Text
                    Цогойты-Хуырымты Аллæ


ЦОГОЙТЫ-ХУЫРЫМТЫ АЛЛÆ ФЫДЫ ФАРИ ÆМДЗÆВГÆТÆ ’Пф/^ Дзæуджыхъæу 2020
ББК 84 (2Рос = Осет) Ц82 Цогойты-Хуырымты Аллæ Фыды фарн: Æмдзæвгæтæ. - Дзæуджыхъæу, 2020 - 263 ф. Цогоева-Хурумова А.Б. Честь отца: Стихи. - Владикавказ, 2020. - 263 с. В книгу вошли лучшие произведения поэта на разные темы, написанные в разные годы. Книга адресуется широкому кругу читателей. ББК 84 (2Рос = Осет) ) Цогойты-Хуырымты Аллæ, 2020
Ацы чиныгæй арын Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран - мæ фыд ■ Хуырымты Батырбеджы рухс ном Уæлахизы 75 азы бæрæгбоны кадæн Нæ уыдтæн дæ фарсмæ дæ зыны, Мæ уарзон, мæ хъæбатыр фыд. Æз федтон æрмæстдæр дæу фыны, Фæлæ дæн дæ фарнæй рæвдыд. Цогойты-Хуырымты Аллæ
Нар
^л^ Фыды фарнæй... Цыбыр афæлгæст Цогойты-Хуырымты Аллæйы цард æмæ сфæлдыстадыл Арвы цъæх нуазыс йæ цæстæй Рухстау, поэты фæдон! Фæндырыл рог къухтæ грхастай. Арфæйаг Ирæн - дæ ном! Балаты Алъберт Цогойты-Хуырымты Аллæйы ном æнæзонгæ нæу Ирыстоны цæрджытæн, куыд ирон дзырд æмæ аивадæн хæрзгæнæг. Йе ’мдзæвгæтæ йын бакæсæн ис газеттæ: «Рæстдзинад», «Слово», «Советон Ирыстон», «Стыр ныхас»; журналтæ: «Мах дуг», «Ногдзау» æмæ «Рухстауæг»-ы фæрстыл. Хъыгагæн, абоны онг ын æмдзæвгæты æмбырдгонд нама уыдис. Уымæ гæсгæ, Аллæимæ æрныхасы фæстæ, хæсыл банымадтон мæ хистæрæн балæггад кæнын. Йæ уацмыстæ йын æрбамбырд кодтон æмæ сæ иу цъары бын чиныг «Фыды фарн»-ы сæргондимæ хæссæм поэзиуарзджыты размæ. Аллæйы курдиат у бирæвæрсыг: у профес- сионалон музыкант, цæгъды фæндырæй, зары героикон зарджытæ, уарзы ныв кæнын... Æвæццæгæн, Стыр Хуыцауы фæрцы фæхайджын
сфæлдыстадон тæвагæй æмæ рахаста йæ фыды фарн æмдзæвгæтæ фыссынмæ. Куыд цымыдисаг адæймаг, афтæ йемæ фембæлд удæн хæссы æхсызгон улæфт, оптимизм æмæ рухсдзинад. Йæ фыд Хуырымты Иваны фырт Батырбег райгуырд 1909 азы Тоборзайы хъæуы Садоны районы. Зæрæмæджы райдайæн скъолайы фæстæ астæуккаг ахуырад райста Дзæуджыхъæуы. Уæлладжыры комы Батырбеджы зыдтой хæрзæгъдау фæзминаг кæстæрæй. Мæскуыйы рабфачы сахуыры фæстæ (1930-1934) дарддæр уæлдæрахуырмæбацыд (1934) Мæскуыйыпедагогон институтмæ уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ. Каст æй фæци 1937 азы. 1938 азы ссыд Ирыстонмæ, кусын райдыдта Николаевскы станицæйы инспекторæй, скъолайы та - уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. 1939 азы уыд Нузалы ахуырады хайады хицау, Нары скъолайы та куыста директорæй (1940-1941). Иæ усгуры кары куы бацыд, уæд бахæстæг кодта Хетæгкаты фæрнджын мыггагимæ. Бонтæ цыдысты, дыууæ æрыгон уды цин кодтой сæ амондыл, цардысты уарзонæй. Мады Майрæмы арфæйæ æнхъæлмæ кастысты стыр лæвармæ, ноггуырды фæзындмæ. Хъыгагæн, сæ уарзты цæхæрыл хъысмæты тæрккъæвда рацыд, æмæ сын æй нæ бауагъта ссудзын цырен артæй... Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст... 1941 азы 12 сентябры Батырбег Нарыхъæуы æвзаргæ ^ 6 ^7"
хæстхъом фæсивæдимæ бархийæ ныззарыд тохы зарæг, æмæ араст фыдызнагæй райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ, кæд æм бронь уыдис, уæддæр. Зæрдæхсайгæйæ ма бæргæ фæкæс-фæкæс кодта йæ бинойнаг Женямæ, фæлæ хъуыд цæуын. Цæмæй æнхъæл уыд, æмæ сын уыцы изæр Мады Майрæм цыкурайы фæрдыджы хуызæн чызг балæвар кæндзæн. Женя йæ комы комдзæгтæй хъомыл кодта сæ уарзты бындурыл райгуыргæ иунæг чызг Аллæйы. Батырбеджы арвыстой Дербентмæ, Цæдисы адæмыхæттытæй ам цы бирæнацион 345-æм дивизи арæзт æрцыд, уырдæм. Дербенты хæстон ахуырты фæстæ йе ’мбæлттимæ бахаудтой Севастополы хæсты цæхæрмæ. Уыцы рæстæджы ам цыд стыр тугкалæн хæстытæ, кæцытæ ист æрцыдысты кинонывтæм. Бирæ æрмæг цыд мыхуыры фæрсты. Батырбег йе ’мхæстонтимæ хъæбатырæй тох кодтой немыцæгты ныхмæ алы зæххы гæбазыл дæр. Йæ фæстаг писмо фыст æрцыд Хохыдзуæртты бæрæгбоны райсом. Æвæццæгæн, тохыразмæ.Чизоныæмбæрста,хъазуатонтохыстыр лæгдзинад кæй равдисдзысты, æмæ фæдзæхста: «...газеттæм кæсут, æвæццæгæн, мæн тыххæй дзы уыдзæн бирæ фыст, стæй стыр хæрзиуæг». Горæт мæцыд адæмы туджы,«... сыгъд денджыз, уæлдæф. Адæмы ссæстой тъунелты, зындоны арты сыгъд Севастополь...» Изæрæй та знаг бацахста горæт. Уыцы уæззау хæсты æбæрæгæй ■^ 7 ^
фесæфт Хуырымты Батырбег. Стыр хъыгагæн ын, Хохыдзуæрттæ дæр нал баххуыс кодтой. Табу сæхицæн! Батырбег цы хорз фæд ныууагъта йæ цыбыр царды, уый рох нæу йе ’мдугонтæй. Йемæ чи куыста, уыдоны зæрдæты баззад ирон фæрнджын адæймагæй. Уарзон æмгарæн-иу йæ фæрнæйдзаг хабæрттæ сæ фембæлдты рæстæг иу æмæ дыууæ хатты не ’рхъуыды кодтой Дойаты Петя, Хетæгкаты Варя, Æлдаттаты Виктор, Хъазиты Бæтæхъо (Хæххон-металлургон техникумы раздæры директор - йæ кæнгæ ’фсымæр), Къадзты Ефим, Четойты Георги. Созæты Бега ахуыр кодта Батырбегимæ Мæскуыйы 1930-1938 азты онг. Йæ мысинæгты-иу афтæ дзурагуыд: «Батырбеджы Мæскуыйыхуыдтой чингуыты рæмпæг, Кавказы интеллигенцийы минæвæртты фидыц. Кæм куыста, уым та йæ - цæугæ энциклопеди. 1939 азы, Къостайы юбилейы боны, Нарыхъæуы фæстагмæ ныхасы бар радтой Батырбегæн. Йæ ораторон дæсны раныхас æмæ зонындзинæдтæй бафтыдта стыр дисы бирæты. Бæрæгбондзаутæ йæ се ’ппæт кæм зыдтой, æмæ бирæтæ хъус-хъус фарстой кæрæдзийы: - Чи у ацы оратор? Цы дæсныйад æм ис? - зæгъгæ. Хуырымты Батырбег уыд бирæвæрсыг курдиатджын адæймаг. Æрдз æй фæхайджын кодта æмдзæвгæтæ фыссыны курдиатæй дæр. Хъыгагæн, махмæ дзы æрхæццæ, уыцы рæстæджы мыхуыры цы рацыд, уыдонæй цалдæр: ^ 8 *? ■
Куы бахъæуа - дæттæ Куы бахъæуа мæ бæсты - Æз ратдзынæн мæ сæр. Уымæн æмæ мæ бæстæй Цард никуы уыд хуыздæр. Нæ дзыллæтæ æрвыстой Бонвыддæрæй цард. Царды ад нæ зыдтой, Буцдзинадæй дард. Æрцыди нæм Октябрь, Радта нын фадат. Уæнгтæ систам дардыл, Ис нæм алцы фаг. Нæ бæстæйæн йæ цардæй Уарзæттæ рæзы, Знаг та йæм мæнгардæй, Аууæтты хъуызы. Тох цæуы цырынæй, Æрра куыдзау знаг. Хин æмæ кæлæнæй, Алыран йæ уаг. Мæнгард дзыхæй нæ сæтты, Кæны йæхи уæлдæр. Куы бахъæуа мæ бæсты - Æз ратдзынæн мæ сæр. 1937 аз. Мæскуы
Маргзæрдæ Æвæдза, ныр æрцыд дæ фæнд, Æвæдза, ныр дæ хъуыддаг рауад, Æгас дуне æмбойны уæд, Фæуид дæ чъизи митæй заууат. Дæ рæзты нæ атæхдзæни маргъ, Дæ хотых - хахуыр æмæ даутæ. Цы рак æрæвæрыс дæ къах, Уым кæрдæг дæр ыскæны саутæ. Ды сафыс адæмы рæстæй, Æмæ дыл се стыр маст æртыхсдзæн. Ды рæзыс адæмы рыстæй, Æмæ дæ адæмы фарн судздзæн. 1937 аз. Мæскуы 1944 азы Хуырымты бинонтæ ралыгъдысты хохæй Хетæгкаты Къостайы районы Райдзасты хъæумæ. Ам, 1947 азы Аллæ бацыд скъоламæ. 1957 азы та Хуырымтæ æрцардысты Æрыдоны районы Хъæдгæроны. Зæрдæргъæвд чызг ам дæр йæ хорз ахуыры уæлдай уыд активон скъолайы æхсæнадон царды. Аллæйы зæрдæ сывæллонæй фæстæмæ уыд æнгом баст аивадимæ. Æдзух архайдта районы номæй республикон ногдзауты æмæ скъоладзауты слетты, уыд хихъæппæрисадон кафджыты къорды солисткæ. Сæ кафджыты къорды архайджытæ республикон смотрты кæддæриддæр истой фыццаг бынат. Хорзæхджын æрцыдысты майдан «За твор- ческие успехи на республиканских смотрах»-æй.
^лл^ Скъолайы фæстæ (1958) бацыд Дзæуджыхъæуы (уæды Орджоникидзейы) музыкалон-педагогон училищемæ дирижорон-хорон хайадмæ, ахуыр кодта адæмон инструменттæй цæгъдыныл. Фæндырæй цæгъдыны дæсныйадыл æй сахуыр кодта Реуазты Симæ. Уый йын бацамыдта фæндыры алæмæтагзæлты сусæгдзинæдтæ. Арæхстджын кæй уыд, уымæ гæсгæ дыккаг курсы цагъта фæндырæй Советты Хæдзары оркестримæ цыппæрæм курсы студентты дзуаппдæттæн концерты. Училищейы фæстæ кусын райдыдта Черменыхъæуы скъолайы музыкæйы ахуыргæнæгæй, 1964 азы - Дзæуджыхъæуы (Орджоникидзейы) 6-æм скъолайы, 1965-æм азы та- фыццæгæм музыкалон салоны фæндырдзæгъдæгæй. Ахуырмæ йæм цыдысты алы кары адæм - 5-аздзыд сывæллонæй - ас адæмы онг. Æмхуызон музыкалон æмбарынад сæм фаг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йын зын уыд кусын. Æмæ æрхъуыды кодта йæхи методикæ, фыссын райдыдта музыкæ. Уыцы методикæйы амынддзинæдтæй пайда кæнгæйæ куыст фæрæвдздæр, ахуырдзауты нымæц дæр фæфылдæр. Цæуын æм райдыдтой республикæйы алы къуымтæй. Горæтгæрон районы хицауады уынаффæмæ гæсгæ Аллæ хуынд æрцыд фæндырдзæгъдæгæй районы Культурæйы галуанмæ. Йæ хъæппæрисæй Ирыстоны фыццаг хатт, ам 50 адæймагæй æрцыд арæзт фæндырдзæгъдджыты къорд. Иæ иузæрдион куыстæн ын районы разамынд кодта аккаг аргъ. Снысан ын кодтой риуылдаргæ нысан
^ий «Отличник социалистического соревнования РСФСР и ВЦСПС» (удостоверение №18 от 2 июня 1958 г. №624 и дополнительное постановление Совета министров РСФСР и ВЦСПС от 13 июня 1966 года №517). Йæ хуызист та йын бахастой республикон Кады фæйнæгмæ. Дыууæ хатты уыд Мæскуыйы Æппæтцæдисон конкурсты лауреат. Æппæцæдисон фестивалы та райста 1-аг æмæ 2-аг къæпхæнты лауреатты дипломтæ. Хуытыгаты Хъазыбег цы музыкалон радиобакастытæ сарæзта Аллæйы тыххæй, уыдонæй радиомæхъусджытæ базонгæ сты йæ бирæвæрсыг курдиатимæ. Аллæ хъомыладон куыстмæ арæхстджын кæй уыд, уымæ гæсгæ педагогонучилищейы дæр йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыд фæндырдзæгъдджыты ансамбль. Иумæйагæй сæ къухы бафтыд бирæ æнтыстытæ. Ногдзауты Галуан куы байгом, уæдæй фæстæмæ та уым куыста фæндырдзæгдджыты къорды разамонæгæй. Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, фæзæгъынц. Иæ иунæг хъæбул, йе стырдæр хæзна царды чи разынд, йæ фендмæ кæмæн бæллыд Батырбег, уый йын лæджы æмдых цæуы размæ, йæ фæзминаг хъуыддæгтæй йын бæрзонд систа йæ фарн. Аллæ цæры ирон фарн, ирон æгъдау, ирон æвзаджы цæрайæн. Æрдз æй фæхайджын кодта бирæвæрсыг курдиатæй: дæсны цæгъды фæндырæй, зары героикон зарджытæ, фæхæст дзырдаивады барцыл æмæ фыссы æмдзæвгæтæ, музыкæ, ныййарæджы фарнæй у хайджын. Схъомыл кодта рæсугъд кæстæртæ æмæ рæвдауы
уыдоны хъæбулты. Адæмы фарнæй у хайджын, уымæн æмæ у фæзминаг ирон сылгоймаг, куырыхон хистæр, кæстæрты хъомылгæнæг. Йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй тауы фæсивæдыл æмæ йын уыдон дæр стыр аргъ кæнынц. Аллæ æмдзу кæны рæстæгимæ, дуджы домæнтæ æргом кæны йæ уацмысты. Цы фыссы, уыдон нывæнды æнцонæмбарæн æвзагыл. Поэзиуарзджытæ æнкъарынц йæ уацмысты царды комулæфт, йæ фæлмæндзинад. Йæ поэзийы хъайтартæ сты йæ алыварс цæрæг адæм, Ирыстонæн кад æмæ намыс чи хæссы: хуымæтæг кусджытæ, спортсментæ, разамонджытæ, ахуыргæндтæ. Йæ уды рухсæй адæмæн уыд хай, Куырыхон лæг, куысты уыдис фæзминаг. Рæстзæрдæ уд, ды рухсхæссæг куы уай, Уыдзынæ уæд ды зæрдæйы рæбинаг. «Тохвæялад зæрингуырд» Ис сæ æрхуым æмæуарзондзинады æнкъарæнтæ, царды философи. Къоста, ирон æвзаг æмæ хæсты темæтæ сты уæлдай хæстæгдæр Аллæйы удыхъæдмæ. Алыхуызон бæрцбарæнтæй пайда кæны йæ рæнхъытæ нуарджындæрæй равдисынæн. Ирон æвзаг! Мæ зæрдæйæн - йæ зæрдæ, Хуыцауы зынгæй равзæргæ, нæртон. Нæ рыст зæххыл хæстонтимæ - хæстон дæ, Дæ рæсугъд зæлтæн макуы уæд кæрон. ^ 13 ^
Ирон æвзагыл «Хæхты зæлтæ» зæлынц, Ирон фæндыр, Хуыцауæй нын лæвæрд. Дæуæн лæггад, цы хъæбултæ фæкæнынц, Æрфæны фæдау, баззайы сæ фæд. «Мæ зæрдæйæн - йæ зæрдæ» *-» Иæ уарзондзинады темæйыл фыст æмдзæвгæтæ сты дзаг лиризмæй. Нæ композитортæ сæм сæ хъус куы æрдариккой, уæд сты зарджыты аккаг. Мад æмæ хæсты темæтыл фыст æмдзæвгæтæ Хуырымонæн сты йæ поэзийы рахæцæнтæ. Уыдон æй разæнгард кæнынц ног æмæ ног поэтикон рæнхъытæ фыссынмæ. Уæлдай бæрзонд æвæрд æм у хæсты темæ, æхсар æмæ лæгдзинад æмдзу кæм кодтой, карды комыл цæуæгау, уæлахизы сæраппонд тохы быдыры æдзардæй сæ туг чи калдта. Уæлдайдæр ын йæ фынты дæр æнцойад нæ дæтты йе ’дзард фыды фæлгонц. Агуры йæ, йæ уындмæ бæлгæйæ æрвиты сагъæстæй дзаг бонтæ: Æз зонын, хæстмæ бархийæ фæцыдтæ, Фæстаг хатт хæхтæн загътай ды «Хæрзбон!» Нæ сæраппонд дæ адзалмæ фæцыдтæ, Уæддæр дын рухсаг, нæу зæгъын нæ бон. Мæ фыны дæр дæу агурæг фæцæуын, Фæлæ дыл нæ, нæ хæст кæнын, мæ фыд. Æбæрæг цырттыл сабийау фæкæуын, Кæмфæнды уой, уæддæр мæнæн - дæ цырт. «Агурын дæу» ^ 14 *г
Аллæйы зæрдæ у парахат, у адæмæн уарзон адæймаг. Иæ алыварсмæ кæсы лæмбынæг, цин кæны йæ алы хорз фæзындыл, уæззау уавæртыл æмæ æбуалгъдзинæдтыл та - хъыг. Æрдзы темæ дæр дзы нæу рох. Фæнды йæ, цæмæй алчидæр иузæрдионæй тыхса, лæггад кæна æмæ иумæйагæй бахъхъæнæм нæ алæмæтаг æрдзон рæсугъддзинад фæстагæттæн. Нæ хæхтæ, быдыртæ, нæ фæзтæ, Нæ æрдзы минмырон хъæлæс, Сты цардæн диссаджы фæрæзтæ - Сæ бахъахъхъæнын у нæ хæс. Фыдми куынæ цæуа нæ зæххыл, Куы кæнæм æрдзæн мах лæггад, Рæстудæй базонын фæцæрын, - Фæрнджындæр уæд уыдзæн нæ цард. «Бахъахъхъæнæм æрдз» Зæхх, æнæфыст мын дæ хæрзтæ, Зæхх, нæ ысхæссæг ды дæ. Зон, куы бахъæуа, æд гæрзтæ, Æз дæ фæдисмæ цæттæ. «Æрдзы хæрзтæ» Курдиатджын адæймаг курдиатджын вæййы алцæмæй дæр. Аллæ хауы ахæмтæм æмæ йын ноджы фылдæр бантысæд. Йæ хъæздыг мидцунейы рæсугъд миниуджытæй алкæйы дæр
&=д^ кæны хайджын. Йæ зæрдæйы цæхæркалгæ арт нæ хæлæг кæны никæмæн. Аллæйы курдиат у бирæвæрсыг. Æмдзæвгæты уæлдай ма музыкæ æрхъуыды кодта Баситы Михал, Цырыхаты Михал, Уырымты Петка, Ходы Камалы фыст æмдзæвгæтыл æмæ зæлынц нæ зарæггæнджыты концертон программæты. Зæгъæм, Музыкалон театры солист Собиты Станислав арæх фæзары «Уалдзыгон зарæг» (Цырыхаты Михалы ныхæстæ, Хуырымты Аллæйы музыкæ). Аллæ æнгом куыст кæны нæ композитортимæ дæр. Гæздæнты Булаты зæрдæмæ фæцыд Аллæйы æмдзæвгæ «Дзуры та къамимæ мад». Профессиналон æгъдауæй ыл йæ цæст æрæвæрдта, ныффыста йын мелоди æмæ дзы рауад аив музыкалон уацмыс. Зарæг балæвар кодтой Ирыстоны адæмон артист Баллаты Валодяйæн. Уый йæ фыццаг хатт азарыд йæхи юбилейон изæры æмæ адæмы зæрдæтæм тынг фæцыд. Абоны дуджы зарæг зæлы Ирыстоны алы къуымтызындгондзарæггæнæгГуыбиатыЭльбрусы хъуытаз хъæлæсы фæрцы. Аллæйы рифтаджы ис сывæллæттæн фыст зарджытæ дæр. Æдæппæтæй йæм ис 34 зарæджы бæрц. Чеджемты Æхсæр, стæй Джиоты Джетæйы æмдзæвгæты ныхæстыл ныффыста «Иры фæдисæттæ», «Нары» æмæ сæ азарыд Методикон Центры зарæггæнджыты къордимæ Къостайы юбилейы бон. Йæхи уацмыстæй дæр цалдæрыл ныффыста музыкæ. Зæгъæм, зарæг «Æз федтон дæу - æрмæстдæр фыны» Ирыстоны адæмон артист
^&а& Дзуццаты Викторы зæрдæмæ фæцыд. Бæргæ йæ бацæттæ кодта йæ концертон программæмæ. Фæлæ йыл, хъыгагæн, уæззау низ фæтых æмæ йын йæ цард аскъуыдта цыбыр рæстæгмæ. Уыцы зарæг абоны онг лæууы æмырæй. Аллæ у активон æхсæнадон архайæг. Сфæлдыстадон литературон-музыкалон изæр уа. юбилейон, мысæн изæр, æви фысджытимæ фембæлд - кæдцæриддæр вæййы раззæгты æмрæнхъ. 20 азæй фылдæр хъомыладон куыст кæны Хетæгкаты Къостайы номыл 13-æм скъолайы, уый цыбыр рæстæг нæу. У музыкæйы ахуыргæнæг. Цал æмæ цал зæрдæмæхъаргæ поэтикон уацмысы ныффыстауыцы рæстæджы скъолайы директорæй йæ рауагъдонты онг! Фæлæ се ’ппæтæн сæрæвæрæн ссис «13-æм скъолайы Гимн» (Хуырымты Аллæйы ныхæстæ, Дзаттиаты Зæлинæйы музыкæ). РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг, УФ-йы иумæйаг ахуырады кадджын кусæг, Колыты Аксойы премийы лауреат, 13-æм скъолайы директор Сæлбиты Иринæ Аллæйы тыххæй загьта: «Аллæ у нымад адæймаг, кадджын хистæр. Стыр аргъ ын кæнынц ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ. Йæ иузæрдион куыстæй æлхæны не ’ппæты зæрдæтæ дæр. 20 азæй фылдæр кæны хъомыладон куыст не ’скъолайы, сывæллæтты ахуыр кæны ирон фæндырдзагъдыл, ирон аив дзырдыл. Йæ ахуырдзаутæй бирæтæ ацыдысты йæ равзæрст фæндагыл æмæ абон уыдон дæр ахуыр кæнынц кæстæрты фæндырæй цæгъдыныл.
^л^л* Не ’скъолайы ахæм бæрæгбон нæ вæййы æмæ дзы Аллæйы æмдзæвгæты бындурыл сарæзт литературон-музыкалон композици ма уа, æмæ сæ нæ ахуырдзаутæ ма бакæсой. Йæ фæндырдзагъд æмæ зардæй саив кæны алы бæрæгбоны дæр. Аллæйы сфæлдыстад у бирæвæрсыг. Æмдзæвгæтæ фыссынмæ куыд рæвдз у, афтæ хорз арæхсы нывтæ кæнынмæ дæр. Не ’скъолайы къулæй нæм уарзæгой цæстæй Къоста цы нывæй кæсы, уый дæр у йæхи конд ныв. Аллæ у диссаджы цæстуарзон, бæрнон, сыгъдæгзæрдæ адæймаг. У стыр арфæты аккаг æмæ йын мæ зæрдæ зæгъы: æнæниздзинад, йæ кæстæрты циндзинадæй зæрдæрухс уæвын æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ». Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы литературон иугонд «Суадон»-ы активон архайджытæй иу у Аллæ. Кæд исчи ирдæй æвдисы йе сфæлдыстад æмæ кæстæртæн у фæзминаг алы æгъдауæй, уæд уый дæр у Цогойты-Хуырымты Аллæ. Зивæг цы у, уый та зонгæ дæр нæ кæны. Кæд æмæ йыл азтæ сæ фæлм æруагътой, уæддæр Ирыстоны къуымтæй кæм нæ балæууы æгъдауы æмæ сфæлдыстадон фембæлдтыты фæдыл, ахæм нæй. Суанг ма йæ сыхаг республикæтæй дæр бацагурынц. Иурæстæджы та хуынд æрцыд кадджын уавæры Дагъистанмæ. Дербенты горæты номарæн цыртдзæвæн куы гом кодтой 345-дивизийы кадæн, уæд сын бакаст йе ’мдзæвгæ «Æз федтон дæу - æрмæстдæр фыны» (хæсты рæстæджы йæ фыд хæцыд ацы дивизийы). Махачкалайы паддзахадон телеуынынадæй
та бакаст «Хæсты ветерантæ æмæ сгарджыты иудзинад»-ы минæвæрттимæ фембæлды рæстæг йæ фыды номыл фыст æмдзæвгæты циклæй цалдæр. Уды сыгъдæгдзинад æмæ рæдаудзинад сты адæймаджы хуыздæр миниуджытæ, æмæ сæ Хуырымон у хайджын. Йæ удыхъæд у хъæздыг царды хорздзинæдтæй, у адæмæн уарзон, ирон фарнæй фæрнджын æмæ ма йын бантысæд сфæлындын бирæ нывæфтыд уацмыстæ! Аллæ йæ фыды фарн нæ бауагъта æрмынæг кæнын. Йæ фарныл ын фарн æфтауы æмæ йе сфæлыст уацмыстæй, йæ фæзминаг æгъдауæй абон дæр ын судзы пиллон артæй. Дзугаты-Мурасты Риммæ, Цæгат Ирыстоны кулътурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы журналистты Цæдисы уæнг
Мæ зарæг, Ирыстон Мæ зарæг, Ирыстон, Дæ номыл ныффыстон, Дæ хæрзтæ æнæфыст мæнæн. Уæ уындæй, нæ хæхтæ, Ныррухс вæййы зæрдæ, Уæ сæрмæ арв калæд тæмæн. Дæ айнæг къæдзæхтæ, Дæ сойджын уæлвæзтæ, Æз уарзын мæ удæй фылдæр. Мæ фæллад Ирыстон, Æвыд уæд дæ сомбон, Æнусты мын хъæлдзæгæй цæр! 06.06.2003 аз ’ ъщух - ^ 20 ^
Мæ зæрдæиæн - иæ зæрдæ Ирон æвзаг! Мæ зæрдæйæн - йæ зæрдæ, Хуыцауы зынгæй равзæргæ, нæртон. Нæ рыст зæххыл хæстонтимæ - хæстон дæ, Дæ рæсугъд зæлтæн макуы уæд кæрон. Ирон æвзагыл «Хæхты зæлтæ» зæлынц, Ирон фæндыр, Хуыцауæй нын лæвæрд. Дæуæн лæггад, цы хъæбултæ фæкæнынц, Æрфæны фæдау баззайы сæ фæд. Цæсты гагуыйау хъахъхъæнинаг ды, Ирон æвзаг, ды ацыдтæ мæ туджы. Куыд нæ фæцуда Иры фарн нæ дуджы, Ирон æвзаг мæн базырджын кæны. ’ ъ’ЩЪ/*
5^А^= Иры стъалы Къостайæн Нæ æвадат хæхтæй, Дæ базыртæ систай. Дæ нæргæ хъæлæсмæ, Æрыхъуыста ком. Рыст адæмы сæрыл Уæндонæй ысдзырдтай, Дæ уды лæггæдтæн - Зæххыл нæй кæрон. Дæ базырджын хъуыды, Æнусты куы цæры. Æнустæй-æнустæм, Дæ зарæг - бæлццон. Дæ кадыл нæ Иры Дæ зарæг куы зæлы. Уæларвон тыгъдады Æрттивы дæ ном! Нæ бæллиц - цæмæй уæм Дæ номаккаг царды. У не скъола махæн, Дæ номыл, Къоста. Нæ фæллад Ирыстон, Уæд нæ ахуырæй разы. Нæ фидæн нæ абонæй, Рухсдæр куыд уа! ^ 22 ^
54^^ Къостайæн Лæууын дæ цырты раз æдзæмæй, Нæ дуджы рис æмбарыс ды. Ныллæг дын акувын мæ сæрæй, Цæссыг æнæвгъауæй кæлы. «Ирон фæндыр» «Ирон фæндыр» - зæрдæйы уадындз, Дæ зæрдæйы тæгтæй у конд. «Ирон фæндыр» - адæм дыл дзурынц, Ды хурæмдых - адæмтæн зонд. «Ирон фæндыр» - фæндыр дыл зары, А дунейыл айхъуыст йæ кой. Нæртон Къоста райгуырд нын Нары, Уый тохы нæ зыдта æнцой. Нывондæн йæ зæрдæ æрхаста, Йæ сагъæс - йæ адæмы мæт. Æлдар æй хъадамантæй ахста, Æрфæнау у уымæн йæ фæд. Æрцыдтæ-иу дардæй нæ хæхтæм, Дæ цæссыг æнæвгъау-иу калд. Куы акæсис абон нæ хæхтæм, Куы фенис, куыд рæсугъд у цард. ^ 23 ^-
Хетæгкаты Къостайæн «Иу бон æгъгъæд у мысынæн», Раст уым йæ хъуыды нæ уыд. Иры æрдхæрæны гуырдæн, Арфæйаг ’нустæм йæ дзырд. Цалынмæ хур кæса Ирыл, Цалынмæ зæххыл уа дон. Зарæг зæлдзæни дæ номыл, Уарзтæн - нæ уыдзæн кæрон. 31.03.2016 аз '^^лда^4
Мадæлон æвзаг Мадæлон æвзагыл макуы сис дæ къух, Нæ уыдзынæ царды, йæ рæвдыдæй цух. Куы фесафæм не ’взаг, Уæд сæфтмæ цæуæм, Уæд худдзæн ныл не ’знаг, Лæггад ын кæнæм. Мадæлон æвзаг, дæ рухсæй, Рухс кæныс нæ цард. Ды æрцыдтæ нæм æнустæй, Тавыс нæ, куыд мад. Куы азæлынц дæ рæсугъд зæлтæ, Мадæлон æвзаг. Ды нæ зæрдæтæм дæгъæл дæ, Скодтай йæм фæндаг. Алы хæдзармæ дæр тæх, Мадæлон æвзаг. Фæндаг дын куыд уа уæрæх, Цины зæлтæй дзаг. Ма су ’цæгæлон нæ зæххыл, Æнусты сæрты хиз. Мадæлон æвзаджы рæзтыл, Удæй кæн фæдис. ^ 25 ^
Колыты Аксойæн Фыццæгты-фыццаг æмдзæвгæйыл, Уый азты фæлмæй разынди. Цæстытысыгтæй фыст рæнхъытыл, Архивты хъуына ’рхæцыди. 2010 аз ’ ЪЛЩ}Г* * 26 &
Ирыстон Удфидар Ирыстон, Цас федтай зынтæ. Адæмæн дæ уарзон, Хурæнгæс мын дæ. Æвдадзы хос дæ дæттæ, Дæ æрдзыхъæд рæсугъд. Цъитихуд къæдзæхтæ, Баззад уым мæ уд. Дзыллæтæ дæуимæ, Уарзонæй цæрæнт. Фидæны фæлтæртæ, Амондджындæр уæнт. 16.07.2010 аз
Дыууæ фæндыры Дыууæ фæндыры райсын æз мæ къухтæм, Сæ иу - мæ цæст у, иннæ та - мæ уд. Нылвасын сæ, мæ хъæбултау мæ риумæ, Сæ зæлтæй у нæ Ирыстон рæсугъд. Ам уарзты тых, уым маст æмæ лæгдзинад, Цынæ æвдисынц а зæххыл, цынæ! Сымах ыстут нæ Иры зæххы уидаг, Уæларвон тыхтæ бауадзут лæгмæ. Дыууæ фæндыры райсын æз мæ къухтæм, Кæрæдзийæн лæггад кæнынц, бæгуы. Уæ фæрцы рухс куы ныккæсы мæ удмæ, Уæ фæрцы мæ зæххыл цæрын фæнды. Нылвасын æз дыууæ фæндыры риумæ, Уæ уацары, сымах мын тых дæттут. Дзырды хæзна, цæсты гагуы - сæ иннæ, Ирыстонæн ыстыр лæггад кæнут. Кæсдзысты дæу, уæд иннæмæй цæгъддзысты, - Æнус-æнусты бамынæг уын нæй. Нæ дзыллæтæ сымах зæлтæм хъырндзысты, Сымах ыстут - нæ хур æмæ нæ мæй.
Нылвасын æз дыууæ фæндыры риумæ, Сæ номмæ ма сын бафтауын нæмттæ. Æсдзурын дзы æз - арвæрдын, - сæ иумæ, У иннæ та - Ирыстоны зæрдæ. - Мæ ис æмæ мæ бон, - зæгъын сымахæй, «Ирон фæндыр» у дард бæстæм бæлццон. Ыскодтат ном Ирыстонæн уæ зæлтæй, Уæ зарæг у - æнæмæлгæ, нæртон! ^щ&г^
Фæндыр Куы азæлынц фæндыры зæлтæ, Ныррухс вæййы дуне æваст. Уæд базмæлынц зæрдæйы тæгтæ, Дæумæ у æгæрон мæ уарзт. Дæу райсын мæ цины, мæ зыны, Æвдисыс ды зæрдæйы уаг. Рæсугъдæй нывæндыс нæ хъуыды, Уæрæх дын нæ Иры фæндаг. Куы азæлынц фæндыры зæлтæ, Мæ цæсты раз фесты гуыпп-хъазт. О, фæндыр! Ды Ирæн - йæ зæрдæ, Ыссудзыс нæ зæрдæты уарзт. Мæ бæллиц: - «Куыд зæлой дæ зæлтæ Чындзæхсæвты, куывдты фæрнæй! Ды Ирæн - хæзнаты хæзна дæ, Æнæ дæу мын удæнцой нæй.» Дæ фæрцы куы азæлы зарæг, Дæ фæрцы ыстынг вæййы хъазт. Дæ дугъон нæ цины - нæ барæг, Дæ фæрцы фæзæгъæм нæ уарзт.
Гыццийы ныхæстæ Мæ фыды мад Сихъоты Марияйæн Лæууынц ма мæ зæрдыл Гыццийы ныхæстæ: - Æнхъæлмæ кæсынæй мæ зæрдæ фæллад. Мæн нал тавынц а зæххыл иумæйаг хæрзтæ, - Дзырдта-иу мын арæх мæ ныййарæг мад. Бæлццонмæ бæлгæйæ æрвыста йæ азтæ, Куыд бирæ фæрæзта æнхъæлмæ кæсын, О, бабын уа, уастæн, хæстмондаджы зæрдæ, - Æз нал зонын зарын, уæлдайдæр кæуын. ’ *чф/*ч
^л^я Риссы зæрдæ Хъодзаты Æхсары уац мадæлон æвзаджы тыххæй бакасты фæстæ Ехх, тæхуды, раст дæ хъуыды, Ды кæныс, Æхсар, фæдис. Мадæлон æвзаг куы цуды, Уавæр - сæрсæфæны ис. Дзурыс, риссыс æмæ курыс, Иры зынгзæрдæ хъæбул. Бирæ дæнцæгтæ æрхæссыс, Дурæй рахауы ’рмæст дур. Цæй-ма, равдисæм лæгдзинад, Туг нæ дадзинты куы ис. «Ногдзау», «Мах дуг» ’мæ «Рæстдзинад», Уæд нæ кæндзысты фæдис. 11.02.2016 аз
Пантеоны Къостайæн, Абайты Васойæн, Колыты Аксойæн, Тæбæхсæуты Балойæн... Ам - хъæрæй дзурын нæ фæтчы, Ам - нæртон лæгтæ ныгæд. Ахæмтæн мæлæт нæ вæййы, У Æрфæны фæд - сæ фæд. Ир - сæрыстыр у Васойæ, Уымæн арфæйаг йæ дзырд. Уый йæ удуæлдай фæллойæ, Самадта йæхицæн цырт. Иры разагъды хъæбултæ, Ацы ран ысты ныгæд. Уыдон номаккаг кæстæртæ, Ирæн саккаг кæн, хъысмæт!
Иры цæугæ хох Абайты Васойæн Дæ фарнæйдзаг хъæбул дæ хæрзтæ фæфыста, У таурæгъты аккаг йæ генион куыст. Дæ ныййарæг мад нын - дзæнæты фæбада, Йæ зынгзæрдæ хъæбул сси дунейыл хъуыст. Зæрæстон быдырты уидæгтæ къахта, Уый зонады цъуппыл ыссыгъта цырагъ. Æвзаджы нуæрттæ кæрæдзийыл баста, Иæ зонадон куыстæн - æнæкæрон аргъ! 17.08.2002 аз
&А=&5 Васо Абаеву Перевод с осетинского И. Гурджибековой Спрошу я Осетию: «Кем ты горда? Чье имя с тобой на века, на года? Вершины седые на сто голосов Мне имя твое называют: Васо! На радость Осетии долго живи, Под солнечным светом Народной любви. Пусть сердце твое согревает надежда, На счастье для древней любимой земли. Ведь именно здесь над твоей колыбелью Склонялась Нана, (память вечная ей). Мы имя твое в лучших песнях воспели Мы им нарекаем своих сыновей. Всевышний тебя сохранит для потомков, Фарн предков по миру несешь высоко. Ты слово великое скажешь негромко И мощное эхо подхватит его. Молва утверждает: плясал ты отменно, Те искры шальные в глазах до сих пор. Еще затаились в них мудрость Вселенной, И тайны времен, и величие гор. 15.10.2000
Война, 1941-1945 Перевод с осетинского И. Гурджибековой Ты радость мою горем опалила. Ты жгла все лучшее в стране моей. Война... Кровавая, глухая сила, Что в мире этом есть тебя страшней? Ты головы покрыла сединою И в черное одела матерей. Ты женщину оставила вдовою, А девушку - без свадьбы, без детей. Ты надсмеялась над мечтою звонкой. Твой адовый костер еще дымит. За всех сирот с протянутой ручонкой Ты проклята и Богом, и людьми. Откуда же ты? Кем рождена? И как Смогла родиться, злобное созданье? И если ты повержена во прах - То где твое пред нами покаянье? За то, что без ветвей деревья стыли, Золою стали степи и поля. Что под тобою корчилась в бессильи, Обугленная черная земля... О как же ликовала ты, смеясь, Когда душа моя от слез сжималась... На черных крыльях песнь твоя неслась. Но наша песнь - сильнее оказалась.
Письмо с фронта Перевод с осетинского И. Гурджибековой Счастье и горе - письмо фронтовое. Катятся слезы по дряблым щекам. Кажется матери, сына героя Голос доносится издалека. Вот он, живой, предстает перед нею, Как только к сердцу листочек прижмет. Где же ты, где? - только губы немеют. Плачет душа, но и верит, и ждет. Годы промчались мгновеньем единым. Стало письмо под иссохшей рукой. Так и жила она - с сыном без сына. Только могила дала ей покой.
^Д^5 Хæстон постхæссæг хæхты Арф миты-иу талынг кæмтты Афон ды нæ зыдтай. Зæйцæуæнты, сæрсæфæнты, Ды, дæ куыст нæ уагътай. Алыхатт зæрдæдзæф кодтай, Сау фыстæг хæсгæйæ. О, кæуылты уыд дæ катай, Мадæлтæм кæсгæйæ. Цавддурау-иу ды лæууыдтæ, Разылд-иу дыл бæстæ. Сагъæссаг кæуыл нæ уыдтæ, Рыст æдзух дæ зæрдæ. Фæлæ-иу дæ уд - дæ зонæг, - Сау цыппæрæм хабар! Охх, куыд цыдаис хъæргæнæг? Дуне-иу дыл батар. Ды нæ уыдтæ къаддæр фæллад Уацхæссæг хæстонæй. Алкæй зын дæ риуы баззад, Уый фыддæр зындонæй. ^ 38 ^
Уымæ чи нæ каст æнхъæлмæ, Сабийæ, зæрондæй. О, бæрæг-иу уыд хæстæгмæ, Постхæссæг йæ цыдæй. Цины хабар-иу куы хастай, Ды нæ зыдтай афон. Заргæйæ-иу фыстæг радтай, Адæмæн уыд уарзон.
Цраиуаг æдзард æфсымæртæн Црайуаг Уырымты Бадзе æжæ Мыстулаты Залиханы цыппар хæстон фырты мысынæн Æгæрон цин, æгæрон уарзт, Тæхудиаджы бинонтæ. Æгæрон цин, æгæрон маст - Дзырдтой, мысынц сæ хъæубæстæ. Црайуаг цыппар ’фсымæры, Нæ сæрвæлтау хæцыдысты. Кадыл мард цыппар фырты, Куыстуарзонæй рæзыдысты. Цыппар фырты, цыппар хуры - Охх, карз тохмæ фæцыдысты. Æбæрæгæй хæсты арты - Цы ран цымæ фæмардысты? Æбæрæг цырттæ, охх, мæ бон, Зæрдæрыстæй уæм бацæуæм. Сымах мысгæйæ, охх, - зындон, Уæ рухс нæмттæ нæ рох кæнæм. 20.02.2015 аз
^л^л* Æз федтон дæу - æрмæстдæр фыны Æз федтон мæ фыны дæу дысон, Мæн фарстай: - «Мæ саби, куыд дæ?» Цыма дын дæ ныхасмæ хъуыстон, Дæ хъæбысы цыма уыдтæн. Фыр цинæй æз хæхтæм стахтæн, Мæ цинæн куыд нал уыд кæрон. Дæумæ æз цымыдисæй кастæн, Фæлæ мын ды загътай: «Хæрзбон!» Ныхъхъæр кодтон уайтагъд дæ фæстæ: - Фæлæуу-ма! Гыццыл ма фæлæуу! Йæ арты куы бахаудтай хæстæн, Уæдæй нырмæ агурын дæу. Дæ ныхас мæм райхъуыст кæцæйдæр: - Æз тохæн йæ карзмæ цыдтæн, Нæ бæстæ у бузныг мæнæй дæр, Фæлæ дзы мæрдон цæф фæдæн. Куырдтай мæ: «Фæцу-иу нæ хæхтæм, Æрхæсс-иу мæ цыртæн къæй-дур. Фыдау мæ нæ федтай дзæбæхтæ, Мæ бæсты рæвдаудзæн дæу хур». Нæ уыдтæн дæ фарсмæ дæ зыны, Мæ уарзон, мæ хъæбатыр фыд. Æз федтон æрмæстдæр дæу фыны, Фæлæ дæн дæ фарнæй рæвдыд.
Тугæй фыст писмо мæрдтæй Мæсыг йæхи дурæй куы хæлы, Фыдæлты ныхас, фатау, раст. Гъе, ахæм азарæй куы сæфы Нæ Цæдис, бастдзинад у саст. Æмбисæхсæв... фæтых мыл хуыссæг, Мæ фыны мæрдтимæ дзырдтон Æмæ мыл бахæцыди ризæг, Фыртыхстæй сабийау куыдтон. Уынын æфсымæрон ингæнтæй Хъуысы хъæрзын æмæ фæдис: - Куы бахъахъхъæдтам уый нæ удтæй - Зынаргъдæр уымæй, уæд цы ис? Мæ размæ ’мхуызонæй цыдысты: - Цы ’рцыд нæ Цæдисыл? - сæ фарст. Зæрдæдзæф хæстонтæ уыдысты Мæ цуры, кодтой мын сæ маст. - Нæ Цæдисæн йæ алы къуымтæй, Мах иу мады хъæбултау, раст, Чи Кæсæгæй у, чи та - Ирæй, Ызнаджы бакодтам бынсаст. О, курæм дæ, фæхæсс нæ фæндон - Нæ тугæйфыст писмо фыстæй. Нæ маст, зæгъ-иу, кæй у æгæрон - Кæнæм нæ фæдисхъæр мæрдтæй.
^л^ Æз фехъал дæн... мæ маст æгæрон... Æрхуымæй фæкуыдтон... ыстæй - Хæссын ныр дзыллæтæм сæ фæндон, Сæ тугæй фыст писмо мæрдтæй. Æмæ ныр уыцы фыстæг абон, Тæрхонмæ рахæссын - мæ хæс. Нæ Цæдис адæмæн уыд уарзон, Йæ бахъахъхъæнын - уыд нæ хæс. ’ *\цр^«ч
Æбæрæгæй фесæфт Нал æрцыд тохæй хæстон, Æбæрæгæй фесæфти хæсты. Абон уæлахизы бон, Зарæг сæ номыл куы нæры. Бабын уа тохмондаг - уас, Басудзой уымæн йæ фæндтæ. Мадæлты зæрдæйы тас, Чи уадзы, уыцы фыдлæгтæ. Нал æрцыд тохæй хæстон, Фесæфт æбæрæгæй хæсты. Æбæрæг цыртытæ - мæ бон, Цымæ кæй хъæбултæ ысты? Уыцы ран ноджы зындæр, Чи у? Кæй фыд у? Кæй фырт у?! Оххай! Уæ нывонд мæ сæр, Æбæрæг цырт - судзаггаг мард у.
Амонд Арын дзы мæ фыд - рухстауæг, æдзард хæстон Хуырымты Батырбеджы ном Дæ уындæй æз хайджын куы уаин, Уæд амондджын хонин мæхи. О, агурын дæу, фæлæ - н ’арын, Зæгъут-ма, мæ бæллиц кæм и?! Дæуимæ мæ сæнтты фæдзурын, Дæ хъæлæс дын фехъус уæд та. Дунескæнæг! Кувын дæм! Курын! Мæ фæдисмæ ма у къуырма. Дæ афтид ингæныл куы кæуын, Æбæрæг цыртытæ - мæ рис. Гъе афтæмæй азтæ æрвитын, Дæ сурæт - мæ цин æмæ рис. Мæ рыст уд куы кæны фæдис.
Æрымысæм абон Æрымысæм абон, Нæ хæстонты рухс ном. Нæ æдзард фысджыты, чи тохы фæмард. Фæдисы цыдысты, Æнусты цæрдзысты. Нæ хæхтæй бæрзондцæр у уыдоны кад. 27.02.2015 аз ’ ьЩЪ/« ч 46 ^ -^ <ю ^
Агурын дæу Æз ма ныр дæр кæсын дæумæ æнхъæлмæ, Фæндзай азы дæ фенынмæ бæллын. Æрхæндæг хъуыды æз нæ уадзын сæрмæ, Куы та хæкъуырццæй сабийау кæуын. Афтид ингæн. Нæ хъæуы цырт дæуæн и, Фæкæуын къамыл. Ингæныл та куыд: Хъырымы зæххыл, уым дæ фæд цы фæци, Æбæрæгæй кæм фесæфт дæ, мæ фыд? Дæуæн кæд денджыз, Иры зæххау, - баз у, Дæ уæззау цæфтыл узæлыд куыд мад. Зæгъ-ма мын, денджыз, сусæгдзинад маст у, Хъæбулау ын уым бакæнон лæггад. Ныссабыр денджыз, багоби мæ фарстмæ, Мæ разы цыма аххосджын уыд тынг. Сабыргай уылæн ’рбакалди мæ размæ, Цыма мын загъта: «’Мбарын æз дæ хъыг». Зæгъ-ма мын, зæгъ, уæдæ кæм дæ, цы фæдæ? Уæлдæфон науы басыгъдтæ, о, кæд? Гъе уымæн риуы тоны, тоны зæрдæ - Дунескæнæг, кæм агурон йæ фæд? Мæ фыны дæр дæу агурæг фæцæуын, Фæлæ дыл нæ, нæ хæст кæнын, мæ фыд. Æбæрæг цырттыл сабийау фæкæуын, Кæмфæнды уой, уæддæр мæнæн - дæ цырт.
Æгъатыр рæстæг. Згъорынц азтæ размæ, Куыд бæллыдтæн дæ æрцыдмæ, мæ фыд. - Æрцыд мæ фыд, куы тахтаин мæ мадмæ. Мæн стырдæр амонд а зæххыл нæ хъуыд. Фæлæ уæддæр кæсын, кæсын æнхъæлмæ, Куыд азгъордта фыдмæ бæлгæйæ цард. Куы райгуырдтæн æз уыцы бон дæ фæстæ, Фæцыд мæрдтæм дæумæ бæлгæ мæ мад. Æз зонын, хæстмæ бархийæ фæцыдтæ, Фæстаг хатт хæхтæн загътай ды: «Хæрзбон! Нæ сæраппонд дæ адзалмæ фæцыдтæ, Уæддæр дын «рухсаг» нæу зæгъын нæ бон. Æрфæны фæдмæ баззайын кæсгæйæ, Гъе уым и, гъе, æдзард хæстонты фæд. Куы рухс кæнут нæ цардвæндаг цæугæйæ, Гъе уымæн нæй, сымахæн нæ - мæлæт.
&^>^ Зæрдæ риссы, риссы... Арын дзы мæ фыд Батырбеджы рухс ном Цымæ дæ фæстаг дзырд цы уыд?.. Цы фæдзæхстай цымæ, тæхуды?.. Уым уæлдæф, денджыз, зæхх, дам, сыгъд. Æви фæдæлдон дæ кæд науы. Тæхуды, иучысыл уæд та, Дæ хъысмæтæй куы зонин исты. Хъысмæт нæм разынди къуырма Æмæ мæ зæрдæ риссы, риссы. Æбæрæг цырты раз, ныр, охх!.. Æрлæууын, сабийау фæкæуын. Нæ сæрвæлтау чи кодта тох, Уыдонæн: «Рухсаг ут!» - фæзæгъын.
Плиты Иссæйы ныгæнæн бонмæ Рыстæй, хъыгзæрдæйæ нæ бæстæ, Хæрзбон йæ хъæбулæн зæгъы Æмæ нæ урс хæхтæн сæ риуæй, Цæссыг æнæвгъауæй кæлы. Ды мады ’хсырау уарзтай хæхтæ, Ирыстонæн ыскодтай кад. Ыстыр зæрдæ дæ риуы хастай, Æмæ нæ бамынæг дæ цард. Дæ кад нæ кæстæртæн фæзминаг, Дæ ном - æнæфæцудгæ хох. Ирыстонæн - йæ ныфс, йæ уидаг, Сæрибарыл уыдис дæ тох. Цæуынц Хъæбатырæн йæ фæстæ, Нæ дзыллæ мингæйттæй кæуынц. Ыстыр хъыгзæрдæйæ нæ бæстæ, «Хæрзбон», - Хъæбатырæн зæгъынц. 1979 аз
Тохмæ цыдысты Нæ урссæр къæдзæхтæй Æррадон ызгъоры, Быдырмæ йæ фæндаг, ой! Ой тохы бон, зæгъы, цы фæсивæд ацыд, Æнустæм мысинаг, ой! Нæ уарзон хæхбæстæй æхсæрдзæн фынккалгæ, Быдырмæ куы тындзы, ой! Хæстоны писмотæ кæсгæйæ мæ зæрдæ, Мæ риуы куы тоны, ой! Дербентæй-Хъырыммæ уæ тохы фæндæгтæ, Уæ тугæй æлхæдтат, ой! Гермайнаг лæгсырдтæ, æнустæм æлгъыстаг, Цы зынтæ æвзæрстат, ой! Мадæлты цæссыгтæ уæ фæдыл æфтыд уæд, Немыцаг лæгсырдтæ, ой! Сидзæрты цæссыгтæ уæ фæдыл æфтыд уæд, Гермайнаг тугдзыхтæ, ой! 03.10.1997 аз
Уæлахизы 65 азы бонмæ Хæстонмæ бæлгæйæ Ныййарæг фæцард. Фылдæр хатт кæугæйæ, Уый бонæй-бон тад. Йæ хæстон писмотæ, Кæсгæйæ куыдта. Мæнæн та мæ зæрдæ, Йæ уындæй тыдта. Уæ аккаг ныхæстæ, Куы ссарин, бæргæ. Нæ æдзард хæстонтæ, Уæ кад у нæргæ. Ныр рацыди азтæ, Фæлæ ма ныр дæр, Мæ фыды писмотæ, Фæкæсын уæддæр. 13.04.2010 аз
Уæлахизы кадæн Мæ сæрæй кувын уын ныллæг, Чи хъахъхъæдта фыдыуæзæг, Сæдæ азы зæрдæрухсæй цæрут. Æнæниз ут, нæ хæстонтæ, Уæ фæндиаг та - кæстæртæ, Уæ зонд æмæ уæ хъару нын дæттут. Фæллад хæстон, зæгъ-ма мын, зæгъ, Дæ сæрмæ арв куы сыгъди, зæхх, - Хæсты быдыры цас федтай зынтæ. Ызнаг куы лæбурдта сырдау, Фæллад хæстон - уæлахиздзау, Æнус-æнустæм кады аккаг дæ. 13.04.2010аз
Æрымысæм абон Æрымысæм абон, Нæ хæстонты рухс ном. Нæ æдзард фысджыты, Чи тохы фæмард. Фæдисы цыдысты, Æнусты цæрдзысты. Нæ хæхтæй бæрзонддæр У уыдоны кад. 27.02.2015 аз
Дзуры та къамимæ мад Иунæгæй бады ныййарæг йæ уаты, Къулыл йæ хъæбулы къаммæ кæсы. Сагъæс йæ цæстытыл, сау мигъау, бады, Маст ын йæ зæрдæмæ уарын хæссы. Бады æрхæндæгæй, зæрдæ дзыназы, Куры йæ хъæбулæй: «Исты мын зæгъ»... Фæлæ уый бамынæг хæсты фыдазы, Уый туг дæр банызта ’цæгæлон зæхх. - Ма мын кæн сусæг, куы зоны мæ зæрдæ - Цал азы рацыд, хабар дæ куы нæй. Оххай, зæгъ-ма мын, цы бæсты ныгæд дæ? Ды дæ мæ сагъæс - ысдзур ма мæм, цæй! Тохмондаг сырдты ныййарæг æлгъиты; - - Фесæфæд, фесæфæд зæххыл сæ кой. Бастъæлæд, уæзгуыты къæйтыл фæхитæд Иунæг уысм ма ссарæд царды æнцой. Баззаиы къаммæ æдзынæг кæсгæйæ: Сагъæсты уацары катайаг мад. Ивгъуыйынц бонтæ хæстоны мысгæйæ, Бонтæ йæ иу уысм нæ уадзынц æнцад. Нал ын ис раздахæн, зоны ныййарæг, Фæлæ йæм: «Исты зæгъ», - дзуры уæддæр. Рæстæг ын зары йæ намысы зарæг, Рæстæг æй систа нæ хæхтæй уæлдæр. ^ 55 *г
Мæ мады æртæ бæллиццы Дзырдтай-иу мын арæх, Æна: - Мæ фарстмæ цæмæн дæ къуырма, Дæ зарæг цæмæн дарыс къуымы. Дæ фыдыл цы ’мдзæвгæ ис фыст, Уым аив æнкъарæнтæ æвдыст, Мæ иунæг, рæстмæ у дæ хъуыды. Æмдзæвгæты аивдзинад, - Дзырдта-иу мын арæх мæ мад. - Æз зонын, мæ ахуыр цæуыл уыд. Æз та-иу æруагътон мæ сæр, Цыдæр тых - пъæззыйæ фыддæр, Мæ рохтыл цыма-иу æрхæцыд. Мæ бæллицц: - «Куы ’сдзурид Алан, Кæуыл дардтай, оххай, дæ арм. Ыссæдз азы дудгæ фыдбонтæ. Мæ бæллиц - куы ’рцæуид дæ фыд. Куы банкъарис фыды рæвдыд, Гъе уыдон, мæ мады бæллицтæ. Фыдæнхъæл хъысмæтæй фæдæ, Дæ æппæт цард ’æрвыстай бæлгæ, Мæ рухстау, уæззаузонд ныййарæг. Дæ бæллиц у рухсмæ ныр хаст. Мæ зарджытæ, ’мдзæвгæты баст, Нæ Ирæн, йæ номыл - мæ зарæг. ■^ 56 ^
Севастопольский вальс Светлой памяти мамы Исаковой-Хурумовой Е.Г. и вдовам ВОВ посвящается Под звуки военного вальса Седые солдаты поют. Военных друзей вспоминая, Им вечная слава - салют! Под звуки военного вальса, Невеста дарила платок, Солдата на фронт провожая, - Прощай, - говорила, - дружок. С победой вернись, - говорила, Будь храбрым в неравном бою. Люблю тебя, - тихо шептала, Любовь твою я сберегу. Я помню, как мама скучала, Отца она верно ждала. Под звуки военного вальса, Катилась, катилась - слеза. -тгщр^г-
По рассказам и по фильмам, Подвиг этот знаем мы. Как победу одержали, Наши деды и отцы. До последней капли крови, Были Родине верны. И победу одержали Отчизне верные сыны. ’ *Чф/* у -^ 6 58
Ирыстон кæмæй у сæрыстыр Инæлар - Мамсыраты Х-М. Кæмæй у сæрыстыр Ирыстон, Чи скодта йæ дзыллæйæн кад?! Йæ лæггæдтæ уымæн æгæрон, Æнæмæлгæ, уымæн йæ цард. Цыфыддæр ызнагæн йæ ныхмæ, Нæ Хъæбатыр тохы нæ саст. Уый бафыста Ирæн йæ хæрзтæ, Хъайтармæ - æгæрон нæ уарзт. Цы загъдæуа Хетæджы-фыртæй, Иссæ дæр нæ лæууыд дæлдæр. Уæ зарæг зæлдзæни нæ Ирæй, Сымах ыстут - хуыздæрты ’мсæр! Апр., 2015 аз
Зæнджиаты Владимирæн Зæнджиаты сахъ гуырд Валодя, Нæ бакуымдта ’знагæн сæттын. Уый бирæ фыдæбæттæ федта, Йæ кадыл æмдзæвгæ фыссын. Æфсæнриу, Хæтæлдоны сæрмæ, Ды бацыдтæ тохы - хæстон. Æрхаудтæ Хæтæлдоны бынмæ, Уæлæуыл æвзæрстай зындон. Нæ кастысты къæхтæ йæ коммæ, Цæф тæхæг æнæхъару ’сси. Уым хъæугæрон мад æмæ фыртмæ, Йæ хъæрзын кæцæйдæр хъуысти. Мад дзуры йæ хъæбул Барисмæ: - Æрбайхъус, мæ къона, мæнмæ. Тагъд згъоргæ фæдисы нæ сыхмæ, Æххуысæн ды ракæн лæгтæ. Бæхуæрдонæй ’рцыдысты сыхæй, Ысластой хæстоны, хъæрзы. Туг калди йæ къæхты пырхытæй, Йæ сæрæй дæр туг, охх, кæлы. Уый разынд Советон цæфхæстон, Хæрзгæнæг ын фырт æмæ мад. Уыд Басаты лæггæд - æгæрон, Нæ аскъуыд сæ фæрцы йæ цард.
Фашисттæ йæ уыдонмæ ’ссардтой. Лæгсырдтæ æрра куыйтау, раст, Уæд Басаты бинонтæн загътой Тызмæгæй: - «Куыд нæ йæм уа каст!» Ныхсадтой хæстонæн йæ тугтæ, Барис та йын бахаста дон. Мыдимæ йын бастой йæ цæфтæ, Йæ цæстытæй ракаст хæстон. Цæфхæстон, уый бинонты фæрцы, Чысылгай йæхимæ æрцыд. Хæстоны Ануси куы фæрсы: - Кæцон дæ? Кæмæй дæ? Кæй фырт? Ысдзырдта нæ хæстон: - «Ирон дæн. Зæнджиатæй, Владимир - мæ ном». Ныррухси йæ цæсгом Фарузæн: - Мæ къона! Уый ноджы - ирон. - Ирон дæн, фæлæ мын фашисттæ, Мæ базыртыл бафтыдтой арт. Мæ къæхтыл куы ’слæууон фæстæмæ, Нæ бæстæй æрцæудзысты тард. Цыбыр рæстæг рацыд, фашисттæ, Фæзындысты ногæй, фæрсынц. Тызмæгæй-тызмæгдæр сæ дзырдтæ, Владимирмæ ’ртхъирæн кæнынц.
Фæрсынц æй: - «Цы ран ис уæ бынат, Кæцыран - уæ аэродром?» У карздæрæй-карздæр сæ ахаст, Фæлæ сын нæ дæтты уый ком. Хъыхъхъаг куыйтау немыцы ахаст, Цæвынц æй, сæ февнæлд - сырддау. Æндонæй-æндондæр - нæ басаст, Йæ сæрæй туг фемæхст, ыссау. Æндонæй-æндондæр - йæ фæрстæ, Нæ басаст нæ тæхæг - нæртон. Уый бабастой бæхæн йæ фæстæ, Фæхæр-хæр æй кодтой - мæ бон. Нæ басаст нæ хæстон сæ коммæ, Фыдмитæй æрлæмæгъ, куыд мард. Сæрæгасæй скъахтой йын ингæн, Уæд тагъд-тагъд ыл сыджыт уыд калд.
Куы зонин Зæгъ-ма мын, ныййарæг, дæ фæндон, Дæ хъуыды, - цæмæн дæ æнкъард? - Мæ цæстытыл ауад мæ бæлццон, - Ысдзырдта æнкъардæй мæ мад. Ныуулæфыд арфæй: - «Куы зонин, Цы бæстыл, цы зæххыл фæмард. Мæ фазыл æз уырдæм фæбырин», - Зæрдæрыстæй загъта мæ мад Йæ ныхас мæ зæрдыл æз дарын, Мæнæн дæр кæм вæййы æнцон. О агурын дæу, фæлæ н’ арын, Хъырымаг фыдхæсты бæлццон. Дзырдтой мын: «Сыгъдысты уым дуртæ, Уыд уæлдæф хæстрыгæй - æхгæд. Сæ рады нанайы лæппутæ Нæ сæрвæлтау ардтой мæлæт!» 10.05.1990 аз
Мæ гуырæн бон Ды ацыдтæ бархийæ хæстмæ, Изæрæй та райгуырдтæн æз. Ма мады æгомыг цæссыгтæ, Ныхъуырдтон æхсыримæ æз. Цы бонтæ æрвыста ныййарæг, Цард хæхты æнцонтæй кæм уыд. Куы райрæзтæн, хъуыстон-иу хъарæг, Зæрдæрыстæй бонтæ сыл цыд. Гъе, афтæ мыл уадысты азтæ, Мæ фыды æрцыдмæ бæлгæ. Æфсымæры мысгæйæ хотæ, Æрвыстой сæ рæстæг кæугæ. Дзыназгæйæ азгъордтой азтæ, Мæ гуырæн бон - цин æмæ хъыг. Ныр дæр-ма куы риссы мæ зæрдæ, Фæкæлы æгомыг цæссыг.
Цыдысты фæдисы Гуыриаты Габойæн Куы бырста фыдызнаг нæ райгуырæн зæхмæ, Фæдисмæ уыдысты дæ фырттæ цæттæ. Ыздыйы къæвдатæ куы уарыд сæ сæрмæ, Сæ удты кой тохы нæ кодтой уæд - нæ. Цы зынтæ æвзæрстой, лæгдзинад æвдыстой, Иу мады хъæбултау: уырыссаг, ирон. Сæ номыл, сæ кадыл цы зарджытæ скодтой, Сæ зæлтæн, сæ зæлтæн - нæ уыдзæн кæрон. Уæ фæрцы, уæ фæрцы - сæрибар нæ бæстæ, Уæлахизы тырыса тугæй æлхæд. Уæ номыл куы судзынц æнусон цырæгътæ, Æрфæны фæдау у, нæ зæххыл уæ фæд. Гуыриаты мыггаг - сæрыстыр Габойæ, Хъæбатырты нæмттæн нæй царды мæлæт. Æвыд нын уæд дуне Габойы æрцыдмæ, Беларусы зæххыл хъæбатыр ныгæд. 20.10.2015 аз
Æбæрæг хæстонтæ Гуссауты цыппар æдзард æфсымæрæн Хæст, дæ койæ дæр зæрдæ баризы, Зæрдæ баризы, цæссыг фемæхсы. Тохмæ арвыста мад цыппар фырты, Иры сæрвæлтау, уым хæцыдысты. Мад йæ хъæбултæн каст сæ æрцыдмæ, Уый куыд бæллыди, охх, сæ фенынмæ. Хотæн, хъæубæстæн - уарзон хæстонтæ, Мад зæрдæрыстæй бацыд ингæнмæ. - О, нæ Ирыстон! О, нæ къабæзтæ! Мах цыппарæй дæр - æбæрæг салдæттæ. Æбæрæг цыртытæ - уыдон не ’мбæлттæ, Знаджы нæмгуытæй - мах зæрдæскъуыдтæ. 25.02.2012 аз ^ 66 ^
Мæй дæр сæ зынтыл хъæрзы Мæй та æрхæндæгæй уæлæ фæраст и, Æмæ йæ дыдзырухс зæхмæ кæлы. Ам-иу йæ бынмæ цы уарзæттæ бадти, Уыдоны нал уыны æмæ кæуы. Мæйау чызгайæн йæ цæсгом ныттар и, Сагъæсты уацары катай кæны. Ауад йæ цæстытыл сахълæппу-уари, Цæстысыг фемæхсти æмæ кæуы. Дзуры ыстъалытæм, мæймæ дзыназы, Куры сæ: - «Исты зæгъут мын, о, цæй! Бабын мæ дугъон, кæд хæсты фыдазы, Цал азы рацыд, хабар дзы куы нæй». Уайынц ыл бонтæ бæлццонмæ бæлгæйæ, Стъалыты æхсæн уый агуры, кæй? Баззайы мæймæ æдзынæг кæсгæйæ, Фæлæ йын уырдыгæй дзуаппдæттæг нæй. 'Сурси йæ дзыкку чызгайæн фырмæтæй, Цæсгомы æнцъылдты сагъæстæ фыст. Райхъуысы хъарæг зæрдæхалæн уатæй, Бирæ ныййарджытæ афтæ сты рыст. ■^ 67 ^
Мæй тулы сабыргай, улæфт нæ зоны, Федта уый тохы лæппуйæн йæ зын. Федта куыд хæцыди тохы цæхæры, Æмæ сæ зынтыл уæларвæй хъæрзы. Мæй та æрхæндæгæй зæхмæ ныккасти, Æхсæвы тар ыл уæлахиз кæны. Ам-иу йæ бынмæ цы уарзæттæ бадти, Уыдон куы нал уыны æмæ хъæрзы. ^Ц^
Нæ урссæр чызджытæ Куы сæ фæрсай абон нæ урссæр чызджыты, - Мæнæн уыди уарзон, - æнкъардæй зæгъдзысты. - Уый нал æрцыд хæстæй, йæ номыл фæбадтæн, Нæ хизы мæ сæрæй, цырагъау, æз тад дæн. Йæ хæстон писмотæ мæ базы бын дарын, Æгъуыссæг æхсæвтæ, цы зынтæ æвзарын... Куыд бирæ уæ уарзтой нæ æдзард хæстонтæ, Нывондæн æрхастой сымахæн сæ удтæ. Мæ фæндон: «Уæ номыл цыртдзæвæн ыскæнын, Æнусон цырагъ ыл уæ уарзтау æсуадзын». ^нгдар/’гг4
^л^ Рухстауæг, мад-хæстон Баймæтаты-Дауыраты Аннæйæн Æгæрон уарзтæй уарзта уый нæ Иры, Уыд знаджы ныхмæ удуæлдай йæ тох. Газет «Рæстдзинад», уый тыххæй куы фыссы, Цæмæй йæ ном кæстæртæй ма уа рох. Лæбурдта ’знаг, æррæ сырдау, нæ зæхмæ, Йæ уылæнтæ - Ирыстонмæ хæстæг. Гæрзифтонг ’знаг æрбахæццæ Иранмæ, Ирайнæгтæ та - дард рæтты хæцæг. Ирайнæгтæ цы бирæ зынтæ федтой, Сæ хæстонтæй-иу сау хабар куы ссыд. Цынæ фыдми сын гитлеронтæ кодтой, Æгас хъæуæй, уæд додой-хъарæг хъуыст. Сылдых уыд хъæу, йæ фæсивæд та - хæсты, Сæ ныфсы мæсыг Ваймæтаты чындз. Уыд Дауыратæй, Ир йæ рухс ном мысы, Нæ рухстауæг ’знаджы ныхмæ цыд. Йæ уды кой зын сахат уый нæ кодта, Нæ партизантæн кодта уый æххуыс. Йæ иунæг фыртæй сау гæххæтт куы райста, Хъæддых лæууыд - нæ асасти йæ ныфс.
Гадзрахатæй йыл чидæртæ цыдысты, Ызнаджы æвварс чи фæци - уыдон. Уæд немыцæгтæ уый фæстæ зылдысты, Æрцахстой йæ, сæ фыдмитæ - зындон. Æххормагæй йæ цаддæр боны дардтой, Фæлæ нæ басаст гитлеронтæн, нæ. Фыдæвзарæнтæ Аннæйæн фæкодтой, Уый не схъæр кодта партизанты, нæ. Сæ куыдзы бон куы базыдтой фыдлæгтæ, Сæ фарстатæн куы нæ лæвæрдта ком, Уæд хъæугæроны фехстой уый лæгсырдтæ, Цæрдзæн æнустæм Аннæйæн йæ ном! Хъыст зымæджы æртæ къуырийы митыл, Нæ йæм уагътой цъаммар немыц цæуын. Ирыстонæн йæ ’нæцудгæ хъæбулыл, Кæугæйæ æз уæд райдыдтон фыссын. Нæ ызнæгтæ куы бамбæрстой сæ кæрон, Сæ сæр, сæ кой нæ фыдгултæн куы сси. Ысуæгъди хъæу, сæ цин уыди æгæрон, Ирайнæгтæн сæ зындон уæд фæци. Фæлыгъд ’знаг, æнæныгæдæй Аннæ, - Нæ партизан, æнæцудгæ хæстон. Кæугæ, дзыназгæ уадысты йæ размæ, Нæртон хъæбулæн загътой, уæд хæрзбон.
Уый баныгæдтой скъолайæн йæ кæрты, Чысылæй-стырæй иууылдæр куыдтой. Йæ рухс номæн нæй ферохгæнæн царды, Лæджы æмсæр, гъе, ахæмты хуыдтой. Мæ сæрæй дын ныллæг кувын, «Рæстдзинад», Нæ истори, нæ цардæвдисæг, ды. Æгæрон у нæ дзыллæйæн уæ лæггад, Аннæйы ’рцыдмæ - ма фæцуд зынты! 15.07.2012 аз ’ ЪЩ*Г«у
Дæ фæдтæ Хур ныгуылæнмæ фæцæйтыл, Рæгътыл ма йæ тынтæ. Æз хæххон лæбырд фæндæгтыл, Агуырдтон дæ фæдтæ. Агуырдтон мæ цæссыг калгæ, Тыфхъæдты дæ фæдтæ. Тоборзайы дон та заргæ, Фарста мæн: «Куыдтæ дæ?» Мæ алы къахдзæф мын рæхуыста, О, мæ фыд, мæ зæрдæ. Ам дæ фæд мæ фæдæн загъта: - Уарз-иу, уарз, нæ хæхтæ. Ам, дæ сабидуг, дæ фæдтæ, Агайынц мæ зæрдæ. Дзурынц мын æгомыг хæхтæ: - Ссар йæ хæстон фæдтæ. Уыд дæ сабидуг бæгъæввад, Къæдзæхтыл дæ фыссæн. Дард Мæскуымæ уыд дæ фæндаг, Ахуыры бæрзæндтæм. Æрыздæхт ахуырæй нæ хæхтæм, Рухстауæг - нæ кæмтты. Стыр аргъ уымæн кодтой адæм, Ис ныр дæр сæ зæрды. ^55 73 ^-
5^Æ^ Тохы хъæр куы хъуыст нæ бæстæй, Зæххы риу куы ’ссыгъди. Уæд хæсты быдырмæ хæхтæй, Бархийæ фæцыди. Уыд сентябрь, ды сæумæйæ, Араст кодтай хæстмæ. Уыцы бон æз та изæрæй, Райгуырдтæн дæ фæстæ. Севостополь уыд зындоны, Уым мæ фыд, хæцыдтæ. Зæрдæ сагъæстæй куы тоны, Уым дæ хæстон фæдтæ. Севостополмæ фæцæуын, - Хæсыл æз нымайын. Уым Сапурны хохы риуыл, Ставд цæссыг фæкалын. 08.12.1990 аз ’ *\ф^* * ^ 74 ^
Æдзард хæстоны идæдз Сланты Оляйы рухс ном дзы арын Фыдбоны хæст нæ тæригъæд фæхæсса, Йæ иунæг фырты нал федта йæ фыд. Хæстмондæгты нæ цæсты сыг фæласа, Цæмæй уай дзыллæ а зæххыл æвыд. Æвзонг удты фæхицæн кодтай хæст, ды, Фыдмæ бæлгæйæ байрæзти сæ фырт. Æбæрæгæй кæм фесæфти, цы бæсты, Афтид ингæны сæрмæ ныр йæ цырт. Фыдбоны хæст, цы бакодтай нæ удтæн, Фыдбоны хæст, æлгъыстаг дæ мæнæн. Нæ кæстæртæн рæсугъддæр уæд сæ фидæн, Ныр ды цæуыс дæ къайагур мæрдтæм. Фыдмæ бæлгæйæ байрæзти сæ иунæг, Уый райгуырди йæ фыды фæстæ, охх. Йæ авдæнмæ Таймураз хъуыста хъарæг, Ызнæгтимæ йæ фыд та кодта тох. Хæсты саби - ды иунæг æмæ сидзæр, Мæнау дæ фыды къаммæ зоныс ’рмæст. Фыдмæ бæлгæйæ махыл ныр æризæр, Тъымы-тъыматæм макуы уал уæд хæст.
Хæстарыд сабидуг Басаты Барисы 75 азы кадæн Фондзаздзыд сабийы зæрдæ, Хæстæй хъæдгом уыд, хъæдгом. Уæ хъæуы фашистон æрдонгтæ, Сæ фыдмитæн нал уыд кæрон. Зæнджиаты Владимиры зынты, Хæрзгæнæг уыдыстут фыццаг. Цæфхæстон - уый фервæзт уæ фæрцы, Уæ къона йын кодта лæггад. Цæфхæстоны хъæрзын уæм хъуысти, Ды тахтæ уæ сыхмæ фæдис. Уæ хæдзар цæфхæстонмæ касти, Сымахæй уый бузныг уыдис. Уæлахизы цинмæ дæ не ’вдæлд, Дæ фыдæй уæд сау хабар ссыд. Дæ удыл ныууагъта уæззау фæд, Æнæ фыдæй сабидуг цыд. Ды бонзонгæ сабийæ рæзтæ, У арфæйаг Ирæн дæ ном. Ды ахуыры бæрзæндтæм схызтæ, Дæ лæггæдтæн нæй нæ кæрон. ^ 76 5^
Ныр «Стыр Ныхас», уый сæргъы лæуд дæ, Фæрнæйдзаг хъуыддæгтæ кæныс. Цъæх арв уæд æдзухæй дæ сæрмæ, Ирондзинад цардмæ хæссыс. Æртындæсæм скъолайы номæй, Мах арфæ куы кæнæм дæуæн. Сæдæ азы рацæр уæнгрогæй, Арв калæд дæ сæрмæ тæмæн. О, арфæйы аккаг, Хæтæлдон, Фыдгултæн нæ куымдтай сæттын. Уæ лæггад Владимирæн - æгæрон, Уæ фæрцы уый фервæзт, зæгъын. 17.0б.2012аз
^ла^ Фæстаг хæрзбон Хæсты ветеран Антоненкæйæн Хæсты быдырмæ ’рыгонæй фæцыдтæ, Уым мадау, хойау - хæстонтæн уыдтæ. Æвзонг дохтыр, ды нæмгуытæй нæ тарстæ, Ды, Севостополь хъахъхъæнæг чызг дæ. Æдзард хæстонтæ бирæ сты, тæхуды, Уæ иуæй-иннæ тохы уыд лæгдæр. Ирыстонæй дæ уыдон, охх, фæрсдзысты, У тохвæллад, нæ Иры зæхх, ныр дæр. Уæлахизимæ хæстæй ды æрцыдтæ, Фыдбоны хæст! Æлгъыстаг дæ мæнæн. Хæстон чызджы раз ’ркъул кæнæм нæ сæртæ 'Сты ’нæкæрон, дæ лæггæдтæ дæуæн. 25.03.2012 аз
Хъайтыхъты Азæмæтæн Цæуыл тыхсы нæ тохвæллад хæстон, Æрхæндæгæй цæмæн фæкæсы зæхмæ? Цавæр уавæр йæ удæн нæу æнцон Йæ зæры бон, цы маст хæры йæ зæрдæ? Йæ цæстыты раз карз тохы нывтæ, Хæсты быдыры цас хæстонтæ баззад. Уый ничи федта тохы бон кæугæ, Уæд цавæр маст йæ зæрдæйы æрынцад. Уæлахиздзау - нæ хъæбатыр хæстон, Фыдыуæзæгмæ карз тохæй æрцыди. Нæ Цæдисы хæлд уымæн нæу æнцон, Æгæрон маст йæ зæрдæмæ ныххызти. Цæмæ бæллы ыстыр поэт-хæстон, Дунескæнæг куыд фена уый йæ цæстæй. Куыд æрцæуа фыдракæндтæн кæрон, Зæххы къорийыл цард куыд уа æвыдæй. 26.06.2012 аз
Уæлахиздзау Цогойты Хъæрæсейæн Мады æхсырæй Къостайау æнæ хай, Бавзæрстай бирæ зынтæ. Ахуыры бæрзæндтæм царды тырныдтай, Уæлахиздзау тохы уыдтæ. 'Здыйы къæвдатæ дыл уарыд, нæ тарстæ, Ирæн нывонд уыд дæ сæр. Де ’взонг буарыл уыд тохы хъæдгæмттæ, 'Знагæн нæ састæ уæддæр. Вирæ хæрзиуджытæ райстай ды хæсты, Хастай нæртон лæджы ном. Иу хæстæй иннæмæ, тохы фæндæгты - 'Нæцудгæ, Иры хæстон. Царды рæстдзинад, уыдис уый дæ туджы, Аскъуыд æрдæгыл дæ цард. Хъæрæсейы хуызæн нæ æмтъеры дуджы, Сфæлдисæг, радт ма нын, радт! Фыды хъæстæйæн сæ хуыздæр ды уыдтæ, Зондæй уа, кондæй, бæгуы. Оххай, ныллæууыд дæ парахат зæрдæ, - Мысæм дæ - цæссыг кæлы. *^ 80 §р*
Мады мысгæйæ Хетæгкаты-Хуырымты Женяйæн Фæцыдтæ уалдзæджы фыццаг бон Æмæ зæрдæдзæф æз фæдæн. О, уалдзæг! Цин ма дыл куыд кæнон, Ыскæн-ма исты хос мæнæн. Æмæ ныр уалдзæджы кæлæнтæ, Мæ удæн нал ысты æхцон. Æрмæст ныййарæджы цæстытæ, Дæуыл у абарын мæ бон. Цы зынтæ ’взары лæг йæ царды, Æнæмæлгæ дуне кæм ис? Æз барын уалдзæгыл мæ мады, Æнæ уый уд кæны фæдис. О, уалдзæг! Ма мын кæн тæргæйттæ, Дæ æрцыд мадимæ у баст. Ныллæууыд уыцы бон йæ зæрдæ, Æгæрон уымæ уыд мæ уарзт.
^л^л* Мæ мады сурæт Ды сонт дзырд нæ уарзтай, - Курыхон уыд дæ зонд. Уæлæуыл ныууагътай, Рæсугъд уды сконд. Дæу адæм куыд уарзтой, Фæзминаг дæ ном. Цы цæссыг дыл калдтой, Дæ адзалы бон. Æз уалдзæг куыд уарзтон, Фæлæ мын æй ды. Фæкодтай дæ аууон, Ныр зæрдæ - хъæрзы. Фæцыдтæ ды уалдзæг, Ныййарæг мæрдтæм. Гъе уымæн мæ зарæг, Æрхæндæг мæнæн. * *>йф**ч ■^ 82 ^
О, Галæгон! Бахиз дзыллæты фыдохæй, Рахон зилгæ дымгæ хохæй, Зæххæй сау тыхты фæсур. Уадз сырхдидин дуне кала, Мады зæрдæ цинæй зара, Сабиты рæвдауа хур. О, нæ Иры фарн, нæ хæхтæ, О, нæ куырыхоны лæгтæ, Скæнут сау тыхтæн кæрон. Бастдзинад куыд уа уæлахиз, Зæхх нын туджы зæйтæй бахиз, Уый у - мадæлты фæндон. Галæгон, дæ тыхтæ ’сиу кæн, Адæмты ’хсæн рацу зилгæ, Рындзмæ сау тыхты фæхæсс. Уадз дæ фæстæ адæм зарой, Фæндæгтыл æдæрсгæ уайой, Курæм! Уымæн нын ысбæзз. 07.03.1998аз -^щ^п^ *^ 83 ^
Æлборты Барысбийæн ЦИПУ-йы фыццаг ирон профессор æмæ ректоры 120 азы кадæн Фараст сывæллоны, къонайы хуртæ, Уыдонæй иу уыд Барысби - цыргъзонд. Кадджытæм, аргъæуттæм хъусгæйæ рæзтæ, Бинонты курдиатæй хайджын дæ зонд. Бауарзта зарджыты зæлтæ æвзонгæй, Авдæнмæ хъуыста ныййарæджы зард. Мадæлон ’взагыл фæцалхи чысылæй, Уымæн нывонд уыд йæ зонд æмæ цард. Бирæвæрсыг уыд йæ курдиат, йæ архайд, Райста фыццаг уый профессоры ном. Иры фыццæгты фыццаг - уыд цырагъдар, Ахуыргæнджыты съезд, уый фæрцы гом. Аивад уарзта: цы зарын, цы кафын, Æмдзæвгæты, пьесæты автор дæр уыд. Адæмон сфæлдыстад бындурæй ’сгарын, Хæхтæ ’мæ хъæуты æмбырдгæнгæ зылд. Ахуыры рухс тын у, чиныг нæ цардæн, Уым дæр йæ лæггад куырыхонæн уыд. Æлборты Барысби - рухстауæг Ирæн, Зонады мæсыгмæ фарнимæ цыд. 08.01.2007аз
Куы хъæуы ахæм гуырд нæ Иры Хуырымты Убæзæн Кæдмæ кæлдзæни туг нæ хæхты, Кæмæ бахъардзæнис нæ рис. Куы у сырдау, ызнаг нæ сæтты, Кæмæ кæна нæ Ир фæдис. О, сыст-ма, сыст Убæз, мæрдтæй ды, Куырыхон лæг куы хуыдтой дæу. Ныууром туджы зæйтæ Иры, Дæ къæхтыл ма мæрдтæй ыслæуу. О, Кучиты домбай хæрæфырт, Кавказы хъуыстгонд уыд дæ ном. Лæууыс ма хистæрты зæрдæтыл, Хъæр дæм кæны дæ рыст фæдон. ’ ^Щ^** ^
Ирыстоны сагъæссаг хъæбул Гæдиаты Цомахъæн Цæмæ бæллыд нæртон ирон йæ фырттæн, Гъе ууыл уыд Цомахъы уды тох. Фыдæлты намыс фарнхæссæг поэтæн, Йæ ном нæ уыдзæн Иры зæххыл рох. Йæ уарзон Ирæн цас лæггад фæкодта, Йæ лæджы кары аскъуыди йæ цард. Бæрнон рæтты дысфæлдæхтæй фæкуыста, Нæ рыст адæмыл уымæн уыд йæ зард. Уый бирæ зынтæ бавзæрста хъысмæтæй, Нæ Иры хæхтæй арæх уыди хаст. Секъайы хъæбул, рухстауæг фæдонтæй, Фыдыуæзæджы сомбон уыд йæ маст ’5^ 86 5^
Нигерæн Йæ 100 азы кадæн Иæ зæрдæ уыд хæххон донау сыгъдæг, Иæ зæрдæ рыст йæ адæмы хъысмæтыл. Æрфæны фæдау уымæн у йæ фæд, Æмæ йæ адæм дардзысты сæ зæрдыл. Цæудзысты азтæ, Нигерæн йæ ном, Æнусты сæрты хиздзæни рæсугъдæй. Уый у Къостайы ’нæцудгæ фæдон, Хæххон адæм фылдæр уарзта йæ удæй. Йæ зæрдæ рыст æфхæрд адæмыл, рыст, Йæ нæргæ хъæлæс азæлыд нæ хæхтæй. Нæ талынг кæмтты рухстауæг фæзылд, Фæндыр ыскодта зæрдæйæн йæ тæгтæй. Йæ бирæвæрсыг курдиатæй у - Сæууон хурау, йæ фарны дзырд мах тавы. Нæ номдзыд хъæбул Елгонайаг у, Йæ кадыл абон Иры дзыллæ зары.
Багаты Никъалайæн Дæу мысынц нæртон лæг, нæ разагъды лæгтæ, Дæ зонды фæндæгтыл цы фæлтæр фæцыд. Дзæнæты фæбадай, сæ зонды æрцардтæ, Ирон дзырды рæзтæн де ’ппæт цард уыд. Æвзагзонынадæн йæ цъуппмæ ысхызтæ, Ды рæзгæ фæлтæрæн цырагъдар уыдтæ. Дæу мысынц, уæздан лæг, дæ фæлмæн ныхæстæ, Æвзагзонынады зæрингуырд ды дæ. Уый амонд у амонд, куы дæ мысой царды, Нæ кадылмард лæгтæ куы кæной дæ кой. Уый амонд у амонд, фæстагæтты зонды, Куы цæра дæ хъуыды, дæ зонды фæллой. Куы рæзой æвзартæ дæ конд хуымы бирæ, Цыкурайы фæрдыг дæ фыст чиныг у. Æвзагзонынадæн йæ цæджындзтæй иу дæ, Æнустæм, гъе ахæм лæг, мысинаг у. ’ ^^ч % 88 *?■
Джусойты Нафииæн Ирон дзырды фарнæн - цырагъдар уæ къона, Дзæнæты фæбада уæ ысхæссæг мад. Таймураз - дæ кæстæр, цы лæггад фæкодта, Поэзийы рухсæн нывонд уыд йæ цард. Ныррухс вæййынц Ирæн йæ кæмттæ дæ номæй, Сæдæ азы сæрты уæнгрогæй нын хиз! Куыд фесæфой мигътæ нæ тохвæллад зæххæй, Дæ удуæлдай фæллой - нæ фарн æмæ ис! Нæ тохвæллад хæстон ныр бацыд йæ кары, Знагæн нæ бауагъта Цæдис сæттын. Куыстхъом дæ! Нæртон дæ! Ирыстон дыл зары, Дзыллæйы номæй дын арфæ кæнын! 07.10.2005 аз
Нафийы сидт Цæуыл тыхсы куырыхон лæг? Цы куры? Цæуыл у цæ, Нæртон лæджы фæдис?! Йæ адæмыл - фыдæвзарæны дуджы, Нæ абоныл, нæ фидæныл - йæ рис. Нæ иудзинад - нæ фидæны сæраппонд, Нæ зондахаст куы скæниккам рæхджы. Нæ иудзинад - нæ Ирыстоны амонд, Гъе уымæ, гъе, нæ куырыхон бæллы. Æмзонд, зæрдæйæ фехъусæм йæ фæдис, Нæ чысыл Иры бахъахъхъæнæм, цæй! Нæ иудзинады фарны тых уыдзæнис, Æндæр фæндагыл ацæуæн нын нæй! 01.08.2014 аз
Шамилæн Йæ 70 азы кадæн Нæ дзыллæйы амондæн судзыс цырагъау, Æвдадзы суадонау, алкæм дæ дзырд. Дæ хъуыды у базырджын, æнæхин - раст фатау, Гъе ахæмтæй фæзæгъынц - адæмы фырт. Дæу хуызæн гуырдтæ Иры зæххыл уæд, Нæ уыдзæн уæд Фыдыуæзæг фыдвæд. Хуыцауæй дын у курдиат лæвæрд, Сæдæ азы, нæхи Шамил, цæрæд. Рæстдзинадыл дæ хъæлæс у нæргæ, Зынгзæрдæ хъæбул удæнцой нæ зоны. Ды фæсивæдæн зондамонæг дæ, Ирыстон дæ йæ цæугæ мæсыг хоны. Ирыстонæн цы хорз уарзы дæ цæст, Уый фæсивæды раст фæндагыл хонын. Нæ фæллад зæххыл макуы уал уæд хæст, Шамилы зæрдæ ахæмæй æз зонын. 25.02.2011 аз
Хаджеты Таимуразæн Дæ гуырæн бон дæуæн у абон, Дæ азты ’мбæрц фæцæр-ма ды. Зæрдæрай, æнæнизæй сæ батон, Дæуæн нæ уыцы хорз фæнды. Зынтыл уæлахиз кæнгæ бирæ, Нæ Иры циндзинæдтыл рай. Æмæ поэзийы æрттивгæ, Сæууон ыстъалыйау куыд уай. Хаджейы байзæттаг кæстæртæ, Йæ ном сæрыстырæй хæссут. Рæсугъдæй батонут уæ азтæ, Лæггад Ирыстонæн кæнут. Фæнды нæ, уалдзæгау рæсугъдæй, Æрвит цъæх арвы бын дæ цард. Дæ цард поэзийæн дæ удæй, Дæттыс æмæ куыд дæттай арт.
«Мах дуджы» 80 азы кадæн «Мах дуг», дæ гуырæн бон абон, Фарны хъуыддæгтæ кæныс. Мадæлон æвзаджы амонд, - Ууыл хъуыддагæй тыхсыс. 'Сдзурын нæ кæныс иронау, Уымæй хуыздæр ма цы уа. Макуы нын лæууай кæронæй, Фарн нæм дæ сыфтæй цæуа. Амоныс махæн ды не ’взаг, Хъуамæ уа мадау зынаргъ. Уый у зæрин мыртæй йе ’дзаг, Стæм дæ иттæг разы мах. «Мах дуг», нæ газет «Рæстдзинад» «Ногдзау» - кæсынхъом сæ уæм. Равдисдзыстæм уæд лæгдзинад, Не ’мдзыллæ адæмты ’хсæн.
Поэты зæрдæ Касаты Батрадзы 50 азы кадæн Дæ чиныг æз райстон мæ къухмæ, Кæсын æй, дæ фæдтыл цæуын. Йæ рæнхъытæ - зæрдæйы тæгтæ, Поэтимæ зонгæ кæнын. Йæ бæлццон дæн, хоны мæ йемæ, Йæ æппæт цард, цæстыты раз. Йæ зынтыл фæриссы мæ зæрдæ, Кæны мын зæрдæбын ныхас. Кæсын æз, кæсын æз - дæ чиныг, У чиныг поэты зæрдæ. У чиныг дæ зæрдæйы рухс зынг, Ды Ирæн - лæггадгæнæг дæ. Уый фестдзæни дугъон нæ зынты, Лæджы сæр куы бахъæуа, уæд. У фидæныл уымæн йæ хъуыды, Æрфæнау зындзæни йæ фæд. Зæгъын ныр, æз демæ дæн зонгæ, Ды дугъон дæ: цины, хъыджы. Поэты фæндиаг нæ дзыллæ, Куы раид хъазуатон куысты.
Уый Иры йæ уды бæрц уарзы, Сабийау - æууæндаг, рæдау. Уый уарзтыл зæрдæбынæй зары, Дæ сæрмæ арв макуы уæд сау. Нæ цинтыл - йæ зæрдæ фæрайы, Нæ зынтæй - зæрдæдзæф кæны. Сыгъдæгзæрдæ адæмыл зары, Мæнгард миты ныхмæ цæуы. 'Пф^у
Фыдыуæзæг Фыдыуæзæг, нæ урс хæхтæ, Хæххон дæттæн сæ зард. Йæ уæлвæзтæ, йæ дæлвæзтæ, Уым бахуды мæм цард. Мæ цæстысыг кæм фемæхсы, Уый у мæ уарзон Нар. Хæлд хæдзæрттæй мæм райхъуысы, Æдзæрæг дæн - æмбар! ’ *Л8фГ* ч
Кучиты Юрæиæн Ихтимæ бацыдтæ тохы, «Арктикæйы» сæргъы, ды. Юрæ, дæ æнтысты фæрцы, Абон дæ ном уый хæссы. Туалгомæй Тибы бæрзæндтæ, Нарон куы уыди йæ мад. Хетæджы фæдон та - Юрæ, Любæ - Дзæнæты фæбад. Фæндаг Цæгатмæ скодтай, Ихцæндты кодтай ды мур. Бирæ хæрзиуджытæ райстай, Ирыстоны номдзыд хъæбул. Абон дæ номыл цыртдзæвæн, Терчы был байгом уыдзæн. Дунейыл хъуыстгонд хъæбулæн, Зарæг йæ номыл нæрдзæн.
^д^ Таутиаты Солæманæн Дæу аккаг ныхæстæ кæй бон у ыссарын, Дæу чи зыдта, уыдон фыссынц. Тæхудиаг уый уыд, дæу чи федта царды, Дæ курдиатыл дистæ кæнынц. Куы дæ хонынц - «сценæйы ’рттивгæ ыстъалы», Куы та дæ - Ирыстоны хур. Дæ арæзт сурæттæ: Хæсанæ, Къостайы... Дæу мысгæйæ зæрдæ ныдцур. Хуыцау дын цы курдиат радта, уый айста, Хæрз цыбыр уыд, оххай, дæ цард. 'Стъалыйы ферттывдау рухс фæд ныууагъта, Дзæнæты, Солæман, фæбад.
Артуд ирон Тæболты Сергейæн Йæ удыл нæ ауæрдгæ размæ, Ирыстоны фарнæн куыста. Куыд бæллыд дыууæ Иры ’сиумæ, - «Гъе афтæ уыдзæни», - дзырдта. Куы сыгъди, куы Хуссар, зындоны, Ды уырдæм фæдисы цыдтæ. Зын фæндæгтыл уыцы фыдбонты, Дæ удæй - цырагъдар уыдтæ. Ды царды бæрзæндтæм ысхызтæ, Сыгъдæгзæрдæ, артуд - ирон. Æгæрон йæ уды лæггæдтæ, Уыд зондæй, æгъдауæй - нæртон. Цы загъдæуа, оххай хъысмæтæн, Æдзардæй фæцыдтæ мæрдтæм. Æмæ ныр нæ зарджыты хуыздæр, Дæ номыл, дæ кадыл кæнæм. Рæсугъд фæд ныууагътай дæ фæстæ, Фыды фарн нæ цæуы мæрдтæм. Дæ хъæбултæ - кадджын фæдонтæ, Хæсдзысты дæ рухс ном дæуæн. Нæ хуыздæрты æмсæр - фæдисон, Ды Ирæн йæ зынтыл рыстæ. Дæ уарзт уыди Ирмæ æгæрон, Йæ разагъды хъæбул уыдтæ. ^ 99 *г
Арфæиы ныхас Реуазты Симæйæн Дæуæн зæгъы стыр хæрзтæ мæ зæрдæ, Нæ ахуыргæнæг, кадджын у дæ ном. О, бирæ сты Ирыстонæн дæ хæрзтæ, Нæ аивады цардимæ æнгом. Дæ бирæ хæрзтæ мах нæ зæрдыл дарæм, Нæ зæрдæтæм ’скодтай ды фæндаг. Дæ кадджын ном фæндыры зæлтæй арæм, Уæздан æмæ зæрдæхæлар - йæ уаг. Куы азæлынц дæ фæндырæн йæ зæлтæ, Ныррухс вæййы нæ Иры зæхх, бæгуы. Æнæнымæц, æнæкæрон дæ хæрзтæ, Нæртон симдæн ’стыр лæггад кæны. Ысдзуры фæндыр минмырон æвзагæй, Раст уалдзæгау нæ зæрдæтæм тæхы. Ирыстонæн лæггад кæны уый рагæй, Аланты зæххы уæлдæфау хъæуы. Фæтых у фæндыр тохмондаг хъæбултыл, Сæ зæрдæтæй хæрам, фыдох фæсур. Дæ фарны хъæлæс айхъуысæд нæ дугыл, Ирон фæндыр, гъе, ахæм зæлтæй сдзур. Æмæ-ма ноджы музыкæйы зæлтау, Куыд уа рæсугъд æппæт адæмы цард. Ыстыр хæрзтæ, стъалыты æмбæрцау, О, ма базон сæдæ азы фæллад. 27.04.1996 03
Валерию Гергиеву Перевод с осетинского И. Гурджибековой Бонварнон смеется в небе. Боли в сердце - словно не было. Целый мир во мне проснулся, И расцвел, и улыбнулся... О Всевышний, как же щедро Ты талант, свой дар священный Дал не зря ему когда-то: К нам вернулся он стократно. Дождь прошел, и даже Терек Бег свой резвый поумерил, Звукам музыки внимая... Торжествуй, земля родная, - Снова сын к тебе вернулся. Мир расцвел и улыбнулся. Солнце в небе высоко. Песня льется далеко.
^^&лё* Иры хъæбул Гергиты Валерийæн Авдæны зарæг дын зарыд Ирыстон, Иры бæрзонд хæхтæй атахтæ дард, Иры нæртон хъæбул - дунейыл хъуыстгонд, Скодтай Ирыстонæн ном æмæ кад. Зæлы симфони курдиаты фæрцы. Аивад басгуыхт - æмдзæгъды бын цагъд. «Уый у мæ хъæбул!» - Ирыстон фæзæгъы, Ахæм хъæбултæ куы радтид ма цард. Диссаг дæ диссаг - цырен артау судзы, Курдиат йæ тæмæны, - калы цæхæр. Размæ дæ фарны цалх тулы ’мæ тулы, Мин азы кад æмæ радимæ цæр! Стахти стъалы Ирыстоны зæххæй, Иры цæугæ мæсыг, - кус нын фæрнæй, Цины хабæрттæ куыд хъуса Кавказæй, Уый охыл гаджидау рауадзæм, цæй!
Мады бон Ирыстоны Мады бон нысан кæны Ирыстон, Мады кой кæмæндæриддæр - цин. Мадыл баст - нæ цин æмæ нæ рыст дæр, Мады хъармæй рафтауæм дидин. О, ныййарæг мад, дæ мидбылхудтæй А - бæстæ ныррухс вæййы, цæмæй Банкъара уый хуры рухс дæ къухтæй, Мин азты цæмæй цæра фæрнæй. Акæсут-ма, мады ’нкъард цæстытæ, Абон махмæ цины ’рттывд кæнынц. - Фесæфæнт ивгъуыд уæззау мæстытæ, - Ног фæлтæры зæрдæтæ зæгъынц. Мады уарзт æгæрон у, æнустæм, Мады рæвдыд - мадæлон æвзаг, Ма хъыг кæн йæ уайдзæфтыл, йæ бустыл, - Мады амынд - амонды хæзна.
Кæмæй у Ирыстон сæрыстыр Айларты Измаилы 90 азырайгуырды бонмæ Дæ ныфсдæттæн хъæлæс цæры ’мæ цæрдзæн. Ирон фарны къæбиц - дæ дзырдты дæуæн. Ирон æвзаг ды мадау уарзыс, Дæттыс ын де ’ппæт тых, дæ зонд. Рæгъмæ цы чингуытæ ды уадзыс, Дæ цард у уыдонæн - нывонд. Кæныс лæггад фыдæлты фарнæн, Æвдыст дæ чингуыты сæ цард. Туалгом та дæуæн дæ авдæн, Хæрыс ды хæхты номæй ард. Ды - рухстауæг, ды - зондамонæг, У ’ргом рæстдзинадыл дæ тох. Нæрдзæн дæ номыл кады зарæг, Ды дæ Ирыстонæн - йæ Хох. Июл, 2014 аз ’ ПфГ*ч ^ 104^-
«Майы фаззон» Хозиты Яковы 100 азы кадæн Хъысмæты уæззау цалх, цæй æгъатыр разынд, Адзалы фæндагыл мыд конд ис, зæгъынц. Нæ урссæр къæдзæхтæй, цы Терчы дон райгуырд, Дæ царды бæллицтæ цыбыр, охх, кæнынц. Дæ фæндтæ дын байста, æмæ дæ фæласта, Дæ цыбыр цард разынд бæркадджын дæуæн. Нæ «сæуусш ’стъалы», Дæбе дæ куы загъта, Гъе ахæм хъæбултæн, нæй царды мæлæн. Къостайы «Ирон фæндыр» сабийæ бауарзтай, Уый хистæрты фæрцы зыдтай. Æрдхæрæны ’нкъарæнтæ хæхтæй ды рахастай, Ды ног цард быдыры уыдтай. Фыццаг поэт - Кировыхъæуæй, Æрыгонæй, оххай, фæхъуыд. Ног дуджы дугъон - нæ Ирæй, Яков - йæ зынгзæрдæ фырт. •к’к’к Зæгъ-ма мын Терчы дон, зæгъ-ма, Дæ зарджытæм-ма дын куыд хъусон. Поэтмæ разындтæ къуырма, Йæ кад, йæ ном та у æнусон! 10.02.2016 аз
Хъулаты Сосланæн Фыды фарн нæ цæуы мæрдтæм, Уый загьтой нæ фыдæлтæ раджы. Дæ хъæбул, Хъуыбады, дæуæн, Йæ лæггæдтæй хъуыстгонд у царды. Дæ куыстуатæн «Баспик», йæ ном. Дæ фæрцы йын бирæ æнтысы. Дæ лæггæдтæн ма уæд кæрон, Дæ хорздзинад зæрдæтæм хизы. Сæдæ азæй фылдæр фæцæр, Нæртонæн нæ зæрдæ куы зæгъы. Дæ кадыл-иу зарæг зæлдзæн, Нæ хуыздæрты æмсæр, Сослан, ды!
Ачеты Аркадииы табæты раз Зарæджы зæлты æвæрд уыд дæ зæрдæ, Курдиаты диссаг - Хуыцауæй лæвæрд. Зарæджы зæлтæм æрыхъуыстой хæхтæ, - Баззад Æрфæнау дæ фæд. Бирæ фыдæбæттæ федтай хъысмæтæй, Хæсты быдыры хæцыдтæ æвзонгæй. Музæйы мыртæ нæ дунемæ хастай, Дæ удæй фылдæр, ды, Иры куы уарзтай Райсом дæ фыртæн йæ гуырæн бон, оххай, Нал бацин кодтай дæ хъæбулыл ды. Оууай, цы фæдæ, цæмæн æй ныууагътай, Ахæм фыдбоныл цы зæрдæ хъæцы?! Тотиты номдзыд Акимы хæрæфырт, Абон Ирыстонæй хицæн кæныс. Рухсаг у, рухсаг! Ныккалди дæ мæсыг, Иры фæллад риуæй абон цæуыс.
Фæстаг фæндараст РЦИ-А.-йы сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланы табæтпыраз Сæ ныфсы мæсыг - дзыллæтæн куы ысдæ, Цыбыр рæстæгмæ бантыст дын дзæвгар. Нæ Ирыстоны фидæныл куы тыхстæ, Ныр Иры сæрмæ арвы цъæх ныттар. Дæ сау уац дын куы фехъуыста Ирыстон, Дæу чи зыдта - зæрдæдзæф дыл кæнынц. Цæуыс, цæуыс æдзардæй, охх, ды абон, Фæстаг хæрзбон дын дзыллæтæ зæгъынц. Куы ныгæна æдзард хъæбул ныййарæг, Цы уа, цы, уымæй, а зæххыл зындæр?! Нæ фæуромынц дуртæ дæр йæ хъарæг, Тамерлан уыд нæ хуыздæрты хуыздæр. 20.02.201баз ^Л^Г^ -^ 108 *г
Тохвæллад зæрингуырд Дзанæгаты Чермены 95 азы райгуырды бонмæ Хæсты быдырæй тохвæллад æрцыд, Хæстон фæндæгтæ уадысты йæ цæстыл. Йæ æмбæлттæй уым бирæтæ фæхъуыд, Адзалы бонмæ дардта сæ йæ зæрдыл. Йæ уды рухсæй адæмæн уыд хай, Куырыхон лæг, куысты уыдис фæзминаг. Рæстзæрдæ уд, ды рухсхæссæг куы уай, Уыдзынæ уæд ды зæрдæйы рæбинаг. «Хъыджы бæлас» - æгæрон зын - тæхуды... Зауырбеджы конд - уым æвдыст нæ рис. Фыды фарн, дам, мæрдтæм, зæгъынц, нæ цæуы, Фыды фарнæй, дæ фæдонтæн хай ис. Дзæнæты бад, нæ тохвæллад зæрингуырд, Фыдохæй та æппæт дзыллæ уæд хызт. Уыдтæ,Чермен, Ирыстонæн нæртон гуырд, Дæ курдиат - æгас дунейыл хъуыст. 06.11.2015 аз
&^^ Соттиты Риммæйæн 80 азы кадæн Ды рухстауæг, фыдæлты фарн хæссыс, Æнтысы дын, æнтысæд ма дын бирæ. Дæ адæмæн ыстыр лæггад кæныс, Хæстæй та - æгæрон рыст дæ зæрдæ. Дæ гуырæн бон дæ æфсымæр фæмард, Фæхаста дын йæ ингæнмæ дæ цинтæ. Ды уыцы бон вæййыс, вæййыс æнкъард, Хæсты азарæй у хъæдгом дæ зæрдæ. Цоцкойы фæдон - стыр лæггад кæныс, Дæ бæллицтæ куыд фенай ды дæ цæстæй. Дæ сæдæ азы ауæдзмæ ысхиз, Æмæ куыд зæлой цины зæлтæ Ирæй.
Бпхиты Мишайæн Йæ 100 азы райгуырды бонмæ Фæллад хæстон, цы хъизæмæрттæ федтай, Ды разындтæ æнæфæцудгæ хох. Рухстауæгæй къорд азы фæкуыстай, Нæ уыдзынæ фæстагæттæй ды рох. Дæ ахуырдзаутæ уарзынц дæ куыд бирæ, Фæлварæнты дæр разындтæ хъæддых. Æнæнымæц, æнæнымæц - дæ хæрзтæ, Ды рухстауæг, лæвæрдтай нын дæ тых. Зæрдæрай у Ирыстоны кæстæртæй, Уæздан, быхсон - гъе ахæм у Миша. Ныллæг, ныллæг дын кувæм мах нæ сæртæй, Дæ фæндиаг - æгас дуне куыд уа! 30.12.2019 аз ’ *\ф>/<^
Хацырты Æнзорæн Цæргæсты хохмæ бирæтау ысхызтæ, Ды фæсивæдæн амыдтай фæндаг. О, аивад! Æгæрон ын дæ хæрзтæ, Зæрдæбынæй йын кодтай ды лæггад. Дунескæнæг дын бирæ хæрзтæ радта, Ды зондæй, кондæй - алцæмæй - æххæст. Дæ зæрдæ та дын зарæгимæ сбаста, Æрдзон хæрзтæ дын бауарзта йæ цæст. Цæуыс, Æнзор, нæ фæллад Ирæй абон, Зын уромæн у ахæм бон цæссыг. Ды - къабæзтæн, ды - Иры зæххæн - уарзон, Дзæнæты бад, æгæрон у нæ хъыг!.. 8.10.2006 аз ^112^
/Ертæ рдхорды Бокоты Хазби, Къаболаты Солтан, Хæуытаты Къостайæн Æртæ ’рдхорды - Ирыстоны цæргæстæ, Хъæдгæронæн - разагъды лæгтæ. Æртæ ’рдхорды - Ирыстоны хъæбултæ, Нæ бæстæн сты - кадхæссæг фырттæ. Æрдхорддзинад нæ зæххыл уæд уæлахиз, Нæ кæстæртæ сымах кæнæнт фæзмгæ. Мæнгард хæлæрттæй ’гас дунейы бахиз, Кæд нал кæниккой мадæлтæ кæугæ. Дунескæнæг! Сымах хуызæн хистæртæ, Нæ Ирыстонæн - бауарзæд дæ цæст. Куыстхъом, нæртон, сыгъдæгзæрдæ бабатæн, Сæ бæллицтæ куыд æрцæуой æххæст! 22.07.2012 аз
Къаболаты Солтанæн Йæ 70 азы бонмæ У арвы риу дæ хъаруйæн æвдисæн, Нæ Иры фарныл фарн æфтауæг дæ. Дунескæнæг! 'Саккаг кæн нæ бæстæн, Солтаны хуызæн арфæйаг фырттæ. Ды Хъæдгæроны зæххы риуæй стахтæ, Ыстъалытæм - æфсæн риуыл нæргæ. Фыдыуæзæгæн бафыстай йæ хæрзтæ, Фыдæлты къона, рухсгæнæг гуырд дæ. Æфсæддон тæхæг, суæвынмæ бæллыдтæ, Дæхи йæм кодтай тынг рагæй цæттæ. Ды, зæлтæй тагъддæр хæдтæхджытыл тахтæ, Нæ бæстæйæн йæ разагъды фырт дæ. Фыдыуæзæгыл не ’сивтай дæ зæрдæ, Иæ зын бонты - йæ фæдисмæ цæттæ. Дыууæ ’рдыгæй куы лæбурдтой сыхæгтæ, Нæртон лæгау - фыццæгтимæ уыдтæ. Тамусяимæ бафсæдут цæрынæй, Уæ кæстæртæ та авд-авды куыд уой. Нæртон баба куыд бафсæда сæ уындæй, Цъæх арвы бын зæрдæрайæ цæрой. Куыстуарзон лæг, уæздан æмæ хъæбатыр, Нæ инæлар, нæ хуыздæрты хуыздæр. Куыд-ма бафта æвдай азы дæ азтыл, Æнæнизæй, зæрдæрухсæй фæцæр. 10.08.2005 аз ^ 114 &т-
Дæу Иры дзыллæ мысынц Хуырымты Уырызмæгæн Дæ цард уыд сценæимæ баст, Дæ æрдзон курдиат, бæгуы. Æгæрон дзыллæтæн сæ уарзт, Дæ рухс ном зæрдæты цæры. Æдзардæй ацыдтæ мæрдтæм, Ды, аивады ’рттивгæ стъалы. Дæу мысгæ а зæххыл цæуæм, Дæ сурæт цæстытыл фæуайы. Бибо, Валодя, Федя, охх, Сымах мысгæйæ мах куы цæрæм. Нæ уыдзыстут нæ, махæй рох, Уæ кадыл зарджытæ куы кæнæм. Аивады буц хъæбултæ, Нæ мысинæгты ныр цæрут. Сценæйæн йæ цæугæ хуртæ, Æнустæм - мысинаг ыстут. 21.10.2013 аз
Заманхъулы рæгьтæ æнæ дæу æнкъард Чеджемты Æхсары мысгæйæ Дæ зарджытæм цæссыг калгæйæ хъусæм, Зæрдæйы тæгтæй уыдон ысты фыст. Нæхи Æхсар, куыд тынг дæ мысæм, Нæ Иры зынтæй уыд дæ зæрдæ рыст. Нæ сабидуг: кæм рæзыдыстæм иумæ, Нæ сабидуг: хæстарыд зæхх - фæллад. Ыскъоламæ кæм уадыстæм дæуимæ, Уым Иры зæхх, дæу мысгæйæ - æнкъард. Æцæг поэт мæлдзыджы улæфт хъусы, Нæ зæрдæты рыст ’нкъардзынæ мæрдты. Поэзийæн йæ хъулон уарзт Æхсар, ды, Æнæмæлгæ дæ зарджытæ ысты. Згъорынц азтæ, цард кæны цыбырдæр, Рæстæджы цыдæн бауромæн нæй. Нæма нæ уырны, нал уыдзынæ не ’хсæн, Сæрыстыр ыстæм мах, Чегем, дæуæй. Дæ зарджытæ дын Иры дзыллæ зары, Дæ нæртон ном дæ фыстыты цæрдзæн. Заманхъулæй уæлæрвтæм стахт ’стъалы, Хуыцауæй лæвæрд курдиат дæуæн. 16.04.2010 аз ^ 116 ^
Рухстауæг Хозиты Барисы 60 азы кадæн Бирæ фæрнæйдзаг хъуыдцæгтæ, Дæ удæй, дæ зондæй цæуы. Ирæн, ды кадгæнæг лæг дæ, Уый фæсивæд размæ кæны. Бантыст дын, бантысæд бирæ, Цъæх арвы бын - цардæй æфсæст. Макуы фæриссæд дæ зæрдæ, Уарзы дæуæн уый мæ цæст. Рухстауæг, рухсхæссæг нын дæ, Фыды фарнæй хайджын фæдæ. Макуы фен кæстæрты зынтæ, Ды - арфæты аккаг нын дæ. 01.11.2016 аз
ы=*>^^ Хозиты Барисæн Йæ 60 азы кадæн Бæрнон хæс дæуыл ис æвæрд, Рæсугъдæй зыны йыл дæ фæд Æмæ-ма дын бантысæд бирæ. Дæ ныхасы фарны тых ис, Куыд нал кæной адæм фæдис, Ды, фæсивæд размæ кæнæг дæ. Æвзагзонынады къæбиц, Нæртоны ном æвæрд дыл ис, Ды - кæстæртæн зонды цырагъ дæ. Ды - хæхтæн сæ разагъды фырт, У арфæты аккаг дæ дзырд, Уæ куыстуат - Ирыстоны зæрдæ. Æфты дын - æфтæд дын фылдæр, Сæдæ азы æнæнизæй цæр, Нæ æвзаджы рæзтæн - дæ хæрзтæ. Фыдæлты фарн размæ хæссыс, Уырдыгыстæг уымæн лæууыс, Ирыстонæн - уарзон хъæбул дæ! 28.01.2016 аз
Фыдæлты фарнхæссæг Дауыраты Зæлинæйæн Фыдæлты фарнхæссæг дæ ды, Бантысæд ма дын фылдæр. Дæ зонындзинæдты фæрцы Ды - нæ хуыздæрты æмсæр! Дæ зонындзинæдтæ дæттыс Кæстæртæн - зæрдæйæ ды. Нæртон уды лæггад кæныс, Де ’рмдзæф циндзинад хæссы. У зонындзинæдты къæбиц - Чиныг - рацыди дæуæн. Дæ циныл цингæнджытæ ис, Арфæ, арфæ дын кæнæм. 11.09.2016 аз
Дæ нæргæ хъæлæс Зарæггæнæг Челдыты Вадижæн Зарæджы зæлтимæ баст у дæ зæрдæ, Дзыллæтæм цинад хæссыс. Куы азæлы зарæг, ныррухс вæййы бæстæ, Тарыл уæлахиз кæныс. Хъусынæй не ’фсæдын, уымæн йæ зæлтæм, Базырджын фестын, цыма. Зарæджы базыртыл стæхын уæларвмæ, Уымæй рæсугъддæр, цы уа. Райхæлы уарди дæ хъæлæсы зæлтæм, Зарæг - дæ уацары æз. Зарæг - кæлæнгæнæг, зæл нын æнустæм, Дзыллæтæн циндзинад хæсс! 13.12.2013 аз
Æнæцудгæ Иры хъæбул Плиты Таймуразы 80 азы бонмæ Дæ зæрдæйы тæгтæй дæ хæхтимæ баст, Æгæрон у хæхтæм, Таймураз, дæ уарзт. Дæ хуызæн хъæбултæ куы уаид фылдæр, Æвыдæй, рæвдыдæй нын бирæ фæцæр. Рæстдзинадыл дзурыс - дæ цард ын нывонд, Фыдæлты уæзæг дæм æвæрд у бæрзонд. Нæ истори зоныс, кæныс ын лæггад, Дæ бæллицтæн царды уæд сомбон сæ рад. Рæстдзинады дугьон, нæ зоныс æнцой, Лæгдзинад æвдисæг - дæ зонды фæллой. Зындзинæдты сæрты вæййыс ды быхсон, Рæстдзинадыл тохы, вæййыс ды - нæртон. 01.10.2015 аз
Арфæйы ныхас Дзасохты Алыксандрæн Бæгуы, бæрнон хæс и дæуыл, Æмæ йæ фарнимæ куыд хæссай. Нæ бæсты минæвар зæххыл - Сæрибары тынтæ куыд тауай. Дæ ном, нæртон лæгау, зæххыл, Куыд айхъуыса æнус-æнусты. Ирыстоны хъæбул, уæд дыл, Куыд кæной дун-дунейыл дистæ. Цы хорз нæ хъæуы мах дæуæй - Фæнды нæ адæмтимæ иумæ, Цъæх арвы бын цæрын фæрнæй, Æрхонæм дзыллæты нæ зиумæ. Дæ дзырды фарн куыд уа зынты, Фыдох, фыдзаманты - æгъуыстаг. Цæмæй сæрибары тынтæ, Цæхæртæ акалой, æвзистау. --игщррчг- ^ 122 ^
Фыды фарн Дзанайты Хадзымæтæн - философон æмæ экономикон наукæты докторæн Фыды фарн нæ цæуы мæрдтæм, Уый раджы нæ фыдæлтæ загътой. Дæ зонадон лæггад дæуæн, Ныр абон дæнцæгæн æрхастой. Дæ наукон куыст у дæуæн - Дыууæ хуызы бантыст дын бирæ. Дæуæй мах - нæртон гуырд, зæгъæм, Ды ахуыры бæрзæндтæм схызтæ! Дунескæнæг, раттæд фылдæр Дæу хуызæн кæстæртæ нæ Ирæн. Æнусæй фылдæр нын фæцæр, Уæд абонæй рухсдæр нæ фидæн! 19.08.2012 аз
Къадзаты Станиславæн Нæ фыдæлты уæзæг, Æрхоны хъæу уыд, Сидзæр у махау, тæхуды. Куы скæниккам иумæ æрхойнæгтæ куывд, Зæрдæ, гъе, уымæ куы бæллы. Сты ’рвадæлтæ: Къадзатæ, Цогой, Æлбор. Лазартæ - уыдон дæр махæй. Нæ иумæйаг куывдæн, куы байтауин хор, Уымæ куы бæллын æз рагæй. Æрдхæрæны хъæбул - æрдхæрæны фырт, Уарзон дæ, Ирæн зынаргъ дæ. Нæ зæрдæтæ агайы д ’арфæйаг дзырд, Кировы суадæттæй хаст дæ. Уæздандæр, фырнымдцæр дæхицæй кæм и, Айс ды - нæ зæрдиаг арфæ. Нæ зæлты «чиныджы» дæ лæггæдтæ и, Радио - йемæ куыд баст дæ! У сидзæрæн сидзæр, уæлдай тынг зынаргъ, Ноджы-ма, тиу дæр куы вæййы. Поэзийы хъæбул, дæ фæндаг уæд даргъ, Уый дын нæ зæрдæ куы зæгъы.
Амонды базыртыл Цогойты-Гуырдзыбегты Иринæйæн Ды дæ Иринæ, хæхты ’рттивгæ стъалы, Фыдæй-чызгмæ у фарнхæссæг уæ зард. Уæ зарджытæ уын Иры дзыллæ зары, Æнусты сæрты хиздзæни уæ кад. «Ирон вальсæн» йæ кæлæнгæнæг зæлтæм, Куы фæхъусын, рæсугъддæр-ма цы уа! Йæ уацары ыстæхын, цыма хæхтæм, Уый амонд у, уæларвон тых куы уа. Дæ хуыздæр зарæг мадыл у, Иринæ, Йæ хуры-хуртæй бафсæдæт, Æна. Фæцæрæд-ма, æнæнизæй уый бирæ, Нæ Иры зæхх, уæ фæндиаг куыд уа. Гуырдзыбегтæн - сæ дидинæг æрттивы, Уый Цогойтæн, сæ номхæссæны чындз. Нæ Ирыстон, уæ зарджытæ куы зары, Дæуæй, Иринæ, - хæхты чызг, зæгъынц. * ъ^щу*ч
Иры чызг Годжыцаты Изольдæйæн Фæрнæйдзаг куыст кæныс Изольдæ, Дæ ном æгас дунейыл хъуыст. Куыд-ма дын бантыса куыд, бирæ, Дæ царды мауал бавзар рыст. Дæ хуыд дарæс - Аланты симды, Дæ хуыд дарæс - чындздзоныл конд - Аланты удыхъæд æвдисы. Хæссыс ирондзинад бæрзонд. Фыдæлты фарнхæссæг - Изольдæ, Дæ куыстуат райрæзти - бæгуы. Кæнынц дын Иры адæм арфæ, Сæрыстыр туалгом дæ ысты! 10.08.2012 аз ^ 126 ^
Ирон къаба Ирон дарæсы Зилахары фæзы, Цы у сæ разы дидинæгджын фæз?! Сæ аивдзинад дисы нæ æфтауы, Нæ ирондзинад дугты сæрты хæсс. Чындздзоны астæу камари рон ’лвасы, Цыллæ кæлмæрзæн худы уæлæ конд. Йæ риуыгънæгтыл хуры тынтæ хъазы, Ирон орнамент разгæмттæн - нывонд. Нæ ирон симдмæ ’гас дуне æркæсы, Фæндыры зæлты аивад - бæгуы. Фыдæлты фарн, зæгъынц, мæрдтæм нæ цæуы, Уæларвон тыхтæй равзæргæ ысты. Ирон дзаума - нæ рагфыдæлты дарæс, Изольдæйы хуыд разгæмттæ, бæгуы. Нæ Зилахары симды фæзмæ акæс, Изольдæйы хуыд дарæс сыл вæййы. Цыллæ кæлмæрзæн риуы ’гънæгтыл рхауы, Чындздзон чызгæн - уый худы уæлæ конд. Ирон орнамент - дугты сæрты ’рхизы, Ирон дарæс - фыдæлтæм уыд бæрзонд.
Арфæиы аккаг цард Гуыцмæзты Аннæйæн Зонады фæндагыл сабиты акæныс, Æгæрон дæ уды лæггад. Рухстауæг, рухстауæг зæрдæты баззайыс, Царды бæрзонд у дæ кад. Диссаг дæ диссаг, дæ удыл нæ ауæрдыс, Цалæн ды раттыс фæндаг. Сабиты хъуыдыты зонды тых бауадзыс, Арфæйы аккаг дæ цард. Кæстæрты фæндиаг, уыдон дæ фæндиаг, Ма фенут царды зынтæ. Бузныг дын бузныг, ды махæн нæ зæрдиаг, Зон æй, нæ дыккаг мад дæ.
Курдиат Адæмон артисткæ - Хуыгаты Валерияйæн Куыд ног тала йæхи ивазы хурмæ, Гъе, ахæм тых мæ зæрдæйæн дæттыс. Ды рагбонтæ æрбахоныс мæ цурмæ, Куы денджызау, мæн уылæнтыл хæссыс. Хæххон донау, сыгъдæг вæййы йæ гуырæн, Нæ зæрдæтæм рæсугъд монцтæ хæссыс. О курдиат! Куыд уæлдæф дæ мæ удæн, Æвдадзы хосау ды мæнæн вæййыс. Дæу айхъуыстон, - ныррухс мыл вæййы бæстæ Дæ дзыхы дзырдты уалдзыгон тых ис. Фæхъусын дæм - йæ уацары мæ зæрдæ, Æрбайсафыс мæ сагъæстæ, мæ рис. О курдиат! Мæ зæрдæйы ныххызтæ, Дæ дзыхы дзырд у зарæгау, бæгуы. Зæрдæрайæ куыд хъуса дæм нæ дзыллæ, Уæлдай хæрзтæ нæ Ирæн мæн фæнды.
Арфæтæ Уæрæсейы æжæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт скулъптор Дзбойты Михалæн Нæ Ирыстоны хуыздæрты æмсæр дæ, Дæ æппæт цард у аивадыл баст. Дæ зондахаст, дæ хъуыдытæй нæртон дæ, Ирыстонмæ - æгæрон у дæ уарзт! Къостайы мады цыртдзæвæн кæнæг дæ, Йæ æрцыдмæ, æвыдæй Ир цæрæд. Ирыстонæн йæ разагъды хъæбул дæ, У аивады - тынг рæсугъд дæ фæд! Дæ къаимæ сæдæ азы фæцæрут, Бæркадкъух æфсин, уымæн у йæ ном. Уæздандзинад кæрæдзийæн æвдисут, Уæ удты хæрзтæн макуы уæд кæрон. 12.04.2012 аз
Гæздæнты Булатæн Фæндыр - зæринзæл - Хуыцауæй лæвæрд, Дзыллæты бафтауы дисы. Райс-ма дæ фæндыр, нæртон гуырд, æрцæгъд, Уымæй рæсугъддæр цы ис, цы?! Фæндыры тæнтау ысулæфон, цæй... Мæргътимæ стæхон уæларвмæ. Иры Ацæмæз, æмбал дын куы нæй! Мæйы чызг райхъал дæ цагъдмæ. Саузæрдæ Яго дæ цагъдмæ къуырма, Фæндыры зæлтæ йæ марынц. Райхæлди дидин дæ цагъдмæ, кæс-ма, Цъитиджын хæхтæ дын кувынц. Къæвда æрæнцад дæ цагъдмæ, кæс-ма, Галæгон демæ куы зары. Арвæрдын арвыл - рæсугъддæр цы уа, Хуры фырт уый роныл кафы. Райс-ма, нæртон гуырд, дæ фæндыр, цæмæй Яго йæ митыл æрхуда. Дзыллæтæ фервæзой царды зынтæй, Тохы фæз - симды фæз феста! 28.03.1997 аз 4 *\цр/*ч ■^ 131 *г
Кæсыс ды æмдзæвгæ Дæ къухмæ ды райстай æмдзæвгæ, Уый у поэты зæрдæ. Йæ рæнхъытæ зæрдæйы тæгтæ, Цин æмæ масты фæдтæ. Æргомæй уый дзуры дæуимæ, Уый фысым, йæ уазæг та ды. Дæу хоны йæ уды бæркадмæ, Æмæ дын дзы хай уый кæны. Кæсыс æй, йæ циныл дæ цин у, Кæсыс æй, йæ зынтыл тыхсыс. Поэтæн уый амонды рухс у, Поэты зæрдæ дзы уыныс.
Фыццæгæм сентябрь Акæсут-ма, акæсут, Дисыл дис куыд нæ кæнут, Дидинджытыл разади къæхтæ. Чи нанаимæ цæуы, Чи бабаимæ тындзы, Уайынц, уайынц- ахуырмæ цæттæ. Байрæзут нын, байрæзут! Хуыздæрты-иу бафæзмут! Макуы уæд уæ фæндагыл цæлхдур! Згъорынц, згъорынц диссæгтæ, Дидинджытыл ’рзад къæхтæ, Стъалыты æмбæрц уæ тавæд хур. Уайынц, уайынц уардитæ, Уайынц, уайынц сабитæ, Рухсдæр фидæн аразæг куыд уат! Хуры тынтæй бафсæдут, Амондджынæй байрæзут, Царды хæрзтæй дзаг куыд уа уæ цард! 4 *>йф**ч ■^ 133 ^
Сæлбиты Ирæйæн 13-æм скъолайы директорæн Бæрнон хæс и æвæрд дæуыл Æмæ йæ фарнимæ куыд хæссай. Нæ рыст, нæ тохвæллад зæххыл, - Æвыдæй дзыллæты куыд уынай. Зынтыл уæлахиз кæнгæ ды, Дæ хъаруйыл, хъару куыд æфта. Нæ цæст дын уыцы хорз зæгъы, Ирон дзырд - фарнимæ куыд рæза. Ды ахуырдзаутæн дæ, куыд мад, Дæ бæллицц - арфæйаг цæмæй уа. Костайы скъолайæн йæ кад, - Бæрзонддæр фидæны куыд кæна.
Бæгъиаты Федырæн 80 азы кадæн Нæ зынаргъ фыд, Дæ буц рæвдыд, Дæ кæстæртæй нæу рох. Дæ уды сконд, Куырыхон зонд, Ды дæ нæ цæугæ хох. Дæ æппæт цард, Дæ нæргæ кад, Нæртоны ном хæссыс. Ды рухсадæн Йæ бæрзæндтæм, Рæзгæ фæлтæр кæныс. Дæ фæндиаг, Нæ цардвæндаг, У кæстæртыл дæ мæт. Дунескæнæг, Нæ рухстауæг, Сæдæ азы цæрæд! 0б.06.2011аз
Мæхъиты Розæйæн 13-æм скъолайы ахуыргæнæг Мадæлон ’взагæн дæ цард у нывонд, Дæттыс ын дæ хъару, дæ тыхтæ. Амоныс, домыс дæ уды ысконд, Махæн зынаргъ дæ, нæ зæрдæ. Ахуыргæнæгæн бæрзонд у йæ кад, Уарзæм уæ уарзæм мах бирæ. Æгæрон уæ зонды, уæ уды лæггад, Айсут нæ зæрдиаг арфæ. Не скъолайы кадджын ном фарнимæ хæссут, Кад æмæ нын радимæ бирæ азты цæрут! у*чф^ ^ 136 5?
Бекъойты Аллæйæн 13-æм скъолайы ахуыргæнæгæн Раст цыма махæн дæ мад, Ахæм равдыд дæ цæуы. Мах та дæ зонды лæггад, Рухсдæр нæ фидæн кæны. Аллæ, Хъасболаты чызг, Ма бавзар царды зынтæ. Судзæд дæ зæрдæйы зынг, Мадау зынаргъ нын ды дæ. ’ ЪЩЪ/* ч
Æрмдæсныиад Танделаты Розæйæн Нæ фыдæлты ’рмдæсныйад Амоныс ды кæстæртæн. Уæ куыстытæн - ыстыр кад Конкурсты уæлахизтæн. Лыстæг æлвыст уæ æндæхтæ, Телтæй быд уæ дзаумæттæ, Къуымбилæй конд та - гауызтæ, Дистæ кæнынц дзыллæтæ. Дæ æрмадзы гыкъынатæн, Сæ фæлыст дæр уæхи куыст у: Кæлмæрзæнтæ æмæ цухъатæн. «Ирон фынг» дæр уæхи конд у.
Танделон Розæиæн Дæ «Талатыл», ды хи мадау куы узæлыс, Æрхæссыс сын нæ ивгъуыд бонтæй рухс. - Нæ Иры сомбон! - цы сабитæй фæзæгъыс, Уæд амондджын! Сæ хорздзинад сын хъус! ^гй^
Дзырдаивады фарнæн Дзугаты-Мурасты Рижмæйæн - Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæгæн Ирыстонæн, чиныгдонæн - Ды кæныс лæггад. Нæй кæрон дæ уды хæрзтæн, Арфæйаг дæ цард! Зонады фæндæгтæм хоныс, Фæсивæды ды. Зæрдæтæм фæндаг ссарыс, Зонады фæрцы. Рухсæй-рухсдæр уæд дæ фидæн, Бирæ нын фæцæр! Зоныс аргъ кæнын дæхицæн, Мурасты хуыздæр. Дзугатæн сæ хъулон уарзт дæ - Чындзыты хуыздæр. Фау дæм, зонын, ничи ’рхæсдзæн - Хуыздæрты æмсæр. 27.05.2020 аз
Аивады базыртыл Чеджемты Ирæйæн Ды зондæй уа, кондæй - æппæтæй æххæст дæ, Дæ æрмдзæф рæсугъдæй зыны. Дæ хъæлæсмæ хъусгæ - ныррухс вæййы бæстæ, Зарæг дын цинад хæссы! Ды аивад уарзыс - бирæ дæ лæггæдтæ, Де ’ппæт цард уыимæ баст. Бантысæд ма дын дæ æрмадзы тынг бирæ, Аивад рухс кæны цард! Æрдзы рæсугъд нывтæ де ’рмадзы тынг бирæ, Райы сæ фæлыстæй цæст. Аивад! Аивад! - рухс кæны зæрдæтæ! Ирæ - æппæтæй æххæст! Хъæбулты хъæбултæй, райгонд дæ зæрдæ, Байрæзæнт - цардæй æфсæст. 'Згъорæнт дæ уадултыл цины цæссыгтæ, Уарзы дын, уый дæр мæ цæст! ’ пф>/*ч
Арфæиаг Ирæн дæ дзырд Дзасохты Музаферæн Байрæзтæ бирæтау сидзæры къæбæртæй, Нал æрцыд хæстæй дæ фыд. Сидзæр та сидзæры фембары иу дзырдæй, Сидзæр - зæрдæхалæн дзырд. Бирæ зындзинæдтæ федтай фыдмæ бæлгæ, Уый дын нæ лæвæрдта æнцой. Кад æмæ радимæ Ирæн ды басгуыхтæ, Айхъуысти дардыл дæ кой. Æнæ мад, æнæ фыдæй, оххай, дæ зын бонтæ, Уымæй уæнт сабитæ хызт. Аудыс кæстæртыл, рухс уæнт сæ фæндæгтæ, Макуы уæнт уыдон нын рыст. Бирæ сты бирæ ныр Ирæн дæ лæггæдтæ, «Ногдзау» - дæ фæрнæйдзаг куыст. Байхъус-ма, сабитæ зарынц дæ зарджытæ, Арфæйаг Ирæн дæ дзырд. 2003 аз
Аивад - йæ цард Гасынты Жоржы 70 азы юбилейы фæдыл Зарæг, нæртон зарæг - хæхты зæлы, Зарæджы базыртыл зæрдæ тæхы. Нывгæнæг - æрдзимæ баст у дæ цард, Бирæ азты ма нын зæлæд дæ зард. Кафæджы, зарæджы курдиат дæм ис, Иры дзыллæтæ фæкæнынц дыл дис. Бирæ азты ма фæкæн ды лæггад, Арфæйы аккаг - дæуæн у дæ цард. Иры нæртон симды аив дæ фезмæлд, Ды зарæджы зæлтимæ сбастай дæ цард. Цогойты номæй дын арфæ куы кæнын, Хæрæфырты хъæбул - нæртон дæ, зæгъын. Аивад уарзыс дæ удæй фылдæр, Бирæ азты ма уæнгрогæй фæцæр. Аивад! Аивад! - Рухс кæны цард, Макуы нын базон дæ царды фæллад! ’ *\цр/*ч -ч» 143^-
Хуыцауæи лæвæрд курдиат Ирыстоны фыццаг эстрадон кгьорд саразæг Гокинаты Игоры 80 азы кадæн Сценæйæн йæ фидыц ды уыдтæ, Баззадтæ нæ зæрдæты цæргæ. Бирæвæрсыг курдиаты - сыгътæ, Хуыцауæй лæвæрд курдиат - нæргæ. Бамынæг и булæмæргъы зард, Аскъуыди æрыгонæй дæ цард. Аивады фыццæгтимæ - ды, Мысæм дæ, нæ цæстысыг - кæлы. 10.08.2015 аз
Ахуыргæнæг Ахуыргæнæг! Бирæ сты дæ хæрзтæ, Дидинæгау махæн у дæ ном. Сабитæн ныййарæгау зынаргъ дæ, Зæрдæты дын арф бынат и, зон. Аудыс, нæ ауæрдыс дæ тыхтыл, Арфæйаг у ацы ном, бæгуы. Азæй-азмæ мах кæныс дæ фæдыл, Разыныс цæй фæразон, зынты. Ахуыргæнæг! О, фæлæ фыццагæн, А дунеты ферохгæнæн нæй. Уалдзæгау - нæ хъуыдыты, ды, махæн, Бирæ цæрай а зæххыл фæрнæй. Цас ногдзинад базонæм дæ фæрцы, Царды бындар арæзт у дæуæй. Дæсныйæдтæм фæндаг ис дæу фæрцы, Мады фæстæ кадджындæр ном нæй. Мах дзыккутæ халасгъуыз ысвæййынц, О, уæддæр, куы сæмбæлæм дæуыл, Сабийау æфсæрмы дæ фæкæнынц Ахуыргæнæг, Рухстауæг - зæххыл. -^145^-
«Ирон» Гасситы Муратæн Айс нын нæ арфæтæ, Ирæн йæ зæрдæ дæ. Цардмæ ды цинад хæссыс. Ирæн йæ «Ирон» дæ, Æгæрон дæ лæггæдтæ, Макуы нын макуы фæрисс. Цины цæссыгтæ нын, Мадæн йæ уадултыл, О, Хуыцау! Арæх кæлæнт. Иры нæртон хъæбул! Ды дæ - нæ цæугæ хур, Алкæд - уæлахиз кæнæд!
Ирыстоны булæмæргъ Суанты Кимæн Фæзæгъынц, булæмæргъ нæ мæлы, Фæзæгъынц, булæмæргъ цæры... Уæд хæхтæй ставд цæссыг цы кæлы?! Уый Ирæй булæмæргъ цæуы... «Мæ Иры фæсивæд» дæу хуызæн, Зæгъут-ма, чи ныззардзæн, чи?! Уыдтæ ды хъулон уарзт нæ Ирæн, Адзалæн та мадзал кæм и. Цæуыс ныр, охх, æмæ дæу мысгæ, Ныр зарджыты уыдзæн дæ цард. Æнус-æнустæм нын йæ зæлтæй, Кæндзынæ булæмæргъ лæггад... Цæуыс нæ фæллад Ирæй абон, Дæ иунæг баззадис кæугæ... Ныййарæджы цæссыгты суадон, Дæ зæрдæ агайдзæн, фæлæ...
Суанты Станиславæн Йæ 70 азы боны кадæн Ирон лæджы ном кадимæ хæссыс, Хæстон фæндæгтыл удуæлдай дæ тох. Сабырдзинады сæрвæлтау хæцыс, Хæсткъахджытæн - аккаг ныхкъуырд дæттыс. Уæлдæр къæпхæнтæм ахуыры цыдтæ, Нæртон хъару, зонды тых дæумæ. Ды ныр инæлар-булкъон дæр ысдæ, Æгæрон уарзт нæ дзыллæйæн - дæумæ. Сæдæ азы æвыдæй ды фæцæр, Нæ инæлар, нæ разагъдты æмсæр! Фыды фарн, дам, нæ цæуы нæ мæрдтæм, Дæ номыл Иры зарджытæ кæнæм. 21.08.2019 аз
Экологи æмæ туризмы цырагъдар Географийы наукæты доктор, ЦИПУ-йы профессор Беруаты Барисы 70 азы кадæн Нæ дарæг зæхх хъæбулау уарзыс, Йæ цин - дæ цин, йæ зын - дæ зын. Рæгъмæ цы чингуытæ ды уадзыс, - Ысты нæртон хъæбулы хуын. Рæсугъд æвзагæй фыст рæнхъыты, Фыссæджы къухвæд дæр зыны. Бынат дын адæмы зæрдæты, Дæ зонд, дæ хъаруйы фæрцы. Ды бирæ бæстæтыл æрзылдтæ, Цæгатæй-Хуссармæ, зæгъай. Туристон фæндæгтыл фæцыдтæ, - Памиры хурыскаст уыдтай. Дæ бæллиц бафтыдис дæ къухы, Кæныс Ирыстонæн лæггад. Нæртон зын фæндæгтыл нæ цуды, - Фæзминаг, арфæйаг дæ цард. 15.12.2006 аз ’ *\ф/* Ч ^ 149 &?-
Æрдзон курдиатæй хайджын Гаглойты Рутенæн Хуыцауæй лæвæрд курдиат, бæгуы, Тæхудиаджы хъæбул уыдтæ Ирæн. Йæ хорз хъуыддæгтæ Иры зæхх мысы, Цæрынц æмæ сын царды уыдзæн фидæн. Æнкъараг зæрдæ æрдзимæ уыд баст, Парахат уыд йæ зæрдæ та, раст æрдзау. Театры, дам, диссаг уыд йæ хъазт, Йæ конд, йæ уындæй - аргъæуттæй цæуæгау. Дыууæ Ирæн сæ баиумæ бæллыд, Йæ зонд, йæ хъару сарæзта уый уырдæм. Уый Хуссарæй-Зæрæмæгмæ фæндыд Æдас фæндаг, куыд акъæртт кæной Ирæн. Къостайы хæдзар заууатмæ куы ’рцыд, Фæсидт Рутен, Ирыстоны хъæбултæм. Цыбыр рæстæгмæ цалцæггонд æрцыд, Æмæ йæ зæрдæ нал æхсайдта уырдæм. Уарзон хъæбул уыд Рутен нæ Ирæн, Тæлфыд йæ риуы нæртон лæджы зæрдæ. Ног дуджы уыдта рæсугъддæр фидæн, Иæ зонды фæрцы ног цардмæ цæттæ. Стыр аргъ кодтой дзыллæтæ Рутенæн, Сæ ныфсы мæсыг адæмæн уыд хох. Дыууæ Иры ’хсæн фæндагæн йæ фидæн, Йæ зонды фæрцы ууыл уыд йæ тох. ^ 150 *г
Ног фæндаг ныр Хуссарæй-Цæгатмæ, Йæ бæллиц ын, нæ царды мах уынæм. Нæ ферох кæндзæн Иры зæхх йæ хæрзтæ, Хуыздæрты æмсæр - Рутенæй зæгъæм. Йæ бæллицтæ уый нал федта йæ цæстæй, Хуыцауы хæрзтæй хай уыди дæуæн. Йæ курдиат бæрззонддæр уыд нæ хæхтæй, Мæнгард лæгтæ йæ барвыстой мæрдтæм. '*Лф^
Иæ зонды рухс Æгъуызарты Æхсарбеджы 90 азы кадæн Дæ рухс ном Иры дзыллæ мысынц, Дæ цард дæр Ирæн уыд нывонд. Нæртон лæг ахæмтæй фæзæгъынц, Дæ æрдзон курдиат бæрзонд. Хуыцау ын бирæ хæрзтæ радта, Цы зондæй, кондæй уыд нæртон. Сыгъдæг ном кадимæ уый хаста, Йæ тох рæстдзинадыл - æргом. Йæ фæндагыл уыди цæлхдуртæ, Фæлæ йæ хъару та нæ саст. Йæ нысанмæ - дæрзæг фæндæгтæ, Йæ риуы та - æгæрон уарзт. Йæ фæрцы Иры телеуынад, Æмæ нæ киностуди - конд. Йæ романты - æвдыст рæстдзинад, Йæ цард - Ирыстонæн нывонд. Нæ Ирæн бацыдтæ цы хæрзты, Уым мæсыг амад ды фæдæ. Дæ курдиат, дæ зонды фæрцы Нæ хуыздæрты æмсæр уыдтæ. Нæ хъæутæй горæтмæ лыгъдысты, Æхсарбег кодта уæд фæдис. Æдзæрæг бирæ кæмттæ систы, Фыдыуæзæг - йæ цин, йæ рис. 2012 аз
Хетæгкаты Вовæйы табæты раз - Хъысмæты цалх цæмæн атылдтæ не ’хсæн, Дæ гуырæн бон - мæ ’мæлæн бон, цæмæн?! Хъæбулы цинæй тахтæн æз уæлæрвтæм, Мæ зæрдæ риуы нал цыди мæнæн. Домбай хæстоны фæдон ды куы уыдтæ, Габо дæ размæ рацæудзæн, мæ бон. Дæ уæззау цæфтыл рисдзæни йæ зæрдæ, Æмæ йæ зынтæн нал уыдзæн кæрон. - Ныгуылы хур, мæ ыстъалы мæ сæрмæ, Мæ хъысмæтæй æппæт дзыллæ ут хызт. Æфсæн бæх мын куы аскъуыдта мæ фæндтæ, Мæ гыццыл Ир! Цæй фæллад дæ, цæй рыст! Мæ æфсымæр, мæ иунæг хо, мæ хъæстæ, Мæ хъæбулы ныр уе уазæг кæнын. Нæ федтам мах кæрæдзи, тоны зæрдæ, Мæ хъустыл уайдзæн ноггуырды кæуын. Нана-Хуырымон, рацæудзæн мæ размæ, Йæ рустæ тонгæ, ’скодтон ын цы зын. Кæстæрау ын нæ кæндзынæн лæггæдтæ, Мæ рыст удæн, цæй зын уыдзæн, цæй зын. ^153^
Нæ бафыстон, нæ бафыстон уæ хæрзтæ, Мæлæты ныхмæ разындтæн æдых. Ныййарæг мад, æндон сты дæ фæрстæ. Фæлæуу Хазби, уæззау фыдæн хъæддых. Мæ рæсугьд уат æз раивтон чырынæй, Фыдæмбæлæг мæ фæндагыл кæд уыд. Мæ фæлмæн баз æз раивтон сыджытæй, Куыд уарзтон цард, цы бæллæх мыл æрцыд. ’ *МЩрГ*У
Зарæджы базыртыл Зарæг, нæртон зарæг, хæхты зæлы, Зарæджы базыртыл зæрдæ тæхы. Зæрдæйы ’рцæры, лæггад нын кæны, Зарæг йæ зæлтимæ цинад хæссы. Зæрдæйы цинтæ, мæ хъыгтæй нывæзт, Зæрдæйы тæгтæй у зарæг æрмæст. Зарæг дæ зæлтимæ зæрдæ у баст, Зарæг дæумæ у æгæрон нæ уарзт. Чи ацыд уе ’хсæнæй - æрымысæм цæй, Уыдоны рухс нæмттæн рохгæнæн нæй. Зарæгæн кодтой зæрдæбын лæггад, Зарæгæн радтой сæ зæрдæты арт. Зарæг, нæртон зарæг - Иры зæлы, Зарæг йæ базыртыл цинад хæссы. Зарæг, нæртон лæгтыл, зæлай фæрнæй, Зарæг - нæртон зарæг, æмбал кæмæн нæй! 23.07.2012 аз
Тахъазты Харумæн 85 азы кадæн Мадæлон æвзагæн, У нывонд дæ цард, Рухсдæр уæд йæ фидæн, У бæрзонд дæ кад. Васойæ фехъуыстон мæхæдæг: - Харум, Ирыстоны - мæ хур. Йæ сæдæ азмæ нын фæцæрæд, Дæ фарны цалх нын размæ тул. Нæ рухстауæг, ды кадхæссæг Харум дæ, Нæ сиæхстæн сæ хуыздæртыл нымад. Къостаимæ уыдаиккат æмсиæхстæ, Хъысмæт Лулуйæн аскъуыдта йæ цард. 18.12.2017 аз -1г^рггг-
Кæлæнгæнæг фæндыры зæлтæ Золойты Беялæйæн Цал хатты райстай фæндыр, Цал хатты азæлыд цагъд. Уал хорзы ’рцæуæд нæ Ирыл, Афтæ рæсугъд уæд дæ цард. Æрыхъусынц дзыллæ дæ цагьдмæ, Зæрдæтæм цинад хæссыс. Æрцæуæд дыл хорз лæджы арфæ, Стыр лæггад Ирæн кæныс. Райхæлы уарди дæ цагъдмæ, Фæндыры цинæй цæрыс. Айс, Беллæ, махæн нæ арфæ, Тарыл уæлахиз кæныс. Базмæлынц зæрдæйы тæгтæ, Бакæныс зæрдæйы дуар. Кæлæнгæнæг уымæн йæ зæлтæ, Æнусы бæрц цæгъд æмæ зар. Бирæ фæкуыстам мах иумæ, Фæндыры зиухонтæ стæм. Ленæ, Светланæ, Иринæ, Арфæ дын иумæ кæнæм. ■^157^-
Гасанты Валерæйæн Хъамбердиаты Мысосты номыл литературон премийы лауреатæн Ды уарзыс Иры зæхх, Валерæ, Кæныс ын удуæлдай лæггад. Дæ куыст «Рæстдзинад»-ы - зæрдæйæ, Дæ цинтæй уæд æфсæст дæ мад. Цъæх арвы бын цæрыс рæстудæй, Кæныс ирон дзырдæн лæггад. Сæдæ азы фæцæр рæвдыдæй, Фæсмойнаг макуы уæд дæ цард. Дæ циныл цин кæнæм, Валерæ, Куыд ма дын бантыса фылдæр. «Рæстдзинад»-æн лæггад кæнгæйæ, Рæвдыдæй - бирæ азты цæр! 25.10.2019 аз ’ *ЛЦфГ* ^
Чиныг - цыкураиы фæрдыг! Хуырымты Аллæйы ныхæстæ. Дзаттиаты Зæлинæйы музыкæ. Æнусты сæрты махмæ ды æрцыдтæ, Хурау нын, ды бирæ тых дæттыс. Стъалытау, æнæ нымæц дæ хæрзтæ, Мадау нын ыстыр лæггад кæныс. Стъалытау, æнæ нымæц дæ хæрзтæ, Зонды суадон, мады ’хсырау ды. Сты дæ сыфтæ зæрдæйæн йæ тæгтæ, Æвдисыс уым - нæртон лæджы хъуыды. И дæ риуыл диссаджы фæндæгтæ, Зонды суадон - арфæйаг дæ дзырд. Æнусты сæрты махмæ ды æрцыдтæ, Махæн ды - цыкурайы фæрдыг!
Чиныг Ды зонды суадон æмæ тых дæ, Ды махмæ уаддзæгау æрцыдтæ. Дæуæн, бæгуыдæр, ис зæрдæ, Нæ маст, нæ цин æвдисæг дæ. Кæныс лæггад ды махæн рагæй, Дæ фæрцы разы вæййæм цардæй. Дæуимæ чи вæййы æнгом, Рæсугъд фидæнмæ - уый бæлццон. Нæ хистæртæн сæ зонды суадон. - Кæсын йæ бирæ хæрзтæ базон, - Уый у нæ хистæрты фæдзæхст, Цæмæй æххæст лæг уай æххæст! Ныййарæгау йæ бирæ хæрзтæ, Æвдисы рагфыдæлты фæдтæ. Æмæ нæртон лæджы хъуыды, Йæ сыфтыл аив фыст сты. Æнусты сæрты нæм æрцыдтæ, Æвдисыс рæстæгæн йæ хуызтæ. О, чиныг! Хæзнаты хæзна, Æнæ дæу уаид цард къуырма.
Зын сахат махæн ды æмбал дæ, Нæ зонд, нæ хъуыдыты æрцардтæ. Рæсугъд зæрдæтæй уый цæуы, Сæ лæггад арфæйаг вæййы. Уый уарзæтты æвзагæй дзуры, Сыгъдæг монцты цырагъ дзы судзы. Куы та фæсмон æмæ фæдис Æмæ нæ рызт зæрдæты рис. Ыстъалыты æмбæрц дæ хæрзтæ, Рæсугъд фæд баззайы йæ фæстæ. Æмæ куыннæ зæгъæм, куыннæ, Дæуæн ис хурæмдых зæрдæ. 1995аз ’ ^Лф^* * 11 ^161 зр-
Дзур, мæ къона, дзур иронау Æз дæуæй мæ кæстæр курын, Мадæлон æвзагыл дзур мын, Уый фидæнæн - сбæзз мæ къона, сбæзз. Сæфы не ’взаг, нæй йын фидæн, Къахæм ын нæхæдæг ингæн, Зон æй зон, дæуыл æвæрд и хæс. Мадæлон æвзаг куы цуды, Уый фæдисы хъæр - нæ дуджы, О, мæ кæстæр, уый рухсæн ысбæзз. Цуды, иуды - зæрдæ дуды, 'Знаг ныл хинымæры худы, Хистæр, хистæр, кæстæртæм фæкæс. Мадæлон æвзаг, мæ къона, Алчидæр уæ хорз куыд зона Архай ууыл, де ’ппæт тыхтæ радт. Цардмæ циндзинад хæсдзынæ, Уарзон адæмæн уыдзынæ, Къонайæн нæ ахуысдзæн йæ арт. Уарз дæ уды бæрц нæ бæстæ, Уарз ирон æвзаг, мæ зæрдæ, Ма фæцуда - фидæн ын куыд уа. Мæргътæн дæр-ма хи æвзаг и, Уарз ирон æвзаг, мæ саби, Ма разын нæ фæдисмæ къуырма! 02.08.2012 аз
Уды рухс Мурасты Риммæйæн Дæ уды лæггæдтæ сты бирæ, Нæ фыдæлты фарнхæссæг дæ. Фæцæрай нын бирæ, ды, Риммæ, Хуыцауæй ды арфæгонд дæ. Дæ сыгъдæг, дæ парахат зæрдæ, Ды рухстаугæ махмæ хæссыс. Ды арфæты аккаг хъæбул дæ, Нæ кæстæрты размæ кæныс. Дæ куыстуат у рухсады къæбиц, Дæ хъару, дæ зонд ын дæттыс. Куыд сæххæст уа царды дæ бæллиц, Нæ Ирыл - зæрдæйæ тыхсыс. 21.10.2016 аз ’ ълф/’ггк ^? 163 ^
Санаты Аидæйæн Арфæ дын кæнæм, Аидæ, Бантысæд дын царды бирæ. Иры фарныл фарнæфтауæг - ды. Сæххæст уæнт дæ бирæ фæндтæ, Къонайы рухс - Иры зæрдæ, Арфæ дын нæ сыхбæстæ кæны. У æмгæртты ’хсæн ды кадджын, Уды амондæй у хайджын, Ирæн ды, фæзминаг кæстæр дæ! Арв цъæх-цъæхид уæд дæ сæрмæ, Мады фæндиаг - æнусмæ, Ма бавзар, нæ худгæ-хур, зынтæ. У уæздан æмæ хæдæфсарм, Бинонтæн - сæ зæрдæйы хъарм Ды, Аидæ, спортимæ бæттыс. Иры хъæбул, хæхты чызг дæ, Бирæ бæстæтыл æрзылдтæ, Иу æнтыстæй иннæмæ цæуыс. Сæфт нæ фæсивæд куыд хонæм, Бирæтæй - сæрыстыр зонæм, Бантысæд-ма уыдонæн фылдæр. Спорты, аивады рæзты, Зилахары симды фæзы, Макуы ут уæ æмгæрттæй дæлдæр. ■^ 164 ^
Дохтыр æмæ зарæджы базыртыл Тедеты Шаликъойæн Куы азæлы зарæг, Нæ сагъæстæ сафæг, Зæрдæтæм цинад хæссы. Дæ зарæг - табуйаг, Ды - зæрдæйы уидаг, Базырджын мах уый кæны. Зæрдæрайæ дзыллæ, Куыд хъусой дæм бирæ, Уæларвон тых демæ хæссыс. Куы бахъæуы тохы, Уый фидæрттæ тоны, Ызнæгтыл уæлахиз кæны. Ды Ирæн - йæ дугъон, Нæ дзыллæйæн уарзон, Æцæг ирон, кадджын хъæбул. Хуыцауы лæвæрттæй, Ды хайджын дæ рагæй, Сæдæ азы, тавæд дæ хур. 20.11.2014 аз
Залеиæн Туркаг ирон чызг Пухатпы 3. Дыууæ бæстæйæн минæвар фæдæ, Сæрыстыр Иры зæхх - дæуæй. Фыдæлты къона рухсгæнæг ысдæ, Фæцæр нын а зæххыл фæрнæй. Парахат зæрдæйы хицау дæ, Ды тауыс алы ран бæркад. Куыд никуы фæрисса дæ зæрдæ, Нывонд рæстдзинадæн - дæ цард. Фыдыуæзæг - зынаргъ дæ удæн, Ныр Турчы зæххыл ды цæрыс. Ды уарзон хъæбул дæ нæ Ирæн, Фыдæлты фарн - хæссыс, хæссыс. 18.10.2016 аз
Нæ Иры фæсивæд Чертхъоты Аланæн - машинæты хæйттæ цалцæггæнæг Мыдыбындзау уæ архайд, Мыды бæсты æфсæйнаг. Тæхудиаджы гуырд дæ, Тæхудиаджы фырт дæ. Нæ рыст зæххыл рæстудæй, Фæцæр, Алан, рæсугъдæй. Куыд дын бантыса бирæ, Зæгъы дын уый мæ зæрдæ. Ныййарæджы фæндиаг, Алан, куыд уа дæ фæндаг. Дæхи конд машинæтæ, Куыд бауой бирæ, бирæ! 28.08.2014 аз -тг^р^г- •^167^
Æгæрон у нæ хъыг Беслæны теракты фæмардуæвджыты рухс ном дзы арын Мæ фæндагыл æз рухс бæллицтæм тахтæн, Мæ зæрдæйы цин - дидинджыты баст. Ныййарæгæн йæ къухыл хæцгæ уадтæн, Цæмæй зыдтам, цы стыр бæллæх нæм каст?! Куыд цыбыр уыд мæ цин, Æна, тæхуды, Мæ рухс бæллицтæн ’рбаскъуыди сæ хал. Мæ гыццыл зæрдæ риссы æмæ дуды, Беслæны сæрмæ хуры цæст ныттар. Нана æнæ мæн, оххай, о, куыд цæрдзæн?! Йæ дидинæг, йæ хур куы хуыдта мæн. - Мæ ингæныл-иу ставд цæссыгтæ калдзæн, Нана зæрдæдзæф бонæй-бон кæндзæн. Хъæбулы-хъæбул - адджындæр хъæбулæй, Æгæрон у, мæхи нана, дæ зын. - Нæ бафсæсти нæ Ирыстон йæ хуртæй, Æдзардæй, охх, цæй зын у, цæй мæлын... 06.09.2004 аз
Æрцыд бæллæх Сæлбиты Ибрæгимæн Æрцыд бæллæх, хъысмæты цæф - уæззау зын, Дæ къахвæдтæн æрбайсæфти сæ фæд. Азты цыды удæнцой нæ арын, Ныр рагуалдзæг мæнæн уыдзæн зымæг. О буц хъæбул! Дæу зæрдæ мысы, мысы, О, иунæгмæ æгæрон вæййы уарзт. Куы нæй мын, оххай, хосгæнæг мæ зынты, Ныр дуне у мæнæн æнæ дæу хаст. Æрцыд бæллæх, мæ уд кæны фæдисхъæр, Куы нал мæм хъары мæргътæн дæр сæ зард. Мæрдтæм фæцыд нæ бинонтæн сæ хуыздæр, Æнæ дæу мын, охх, нал ад кæны цард. Куы фервæзын мæ удхæрæн хъуыдытæй, Мæ тарф фынты æрмæст, æрмæстдæр уæд. Мæ уæззау уаргъ уæд ахауы мæ удæй, Æнæуи та мæ бадомдта хъысмæт. Мæхæдæг дæр дæн иунæг, охх, цы кæнон, Мæ карз сомы, дæуæй кодтон, мæ бон. Цыма мæм райхъуыст ингæнæй дæ дзурын: - Мæнæн дæр, оххай, нæу уæ зын æнцон. ^ 169 ^-
Мæ мад, мæ мад! Фæстаг хатт дын куы зæгъын, О, ма мын фæцуд, ма разын лæмæгъ. Мæ сабиты дæуыл, Æна, фæдзæхсын, Ныфсы хосæн мын дар дæхи дзæбæх. Ныфсы хос ссар, хъæддых фæлæуу, ныййарæг, Цыппар цæсты дæумæ кæсынц, уый зон. Куы бабын ис æфсæнриуæй уæ дарæг, Охх, нал раздæхт, йæ къонамæ бæлццон. ъХЦрГ* У
Хъысмæт Еналдыты Аликы (Оледжы) табæтыраз Мæ сидзæргæс мадмæ æдзардæй цæуын, Фыдмæ ’бæлгæ рвыстон мæ бонтæ. Нæ райхъуыст мæ уатæй хъæбулы кæуын, Сындзæхгæд мæ къона мæ фæстæ. Нæ базыдтон царды æз мады зæнæг, Мæ фыды нæ федтон мæ цæстæй. Æз хотæ, æфсымæртæм кодтон хæлæг, Цæуын ныр уæззау низ æфхæрдæй. Дзибоккайæн скодтон йæ зæры бон зын, Фыдау мын æгæрон йæ хæрзтæ. Мæ ингæнмæ хъуысдзæн йæ уды хъæрзын, Фæцæрут æвыдæй мæ фæстæ. ’ЪЩЪГ*" 171 0^-
Рауагъдад «Ир»-ы 100 азы кадæн Мадæлон æвзаджы рæзтæн «Ир» кæны лæггад. Рухсæй-рухсдæр уæд дæ фæндаг, Арфæйаг - уæ цард! Бирæ бантысти Гаппойæн, Уый фæдонтæ стут. Чиныг - рухстауæг нæ удтæн, Бирæ нын цæрут. Чиныг - зæрдæтæн цырагъ у, Хурау у йæ рухс. Чиныг сабитæн дæр мад у, Æнус-æнустæм кус! 22.02.2019 аз
Радиойы хурæмдых зæлтæ Куы айхъусын сæумæйæ æз дæ зæлтæ, Нæ зæлты чиныг - рухс кæныс нæ цард. Нæ арфæтæ нын Ног аз айс зæрдæйæ, Æппæт хæрзтæй куыд уа дæ къæбиц дзаг. Мыдыбындзау æнæрынцойæ кусут, Нæ царды алы къабæзтимæ баст. Ныййарæгау Ирыстоныл куы тыхсут, Уæ хъуыды у, Æрфæны фæдау, раст. Фыдæлты фарн - ирондзинады скъола, Нæ кæстæртæн Хуыцауæй курæм мах. Нæ зæлты чиныг, æмбарынхъом цæмæй уа, Нæ хистæртæн уæд рог кæндзæн сæ уаргъ. Нæ цырагъдар - дæ азæлды цы тых и, Нæ дугъон дæ, нæ цины уа, зынты. Мæ зæрдæ та дæ рæсугъд зæлтæм ссыгъди, Ыстыр хæрзтæ - мæ зæрдæ уын зæгъы. ’ *\ф)/*ч 173 =р-
Арфæиы ныхас Рухстауæг Диамбегты-Хататы Риммæйæн Кæмæн у парахат йæ зæрдæ, Кæмæн у йæ хойраг хæрзад. Сатанайау махæн у - Риммæ, Æгæрон йæ уды лæггад. Рæвдыдæй нын батон дæ азтæ, У кæстæрты хурæй æфсæст. Дæ æмбæлтты номæй мæ арфæ, Æрцæуæд дæ царды æххæст. Ды фæсивæд хоныс дæ фæстæ, Дæ зонд сын нæ кæныс æвгъау. Дæ бæллицты фæндагыл размæ, Рæствæндаг кæнæд дæ Хуыцау. Дæ худæнбыл - адæмæн уарзон, Ерыстау дæ хоны йæ «Зæд». Дæ ног æнус хъæлдзæгæй батон, Зынæд ыл рæсугъдæй дæ фæд. 2001 аз
Фыдæи-чызгмæ Дзаттиаты Зæлинæйæн Бавæрдтай зарæджы де ’нæнцой зæрдæ, Зарæг - дæ уды цырагъ. Бирæ сты бирæ - дæ уды лæггæдтæ, Сабитæн уарзон - зынаргъ. Зарынц дæ зарджытæ стырæй-чысылæй, Аивад рухс кæны цард. Райгонд у райгонд, Зæлинæ, дæ куыстæй, Макуы нын базон фæллад. Аивад бауарзтай сабийæ - зонын, Уым ис дæ зæрдæйы арт. Зоныс ды зарæгмæ сабиты хонын, Зарæг - дæ зонды лæггад. Азæлыд зарæг, йæ базыртæ систа, Не ’мбал у: цины, зынты. Зарæг йæ базыртыл Иры фарн хаста, Уый нæ, куыд уæлдæф, хъæуы. Тавæд дæ курдиат мин азы хурау, Аивад - рухс кæны зонд. Бауарзтай аивад - зонын, дæ фыдау, Скодтай дæ цард ын нывонд. 05.06.2003аз
Арфæйы ныхас Муриты Данæиæн Иры фæдон, бирæ нын фæцæр, Ис дæ къухы диссаджы дæгьæл. Музыкæйы зæлтимæ дæ баст, Архайыс - æгæрон æм дæ уарзт. Иу æнтыстæй - иннæмæ цæуыс, Циндзинад ды дзыллæтæн хæссыс. Бантысæд дын фидæны фылдæр, Бирæ азты кадимæ фæцæр! Дирижерты хуыздæрты æмсæр, Фидæны куыд ысуай нын ды дæр. Гергиты Валерæ та зæгъдзæн: - Иры зæхх у - курдиæтты гуырæн. 26.11.2014 аз
Уæлдай цин дæ циныл кæнæм 13-æм скъолайы рауагъдон, медицинон службæйы булкъон Фидараты Элъбрусæн Дæ царды фæндæгтыл лæгдзинады фæдтæ, Нæртон гуырд! Ды Иры хъæбул. Ды ирвæзынгæнæг - парахат дæ зæрдæ, Нæ бæсты фæдисон - йæ хур. Афганмæ фæцыдтæ, дæ уды лæггæдтæ, Тæппудтæй нæ уыдтæ зынты. Ды Сомихы зæхмæ, фæдисы фæцыдтæ, Нæ бæстæ дын «Бузныг», - зæгъы. Цы мад дæ ысхаста - уæлдай арфæ уымæн, Дæ кад у нæ хæхтæй уæлдæр. Уæлдай цин дыл кæнæм - нæ рауагъдон махæн, Нæ цин у, гъе, уымæн дывæр. Фæцæр нын, нæртон гуырд, æвыдæй, рæсугъдæй, Куыд нал фенай царды зынтæ. Нæ зарæг дæ кадыл зæлдзæни нæ Ирæй. Ды зарæджы аккаг гуырд дæ! Кæнæм дын мах арфæ, куыд де ’скъола афтæ, Сæдæ азæй фылдæр фæцæр. У ахæм хъæбулæй сæрыстыр нæ бæстæ, Ды, Эльбрус, хуыздæрты æмсæр! 12 ^ 177^-
Бызыккаты Земфирæйæн Зарæг. Дæ фæндаг дæуæн у уæрæх, Амонды базыртыл цингæнгæ тæх. Уарзыс поэзи, кæныс ын лæггад, Арфæйы аккаг дæуæн у дæ цард. Сабитæн зоныс сæ зæрдæты уаг, Сабиты зæрдæтæм скодтай фæндаг. Сабитæн рухс уæд сæ фидæн, сæ цард, Æнусæй-æнустæм, куыд зæла сæ зард. Дæ равзæрст фæндагыл рæсугьдæй цæуыс, Уарзыс «Рæстдзинад» - лæггад ын кæныс. Нæ уарзон газет - рæствæндаг кæнæд, Фарнхæссæг алы хæдзармæ дæр уæд. Фарнхæссæг чызг дæ Ирыстонæн ды, Поэзийы рухс тын дæуæй дæр цæуы. Бантысæд ма дын дæ царды фылдæр, Кад æмæ радимæ бирæ фæцæр! ^ЩТр^сГ- ■^ 178 &
Фæндырдзæгъдæг Хетæгкаты-Цæллагты Зажирæтæн Нæ чысыл хъæу Нары, Хæххон дон кæм зары, Уым райгуырди саби, - Замирæ - йæ ном. Йæ диссаджы цагъдæн, Цы аргъ кодтой адæм! Йæ фæндыры цагъдмæ, Æрыхъуыста ком. Йæ цагъдмæ-иу кафæг - Уæнгрогæй, куыд барæг. Æртæаздзыд саби Уыд хъазты цæгъдæг. Замирæ, Замирæ! Фæцæр нын ды бирæ, Дæ фæндыры цагъдæй, Ды цинад хæссæг. Дæ цагъдмæ-иу алкæм Æрыхъуыстой адæм. Дзырдтой-иу: «Уый бауадзы фæндыры уд». Цæй тынг дæ фæмысынц Æмæ дæ фæзæгъынц: «Йæхи хуызæн цæгъдæг - Йæ рæстæг нæ уыд». -^179^
Айрæз тагъддæр Мæй дæр дæм, кæс-ма, æрзæбул, Хъазгæ дæм ныкъулы цæст. Айрæз тагъддæр, хæхты хъæбул, Царды цинæй у æфсæст. У æппæт хæрзтæй ды хайджын, Базон хистæртæн лæггад. Курын дæ, куыд уай æмгарджын, Уый дæуæн фæдзæхсы мад. '*Чф^у 180 ^
Нæ сабитæн Сæ уадултыл уадз хуры тынтæ хъазæнт, Сыгъдæг арвы бын бафсæдæнт цæрын. Сæ зарджытæ нын рухс фидæныл зарæнт, Дымгæйы хай - сæ фыдфынтæ, сæ рын. Æрдзы хъæбысы дидинау æрттивут, Сыгъдæг уæлдæфæй хайджын ут æдзух. Хæлар царды уæ рæзгæ бонтæ ’рвитут, Сымахæй у - нæ фидæн рухс, нæ дуг. ’ *Чф<Г* У
Фыццаг кинофестивалы кадæн Цин кæны нæ Иры зæхх йæ уазджытыл, Иры зæхмæ фарнхæссæг ыстут. Аивады хъарудæттæг базыртыл, Ног æнусæн амæндтæ хæссут. Аивад, дæ кæлæнгæнгæ базыртæй, Дзыллæты ’хсæн уарзондзинад тау. Фесæфæд хæрамдзинад нæ адæмтæй, Арв нæ сæрмæ макуы бон уæд сау. Бауарзтат нæ Иры зæхх зæрдæбынæй, Уазæгуарзаг Ир уыл цин кæны. Ахæссут уæлтæмæнад нæ урс хæхтæй, Нæ зæрдæ уын стыр амонд зæгъы. ^^^^ -^182^
Сæлбиты Акимæн Аивадæн у нывонд дæ цард, Бантысти дын æмæ дын æнтысы. Хурвæндæгтыл уæд, Аким, дæ рад, Арфæ дын нæ Иры зæхх куы кæны. Иры зæхх - дæ райгуырæн уæзæг, Уымæн ды уырдыгыстæг куы лæууыс. Йæ цин, йæ зын - дæ зæрдæмæ хæстæг, Аивады ’взагæй сæ фæзæгъыс. Иры зæхх, сæрыстыр у дæуæй, Аивады - хъулонуарзт хъæбул дæ. Сæдæ азы, Аким, фæцæр фæрнæй, Æнæнымæц, æнæнымæц, дæ хæрзтæ! 18.12.2019 аз
Нæхи Артур зарæггæнæг Джижиты Артурæн Нæхи Артур, нæ хорз кæстæр, Фарнимæ нын зар. Дæ бæллицтæ, дæ фæндæгтæ Макуы дын уæнт тар. Ирыстонæн йæ хъæбул ды, Макуы нын фæцуд. Зарæджы рæсугъд зæлты Бавæрдтай дæ уд. Дæ хъæлæсæн, дæ зарджытæн Уæд зæрдæтæм фæндаг. Ды дæ бæлццон, нæ рауагъдон, Уæд арфæйаг дæ цард. 22.01.2014 аз
Ме ’скъола Ме ’скъола æз бирæ уарзын, Зонын «Абетæ» кæсын. Базыдтон æз ам нымайын Æмæ сабыргай фыссын. Ам мын бирæ ис хæлæрттæ, Бузныг ме ’скъола дæуæй. Арв цъæх-цъæхид уæд нæ сæрмæ, Разы у ды та мæнæй. Ме ’скъола æз бирæ уарзын, Ис мын ахуырæн фадат. Мæнæ райстон та мæ фæндыр Æмæ азæлыди цагъд. Хуыссæг не ’рхæцыд мæ цæстыл, Цинæн нал и нал кæрон. Ахуыр, ахуыры фæндæгтыл, Æз нанаимæ - бæлццон. 23.08.1998 аз
Хуырымты Сидæрæн Туджы къæвдатæ ныл уары ’мæ уары, Нæ чысыл Ирыстон куы кæны куынæг. Уарзон æфсымæртыл зæрдæ дзыназы, Уæззау тохы фæдтæ сæ уæнгтыл бæрæг. Ацыд Гаврил, уыд нæ мыггаджы хуыздæр, Йе ’дзард æфсымæрты агур фæцыд. Мæнæ та ногæй куы райхъуыст фæдисхъæр, Цы уæздан æфсымæр та махæй фæхъуыд. Сидæр, о Сидæр, нæ хуыздæртæй иу дæ, Нæ уарзон æфсымæр - æгъатыр мæлæт. Цæуыс ныр, цæуыс, куырыхон Дауитмæ, Дзырддзæугæ дæр Иры нæ уыдис уæд лæг. Дæ иунæг æфсымæрыл минæ куы фехæлд, Æдзард хо Дзыллæйы - æвирхъау мæлæт. Ныууагътой дæ тохвæллад зæрдæйы арф фæд, Уæлæуыл - уæ рухс ном, мæрдты уын - дзæнæт. Дзыллæйы хъæбул нын булкъоны цин райста, Хæрæфырты хабар Мæскуыйæ куы ссыд, Дæ уарзæгой зæрдæ фыр цинæй ыскуыдта, Дæ парахат зæрдæ дæ риуы нæ цыд. Фæкуыстай ды бирæ нæ зынвадат хæхты, Уыдонæн уыд бирæ дæ уды лæггад. Куы ныттар и арв дæр æмæ дыл куы кæуы, Нæ цыргъзонд æфсымæр, дзæнæты фæбад. 10.06.1995 аз ■^ 186^-
Æнæ дæу Цогойты Никъсигайæн Ды ацыдтæ, нæ цард - цыфыддæр, - Нæ кæныс махæй нæ, ды рох. Ныр ныл æнæ дæуæй æризæр. Уыдтæ ды бирæтæн сæ хох. Цæудзысты бонтæ, бонты ивгæ, Цæрдзынæ мысинæгты ды. Хъысмæт, æгъатыр нæм цæмæн дæ, Дæу мысгæ цæстысыг кæлы. Ды царды бирæ зынтæ федтай, Уыдыстут Иры зæххæй хаст. Дæ мады хъарджытæм-иу хъуыстай, Дæ фыды бахордта уым маст. Æфсымæртæ хæсты быдыры, Уæ фыдæн ингæн къахтай ды. Дæ сабидуг цы зынтæ ’взары: Куыствæллад фыд, хъæрзы мæрдты. 2003 аз
Фыды фæдзæхст Ссиисьазанты Тажис æмæ Харитоны тыххæй г. «Рæстдзинад»-ы æржæгмæ гæсгæ Дæ хауæццаг хъæбул Æцæгæлон бæсты, Дæу мысгæйæ ’рвыста йæ цард. Ирыстонмæ бæлгæ, Фылдæр хатт дзыназгæ, Йæ цард ысси уымæн æнад. Уый хæхты ныв скодта, Куы марди - фæдзæхста: - Фæласут-æй Ирмæ, ’нæмæнг, сымах. Æрцыдысты Ирмæ, Иæ мæлæты фæстæ, Скодтой йæ фæдзæхстæн аргъ. 01.02.2014 аз
Хъæбулы мысгæйæ Аланæн Дæуæн куыд нæ и царды фидæн, Мæнæн дзы афтæ нæй æнцой. Дæу федтон æз мæ фыны дысон, Цыма ды райгас дæ, мæ бон. Цыдтæн дæм, хъуамæ дыл ныттыхсон, Æмæ мæ фырцинæй куыдтон. Мæ цæнгтыл раскъæфтон дæу уынгмæ, Хъæр кодтон алырдæм фæдис... Мæ хъæрмæ фехъал дæн, дæ уындæй Фæци зæрдæрыстдæр мæ рис. Тæхуды ’мæ та дæ мæ фыны, Куы фенин ахсæв дæр, бæргæ... Мæ зæрдæ риссы æмæ риссы, - Кæндзæни ахсæв арв кæугæ. 10.04.1992аз
Ды ацыдтæ... Ды ацыдтæ, æз баззадтæн дæ фæстæ, Ды ацыдтæ - мæныл ныттар и бон. Æрбайсæфтысты а зæххыл дæ фæдтæ, Дæ рыст удæн куыд ницы сси нæ бон. Гъе афтæ азтæ ивдзысты кæрæдзи, Дæ сабидуг - цæй рæсугъд уыди, цæй. Уæззау фыдбылыз, охх, дæуыл æрцыди, Дæ æмгæрттæм фæкæсын æз рыстæй. ’ *\ц^яг*ч
Гагаринæн Акæндзынæн æз мæ уæлæ, Хуры тынтæй хуыд хæдон. Æмæ ’стæхдзынæн цъæх арвмæ, Мæймæ, стъалытæм - бæлццон. Дуне бафтаудзынæн дисы, Уый мæ хæс, йæ фырт дæн æз. Хур зæлдаг тынтæ æлвисы, Федтон м’алыварс цъæх фæз. Галæгон кæсдзæн мæ фæстæ, Зæхх: «Фæндараст», - мын зæгъдзæн. Уый мæ бæллиц, зæхх дæ хæрзтæ, Нæй æнæ фидгæ мæнæн. Кодта Галæгон фæдисхъæр, Джихæй баззадис кæсгæ. Уый мæ фырттæй у сæрæндæр, Кодта сау хæлæг мæнмæ. Хурæнгæс уыдтæ, ды, Юрæ, Айхъуыст дунейыл дæ кой. Уыд цæй парахат дæ зæрдæ, Зæххыл нал зыдтай æнцой.
Ды нæ зæрдæты æрцардтæ, Нæй дын ферохгæнæн, нæй. Арвы тыгъдадмæ ыстахтæ, Зæхх сæрыстыр у дæуæй. Нæ, нæ амардтæ, ды, Юрæ, Зæрдæты дæ хуыз цæры. Зæххæн бафыстай йæ хæрзтæ, Уари, не ’стъалы дæ ды. ^УЩрё^
Реуазты Альберты мысгæйæ Эммæйы фæндонмæ гæсгæ Дæ хъæбул амæла удхæссæг, Уый мадæн йæ хъару сæтты. Хъæбулы мардæй мад кæны зæрдæдзæф, О, удхæссæг, уый бавзара æрмæст. Йæ хъустыл уайдзæн уый хъæлæсы уддзæф, Фæлæ дыл, оххай, нал æрхæццæн цæст. Дæ уарзон чызг, куы тонынц дын мæ фæрстæ, «Мæ чындзаг дæ», - ныр нал зæгъдзынæн, охх! Зæрдæрыстæй кæсдзынæн-иу йæ фæстæ, Нæ уыдзæни мæ рыст зæрдæйæ рох. Мæ буц хотæ, куы дыл ыскодтой саутæ, Куыд фæсайдтай, ды уарзон чызджы, куыд. Ныййарæг мад, æндон ысты йæ фæрстæ, Дæу мысгæйæ, куыд цæрдзæни дæ фыд. Дæ æмгæрттæм куы баззайын кæсгæйæ, Фæлæ дæуыл нæ хæст кæны мæ цæст. Куы ’рбаздæхын нæ къонамæ кæугæйæ, Мæ тар фынтæ мæ барæвдауынц ’рмæст. 13 ^193^
Дæ гуырæн бон - цæссыгкалæн дæ фæстæ. Чындзæхсæвмæ цæттæ кодтам - бæргæ. Куыд фæразæм, куыд хъæддых у, куыд зæрдæ, Дæ уарзон чызг дæр баззади кæугæ. Фæсайдтай нæ, дзыназгæ нæ ныууагътай, Дæ гуырæн бон дæм уæлмæрдтæм цæуын. Дæ уарзон чызджы сонт зæрдæйы катай, Куыд зын нын у, дæу мысгæйæ цæрын. * ьщ$/«" -^194^
Бырнацты Мараты табæты раз Фыдызнаг, фæкæлай дæ тугæйдзаг кардыл, Нæ зæдбадæн аргъуан ныррызти, хъæрзы. Тотырбеджы хъæбул куы цæуы æдзардæй, Гъе ахæм фыдбоныл цы зæрдæ хъæцы. Фыдмитæй нын рæстæг нæ кæстæрты мары, У ифтонг фыдгæнæг - лæбуры сырдау. Ныффæсус кæуынæй Ирыстон, дзыназы - Мараты хæдон нын йæ тугæй ныссау. ’ ъ\ЩрГ* у
Хæлары ингæны уæлхъус Арын дзы Бигъаты Салбеджы рухс ном Æфсымæры уарзтæй дæу адæмтæ уарзтой, Дæу мысгæйæ, оххай, цæй зын у, хæлар! Дæ зæрдæ дæ армы тъæпæны куы хастай Ды адæммæ... Ау, уæд цы кодтай, зæгъ-ма?! Дæхицæй уæздандæр куы нæ уыд, мæ боныл, Зæронд уа, кæстæрæн-иу кодтай æгъдау. Сæ дзыккутæ тонынц дæ саударæг хотæ, - Сæ русты тындтытæ - Æрфæны фæдау. Дæ иунæг хъæбулæн йæ цæссыджы зæйтæй Мæ зæрдæ нырризы... цæй диссаг у цард. Ды хæсты быдыры нæ састæ ызнæгтæн, Ныр дæ ам ныссагъди фыдгæнæджы кард. Дзæнæты фæбадай! - Æндæр ма цы зæгъон, Иæ туджы фæтула дæ марæг - тæппуд. Æлгъыстаг уыдзæни æнустæм йæ сау ном, Дæуæн та уæлæрвтæм фæтæхы дæ уд.
Фехъус, хæстмондаг хъæбул! Цы мад дæ ныййардта, ныр абон дæ митæй Уый хъоды йæхиуыл кæндзæн, Ныййарæг мæгуыр у, æмæ ма цы цæстæй Ныр адæммæ, оххай, кæсдзæн. Æрыхъус ма уымæ! О, бамбар йæ зынтæ! Дæ нана куы кæны фæдис. Йæ зæрдæйы цæфæй нырризынц нæ хæхтæ, Æви дæм нæ хъары нæ рис? Æз федтон мæ фыны, дæ нана куыд куыдта, - Бындзыггай йæ дзыкку тыдта. Йæ зынтæм кæсгæйæ мæ зæрдæ рæмыгъта. О, фехъус нæ! Ма у къуырма! * ’Ь’Щр** ч
Нæ хорз сыхаг Рухстауæг, хæстон Габысаты Анатолийы табæты раз А æмæ о-йæ, кæд исчи фæцарди, Уыдоны æмбал уæ къона уыдис. Уæздандæр йæхицæй ’скæнæн нæ уыди, Уарзтам дæ бирæ, æгæрон - нæ рис. Хæсты быдырæй - сахъатæй æрцыдтæ, Ызнаджы нæмыгæй дæ цæсгомыл фæд. Рухсаг у, рухсаг! Нæ хорз сыхаг уыдтæ, Дзыллæтæ де ’рцыдмæ, æвыдæй цæрæнт. ’ ь^Щр*6 ч
Рухстауæг-ирвæзынгæнæг Æлбегаты Дзерассæйы табæты раз Мæлæты ныхмæ цас фæкодтай тох, Дæ лæггæдтæ нæ уыдзысты, нæ, рох. О, дохтыр, дохтыр! Царддæттæг тых дæ, Ды баззайдзынæ зæрдæты цæргæ. Дæ ацыд у мæ рыст удæн цæй зын, Дæуæн ныр, охх, фæстаг хæрзбон зæгъын. Дæ кадджын номæн ’ркъул кодтон мæ сæр, Уыдтæ, уыдтæ - ды хуыздæрты æмсæр. 21.09.2015 аз ’ ^ЧЩрГ* ^
Сау тырыса дард бæстæй Джанайты Генæйы табæты раз Хъæбулы хъæбул адджындæр хъæбулæй, Мæрдты Ефим дыккаг мард, охх, кæндзæн. Зæрдæдзæф сты къабæзтæ дæ мæрдæй, Æдзардæй, охх, куыд бакуымдта мæрдтæм. Гыццыл хæрæфырт разгъордзæн дæ размæ, Ваба, Æна, йæ мадæй дæ фæрсдзæн. Нæ фæллад Ир, охх, Хуссарæй-Цæгатмæ, Æдзард хъæбулы мысгæйæ цæрдзæн. Ныууасыди та сау халон уæ кæртмæ, Æнæнцой мады зæрдæ, охх, хъæрзы. Дард бæстæйæ мауал бæлл бæлццонмæ, Удхæссæг йæ тырыса хæссы. Низты бын фæци баба уæ фæстæ, Нал æм цыд сымах фæстæ цæрын. Хуры цæст ын нал тавта йæ зæрдæ, Ахастат ын ингæнмæ йæ цин.
Дæуæи курæм О, Дунескæнæг Хуыцау, Ма бакæн дæ хæрзтæ ’вгъау! Фесаф а зæххæй фыдох, Адæм мауал кæной тох. О, ды не Скæнæг, æркæс, Рындзмæ сау тыхтæ фæхæсс! Хин, хæрам удтæн сæ конд, Аив хорзырдæм сæ зонд! Скæн нæ дзыллæты лымæн, Мады зæрдæйау - фæлмæн. - Се ’хсæн мауал уæд мæнгард, - Заргæ, худгæйæ - сæ цард.
&^^ Туалгом Мæнæ Туалгом, йæ айнæг къæдзæхтæ, Комы зæлланггæнгæ - Къасарадон. Мæнæ Туалгом, мæ фыдæлты бæстæ, Нæй, нæ, мæ цинæн та абон кæрон. Фæндаг - уæрæх фæндаг, хæхты рæбынты, Туалгомæй айхъуыст нæртон лæджы зард. Нæ «Ирон фæндыр»-мæ дзыллæ куы хъырны, Скодта Ирыстонæн ном æмæ кад. Цыдæр тых цыма ме’ уæнгтыл ысхæцы, Базырджын фесты мæ зæрдæ - тæхын. Ногæй та цæссыг куы фемæхсы - ’згъæлы, Комы цымыдисæй хæхтæм кæсын. Уарзон дæ, уарзон! Ды Ирæн - йæ зæрдæ, Дунетыл айхъуыст нæртонæн йæ ном. Туалгомы фæзтыл, Къостайæн йæ фæдтæ, Туалгом Ирыстонæн - хъулонуарзт ком. 29.08.1993 аз
Бахъахъхъæнæм æрдз Нæ дарæг зæхх, уæд мах цы кæнæм, Иæ риу цæмæн тонæм сырдтау. Кæмдæрты нал бæззы цæрынæн, Кæмдæрты мах фыдæй ыссау. Æнайау бирæ сты йæ хæрзтæ, Рæдауæй махæн сæ дæтты. Йæ хæстæ фидынмæ куыд тырнæм, Гъе, ахæм кæстæртæ хъæуы. Фæллад у зæхх фыдзонд хъæбултæй, Фыдми йæ рыст риуыл цæуы. Йæ риу ын атомон къæвдатæй О, адæм, бахизын хъæуы! Нæ хæхтæ, быдыртæ, нæ фæзтæ, Нæ æрдзы минмырон хъæлæс, Сты цардæн диссаджы фæрæзтæ - Сæ бахъахъхъæнын у нæ хæс. Фыдми куынæ цæуа нæ зæххыл, Куы кæнæм æрдзæн мах лæггад - Рæстудæй базонын фæцæрын, Фæрнджындæр уæд уыдзæн нæ цард. 17.04.1998 аз
/Ердзы хæрзтæ Цард дæ фæрцы - махæн аргъау, Кус æмæ зæрдæрай уай. Аудыс ды махыл мадау, Хурæфсæст быдыртæй - хай. О, хæстмондаг хъæбул, байхъус, Зæхх дæ митæй у фæллад. Тохы артæй быдыр бахус, Бирæ рæтты нал ис цард. Æз дæ хъæбул, æз дæ фæдон, Ард хæрын дæ номæй æз. Уарзт, мæ риуæй дæм æгæрон, Бахъахъхъæнын дæу - мæ хæс. Зæхх, æнæфыст мын дæ хæрзтæ, Зæхх, нæ ысхæссæг ды дæ. Зон, куы бахъæуа, æд гæрзтæ, Æз - дæ фæдисмæ цæттæ! 20.04.1998 аз ’ *\фкГ* ч -^204
Зæхх Арв цъæх-цъæхид уæд дæ сæрмæ, Дуне хурæфсæст куыд уа. Уарæд дыл фæлмæн къæвдатæ, О, нæ бæркад къух, «нана». Чи у галиу, чи у рахиз, Зæхх уæ фыдмитæй фæллад. Тохы артæй быдыр бахиз, Быдыр махæн у нæ мад. Æз дæ хъæбул дæн, дæ кæстæр, Æз дæ номæй ард хæрын.
Зæхх хъæрзы Уыры, мыстытæ нæм хæргъ... Нал сæ уромы, нал зæхх. Зæхх дзыназы, зæхх хъæрзы, Зæхх - фæдисы хъæр кæны. Зæхх - нæ дарæг, зæхх - нæ мад, Уымæй цас зонæм лæггад. Зæхх ныффæсус, у фæллад, Нæу уый уырытæм - нымад. Уырытæн сæ къæбиц дзаг, Зæххы риуыл сын фæндаг. Бирæ - уырыты ’нгæс, Давынц, бафсæстой сæ къæс. Чи у уырыты æнгæс, Ууыл дæр æвæрд и хæс. Адæм алцыдæр уынынц, Уайдзæф уыдонæн кæнынц.
Æрдзы риу - парахат Сабиты мах дидинджытыл барæм, Зæхх та у нæ ысхæссæг, нæ мад. Æрдзæн мах йæ бирæ хæрзтæ уарзæм, Фæлæ йын нæ кæнæм фаг лæггад. Зæххы риуæй ног æвзаг куы скæсы, Уымæй ма рæсугъддæр, зæгь, цы уа?! Зайæгойтыл аудын куы хъæуы, Уды хъармæй ма разын къуырма. Мадау нын у æрдзы риу парахат, Мах дæр ын куыд базонæм лæггад. Цал хатты нæм узæлгæйæ ракаст, Уал хатты рæсугъддæр уыд нæ цард. Сабиты мах дидинджытыл барæм, Зæхх та у нæ ысхæссæг, нæ мад. Уыдоныл зæрдæбынæй мах зарæм, Зæххы риуæн базонæм лæггад.
Нæ хæхтæм фæндаг Иры хæхтæй, Иры фæзтæй, Хъуысы фæсивæды зард. Арвы цъæхæй Худы сæм мæй, Зæлынц сæ зарджытæ дард. Базард: О, нæ сойджын фæзтæ, О, нæ урссæр хæхтæ. Ды, нæ уарзон хъæу Нар, Зар æнустæм, мын, зар! Хæхтæм фæндаг, Нал у тæссаг, Айгæрстой фæндаг уæрæх. Бузныг зæгъæм, Кусæг дæуæн, Чи нын рæвдауы нæ зæхх. Базард: О, нæ сойджын фæзтæ, О, нæ урссæр хæхтæ. Ды, нæ уарзон хъæу Нар, Зар æнустæм, мын, зар!
Сыхагæн-сыхаг, Ма уæд мæнгард, Æнустæм æвыдæй цæрут. Иумæ нæ цард, Хъæлдзæг нæ зард, Амондæй хайджын нын ут. Базард: О, нæ сойджын фæзтæ, О, нæ урссæр хæхтæ. Ды, нæ уарзон хъæу Нар, Зар æнустæм, мын, зар!
Цы ныл æрцыд? Куы-иу айхъуыстон «Суликъо»-йы зарæг, Йæ фæлмæн зæлтæ агайдтой мæ риу. Цы кодтам ныр, цæмæн нæ хъуысы хъарæг, Æви нæ хъуыды нал ысуыдзæн иу. Куыд бирæ нын ис уыцы ран хæлæрттæ, Кæрæдзиимæ тугдадзинтæй баст. Нæ сабиты, нæ мадæлты зæрдæтæ, Цæмæ хъæрзынц, о, чи сæ уадзы маст? Хæрамдзинад нын чи тауы нæ хæхты, Цæмæ кæны æлгъыстаг уый йæ ном. Хъадамантæй йæ фæндæгтæ æхгæны, Йæ маргзæрдæ у адæмæн æргом. О, мадæй гуырд! Дæ рыст зæрдæ ныййарæг, Кæмфæнды уа, зæрдæдзæф дæ уыдзæн. О, баууæнд мыл, æрыхъус, хъуысы хъарæг, Кæд и мæрдты, дыууæ марды кæндзæн. Дæ галиуæй, дæ рахизыл æрхæц-ма, Ды туджы зæйтæ бауром зæххыл. Йæ кæрддзæмы нытътъыс-ма, цæй, дæ хъама, Дæ тыхтæ скæ - рæстдзинады тæгтыл.
Уайын ме ’скъоламæ æз Хуыссæг не ’рхæцыд мæ цæстыл, Цинæн нал и, нал кæрон. Ахуыр, ахуыры фæндæгтыл, Æз нанаимæ бæлццон. Фестадтæн сæумæйæ абон, Уайын ме ’скъоламæ æз. У, мæ нанайау, мын уарзон, Ахуыр кæнын у мæ хæс. Ме ’скъола æз бирæ уарзын, Зонын «Абетæ» кæсын. Базыдтон æз ам нымайын Æмæ сабыргай фыссын. Ам мын бирæ ис хæлæрттæ, Бузныг, ме ’скъола, дæуæй. Арв цъæх-цъæхид уæд йæ сæрмæ, Разы у, ды та, мæнæй. Ме ’скъола æз бирæ уарзын, Ис мын алцæмæн фадат. Мæнæ райстон та мæ хызын, Уайын ме ’скъоламæ тагъд. ^211 ^
Дзæуджыхъæу - Иры зæрдæ Дæумæ нæ хæхтæй цъитидæттæ ’згъорынц, Йæ зарджытæ дын Терчы дон кæны. Дæ цæстытыл дæ хæстон фырттæ уайынц, Уæлахиздзау дæ хъæбултæ ысты. Базард: Дзæуæг, Дзæуæг - бындурæвæрæг ды, Дæ фарнхæссæг нæ фæсивæд ысты. Хæстон намысы кадджын ном дын радтой, Сæрыстыр Ир йæ хъæбатыр фырттæй. Лæбурджыты дæ рыст риуæй фæсырдтой, Зынгзæрдæ фырттæн ферохгæнæн нæй. Базард: Дзæуæг, Дзæуæг - бындурæвæрæг ды, Дæ фарнхæссæг нæ фæсивæд ысты. Сæрыстыр дæ, нæ Ирыстон, Къостайæ, Цъæх арвæй нæм йе ’стъалы кæсы. Цы загъдæуа: Васо, Аксо, Балойæ, Дæ разагъды хъæбултæ, уыдон сты. Базард: Дзæуæг, Дзæуæг - бындурæвæрæг ды, Дæ фарнхæссæг нæ фæсивæд ысты. Æгас дунейыл хъуыстгонд у Валерæ, Йæ авдæн уымæн - Дзæуджыхъæу уыдис. ^212^
Æрдхæрæны Булаты цагъды зæлтæ, Уæларвон тых - йæ рæсугъд зæлты ис. Базард: Дзæуæг, Дзæуæг - бындурæвæрæг ды, Дæ фарнхæссæг нæ фæсивæд ысты. Цæудзысты азтæ, ивдзысты æнустæ, Нæ уарзон горæт Дзæуджыхъæу рæздзæн. Аланты зæхх - Ирыстонæн йæ зæрдæ, Дæ кадыл Иры зарджытæ зæлдзæн. Базард: Дзæуæг, Дзæуæг - бындурæвæрæг ды, Дæ фарнхæссæг нæ фæсивæд ысты. 14.07.2010 аз ■^щ^-
Нæ Галуан Ехх, цы Галуан нын ис, цы Фæсивæды рæзтæн. Цардмæ циндзинад хæссы, Рухсдæр уæд йæ фидæн. Базард: Рухстау, рухстау, Ды нæ Галуан дæ. Хурау, хурау - Сабиты зæрдæ. Хъæлдзæг сабитæн сæ зард, Фæндыры цагъд хъуысы. Саби - уарийау йæ кафт, Дисы нæ æфтауы. Базард: Рухстау, рухстау, Ды нæ Галуан дæ. Хурау, хурау - Сабиты зæрдæ. Дæсныйæдты куырдадз ам, Райхæлы сæ курдиат. Чи æвæры сыл йæ арм, Арфæйаг сæ хъуыддаг. ^214«^
Базард: Рухстау, рухстау, Ды нæ Галуан дæ. Хурау, хурау - Сабиты зæрдæ. Æрмдæсныйæдтæн сæ куыст, Вафтауы нæ дисы. Хурвæндæгтыл уæд сæ цыд, Арфæйаг сæ балцы. Базард: Рухстау, рухстау, Ды нæ Галуан дæ. Хурау, хурау - Сабиты зæрдæ. Ам ис алцæмæн фадат, «Суадæттæн» - сæ гуырæн. Ардæм сабитæн фæндаг, Рухсдæр уа сæ фидæн. Базард: Рухстау, рухстау, Ды нæ Галуан дæ. Хурау, хурау - Сабиты зæрдæ. Галуан - сабиты зæрдæ, Æртын азы йыл рацыд. Курдиатджын фæлтæртæ, Ардыгæй куы ацыд.
Базард: Рухстау, рухстау, Ды нæ Галуан дæ. Хурау, хурау - Сабиты зæрдæ. Аргъæутты бæстæ ис ам, Бирæтæ йæ зонынц. Кусджытæн сæ удты хъарм, Хурвæндæгтæм хонынц. Базард: Рухстау, рухстау, Ды нæ Галуан дæ. Хурау, хурау - Сабиты зæрдæ. Уæртæ кæс, нæхи Алан, Бафтауы нæ дисы. Уымæ ’нæкæрон нæ уарзт, Дунетыл æрзилы. Базард: Рухстау, рухстау, Ды нæ Галуан дæ. Хурау, хурау - Сабиты зæрдæ.
Мах рæвдыд нæ Галуанæй Мах рæвдыд нæ Галуанæй, Азæй-азмæ стæм. Стыр лæвар - æмбарæм æй, Рухс фидæн кæнæм. Базард: Рацу, рацу - махмæ дын фæндаг, Бафæзм, базон - уымæн дын фадат. Архайæм нывкæныныл, Къах-къухтыл нæ кафт. Шахмæттæй, скульптурæйыл, Дардмæ хъуысы зард. Базард: Рацу, рацу - махмæ дын фæндаг, Бафæзм, базон - уымæн дын фадат. Уæртæ кæс Зæлинæмæ, Фæндырæй æмбæхст. Амонæнтыл йе ’нгуылдзтæ, Нал сыл хæцы цæст. Базард: Рацу, рацу - махмæ дын фæндаг, Бафæзм, базон - уымæн дын фадат. Фæндыры рæсугъд зæлты, Мах арæхстдзинад. Дард Мæскуыйы Галуаны, Азæлыд нæ цагъд. -^217^
Базард: Рацу, рацу - махмæ дын фæндаг, Бафæзм, базон - уымæн дын фадат. Аргъæутты рæсугъд бæстау, Махæн ам нæ цард. Раст цыма фынфенæгау, Азæлы нæ зард. Базард: Рацу, рацу - махмæ дын фæндаг, Бафæзм, базон - уымæн дын фадат. Аивады суадæттæ, Ам - сæдæ æхсай. Махæн ды нæ зæрдæ дæ, Рай æмæ нын рай! Базард: Рацу, рацу - махмæ дын фæндаг, Бафæзм, базон - уымæн дын фадат.
Нанайы хур Хоны мæ нана йæ цæст, Æз кæнын йæ дзырд æххæст. Дæн йæ цумайы лæдзæг, 'Нæзивæг æмæ цæрдæг. Ноджы хоны мæ йæ хур, Куры мæ: «Иронау дзур, Базон «Абетæ» кæсын, Кафын, зарын ’мæ цæгъдын». Мæн куыд тынг фæнды, нана, Цард дæ фæндиаг куыд уа. Адæм нал кæниккой тох, Зæххыл фесæфид фыдох. Базард: О, нана! Мæхи нана! Цард дæ фæндиаг куыд уа! *ч*цр/*ч 2195 &?~
Сабырдзинад Кавказæн Хæлардзинады тæгтæ чи тауы Кавказы, Гъе уыдонæн мæ зæрдæ бирæ хæрзтæ уарзы. Кæрæдзийæн куыд кæнæм, Кавказæгтæ, мах кад, Æппæт дзыллæты фидæн - цъæх арвы бын - нæ цард. Нæ кæстæртæн сæ сомбон, Уæд абонæй хуыздæр. Æппæт дзыллæтæм сидæм, Фæрнæйдзаг куыст кæнæм. 4 ъ’Щр’* у
Сусæг уарзт Бакæсын дæм сусæгæй, О, мæ хур, мæ цæст. Дзуры зæрдæ, уарзын æй, Хинымæр, æрмæст. Уалдзæг кæрдæг базмæлы, Æрдз, чындздзонау, раст. Бахауд зæрдæ уацары, Судзы риуы уарзт. Дæттæ уайынц ивылдæй, Хурмæ худы бон. Бакæсын дæм аивæй, 'Ргом та нæу мæ бон.
Мидхъуырдухæн М. Э-æн Дæуæй лыгътæн, нæй хи удæй фæлидзæн, Мæ аууонау мæ удыл уыдтæ баст. Æнцой нæ арын а зæххыл мæхицæн, Мæ зæрдæ у мæ уды зынтæй саст. Нæ фæндæгтæ кæрæдзийæ сты хицæн, Тæргай фæлыгътæн тынг раджы дæуæй. Цы загъдæуа æвзонг зæрдæйы митæн, Сыгъдæг уарзтæн та ферохгæнæн нæй. Кæдмæ цæрон - цæрдзынæ ды мæ зонды, Мæ сусæг сæнтты - мысдзынæн æз дæу. Мæ хъуыдыты-иу фестдзынæ ыстъалы, Æнæ дæу, оххай, цард мын адджын нæу. ’ *\ф^ч <ч* 222 *г
Зарæджы зæлтæ Мæ хъустыл уайы æрхæндæг зарæг, Уый чидæр уарзоныл кæны. Мæ зæрдæ сагайдта, куыд хъарæг Æз хъусын, цæстысыг кæлы. Кæд чидæр сусæг уарзтæй уарзта, Йæ риуы сусæг уарзт сыгъди. Кæд уый йæ уарзоны ныууагъта, Æмæ зæрдæдзæф уый фæци. Сыгъдæг уарзт - хурау удты тавы, Сыгъдæг уарзт - базыртæ дæтты. Сыгъдæг уарзт - зæрдæты рæвдауы, Сыгъдæг уарзт - зарджыты цæры. ^223^-
Дидинæджы хъæлæс Куы агайа зæрдæ мæ бакаст, Куы сфæнд кæнай ’ртонын ды мæн. Фыдракæнд уыдзæн мын дæ ахаст, Мæ уидаг мæ сæфтыл кæудзæн. Æз рухс кæнын быдыртæ, фæзтæ, Мæ уындæй ис алкæмæн хай. О, ма разын ма, ды, фыдзæрдæ, Мæ размæ æруай-иу, æруай. Кæс-ма мæм, чызгайы æнгæс дæн, Æз мады зæрдæйау рæсугъд. Ныййарæгау зæрдæтæн рухс дæн, Гъе уымæн, дæхиуыл æрхуд. ^ 224 ^
Æппæтæй тыхджындæр Æппæтæй тыхджындæр, Кæмæн у йæ уарзт. Æппæтæй фæлмæндæр, Кæмæн у йæ каст. Кæй зæрдæ у барон, Нæ зынты - æндон, Æппæт зæххæн уарзон, Ныййарæг - дæ ном. Нæ цардæн йæ уалдзæг, Нæ цардæн - йæ ныфс. Дæуыл у мæ зарæг, Дæ уарзт нын дæттыс. ’ *\ф/*ч ^225^- 15
Цы рæстæг уыд Цы рæстæг уыд! Кæрæдзийы æмбæрстам, Нæ уыди не ’хсæн хин æмæ хæрам. Зæрдæйы рухс кæрæдзийæн лæвæрдтам, Мæгуырæй дæр, рæдау уыди нæ арм. Кæны нæ рæстæг дихтæ æмæ къордтæ, Нæ фæсивæдыл аудын хъæуы. Наркотиктæн - парахаты фæндæгтæ, Йæ уацары нæ фæсивæд кæны. Тæхудиаг уæд уыдзæни нæ рæстæг, Куы бамбарæм нæ кæрæдзийы рис. Рæстзæрдæ лæг, æнгомгæнæг - нæ фæтæг, Рæстдзинады нæртон лæджы тых ис. Гыццыл стæм, цы кæнæм къордтæ, дихтæ, Нæ иудзинады - амонды тых ис. Иæхи гуылы бын чи кæны æндзаргæ, Гъе уый фыдæй, ыстынг вæййы фæдис. Дунескæнæг, мæнгард удтæй нæ бахиз, Рæстдзинадæн уæрæх фæндаг куыд уа. Сыгъдæг зæрдæ - æдзухдæр уæд уæлахиз! Цæмæй нæ дзыллæ уарзонæй цæра! ^226^-
Мады хъæлæс Цы зæрдæйæ ма уарзты кой кæндзынæ, Цы цæсгомæй ды мады ном зæгъдзынæ?! Куы кæны дихтæ уый зæрдæ - ныттар. Цы зæрдæйæ ды сидзæртæм кæсдзынæ, Ды мады ном цы æвзагæй зæгъдзынæ? Гъе уыдæттæн - дзуапп ма мын ыссар. Дæ хистæртæ куы нал ысты сæ сæрæн, Куы дын куывтой: - «’Сбæзз-иу нын кæстæрæн, Фыдгæнджытæй куыд уай нæ кæстæр хызт.» Зындоны арты судзы ныр дæ бæстæ, Хæстмондаг дæ, о, басудзой дæ фæндтæ, Дæ кой, дæ номæй - адæм ысты рыст. Цавæр æвзагæй дзуапп мæнæн дæтдзынæ? - Хъæбул дæн æз, - цы цæсгомæй зæгъдзынæ?! Дæ хотыхтæй ды амардтай дæхи. Дæ аууонау фæсмон хæццæн дæуимæ, Уый царды уæз - ныхъхъусдзынæ дæхимæ, Цы у дæ цард! Дæхи зынгæй фæци. 03.02.1991 аз
Бырнацты Алихан æмæ Эльбрусæн Мæнæ та кæсын, кæсын дæ къаммæ, Æмæ мæ куынæ уырны, куынæ. Тохы бон Ирыстонмæ куы тахтæ, Уæд мæ бон, цы æрбадæ, кæм дæ? Тахтæ ды Ирыстонмæ фæдисы, Хъулгъа нæм куы ’рбалæбурдта, уæд. Уайынц бонтæ, азтæ - зæрдæ риссы, О, Хуыцау, кæм æрбайсæфти фæд. Хъæубæстæ Алиханы куыд уарзынц, Аив уæнгтыл царды уæз зыны. Дудгæ бонтæ цал азы æвзарынц, Эльбрус нæм куыд никуыцæй зыны. Ныр цæуыс Хуырымонмæ фæлладæй, Бæлццæттæй куы фæрса дæ Гыцци: - Не ’рцыдысты, - ма-иу зæгъ, ма, - хæстæй, Уый уыдзæни де ’рдыгæй фыдми. Æртæ бæлццоны, хурæнгæс цæргæстæ, Сымахмæ бæлгæ бирæтæн сæ цард. Бабын уа хæстмондагæн йæ зæрдæ! Иры зæхх, уæ фыдмитæй фæллад.
Кæстæртæн Зонады фæндагыл размæ тырнут, Цард уæм йæ мидбылты худæд. Сымахæй нæ фидæн - рæствæндаг кæнут, Царды уæ мачи фæцудæд. Кадхæссæг Ирæн - уæ хъару, уæ зонд, Баскъуыхут фарны хъуыддæгты. Сисут йæ намыс нæ хæхтау бæрзонд, Уый уын нæ зæрдæ куы зæгъы. Фæндæгтæ сымахæн - парахат, уæрæх, Бирæ хæлæрттæ ыссарут. Нæ фæллад Ирыстон, нæ фыдæлты зæхх. Уый-иу уæ удты бæрц уарзут. ^229^-
«Рæстдзинад» Дзыллæты зæрдæтæм рухсдзинад чи хæссы, Зæрдæтæм уый у бæлццон. Удуæлдай лæггад йæ адæмæн чи кæны, Уымæн æнусон йæ ном. Дзыллæты зондахаст хорзæрдæм чи кæны, Уый у æнæхин хъæбул. Адæмы амондæн йе ’ппæт цард чи ратты, Уый у йæ дзыллæйы хур. 03.01.2000 аз -^щ^
Сфæлдыстад æмæ «Рæстдзинад» Сфæлдыстад æмæ «Рæстдзинад», Иумæ баст сты, бæгуы. Зæрдæйы тæгтæй сæ уидаг, Фæндагамонæг сты. Сфæлдыстад æмæ «Рæстдзинад», Махæн цас кæнынц лæггад. Иумæ равдисут лæгдзинад, Хурау рухс кæнут нæ цард. Сфæлдыстад æмæ «Рæстдзинад», Сымах нæ цардимæ бæттут. Уæд æнæхъыгдард уæ уидаг, Цардмæ рухс тынтæ хæссут! ’ *Лф/"* ч ■^ 231 ^-
Сабитæн - рухс фидæн Цины цæссыгтæ уæ уадултыл уайæнт, Хуры фæлмæн тынты найут уæхи. Мадæлты фæндиаг сабитæ рæзæнт, Æнæ сымах амонд, ссарæн куыд и. Æнæ сымах дуне, къуырма æмæ тар у, Æнæ саби хæдзар, хастау у, раст. Саби нæ фидæн - хæдзары бындур у, Сабиты уындæй, æрбайсæфы маст. Рæзут нын рæзут, сыгъдæг арв уæ сæрмæ Ма фенут царды фыдох æмæ зын. Саби нæ хур у, нæ дидин, нæ зæрдæ, Бафсæдут цардæй, æз уымæ бæллын.
Хæтæгты Нинæйæн Æрцыд бæллæх. Дæу машинæ ыскъуырдта, Дæ рæсугъд фæндтæн æрбаскъуыди сæ хал. Куыд дыл риссы, нæхи Нинæ, мæ зæрдæ, Фыдбæллæхæй, о цал бабын ис, цал. Дæ фæндыры цагъд ауайы мæ хъустыл, Дæ зарджытæ Ирыстоны зæлынц. Кæуы дæ фæндыр - цæссыгтæ йæ тæнтыл, Дæ хъæбултæ зæрдæрыстæй цæрынц. Дæ рæсугъд сурæт цæстыты раз фесты, Нæ диссаджы парахатзæрдæ ’мбал. Нæ мæ уырны, дæу нал фендзынæн никуы, Адзалæн та, дам, нæй зæххыл мадзал. 24.07.2010аз
Арсæмæгæн Диссаджы ысуинаг, Сабитæн - фæзминаг. Байрæз, у æвыд, Цардæй та - у рæвдыд. Хистæртæ уæ фæрцы, Ахæм гуырдтæ рæзы. Уæд сæ фæндаг лæгъз, Ссарут сын фæрæз. Арæхстджын - дæ дзырд, Ирæн ды йæ фырт. Кус дæхиуыл кус, Уæд дæ фидæн рухс. 2010 аз ^ЩЩ^П’ ^ 234 ^
Хæххон цардæй Куы æрцæуа дардæй, Фæндаггон фæлладæй, Йæ размæ-иу рахиз, ысдзурæм фæлмæн. Æмæ-иу æхсæвæр йæ разы æрæвæр, Дæ къухы цы уа, Уымæй бузныг уыдзæн. Зæгъ-иу ын уæзданæй Нæ чысыл хæдзарæй: - Табуафси, мах дын уыдзыстæм фысым. - Фæлæ тагъд куы кæна, Уæд та-иу мæ къона, Фæндагмæ ысрæвдз кæн хæринаг, хызын. Дæ цæст-иу ыл ахæсс: Мыййаг кæд йæ дарæс, У зилинаг, зивæг-иу ма фæкæн ды. Гъе уыдон, мæ кæстæр, Фæдзæхсын дæуæн дæр, Дæ лæггæдтæй бузныг уыдзæн уæд, бæгуы. Уæ рæстæг æндæр у, Фæндаггон ыстæм у, Хæххон цард куыд зын уыд, ды уый дæр æмбар. Æна-иу куы дзырдта, Æхсæв-иу куыд хуыдта, Йæ уды лæггæдтæй-иу хайджын уыд, цал!.. Æккойæ дон хаста, Фæрæтæй суг саста Хæринаг кæнынæн, ’скодта-иу арт.
Гъе афтæ хæхбæсты, Зын уавæр, зын рæтты, - Æппæтæй дæр тох уыд, хæххон лæджы цард. Куы æрцыд-иу уалдзæг, Уæд хурæн йæ уазæг, Гыццыл зæххы гæбаз-иу бакуыстой хорз. Уæд хос-иу куыд карстой, Æмæ-иу куыд ластой, Цæмæй-иу зымæг уа сæ фосæн дæр хос. Цы зын уыд сæ заман, Цы судзин, цы теман, Ыссарынмæ царды, хæхбæсты кæм уыд. Сыхагмæ-иу бадзур, Куы йæм уа, уæд ракур, - Сæ къахыдарæс-иу æрцыдаид хуыд. Ыссивын афон-иу, Ыскодтой ыстыр зиу, Сæ фæззыгон куыстмæ, æнæтындзгæ, куыд. Стæй-иу фæстагмæ, Сæ къæрццæмдзæгъд цагъдмæ, Къуырийæ-къуыримæ чындзæхсæвтæ цыд. Уым зарын куыд уарзтой, Сæ кафын нæ уагътой, Ирон æгъдау царды бæрзонд уыд æвæрд. Сæ хойраджы скондæй, Сæ рæсугъд лæггадæй, Фынджы ’гъдаумæ гæсгæ, - уæздан та - сæ хæрд. -^ 236 ^
Сæ ронбаст нæ уагътой, Æгъдау-иу лæвæрдтой, Гуыбыныл хæцын уыд ирон лæджы кад. Уыд хистæр уæззау зонд, Уыд кæстæр - цæй æрвонг, Фæзминаг кæдфæнды - нæ хæхбæсты цард. ’ *\ф/*к
Нæхимæ хæхты Уалдзыгон рæгътыл, Сæууон æртæхыл, Хуры тын хъазы, ой! Бынæй та комы, Æррадон згъоры, Зæллангæй зары, ой! Нæ урссæр хæхтæй, Цъититы риуæй, Уымæн йæ гуырæн, ой! Æнæ уый зæлтæ, Нæ уарзон хæхтæ, Æгомыг ысты, ой Бонвæрнон стъалы, Арвы тыгъдады, Цæхæртæ калы, ой! Бынæй та комы, Йæ рохтæ тоны, Æррадон зары, ой! Æрцу нæ хæхтæм, Байхъус йæ зæлтæм, Иумæ ныззарæм, ой! Æфсæнриу хæхтæ, Фыдæлты бæстæ, Сæгуытты бадæн, ой!
Ам, м’алы къахдзæф, Сæндых - йæ уæлдæф, Мæнæн зынаргъ у, ой! Хæрзбон уал рау, Мæ фæстæ ма ку, Æдзæрæг ма у, ой! 1993аз ъЛЩрГ* ч ^239 *?
Дымгæ Рог дымгæ тæргайы, Хæхтæй быдыртæм тæхы. Цыма агуры йæ къайы, Ууыл катайаг вæййы. Бон, æхсæв - нæ зоны афон, Уымæн афтæ у йæ уаг. Галæгонæн у йæ хъузон, Уый йын амоны фæндаг. Бæлæсты цæнгтæ ныттилы, Асæрфы йæхи кæм нæ. Афтæ комæй-коммæ зилы, Зилы хъарджытæ кæнгæ. Куы нæ сæрмæ хур ныхгæны, Мигъты уылæнтау тæры. Уынгтæ ног чындзау ныммæрзы, Куы нæм бырæттæ хæссы. Куы мын бакæны мæ рудзынг, Куы мыл æрбассоны дуар. Хатт вæййын æз уымæй бузныг, Рахгæ-бахгæтæ дзæвгар. 29.08.1993 аз ^ТЩЪЛ^ ^240^-
О уаих фæуат О уаих фæуат, уасджытæ, Сæумæйæ уæ куыд равдæлы? Ныууадзут ма уæ зарджытæ, Нанайы «цæст» фынæй кæны. О уасæг, уасæг, ма хъыгдар, Уый адджын фынты ленк кæны. Æгæр раджы-иу ма ныззар, Нана дæуæн цы фæдзæхсы. Йæ адджын фынты бахуды, У хурæнгæс Нанайы «цæст». Нана Хуыцаумæ бакувы: - Куыд байрæза, куыд нæуа хæст. О уаих фæуат, уасджытæ, Уæ æрдзы сконд куыд нæ ивут. Сæумæцъæхæй уæ зарджытæ, Æнæсæттонæй райдайут. О уасæг, уасæг, байхъус цæй! Баба бирæ нæ фæраздзæн, Куы ыстыхса дæ зарджытæй, Дæ сæр йæ къухты баззайдзæн. О уасæг, уасæг, ма хъæр кæн, Фæхæц дæхиуыл, цавæр дæ. Дунейы рухс - нæ сабитæн, Адджын фынтæй сæ ма хъал кæн. — ^ 241 *?
ÆМДУГОНТÆ АЛЛÆЙ/ЕН: Айларты Михал Тоборзайаг сауцæст Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Хуырымты Аллæйæн Мидбылты худынц хуры тынтæ Аллæмæ Хуырымты. О уынай мын адджын фынтæ, Уарди тон уæ хуымты. Тоборзайы ’нхъизгæ суарæй Басæттыс мæ дойны. Рухс кувæндон - хъæды дзуарæй Фездæхыс æмбойны. Чи нæ уыдис Тоборзайы Уазæгуат Хуырымтæм. Уардитæ дзы цас æрзайы, - Дзагæфсир сæ хуымтæ. Аллæйы фæндыры зæлтæм Зæрдæ цинæй кафы. Рагон кадджын Хохы зæдтæн Се стыр сагъæс сафы. ^242=^
Ехх, Аллæ, дæ фæндырдзагъдмæ Бон-изæрмæ хъусин. Булæмæргъы хъæлдзæг зардмæ Рухс зæрдæйæ кусин. Мидбыл худынц хуры тынтæ Аллæмæ Хуырымты. О уынай мын адджын фынтæ, Уарди тон уæ хуымты. ’ *Лф/"* *
Балаты Альберт Фыды фарн Хуырымты Аллæйæн Амондæй рохуаты аззад Сонтæй дæ иунæджы сæр. Басыгъта хæсты фыдазар Зонын, Хуырымон, дæу дæр. Нал æрцыд де ’дзард фыд тохæй, Басудза хæсты быдыр! Фæлæ нæ баззади рохæй Мæгуыр, йæ уазмыр фæндыр. Арвы цъæх нуазыс йæ цæстæй Рухстау, поэты фæдон! Курдиат нæ баззад æмбæхстæй, Уæллагæй лæвæрд - æрдзон. Фæндырыл рог къухтæ ’рхастай. Диссаг, ысдзырдта æргом. Йемæ дæ рæзгæ уд сбастай. Арфæйаг Ирæн - дæ ном. Царды æнæкæрон фурды Размæ æмбисонд фæдæ. Бавæрдтай фæндыры уды Де ’нæнцой судзгæ зæрдæ. — ^ 244 ^——
Айстай дæ сæфт фыды зарæг. У йын дæ цард дæр нывонд. Адæмты зæрдæтæм хъарæд. Сис æй нæ хæхтау бæрзонд! у пф/*ч Курданова Розалия Алле Танцуя, на миг исчезаешь, На сцене лишь вижу тебя. Честь родного села защищаешь, На любимых подружек глядя. 4 Пф/* ч Сæлбиты Иринæ РЦИ-Аяанийы сгуыхт ахуыргæнæг, Колыты Аксойы премийы лауреат, 13-æм скъолайы директор Курдиаты базыртыл Аллæ у нымад адæймаг, кадджын хистæр. Стыр аргъ ын кæнынц ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ. Йæ иузæрдион куыстæй æлхæны не ’ппæты зæрдæтæ дæр. 20 азæй фылдæр кæны — ^245^ ——
хъомыладон куыст не ’скъолайы, сывæллæтты ахуыр кæны ирон фæндырдзагъдыл, ирон аив дзырдыл. Йæ ахуырдзаутæй бирæтæ ацыдысты йæ равзæрст фæндагыл æмæ абон уыдон дæр ахуыр кæнынц кæстæрты фæндырæй цæгъдыныл. Не ’скъолайы ахæм бæрæгбон нæ вæййы æмæ дзы Аллæйы æмдзæвгæты бындурыл сарæзт литературон-музыкалон композици ма уа, æмæ сæ нæ ахуырдзаутæ ма бакæсой. Йæ фæндырдзагъд æмæ зардæй саив кæны алы бæрæгбоны дæр. Аллæйы сфæлдыстад у бирæвæрсыг. Æмдзæвгæтæ фыссынмæ куыд рæвдз у, афтæ хорз арæхсы нывтæ кæнынмæ дæр. Не ’скъолайы къулæй нæм уарзæгой цæстæй Къоста цы нывæй кæсы, уый дæр у йæхи конд ныв. Аллæ у диссаджы цæстуарзон, бæрнон, сыгъдæгзæрдæ адæймаг. У стыр арфæты аккаг æмæ йын мæ зæрдæ зæгъы: æнæниздзинад, йæ кæстæрты циндзинадæй зæрдæрухс уæвын æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ. Танделаты Розæ Хетæгкаты Къостайы номъиг 13-æм скъолайы ахуыргæнæг, сфæлдыстадон къорд «Талаты» разамонæг Рухстауæг Адæймаг, зæгъынц, цас курдиатджындæр æмæ фендджындæр уа, уыйас йæхи хуымæтæгдæр дары. Цогойты-Хуырымты Аллæйæн йæ иууыл ирддæр
курдиат у йæ уды сыгъдæгдзинадæй чи цæуы, уыцы цæстуарзондзинад. Хуырымонæн æрдз ницы бавгъау кодта йæ удысконды рæсугъддзинад сфæлындынæн. Йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ куыд хæрзаив у æддаг бакастæй, афтæ йæ миддуне дæр у хъæздыг, æххæст - ирон фарн, ирон æгъдауæй. Ахæм хистæртæ рæзгæ фæлтæрæн сты фæзминаг. Аллæ Батырбековнæ у курдиатджын адæймаг, дзырдаивады дæсны. Æрвылбон скъоладзаутæн кæй ис фадат йемæ ныхас кæнынæн, йе сфæлдыстад æмæ йæ аив фæндырдзагъдыл ахуыр кæнынæн, уый хуыздæрырдæм ахады хъомыладон куыстыл. Цогоев Николай Никогда стихов я не писал Никогда стихов я не писал, но перед красотой голову всегда склонял. Однако, вот беда! Красота внешняя и внутренняя сочетаются не всегда. У Вас же эти качества, о, Алла, в форме гармонии, что вызывали в моей душе раскаты молнии. Вы достойны любви и подражания, а не повседневного служения. -—^ 247 ^
Чеджемова Ирина Алле Природой ты наделена, Богатством слов родного языка. Твой лексикон - живительный родник, В природе нашей сказочной возник. И пусть горит твоя звезда, Нам сила слов твоих нужна. Пусть гордый Нар тебя благословит, Его потомство, вновь поэзию творит. ’ тьМЦ^* ч
КЪАМТÆ ДЗУРЫНЦ Аллæйы мад Женя рахизæрдыгæй дыккаг Лæууынц: Хуырымты Маруся, Мисурæт æмæ Хетæгкаты Замирæт; Бадынц: Хетæгкаты Хъасболат, Хетæгкаты- Хуырымты Уæлгъа (Аллæйы фыдыхо), Бырнацты Хазби
^§Ь&*ёё0^ Аллæ æмæ Алан, Никъала æмæ Фатимæ Аллæ хиуæттимæ Аллæ æрыгонæй ■^250^
^л^& Аллæ æмæ Никъала Цогойты Никъала Женя, Фатимæ Аидæ æмæ Заур æмæ Алан ■^251^
Аллæ йæ кæстæртимæ 345-æм дивизийы архайджыты фембæлд Дербенты, сæ хъæбатырдзинады кадæн цыртдзæвæн гом кæныны рæстæг. Къамы: Кцойты Мирæ, Аллæ æмæ Четойты Георги - Севастополы хæстыты архайæг ^252^
Хуырымты Аллæ, Æрчъегкаты Зарæ, Багаты Лади, Гаджиты Фузæ Айларты Измаилы юбилейон изæры, 2014 аз Айларты Измаил æмæ Хуырымты Аллæ 253
Къамы: Дарчиты Мурат, Гасанты Валерæ, Хуырымты Аллæ, Дзугаты Мурат. Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæ, 2015 аз Дзанайты Хадзымæты чиныджы презентацийы рæстæг Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы, 2016 аз ■^254^
Аллæ лæвар кæны Хадзымæтæн йæхи нывконд портрет «Къоста» Аллæ Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы литературон иугонды уæнгтимæ 255
^^ЙМ^^^^ Литературон иугонд «Суадон»-ы уæнгтимæ Нафийы 90 азы бæрæгбон Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы. 2015 аз -^ 256
Литературон музейы, 2019 аз Къамы: Дзугаты-Мурасты Риммæ, Дауыраты Зæлинæ, Сæлбиты Иринæ, Пухаты Зале, Хуырымты Аллæ Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæ, 2016 аз -^. 257
^^ММ!^5 Аллæ педтехникумы ахуыргæнджытæ æмæ студенттимæ Айларты Михалы юбилейон изæр. Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæ, 2012 аз 258 ^"
Ирон æвзаджы бæрæгбоны фæстæ Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы, 2011 аз Аллæйы сфæлдыстадон изæр. 13-æм скъолайы директор Сæлбиты Иринæ æмæ изæрархайджытæ ^^ 259^
Къостайы бæрæгбон (13-æм скъола). Аллæ кæсы йæхи фыст номарæн æмдзæвгæ Сæлбиты Акимимæ фембæлд 13-æм скъолайы -^ 260
— ^^ЫМ^' " СÆРГÆНДТÆ Дзугаты-Мурасты Р. Фыды фарнæй 5 Мæ зарæг - Ирыстон 20 Мæ зæрдæйæн - йæ зæрдæ 21 Иры стъалы (Къостайæн) 22 Къостайæн 23 «Ирон фæндыр» 23 Хетæгкаты Къостайæн 24 Мадæлон æвзаг 25 Колыты Аксойæн 26 Ирыстон 27 Дыууæ фæндыры 28 Фæндыр 30 Гыццийы ныхæстæ 31 Риссы зæрдæ 32 Пантеоны (Къостайæн, Васойæн, Аксойæн,Балойæн) 33 Иры цæугæ хох (Абайты Васойæн) 34 Васо Абаеву (Пер. И. Гурджибековой) 35 Война, 1941-1945 (Пер. И. Гурджибековой) 36 Письмо с фронта (Пер. И. Гурджибековой) 37 Хæстон постхæссæг хæхты 38 Црайуаг æдзард æфсымæртæн 40 Æз федтон дæу - æрмæстдæр фыны 41 Тугæй фыст писмо мæрдтæй 42 Æбæрæгæй фесæфт 44 Амонд 45 Æрымысæм абон 46 Агурын дæу 47 Зæрдæ риссы, риссы... (мæ фыды мысгæйæ) 49 Плиты Иссæйы мæлæты бонмæ 50 — ^ 261 ^—————
Тохмæ цыдысты 51 Уæлахизы 65 азы бонмæ 52 Уæлахизы кадæн 53 Æрымысæм абон 54 Дзуры та къаммæ мад 55 Мæ мады æртæ бæллиццы 56 Севастопольский вальс (Пер. И. Гурджибековой) 57 По рассказам и по фильмам 58 Ирыстон кæмæй у сæрыстыр (Мамсыраты Х-М.) 59 Зæнджиаты Владимирæн 60 Куы зонин 63 Мæ гуырæн бон 64 Цыдысты фæдисмæ (Гуыриаты Габойæн) 65 Æбæрæг хæстонтæ (Гуссауты цыппар æфсымæрæн) 66 Мæй дæр сæ зынтылхъæрзы 67 Нæ урссæр чызджытæ 69 Рухстауæг, мад-хæстон (Баймæтаты-Дауыраты А.) 70 Дæ фæдтæ 73 Æдзард хæстоны идæдз (Сланты Оляйæн) 75 Хæстарыд сабидуг (Басаты Барисы 75 азы кадæн) 76 Фæстаг хæрзбон (Антоненкайæн) 78 Хъайтыхъты Азæмæтæн 79 Уæлахиздзау (Цогойты Хъæрæсейæн) 80 Мады мысгæйæ 81 Мæ мады сурæт 82 0, Галæгон 83 Æлборты Барысбийæн 84 Куы хъæуы ахæм гуырд нæ Иры (Хуырымты Убæзæн) 85 Ирыстоны сагъæссаг хъæбул (Гæдиаты Цомахъæн) 86 Нигерæн 87 Багаты Никъалайæн 88
Джусойты Нафийæн 89 Нафийы сидт 90 Шамилæн (йæ 70 азы кадæн) 91 Хаджеты Таймуразæн 92 «Мах дуджы» 80 азы кадæн 93 Поэты зæрдæ (Касаты Батрадзæн) 94 Фыдыуæзæг 96 Кучиты Юрæйæн 97 Таутиаты Солæманæн 98 Артуд ирон (Тæболты Сергейæн) 99 Арфæйы ныхас (Реуазты Симæйæн) 100 Валерию Гергиеву (Перевод И. Гурджибековой) 101 Ирыхъæбул (Гергиты В-йæн.) 102 Мады бон-Ирыстоны 103 Кæмæй у сæрыстыр Ирыстон (Айларты И. 90 азы кадæн) 104 «Майы фаззон» (Хозиты Яковы мысгæйæ) 105 Зæгъ-ма мын Терчы дон, зæгъ-ма (Хозиты Яковæн) 105 Хъулаты Сосланæн 106 Ачеты Аркадийæн 107 Фæстаг фæндараст (Æгъуызарты Тамеланæн) 108 Тохвæллад зæрингуырд (Дзанæгаты Черменæн) 109 Соттиты Риммæйæн 110 Епхиты Мишайæн (йæ 100 азы райгуырды бонмæ) 111 Хацырты Æнзорæн 112 Æртæ ’рдхорды (Бокоты X., Къаболаты С, Хæуытаты Къ.) 113 Къаболаты Солтанæн (йæ 70 азы бонмæ) 114 Дæу Иры дзыллæ мысынц (Хуырымты Уырызмæгæн) 115 Заманхъулы рæгътæ æнæ дæу æнкъард (Чеджемты Æхсарæн) 116
Рухстауæг (Хозиты Барисы 60 азы кадæн) 117 Хозиты Барисæн 118 Фыдæлты фарнхæссæг (Дауыраты Зæлинæйæн) 119 Дæ нæргæ хъæлæс (Челдыты Вадимæн) 120 Æнæцудгæ Иры хъæбул (Плиты Таймуразы мысгæйæ).... 121 Арфæйы ныхас Дзасохты Алыксандрæн 122 Фыды фарн (Дзанайты Хадзымæтæн) 123 Къадзаты Станиславæн 124 Амонды базыртыл (Гуырдзыбеты Иринæйæн) 125 Иры чызг (Годжыцаты Изольдæйæн) 126 Ирон къаба 127 Арфæйы аккаг (Гуыцмæзты Аннæйæн) 128 Курдиат 129 Арфæтæ Дзбойты Михалæн 130 Гæздæнты Булатæн 131 Кæсыс ды æмдзæвгæ 132 Фыццæгæм сентябр 133 Сæлбиты Ирæйæн 134 Бекъойты Аллæйæн 135 Мæхъиты Розæйæн 136 Бæгъиаты Федырæн (80 азы кадæн) 137 Æрмдæсныйад (Танделаты Розæйæн) 138 Танделон Розæйæн 139 Дзугаты-Мурасты Риммæйæн 140 Аивады базыртыл (Чеджемты Ирæйæн) 141 Арфæйаг Ирæн дæ дзырд (Дзасохты Музаферæн) 142 Аивад - йæ цард (Гасынты Жоржæн) 143 Хуыцауæй лæвæрд курдиат (Гокинаты Игорæн) 144 Ахуыргæнæг 145 «Ирон» (Гасситы Муратæн) 146 Ирыстоны Булæмæргъ Суанты Кимæн 147 ■ ^264^ -
Суанты Станиславæн (йæ 70 азы боны кадæн) 148 Экологи æмæ туризмы цырагъдар (Беруаты Барисы кадæн) 149 Æрдзон курдиатæй хайджын (Гаглойты Рутенæн) 150 Йæ зонды рухс (Æгъуызарты Æхсарбегæн) 152 Хетæгкаты Вовæйы табæты раз 153 Зарæджы базыртыл 155 Тахъазты Харумæн 156 Кæлæнгæнæг фæндыры зæлтæ (Золойты Беллæйæн) 157 Гасанты Валерæйæн 158 Чиныг - цыкурайы фæрдыг 159 Чиныг 160 Дзур, мæ къона, дзур иронау 162 Уды рухс (Мурасты Риммæйæн) 163 Санаты Аидæйæн 164 Дохтыр æмæ зарæджы базыртыл (Тедеты Шаликъойæн)... 165 Залейæн (Туркагирон чызгПухаты 3.) 166 Нæ Иры фæсивæд 167 Æгæрону нæ хъыг 168 Æрцыд бæллæх (Сæлбиты Ибрæгимæн) 169 Хъысмæт (Еналдыты Оледжы мысгæйæ) 171 Рауагъдад «Ир»-ы 100 азы кадæн 172 Радиойы хурæмдых зæлтæ 173 Арфæйы ныхас (Рухстауæг Диамбегты-Хататы Р.) 174 Фыдæй-чызгмæ Щзаттиаты Зæлинæйæн) 175 Арфæйы ныхас Муриты Данæйæн 176 Уæлдай цин дæ циныл кæнæм (Фидараты Эльбрусæн).... 177 Бызыккаты Земфирæйæн 178 Фæндырдзæгъдæг (Хетæгкаты-Цæллагты 3-н) 179 Айрæз тагъддæр 180 Нæ сабитæн 181 — ^265^ —
Фыццаг кинофестивалы кадæн 182 Сæлбиты Акимæн 183 Нæхи Артур (Джимиты Артурæн) 184 Ме ’скъола 185 Хуырымты Сидæрæн 186 Æнæ дæу (Цогойты Никъалайæн) 187 Фыды фæдзæхст (Салхъазанты Тамис æмæ Харитоны тыххæй) 188 Хъæбулы мысгæйæ 189 Ды ацыдтæ 190 Гагаринæн 191 Реуазты Альберты мысгæйæ 193 Бырнацты Мараты табæты раз 195 Хæлары ингæны уæлхъус 196 Фехъус, хæстмондаг хъæбул! 197 Нæхорз сыхаг 198 Рухстауæг-ирвæзынгæнæг (Æлбегаты Дзерассæйæн) 199 Сау тырыса дард бæстæй 200 Дæуæйкурæм 201 Туалгом 202 Бахъахъхъæнæм æрдз 203 Æрдзыхæрзтæ 204 Зæхх 205 Зæхххъæрзы 206 Æрдзы риу - парахат 207 Нæхæхтæм фæндаг 208 Цы нылæрцыд? 210 Уайын ме ’скъоламæ æз 211 Дзæуджыхъæу- Иры зæрдæ 212 Нæ Галуан 214 Махрæвдыд нæ Галуанæй 217
Нанайыхур 219 Сабырдзинад Кавказæн 220 Сусæгуарзт 221 Мидхъуырдухæн. (М. Э-æн) 222 Зарæджызæлтæ 223 Дидинæджы хъæлæс 224 Æппæтæй тыхджындæр 225 Цырæстæгуыд 226 Мадыхъæлас 227 Бырнацты Алихан æмæ Эльбрусæн 228 Кæстæртæн 229 «Рæстдзинад» 230 Сфæлдыстад æмæ «Рæстдзинад» 231 Сабитæн - рухс фидæн 232 Хæтæгты Нинæйæн 233 Арсæмæгæн 234 Хæххон цардæй 235 Нæхимæхæхты 238 Дымгæ 240 Оуаихфæуат 241 ÆМДУГОНТÆ АЛЛÆЙÆН: Айларты М. Тоборзайаг сауцæст [æмдзæвгæ] 242 Балаты А. Хуырымты Аллæйæн [æмдзæвгæ] 244 Курданова Р. Алле [æмдзæвгæ] 245 Сæлбиты Иринæ. Курдиаты базыртыл 245 Танделаты Розæ. Рухстауæг 246 Цогоев Николай. Никогда стихов я не писал 247 Чеджемова И. Алле [стихотворение] 248 Къалгтæ дзурынц 249 ^267^
Литературно-художественное издание Цогоева-Хурумова Алла Батырбековна ЧЕСТЬ ОТЦА Стихи Редактор и составитель — Р. Ч. Дзугаева-Мурашева Технический редактор — Е.Н. Маслов Компьютерная верстка — С.А. Булацева Дизайн обложки — ДА. Джиоева Подписано в печать 30.06.2020. Формат бумаги 60x84 1/16. Бум. офс. Печать цифровая. Гарнитура шрифта «Вооктап 016. 81у1е 1гоп». Усл. п.л. 15,5. Тираж 100 экз. Заказ № 49. Отпечатано ИП Цопановой А.Ю. 362000, Владикавказ, пер. Павловский, 3.