Text
                    ШГуШЙЕ


А. С. ПУШКИН С КАЗК И На осетинском языке Государственное Издательство Северо-Осетинской АССР Дзауджикау * 1949
АРГЪАУ ПАДДЗАХ САЛТАНЫЛ, ЙÆ КАДДЖЫН ÆМÆ ХЪÆБАТЫР ФЫРТ КЪНЯЗ ГВИДОНЫЛ ÆМÆ УЫЙ РÆСУГЪД УСЫ — ХЪАЗЫ ТЫХХÆЙ Иу æнафон изæр дын Иу ран рудзынджы рæбын Рæстæг буц хотæ æрвыстой, Се’лвисинаг уым æлвыстой. «К'уаин паддзахы ус, — иу Дзуры уыдонæй, уæд-иу Гас дуне кæнин æмбырд Æмæ саразин æз куывд». «Паддзахы ус к’уаин,— Дзуры уый хо, уæд, нæ сайын, — Æз æппæт дунеты фаг Уафин иунæгæй кæттаг». «Паддз’ахы ус к’уаин,—дзуры, Æртыккаг хо уæд сæ цуры, — Паддзахæн фæйнæгфарс фырт Æз ныййарин». Æмæ дзырд Уым куыддæр йæ дзыхæй ссыдн, — Афтæ дуары хъæр фæцыди,— Паддзах райдзаст уатмæ цыд, — Уыцы бæсты хицау уыд. Слæууыд æмбондæн йæ фæстæ, з
Хъуыста чызджыты ныхæстæм Æмæ фæстаг хойы дзырд Тынг йæ зæрдæмæ фæцыд. «Байрай, рæсугъд,—зæгъгæ дзуры,— Паддзах дæ йæхæдæг куры: У мын ус, ныййар мын ды Сахъ лæппу, фæйнæгфарс фырт,— К’уа сентябрæн йæ кæрон,— Раст уæдмæ, — уый у мæ фæ(ндон. Хотæ, буц хотæ, сымах Ардыгæй уæ уатæй тагьд Уайгæ ут мæ фæдыл ныр, Стæй уæхи хойы фæдыл: Иу сымахæй уæд тынуафæг, Аннæ та хæринаггæнæг». Тыргъмæ рацыд паддзах-фыд. Галуанмæ цыдысты цырд. Паддзах дзæгъæлы ыæ дзырдт.ч. Уыцы изæр ус æрхуыдта. Йе’взонг къаимæ куывды Уыцы ран æрбадтысты; Хастой сæ зынаргъ сынтæгмæ Раст уазджытæ, — пылы стæгмæ. Уаты сыл æхкæдтой дуар, Уагътой сын сæхи сæ бар. Дзулгæнæг фырмæстæй тоны, Тынуафæг кæуы фыдбоны. Алы бон кæнынц, хъæлæкк, Усмæ дыууæ дæр хæлæг. Паддзахы рæсугъд бæлон та Ныр æххæст гæ фæдзæхст кодта, — Уайтагъд басывæрджын и... Уыцы бон та хæст цыди. Паддзах, «цæй хæрзбон», зæгъгæйæ,— Æмæ бæхыл саргъ бæтггæйæ, 4
Усæн загъта, зæгъгæ, дам, Ды дæхи мæ фæстæ ам Хъахъæнын куыд бафæразай, Паддзахы та тынг куыд уарзай! Цалынмæ уым хæсты дард Тох гæнгæ æрвыста цард, Афон уалынмæ æрцыди, — Адлийас лæппу сын гуырди. Æмæ лæппуйы уæлхъус Цин гæнгæ лæууыди ус, — Афтæ ма цæргæс фæзыпы, Уый куы рæвдауы лæппыны. Мæнæ сывæллоны мад Паддзахмæ æрвиты тагъд Уыцы стыр цины рæстæджы Хабар фехъусынгæнæджы. Дыууæ хомæ ис ныхас, Бабарихæ у сæ фарс. Усы сафынвæнд скодтой,— Уыд кæд уацхæссæг сæ кой, — Ивтой йæ, æндæры’рвыстой, Афтæ паддзахмæ ныффыстой: «Райгуырди дæ усæн, зон, Мæнæ тар æхсæвыгон Ам, дæуæн дæ цæрæн уаты... Мыст, хæфс у, уый ничи хаты, Нæ чызг у, нæ та фырт у, — Цавæрдæр хъæддаг сырд у». К’у айхъуыста дын паддзах-фыд,— Цавæр уацхæссæг æрцыд — Сау маст ахъардта уæд лæджы,— Сауыгътаид уацхæссæджы, Фæлæ ацы хатт фæлмæн Разынд, уацæрхæссæгæн 6
Ме ссыдмæ фæлæууæнт загъта, «Равзардзыстæм закъон мах та!» Уацхæссæг фæхаста дзырд Æмæ уалынмæ æрцыд. Тынуафæг та йе’мбалимæ, .Æмæ Бабарихæимæ Лфистæг æй кодтой хорз, Дардтой расыггæнæн хос. Гæххæтт хызынæй æмбæхстой Æмæ дзы æндæр ныппæрстой — Æмæ расыг уыцьт бон Схаста иу ахæм фæндои: «Паддзах бояринтæм сиды, Рæстæг ма сафæнт,—æрвиты,— Донмæ ’рцæуæд фырт æппæрст Мадимæ!» — дæтты фæдзæхст. Нæй гæнæн, — бояртæ ’мбырдæй Паддзахыл гъеныр бæлвырдæй Хъыг куыд нæ кодтой æгæр, Æмæ йе’взонг усыл дæр! Мæнæ йæм йæ хуыссæн уатмæ Бацыдысты — рухс бынатмæ. Загътой паддзахы фæндон,— Фырты, мады сау фыдбон! Фыст хъæрæй уым бакастысты Уæд сæ цу^ы, арастысты Æмæ уыцы хæд-сахат Боцкъайы мидæг уæд мад Фыртимæ æрцыд æвæрд, Боцкъа сыл æрцыд æхкæд, Байсæрстой йæ, стæй баныхæстой, Атылдтой сæ ’мæ ныппæрстой ’Фурдмæ уыдон уыцы ран,— Загъта, дам, паддзах Салтан. Цъæх арвæй стъалы худы, 7
Уылæнтæ фæуайынц фурды, Арвыл размæ мцгъ цæуы, Боцкъа фурды ленк кæны. Сидзæргæсау ус йæ мидæг У кæугæ йæ бон æрвитæг. Боцкъайы мидæг йæ фырт Рæзыди сахатгай цырд. Бон æрныгуылд, мад куы тыхсы, Сабийы дзырд афтæ хъуысы: «Уылæн, уылæн, сахъ уылæн! Бархи фæд куы ис дæуæн, — Бар — кæдæм дæ фæнды, уырдæм, Цыргъ кæныс йæ дуртæ фурдæн, Зæххы тигъ нымбæрзыс дЫ, Сисыс наутæ уæд хæрдты — Баххуыс нын хæ, ма нæ амар, Тагъддæр ма нæ сурмæ аппар!» Уылæн фехъуыста йæ дзырд, — Æмæ доны былмæ цырд Боцкъайы йæ уæлæ хаста, Сур зæхмæ йæ размæ ласта. Хъæбулимæ фервæзт мад; Зæххыл хаты ныр быыат... Фæлæ боцкъайæ уæлæмæ Уыдон чи сисдзæни зæхмæ? Чи фервæзын кæндзæн? — Ау, Уадза рохы сæ хуцау? Алæууыд йæ къæхтыл фырт, Боцкъайæн йæ бынмæ цырд Фездæхта йæ сæр дæлæмæ: «Дуар æз ардыгæй æттæмæ Ныр куыд саразон?» — дзырдта, — Боцкъайы бын атыдта. Мад æд фырт у ныр сæрибар; Быдыры обау уыд хибар, 8
Денджыз — й’алыфарс уыди, Обауыл цъæх тулдз зынди. «Уаид ныр æхсæвæр афон» — Загьта фырт «кæцæй цы ’рдавон?» Тулдзы къалиу тоны уæд Æмæ дзы кæны къæлæт, Крестæй цыллæ бæттæн сласта, Æмæ тулдзыл æй æрбаста, Тагъд лæдзæгмæ дæр фæуад, Сарæзта дзы уый цыргъ фат, Размæ фурды былмæ араст. «Ц’амарон?» — фæйнæрдæм акаст. Бацыд денджызмæ, уæд дыы Хъусы, раст цыма хъæрзын... Денджыз æм æнцад нæ зыны, Хорз нæу хъуыддаг, уæд куы уыны... Уылæнты ’хсæн хъаз зынди, Уый сæрмæ цæргæс зылди. Ризы хъаз уым сонт уылæшы, Дон йæ алы фарс æзмæиты, Цæргæс срæвдз кодта йæ ных, Байгом кодта тугхор дзых... Фæлæ фат уæдмæ фæтагъд и Æмæ тугдзыхыл æсуади,— Денджызмæ йæ туг æркалд, Æрдын лæппу дæр æнцад Уым æруагъта, мæ куы уыны, Цæргæс денджызы ныгъуылы Уыцы ран бынмæ, æрмæст Маргъы хъæрзтау нæу йæ хъæрзт! Хъаз хæстæг тæхы йæ цуры, Знагмæ цæргæсмæ лæбуры, Архайы, цæмæй йын тагъд Маринаг æрцæуа мард! 10
Базыртæй цæвы, æвналы, Фурды бынмæ йæ ныппары. Стæй уырыссагау зæгьы Паддзахы хъæбулæн: «ды Зон, мæ фервæзынгæнæг дæ, Ды мæ тыхджын хъахъæнæг дæ. Ма батыхс, мæн тыххæй кæд Дзыхмæ не схæсдзынæ хæрд Ды æртæ боны дæргъы, — Афтæ лæппуйæм зæгъы.— Фурды фесæфт кæд дæ фат дæр, Ма кæн уый тыххæй æнкъард дæр. Бамбар, рохгæнæн дын нæй,— Фендзынæ æххуыс мæнæй. Ды нæ бахъахъæдтай хъазы, — .. Ис чызгай дæуæн дæ разы; Не суад цæргæсыл дæ фат, — Зон, дæ къухæй знаг фæмард! Мысдзынæн дæ, байхъус ардæм: Зон, æссардзынæ мæн алкæм,— Дæу куы бахъæуа æххуыс, Ма’нкъард кæн, цу ныр æсхуысс». Лæппуйæн уый афтæ загъта, Атахт хъаз йæхæдæг, мад та, Æмæ фырт æнæхъæн бон Мардысты сыдæй бынтон. Лæппу ракаст уæд, йæхицæй Сургæ æхсæвы фын, дисæй Марди, й’алыфарс æваст Горæт ауыдта, фæкаст... Систæ, — бирæ сыл дæндæгтæ, Æмæ урс къултæн сæ фæстæ 'Рттивынц аргъуанты сæртæ, Моладзанты бынæттæ. Хъал кæны йæ мады: «Тагъддæр!» 12
Фехъал ис: «цы уыдзæн дарддæр?— Мадæн фырт кæны ныхас — Уьш мæ хъаз уыдзæн, мæ хъаз». Размæ горæтмæ цыдысты, Дуарæй мидæмæ хызтысты,— Хъус фæкъуырма гæнæп хъæр Сыхъуыст алырдыгæй дæр. Адæм сæм бырсынц, хуыцауы Дзæнгæрджыты хъæр æсдауы. Алчи дæр Сош кад дæтты Хорз, сыгъзæрин уæрдæтты. Стыр номæй сæм дзурынц иуыл, Æркодтой лæппуйæн йæхиуыл Кънязы худ, сæхицæн сæр Рахуыдтой иæ сеппæт дæр, Уым ныййарæджы фæндонæй, Хи горæты ’хсæн уæндонæй, . Схуыдта уыцы тæккæ бон Уый йæ ном дæр къняз Гвидон. Дымгæ фурды хъазы, зары, Æмæ размæ нау æппары, Скодта уылæнты йæ бырст, Парустæ—фæйнæрдæм дымст. Наутæрджытæ дис куы кæнынц, Наутæрджытæ иауы змæлынц.— Зонгæ сакъадахы дын Диссаг байдыдтой уынын. Горæт-ног, сыгъзæрин, хибар, Ис дзы наулæууæндон фидар. Сармадзаиты æхст — иæрдау, — Уым цæмæй æрлæууа нау! Слæууыдысты лæууæндоны, — Къняз Гвидон сæхимæ хоны. Нозт æмæ хæрд сын дæтты, Дзуапп райсык æй уæд фæнды: 13
«Сымах цы уæй кæну,т?—æсдзырдта,— Ленк кæдæм кæнут гъеныр та?» Наудæрджытæ дзурынц уæд: «Федтам бæстæтæ æппæт. Тинтæн кодтам уæй сæ цæрттæ Æмæ сау бурбын рувæстæ. Не ’мгъуыд махæн ныр æрзылд, Скæсæнырдæм у нæ цыд. Раст Буйаны зæххы цурты Паддзахмæ — Салтанмæ фурды. Къняз сæ фæдыл загъта уæд: «Балц уæхивæндиаг уæд, Фурды мидæг уыцы ранмæ, Паддзахмæ — цытджын Салтанмæ; Раттут ын салам» — дзырдта. Араст нау, йæхæдæг та Уыдон фæдыл каст æнкъардæй, Денджызæй зындысты дардæй, Федта, — доны сæрты хъаз Ленк кæны йæ тæккæ раз. «Байрайай, къняз,—дзуры афтæ,— Тарбонау цæмæн нынцад дæ? Хъыг цæй тыххæй кæныс?»—Хъаз Лæппуйæн кæны ныхас. Къняз æнкъардæй дзуапп куыдæтты: «Ме ’нкъарддзинад мæн æргæвды, Сбырста мæ, фæтых мæныл, Эх, мæ фыды фен гъеныр!» «Уый у де’нкъарддзинад?—дзуры Кънязæн хъаз,—хъус-ма, фурды Науы фæстæ дæу фæнды Атæхын? — Фест къогъо ды!» Базыртæ йæхæдæг стылдта, Дон хъæргæнгæйæ æсзылдта, Дон ыл бапырх кодта ’васт— Суанг йæ сæрæй къæхтæм раст. 14
I
Сгъæлфау уый фæчысыл уайтагъд, Фестад къогъо æмæ атахт Рлзмæ денджызы сæрты, Науы баййæфта рæхд^кы, Сабыргай йæм уым æрхызти Æмæ иу хуынчъы нынныхсти. Хъæлдзæг — дымгæйæн йæ зард, Хъæлдзæг размæ нау дæр уад, Раст Буйаны зæххы цурты, Намысджын Салтанмæ фурды-, Æмæ мæнæ уарзон зæхх Дардæй разынди дзæбæх. Мæнæ бахæццæ сты былмæ: Паддзах сæ кæны хынцынмæ Æмæ уыдонимæ тагъд Хæдзармæ нæ тыхджын тахт. Федта: паддзах райдзаст уаты Уым зæрин дарæсы бады Къæлæтджын бандоны ’нцад. Худ—сыгъзæрин,— уый æнкъард. Тынуафæг та йе ’мбалимæ, Æмæ Бабарихæимæ Бацмпп уый уæлхъус, æмраст Скодтой паддзахмæ сæ каст. Паддзах йе стъолæн йæ разйæ Сиды уазджытæм йæ фарсмæ: «Ме уазджытæ,—дзуры сæм,— Цас цыдыстут? Стæй кæдæм? Фæсденджыз куыд у ыыр бæстæ? Диссагæй цы зынд уæ цæстмæ?» Наутæрджытæ дзурынц уæд: «Федтам бæстæтæ æппæт, Фурдæн нæу æвзæр йæ фæстæ, Ахæм диссаг зынд нæ цæстмæ: Фурды къул сакъадах уыд, 16
Ннчи дзы цард, ничи цыд, Уæд—хæрз æдзæрæг йæ фæзтæ, Зад дзы иунæг тулдз æрмæетдæр; Горæт уыцы ран ис ныр Райдзаст галуантимæ стыр. Аргъуантæ, зæрин сæ сæртæ, Галуантæ æмæ дыргъдæттæ, Уым фæбады князь Гвидон; ’Рвиты дын еаламтæ, зон!» Æмæ дисы бацыд паддзах: «Уыцы диссаджы сакъадах Фендзынæн æгас кæд он, Уазæг хондзæн мæ Гвидон!» Тынуафæг та йе ’мбалимæ, Æмæ Бабарихæимæ Паддзахæн зæгъынц: «ныллæу, Сакъадах бæллиццаг нæу!» «Цавæр диссаг? чи кæд уыдта?»— Хойраггæнæг цæст ныкъуылдта: Горæт фурды фарсмæ, дам! Диссагæй цы уыпут ам?— Мæнæ диссаг циу æнæмæнг: Хъæды — заз, йæ быны — ’хсæрæг, Уый та зарджытæ цæгъды, Алы хатт æхсæр сæтты: Диссаг, диссаджы æхсæртæ, Сты сыгъзæринæй сæ цъæрттæ, Сапп та иуыл — изумруд, Уый у диссаг, гъе, — хъусут?» Æмæ бацыд паддзах дисы, Къогъо та фырмæстæй ризы, Æмæ батахтис æваст Дзулгæнæджы цæстмæ раст, Афæлурс нæ дзулæзмæнтæг,— Барызт, асохъыр йæхæдæг. 18
Кумтæ, æххуырстытæ, хо, 'Ныр фыдæбопы къогьо Ахст дæмæй æрцæуа тагъд,— Систой хъæр æмæ цъæхахст. «Кæс дæхимæ»—схъæр ыл кодтой, «Не’лгъыстаг ныртæккæ... додой!» Уый та рудзыкгæй æнцад Фурдыл хибæстæм фæтахт. Цъæх фурдæн та къняз йæ рæзты Ног куы фæцæуы, йæ цæст дзы Нал иСы, кæсы та,—хъаз, Ленк кæны йæ тæккæ раз. «Байрайай, къняз,—дзуры афтæ,— Тарбоцау цæмæн нынцад дæ? Де’нкъарддзйнад циу? Дæ маст». Лæппуйæн дæтты йæ фарст. Къняз Гбидон ыи дзуапп куы дæтты; «Маст, хъыгдзинад мæн æргæвды!— Диссагыл куы фæуин хæст, Уый фæндыд ныр мæн æххæст. 'Хъæды — заз, йæ быны — ’хсæрæг, Диссаг уый хонынц æнæмæнг, 'Хсæрæг зарджытзз кæны, Иуыл йе’хсæртæ сæтты. Диссаг, диссаджы æхсæртæ,— Сты сыгъзæринæй сæ цъæрттæ. Сапп та изумруд у — раст, Фæлæ кæд нæу хабар рлст?» Кънязæн хъаз зæгъы йæ цуры: «Адæм, зон, гаэды нæ дзурынц, Уыцы диссаг зонын æз; Къняз, хъыг кæнын нæу дæ хæс. Фод æгъгъæд, æнкъард ды ма кæн, Феххуыс -кæнын—не хæс махæн», Æмæ рухс зæрдæимæ 19
Араст кодта къняз хъæмæ. Бахызт мидæмæ йæ кæртмæ,— Федта æхсæрæджы, уæртæ Иу даргъ заз бæласы бын Уый зæрин æхсæр сæттын Байдыдта, уæлæмæ калы Изумруд, сæ цъармæ ’вналы, Иумæ сæ кæны цæндтæ, Зары уый æхситгæнгæ, Раст адæмы размæ, зоны: «Дыргъдоны... цæхæрадоны...» Ацы ран фæджихи къняз, «Бузныг» ын кæны ныхас. «Уый дын хъаз, нæртон хъаз»—афтæ Дзуры—«ракæ, хуыцау, арфæ». Къняз йæ буц æхсæрæгæн Авгæй сарæзта цæрæн. Хъахъæнæг ын уæд æссардта, Стæй уæд диакъонæн куыст радта, Йе’хсæртæ куыд уой нымад. Кънязæн, æхсæрæгæн кад. Дымгæ фурды хъазы, зары, Науы размæ рæвдз æппары; Науæн — уылæнты йæ бырст, Парустæ фæйнæрдæм дымст. Къулгонд сакъадахы рæзты, Æстыр горæтæн йæ фæрсты; Тигъæй сармадзантæ ’хсынц, Науæн слæу, зæгъгæ, зæгъынц. Рахызтысты лæууæндоны Уазджытæ, Гвидон сæ хоны, Хæрд уæд нозт — æппæт дæтты, Дзуапп райсын æй уæд фæнды: «Уый цы уæй кæнут?— æсдзырдта, Ленк кæдæм кæнут гье ныр та?» 20
Наутæрджытæ дзурынц уæд: «Федтам бæстæтæ æппæт, Мах фæуæй кодтам нæ бæхтæ, Доны бæстаг хорз байрæгтæ, Ныр у не ’мгъуыды сахат, Æ’мæ у нæ фæндаг дард, Цом Буйаны зæххы цурты Раст Салтаны бæстæм фурды...» Къняз сæм дзуры афтæ уæд: «Балц уæхи фæндиаг уæд, Фурды мидæг уыцы ранмæ, Паддзахмæ, цытджын Салтанмæ. Дзурут-иу ын, зæгъгæ, дам, Къняз Гвидон дæтты салам». Уазджытæ æгъдау ын радтой Æмæ дард сæ фæндаг дардтой. Къняз фæцæуы фурдмæ,—хъаз Ленк кæны йæ цæсты раз. Балæхстæ йын кодта, куры, Зæрдæ, дам, мæ бæстæм дзуры... Сараз, дам, мæ. Æмæ та Дон ыл калдта, къняз уыдта, Хъазы цур бындз фестад уайтагъд Æмæ науы фæстæ атахт, Арвæй фурды ’хсæн æрхызти Наумæ, иу хуынчъы нынныхсти. Хъæлдзæг—дымгæйæн йæ зард, Хъæлдзæг нау дæр размæ уад, Раст Буйаны зæххы цурты,, Паддзахмæ—Салтанмæ фурды. Дардæй мæнæ уарзон зæхх Байдыдта зынын дзæбæх. Рахызтысты лæууæндоны Уазджытæ, Салтан сæ хоны, Семæ стыр галуанмæ тагйд 21
Ныр нæ хъæбатыр дæр тахт. Федта: паддзах райдзаст уаты Сыгьзæрин дзауматы бады Къæлæтджыи баыдоны ’нцад. Худ—сыгъзæрпп, уый æнкъард. Æмæ Бабарихæимæ Тынуафæг, йæ иу цæстимæ Дзулгæ^æг, æстыр сæ маст, Каст, мæсты хæфсыты каст. Паддзах йе стъолæн йæ размæ Сиды уазджытæм йæ фарсмæ: «Ме уазджытæ,—дзурысæм,— Цас цыдыстут? Стæй кæ^æм? Фурдæн цард куыд у йæ фæстæ? Диссагæй цы зынд уæ цæст • æ? > Наутæрджытæ дзурынц уæд: «.Федтам бæстæтæ æппæт. Фурдæн нæу æвзæр йæ фæстæ, Ахæм диссаг зынд нæ цæстмæ: Фурды сакъадах зындис, Сакъадахы горæт ис, Аргъуантæ—зæрин сæ сæртæ, Галуантæ æмæ дыргъдæттæ, Галуаны цур заз æр!зад, Уый бын авг хæп,зар амад, Уым цæры æрмæст æхсæрæг, Æмæ исты нæу хуымæтæт! Диссаг зарджытæ цæгъды, Алкæд йе’хсæрты сæтты, Диссаг. диссаджы æхсæртæ; Сты сыгъзæринæй сæ цъæрттæ, Сапп та изумруд—æппæт, Хъахъæнджытæ ис ын уæд. Ал’хуызон сæ куыст у абон, Алы хатт фткæсы диакъон,— йе ’хсæртæ куыд уой нымад, 22
Йе ’фсад ын фæдæтты кад. Цъæрттæй ’хцатæ ацаразынц Æмæ сæ дунемæ уадзынц! Чызджытæм æмбæхстæй уæд Изумруд куы ис æвæрд. Уыцы сакъадахы алкæм Галуанты фæцæрынц адæм. Уым фæбады къняз Гвидон; 'Рвиты дып саламтæ, зон!» Æмæ дисы бацыд паддзах; <:Уыцы диссаджы сакъадах, Фендзынæи æгас кæд он— Буц фысым уыдзæн Гвидон!» Тынуафæг та йе ’мбалимæ,— Æмæ Бабарихæимæ Паддзахæн зæгъынц; «ныллæу, Сакъадах бæллиицаг нæу». Схудгæ мидбылты йæ цуры, Тынуафæг ын афтæ дзуры: «Дисæй ам цы уыныс ды? Дуртæ æхсæрæг сæтты, Уым сыгъзæринтæ æппары, Изумруд дзæвгар æссары Раст у, нæу, уæддæр, паддзах, Ууыл дис нæ кæнæм мах. Ис æндæр диссæгтæ бæсты,— Денджыз сфæйлауы—фыдмæсты Рафыцдзæни, схъæр кæндзæн, Тагъд йæ кæрæттæм кæлдзæн, Ивылдзæи шзмæг йæ бырсты, /Емæ сахъ лæгтæ лæудзысты Тигъыл згъæрты мидæг рæвдз, Раст æртыидæс æмæ ссæдз, Сеппæтдæр нæртон рæсугъдтæ, ’Взонг æмæ тыхджын лæппутæ, Сеппæтæн дæр—иу сæ конд, 23
Семæ Черномор—зæронд. Уый у диссаг гъе, бæлвырдæй, Ис зæгъæн æнæрæдыдæй!» Зондджын уазджытæ кæсынц Сабыр, ницы йын зæгъынц. Æмæ паддзах бацыд дисы, Уæд Гвидон фырмæстæй ризы... Сдыв-дыв кодта æмæ тагъд Усы^галиу цæстмæ стахт. Тынуафæг фæфæлурс, уайтагъд Цæст фæсохъыр уыцы сахат. «Фезмæл тагъд,—зæгъынц хъæрæй,— Балвас æй, хæц ыл, цæв æй, Афтæ гъе, фæлаеу ма, ахс æй...» Къняз дæр рудзынгæй æдасæй, Денджызыл фæрнæй æнцад Рог йæхи зæхмæ æртахт! Цъæх фурдæн та уым йæ рæзты Къняз цæуы дыууæрдæм, цæст дзы Нал исы, кæсы та—хъаз Ленк кæны йæ тæккæ раз. «Байрайай, къняз,—дзуры афтæ,— Змæст бонау цæмæн нынцад дæ? Де’нкъарддзинад циу? Дæ маст?»— Лæппуйæн дæтты йæ фарст. Къняз Гвидон ын йзуапп куы дæтты: «Маст, хъыгдзинад мæн æргæвды,— Уыцы диссаг к’уаид мæн! Уый тыххæй æрæнкъард дæн!» «Цавæр диссаг у? — зæгъ-ма иæЬ> «Денджыз сфæйлауы æррайæ, Рафыцы, йæ хъазт кæны, Дон йæ гомфæзтæм кæлы, Раивылдзæн тынг йæ бырсты, Æмæ сахъ лæгтæ лæудзысты 24
Тигъыл згъæрты мидæгрæвдз, Раст æртындæс æмæ ссæдз. Сеппæт дæр нæртон рæсугъдтæ, 'Взонг æмæ уæйыг лæппутæ, Сеппæтæн дæр—иу сæ конд, Семæ Черномор — зæронд». Кънязæн хъаз уæд дзуапп куыдæтты: «Зонын, къняз, æз, дæу ды ’ргæвды, Ма тыхс, мæ хур, ма, æппын, Уыцы диссаг дыи зæгъын: ’ Уыцы денджызæн йæ гуырдтæ Сты мæ мадæн кæд йæ фырттæ, Мауал уæд дæ зæрдæ ’нкъард, Цу, фæзындзысты дæм тагъд!» Къняз уæд арастис, йæ хъыг æй Нал æфхæрдта, иу мæсыгæй Денджызмæ дæлæмæ каст, Денджыз сæнкъуысыд æваст, Раивылдис тынг йæ бырсты Æ1мæ уайтагъд азза^ысты Тигъыл сахъ лæппутæ рæвдз, Раст æртындæс æмæ ссæдз. Къайгай рацæуынц æрттивга* Æмæ, урс зачъетæ тилгæ, Сеппæтæн сæ разæй цыд Зæронд горæты’рдæм цырд. Къняз йæ мæсыгæй тагъд уайы, Уазджытæм, йæ зæрдæ райы. Алчи дæр сæм цырд тæхы, Кънязæн зæронд уæд зæгъы: «Ацæут æм—хъаз нын загъта, Фидарæй йæ ныхас радта, Мах дæ горæт, стæй дæ зæхх Ам куыд хъахъæнæм дза^бæх. Æмæ ардыгæй фæстæмæ 20
Иумæ денджызæй æттæмæ Алы бон цæудзыстæм, къняз Мæнæ де стыр систы раз. Тагъд та фембæлдзыстæм и}м:г, У нын афон ныр нæхимæ. Уæлдæф нын—уæззау». Æмæ Ацыдысты уæд хъæмæ. Дымгæ фурды уайы, зары Æмæ размæ нау æппары; Скодта уылæнгы йæ бырст, Парустæ фæйнæрдæм—дымст. Къулгонд сакъадахы рæзты, Æмæ стыр горæты фæрсты, Сармадзантæ дзы æхсынц, Науы уромын кæнынц, Уазджытæ дæр лæууæндоны Слæууыдысты, къняз сæ хоны, Хæрд, уæд нозт—æппæт дæтты, Дзуапп зонын æй, уæд фæнды. «Уый цы уæй кæнут?—азсдзырдта, - Ленк кæдæм кæнут гъе ныр та?» Наутæрджытæ дзурынц уæд: «Федтам бæстæтæ æппæт, Бкзар кодтам мах болатæй, 'Взист æмæ зæрин дзауматæй. Ныр у не’мгъуыды сахат, Æмæ у нæ фæндаг дард, Раст Буйаиы зæххы цурты Ленк кæнæм Салтанмæ фурды». Къняз сын дзуры афтæ уæд: «Балц уæхи фæндиаг уæд, Фурды мидæг уыцы ранмæ, Паддзахмæ, цытджын Салтанмæ. Дзурут-иу ын, зæгъгæ, дам, Къняз Гвидон дæтты салам». 27
Кънязæн уазджытæ кад радтой Æмæ дард сæ фæндаг дардтой. Къняз фæцæуы фурдмæ ’ввахс Федта: уым йæ цуры — хъаз Æмæ та дзы къняз дæр куры, Зæгьгæ, зæрдæ уырдæм дзуры Æмæ та йæ уый дæр ног, Сæрæй суанг йæ къæхты оиг Бапырх кодта уыцы сахаг Донæй æмæ та дзы рауад, Раст дзынга бындз æмæ тахт Уым дыв-дывгæнгæйæ, тагьд Науы фæстæ, уымæ ’рхызти Сабыр, хуынчъы та нынныхсти. Хъæлдзæг—дымгæйæн йæ зард, Хъæлдзæг размæ нау дæр уад, Раст Буйаны зæххы цурты Паддзахмæ—Салтанмæ фурды. Æмæ дардæй уарзон зæхх Байдыдта зынын дзæбæх. Мæнæ рахызтысты былмæ, Хоны сæ Салтан хынцынмæ; Семæ галуанмæ цæрдæг Тахти мах хъæбатыр лæг. Федта: паддзах райдзаст уаты, Уым зæрин дзауматы бады Бандоныл æмæ нынцад, Худ зæрин у, уый—æнкъард. Тынуафæг та йе ’мбалимæ Æмæ Бабарихæимæ Бадынц паддзахы цур, раст У цыппары каст сæ каст. Паддзах стъолæн уым йæ размæ Сиды уазджытæм йæ фарсмæ: «Ме уазджытæ, — дзуры сæм,— 28
Цас цыдыстут? Стæй кæдæм? Денджызæн куыд у йæ фæстæ? Диссагæй цы зынд уæ цæстмæ?» Наутæрджытæ дзурынц уæд: «Федтам бæстæтæ æппæт; Фурдæн нæу æвзæр йæ фæстæ, Ахæм диссаг зынд нæ цæстмæ: Фурды сакъадах зындис, Сакъадахы горæт ис. Ис дзы диссаг алы бон дæр: Декджыз сынкъуысы бынтон дæр, Сфыцы æмæ хъæр кæны, Дон йæ кæрæттæм’ кæлы, Раивылы тынг йæ бырсты Æмæ уырдыгæй цæудзысты Уæд зæрин æзгъæрты рæвдз, Раст æртындæс æмæ ссæдз Сахъ лæгтæ, æвзонг рæсугъдтæ, Æ.мæ стæй уæйыг лæппутæ, Сеппæтæн дæр иу — сæ конд. Семæ Черномор—зæронд, Рацæуы сæ разæй фурдæй. Къайгай сæ кæны рæсугъдæй, Уыцы сакъадах цæмæй Хъахъæд уа æдзух фыдæй. Æмæ уыдонæй æппындæр Нæй цæрдæгдæр, нæй тыхджындæр! Уым фæбады къняз Гвидон; 'Рвиты дын саламтæ, зон! Æмæ дисы бацыд паддзах. «Уыцы диссаджы сакъадах Фендзынæн æгас кæд он, Буц фысым уыдзæн Гвидон!» Уафæг, дзулгæнæг йæ цуры— Иунæг уыдонæй нæ дзуры. 29
Бабарихæйы ныхас: «Цас у уыцы диссаг, цас? Адæм денджызæй æссæуынц Æмæ хъахъæнæг æслæууынц! Расг дын дзурынц, æви кæ, Дис нæ кæсы уый мæнмæ. Диссагдæр хабар ис цардмæ, Байхъус ахæм растдзинадмæ: Фæсфурд иу чызг ис, æцæг, Не’фсæды йæ уындæй лæг: Бон дзы алы дзаума—тары, ’Хсæв та дуне рухс фæдары, Дзыккутæй æрттивы мæй, Огьалы та йæ рухс ныхæй. Сæр бæрзонд рæсугъд фæхæссы, Ллкæмæ мæлхъэу фæкæсы. Моджы уæд йæ дзыхы дзырд,— Дон цыма фæуайы цырд, Ис зæгьæн æнæрæдыдæй,— Уый рæсугъд у, гъе, бæлвырдæй». Зондджын уазджытæ кæсынц Сабыр, ницы йын зæгъынц. Дисыл паддзах бацыд дисы. Лæппу та мæстæй кæд ризы, Бабарихæйæн хатыр Уый уæддæр куы кæны ныр. Тагъд дыв-дывгæнгæ йæ сæрмæ Зилы уым дыууæрдæм æмæ Лбадти йæ фындзыл раст, Фындз дæр атæппæл æваст. Систой та фæдис æмбырдæй: «Уе скæнæг зæдты хатырæй, Баххуыс кæнут, марадз, цæй, Чи йæм у хæстæг, цæв æй... Агъæцæд ма, нал алидздзæн». Быидз дæр та дзæбæх йæхицæн, 30
Сабыр, рудзынгæй æнцад Ф}рдыл хибæстæм фæтахт. Цъæх фурдæн нырдæр йæ рæзты Къняз цæуы дыууæрдæм, цæст дзы Нал исы, кæсы та—хъаз Ленк кæны йæ тæккæ раз. «Байрайай, къняз,—дзуры афтæ,— Змæст бонау цæмæн нынцад дæ? Де*нкъарддзинад циу? Дæ маст?»— Лæппуйæн дæтты йæ фарст. Къняз Гвидон ын дзуапп куы дæтты: «Хъыг, æнкъарддзинад мæ’ргæвды: Алчй куры ус, кæсын, На&й мæнаен та ус æппын». «Æмæ ды рæсугъд кæй хоныс?— Радзур ма мын!—Ды кæй зоныс?» «Дзурынц паддзахы чызгæй, Уый хуызæн рæсугъд, дам, нæй. Бон нытталынг кæны бæстæ, ’Хсæв ныррухс кæиы уый фæзтæ, Дзыккутæй æрттивы мæй, Стъалы та йæ рухс ныхæй. Сæр рæсугъд бæрзонд фæхæссы, Алкæмæ мæлхъау фæкæсы. НоДжы уæд йæ адджын дзырд— Цыма дрн фæуайы цырд. Фæлæ кæд мийаг нæу афтæ?» Къняз тæрсы, у ’нхъæлцау дзуаппмæ. Урс хъаз касти, фæлæ та Уæд хъуыдыгæпгæ. дзырдта: «О, бæстыл чызгай ис ахæм, Фæлæ ус æрмкъух нæу махæн: Урс къухæй йын ласæн нæй, Роны ахæссæн тъыстæй. Бадар ды мæ дзырд дæ зæрдыл— 31
Хъус-ма, хъуыддагыл, æппæтыл Ахъуыды кæ, цу бæстон, Ма ’рцæуæд дæумæ фæсмон!» Сомы кодта къняз йæ цуры, У мын афои, зæгъгæ, дзуры, Зæгъгæ, ахъуыды кодтон Утæппæтыл æз бæстон. Зæгъгæ, судзы, дам, зæрдæ... Уыцы чызгæн æз йæ фæстæ Фистæгæй фæцæуин ныр Дардмæ Авд Зæххы сæрты. Хъаз ныуулæфыдис: «дардмæ Ды цы цæуыс? — загъта афтæ, — Д’амонд ис хæстæг дæуæн,— Паддзахы чызг, зон, æз дæн». Стылдта базыр æмæ уайтагъд Уылæнтæн сæ сæрты атахт Æмæ денджызы былмæ Къудзитæм æртахт бынмæ. Хи æрцагъта, цырд дын фестад Æмæ паддзахы чызг фестад: Дзыккутæй æрттивы мæй, Стъалы та йæ урс ныхæй, Сæр бæрзонд рæсугъд фæхæссы, Алкæмæ мæлхъау фæкæсы. Ноджы уæд йæ дзыхы дзырд,— Цыма дон фæуайы цырд. Уым кæнынц хъæбыстæ иумæ, Лæппу йыл хæцы йæ риумæ. Æмæ йæ сæхимæ тагъд Хоны,—фена йæ йæ мад. Уæрджытыл æрхауд йæ цуры, «О, мæ ныййарæг мад,—дзурьт,— Равзæрстон мæхицæн къай, Мадæн коммæгæс чызгай. Курæм дæ нæ дыууæ, махæн 32
Арфæтæ зæрдиаг ракæн, Сабитæн æгасцуат зæгъ,— Уарзонæй цæрæм дзæбæх». Зæды къамимæ сæ сæрмæ, Калы мад цæссыг дæлæмæ, Уым хуыцаумæ кувы уæд: «Уый уын раарфæ кæнæд». Къкяз нæ фенхъæлмæ каст бирæ, Бацард паддзахы чызгимæ. Байдыдтой сæ цард хæссын, Сабимæ æнхъæл... кæсын..: Дымгæ фурды хъазы, зары Æмæ размæ нау æппары, Размæ уылæнты—йæ бырст, Парустæ—фæйнæрдæм дымст. Æмвæз сакъадахы рæзты, Æмæ стыр горæты фæрсты; Былæй сармадзантæ ’хсынц, Науæн ’рлæу, зæгъгæ, зæгъынц. Слæууыдысты лæууæндоны Уазджытæ, Гвидон сæ хоны. Хæрд, уæд нозт—æппæт дæтты, Дзуапп райсын æй уæд фæнды: «Уый цы уæй кæнут?—æсдзырдта,— Чердæм леик кæнут гъе ныр та?» Наутæрджытæ дзурынц уæд: «Федтам бæстæтæ æппæт, Ауæй кодтам мах товартæ,— Чи нæу амынд,—дзурынц афтæ.— У нæ фæндаг дард бæлвырд! Скæсæнмæ—хъæмæ нæ цыд, Раст Буйаны зæххы цурты, Паддзахмæ—Салтанмæ фурды». Къняз сын загъта афтæ уæд: «Балц уæхи фæндиаг уæд? 33
Фурды мидæг уыцы ранмæ, Паддзахмæ — цытджын Салтанмæ; Фæлæ-иу уæ паддзахæн Дзурут, ма рох кæнæд мæн. Махмæ йæ цæуын фæндыди, — Абон дæр нæма фæзынди — Хъуамæ йын салам дæттат». Ацыдысты, ацы хатт Къняз дæр семæ нал ацыди, Усы цур куы ныллæууыди. Хъæлдзæг—дымгæйæн йæ зард, Хъæлдзæг нау дæр размæ уад, Раст Буйаны зæххы цурты, Паддзахмæ—Салтанмæ фурды. Æмæ мæнæ уарзон зæхх Дардæй сæм фæзынд дзæбæх. Уазджытæ цыдысты былмæ, Паддзах сæ кæны хынцынмæ. Уазджытæ уынынц: æнцад Паддзах худы мидæг бадт, Тынуафæг та йе’мбалимæ, Æ^æ Бабарихæимæ Бацыд æм æввахс, сæ каст У цыппары кастау раст. Паддзах йе стъолæн йæ фарсмæ, Сиды уазджытæм йæ размæ, «Ме уазджытæ, — дзуры сæм, — Цас цыдыстут? Стæй кæдæм? Фурдæн цард куыд у йæ фæстæ? Цавæр диссаг зынд уæ цæстмæ?» Наутæрджытæ дзурынц уæд: «Федтам бæстæтæ æппæт, Фурдæн нæу æвзæр йæ фæстæ. Ахæм диссаг зынд нæ цæстмæ: Фурдæй сакъадах зындис, 31
Горæт сакъадахы ис. Аргьуантæ — зæрин сæ сæртæ, Галуантæ æмæ дыргъдæттæ. Хæдзары цур заз æрзад, Авгæй дзы хæдзар амад. Уым цæры æрдзон æхсæрæг, Æмæ исты нæу хуымæтæг! Диссаг зарджытæ цæгъды, Иуыл йехсæртæ сæтты,— Диссаг, диссаджы æхсæртæ,— Сты сыгъзæринæй сæ цъæрттæ, Сапп та — изумруд æппæт, Æхсæрæг у хъахъæд уæд. Ноджы ис æндæр диссæгтæ: Денджыз ивылы æзмæнтгæ. Рафыцы ’мæ хъæр кæны, Дон йæ гом фæзтæм кæлы, Рахъаздзæнис уый йæ бырсты, Æмæ уый былыл лæудзысты Се згъæрты лæппутæ рæвдз, — Раст æртындæс æмæ ссæдз, Сеппæт дæр нæртон рæсугъдтæ, Стыр тыхджын æвзонг лæппутæ. Сеппæтæн дæр иу сæ конд, Семæ Черномор — зæронд. Æмæ уыдонæй æппындæр Нæй цæрдæгдæр, нæй тыхджындæр, Кънязæн ахæм къай уæд ис — Алы хатт æм ды кæсис! Бон нытталынг кæны бæстæ, 'Хсæв та барухс кæны фæзтæ, Дзыккутæй æрттивы мæй, Стъалы та йæ рухс ныхæй. Горæтæн йæ хицау баци Къняз Гвидон, дæтты йын алчи Кад, æрвиты дын салам, 35
Хъаст фæкæны, зæгъгæ, дам, Махмæ рацæуыимæ хъавыд, Æмæ абон дæр нæма ’рцыд». Паддзах ацы ран фæсонт, «Барæвдз кæнут, — загъта, —флот». Тынуафæг та йе ’мбалимæ, Æмæ Бабарихæимæ Паддзахæн зæгъынц: «ныллæу, Сакъадах æмбисонд нæу». Паддзах ма сæм ныр кæм хъусы — Уыдон басабырыл кусы: «Циу? — Мийаг паддзах нæ дæи? Æви саби хонут мæн? Абон нæй ныллæууæн»,—загъта, Къах æрхоста, дуар ныццавта. Къняз уæд рудзынджы бын бадт, Касти денджызмæ æнцад. Змæст уый нæу, гуылфæн нæ кæны, 'Рмæст чысылгомау æзмæлы, Дард сырх ахуырст арвы бын Наутæ байдыдтой зынын. Денджызы уæрæх фæтæнты Паддзахы флот рæвдз лæгæрды, Фестади Гвидон æваст, Схъæр кодта, æстынг йæ хъаст: «О, ныййарæг, — сдзырдта афтæ, — Ме ’взонг ус, кæсут ма, уартæ... Марадз... мауал бадут, цырд,! Уарзон паддзах ныр æрцыд!» Флот уæд сакъадахмæ бараст. Къняз сæм трубайы, мидæг акаст. Паддзах палубæйæ каст Трубайæ æнцад æмраст. Паддзахæн лæууыд йæ фарсмæ 36
Тынтæ уафæг, стæй сæ размæ Уымæн йе’мбал дæр уыдис, Нæуæг бæстыл кодтой дис, Скъæр-къæр кодтой сармадзантæ, Дзæнгæрджыты хъæр хъуыст дардмæ... Денджызмæ Гвидон цыд уæд Æмæ паддзахыл æмбæлд Мæнæ Бабарихæимæ Æмæ ноджы иннæтимæ. Фыды горæтмæ хуыдта Размæ, ницы йын дзырдта. Галузнтæм фæцæуыиц размæ: Згъæртæ ’рттивынц дуæртты фарсмæ. Паддзах дæр уыдта,— сты рæвдз Раст æртындæс æмæ ссæдз Сахъ лæгтæ^ цæрдæг лæппугæ, Сеппæт дæр тыхджын рæсугъдтæ, Сеппæтæн дæр иу сæ конд, Семæ Черномор — зæронд. Паддзах бацыди йæ кæртмæ, Федта: бæласы быи уæртæ ’Хсæрæг зарджытæ цæгъды, Стæй зæрин æхсæр сæтты, Изумруд уæлæмæ калы, Голлагмæ быимæ æппары Æмæ байдзаг ис æппæт Зæрин цъæрттæй уым сæ кæрг. Уазджытæ фæнæуынц тагъд-тагъд Дарддæр, диссаг федтой уайтагъд: Дзыккутæй æрттивы мæй, Стъалытæ — йæ урс ныхæй. Сæр рæсугъд бæрзонд куы хæссы, Адæммæ мæлхъау куы кæсы, Йемæ чызгæн ис йæ мад. Паддзах уыцы хæдсахат 37
Базыдта йæ, сцин йæ зæрдæ. «Уый цы уыны?» — Диссаг уæртæ, Куыд! Æмæ йæм ныфс фæзынд, Сыг йæ цæстытæй æртылд, Адджын се ’ртæйы дæр иумæ Паддзах балвæста йæ риумæ. Стъолмæ бабадтысты ныр Æмæ сырæзт куывд æстыр. Тынуафæг та йе ’мбалимæ Æмæ Бабарихæимæ Къуымтæм алыгъдысты, стæй Ссардтой уыдон уым зынтæй. Уым сæ хинмитæ фæдзырдтой, Ракуырдтой хатыр, фæкуыдтой, Йе стыр цины тыххæй сын Паддзах нал скодта зын. Хур дæр уалынмæ ныгуылди,— Паддзах расыгæй хуыссыди. Бадтæн дзы, уыди мыд, нуæзт, Схуылыдз дзы мæ рихи ’рмæст.
ПАДДЗАХЫ МАРД ЧЫЗГ ÆМÆ АВД ХЪÆБАТЫРЫ АРГЪАУ «Цæй, хæрзбон!» — йæ усæн загъта Паддзах. Иунæгæй ныууагъта Æмæ рудзынджы уæлхъус Сбадт, æнхъæлмæ кæсгæ, ус. Бады, бады бон изæрмæ, Быдырмæ кæсы, æнхъæлмæ Паддзахмæ фæлладæй каст Бонæй талынджы онг раст. Нæй, зынаргъ æмбал нæ зыны, Ниуы дымгæ ’рмæст, — куы уыны, Нал кæны йæ уардæй хъус Мит дæр, зæхх æппæт æсурс. Рацыди мæйтæй ныр фараст. Уыд æдзух дæр фæзмæ уый каст. Уыд бæрæг æхсæв — Цыппурс, Уæд хуыцауы фæндæй ус Чызг ныййардта. Раджы бонæй, Уый æнхъæлмæ-иу фæндонæй Уым кæмæ каст, паддзах-фыд Дард балцæй фæстæмæ ’рцыд, Бакастис æм-ус фæлладæй Æмæ сулæфыдис дардæй, Уый йæ фыр цинæй мæлæт Уыцы ран æссардта уæд. 39
Паддзах каст, фæхъыг ыл кодта, Фæлæ уый дæр аххос домдта. Аз афтид фынау фæтахт, Ус та ракуырдта лæг тагъд. Раст у махæн ам нæ дзырдтаг: Уыд æвзонг йæ ус, йæ дыккаг, Урс, хæрзконд æмæ бæрзонд, Ноджы диссагдæр йæ зонд; Фæлæ сæр бæрзæндты хаста, Хивæнд уыд, йæхи уд уарзта. Иу кæсæн лæварæн уæд Уымæн йемæ уыд лæвæрд; Ахæм хорз миниуæджимæ: Дзурын-иу зыдта лæджимæ. Кæсæнимæ уыд æрмæст Уый хæлар, йæ циныл хæст, Кæсæнимæ худти, хъазгæ, Афтæ дзургæ уый хæд размæ: «Курын, мæ хур, æз дæуæй, Раст циу, уый мын радзур, цæй: «Дæн æви нæ дæн æдзухдæр Алкæмæй зæххыл рæсугъддæр?» Кæсæн ын дзырдта æцæг: «Ды — рæсугъддæр, уый бæрæг, Конд æмæ уындæй дæу хуызæн Абон дунетыл нæ уыДзæн». Худт-иу паддзахы ус уæд, Стынг-иу уæхскуыты æзмæлд, Химæ-иу йæ цæст ныкъуылдта, Къухыл йе’нгуылдз-иу æркъуырдта, Кæсæнмæ-иу касти, цырд Кæсæнйен йæ размæ зылд. Фæлæ паддзахы чызг тагъд-тагъд Сусæгæй куы рæзти, уайтагъд Растыр, конд-уыидæй æххæст, 40
Не ’фсæст æм кæсынæй цæст,— Сауæрфыгджын, цæсгом — райдзаст, Уыд бынтон сабыр — йæ ахаст. Курæг—паддзахæн йæ фырт, Елисей, йæ ном, йæ дзырд Паддзах фидауæгæн радта, Чызгæн йемæ уыд лæвæрттæ: Авд базаргæнæн сахары, Стæй сæдæ цыппар хæдзары. Ус æсрæвдз кодта йæхи Æмæ чызджытæм цыди, Слæууыд кæсæнмæ æввахс, Кодта уыимæ ныхас: «Зæгь, æппæт бæстыл мæн хуызæн Конд æмæ уындæй кæм уыдзæн?» Кæсæн ахæм дзуапп дæтты: «У бæрæг, рæсугъд дæ ды; Чызг æппæтæй у æдзухдæр Уæрзондæр æмæ рæсугъддæр». Ус дæр ма кæм бадт æнцад, Фесхъиудта, фæхаста дард Къух, йæ кæсæн тынг ныццавта, Къах æрхоста зæххыл, загъта: «Агъæц, ме’наккаг кæсæн, Барæй дзурыс ды мæнæн! Хъуамæ уый куыд уа мæн хуызæн?— Æз уый басабыр кæндзынæн. Акæсут æм, растыр тагъд! Урс дæр нæу мæнгæн: йæ мад Уыцы сывæрджынæй бадти Æмæ ’рмæстдæр митмæ касти! Фæлæ дзур мæнæн ды цæй: Уый куыд у хуыздæр мæнæй? Басæтт: нæй мæн хуызæн, дардыл Ахæт, цу, нæ паддзахадыл, 42
Дунетыл, мæн хуызæн ды Н’арыс». Кæсæн дзуапп дæтты: «Чызг уæддæр дæуæй хæрзконддæр, Уарзондæр æмæ хæд-зонддæр!» НæЗ хуыздæр амал æппын. Байдыдта мæстæй фыцын Ус, йæ кæсæн уый æнтъыхта, Стæй Чернавкæмæ фæдзырдта,— - Йе’ххуырстæн фæдзæхст дæтты, Зæгьгæ, чызджы дардмæ ды Уалæ хъæдмæ кæ дæ разæй, Бабæтт æй æмæ йæ ’гасæй Искуы нæзыйы рæбын Кæн уым бирæгьтæн хæрын». Суанг хæйрæг дæр ахæм усы Не ’ркæндзæн æнцой, нæ хъусьь Чызгимæ Чернавкæ та Ацыд, хъæдмæ йæ хуыдта, Бацыд фалийумæ, йæ тарфмæ. Чызг фæтарстис æмæ афтæ Скуывта: «Цард, зæгъ-ма мæнæн, Æз ныр аххосджын цæм дæн? Курын дæ, чызг, ма мæ амар! Ам мæ дзырд дæ зæрдыл бадар: Искуы æз паддзах куы суон,— Феххуыс дын кæндзынæн, зон!» Чызг æй бауарзта, кæ мардта, Ауагъта йæ æмæ загъта: «Д’аудæг хуыцау фæуæд!» Чызг æрцыд сæхимæ уæд. Паддзахы ус уад йæ цурмæ: «Рæсугъд чызг цы фæци? — Дзур ма!»™ «Уæртæ хъæды фалиау дард», — * Дзуапп ын радта чызг дæр тагъд, — Сбаста йын йæ цæнгтæ бæндæн; Сырд ыл иу афон æмбæлдзæн, 44
Къаддæр зондзæн уый æфхæрд, Тагъдаæр ардзæни мæлæт». Дзурын байдыдта уæд алчн: Фесæфт паддзахы чызг, нал и! Паддзах хъыг кæны бæлвырд. Æмæ паддзахæн йæ фырт — Елисей, хуыцаумæ скувгæ, Стыр зæрдйагæй уый агургæ, Араст дард фæндагыл ныр, Цыд йæ рæсугъды фæдыл. Фæлæ йе’взонг къайаг хъæды Хурæскастмæ кæд фæхæты, Уым дзæгъæлтæ гæнгæ зылд, Иу хæдзармæ уæд ныфтыд. Рауадис рæйгæ йæ размæ Иу куыдз æмæ банцад, хъазгæ. Кæртмæ мидæмæ хызти, Иу хъæр никæцæй хъуысти. Згъоры куыдз, кæны йыл цинтæ, Чызг та ныр уæлæмæ хизгæ, Тыргъты рдæм цыди цæрдæг, Дуармæ бавнæлдта, сындæг Байгом дуар дæр æмæ уатмæ Бацыд размæ — рухс бынатмæ. Алырдæм хæссы йæ цæст, — Бандон — гауызтæй æмбæрзт, Тулдз æстъол æм уæд куы зыны Нывты бынмæ, стæй куы уыны Пец, йæ уæлæ та — хуыссæн. «Ам хæлар адæм уыдзæн!— Загъта,—ничи мæ æфхæрдзæн!» Ничи зыны й’алыфæрстæм. Чызг уæд хæдзарыл æрзылд, Афснайдта æппæт дæр цырд, Цырагъ дæр æссыгъта, дарддæр, 45
Ацарæзта пецы арт дæр, Хуыссæны æркодта уат Æмæ бахуыссыд æнцад. 'Рхæццæ сихор хæрын сахат, Кæртæй хъæр йæ хъустыл аусд: Авд хъæбатыры уыны, Авд тыхджыны уым зыны. «Мæнæ диссал,— загъта хисдæр,—~ Рухс, сыгъдæг—æппæт дæр, чидæр Кодта мах цæрæн хæрзмарзт Æмæ нæм æнхъæлмæ каст. Чи дæ, чи? — дæлæмæ рахиз, У нын зонгæ, хи нæм равдис, Ды мийаг зæронд дæ кæд, У нæ фыды ’фсымæр уазд. Кæд лæппу, уæд мах дæуимæ 'Фсымæртæй цæрдзыстæм иумæ. Кæд зæронд ус, у нын мад. Сисдзыстæм бæрзонд дæ кад. Кæд рæсугъд чызг дæ, уæд абон Хойау нын уыдзынæ уарзон». Рахызти сæм чызг æнцад, Æфсымæртæн радта кад, Акуывта ныллæг йæ сæрæй, Асырх цæсгом, æфсымæртæй Ракуырдта нæ чызг хатыр, Зæгъгæ, мæн нæ хуыдтат ныр... Æмæ базыдтой бæлвырдæй Æфсымæртæ уый йæ дзырдæй; Сбадын кодтой йæ æнцад, Хастой йын уæливых тагъд, Дзаг агуывзæ йын æвæрдтой Тæбæгъы æмæ лæвæрдтой. Уый æрмæст нæ хъуыд цъæх сæн, Йемæ уый нæ уыд лымæн. 46
Фмæст уæливыхæй фæсаста Æмæ йæ йæ былтæм схаста. Ахордта дзы, стæй уæд уат Бацагуырдта уыцы сахат. Чызджы акодтой сæ уатмæ, Уым уæлæмæ — рухс бынатмæ, Иунæгæй йæ уагътой: «цæй, Адджын, дам, ды кæ фынæй!» Боны размæ бон куы хуыдта, Хъæды паддзахæн йæ чызг та Сахъ æфсымæртимæ цард, Зæрдæйæн нæ уыд æнкъард. Æфсымæртæ раджы бонæй Иумæ ацæуынц уæндонæй, — Хъæды атезгъо кæной Æмæ цъæх бабызты ’хсой, Аирхæфсой рахиз къухтæ Хылы мидæг сахъ лæппутæ, — Уыд сæ араппаджы кой,— Тагъд æй афистæг кæной, — Схæцой йемæ — фистæджимæ Авдæй дæр уæндонæй иумæ, Гъе тæтæйраг лæджы сæр Уæхскæй акъуырой цæхкæр, Гъе та хъæдæй ласой раджы Пятигорскаг черкесаджы. Чызг дæр авд æфсымæрæн Хицауæй сæ рухс цæрæн 'Фснайд æмæ цæттæйæ дары. Авд лæппуйæ алчи ’мбары, — Уыдонимæ цард-фæндон. Афтæ ивы боны бон. Æфсымæртæ мæнæ чызджы Бауарзтой æмæ цыдысты Уатмæ авдæй дæр æмраст. 47
Иу хат бонæй хур куы скаст. «Уарзон чызг,—уæд загъта хисдæр — Дæ нын хо, — уырны дæхи дæр. Стæм мах авд, дæу уарзæм тынг Авдæй дæр, нæ уарзон чызг, Авдæй дæр дæу тыххæй дзурæм, Фæлæ нæй гæнæн, ныр курæм,—г Хъуамæ басабыр кæнай Мах, — нæ иуæн у йæ къай, Иннæтæн та буц хо абон. Сæр цы змæлын кæныс, уарзон? Æви «нæ» зæгъыс мийаг? Æви не стæм мах аккаг?» «О, мæ уарзон æфсымæртæ, Раст æмæ хъæбатыр лæгтæ,— Дзуры чызг, — кæд æз зæгьон Ныр гæды, кæнæд тæрхон Уæд хуыцау, куыд мæлон абон! Нæй гæнæн, ныхас куы радтон... Зондæй уæд æмæ тыхæй Хъауджыдæр мын уе ’хсæн нæй, Уеппæты дæр уарзын бирæ. Фæлæ дæн æндæр лæгимæ Фидыд, уарзоидæр мæнæн Елисей, — йæ къайаг дæн». Ницы загътой æфсымæртæ, Къухтæй аныхтой сæ сæртæ: «Афæрсын аипп нæу кæд,— Кад раттгæйæ загъта уæд Хисдæр,—иицы уал дын дзурын!» Загьта сахъ æфсымæрæн Чызг дæр, — «аххосджын нæ дæн!» Усгуртæ йын бузныг загьтой, Æмæ та хæларæй цард Хастой дарддæр уым æнцад. 48
’Фæлæ паддзахы мæсты ус | Чызджы кой кæпын нæ ныхъус, Маст барыи нæ уыд йæ бон Æмæ мæнæ иу афон Судзгæ уый фырмæстхй марди, Кæсæнма* цæрдæг фæуади Æмæ уый уæлхъус æнцад, Ферох гæнгæ маст, æрбадт. Кодта та йæхи рæсугъдтæ Æмæ загъта мидбыл худгæ: «Байрайай мæ кæсæп, зæгъ, Раст циу, уый мæпæн дзæбæх: Конд æмæ уындæй мæн хуызæы Ныр æппæт зæххыл кæм уыдзæн?» Кæсæи та йын дзуапп дæтты: «У бæрæг, рæсугъд дæ ды. Фæлæ хъæды астæу, фæзы Авд лæппуимæ чи рæзы Æмæ зонæг дæр кæй нæй, Уый рæсугъддæр у дæуæй». Ус дын уæд куы фæцæй хордта Йе ’ххуырст чызджы, схъæр ыл кодта: «Уый куыд асайдтай мæн ды?» Загъта чызг, кæй уыд гæды, Ракодта йæ хин хабæрттæ... Чызгмæ ус æртхъирæн гæнгæ Загъта: «кæнæ мæн мæ цард Нал хъæуы, кæнæ чызг мард Хъуамæ уа!» Уæд иу хатт мæпæ Æфсымæртæм чызг æнхъæлмæ Кастп рудзынджы рæбын, Уым æлвыста уый. Уæд дын Куыдзы тызмæг рæйын хъуысы. Æмæ иу мæгуыргур усы 49
Федта—кæртыты цыди, Куыдзæй хъахъæнгæ.йæхи. «Банхъæлмæ кæс»,—чызг æм дзуры Рудзынгæй. *«Фæлæу ма!»—куры— «Куыдзы уадз мæнæн мæ бар, Исты дын хæссон лæвар». «Ох, мæ хъæбул! — ус æсдзырдта, Ацы куыдз мæ ам куы тыдта, Ох, фæтых мыл ис бынтон, Фервæзтæн зынтæй ма, зон! Ракæс ма, куыд мæм лæбуры, Рацу мæм æввахсдæр!»—дзуры. Бафæндыд нæ чызджы дæр Рацæуын, фæлæ куыддæр Тыргъæй уый бынмæ æрхызти,— Куыдз йæ къæхты бын фæтыхсти, Срæйы, æвзонг чызджы ’рдæм Ус куы фæцæуы, уæд æм Куыдз хи фехсы ’мæ лæбуры, У сырдæй налатдæр.— Дзуры Чызг,—«цæй æмбисонд уыдьæи? Не схуыссыд, æвæццæгæн! Дзул дын, хæц!»—Ус дзул æрцахста. Арфæ дын кæнын ын загъта. «Уæд хуыцау дæуæн дæ фарс! Гъа, уæдæ дын мæнæ, ахс!» Æмæ чызгæн уым цы дæтты? Баппары сыгъзæрин фæткъуы, Ног фæткъуы æмæ рæгъæд. Сгæпп дын кодта куыдз дæр уæд, Схъуырныдта ма, фæлæ уайтагъд Фæткъуы чызджы къухтæм батахт: «Хæр ды, хæр. мæ цæсты рухс! ^рфæйаг у», зæгъгæ, ус Сæрæй кувгæ чызгæн дзуры, Айсæфтис æваст йæ цуры. 50
Тыргъмæ чызджы фæетæ тагъд Уайы куыдз, кæсы æпкъард Уый цæсгоммæ, тынг æсниуы, Цыма сриссы зæрдгг риуы, Цыма йæ фæнды затъын: «Аппар æй!»—Йæхæтæг ын Чызг йæ рагъыл кь\х æрхæссы: «Циу, Соколкæ, \ын~»— фæфæрсы Куыдзы. «Схуысс!^ йæ уатмæ уæд Бацыд, дуар æрцыд æхкæд. Уым æлвисыныл а^рбадти, Лæппутæм æнхъæлмæ касти Рудзынджы цур, уъш æрмæст Чызгæн атонын йæ цæст Фæткъуыйæ æппъш нæ куымдта, Уыд сыгъзарин, сырх æрттывта, Уыд цыма йæ мидат мыд,— И’алы апп æттæмæ зынд. Сихормæ æнхъæлма1 касти... Фæлæ зон, йæ боп нæ баци Бадын уыцы ран уæдмæ... Фæткъуы сырх былтæм хæрдмæ Схаста, акомдзаг дзы кодта Иу чысыл æмæ йæ хордта,— Аныхъуырдта уыгк уæд дын Базмæлыд йае буар, æппын Нал улæфыд, къухтæ ’руагъта, Сырх фæткъуы дæлæмæ ’рхаудта, Атар цæстыты цæхæр Æмæ нывты бынма1 сæр Тæрхæгыл æваст æеуади, Иал æзмæлыд чьгл, яынцади. Авдæй ’фсымæрта1 \æпмал Рацæйздæхтысты хъæмæ Давынæй, кæртачп а\ад Куыдз сæ размæ \ыиы сахаг
Пиугæ, амомгæ фæндаг Кæртмæ «исты фыд мийаг» Æфсымæртæ загътой афтæ,— «Фендзыстæм фыдбылыз!»—уатмæ Бацыдысты ’мæ фæтарст Салчи дæр. Уæд куыдз æваст Фæткъуымæ рæйгæ фæуади, Смæсты, хордта йæ, фæмарди. Уыцы фæткъуы кæд мийаг Маргæй уыд йæ тæккæ дзаг! Мард чызджы раз æфсымæртæ Риутыл тар хуызæй сæ сæртæ Уым æруагътой уæд ныллæг, Рухсаг загътой йын сындæг. Скодтой йын фæлыст йæ уæлæ, «Бавæрæм æй!»—заиьтой, фæлæ Сабыр ахъуыды кодтой,— Чызг æнæзмæлгæ, æнцой, Уыд цыма фынæй, хуыссыди, Рмæст йæ улæфын нæ цыди. Салкæцы æнхъæлмæ каст Ртæ боны, фæлæ пæ каст! Не’рыхъал æппып йæ фынæй, — Радтой йын æгъдау, уæд дын æй Хастой чырынмæ, кæд ын Авгæй та уыди чырын. Афтид хохмæ йæ фæхастой. Талынджы йæ чырын бастой Уыдон фидар рæхыстæй ’Хсæз æставд цæджындзмæ, стæй Сарæзтой решоткæ й’алфарс. Мардæн кад гæнгæ, йæ ныхас Хисдæр уый чырыпы цур Кодта: «Хуысс æнцад, нæ хур! Хуысс дæ чырыиы, пæ уарзон! Маст, фыды амæтгаг абон 52
Баци зæххыл ам дæ уынд, Арв дын айсдзшш дæ уд. Мах дæу тыиг Сжрæ куы уарзтам, Уарзонæн дæ мг.х фæхастам, Пикæй хай фæда\ чызгай, Баци сау чырьж да: хай!» Уыцы райсом бон изæрмæ Хъæлдзæг хабармæ æнхъæлмæ Паддзахы мæсчы ус каст, Кæсæнæн та ра.ии фарст: «Зæгъ мæнæн, заххыл кæм уыдзæп Копд æмæ уьшлæп мæн хуызæн?» Кæсæн та йын ;нуапп дæтты: «У бæрæг, рæс\ г ьд дæ ды, Зон, æппæт зæххм.ч дæу хуызæн Конд æмæ уындæй нæ уыдзæн!» Тагъд йæ уарзонь» фæдыл Елисей куы уяйы иыр Агурæг, фæлæ иа^ п’ары, Тынг тыхсы, й’г шессыг калы. Радты фарст, фам.ч* нæ фарсг Алкæмæ зынгоук^ ;;аст. Чи иу ыл æсхлдш уайтагъд, Чи йæ разæй зкгмй тагъд-тягъд; Уæд фæстаджырдæм фæуад Рухс хурмæ фæрсмнмæ тагъд: «О, нæ рухс хур!~~уый фæзæгъы,— Арвыл уаис азы дæргъы, Ис ра^сугъа сæрд, стæй зымæг, Ды дæ æмзæльш г^мæг. Мах фæуыные. Пскуы бæстыл Ауад ка\д мийиг <æ пæстыл Паддзахы æвзош чызгай? Усгур— æз!» Мæ хуры хай,— Рухс хур афтæ д п’ры лæгæн — 51
Баууæнд, никуы йыл æмбæлдтæн, Нал уыдзæн æгас. Кд\д æй, Чи зоны, мæ сыхаг — мæй Федтаид, æмбæлд ыл, йе та Кæд мийаг йæ къахвæд федта». Тар æхсæвы ’рцыдмæ раст Елисей æнхъæлмæ каст Йе стыр хъыджы, мæй куы стылди, Лæппу уый фæдыл æсцырди: «Ме ’мбал мæй. мæ уарзон мæй, Ды тымбыл цæсгомджын тары Сыстыс, цæст цæхæр фæкалы, Уарзынц стъалытæ дæ цард Æмæ дæм кæсынц æнцад. Зæгъ мæнæн, мийаг дæ цæстыл Искуы ауади кæд бæстыл Паддзахы чызг?—Зæгъ ды дæр! — Дæн йæ курæг!»—«Ме ’фсымæр,— Рæсугъд мæй уæд дзуры лæгæн,— Бæууæнд, никуы йыл æмбæлдтæн. Кæд вæййы мæ рад мæнæи, Хъахъæнæг æрмæст уæд дæн. йе мæ разæй, йе мæ фæстæ Ацыдаид!» — «Риссы зæрдæ!» — Елисæй дзырдта тыхстæй. Кодта уæд йæ ныхас мæй: «Чи зоны, уый федта дымгæ, Феххуыс кæндзæн, цыд фæцырд кæ, Цу, ’фæуай ды уымæ тагъд, Цæй \ал. Ма кæ, ма, æнкъард!». Елисей æнкъард нæ кодта, Дымгæйæн йæ фæстæ згъордта: «Дымгæ, дымгæ, ды—тыхджыи, Мигъты скæныс ды цырын, 55
Ды цъæх фурд æдзух æзмæнтыс, Ды дæ хæтæнгы æрхæтыс, Никæмæй фæтæрсыс ды, Дæу æрмæст хуыцау сæтты! Зæгъ мæнæн, кæд искуы бæстыл Ауади дæуæн дæ цæстыл Паддзахы æвзонг чызгай? Уый куы у мæнæн мæ къай!» «Хъус ма!—Тыхджын дымгæ дзуры,—- Сабыр донæн уым йæ цуры Хох фæцыд хæрдмæ бæрзонд, Арф йæ мидæг ис хуынкъгонд, Уым рæхыстæй бастæй тары Авг-чырын бæрæг фæдары, Иу ран цæджындзты æхсæн. Уый алыфарс уæд лæгæн, Зон, йæ къахы фæд нæ зыны, Ис дæ къай уым авг-чырыны!» Дымгæ дарддæр, хъазгæ уад, Елисейы цæссыг калд. Уыцы дард æдзæрæг бæстæм Размæ ацыди, æрмæст æм Иу хатт ма кæса уæддæр. Барастис æмæ цæхкæр Хох фæцыд хæрдмæ йæ размæ. Нæй цæрæг æппын йæ фарсмæ; Хохы бынты тар фæд зынд, Елисей йæм уади цырд Æмæ талынджы цы уыны? Авгæй чырын уым куы зыны Æмæ уыцы чырыны Уарзоны хуысгæ уыны. Къайы чыоын уым уæндонæй Цавта уый йæ тых, йæ бопæй,— Чырын асаст, чызг æваст 56
Фехъал, й’ алыфарсмæ каст Джихтæ гæнгæ, дис фæкæнгæ, Æмæ рæхыстыл æзмæлгæ, Сулæфыдис, загъта стæй: «Цас фæкодтоы, цас, фынæй!» Чырынæй ныр фестад чызг. Дыууæ дæр ныккуыдтой тынг. Лæппу чызгыл ныр хæцы, Тарæй рухсмæ йæ хæссы. Адджын ныхас гæнгæ иумæ Раздæхтысты, ра, сæхимæ. Адæм та кæнынц ныхас: «Паддзахы чызг у æгас!» Уæд æгуыстæй бадт сæхимæ Фыды ус йæ кæсæнимæ, Кæсæны йæхи уыдта Æмæ афтæ та дзырдта: «Зæгъ мæнæн, бæстыл кæм уыдзæн Конд æмæ уындæй мæн хуызæп? Æмæ кæсæн дзуапп дæтты: «У бæрæг, рæсугъд дæ ды, Паддзахæн уæддæр йæ чызгæи Конд. уындæй æмбал нæ уыдзæп». Фесхъиудта, дын, ус æваст, Кæсæн фехста ’мæ фæсаст, Дуармæ уад йæхæдæг тагъд-тагъд, Фембæлдис уым чызгыл уайтагъд. Риуы рафыхтис йæ маст Æмæ амардис æваст. Уый куыддæр ныгæд æрцыди, Афтæ стыр хъазт уым куы уыди. Ус æрхаста лæппу ныр Æмæ уыд йæ куывд стыр,— Дунейы сæвзæрдæй арпæм Ахæм куывд нæ федтой адæм. 57
Уыцы ран æз дæр уыдтæн, Уыцы куывдгæнджыты ’хсæн, Нозтон мыд, бæгæны, хордтои, ’Рмæст мæ рихи схуылыдз кодтоп.
КÆСАГАХСÆГ ÆМÆ КÆСАДЖЫ АРГЪАУ Цардысты зæронд лæг æмæ зæронд ус Цъæх денджызы тæккæ былгæрон, Шрдысты уыдон æртыи æртæ азы Иу зæронд зæхбын халагъуды. Лæг-иу хызæй ахста кæсæгтæ, Ус та æлвисинаг æлвыста. Иу хатт лæг йæ хыз баппæрста денджызы, Хыз хъуынайы муримæ æрбаздæхт. Лæг йæ хыз баппæрста иу хатт ноджы, Хыз æрбахаста денджызаг кæрдæг. Лæг йæ хыз баппæрста æртыккаг хатт дæр, Хыз арбацыд чысыл кæсаджимæ, Хуымæтæг кæсаджимæ нæ — сыгъзæрин. Сыгъзæрин кæсаг балæгъстæ кодта, Адæймаджы хъæлæсæй йæм дзуры: «Ауадз мæ денджызмæ, хорз зæронд лæг, Исты хорз дын раттдзынæн мæ сæрмæ: Айедзынæ, цы мæ ракурай, уыдон». Дисы бацыд зæронд лæг, фæтарсти: Æртын æртæ азы кодта кæсагдзуан — Кæсаг дзуры, уый никуы фехъуыста. Ауагъта лæг сыгъзæрин кæсаджы Æмæ йын рæвдауæн ныхас загъта: 59
«Хуыцауы уазæг у, сыгъзæрин кæсаг, Ницы хъæуы мæн дæуæй æппындæр, ^æндараст у, цъæх денджызмæ уайгæ, Æмæ ленк кæн парахатæй, райгæ». Зæронд лæг раздæхт йæ зæронд усмæ, Радзырдта йын æнахуыр диссаг: «Абон иу кæсаг æз æрцахстон, Хуымæтæг кæсаг нæ, фæлæ сыгъзæрин, Мах хуызæн, йæ дзыхæй дзырдта кæсаг, Куырдта йæхи денджызмæ, сæхимæ, Лæзæрдта мын йæ сæры бæсты стыр аргъ: Раттаид — цыдæриддæр куырдтаин. Нæ дзы ’бауæндыдтæн исты райсын, Ауагътон æй афтæ цъæх денджызмæ». Бауайдзæфтæ кодта лæгæн йе ’фсин: <-Æ, сæрхъæн, сæрхъæн, æдылы къоппа! Кæсагæй нæ бауæндыди райсын! Бирæ нæ — ракуырдтаис арынг, Нæхи арынг й’астæуыл куы афаст!» Зæронд лæг цъæх денджызмæ фæцыди, Уыиы: денджыз сызмæсти гæзæмæ. Зæронд сиды сыгъзæрин кæсагмæ. Раленк кодта кæсаг æмæ дзуры: «Цы дæ хъæуы, дзæбæх зæронд лæг?» Дзуапп ын радты, æркувгæйæ, зæронд: «Бахатыр кæ, паддзахвидыц кæсаг, Бафхæрдта мæ тынг мæ зæронд æфсин, Нал мын уадзы мæ зæронд сæр иу раи: Бахъуыдис æй дзыхъыннæуæг арыпг, Нæхи арынг бынтондæр афаст». Сыгъзæрин кæсаг ын дзуапп радты: «Ма тыхс, ацу, у хуыцауы уазæг, Уыдзæнис уæм дзыхъыннæуæг арынг». Раздæхт зæроид лæг йæ зæг>°чд усмæ: ^æронд \смæ—дзыхъыннæуæг арыиг. 01
Ноджы тынгдæр ус æфхæры лæджы: «Æ, сæрхъæк, сæрхъæн, æдылы къоппа! Ракуырдта, æдылы къоппа, арынг! Цас хæлæггаг у раттынæн арынг? Аздæх фæстæмæ кæсагмæ, сæрхъæн! Балæгъстæ кæн, ракур дзы агъуыст». Зæронд лæг цъæх денджызмæ фæцыди, (Акаст: цъæх денджыз сызмæст йæ разы) Райдыдта сидын сыгъзæрин кæсагмæ. Раленк кодта кæсаг æмæ дзуры: «Ды дæ хъæуы, дзæбæх зæронд лæг?» Дзуапп ын радты, æркувгæйæ, зæронд: «Бахатыр кæ, паддзахвидыц кæсаг, Ноджы тынгдæр хыл кæны не ’фсин, Нал мын уадзы мæ зæронд сæр иу ран: Агъуыст куры уыцы фыддзæрин ус». Сыгъзæрин кæсаг ын дзуапп радты: «Ма тыхс, ацу, у хуыцауы уазæг, Хорз фæуæд,— уыдзæнис уын агъуыст». Зæронд араст зæхбын халагъудмæ, Халагъудæн нал йыны йæ фæд дæр, Лæджы раз фестад райдзаст агъуыст, Агурийæ амад йæ ердо, Тулдзвæйнæгæй кулдуæрттæ йын арæзт. Зæронд ус, дын, фæрсаджы раз бады, Æмæ калы алывыд йæ мойæн: «Æ, сæрхъæн, бынтон æдылы къоппа! Ракуырдта, æдылы къоппа агъуыст! Аздæх, кæсагæн акув дæ сæрæй: Нал мæ фæнды сау зæхкусæг усæй, Бафæндыд мæ сыгъдæг туг дворян суын». Ацыди та цъæх денджызмæ зæронд, (Федта: нæу та цъæх деиджыз æнцойыл) 63
Зæронд сиды сыгъзæрин кæсагмæ, Раленк кодта кæсаг æмæ дзуры: «Цы дæ хъæуы, дзæбæх зæронд лæг?» Дзуапп ын радты, æркувгæйæ, зæронд: «Бахатыр кæ, паддзахвидыц кæсаг, Ноджы тынгдæр фæсæнтдзæф ис не ’фсин, Нал мын уадзы мæ зæронд сæр иу ран: Нал æй фæнды сау зæхкусæг усæй, Бафæндыд æй сыгьдæг туг дворян суын». Сыгъзæрин кæсаг ын дзуапп радты: «Ма тыхс, ацу, у хуыцауы уазæг». Раздæхт зæронд лæг йæ зæронд усмæ, Уый цы уыны? Бæрзонд нывæст галуан. Кæс: йæ зæронд ус æслæууыд былыл, Тинтыдзармæй гуыртавæн йæ уæлæ, Сæры цъуппыл усæн ис парча худ, Хъуырыл тыхт налхъуытæй фæрдгуытæ, Йе. ’нгуылдзтыл сыгъзæрин къухдарæнтæ, Сырх рæсугъд дзабыртæ йæ къæхтыл. Й’алы фарс лæккадгæнджытæ зилынц, Ус сæ ’фхæры, бецыккæй сæ ласы. Зæронд лæг йæ зæронд усмæ дзуры: <<Дæ бон хорз, цытджын æхсин, уæздан ус! Æ’нхъæл дæн, гъе ныр дæ уд æрсабыр». Зæронд ус ыл схъæр кодта мæстыйæ, Бæхдонмæ йæ арвыста кусæх. Рацыдис иу къуыри, стæй — дыккаг, Зæронд ус сæрра ноджы тынгдæр. Кæсагмæ та зæр’шды æрвиты: «Аздæх æмæ кæсагмæ бахат: Нæ мæ фæнды сыгъдæг туг дворянæй, Фæнды мæ, куыд уон бархи ус-паддзах». Зæронд лæг фæтарст, ньшлæгъстæ .дта: «Сæрра дæ, дæ зонд фæцыди, усаи.^ 65
Бацæуын, ныхас зæгъын нæ зоньтс,— Фæхуддзæн дыл æнæхъæн паддзахад». ;Зæронд ус фæмæсты ноджы тынгдæр, йе ’хсæрфарс ныцъыкк ласта йæ мойæн: «Æ, музуккаг, куыд уæндыс ды дзурын, Дзурын мæнмæ, сыгъдæг туг дворянмæ? Тагъд, цæугæ денджызмæ дзæЗæхæй, Науæд дæ фæтæрдзысты тыхæй дæр». Мæгуыр зæронд денджызмæ фæцьщи, (Афæлдæхти сау-сауид цъæх денджыз) Зæронд сиды сыгъзæрин кæсагмæ, Раленк кодта кæсаг æмæ дзуры: «Цы дæ хъæуы, дзæбæх зæронд лæг?» Дзуапп ьщ ратты, æркувгæйæ, зæронд: «Бахатыр кæ, паддзахвидыц кæсаг, Ноджы та хæцы нæ зæронд æфсин: Нæ йæ фæнды сыгъдæг туг дгорянæй, Фæнды йæ, ’куыд уа бархй ус-пзддзах». Сыгъзæрин кæсаг ын дзуапп радты: «Ма тыхс, ацу, у хуыцауы уазæг. Хорз!—уыдзæни ус-паддзах де ’фсин». Зæронд лæг йæ зæропд усмæ раздæхт, Каес: йæ разы паддзахы галуантæ, Сæ мидæг сын ауыдта йæ усы: Стъолы фарсмæ ус паддзахæй бады, Зилынц æм бояртæ ’мæ дворянтæ, Рауагътой йын алы бæстаг сæнтæ, Ахæры ус адджинаг гуылгæндтæ, Йæ фæйнæ, фарс—тызмæг хъахъæнджытæ, Сæ уæхсчытыл цыргъ фæрæттæ дарынц. Куы сæ федта зæронд лæг—фæтарсти, Зæронд усæн акуывта йæ къæхтæм, Загъта: «Дæ бон хорз, тызмæг ус-паддзах! Цæй, æгайтма, гъе ныр ды разы дæ». 67
Зæронд ус æм зулмæ дæр нæ фæкаст, «Атæрут æй!»—ацамыдта сæрæй. Базгъордтой йæм бояртæ, двррянтæ Расхуыстой йе ’фцæгготæй лæджы. Базгъордтой йæм хъахъæнджытæ дуарыл, Фæрæттæй йæ уым æрбацæймардтой, Адæм ыл ныххудтысты кæл-кæлæй: «Афтæ дын хъæуы, æдылы зæронд! Ацы хатт дын бæздзæн, хуырым, зондæн: Искæй цæхдоны ма тул дæ къæбæр!» Мæнæ та иу къуыри, дыккаг дæр рацыд, Ноджы сæрра и зæронд ус тынгдæр: Йæ моймæ та уачелты æрвиты, Зæронд лæджы æрбакодтой усмæ. Зæронд ус иæ зæронд моймæ дзуры: «Аздæх, кæсагæн акув дæ сæрæй, Нæ мæ ’фæнды бархи ус-паддзахæй, Мæн фæнды денджызы хицау суын, Цæмæй цæрон денжыз-океаны, Кæсаг мын куыд куса йæхæдæг Æмæ куыд уа йумайæн мæ разы». Зæронд лæг уæлдай зæгъын хъом не сси, Нал бауæндыд сыбыртт дæр йæ ныхмæ, Цъæх денджызмæ арасти зæронд, Уыны: сыстад денджызыл фыд-тымыгъ, Денджызыл тызмæг уылæнтæ зилынц, Уылæнтæ, цæугæйæ, карзæй ниуынц* Зæронд сиды сыгъзæрин кæсагмæ, Раленк кодта кæсаг æмæ дзуры: «Цы дæ хъæуы, дзæбæх зæронд лæг?» Дзуапп ын радты, æркувгæйæ, зæронд: «Бахатыр кæ, паддзахвидыц кæсаг! Ныр цы кæнон уыцы æлгъыст усæн? Нал æй фæнды бархи ус-паддзахæй, Бафæндыд æй денджызы хицау суын, 69
Цæмæй цæра денджыз-океаны, Цæмæй службæйы уай ды йæхимæ, Æ-мæ цумайæн уай ды й^е разы». Сьпъзæрин кæсаг ницуал загъта, Къæдзилæй фæцъыввытт ласта дотшт Æмæ ацыд денджызæн йæ арфмæ. Зæронд фæкаст денджызы был дзуашшæ,— Ницы рауад, зæронд усмæ раздæхт, Кæс: йæ разы сæ халагъуд февзæрд, Къæсæрыл йæ зæронд ус бады, Р1æ разы та—сæ саст зæронд арыяг.
САУДЖЫН ÆМÆ ЙЕ’ХХУЫРСТ БАЛДАЙЫ АРГЪАУ Цард-уыд раджы Зонд цух сауджын, Иу хатт базармæ кæсынмæ Рацыд сауджын. Уæд кæсы ’мæ Йæ размæ ’рбацæуы Балда. Цымæ кæдæм? Æмæ-гъа... — Мæ фыды хай,—зæгъы,—цæй руаджы Ды афтæ фестадтæ раджы? Уæд дын ын сауджын дæр зæгъы? — Хъæуы мæн ахæм лæг, æххуырст, Чысыл чи бацагура мызд. Йæ куыст та ахæм: уыдзæн бæхгæс, Хæринаггæнæг, пълотник, хойрагхæсс. Æз н’арын ахæм лæг мæ цуры. Балда йæм дзуры: — Цæуын дæм, сауджын, æз æххуырст. — Ифтонг, зæрдиаг — уыдзæн мæ куыст. Дæтт мын хæринаг—хор фæлвыхæй, Мызд—аз æртæ къæрццы дæ ныхæн. Хъуыдыты сауджын уæд фæцыд. Цъыччытæ ’мхуызон несты... хорз.:. Фæзæгъыкц уырысмæ «авось». Балдамæ сауджын дзуры уæд: — Разы, дæ ныхасыл фæуæд: Æрцæр мæ кæрт;м- - æмæ ’вдис 72
Дæ цырддзинад, куыд кæнон ДйС. Нæ сауджынмæ цæры, нæ зæмбы — Нæ саг Балда, хуыссы уым хъæмпы, Раст цЫппары бæрц хæры, Кусгæ та авды бæрц кæны. Сæумæцъæхæй æппæт дæр конд: Бæх—ифтыгьд, йæ зæхх хуымгонд, Йæ пецы — арт, æлхæд — æппæт дæр, Айк—фых, стигъы йæ йæхæдæг. Сауджыны ус Балдайæ æппæлы, Сæ чызг Балдайы уындмæ куы бæллы. Сæ фырт æй баба, зæгъгæ, хоны .. Кас афыцы. Зилын сабимæ зоны. Балдайы æрмæст сауджыи нæ уарзы. Рæвдауынмæ йæм йæ къух нæ тасьь Фæкæиы арæх Балдайы мыздыл сагъæе. Рæстæг цæуы, хæстæг у æмгъуыд, багъæц. Сауджыныл хуыссæг нал хæцы, нæ худы: Йæ тæрных рагагеоммæ дуды. Уæд радзырдта йæ усæн хабар Афтæ-уфтæ: цы кæнон — равзар. Усæн у йæ зонд ахсаг, Алы хиндзинæдтæм —тасаг. Зæгьы йын ус: хос зонын æз, Цæмæй дын уымæй ма уа тас: Ра-1т Балдайæн куыст, Кæнын кæмæн нæ уа йæ бон. Агургæ та ’дзы кæн, Цæмæй йæ сæххæст кæна бæстон. Нæ уыдзæн уæд дæ ныхы рыст дæр, Стæй йын нæ раттдзыстæм мызд дæр. Сауджын хъæлдзæгдæр фæцис уа?д, Уæндондæр Балдамæ уыд йæ вдст, йæ дзырд. Хъæр æм кæны: рацу-ма, ра, Мæ хорз кусæг Балда. Да;:ыпц хъалоп зиитæ мæпæй 74
Хуыздæр куыстаг абонты нæй: Ныр рацыдис азтæ æртæ Кæдæй нæ фидынц хъалон, уæдæй, Хæринаг куыддæр фæуай хæрд, Афтæ ’рхæес, цы сыл ис æвæрд. Балда пе схæцыд хылыл, Фæлæ ацыд. Денджызы былыл, Бæндæн бийы цадæггай сурыл, Йæ к’æрон ын денджызы тулы. Уæд рацыд денджызæй иу зин, зæронд. — Цæмæн нæм æрбацыдтæ, Балда, мæ бон? — Бæндæнæй æз денджыз æлвасынмæ хъавын., Фæнды мæ уæ хъæстæ, хæйрæджытæ, сафын. Зин уыцы ныхасæй фæтарст. * — Цæмæн, ззегъгæ, зин баппæрста фарст. — Уæ хъалон æмгьуыдмæ нæ фидут. Уæ тæригъæд иууыл уæхи у — Фæлæуут, æрцæудзæнис бон,— Куыйтæ, кæудзыстут, уый зон.— — Балда, мæ хур, ма ма ’нцъул дон. Тагъд айсдзынæ дæ хъалон бæстон. Багъæц, рарвитон дæм мæ фырты фырты. Хъуыды кæны Балда: йæ фырты фырты, Æвæццæгæн, фæсайын Нæ, уыдзæнис хæрз зын. Уæд донæн йæ астæуæй цырд Фæгæпп ласта хæйрæджы фырт, Гæдь*йы лæппынау ныууасыд: зæгъ-ма, Цæй хъалон нæ курыс, Балда. Нæ тъымы-тъымайы æнус Нæ фехъуыста хъалон нæ хъус. Фæлæ, цæй, фод айс хъалон хæйрæджы фыртæй Æрмæст дæр, Балда, дзырдæй: — Цæмæй нæ макæмæн уа маст, Чи нæ æруайа раст Денджызы алыфарс тагъддæр, 76
Уый айсдзæн хъалон. Къæсса дæр Уыдзæни уалынмæ рæвдз. Хины худт скодта Балда: — Цы ’рхъуыды кодтай, гъери-гъа! Балдаимæ куы ’суаис хæтыны! Нæ суыдзæн дæ хъару, зæгъын дын. Мæ кæсдæр æфсымæр дæр дын, Нæ бакомдзæн дугъы сйттын. Балда цырд хъæдмæ ныууад Тæрхъустæ дзы ’рцахста дыууæ. Ныппæрста сæ голладжы, суад, (Хæйрæг ма йæ бынаты уыд) Голлагæй сласта иу тæрхъусы, Ныххæцыд ын фидар йæ хъусыл: — Нæ зарæг-ма, зины фырт, азар. Ды мемæ дæ хъарутæ ма ’взар. Чысыл у, мæ хæлар, дæ тых, Хъуымызæй ма дзаг у дæ дзых. Цæмæи кæнæм дзæгъаглы дзургæ, Фæлтау ма мæ кæсдæры сургæ. Гъæйт, ма уал кæн рæстæг ды сафгæ, Мæ кæсдæр æфсымæры ’ййафгæ. Фæцагайдтой. Хæйрæг уад фæдыл. Тæрхъус та фæмидæг ис хъæды. Зин денджызыл уайтагъд æрзылд. Æрхæццæ ис. Ие ’взаг ласт зынд. Хид буÆрыл лæсæнтæ гæнгæ, Йæ дзæмбыйæ — цæсгом сæрфгæ Балдайы сæттыныл фæлгъаудта, Фæлæ бадтис Балда æмæ даудта Йæ кæсдæры, дзургæ: Бæллæх дæ, Ды уайынмæ. Бирæ фæтахтæ, Дæхи уал, мæ хъæбысы ’руадз, Æрбад уал, дæ фæллад уал суадз. Фæсæлхæр ис хæйрæг, фæтарсти. Дымæг сагæхты æртъыста раст, 78
Зып уыдис тæрхъусæн йæ’уынд. — Æз хъалонмæ,—сдзырдта,—цæуын. Æрцыд æмæ дзуры: «Баба, Фæразæй чысылдæр Балда...» Зæронд зин хъуыдытыл фæци. Балда та хъæр кодта, хæцыд. Иæ тасæй денджызтæ систой фæйлауын. Кæрæдзийы сæрты, уæд хауын. Уæд зины фырт донæй æсхызт. — Дæ хъалон уыдзæн — зæгъы — фыст. Чысыл мæм æрбайхъус æцæг. Кæцы фехса ацы лæдзæг Нæ дыууæйæ дарддæр, Гъе уымæн-иу хъалон мах раттæм. Цы кæсыс? Зын дæм кæсы, зып? — Æз уæртæ æвра’гъмæ кæсын. Уым сæмбæлдзæн лæдзæджы цыргъ, Гъе стæй уæ уæд сисдзынæн пырх. Бабамæ та тарст зин тæхы. Балдайы ныхас ын зæгъы. Балда та уæлденджыз лæууы, йæ æртхъирæн зинхæм цæуы. Фæзынд та ’уæд зины лæппын. — Цы кæпыс, нæ зонын æппын. Ныхъус у. Цæуыл кæныс загъд. Пæ хъалон фыст уыдзæнис тагъд. Кæд...—Банцай,—зæгъы йын Балда,— Гъе ныр та мæ рад у, мæ рад. Мæхæдæг дын раттдзынæн æз Быцæуы æвзаринаг хæс. Кæсыс, уæртæ иу сырх ефс хизы. Дзе хъару ма бауæд уый сисын. Æмæ ма йæ версты æрдæг Ды ахæсс. Цы кæсыс? Цæрдæг. Кæд ахæссай ефсы — æз саст; Кæд н’ахæссай,—хъалон уæд ласт.— 79
Цырд бæхы бын смидæг ис зин, Фæцарæзта бæхмæ йæ син, Ныххæцыд, Æсхæцыд. Дыууæ къахдзæфы акодта, стæй Æрхаудта фæстæмæ рыстæй. — Æдылы, Балда йын зæгъы,— Нæ фæразыс ацы бæхы. Уæдæ йæ мæ сагæхты æз Куыд ахæссин, ардæм ма кæс. Æрбабадтис бæхыл цæрдæг, Стæй азгъордта верст æмæ ’рдæг. Фæлыгъдис та тарст зип: «Бæллæх, Фæцис та уæлахиз Балда». Уæд зинтæ æрбаисты къорд. Æрбахастой æххæст хъалон —хор. йæ уæхскыл ын сæвæрдтой голлаг. Хъæрзгæ Балда ссæуы, сауджын фæтарст. Иæ усы фæстæ амбæхстис раст. Балдд йæм æрбацыд хæстæг. — Æрцыдис, мæ сауджып, рæстæг, Фæдæн,—загъы, гъе ньтр мæ куыст, Æри мын, мæ фæллоййен мызд. Æрбадардта сауджын йæ ных. Фыр тæссæй ныххæлиу йæ дзых, Фыциаг цæфæй цармæ фæхауд, Ных ахъулэн, ацис сæнт сау. Дыкк?г цæф — уд аззад тæссонд. Æртыкк1гæй атахт йæ зонд. Балла та дзырдта: — Сауджын мæн аххос нæ уыд, Асламыл дæ зилыи нæ хъуыд.
СÆРГÆНДТÆ Аргъау паадзах Салтаныл, йæ кадджын æмæ хъæбатыр фырг къняз Гвидоныл æмæ уый рæсугъд усы—хъазы тыххæй .... 3 Паддзахы мард чызг æмæ авд хъæбатыры аргъау 39 Кæсагахсæг æмæ кæсаджы аргъау . . . • 59 Сауджын æмæ йе’ххуырст Балдайы аргъау 72
Чиныджы цъар æмæ нывтæ сты Хохты А. конд Редактор Дарчиты Д. Техникон редактор Дзгойты А. Корректор Цогойты Н. ДОыхуырмæ лæвæрд æрцыд 28/У— 1949 " азы. Мых>ырон сыфтæ 5,125 Рауагъдады № 80. Заказ 1943 Тираж 50 Д). ЕИ02842. Цæгат Ирыстоны АССР-ы полигра- фийы Управленийы типографи Дзæуджыхъæу, Дзанайты И. уынг, 20.
А. С. ПУШКИНЫ АРГЪÆУТТЫ ТÆЛМАЦГÆНДЖЫТÆ Аргъау паддзах Салтаны’л . . . (Хъайтыхъты Георы тæлмац) Паддза*ы мард чызг æмæ авд хъæбатыры аргъау (Хьайтыхь- ты Георы тæлмац) Кæсагахсæг æмæ кæсаджы аргъау (Плиты Гришы тæлмац) Сауджын æмæ йе’ххуырст Балдайы ар: ьау (Мамсыраты Дæ- бейы тæлмац) А. С. Путкин—Ар.ъæуттæ