны. Уым зæрдæ зæрдæимæ дзуры, Уым зарæг зардимæ зæлы. Уæгъдибар риуы дзаг улæфыс, Цыдæрид рæзы 4мæ цæры, Цыдæрид феныс æмæ хъусыс,— Дæу ’дзухдæр уыдонмæ фæнды. 1948. 60
РЛГУАЛДЗÆДЖЫ ÆЗ ДÆУИМÆ; Рагуалдзæджы æз дæуимæ Никуы ’мбæлдтæн, нæ, мæ бон. Фæлæ де ’стыр сау цæстытæ Мæн куы бадомдтой бынтон. Архайдтон сыл рох кæныныл,— Ацæуын сæ иувæрсты. Фæлæ зилынц ’дзух мæ фæдыл Уыцы сау дъгууæ цæсты. Растдæр цыма æнæ уыдон Дæн сагъæссаг алæбон,— Растдæр цыма æнæ уыдон Ницы у мæ цæрæнбон. Чизоны дæу дæр нæ фæнды, Фæлæ бамбар, ба, мæ бон: Ацы хтэуыддаг алыг хъæуы, Саразæм ын, цæй, кæрои. 1948 61
ДИДИН КАЛЫ МЫРТГÆ Дидинæг æфтауы Мыртгæ донгæрон. Æз æвзонг лæппуйы Бауарзтон, мæ бон. Бауарзтон æй бирæ Ме намонды бон. Ех, тæхуды уымæн Зæгъ дæ уарзг æргом. Уый цæры йæхицæн Нæмæтæй, æнцад. Уый цæмæй æмбары, Чызджы судзы арт. Азгъæлдта йæ дидин Мыртгæ донгæрон. Гъе фæлæ, чызджы уарзт, Нæй дæуæн кæрон. Гъе, фæлæ чызджы уарзт Дзух кæны цырын. Цæй, куыд ын бауæндон Æг мæ уарзт зæгъын. Æз кæнын æфсæрмы, Ацу мæ йын дзур. Бамбар æй дæхæдæг, 0, мæ царды хур! 1949 62
0, ХЪУБАНЫ ДОН, ХЪУБАНЫ 0, Хъубаны дон, Хъубаны, Улæн улæны хæссы. Бурдзыкку мæнæу фæйлауы, Тыгъд быдыры уый нæрсы. Мах, зæхкусæг адæм зонæм Хоры бакуыст, хоры конд. Не стыр хæзна, не стыр гонтæм Уый кæд фæуыдзæни конд! Ралæудзæни дзаг фæззæг,— Ставд, сырх мæнæу алас! 0, нæ тыллæг, хорз тыллæг, Ды нæцин дæ алаз! Мах хорзайæн фæтæн хуымтæм Уадыстæм сæумæцъæхæй. Уадз ’мæ рæзой бæгъатыртæ Хъубайнæгты; бæркадæй. Уарзон, сауæрфыг чызджытæ Уой цæмæй рæсугъд, цæрдæг,— Уарзонады сырхзынджытæ Судзой сахъ гуырды зæрдæ. Ралæудзæни дзаг фæззæг—- Ставд сырх мæнæу алас! 0, нæ тыллæг хорз тыллæг, Ды нæ цин дæ алаз! 63
Бафснайдзыстæм мах нæ бæркад. Афойнадыл хорз, бæстон. Уымæн æмæ уый у стыр кад, Уымæн æмæ у нæ бон. Дзаг чырæтæ уæд цæудзысты Тыгъд быдыртæй горæдмæ. Райгуырæн бæстæн дæтдзысты Фарны хор нæ колхозтæ. Ралæудзæни дзаг фæззæг,— Ставд сырх мæнæу алас! 0, нæ тыллæг, хорз тыллæг, Ды нæ цин дæ алаз! Мах хорзæхтæм нæ тырныдтам„ Уый зæгъдзæни алчидæр, Йе, фæлæ нæ хæс куы зыдтам Фарн, фæллойы стыр цытæн. Йе, фæлæ нæм кæд æмбæлы Хорзæх райсын,—стæм аккаг, Уæд нæ зæгъæм, нæ, нæ хъæуы^ Мах зæгъдзыстæм: уый у кад. Ралæудзæни дзаг фæззæг,— Ставд, сырх мæнæу алас! 0, нæ тыллæг, хорз тыллæг^ Ды нæ цин дæ алаз. 1949. 64
II ’АЛЫ САХАТ УÆД ФÆРЫДЖЫН Цы рухс бæстæ ысхаста мах, Кæмæй ыстæм ныфсджын, тыхджын, Кæй фæрцы исæм размæ къах Æрврал сахат, уый удед фæрнджын. Уæд цардæфсæст нæ рухс бæстæ, Йæ хъæутæ ’мæ йæ горæдтæ, Йæ быдыртæ, йæ дыргъдæттæ! Тæмæн калæд нæ буц царды Йæ намысджын сырх ыстъалы. 1951 5. М. Исаковски, 65
ФАРН Иырма зынынц хæсты фæдтæ бæрæгæй — Акоппытæ, нæ бирæ маст, нæ хъыг. Ныййардяштæн Европæйы кæрæтты Нæма басур сæ дудгæ цæсты сынг. Нæма ссыдис нæ рыст зæрдæты судзаг, Нæма ферох æвзонг зннгхуыстты мард. Нырма цæуынц æд лæдзджытæ мæстæйдзаг Уæнгхъуæгтæ, ныццæнкуыл и сæ цард. Фæлæ та ног дуне кæм у йæ адыл, Фæлæ та ног арсеналтæ — хæрз дзаг. Нывæндынц та сæ сау хъуыддæгтæ дардыл Хæсткъахджытæ — налат æмæ æлгъаг. Сæ атомæй нæ хæдзæрттæ, дыргъдæттæм Æдзух фыззынц мæйдар æхсæв уа, бон. Тæрсын кæнынц: ыскъæрдзыстæм ныккæндтæм Мах адæмы æнæ хæлц æмæ дон. Фæнды сæ тынг — ыстыр пайдатæ исой, — Фæллæйттæ сæм æвидигæ кæлой. Цæмæй дуне Америкæйæн кусой, Цæмæй дуне йæ цагъартæ ысой. Фæнды сæ тынг... Фæлæ ис æндæр адæм! Мæ уыдонæн ныр никуы ис сæттæн. Нæй ахæм тых нæ сахъ фыдæлтæй ардæм Кæмæй уаид нæ дзыллæйæн тæрсæн. 66
Нæ райгуырæн фыдыбæстæйы помæй Тох кодтой, тох, ызнæгты ныхмæ карз. Хæцыыц рæстад, ыстыр фарныл уæндоиæй, Хæцынц зæххыл хæлардзииады фарс. •Фæнды сæ тынг æмæ сын ис ыстыр бар, Еæной мæнæу, ныфсджыиæй исой къах. Сæ райгуырæн — нæ Советон паддзахад Æнусбонтæм — фарн, амонды гæнах. Æмæ ныр дæр цытджын бонты куы нæры Сæ номдзыд сидт уæндонæй ’мæ фæрнæй. Рæстаг адæм зæххы цъарыл кæмдæрид Дзуапп дæттыыц хæсты ныхмæ: „Нæй! Нæй! Нæ фæнды мах хъæзныджыты пайдайæн Æгаттагæй хæсты арты мæлæм. Хъæуы нæ фарн æмæ кусæм нæ фариæн, Мах уый тыххæй æппæт тыхтæ дæттæм!" Уырны мæ мæн: кæй æрцæудзæн фæстагмæ Дуг, ахæм дуг, ’мæ тугмондаг ызнаг Дун-дунетыл кæй фесæфдзæн мыггагмæ, Уый басудздзæн фæллойгæндлхыты ард. 1951 ^37
ТУЛДЗ Ыстыр тулдз цъæх дары фæлмæн рагъы сæрмæ„ Йæ къабæзтæ айтыгъта дард. Йæ райгуырæн зæххы йæ тыхджын уидæгтæ Арф ауагъта, исы дзы цард. Уадз, мигътæ йæ сæрты ызгъорæнт уæгъдибар^ Уадз, дымгæ æвзарæд йæ тых. Уый райгуырæн зæххыл ныххæцыди фидар, Тыхуад дæр йæ ныхмæ —æдых! 1933 — 195] 68
КЪÆБЬТРТТÆГ Лидæйæн Цы мыл æрцыди, мæ хæлæрттæ, цы кодтон! — Къæбырттæгæн йæ дидинæг фæтыдтон. Фæхастон æй куырис æмæ уæрдонæй, Кæмæн хастон — сымахæн дæр у зонгæ. Тындзыдтон æм изæрмилты, æз тахтæн, Сæ тыргъы-иу дидинты баст ныууагътон; Сæ фæрссагæй æнæдзургæ æппæрстон Мæ урс хæзна зæрдæбынæй æрвыл бон. Фæндыдис мæ, цæмæй чызгай æмбара Æмæ мæнмæ йæ цæстæнгас æрдара. Кæд ма, зæгъын, уый базонид фæстаг хатт Мæнæн мæ уд сырх дидинты куыд баззад. Фæлæ уый та уыд хинæйдзаг, нæ дзырдта, Цыма бынтон мæ сагъæстæ нæ зыдта; Æмæ мæнæн нæ фæкодта тæригъæд, Мæ бæллицтæ куы баисты æртхутæг. Ыстæй ма мæ кæсын дæр уæд кæм уагътой. Æгас хъæуæй мæн къæбырттæг ысхуыдтой. Ныр чызджытæ сусу-бусу фæкæнынц: Кæдæмдæр, дам, нæ къæбырттæг фæцæуы. 69
Ныр базарынц нæ фæсивæд мæ размæ: Ыæ къæбырттæг, цæй тыххæй, дам, æнкъард дæ?.. Цæуын, зилып лзз æрхæндæг зæрдæйæ, Мæ диссаджы буц уарзонад хæсгæйæ. Цы бакæнон, нæ зоны уый мæ сæрæн, Æвæццæгæн та уарди дæр хæсдзынæн. 1951 70
СÆХХÆСТ КÆНДЗЫСТÆМ СТАЛИНЫ ФÆДЗÆХСТ Фыдаёлтæй фæстæмæ бæлвырдæй куьг зыдтам,. Мæлæт нæ кæйдæриддæр искуы кæй айсдзæн. Фæлæ нæ æппындæр куы иикуы уырныдта, Нæ уарзон Сталин кæй_нал уыдзæн не ’хсæн. Кæрон дæр нæ ары йæ сагъæсæн иу дæр, Ыæ дзыллæйы фыдох раст фурдау ысмал, Нæ буц Фæтæг амард — зæхх баззади сидзæр, Нæ адæмæй ацух зынаръ фыд, æмбал. Нæ адæм цыдæриддæр сæ а ’мопд ысхуыдтой, Уыдио нын уый иууыл йæ къухтæй æрвыст, Ыстырæй, чысылæй дзыназгæ фæкуыдтам, Уæддæр нæй, иæ сæтты нæ зæрдæты рыст. Нæ номдзыд Фæтæдзкы йæ уæлсыит уынгæйæ, Фæуæд, уадз, нæ хъарæг цыфæнды æрдаг. Фæлæ мах æдзухæй куы уыной кæугæйæ, Нæ уаиккам иеуæд йæ кады аккаг. Кæд махæн пæ зиан у иуыл уæззаудæр, Нæ Ахуыргæнæг ныи куы дзырдта уæддæр: Цыфæнды хъыгдзинад æрцæуа, уæддæр, дам, Нæ хъæуы зæрдæсаст, æркъул кæиын сæр. 71
Фыдохыл дæр абон æмбæлæм ифтонгæй— Нæ адæмы фырттæ, Сталины фырттæ. Мах царды гуылфæйтæм лæгæрдæм æмзондæй, Мах зонæм нæ фæндаг нæ фидæн цытмæ. Хæрæм мах ыстыр ард, нæ парти, нæ бæстæн, — Кæй ыстæм кæддæрид фæрнджын куыстыл хæст, Кæй нæ ис нæ зæрды дызæрдыгдзинæдтæ, Кæй æххæст кæндзыстæм Фæтæджы фæдзæхст! 1953
М. ИСАКОВСКИ (Фæсдзырд) Михаил Василы фырт Исаковски райгуырд 1900 азы мæгуыр зæхкусæг бинонты ’хсæн Смоленскы областы, Всходскы районы, Глотовскæйы хъæуы. 1913 азы каст фæци хъæууон скъола. Уый фæстæ бацыд гимназмæ, фæлæ йæ каст нæ фæци, йæ бинонтæ мæгуыр кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. 1918 азы бацыд партимæ. 1919 азæй 1921 азмæ редакци кодта уездон газет „Елна- йы". Уый фæстæ дæс азы дæргъы куыста Смоленскы газёт „Рабочий путь"-ыа. 1931 азы ацыд Мæскуымæ. Уым редакци кодта журнал „Колхознлк". М. Исаковски йæ латературон куысты райдианыл нымайы 1924 аз. 1927 азы фыццаг хатт рацыд йе ’мдзæвгæты чиныг „Провода в соломе". Уый фæстæ поэт рауагъта бирæ æмДзæвгæты чингуытæ. М. Исаковски йæ поэтикон куысты тыххæй хорзæх- джын æрцыд Ленины орденæй æмæ Фæллойады Сырх Тырысайы дыууæ орденæй. Дыууæ хатты йын лæ- вæрд æрцыд Сталинон премийы лауреаты ном. М. Исаковски у УСФСР Сæйраг Советы депутат, ССР Цæдисы фысджыты Цæдисы прарленийы уæнг. Активон хайад исы нæ бæстæйы æхсæнадон царды. Стыр фурд йæхицæй уадзы алы къанауты фæрцы бирæ дон, афтæмæй цæрдхъомдæр æмæ хъæзныгдæр кæны фæзтæ æмæ быдыртæ, фæлæ йæхимæ дæр цæ- уынц. 73
Уырыссаг хъомысджыи литературæ дæр у афтæ. Æфсымæрон адæмты литературæйы цыдæриддæр хор- зæй ис, уый йæхимæ исы æмæ хъæзныгдæр кæньи Æфсымæрон адæмтæ сæхæдæг дæр исынц уырыссаг литературæйы хæрзиуджытæ æмæ хъæзныгдæр кæнынц сæхи националон литературæ. Бæрæг у, ирон литературæйæн цы егъау ахъаз фæ- ци уырыссаг стыр литературæ.. Нæ литературæйы рæзты алы этапы дæр уый уыда фæндаггæрдæг æмæ фæндагамоиæг. Уый нæ, фæлæ ма рæзт æмæ размæ цæуы уый хæрзиуджыты фæрцы, уый фæрныг ком- улæфты фæрцы. Æрвыл аз дæр Ирыстоны мыхуыр цæуы ирон æв~ загмæ тæлмацæй бирæ чингуытæ. Тæлмац цæуынц, куыд классиктæ, афтæ советон фысджытæ дæр. Ацы хæрзиуæгон æмæ ахсджиаг куыст ноджы фæтыыгдæр хъæуы Хуссар Ирыстопы паддзахадон рауагъдадæн ацы куысты ис зынгæ æнтыстытæ. Рауагъдады куысты хорзыл банымаинаг у уый дæр, æмæ иу кæнæ иинæ фыесæджы сфæлдыстад фылдæр хатт кæй фæтæлмац кæнынциугай адæймæггæ (0. Гончары радзырдты æм- бырдгонд Дзадчиаты Г. тæлмац, Л. Киачелийы ромаи „Тариел Голуа" Иартыхты М. тæлмац, К. Симоыовы æмдзæвгæты чиныг „Хæлæрттæ æмæ знæгтæ" Асаты Р. тæлмац, М. Исаковскийы æмдзæвгæтæ та сты Дзу- гатыГ. тæлмац æмæ æнд.). Иу фыссæджы сфæлдыстад иу адæймаг куы фæ- тæлмац кæны, уæд уымæн йæ бон бавæйыы æххæстæй сахуыр кяенын фыссæджы сфæлдыстадон куысты хиад- тæ, йæ дæсныйад, йæ фæлгондзон хъуыдыкæнынад, йе ,стæй цардмæ йæ цæстæнгас æмæ бирæ æндæр ахс- джиаг фарстытæ. Уый фæрцы уымæн йæ бон бавæй- 74
йы уацмыстæ арфдæр бамбарын æмæ сæ хуыздæр ра~ тæлмац кæнын. Дзугаты Г. хорз сахуыр кодта зынгæ советон по~% эт М. Исаковскийы æвзаджы хиадтæ æмæ йын йæ по- этикон дæсныйад цас фадат лæвæрдта, уымæ гæсгæ зæрдиагæй бакуыста уацмыстæ тæлмац кæныныл. Георги раст бацыд Исаковскийы уацмыстæ æвза- рынмæ, ома ноэты сфæлдыстадон фæндагыл, царды ахсджиагдæр цы уыд, уыдоныл фыст уацмыстæ фыл- дæрæй кæй ратæлмац кодта. Тæлмацгæнæг йæ разы æрывæрдта ахæм хæс, цæ- мæй гæнæн цас ис, уымæй оригиналæй иуфарс ма хыз- таид æмæ. стихты йæхи хъуыдытæ ма тъыстаид, иуæй- иу автортæ куыд фæкæныпц, афтæ. Уыцы хæс поэ- тæи бындуронæй йæ къухты бафтыд. Бафтыд тæлмацгæнæджы къухты дыккаг хæс дæр— гæнæп уæвгæйæ, хъуыдытæ æххæст æмбæрст куыд уой ирон чиныгкæсæгæн. Уыдои банымаипаг сты тæл- мацгæнæджы æнтыстыл. Фæлæ иу лаз æрхæссын хъæуы тæлмацгæнæджы куыстмæ: автор йæхи æгæр сæрибар æнкъары æмдзæв- гæйы формæ ивыны. Æцтт, Георгийы пайдайæн дзу- ры Бслинскийы иу уа1>æр тæлмацы -тыххæй. Стыр критик амоны, зæгъгæ, тæлмац кæнын хъæуыуацмысы мидуаг (дух). Бирæ тæлмацгæнджытæ пайда кæнынц ацы уавæрæй. Уый нæ, фæлæ ма ис сæрибар тæлмац дæр æмæ авторон тæлмац дæр. Фæлæ мæнмæ гæсгæ, ахæм хуызы тæлмац оригиналæй тынг фæхицæн кæны 75
æмæ оригинал фесафы бирæ хиадтæ (етил, интонаци, хатт хъуыды дæр,—кæд æмæ стихы формæ æмæ бæрц ивд æрцæуынц, уæд). Ахæм сæрибардзинад ис æмдзæвгæ „Фыстæг" {„Докладная записка") тæлмац кæныны. Исаковскийы æмдзæвгæ райдайы афтæ: У нас в районе и сейчас Живет и будет жить вовеки Простой, бесхитростный рассказ 0 справедливом человеке. Его припомнит вамлюбой, Расскажет тихими словами, И Ленин—близкий и родной— Как будто сядет рядом с вами. Ацы стихтæ тæлмац æрцыдысты афтæ: Нырма дæр ис нæ районы Рæстаглæгыл æцæг таурæгъ. Дæтдзæнис æй æнус бонты Дзыхæй-дзыхмæ дуне дзæбæх. Уый алчи дæр хорз зоны ам,— Кæмæнфæнды дæр æй æрдзур, Æмæ Ленин—нæ бæоты фарп — Цыма ’рбаддзæн дæ тæгскæ цур. Ам æмдзæвгæйы мидис, æгæрыетæмæй, алы стих дæр ирон æвзагмæ ралæвæрд æрцыд æххæстæй æмæ раст. Фæлæ классикон стихы формæ ивд æрцыд адæ- жон поэтикон формæйæ, 2, 4, 6, 8 стихтæ иуган уæнгтæ 76
фæкъатдæр сты, стихы кæройнаг æрцæвæнтæ (цыбыр æмæ даргъ) ивд æрцыдысты æмæ ахæм æнкъарæн æвзæ- ры, цыма æмдзæвгæ фæбæгънæгдæр, фæмæгуырдæр. Ацы хабар бæрæгæй зыны „Ацæуыны кадæджы" æмæ ма иу цалдæр æмдзæвгæйы дæр. Иуæй-иу рæт- ты тæлмацы автор аразы лæмæгъ рифмæтæ дæр. Фæлæ уæддæр ирон чиныгкæсæг зæрдиагæй бакæс- дзæн йæ мадæлон æвзагыл советон курдиатджын поэг Исаковскийы æмдзæвгæ. Гафез.
СÆЙРÆГТÆ Хъуыды Лениныл 5 Ныстуан æмбал Сталинмæ ♦ 8 «Фыстæг 9 Мæ мадмæ 14 Дымгæ • 15 Уалдзæг 1б Устыты дам-думтæ 17 Ацæуыны кадæг 20 Фыццаг фыстæг 24 Ибкæ 2г> Ленины Мавзолейы цур • 29 Ды дæ бæстæйыл цæуыс 31 Лубæ • 32 Революцийы зарæг • 34 Мад 36 Хъастизæрæй хæдзармæ 38 Катюшæ 40 Фенынмæ уал, горæдтæ ’мæ хъæутæ 41 Ам ныгæд ис сырхæфсæддон 42 Æрбайхъусут, о, не ’мбæлттæ 43 Уазæг мæ бакæн, тар хъæд, мæ уарзон 4о Степан æмæ мæлæты таурæгъ 48 Ногæй бамыри сау æхсæв бонмæ 52 Куыд хорз у уазал сарæджы 53 О, фехъус мæ, рæсугъд чызгай 54 Нæ быдыр рацъæхи дзæбæх 55 Цыт адæмæн • 59 Быдыры , 57 Кæм сырæзтæ, рæсугъд чызгай 58 Æвзонгад 59 Куыд хорз у рухс уалдзæг æрзилын • . . 62 Рагуалдзæджы æз дæуимæ 63 73
Дидин калы мыртгæ ..... • 64 О’ Хъубаны дон, Хъубаны 65 II ’алы сахат. уæд фæрнджын 67 Фарн 68 Тулдз 70 Къæбырттæг 71 Сыххæст кæндзыстæм Стаяины фæдзæхст • .... 73 М. Исаковски 75 Автор Михаил Васильевич Исаковский Редактор М. Нартикоев. Техредактор Н. Сиукаев. Корректор Д. Кумаритова. Сдано в набор 13. IX. 19;>5. Подписано к печати 12. X. 1955. Формат набора 5,5x8,5 кв. Формат бумаги 84x108 см. Заказ изд. № 41. Заказ типографии № 645. Печатных листов 5. Изд. листов 4,1. ЭТ 00202. Тираж 3000 экз. Цена 4 руб. 35 коп. Сталинирская типография Грузглавиздата, г. Сталинир, ул. Исака, 2.
ФИППАИНАГ Чияыджы сæйрæгтæ амонæн цифрæтæ й>аст мыху|Ы|Р не сты. Кæсьш сæ хъæуы алкæй дæр дыууæ иуæджы цухæй.