Text
                    ЛРРЬЛ^-БИРРЬЛ^


Конкурс осуществлен в рамках государственной программы: «Национально-культурное развитие осетинского народа 2018—2020 гг.» ОРГАНИЗАТОРЫ: Комитет РСО-Алания по делам молодежи, ГАУ «Центр военно-патриотического воспитания молодежи РСО-Алания». Конкурс «Нырыккон ирон аргъæуттæ» арæзт æрцыд паддзахадон программæ «Ирон адæмы 2018-2020 æзты национ-культурон райрæзт»-ы фæлгæты. Конкурс расидтысты: РЦИ-Аланийы фæсивæды хъуыддæгты комитет æмæ РЦИ-Аланийы æфсæддон-патриотон хъомылады центр. «Аргъау-биргъау». Дзæуджыхъæу: СЕМ, 2019 — 92 ф. © Издательство «СЕМ», 2019
Аргъау-биргъау! Ацы ныхæстæ гыццылæй чи нæ фехъуыста, ахæм, æвæццæгæн, зынссарæнуыдзæн Ирыстоны. Уымæн æмæ не ’ппæтдæр хъомыл кодтам аргъæуттыл. Нæ бабатæ æмæ нанатæй домдтам бафынæй кæныны размæ, аргъау радзурын. Æмæ-иу уыцы аргъауимæ нæ фынты алæмæты дунейы февзæрдыстæм. Фæлæ бонтæ цæуынц æмæ фарн семæ хæссынц. Куыд дарддæр, афтæ аргъæуттæ дæр историйы сыфты бын фесты. Арæх нал фехъусдзынæ, зæгъгæ, мын баба аргъау радзырдта. Уый хыгъд, аргъауы бынат бацахстой Интернет æмæ алыхуызон æгомыг мультиктæ. Сывæллæттæ раздæрау зæрдæргъæвд нал сты, нал сæ цымыдис кæнынц сырдтæ, мæргътæ, зайæгойтæ. Кæд æмæ адæймаг æрдзимæ иу хъуамæ уа, уæддæр. Фæлæ уæлдæр ранымад миниуджытæ алкæцы сывæллонмæ нæ хауынц. Ис ма нæ Ирыстоны ирондзинад йæ тугдадзинты кæмæн хъазы, йæ мады æхсырау адджын кæмæн у, ахæм фæсивæд дæр.
Ахæмтæм комкоммæ бар дарынц, ацы æмбырдгондмæ цы æрыгон автортæ бацыд, уыдон. Сæ удæй дзæнгæрæгау цæгъдынц, архайынц, цæмæй нын нæ фыдæлтæ цы æвидигæ хæзнатæ ныууагътой, уыдон ма фесæфой, фæлæ фылдæрæй фылдæр кæной. Фыссынц аргъæуттæ, чысыл радзырдтæ, кæцытæм та абон уа, йе райсом, уæддæр, æнæмæнг, раздæхдзыстæм. Ацы æрыгон фысджытæ та уал уæдмæ цæттæ кæнынц, Брытъиаты Елбыздыхъойы загъдау, репертуар. Се сфæлдыстад кæд нырма бынтон биноныг æмæ бындурон нæу, дзуапп нæ дæтты литературæйы кæцыдæр домæнтæн, уæддæр, æнæмæнг, сты ирон литературæйы хæзнатæ. Æнæмæнг хъæугæ уыдзысты айдагъ сывæллæтты рæвдауæндæтты нæ, фæлæ ма скъолайы райдайæн кълæсты, æмæ ныййарджытæн сæхицæн дæр. Æмбырдгондмæ цы аргъæуттæ бацыд, уыдон фыст сты хуымæтæг, æнцонæмбарæн æвзагыл. Чи сæ кæса, æмæ сæ кæмæн кæсой, уыдон сæ, æнæмæнг, айсдзысты сæ зæрдæты арфмæ... <$§>
БÆРÆГЪУЫНТЫ ДЗЕРАССÆ Зивсеггæнаг чызг Цардысты æмæ уыдысты зæронд лæг æмæ ус. Уыдис сын иунæг чызг — тынг зивæггæнаг æмæ магуса. Иæ къух уазал доны дæр никуы атылдта. Райсомæй-иу хур мидбылхудгæ куы бакаст рудзынгæй, æмæ-иу рæвдаугæ йæ тынæй чызджы рус куы ахъыдзы кодта, сыст уæлæмæ, зæгъгæ, уæд-иу чызг арфдæр йæхи бамбæхста хъæццулы бын. Уасæг-иу йæ райсомы зарджытæ зарын куы райдыдта, уæд та-иу чызг йæ сæр базы бын фæцавта. ^дхæссæгæй уæлдай йын нæ уыди, исчи йæ куы хъыгдæрдта фынæй кæнын, уый. Бæргæ-иу ын уайдзæф кодтой йæ ныййарджытæ, афтæмæй дарддæр куыд цæрдзынæ, истæуыл сахуыр у, зæгъгæ, фæлæ сын чызг сæ ныхæстæ мурмæ дæр нæ дардта. Иæ къух-иу ауыгъта æмæ-иу загъта: «Исты мын сымах мæлгæ акодтат?» Афтæмæй рæстæг цыди, æмæ, æцæгæйдæр, чызгæн иу иннæйы фæдыл æрбамардысты йæ мад æмæ йæ фыд. Чызг
Бæрæгъуынты Дзерассæ иуцасдæр акуыдта, уый дæр, æвæццæгæн, йæхиуыл, дарддæр цы кæндзынæн, зæгъгæ. Раздæрты йæм афтæ нæ хъардта, фæлæ йын йæ разы цæттæ хæринаг куы ничиуал æвæрдта, йæ дзаумæттæ сыгъдæг æмæ итувæрдæй куы нал уыдта, уæд та-иу ногæй нырдиаг кодта: «Ныр цыми кæндзынæн амæй фæстæмæ?!» Рацыд иуцасдæр рæстæг. Чызг бафæллад æххормаг æмæ æдзæллагæй, тынг сфыдхуыз, дзурын дæр æй никæимæ фæндыди. Иæ уæлæдарæс æмæ къахыдарæс арæх сусæгæй сæхимидæг куыдтой, цæй æнамонд стæм, куыд æдзæллаг чызджы амæттаг фестæм, зæгъгæ. Уынджы-иу чызг куы фæцæйцыди чъизи æмæ фистсæрæй, уæд-иу хæдзарон хъазтæ æмæ бабызтæ, доны сæ лæппынтимæ цъыллинджытæ кæнгæйæ, дзырдтой: «Уынут, уæртæ куыд æнæхсад æмæ чъиллонæй цæуы уыцы чызг? Уый худинаг у!». Æмæ та-иу сæ лæппынтимæ доны сæрбихъуырæйттæ кæнын райдыдтой. Чызг æххормагæй куы сфæлмæцыди, уæд цалдæр хатты хъавыд йæхицæн хæринаг скæнын, фæлæ йын дзы ницы уади. Ахуыр нæ уыди уыдæттыл... Сæ кæрты зади зæронд донхæрис бæлас. Иæ тасаг къалиутæ раст зæхмæ хæццæ кодтой. Чызг-иу алы изæр дæр бацыди бæласы размæ, йæ быны-иу æрбадти æмæ йын йæ царды хъæстытæ кодта. Бæласæй йæм цыдæр хъармад хæццæ кодта. Чызгмæ удгоймаджы хуызæн каст, цыма йын йæ ныхæстæ æмбæрста. Изæрыгон-иу куы бадти чызг бæласы бын йæ цæссыгтæ згъалгæ, уæд-иу донхæрисы къалиутæй дæр райдыдтой хауын иугай æртæхтæ, цыма чызджы хъысмæтыл
Аргъау-биргъау кæугæ кодта, уыйау. Иæ къалиутæй-иу æрбатыхта чызджы æмæ йæ узæгау кодта... Иу сæрдыгон изæр та чызг бæласы бын дзæвгар фæбадти, йæ зæрдæйы рыстытæ та йын фæдзырдта. Цæуынмæ куыд хъавыд, афтæ йæм бæлас æнæнхъæлæджы йæ мады хъæлæсæй сдзырдта: «Зонын æй, мæ хъæбул, куыд зын дын у, уый. Мæ зæрдæ дыл риссы. Бæргæ дын-иу дзырдтон, фæлæ мæм нæ хъуыстай. Ныр мæм уæддæр байхъус». Чызг сагъдауæй аззад, бæлас та чызгæн дарддæр дзырдта, зонд ын амыдта. Чызг æм лæмбынæг хъуыста... Тынг æрфæсмон кодта йæ митыл, æрхудти йæхиуыл. Бынтон фендæрхуызон ис чызг, хорзæрдæм аивта. Иууылдæр ыл дис кодтой — диссаджы фæзминаг кæстæр дзы рауад! Чызг дæр та алы изæр, иннæ хæттытау, æрбацæуы бæласы бынмæ, донхæрисы зæнг йæ хъæбысы акæны, æрлæгъзытæ йын кæны йæ къалиутæ, йæ зæрдæйы зæгъинæгтæ та йын фæдзуры... Бæлас дæр ыл йæхи бакъул кæны, йæ къалиутæй йæ рæвдауæгау æрбатухы æмæ йæ мадау йæ хъæбысы фæлмæн фæузы... 1 7 |
БЕСТАУТЫ АЛАНÆ Хъилхъ^сы хабæрттæ Цардысты æмæ уыдысты сыфтæрджын сау хъæды сырдтæ. Бадынц æмæ тæрхæттæ кæнынц, цы кæной, кæдæм фæлидзой, адæм сын сæ райгуырæн хъæд цæгъдынц, судзынц æй æмæ сын тагъд цæрыны бынат нал уыдзæни. Хистæр Домбай мæстыхуыз æмæ сæрыстырæй хъусы сырдты уынаффæтæм. Сæ хъæрмæ йæ сæр уæззаугай разил- базил кæны æмæ йæ цæстытæ фæтъæбæртт-фæтъæбæртт кæны. Куы сæ иумæ бакæсы, куы та — иннæмæ. Лидзын хъæуы, цас раздæр, уыйбæрц хуыздæр, — йе ’рфгуыты бынæй кæсгæйæ загъта Арслæг. — Кæдæм фæлидзæм? Ды ницæмæй тæрсыс, дæуæн дæхицæй тæрсынц, фæлæ махыл æрмæст адæмы уындæй дæр ризæг бахæцы, — загъта тæрхъустæй иу — Зулдзæст. — Адæмы фæтæрсын кæнæм æмæ... — Бирæгъуын йæ мидбылты бахудт. <— Уыдон ма дын дæхи дæр фæтæрсын кæндзысты! — Рувас ын, мæстæймарæгау, бауайдзæф кодта. 8 §
Аргъау-биргъау — Адæм мæнæн дæр сайын куынæуал комынц! Уалынмæ Хистæр Домбай уæзбын хъæлæсæй сдзырдта: — Ам нын цæрæн, чи зоны, нал ис, фæлæ нын иугæйттæй лидзгæйæ тас у цуанонты хъримагæй. Цы кæнæм, уый иумæ. Раздæр уал нæхицæн халагъудтæ скæнæм, ам нырма бирæ бæлæстæ ис æмæ нын тæссаг нæма у. Цалынмæ ардæм адæймаджы фæрæт хæстæг кæна, уæдмæ цæрдзыстæм ам. Æмбырдæй куы рацыдысты, уæд Хъилхъус Зулдзæстæн афтæ зæгъы: — Æз æндæр хъæдмæ лидзын, ам фыдбылыз хæстæг у. Хистæр Домбай йæхи бахъахъхъæндзæн, уымæ ничы уæнды, фæлæ махта?! — Нæ, нæ, нæ! Уый йæ хуыздæр зоны, байхъусын æм хъæуы, — ацамыдта йын Зулдзæст зонд. Фæлæ Хъилхъус рагæйдæр хивæнд тæрхъус уыд — йæ хивæнддзинады аххосæй-иу фыдбылызы бахауд, арæх ын дзырдта Зулдзæст, дæ хистæртæм хъус, зæгъгæ, фæлæ кæм саст?! Кæддæр, фæндагмæ хæстæг, йе ’мбал тæрхъустимæ хъазыд. Уалынмæ кæсынц, æмæ, уæртæ, иу лæг йæ хырх йе ’ккой, афтæмæй сугмæ æрбацæуы. — Нæ кæсут, рараст та и! Кæсут ма, æз ын цытæ акусдзынæн! — йæ раззаг къæхтæй йæ къæбут аныхта. Лæг бæласмæ куы æрбахæстæг, уæд йæ хырх зæххыл æрæвæрдта. Уыцы уысм Хъилхъус бахъуызыд æмæ хырх къутæрты бынмæ баласта. Лæг бæласмæ фæракæс-бакæс кодта æмæ йæ сфæнд кодта алыг кæнын. Хырх, зæгъгæ, сисон, куыд загъта, афтæ кæсы æмæ хырх цыдæр фæци. Агуры йæ, разил- базил кæны. Куы иу къутæры бынмæ бакæсы, куы — иннæ.
Хъилхъус хырх къудзиты æмæ дурты ’хсæн бакодта, йæхæдæг та бадт æмæ лæгыл зæрдиагæй худт. Мæгуыр лæг хырх райсомæй изæрмæ фæцагуырдта. Талынг кæнын райдыдта, æмæ Хъилхъус уый куы бамбæрста, ай ницыуал ралыг кæндзæни талынджы, уæд хырх кæм уыд, уым æй сæвæрдта. Лæг куы бæласы бынмæ бакæсы, куы та къутæрты астæумæ. Нæй... Фæстæмæ йæ бынатмæ куы ’рбацыд, уæд кæсы æмæ диссæгтæ!.. Иæ цæстытæ æууæрды, нал сыл æууæнды. Иæ галиу хъус асæрф-асæрф кæны. «Ау, æрдæбон ацы хырх ам куы нæ уыд, уæд гъеныр ам куыд февзæрд? Хуыцауыстæн, сæрра дæн?!. Цæуон нæхимæ, ацы хъæдырдæм кæсгæдæр никуыуал фæкæндзынæн!..» Хъилхъус худæгæй мард, цалынмæ лæг нæ фæаууон, уæдмæ... Мæнæ та ныр дæр хивæнд Хъилхъус, иннæтæй уæлдай, лидзыны фæнд кæны. Хъуыдытæ кæны йæхинымæр, æхсæвы алидздзынæн, уæд мæ нæ базондзысты, зæгъгæ. Дыккаг бон та сырдтæ æрбамбырд сты Тымбыл хъæды, уыцы бынат сын баззад æдасдæрæн. Бæлæстæ йæ алыварс æнæвнæлд æмæ йæ афтæ уымæн хуыдтой. Сырдтæ сæ ныхас, сæ уынаффæтæ Тымбыл хъæды кодтой: — Мæ хорз хæлæрттæ, сабыргай нæ алидзынæн амæлттæ кæнæм. Сабыр цард нын нæ ратдзысты адæм. Знон дæр та ацы цуанонты хъримæгты æхстæй нæ бафынæй дæн, стæй сымахæн дæр тарсТæн, — загъта Хистæр Домбай. — Нæ буц Хистæр, дæ ныхасимæ разы стæм æмæ нæхи цæттæ кæндзыстæм, — ныфсджынæй загъта Арслæг. Ю |
Аргъау-биргъау Хъилхъус бирæ æнхъæлмæ кæсыны фæнд нæ кодта æмæ Тымбыл хъæды ныхас куы фæци, уæд фæиппæрд æмæ згъорынтæ райдыдта сау хъæды астæу. Зулдзæст æй куынæуал ауыдта, уæд бамбæрста, йæхырдыгонау та кæй бакодта ацы хивæнд, уый. Хъуыды кæны, схъæр æй кæна иннæ сырдтæн, æмæ Хистæр Домбайæ худинаг у, стæй йæ куы бафхæра, де ’фсымæр нæ хъусы хистæртæм, зæгъгæ. Цы гæнæн ма уыд Зулдзæстæн æмæ радзырдта йæ хабар Булæмæргъæн. Уый йæ æвиппайды æгас хъæдыл азарыд. Хистæр Домбаймæ уый хъыг фæкаст, тынг смæсты. — Уый йæ хистæрты ныхасмæ æппындæр куыд нæ хъусы! Афтæ нæ загътон, иумæ?! Хистæртæм чи нæ хъусы, уый рæствæндаг никуы вæййы! Ссарут æмæ йæ тагъд æрбакæнут! Хъилхъус лидзы, фæстæмæ фæкæс-фæкæс кæны. Иу чысыл-ма куы адард, уæд æваст фæлæууыд. Фæлæ... Уæдмæ бурхъусгалм Дæргъа рабырыд хуынкъæй: — Цы кусыс ам та, мæнæ тæрхъус? Ацы хъæды цалдæр азы сырдтæ нал ис цуанонты аххосæй. Хъилхъус лæууы, хъуыды кæны: фæстæмæ æви размæ? Уалынмæ фæстейæ топпы гæрах райхъуыст. Тæппуд тæрхъус ауыдта дыууæ хæрзифтонг цуаноны æмæ йæ дæндæгтæ фыртасæй схоста кæрæдзиуыл. —- Нæ кæсыс ацы зулдзæстмæ! Ам цы кусыс, урсхъуыр? Арслæг æмæ иннæ сырдтæ сфæнд кодтой Хъилхъусмæ агурæг ацæуын. Фæлæ сæ фæнд не ’ргом кодтой Хистæр Домбайæн. Тарстысты, зæгъгæ, йæхи аххос у, куы зæгъа. Хистæр та хистæр у. Уæд сæм йæхæдæг фæдзырдта æмæ сын загъта:
— Хъусут, æмбæлттæ, тæрхъусыл йæ фырхивæнддзинадæй фыдбылыз куы ’рцæуа, уæд уый махæн худинаг у. Кæстæр рæдийаг вæййы æмæ йæ лæмбынæгæй бацагурут. Арслæг, Бирæгъуын æмæ Зæрватыкк ацæут йæ агурынмæ. Арслæг æмæ Бирæгъуын, сымах фистæгæй цæут, ды та, нæ уарзон маргъ, бæрзонддæр стæх æмæ хъæдыл дæ цæст ахæсс. Æхсызгон уыд сырдтæн, Хистæр Домбай ахæм уынаффæ кæй рахаста, æмæ фæцыдысты Хъилхъус тæрхъусы агурæг. Зилынц, зилынц æмæ нæй. Авд бон фæцыдысты, авд æхсæвы фæхъæр кодтой, фæлæ нæй. Зæрватыкк-иу бæрзонд стахт, уæларвæй-иу ныззарыд, Хъилхъус, зæгъгæ, фæлæ йын дзуапп ничи лæвæрдта. Бынтон зын та, Зулдзæст æмæ, Тымбыл хъæды чи æнхъæлмæ каст, уыдонæн уыд. Мæлдзгуытæ катайгæнгæ сызмæлыдысты, Рувас йæ рихитæ асæрф-асæрф кæны; Хъæдхой ныры хуызæн бæлæстæ никуы ма хоста... Æрмæст Хистæр Домбай, кæд йæ зæрдæ æхсайдта, уæддæр йæхи сабырæй æвдыста. Уый хистæр у æмæ йæ сырдты раз йæхиуыл хъуамæ хæца. Уæдмæ Хъилхъусы цуанонтæ голладжы ныппæрстой æмæ йæ фæхæссынц. Бады, кæуы, фæлæ ма ныр цы? Зулдзæст æмæ Хистæр Домбайы ныхæстæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты. Иæ рæдыд ма бæргæ бамбæрста... Цуанонтæ зилынц сау хъæды. Куы ’рталынг, уæд арт скодтой. Хæрыны фæнд сæм фæзынд, Хъилхъус уый куы бамбæрста, уæд йæ ныфс асаст... Æмбалы зæрдæ — ныфсы къæртт у. Сырдтæ зилынц æмæ сæ кæд ныфс нал ис, уæддæр агурынц се ’мбалы. Зæрватыкк бæрзонд стæхы. Иу хатт, дыккаг хатт, æртыккаг хатт... Цыппæрæм хаттæн кæсы, æмæ хъæды арт судзы. Сцымыдис
Аргъау-биргъау и маргъ. Бынмæ ныттахт æмæ цуанонты федта. Йæ зæрдæ фехсайдта голлагмæ, цыма змæлгæ кæны... Бæрзонд та арвы хъæбысмæ стахт æмæ бынмæ ныккæсгæйæ, ауыдта Арслæг æмæ Бирæгъуыны. Ныттахт сæм æмæ сын радзырдта æппæт хабар. Бацымыдис сты, голладжы хуылфы цы ис, уымæ. Арты цурмæ хæстæгдæр куы бацыдысты, уæд федтой цуанонтæй иу фынæй кæны, иннæ бады. Арслæг голлаг куы федта, уæд бацин кодта: — Кæд дзы мыды боцкъа ис! Бирæгъуын æвиппайды йæ былтæ астæрдта: — Кæд дзы дзидза и, дзидза! — Радавын æй хъæуы, иу цыбыр ныхасæй, — Арслæг сырдтæн бæгуыхуызæй афтæ бакодта. — Æз къутæртæ базмæлын кæндзынæн, сæ уынæрмæ цуанон мæнырдæм рацæудзæни. Уыцы рæстæг ды голлаг радав, Бирæгъуын, бамбæрстай? Фæнд Бирæгъуыны зæрдæмæ фæцыд. Арслæг куыддæр къутæртæ базмæлын кодта, афтæ цуанонтæй иу фæгæпп ласта йæ топпимæ æмæ, уынæр кæцæй хъуыст, уырдæм базгъордта. Арслæг ыл иу богъ фæкодта æмæ лæг чи у, уый мæрдытас фæкодта. Уæдмæ Бирæгъуын голлаг радавта. Згъорынц хъæды Бирæгъуын, Арслæг, Зæрватыкк та арвы тæхы. Иу уысм арс æвиппайды фæлæууыд: — Уыдонæй нын тас нал у, фæлæ голладжы цы ис, уый фенын хъæуы. Стæй Хъилхъусы агурынмæ аздæхæм. Бирæгъуын цалынмæ голладжы сæр хæлдта, уæдмæ алчидæр æнхъæлмæ каст. 1 13
Бестауты Лланæ — Рæвдздæр ма йæ хал! Кæлæнтæ йыл кæныс, æви?! — Арслæгы йæ гуыбын схордта. — Фæлæуу, зыдсæр, дæу йеддæмæ ам æххормаг никæмæн у?! Зæрватыкк тæхын дæр куы нæ уал фæразы! — фæхъæр кодта бирæгъ. Уалынмæ Бирæгъуын голладжы сæр райхæлдта æмæ дзы Хъилхъус йæ сæр сдардта. Зырзыргæнгæйæ, джихæй кæсгæйæ зæхмæ рахызт. — Ды та уым цы куыстай? — бирæгъ дзидза æнхъæлцауæй, тæрхъусы куы ауыдта, уæд куыд нæ рамæсты. — Цы, цы! Цуанонтæ мæ ныппæрстой, æндæр цы! Мыййаг дзы хъармы тыххæй нæ бахуысыдтæн! — Æгайтма нын æнæниз дæ, Хъилхъус! — ныттыхст ыл Арслæг. — Цомут ныр æмæ нæ хистæры зæрдæ барухс кæнæм. Сырдтæ худгæйæ фæцæуынцТымбыл хъæдмæ. Хъилхъус та дын æвиппайды фæлæууыд æмæ та сырдтæ фæтарстысты, ма цы та сфæнд кæна, зæгъгæ. — Зонут цы... Хистæрты ныхасмæ хъусын хъæуы! — бæгуылæгау афæдзæхста сырдтæн æмæ фæраст йæ фæндагыл. Сырдтæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой æмæ зæрдиагæй ныххудтысты...
-^^^-^~^-^-^_^~^~^~^-^^_,Лргъау-биргъау БОРÆТЫ АЛАН-СÆРМÆТ Диссаады Фембæлд Сæрдыгон бон. Æмбисбоны хур иннæ бонты хуызæн тынг нæ тавта. Хурныгуылдмæ нырма бирæ уыди, фæлæ йæм тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ кастæн: уарзтон кæсын, хур куыд амбæхсы хæхты æмбонды фæстæ. Афтæ мæм фæкæсы, цыма уыдон æгомыг къæдзæхтæ не сты, фæлæ уæйгуытæ фынæй кæнынц æмæ цыдæр стыр хъуыддагмæ æнхъæлмæ кæсынц. Изæрыгæтты-иу арæх рацыдтæн, пысырайы ’хсæн чи аныгъуылд, уыцы сæрдыгон мæнгагъуысты абадынмæ. Цы фæндаджы был лæууыд, ууыл цæуæг стæм уыд. Мæнгагъуыстæй хъæды къохмæ згъордта нарæг къахвæндаг, æмæ дзы цыма æмбæхсгæ акодта, уыйау æрбайсæфт. Мæ уарзон бынаты бадгæйæ æмæ тыгъд быдыртæм кæсгæйæ мæм-иу афтæ каст, цыма мæ алыварс диссаджы хæрздæф æмæ алыхуызон æхсызгон мыртæй нывæст фурд айтынг. Дардæй цы бæлæстæ бæрæг дардтой, уыдоныл-иу зæрæхсид иæ сыгъзæрин тынтæй æнæвгъау куы бакалдта, уæд
Борæты Алан-Сæрмæт мæм-иу афтæ каст, цыма нывгæнæг уардихуыз четæныл цъæх хъулæттæ акодта. Дард, æрвгæронæй цы бæстыхæйттæ зынд, уыдон ацы диссаджы æрдзы нывæн цыдæр æххæстдзинад лæвæрдтой, æнцойдзинад хастой зæрдæйæн. Æвæццæгæн, семæ рагæй зонгæ кæй уыдтæн, уымæ гæсгæ. Гыццыл ма куы уыдтæн, уæд-иу ме’мбæлттимæ арæх цыдыстæм «зонадон экспедицийы» уыцы агъуыстытæ сгарæг. Бахъомыл стæм, уыцы бæстыхæйттæм нал згъорæм, фæлæ нæ нæ мæнгагъуыст рох нæ кæны: нæ сабибонты зæрдæбын ныхæстæ кæм кодтам, нæхи кæм ирхæфстам... Абон дæр та мæхи райстон мæ уарзон бынатмæ, цæмæй сыгъдæг уæлдæфæй аулæфон; хæхты уынд та мын æхцондзинад æрхæсса æмæ мын мæ уæззау хъуыдыты уаргъæй иу чысыл айса. Сæрды каникултæ къуырийы размæ райдыдтой, фæлæ мæм афтæ каст, цыма фæстаг урок нырма ныртæккæ фæци. Ахуыры фæстаг бонты адæймагæн йæ хъуыдытæ иууылдæр баст вæййынц сæрибар сæрдыгон рæстæгимæ. Мæнгагъуысты бадгæйæ мæ зæрдыл æрлæууыд ахуыры азы фæстаг бон: уроктæ куыд цыдысты, цы куыстам, цæуыл дзырдтам. Фæстаг урок нæм уыд ирон литературæ. Ахуыргæнæг нын нымадта, сæрды цы чингуытæ бакæсын хъæудзæн, уыдон. Фæлæ йæм зæрдиагæй нæ хъуыстон. Ме ’ргом ирон æвзаджы уроктæм никуы здæхтон. Мæ зонгæтæй дæр бирæтæ кастысты куыдфæндыйы цæстæй сæ мадæлон æвзагмæ... , Мæ хъуыдыты хал мын фескъуыдта рог уддзæф. Кæд дымгæ тыхджын нæ уыди, уæддæр бæласы цъæх сыфтæртæй 16 §
Аргъау-биргъау иудзæвгар ратыдта æмæ сæ йæ разæй скодта. Мæ зæрдæ мæм афтæ сдзырдта, цыма мæ сæ фæстæ сайынц. Бирæ фæкастæн сыфтæрты фæстæ, цалынмæ бæлæсты ’хсæн не ’рбайсæфтысты, уæдмæ. Цалынмæ уыдонмæ кастæн, уæдмæ мæ хъуыдытæ фæпырх сты. Афтæ, ницæуылты æмæ мацæуылты хъуыды кæнгæйæ, сахаты ’рдæджы бæрц фæбадтæн. Уалынмæ мæ хъустыл цыдæр уынæр ауад. Фæкастæн уыцырдæм. Чидæр къалиутыл фæйнæрдæм ахæцыд, æмæ мæ размæ рахызт æнæзонгæ нæлгоймаг. Рæстæмбис кары, фæлæ йæ сæр чысыл фæгæмæх. Цы дзыккутæ ма йыл уыд, уыдон фæхалас сты. Даргъ бæзджын рихитæ æмæ цыбыр боцъоты дæр урсытæ фæзынд. Ие стыр гуыбыргомау фындзмæ йын куы бакастæн, уæд бамбæрстон, мæ разы кавказаг лæг кæй ис, уый. Кæд бæрзонд нæ уыд, уæддæр уыд фидæрттæарæзт. Диссаг мæм фæкаст, пыхсыты æмæ къалиуты ’хсæнты ’рбацæугæйæ, йæ дарæсыл иу рыджы мур дæр нæ уыд. Хистæры фенгæйæ, æз фæгæпп ластон. Уый йæ мидбылты бахудт æмæ мын мæ къух райста. Æрбадт. Мæн дæр йæ фарсмæ æрбадын кодта. Æнæзонгæ адæймагимæ цæуыл дзырдтаин, уый нæ зыдтон, æмæ тыхстæн. Ноджы мæ иу хъуыды æнцад нæ уагъта: «Ардæм æй цы Хуыцау æрхаста?» Мæ зæрдыл æрбалæууыд, афæдзы размæ-иу цалдæр ацæргæ нæлгоймаджы ардæм шахмæттæй хъазынмæ кæй рацыдысты, фæлæ сæ рагæй нал федтон. «Æвæццæгæн, уыдонæй исчи у»,— ахъуыды кодтон æз. — Æз дæн Коцойты Арсен, — загъта æнæзонгæ. — Æз та — Сæрмæт, — дзуапп ын радтон. — Æвæццæгæн, искæмæ æнхъæлмæ кæсыс? 1 17 § 2
Борæты Алан-Сæрмæт — Растдæр зæгъгæйæ та, искæй агурыс? — сабыр, уæздан хъæлæсыуагæй сдзырдта уазæг, цыма развæлгъау зыдта, цæмæй йæ бафæрсдзынæн, æмæ мын цы дзуапп ратдзæни. Æз фæуыргъуыйау дæн. Сдзурын мæ къухы нæма бафтыд, афтæ айхъуыстон: — Кæй агуырдтон, уый ссардтон. Диссаг мæм фæкастысты йæ ныхæстæ, уымæн æмæ нæ алыварс ничи уыди. — Дæ мыггаг мæм цыдæр зонгæ кæсы, цыма дæ кæмдæр федтон? — афарстон æз, фылдæр, цæмæй æдзæмæй ма бадæм, уый тыххæй. Арсен йæ мидбылты бахудт, фæлæ ницы сдзырдта. — Афтæ куы загътай, кæй агуырдтон, уый ссардтон, зæгъгæ? — хынцфарст кодтон дарддæр. — Æз мæхицæн æмдзурæг агуырдтон. Иæ дзуаппытæ дæр, йæхæдæг дæр мæм цыдæр æнахуыр кастысты. Цæмæй мæ ма бамбара, уый тыххæй мæхи æрвгæронмæ кæсæг скодтон. Стæй та нал фæлæууыдтæн æмæ йæ афарстон: — Æмæ дæ цæуыл аныхас кæнын фæнды? — Куыд кæсын, афтæмæй ирон литературæ хорз нæ зоныс. Мæ фæсонæрхæджы дæр нал æрцыд, уый тыххæй йын ницы дзырдтон, уый. — Чи зоны, ницы цымыдисаг мæм кæсынц ирон фысджыты уацмыстæ, æмæ уымæн. Лæг мæм дисгæнгæ æрбакаст: — Æмæ кæй уацмыстæ кастæ? Иæ хъæлæсыуагæй бæрæг уыд, мæ ныхæстæ йæ зæрдæмæ
Аргъау-биргъау кæй нæ фæцыдысты. Фефсæрмы дæн, уымæн æмæ ирон фысджытæй никæй уацмыстæ кастæн. Цы хуыздæр дзуапп ын радтон, уый мæ сæр нæ ахста æмæ сфæрæзтон: — Тынг гыццыл бакастæн. — Уæдæ дæ зæрдæмæ цæуынц æви нæ цæуынц, уый цæмæй зоныс? Æз ницы сдзырдтон. — Кæддæр иу фыссæджы зыдтон, — райдыдта Арсен. Стæй йæ ныхас фæуагъта æмæ мæ афарста, байхъусын мæ фæнды æви нæ, уымæй. Æз даргъ таурæгътæм хъусын, бæргæ, нæ уарзтон, фæлæ хистæрæй фефсæрмы дæн — ноджы уазæг — æмæ мæхи хъусынмæ æрцæттæ кодтон. — Уæдæ мæ ныхас кæнон, — дард кæдæмдæр кæсгæйæ рагбонтæ мысын райдыдта уазæг. — Хорз фыссæг уыди æви æвзæр, уымæн æз тæрхонгæнæг нæ дæн. Фæлæ йæ дæсныйад тынг уарзта æмæ йæхиуыл нæ ауæрста фысгæйæ. Райгуырди æмæ схъомыл Джызæлы — фехъуыстаис ды дæр ацы хъæуы кой. Хъæздыг нæ царди, фæлæ йæ цардæй хъаст нæ кодта. Сæ хъæуы скъолайы сахуыр кодта, стæй та Æрыдоны семинары. Семинары ахуыргæнæгæй базыдта æмæ бауарзта литературæ, йæхæдæг дæр фыссыныл фæлварæнтæ кодта. Ноджы ма хъуыдыкæнын, йе ’мбæлттимæÆрыдонæй Дзæуджыхъæумæ фистæгæй куыд фæцыдысты Къостайы фенынмæ. Къостайы кой, чи зоны, фехъуыстаис? Æз мæхицæй ныббуц дæн æмæ йын разыйы дзуапп радтон: — Кæй зæгъын æй хъæуы, зонын. Нæлгоймаг бахудт æмæ дарддæр йæ ныхас нывæзта: 19 |
Борæты Алан-Сæрмæт — Фæлæ, хъыгагæн, семинар фæуын йæ къухы нæ бафтыд. Арсен æрæнкъард, йæ къухтæ йæ уæрджытыл уæззау æвæрд æркодта æмæ арф ныуулæфыд. Æз сцымыдис дæн, дарддæр цы уыд, уый базонынмæ сразæнгард дæн. Цы хабæрттæ дзырдта, йæ хъæлæсыуаг кæйфæндыдæр æрыхъусын кодтаиккой. — Дарддæр куыд рауадысты йæ хабæрттæ?— афарстон дзурæджы. — Уæззау низы азарæй йæ бахъуыди йæ райгуырæн хъæумæ æрыздæхын. Фæлæ ирон адæм куыд фæзæгъынц, кæмæндæр йæ сины саст фæрæстмæ, зæгъгæ, уымæн дæр йæ хъуыддаг афтæ рауад. Пы уыди, уымæй иууылдæр сфæлдыстады аныгъуылд. Иæ уацмыстæ йын газетты мыхуыр кæнын райдыдтой. Иæ фыр уæзданæй йе ’цæг ном дæр никуы бафыста йæ радзырдты бынмæ, фæлæ йæхицæн æрхъуыды кодта фæсномыгтæ: «Хабос», «Ботас», хатгай-иу «А. К.» дæр ныффыста. Стæй куы фæдзæбæх, уæд райдыдта скъолаты кусын. Иу хатт ма фембæлд Къостаимæ дæр, æцæг æй ацы хатт фистæгæй уыйбæрц цæуын нал бахъуыд. Ахуыргæнæджы куыстæй йæ фæсырдтой. Фæстæдæр ацыд Хуссар Ирмæ. Суанг ма Бетъырбухы дæр балæууыд. — Æмæ йæ цæмæн фæсырдтой йæ куыстæй? — нæ та фæлæууыдтæн æз. — Уый та дæхæдæг базондзынæ. — Кæд дæ нæ фæнды, уæд дын æй нæ дзурын кæнын, — сразы дæн йемæ. Дзурæджы рихиты бын ауыдтон хæлар, фæлмæн мидбылхудт. Иæ цæстытæ хин æрттывд фæкодтой. Цæмæй
Аргъау-биргъау йыл мæ зæрдæ бынтон ма фæхуда, уый тыххæй ма мын радзырдта, кæй кой кодта, уыцы фыссæг ма цавæр газетты куыста, ирон мæлинаг æгъдæутты ныхмæ куыд тох кодта йæ уацмысты фæрцы, Дзæуджыхъæумæ куыд æрыздæхт, йæ хæрзиуджыты тыххæй æмæ ма бирæ цымыдисаг хабæрттæ. Нæлгоймагмæ хъусгæйæ, куыд æрталынг, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон. Уазæг уæззаугай йæхиуыл схæцыд æмæ загъта, цæуын афон ын кæй у. Иæ ныхæстæ мæм цалынмæ бахъардтой, уæдмæ Арсен къахвæндагыл адард. — Цы фыссæджы кой кодтай, уый чи уыд?!— ахъæр ма кодтон йæ фæдыл. — Иæ хабæрттæ дæ зæрдæмæ фæцыдысты? — Иæ уацмыстæй йын исты бакæсын мæ æрфæндыд. — Тагъд æй базондзынæ. Стæй æрмæст уый нæ, фæлæ ма æндæр ирон фысджыты уацмыстæ дæр. Чи зоны, дæхæдæг бацархайдзынæ, чи зоны та дын æххуысгæнджытæ фæуа. Æз лæджы фæстæ кастæн æмæ не ’мбæрстон, мæхæдæг куыд базондзынæн, кæй кой кодта, уыцы фыссæджы. Кæнæ уыцы «æндæр æххуысгæнджытæ» чи сты? Арсенимæ фембæлд мын бирæ æнæлыггонд фæрстытæ ныууагъта. Суанг ма, ам куыдæй сæмбæлд, уымæй дæр æй нал афарстон. Ардыгон нæ уыд, уый бæлвырд уыд, уымæн æмæ йыл фыццаг хатт сæмбæлдтæн. Цалынмæ рахъуыды-бахъуыды кодтон æмæ йæ фæстæ уадтæн, уæдмæ уазæг бæлæсты ’хсæн æрбайсæфт, цыма тайгæ акодта. Лæугæйæ аззадтæн: не ’мбæрстон, цы ’рцыди, уый. Нæ хæдзары къæсæрæй куыддæр бахызтæн, афтæ мæхи ныццавтон ирон литературæйы чиныгыл: цымæ кæй кой кодта I 21 §
Борæты Алан-Сæрмæгп’ Арсен? Чиныг арафæлдах-бафæлдах кодтон æмæ иу къаммæ кæсгæйæ аззадтæн. Мæ цæстытыл не ’ууæндыдтæн. — Коцойты Арсен, — сдзырдтон сусæгæй, цыма мæ куы фехъуса, уымæй тарстæн, уыйау. Къамæй мæм каст мæ абоны зонгæ, æрмæст асдæрæй. Бынтон дисы та мæ йæ амæлæты аз бафтыдта. Чиныг иуварс æрæвæрдтон æмæ хъуыдыты ацыдтæн: «Кæд мæ, мыййаг, хур æрæлвæста, æмæ мæ абоны фембæлд мæ цæстытыл ауад?» Иннæмæй та дызæрдыггаг нæ уыд, æцæгæй кæй ныхас кодтон Арсенимæ, æмæ мын йæхи царды хабæрттæ кæй фæдзырдта — мæнæ сæ ныр чиныджы дæр бакастæн. Цалдæр боны афтæ фæхъуырдухæн кодтон, стæй райстон Коцойты Арсены уацмыстæ æмæ сæ кæсын райдыдтон. Нæ ныхасы рæстæг мæм цы фæрстытæ сæвзæрд, уыдонæн дæр дзуаппытæ ссардтон радзырдты. Уыйбæрц мæ зæрдæмæ фæцыд Арсены сфæлдыстад, æмæ дарддæр иннæ фысджыты уацмыстæм дæр бавнæлдтон. Фæлæ кæддæриддæр райдайын сæ царды хабæрттæй, цыма мæхи семæ фембæлдмæ фæцæттæ кæнын. Рæстæг рацыд, æмæ та æрцыдтæн мæ уарзон сæрдыгон мæнгагъуыстмæ. Кæд та сæмбæлин искæцы дзырддæсныйыл, æмæ та мæ фæхонид литературæйы дунемæ. 122
^_^-^-^^^-^~^^^-^-^Аргъау-биргъау БУТАТЫЗАУЫРБЕГ Лвд семæ Хæмæт Раздæр заманты Тары бæстæйы уыдис дыууæ хъæуы. Иу дзы хуындис Æгæрдон, иннæ та — Руваскæнд. Æгæрдоны цæрджытæ-иу алцыдæр хорз кодтой. Сæ хъæуы ном уырдыгæй рацыдис. Руваскæнды цæрджытæ та зивæггæнаг уыдысты æмæ- иу сæ фæндыдис алы хъуыддаг дæр хинæй скæнын, цæмæй фæллайгæ дæр ма бакæной æмæ искæй руаджы сæ фæндтæ дæр сæххæст кæной. Æгæрдоны хъæуы цардис Хæмæт, зæгъгæ, иу лæппу. Алцы куыстмæ дæр арæхсджын уыдис. Уый æдде ма йæм хинæй дæр хæццæ кодта. Адæм-иудзырдтой, ома, куыстуарзаг куы нæ уаид, уæд, чи зоны, Руваскæнды цардаид. Сидзæр лæппу уыд, йæ мад æмæ йæ фыд, нырма саби куы уыдис, уæд фæмард сты. Куыд хъомыл кодта, афтæ лæгæй-лæгдæр кодта. Чындз æрхонын афон дæр ын æрцыд... Руваскæнды дæр цардис Хæмæты карæн лæппу Гæлиу. 23 §
Бутаты Зауырбег Тынг рæсугъд уыдис, фæлæ, уый хыгъд, дыккаг ахæм зивæггæнаг зæххы цъарыл никуы ссардзынæ. Гæлиуæн уыдис фыд дæр æмæ мад дæр, хъомыл кодта. Амæн дæр афон уыд хъуыддаг бакæнынæн. Тары бæсты ма уыдис æртыккаг хъæу дæр — Бæсрæс. Хуыцау цæсгæмттæ куы лæвæрдта, уæд ацы хъæумæ йæ каст уыдис лæмбынæг. Иу цæрæг иннæмæй рæсугъддæр, фæлæ ’рмæст рæсугъд нæ, алцæмæй дæр сæм фаг хæццæ кодта. Ам æнæмæт цард кодта Джесикæ, зæгъгæ, иу чызг. Сымах бафæрсдзыстут, æмæ Джесикæ цæмæн? Уымæн æмæ æнахуыр нæмтты модæ ардыгæй рацыди. Джесикæ Хæмæты æмæ Гæлиуы зæрдæмæ тынг цыдис. Фæлæ Хæмæт мæгуыр уыдис, Гæлиу та — хъæздыг. Бон- изæрмæ Хæмæт хъуыды кодта цы кæна, кæм бакуса, фæлæ йæ сæрмæ ницы цыдис. Джесикæ та Гæлиуимæ зонгæ уыдис, Хæмæты та уынгæ дæр никуы фæкодта. Уæд дын иу ахæм, чызг дидинджытæ æмбырд кæнынмæ рацыдис. Кодта хъарм дымгæ. Хур йæ дзаг цæстæй каст. Уалынмæ кæцæйдæр фæзындис тугцъир бирæгъ. Иæ былтæ сдæргæйæ æрбацæуы Джесикæмæ. — Мæнæ чызг, ам цы кусыс иунæгæй? — фæрсы йæ бирæгъ — Уæу, зæгъгæ, ма фæкодта чызг æмæ йæ тъупп зæххыл фæцыдис. — Афтæ йæ æнцондæрæй уыдзæнис бахæрын: нæ хъæр кæндзæн, нæ лидзынмæ хъавдзæн, йæхинымæр ахъуыды кодта бирæгъ. — Бе-е-е-е-е, бе-е-е-е-е-е, — айхъуыстис бирæгъы хъустыл фысы уасын. 24 |
Аргъау-биргъау — Мæнæ ма диссæгтæ, куы къуыригай ницы, куы та хæринаг тыххæй дзыхмæ цæуы... — Бе-е-е-е-е-е, бе-е-е-е, — ногæй та хъустыл айхъуыст уасын, æмæ уыны дард бæласы бын цыдæр змæлы. — Ахуыс уал иугыццыл, æз уæртæ уыцы фысы мæ гуыбынимæ базонгæ кæнон, — æмæ бирæгъ бæласырдæм фæраст. Бахæццæ æмæ дзы ницы. Иæ сæр аныхта, фæстæмæ ракаст æмæ дын уæртæ чызджы чидæр фескъæфы. — Уооооооу, уром! Мæ хæринаг! — ралыгъдис чызджы скъæфæджы фæстæ бирæгъ. Хæмæт фæцæйтахтис, Джесикæ йе ’ккой, афтæ: «Былмæ куы бахæццæ уаин, куы бахæццæ уаин былмæ», — хъуыды кодта. Уалынмæ дын æй бирæгъ дæр куы ’рбаййафид, фæлæ ма кæм ис, æд чызг Хæмæт йæхи доны ныппæрста. — Мæнæ мыл хинæй куыд рацыдис, — мæстæй цæхæртæ калдта бирæгъ, — нырма фембæлдзыстæм æмæ дæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн. Хæмæт Джесикæимæ доны былмæ хуылыдзæй рахызтис. Чызг йæхимæ нæма æрцыдис. Хæмæт æй хæдзармæ бахæццæ кодта, куыд ничи йæ фена, афтæ. Фæлæ дзы иу уынæг разындис — Гæлиу. Дыккаг бон чызджы ныййарджытæ агурын райдыдтой ирвæзынгæнæджы, чызг дæр æй агуырдта йæхæдæг. Афтæ æртыккаг бон, цыппæрæм, æмæ куы нæ зындис Хæмæт, уæд Гæлиу йæхи равдыста. — Æз уыдтæн, уæ чызджы уын чи фервæзын кодта, уый... — Ахæм хъæбатырæн æй чындзы дæр ратдзыстæм æнæ цæстфæныкъуылдæй, — загъта фыд.
Бутаты Зауырбег Фæлæ чызг Гæлиуы ауыдта, æмæ йæ зæрдæйы цыдæр къуылымпы фæзындис. — Нæ мæ уырны, ды уыдтæ, уый... Ма нæ хъыгдар дæ гæды ныхæстимæ. Гæлиу ныссырх ис, цы ма йын бачындæ уа. Мæстæй разылд æмæ хъæдырдæм фæраст. Хъæдмæ куыд бахæццæ, афтæ дын æм иу зæронд ус рацыд. — О, мæнæ хорз лæппу, цы кæныс, цæуыл мæсты дæ? — Зæронд, ды та хъæды цы кусыс? — Æз мæнæ зокъотæ æмбырд кодтон... — Зокъотæ хъуаг ма дæ, ацы зымæг куы нал ахæсдзынæ,— загъта æмæ ныххудтис Гæлиу. — Мæ бон дын у дæ хъуыддаджы аххуыс кæнын, Гæлиу,— сдзырдта лæппумæ йæ номæй зæронд. — Мæ ном та мын кæцæй зоныс? — фестъæлфыд лæппу,— чи дæ чи? — Æз чи дæн, уый дæ ницæмæн хъæуы, фæлæ дæм мæ бон у фæкæсын. Ацы бинонтæ ссардзысты, абон уа райсом уа, сæ чызджы чи фервæзын кодта, уый. Фæлæ уал мæнæн у мæ бон бамбæхсын чызджы æмæ гыццыл куы ’рсабыр уой, уæд дæхи уыдзæн. — Афтæ хуымæтæджы мын баххуыс кæндзынæ? — Хуымæтæджы нæ, ды та мын дæ уд ратдзынæ... Гæлиу хъуыды кæнын райдыдта, ома, ацы зæронд зокъотæ фæхордта æмæ йæхи не ’мбары, æмæ сразы ис, кæддæра, зæгъгæ, цы уаид. Хъæуæй райхъуыстис фæдис. Гæлиу æрзылд. Чызг æрбайсæфт. Агуырдта ма зæронды, фæлæ кæм ис. Цы |26
Аргъау-биргъау фæуыдаид, уый нал зыдта æмæ йæ фæстаг Хæмæтмæ æрцыд. Алцыдæр ын радзырдта æмæ зæрондыл кæм фембæлдысты, уырдæм ацыдысты. Бахæццæ сты æмæ агурынц, уалынмæ дын хъусынц хъæлæс. — Уыцы зæронд хингæнæг уыди. — Чи дæ? Равдис дæхи, марадз! — фæхъæр кодта Гæлиу. — Хъæр-ма ма кæн, — æрæвæрдта йæ йæ бынаты Хæмæт.— Æнæзонгæ, дæхи ма нын равдис. — Зокъо дæн, зокъо... ам уыдтæн, зæронд мæнæ ацы зонды къуыбары куы сайдта, уæд, фæлæ уый хæйрæджытæй иу уыди, зæронд ус нæ, фæлæ. Æмæ ма ацы «зондджынæн» йæ уд дæр ахæсдзæнис, чызджы куы нæ фервæзын кæнат, уæд. Хæмæт ма иуварс фæкаст, фæлæ Гæлиу уым дæр нал уыд, алыгъд. — Дзураг зокъо æз дæр фыццаг хатт уынын, фæлæ кæм ис Джесикæ, кæм æй агурон? — Авд хохы сæрты дæ хъæуы ахизын æмæ авд фæлварæны ацæуын, уæд дæ фæнд дæ къухты бафтдзæнис. Хæмæтæн ма цы гæнæн уыдис, æмæ араст. Нæма бахæццæ хохмæ, афтæ дын æм дынджыр гæнах разындис. Æнæхъæнæй дæр сыгъзæринæй конд уыдис. Иæ фарсмæ та хуымæтæг мæгуыр адæмы хæдзæрттæ. Чи дзы цæры, зæгъгæ, бафарста æмæ базыдта, Зыды гæнах кæй у, уый. — Ай дæ хъæуы амбулын, — айхъуыстис йæ хъустыл зокъойы хъæлæс. Бахызт гæнахмæ æмæ кæсы, бады Зыд, йæ уæлхъус дыууæ уæйыджы æмæ та куы ратæвд вæййы, уæд ыл бафутæ 27 |
Бутаты Зауырбег кæнынц. Йæ алыварс сыгьзæринæй дзаг, минутæй минутмæ йæм алы лæвæрттæ хæссынц адæм. Зыд Хæмæты ауыдта æмæ йæм дзуры: — Ды та ма чи дæ, дæ цæсгом дын цæуылнæ хъуыды кæнын? Раст зæгъгæйæ, мæ хъæугæ дæр нæ кæныс, цы мын æрбахастай? — Æгас цу. Мæ ном Хæмæт. Дæ гæнахы рæсты фæцæйцыдтæн æмæ, зæгъын, ахæм хъал цард чи кæны, уый фенынмæ æрбацыдтæн. Мемæ ницы ис, ницы дын æрбахастон. — Уый та куыд? Мæнмæ, æмæ æнæ лæварæй... Лæппу, лидзгæ ардыгæй, цалынмæ не смæсты дæн бынтон. Куыд алыгъдаид Хæмæт, Зыды йæ исты хуызты амбулын хъуыдис. Ахъуыды кодта лæмбынæг æмæ сдзырдта: — О, сæргълæууæг, афæрсон дæ, кæд гæнæн ис, уæд, цас дæм ис сызгъæрин та? — Бирæ, уыйбæрц никуы федтай... — Мæнмæ гæсгæ, дæм уыйбæрц дæр нæй, цæмæй сæ сисгæйæ ма сфæразай.. — Уый та куыд? — смæсты та ис Зыд, — æртæккæ ма кæс уæдæ. Фæгæпп ласта, схъарм кодта йæ къухтæ æмæ астæуæй слæууыд. — Гъа-ма, сымах мæ сæрыл сыгъзæрин æвæрын райдайут,— сдзырдта уæйгуытæм. Уыдон æм байхъуыстой. Æвæрын райдыдтой. Хæмæт дæр ма иу æм сдзырдта. — Ноджы, ноджы, фаг нæу, æгæр гыццыл дæм ис сыгъзæрин. 28 |
Аргъау-биргъау Зыдæн ма фæстагмæ йæ хъипп ссыди æмæ йæ сыгъзæрины бын фæци. Амбылдта Хæмæт фыццаг хохы æмæ араст ис дарддæр. Фæцыдис иуцасдæр æмæ дыккаг хохы бынмæ бахæццæ. Иу цыдæр лæг дын æм æруайы. — Мæн дæр хъæуы дæу хуызæн худ,— сдзырдта лæг æмæ Хæмæты худ лæджы къухы фестадис. — Хорз лæг, куы мын æй ракуырдтаис, уæд дын æй балæвар кодтаин,— дис бакодта, фæлæ нæ равдыста йæ дис, афтæмæй сдзырдта Хæмæт. — Бирæ ма дзур, — фæхъæр ласта лæг,— уæртæ ма цъиу, мæн дæр хъæуы базыртæ,— æмæ куыддæр йæ ныхас фæци, афтæ дын ыл базыртæ куы разаид. — Хорз лæг, æмæ мын дæ ном нæ зæгъдзынæ? — бафарста йæ Хæмæт. — Хæлæг мæ хон... Хабар хорз нæу, фæлæ ахъуыды кодта Хæмæт æмæ райдыдта. — Хорз лæг, худ дæр дæм ис, базыртæ дæр, сыгъзæрин хъуаг ма дæ! Лæгæн йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. — Кæм ис??? — ТГынг бирæ дзы ис, Зыды хæдзары, фыццаг хохы размæ, æрмæст дæ дæ цæстытæ бахгæнын хъæуы, цæмæй ма бакуырм уай æвиппайды. — Хъæуы мæ, хъæуы мæ, хъæуы мæ бирæ!!! — фæхъæр кодта Хæлæг æмæ Зыды хæдзары цыдæриддæр сыгъзæрин уыдис, уый дын йæ сæрмæ куы фестид. «Уæу», зæгъгæ, ма |29
Бутаты Зауырбег фæкодта лæг æмæ сыгъзæрины бын ныххæррæгъ ис. Зыды фæдыл ацыдис Хæлæг дæр. —• Аирвæзтæн та, — ахъуыды кодта Хæмæт æмæ араст дарддæр. Бахæццæ æртыккаг хохмæ. Кæсы, æмæ хохмæ цæмæй бацæуай, уый тыххæй дзы дуар. Дуары тæккæ раз та хуыссы дынджыр уæйыджы йас лæг. — Хорз лæг, гыццыл фалдæр куы схуыссис, уæд мидæмæ бахизин, — сдзырдта Хæмæт. — Ныууадз мæ,— дæргъвæтин дзуапп радта лæг... — Цæйма, цы дын уыдзæнис? — Ма ма мæ дзурын кæн! — тыхст хуызæй та дзуапп радта лæг. Хæмæт сдзурынмæ хъавыд, фæлæ дын лæг цæстыфæныкъуылдмæ йæ рæзты куы ратæхид, æмæ йæ фæстæ цы дынджыр дур уыд, ууыл йæхи куы сцæвид. — Ой дын дзы ееее, — бадис кодта Хæмæт, уæйыджы йас, тыххæй дзуры. Фæлæ йæм ничи кæсы цы згъорд кæны. Лæг фæзылд, æмæ та Хæмæты рæсты сыффытт, зæгъгæ... — Мацы дзур! Фынæй... Хæмæт бамбæрста, нырма кæй нæ райхъал кæронмæ ацы лæг æмæ куы райхъал уа, уæд хорз нæ уыдзæн. Бацыди къæдзæхы былмæ æмæ уырдыгæй хъæр кæны: — Мæнæ лæг, æмæ мын дæ ном нæ зæгъдзынæ??? — Мæ ном Зивæææг...— аивæзта йæ æмæ Хæмæтыл йæхи ныццавта. Хæмæт фæиуварс, йæ къахæй лæджы къах бацавта æмæ ма кæмдæр бынæй йæ тъупп фæцыдис. Цымæ ма мыл чи сæмбæлдзæнис, хъуыды кодта Хæмæт. 30 |
Аргъау-биргъау Хæмæт араст дарддæр. Гыццыл фæцыдис, бирæ фæцыдис, чи зоны, фæлæ бахæццæ цыппæрæм хохмæ. Уым ыл фембæлд даргъ хъæбæр конд лæг. — Чи дæ, чи? — уæлæуæзæй йæм дзуры лæг. — Хæмæт мæ ном, ды та? — Хъал мæ хон!!! — фæхъæр ласта лæг! — Уыныс, мæ къухы цы тых ис? — сдзырдта та Хъал, — дыккаг мæн хуызæн нал ис. — Макæ, сайыс мæ... — Дæ дзых!!! Нал ис, зæгъын! Нал!!! Цыфæндыдæр у мæ бон!!! — Гъа-ма, уæдæ дæ рæмбыныкъæдзыл дæндагæй фæхæц,— загъта Хæмæт. — А-ха-ха-ха, — хъæрæй ныххудтис Хъал,— ноджы ’нцондæр загътаис исты. Æмæ дын ын фыццаг хаттæн куы нæ рауаид. — Нæ уыдтæн цæттæ, æртæккæ дыккаг хаттæн кæс,— йæхи раст кæнын райдыдта Хъал. Дыккаг хатт дæр та ницы, йæ рæмбыныкъæдзмæ ивазгæйæ йæ дзых атылди зæххы сывæллонау æмæ йæ скæуынмæ бирæ нал хъуыди. Ам дæр та Хæмæт амбылдта. Араст дарддæр. Бахæццæ цыдæр хъæумæ. Уынджы цъиу змæлæг нæй. Кæсы æмæ рудзгуытæй сусæгæй адæм кæсынц. Ам хабар хорз нæу, йæхинымæр ахъуыды кодта Хæмæт. Уалынмæ дын хъæр айхъуыста, акаст иуварс æмæ дын иу сау лопъо лæг йæ размæ хъæргæнгæ рацæйцæуы. — Цæмæн!? Цæмæн!? Цæмæн ’рбацыдтæардæм!? Гъеныр ма дæу хъуаг у ацы хъæу!?
Бутаты Заурбек — Бахатыр кæн, фæлæ хъусæй хорз хъусын æмæ ма хъæр ма кæн, ноджы уал мын дæ ном куы зæгъис, — сдзырдта лæгмæ Хæмæт. — Маст!!! Маст мæ хон!!! Ам нæ хъуыдтæ, фæлæ кæд ныридæгæн æрбацыдтæ, уæд ам баззайдзынæ,— æмæ йæ къух дæрдты фæхаста, цæмæй Хæмæты ’рцахса. Хæмæт иуварс пуртийы зыввытт фæласта, æмæ та дыккаг хатт дæр, æртыккаг... Маст тынгæй тынгдæр мæсты кодта. Сау нал уыди, фæлæ сырх кæнын райдыдта. Хæмæт куы бамбæрста, хъуыддаг цæй мидæг ис, уæд хынджылæг кæнын райдыдта. — Æмæ ма дæ лопъойыл цы сфидаудзæнис, уый зоныс??? Нæ зоныс??? Бантик!!! Нæ фæфидауы лопъо сæрыл, фæлæ дæуæн хорз уыдзæнис. Маст хъæры бын фæкодта бæстæ, бирæгъау нынниудта, æмæ ма дыууæ фæлвæрсты скодта Хæмæты æрцахсынмæ, уый фæстæ фыр мæстæй ныггуыпп кодта. — Уый дын дзы гуыпп... — загъта ма Хæмæт. Адæм уынгмæ ракалдысты æмæ йын раарфæтæ кодтой, кæмæн куыд йæ бон уыдис, афтæ. Араст ис Хæмæт дарддæр йæ фæндагыл. Хохмæ нæма бахæццæ, афтæ кæсы, быдыры бады иу сылгоймаг. Раст Джесикæйы хуызæн, фæлæ Хæмæты зæрдæйы цыдæр гуырысхо уыди. Хæстæгдæр бацыд. — О рæсугъд, ам цы кусыс? — бафарста Хæмæт. — Дæ хъуыддаг нæу, — кæсгæ дæр æм нæ ракодта, афтæмæй дзуапп радта чызг. 1 — Дæ ном дæр мын нæ зæгъдзынæ?? — Зæгъдзынæн, — разылди чызг.
Аргъау-биргъау Хæмæт уайтагъд фесхъиудта. Цыдæр æнахуыр тыхтæ йæ цыма сайдтой чызгмæ, фæлæ ахъуыды кодта, цавæр хъуыддаджы фæстæ рацыдис æмæ тыххæй фæстæмæ ракъахдзæфтæ кодта, бакаст та ногæй чызгмæ æмæ уый богъоли куы фестид. — Ееееее ницæййаг цъаммар чи дæ, æз æгъдаухæлд дæн!— фæхъæр кодта богъоли,— ничи ма мын бафæрæзта дæуæй уæлдай мæ хинтæ... Иууылдæр-иу æрбахæстæг сты æмæ-иу сæ бахордтон.. — Джессикæйы руаджы аирвæзтæн, — загъта Хæмæт сабыргай, æмæ цы кæна богъолийæн, уый æрхъуыды кодта уайтагъд. Лидзынмæ ныццавта. Фæтæхы æмæ дын цъымара ауыдта. Фестъæлфыд æмæ богъолимæ дзуры: — Бахæр мæ, æрмæст мын мæ фæстаг сагъæс сæххæст кæн, мæнæ цъымарайы бын цы ис, уый дæм кæд зыны, уæд мын æй зæгъ... Богъоли ныккаст цъымарамæ, йæхи дзы федта æмæ хъыллистгæнгæйæ фесæфти а бæстæйæ. Фæстаг хох ма баззадис Хæмæты фæндагыл. Бахæццæ уымæ дæр. Кæсы, æмæ дзы тынг тыппыр лæг бады дурыл. Иæ фарсмæ Джесикæ бастæй хуыссы. — Хорз лæг, дæ ном та цы хуыйны? — фæрсы Хæмæт. — Гуыбындзæл! — дзуапп радта лæг. — Æмæ ацы чызг дæумæ цы кусы? — Мæнæ куы сæххормаг уон, уæд æй ахæрдзынæн. — Нæ хъæуы, стæг йеддæмæ дзы куы ницы ис... — Æрбайсæф-ма ! Ничи йæм кæсы, цы мæ хъæуы, уый хæрдзынæн... — 1 зз | з
Бутаты Зауырбег Æмæ дын чызгмæ куы февналид, Хæмæт ма цыдæр хъил ауыдта æмæ Гуыбындзæл йæ дзых куыд бакодта, афтæ йын æй йæ дзыхы фæцавта. Дзурын дæр йæ бон нал уыди Гуыбындзæлæн. Смæсты æмæ йæ æрцъæл кодта. Уалынмæ дын Хæмæты фæстæ бирæгъ куы фестид. — Гъеныр ам нæ дæ?!— æмæ йæм иуæрдыгæй багæпп ласта. Иннæрдыгæй та — Гуыбындзæл. Дыккаг тугдзыхы аныхъуырдта, уымæн æмæ Хæмæт иуварс асхуыста йæхи. Гуыбындзæл хъæрзын райдыдта. Разындис æмæ алцыдæр хæры, фæлæ йæм хъуынмæ аллергийæ уыдис.. . Ныууагъта Хæмæты иу ран... Джесикæ йæхимæ æрцыди. Хæмæт æй хæдзармæ бахæццæ кодта, фæндагыл ын алцыдæр радзырдта. Гæлиу афтæ иунæгæй цæргæйæ баззад. Джесикæ та чындзы ацыди Хæмæтмæ...
^^^-^--^-^^^■^-^-^Аргъау-биргъау ДЖАГИТЫ ИЛОНÆ Æнæхи^ылхæцгæдзинады Фæсти\}д>1(ытæ Царди æмæ уыди иу æлдары чызг. Иæ ном хуындис Ацырухс. Чызг, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис буцхаст æмæ тынг рæсугъд. Æххуырстæн ын уыдысты хуры тынтæ. Сæумæрайсом-иу куы сыстад, уæд ын-иу хуры тынтæ йæ даргъ дзыкку фастой. Чызджы цæстытæ, стъалытау, цæхæртæ калдтой. Ацырухсы цæстæнгас бирæ лæппуты зæрдæтæ атайын кодта. Алы бон цыдысты æлдары хæдзармæ минæвæрттæ. Чызгмæ уыд иу æвзæр миниуæг: истæуыл-иу куы смæсты, уæд-иу ахæм æрдиаг ныккодта, æмæ-иу суанг арв æмæ зæхх баиу кæнынмæ бирæ нал хъуыд. Бæлæстæ, хæдзары мигæнæнтæ, цы курджытæ-иу æм цыдис, се ’ппæты йæ хъæлæсы иста. Æмæ-иу иу уысммæ хæдзар аафтид мигæнæнтæй æмæ тарстхуыз курджытæй. |35
Джагиты Илонæ Иухатт, иу бæрзонд, хæрзконд, цæхæрцæст лæппу рацæйцыди. Ауыдтой кæрæдзи Ацырухсимæ. Уарзондзинадмæ бирæ сусæгдзинæдтæ вæййы. Цыдæр хуызы кæрæдзи бауарзтой. Рæстæг рацыд, æмæ лæппу минæвæрттæ барвыста. Чызг сразы ис. Ацырухс ахæм абухæг кæй уыд, уый лæппу нæ зыдта. Райдыдтой цæрын. Бирæ рæстæг нæ рацыдаид, лæппуйы сæр урс кæнын райдыдта. Уæд дын иу ахæмы Ацырухс рамæсты. Ахæм æрдиаг та ныккодта, æмæ хæдзарæй фыртæссæй фæлыгъдысты хæдзары фарн, кад æмæ æгъдау. Смидæг сты иу мæгуыр лæджы хæдзары. Смæгуыр сты Ацырухсы бинонтæ. Хъал чызгæн тынг зын куыд нæ уыдаид ахæм цард?! Æмæ фырмæстæй зæрдæскъуыд фæци. Ацырухсы мой тынг фæхъыг кодта. Бонтæ бонты фæдыл цыдысты. Сфæнд кодта ног ус æрхæссын. Фарн, кад æмæ амонд цы мæгуыр лæджы хæдзары смидæг сты, уымæн уыди иунæг чызг. Лæппу уыцы чызджы æрхаста йæ хæдзармæ, æмæ та йæ хæдзары æрцардысты æгъдау, амонд æмæ кад. Бирæ азты дæргъы æмуд-æмзæрдæйæ фæцардысты. 136
-^-^^^^^^-^-^^^-^^^Аргъау-биргъау ДЗУЦЦАТЫ КÆРИНÆ Рæдыйы сайд Раджыма-раджы цардысты лæг æмæ ус. Цот сын нæ уыд. Кæрæдзиуыл тынг æнувыд уыдысты, фæлæ ус рæуджыты низæй фæрынчын æмæ амард. Аæг тынг æнкъард кодта, йæхимæ ныхъхъуыста. Æнкъард бонтæ йыл ныддаргъ сты. Æрхæндæгдзинад зылд йæ алыварс. Зæронд лæджы сæры зилдугъ кодтой алыхуызон хъуыдытæ йæ иунæджы цардыл, æмæ йын йæ хуыссæг дæр фæсырдтой. Цины рухс æм-иу арбахаста йæ рагон æрдхорд. Сæ ныхасы-иу февзæрдысты ивгъуыд заманты, афтæмæй-иу дзы рæстæгмæ йæ иунæг дæр æрбайрох. Сагъæсы уыд æрдхорд дæр йæ хæлары хъысмæтыл... Иу ахæмы йын йе ’рдхорд æрбахаста куыдз æмæ гæды. Куыдз æмæ гæды афтæ хæларæй цардысты, æмæ æнæ кæрæдзи иу бон дæр нæ фæрæзтой. Уыцы æнувыддзинад æвдыстой сæ ног хицаумæ дæр. Сæ хæлар ахастдзинæдтæ сын |37§
Дзуццаты Кæринæ хъæлдзæг кодтой сæ царды бонтæ, æрвыстой сæ кæрæдзиуыл æууæндгæйæ. Иу бон куыдз гæдыйы стъолæй хæринаг давгæ æрбаййæфта. Уайдзæфты бын æй фæкодта: — Цы ми кæныс, гæды, нæ хицауы хæринаг сусæгæй цæмæн давыс? — Банцай, куыдз, фехъусдзæни нæ! — Уырдыгæй æргæпп кæн дын зæгъын, кæннод дæ сардаудзынæн! — Хорз, куыдз, æрхиздзынæн, æрмæст мæ ды ма сардау. Гæды йæхицæн тынг фæтарсти, уымæн æмæ йæ куыдз куы сардауа, уæд æй хицау, æнæмæнг, хæдзарæй атæрдзæн. Уæд гæды бацыд лæгмæ æмæ йын зæгъы: — Ды дæ нæ дарæг, рагæй дæм цæрæм, фæлæ куыдз уый не ’мбары æмæ де стъолæй хæринаг давыныл фæцахуыр ис. Лæг тынг смæсты куыдзмæ æмæ йæ атардта хæдзарæй. Куыдз дзæгъæл рахау-бахау бирæ фæкодта. Уалынмæ дын æм кæцæйдæр мæлдзыг кæугæйæ æрбацæйцыд. Куыдз æй фæрсы: — Цы кодтай, мæлдзыг, чи дæ фæхъыг кодта? — Ничи. Æз абон райсомæй мæ бинонтимæ балцы ацыдтæн æмæ фæдзæгъæл дæн. — Ма сагъæс кæн, мæлдзыг, æз дын баххуыс кæндзынæн дæ бинонтæ ссарынæн. Араст сты куыдз æмæ йæ чысыл ног æмбал. Цас фæцыдысты, чи йæ зоны, фæлæ уалынмæ дардæй мæлдзыг ауыдта йæ мад, фыд, хотæ æмæ æфсымæрты. Иæ цинæн
Аргъау-биргъау кæрон нал уыд, йæхирдыгонау сыл бацин кодта. Куыдз дæр рæйын райдыдта. Мæлдзыг сæ базонгæ кодта куыдзимæ. Мæлдзыджы фыд æй фæрсы: — Ды хæдзары куы цæрыс, уæд афтæ дард цæмæн рацыдтæ? Куыдз иу ранмæ ныдздзагьыр æмæ æнкъардæй бадт, тынг зын ын уыд йæ зæрдæйы рыст раргом кæнын, фæлæ йын æндæр гæнæн нæ уыд. Тых улæфт ныккодта æмæ райдыдта дзурын йæ царды хабæрттæ: йæ хуыздæр æмбал, гæды, йыл хинæй куыд рацыд, æмæ йæ хæдзарæй куыд ратардтой, уый. Мæлдзыджытæ йæм лæмбынæг хъуыстой æмæ йын тынг фæтæригъæд кодтой. — Ма сагъæс кæн, куыдз, ды нын нæ кæстæры ссардтай æмæ дæ мах дæр нæ ныууадздзыстæм, исты хуызы дын баххуыс кæндзыстæм. Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ куыдз фæхъæлдзæгдæр. — Абон та ды дæ нæ уазæг, бахæр æмæ дæ фæллад суадз,— дзуры йæм мæлдзыджыты хистæр. Æхсæв бонмæ мæлдзыджыты хистæр нæ бафынæй, хъуыды кодта, куыд баххуыс кæна куыдзæн. Боны цъæхты сыстын кодта йæ бинонты, куыдзы, æмæ араст сты лæджы хæдзармæ. Хæдзармæ куы бахæццæ сты, уæд мæлдзыг дзуры куыдзмæ: — Мах гæдыйы бахъахъхъæндзыстæм, стъолмæ куы хиза, уæд, ды та уыцы рæстæг хицауимæ æрбацу, æмæ йæ йæхи цæстытæй фена, чи давы хæринæгтæ, уый. 39 |
Дзуццаты Кæринæ — Хорз, мæлдзыг, фæлæ гæды сымахæй тыхджындæр у, æмæ йæ нæ бауромдзыстут. — Ды ууыл ма тыхс, куыдз, кæд гæды стыр у, уæддæр æппæты тыхджын нæу. Афтæмæй мæлдзыджытæ гæдыйы бахъахъхъæдтой, стъолмæ куы хызти, уæд. Сбырыдысты йыл, æлхысчъытæ кæнын æй райдыдтой, цæмæй гæды ма алидза, цалынмæ куыдз хицауимæ цæуа, уæдмæ. Гæды хъæр кæнын райдыдта: — Ауадзут мæ, хорз мын фестут! Уалынмæ куыдз дæр хæдзары хицауимæ фæзынд. — Федтай, гæды, искæй куы цæвай, уæд-иу дæхи хъахъхъæн, ды мыл хинæй рацыдтæ, æз та æцæгдзинад раргом кодтон! — загъта куыдз. Уæдæй фæстæмæ куыдз царди йæ хæдзары, гæды та, æвæццæгæн, йæхиуыл æрхудт æмæ кæмдæр йæ сæр фесæфта. 40 |
-^^^■^-^-^-^^^^^■^^^Лргъау-биргъау ДИАМБЕГТЫ МАРГАРИТÆ Зæрваты^ Цардысты æмæ уыдысты лæг æмæ ус — Васо æмæ Тамарæ. Сæ хъæуы ацы бинонтæй зæрдæхæлар, æфсармджын, уæздандæр ничи уыд. Цотæй сын уыдис лæппу æмæ чызг — Азæмæт æмæ Мæдинæ. Лæппуйыл цыдис дæс азы, чызгыл та — аст азы. Уыдон ахуыр кодтой скъолайы. Азæмæт æмæ Мæдинæ алы хатт дæр хастой хорз бæрæггæнæнтæ. Васо æмæ Тамарæ кодтой фосы куыст. Уыдис сæм бирæ кæрчытæ, бабызтæ, гогызтæ, фыстæ æмæ дæс хъуджы. Иу хатт Васо рахызтис кæртмæ æмæ федта зæрватыччы зæххыл хуысгæйæ. Зæрватыккæн йæ базыр уыдис саст, æмæ йæ бон нæ бацис атæхын хъарм бæстæм. Васойæн йæ цæссыгтæ æркалдысты, куы йæ федта, уæд уай тагъд æй систа æмæ йæ хæдзармæ бахаста. 41 |
Диамбегты Маргаритæ* Тынг æм зылдысты бинонтæ, бирæ йæ бауарзтой. Уалынмæ уалдзæг дæр æрбалæууыд. Зæрватыккæн йæ базыр адзæбæх æмæ та йæ бон уыдис тæхын. Иу афон йе ’мбæлттæ æртахтысты хъармбæстæй. Уыдон уыцы хæдзары рудзынгыл абадтысты æмæ йыл тынг бацин кодтой. Иннæ бон та йæм куы ’ртахтысты, уæд семæ атахт. Зæрватыкк тынг фæбузныг уыцы бинонтæй, алы аз дæр-иу æртахт уыцы бинонты хæдзармæ, сæ рудзынгыл-иу абадт æмæ-иу цъыбар-цъыбур кодта. Бинонтæ-иу ыл тынг цин кодтой. Уыцы зæрватыкк сын сæ дуары сæрмæ сарæзта ахстон. Васо сæ хъæуы адæмæн дзырдта уыцы зæрватыччы кой, æмæ дис кодтой. 42 |-
^^^^-^-^-^^^■^^^Лргъау-биргъау ДРИАТЫ ДИАНÆ Сырдты быцæ^) Ног азы (Аргъау æмдзæвгæйы хуызы. Фыст у æмбисонд «Хинæй цæрæн нæй»-йы бындурыл) Ног азы фембæлдысты сырдтæ Се ’хсæн рувас дæр фæзынд, Мæлгъæвзагæй ’взары дзырдтæ Æмæ арсы ’рдæм фæзылд: — А бæстыл куы фæрсай дардыл Стай нæ разындзæн рæвдздæр, Тъдау дæттæг куы уай нæ фынгыл Сбуц нæ кæн, ды, мах хуыздæр.
Дриаты Дианæ^^^^^^^^^^^^^^^^ Тæрхъус февзæрди сæ уæлхъус: — Стайæ нал тæрсут, бæгуы, Дзырдтæ ацахста мæ иу хъус, Ме уæнгты зыр-зыр цæуы. Бирæгъ зул цæстæй æрбакаст: — Уый кæмæ хæссут уæ ныфс? Ау, хъысмæтæй дæр нæ тæрсут? 'Рдавтон Ног азмæ нæл фыс! Рувас скатай: «Æрсой, мæ лымæн, Уадз, дзæнгæдатæ цæгъдæнт, Æз цы сфæнд кодтон, ды уымæн Ком-иу алы хатт дæр дæтт». Рувас рагæйдæр гæды у: — Цæй, цæмæ ма у нæ каст? Арс гуым-гымгæнгæ: «Æрбадут!» Æмæ фынджы ’рдæм фæраст. — Ам мæнæй хистæр нæ уыдзæн Фынгæн фæткæвæрæг æз, Гаджидаутæй куывд ныннæрдзæн- Ссардтон холыйæ фæрæз. Стай дын айвæзта йæ уæнгтæ. — Чи куыдз, чи хæрæг дæ ды?! Чи мын байсдзæни мæ бартæ? Сты мæ дзæмбытæ ызды.
Тох сæ иуы дæр нæ сæтты, Æнæкæрон сæ хыл, сæ тых, Богъ-богъæй зæлыди кæмтты, Хъæдмæ сарæзтой сæ ных. Фесты катайаг сæ сæртæ, Митыл адаргъ ис сæ фæд, Барухс рувасæн йæ зæрдæ: — Диссаг, абадти мыл зæд. Фынджы уæлхъус рæвдздæр ’рбадти, Зарæг самадта хъæрæй: — Амонд мæм уæларвæй ’рхауди, Ам минас кæндзæн фæрнæй! Ам мæнæй рæсугъддæр ничи, Хъæды буц æхсин-мæ ном, Абон та мыл зонд ныййичъи, Ног аз суадздзынæн мæ ком. Сырдтæн нал хъуысы сæ уынæр Зæрдæ рахсайдта цæлмæ, Уайтагъд стынг ис комы цыбæл Згъорынц, нал кæсынц фæрсмæ. Æрсой хъæды ’рдузæй разынд, Схæцыд рувасыл йæ цæст, Хин, мæнгардæй сыл кæй разылд ’Вдисæн уымæн у сæ хæст. 45 |
иаты Дианæ Алы ’фхæрд дзырдтæй йæ рæхуыст: — Баййаф стыр Хуыцауы ’лгъыст, Банкъар сау тымыгъы барызт Æмæ митын хъæпæн фест! Рувас атымбыл йæ разы Фестад урс къуыбар æваст: — Баззадтæ, фæлитой, састы, Уый дын гъе, нæ удтæй хъазт. Сырдтæ амбырд ’сты сæ уæлхъус: — Ай цы бæллæх у, цы ’рцыд? Сусæгæй сæм хъуыста хъилхъус: — Хин рæстудимæ хæцыд. Саг фыдтымыгъы ныффæсус, Сырдты хъуырдухæнмæ ’рхызт, Джихæй баззади, ныффæлурс, У фæлывд митæй сæрхызт. — Хъæр цæуыл кæнут, цы систат Хъæды ’нцой уæ сæрыл ныр? Ам, æввонгхортæ, цы куыстат, Ардæм чи ’рхаста йæ хыл? О, Æрсой, цы у дæ сагъæс? Сырдтæн дæ сæ хистæр ды, Хъаст нæ тæрхондонмæ рахæсс Æмæ мауал хау хæрдты! 46 |
Аргъау-биргъау Тæрхъус нал ары йæ бынат, Дзуры: «Рауади нæм хыл, ’Рсойæн у йæ ныхас — хъазуат... Рубæ митыл атымбыл». Рафыхт стай дæр, мæстæй байдзаг: — Рувасимæ нæй цæрæн, Сайы алкæмæн йæ комдзаг, Хылы аххосджын фæдæн. Стай ысулæфыд ’мæ загъта: — Ацы хатт рæстуд æз дæн, Бирæгъ кæд рæгъæуттæй давта, Иемæ дзуаппдæттæг нæ дæн. Саг фæсус хъæлæсæй сдзырдта: — Сырдтæ, ’рбалæуут хæстæг, Кæд мæнгард рæстуды къахта, Уымæн дæр уыдзæн рæстæг. Дзурын уе ’ппæтæн æргомæй- Дзугтæй мауал давут фос, Рубæ кæд цæра рæстудæй, Ис мæм удгасгæнæн хос. Арс йæ ныхас дарддæр кодта: — Ацы хатт... Хатыр ын уæд... Саг йæ ронбастæй ысласта ’Вдадзы хос: «Уæд та цæрæд!» 47
Дриаты Дианæ Рувас айтыгъта йæ уæнгтæ, Сагмæ ’фсæрмгæнгæйæ скаст. — ’Ртыхстысты мæныл мæ хинтæ Æмæ 'рЦыД мæ хъару саст. Ме ’мгæрттæ, хатыр уæ курын, Сраст уыдзынæн, дзырд дæттын, Хин митæ дæлдзæхмæ сурын Æз мæ рæдыдыл сæттын. — Афтæ уæд, дæ дзырд дзырд сайы,— Саг æм балæууыд хæстæг,-— — Макæмæн уал сай йæ хайы, У хæрзуаг митæм тырнæг! Хинæй ма цæут æмбæлттыл, Алкæуыл æнувыд ут! Ма кæнут фæсмон уæ хæрзтыл, 'Нустæм фарнимæ цæрут! 48 §
-^-^-^-^-^^^-^--^-^Аргъау-биргъау КОЛЫТЫЗÆИРÆ Лдддан сайды бæсты, риссаг рæстдзинад Раджыма-раджы, иу хохаг хъæуы, тынг хæларæй цардысты мад, фыд æмæ дыууæ сыгъзæрин гоцораджын лæппуйы. Бинонты фыд кусгæ кодта, мад та æххæст кодта хæдзары куыстытæ æмæ йæ цæст дардта сабитæм. Афтæмæй бинонтæ ницы хъуаг æййæфтой. Фыд архайдта ууыл, цæмæй йæ лæппутæ æгъдауджын æмæ фæллойуарзагæй рæзой. Фæлæ-иу хатгай йæ ныфс асаст, дарддæр цы кæна, уый-иу нал æмбæрста. Уый та уымæн, æмæ сæ кæстæр фырт фæцалх алыхуызон мæнг ныхæстыл, æмæ-иу йæ гæдымитæ æцæгмæ разылдысты. Фыдæн уый тынг хъыг уыд, катай æмæ мæты бацыд, сыхæгты зæрдæхудтæй тæрсгæйæ. Уæд фыды иу сæрдыгон райсом бахъуыд æндæр хъæумæ куысты фæдыл фæцæуын. Йæхи куы срæвдз кодта, уæд 49 §
Колыты Зæирæ йæ лæппутæм фæдзырдта æмæ сын карзæй бафæдзæхста, цæмæй сæ мадæн æххуыс кæной хæдзары куыстыты, стæй цæхæрадоны картофы хуымтæ барувой. Фыд куы ацыд, уæд лæппутæ исты бакусыны бæсты кæрты æнгуз бæласы бын æрбадтысты æмæ æнхъæлмæ кастысты, сæ мад сын сихор кæд æрцæттæ кæндзæн, уымæ. Уалынмæ сæ хъустыл ауад сæ сыхаг лæппуты хъæр. Уыдон цыдысты доны былмæ, сæхи найынмæ. Адон сæ куы ауыдтой, уæд быруйы сæрты агæппытæ кодтой æмæ сæ фæдыл ныййарц сты. Рæстæг цыд, фæлæ лæппутæ сæхимæ нæ тагъд кодтой. Уалынмæ фыд дæр æрыздæхт. Иæ фыртты сæхимæ не ’рбаййæфта, фæлæ йæ фæдзæхстытæ æххæстгонд кæй æрцыдысты, уый йын æхсызгон уыд. Уый хыгъд бафиппайдта, йæ бинойнаг æнæфæразгæ кæй у, уый. Уæдмæ сывæллæттæ дæр хæдзармæ æрбахызтысты. Мад, йæ рыст тыххæй уромгæйæ, фынгыл хæринаг æрæвæрдта. Хæргæ-хæрын, фыд йæ сабитæй æппæлыд, картофы хуым хорз кæй барывтой, уый тыххæй. Фæлæ лæппутæ нæ тагъд кодтой сæ магусадзинадыл басæттынмæ, æрмæстдæр кæрæдзимæ сусæгæй бакæс- бакæс кодтой. Уалынмæ сæ мад бынтондæр æрлæмæгъ æмæ бауадзыг. Лæппутæ йæм базгъордтой, йæ цуры алæууыдысты æмæ зæрдæбынæй ныккуыдтой, нæ зыдтой, цæмæй йын феххуыс кæной. Æвиппайды цæлгæнæн ныррухс æмæ сæ цуры февзæрд зæды æнгæс лæг. Уый йæхи кæстæр æфсымæрмæ разылдта æмæ йын загъта: «Æз дын нæ фæдзæхстон, иунæг гæдыныхас дæр ма куы скæнай, уæд дæ мад адзалы къахыл ныллæудзæн»... 50 §
Аргъау-биргъау Лæппу, йæ цæстысыгкалгæйæ, зæхмæ йæ сæр æруагъта. Æппынфæстаг басастысты, хæдзары ’ппæт куыстытæ дæр сæ бæсты мад кæй бакодта ууыл. Бамбæрстой, цыфæнды зын куы уа, уæддæр рæстдзинад дзурын кæй хъæуы. Фæлæ мадæн йæ уавæр нæ хуыздæр кодта. Уæдмæ фыды зæрдыл æрбалæууыдысты кæстæр лæппуйы ныхæстæ, дзæбæхгæнæг кæрдæгæй рынчыны цæсгом куы асæрфай, уæд йæ низæй фервæздзæн, зæгъгæ. Фæлæ уыцы кæрдæг кæм ссардæуа? Æвиппайды, арвы астæуæй хур тынгдæр тавын райдыдта, æрбадымдта, уæлдæфы рахæс-бахæс кодта кæрдæджы хæрздæф. Æмæ, мæнæ, царциаты диссаг! Лæппуты цæстысыгтæ кæдæм æрхаудысты, уым æрзад уыцы кæрдæг. Æртæйæ дæр дзы фæйнæ къалиуы æртыдтой æмæ дзы сæ мады цæсгом æрсæрфтой. Уайтагъд йæ рустæ фæстæмæ цардхуыз адардтой. Æрчъицыдта. Цы кодта, уый дзы ферох. Мидбылты худти йæ хъæбултæм æмæ сын адджын хъæбыстæ кодта. Уæдæй фæстæмæ лæппутæ мæнг дзурынæй сæхи хызтой. Сæ зæрдыл бадардтой зæды ныхæстæ: «Адджын сайды бæсты, риссаг рæстдзинад хуыздæр у!» <$& Щ5)
КОЧИТЫАРИНÆ Диссадды лæг Иу ирон хъæуы цардысты æмæ уыдысты лæг æмæ ус. Лæджы ном хуынди Хъалмыхъ, усы ном та — Хангуассæ. Хъалмыхъ хæдзары зын куыст кодта, Хангуассæ та хæдзары архайдта. Иу хатт æрцыди Хъалмыхъ хæдзармæ мæстыйæ, фæлладæй æмæ райдыдта хъæр кæнын... Хъæр кæны, хыл кæны: — Цы разил-базил кæныс пецы алыварс æнæ пайдайæ. Мæнæ мæм цы магуса æрхауди!... Мæнæ æз — бон изæрмæ хуым кæнын, æмæ мæ астæуæй мæлын. Ай та — бады æмæ бады... Хангуассæ тынг сæрæн сылгоймагыл нымад у: куы пец бандзары, куы сугтæ æрбахæссы, куы хæринаг азмæнты, куы та сывæллоны аузы. Хъалмыхъæн ахæм дзуапп дæтты: — Цы та ныддымстæ? Дæ куыст уæззау у — фæлæ дын иу куыст у. Æз та бон изæрмæ ратæх — батæх кæнын. Кæд дæ
Аргъау-биргъау нæ уырны, уæд райсом хæдзары ’рлæу. Ды хæдзары кустытæ бакæн, æз та дæ бæсты хуым кæнынмæ ацæудзынæн. — О-о ацу, ахуым кæн, уæд æй базондзынæ, кæй куыст зындæр у: дæу æви мæн. Æз та ам пецы цур иу бон уæддæр баулæфон. Истытæ кæндзынæн. Алцы дæр æрцæттæ кæндзынæн... Райсом раджы Хангуассæ хуым кæнынмæ цæугæйæ, Хъалмыхъы фæдзæхсы: — Хыссæмæ дæ хъус дар, сывæллоны дзаумæттæ ныхсын хъæуы, æхсыры сæртæ сис æмæ сæ къæбицы æрывæр. Сывæллон куы сыхъал уа, уæд ын бахæрын кæн. Æмæ кæс, цæмæй кæйдæр куыдз кæркдонмæ ма баирвæза. — Баулæфдзынæн абон... Ацыди Хангуассæ хуыммæ, Хъалмыхъ та хæдзары баззади. Пец бандзæрста... Цы хабар у, пецæй фæздæг кæлы, цæстытæй йæ бон кæсын дæр нæу. Лæг ратæх-батæх кæны: — Куы нæ бакодтон! Цалынмæ пецы цур архайдта, уæдмæ хыссæ арынгæй кæлын райдыдта. Хыссæмæ ма балыгъди — æрнæмон æй, зæгъгæ: къухтæ хыссæйæ дзаг — сывæллон кæуын байдыдта, Хъалмыхъ авдæнмæ — йа къухтæ сæрфгæ дæр нæ акодта. Систа гыццылы, хыссæйыл фæбырыд... Уыцы заман кæрчыты хъуыдатт райхъуыст, куыдз рæйы, карк хъуыдатт кæны... Хъалмыхъ сывæллоны авдæны авæрдта, цъылын фелвæста æмæ хæдзарæй ралыгъд, Куыдз рæйы, карк йæ къуыртт хъахъхъæны, Хъалмыхъ цъылын фехста æмæ... у-а-у тæккæ къуырттыл сæмбæлд. Сывæллон кæуы, пецы сугтæ нал ис, хыссæ скалди... — Цы кæнон. Цæмæй райдайон мæ куыстытæ!? 153
Кочиты Аринæ Афтæ ратæх-батæх кодта, куы иуæрдæм, куы иннæрдæм. Уалынмæ Хангуассæ дæр фæзынди. Хъалмыхъ æм дзуры: — Куыд тагъд фездæхтæ? — Куыд тагъд? Бахуым кодтон, бæх бафæллад, мæхæдæг дæр тыххæй æрбацыдтæн. Дæумæ та цы хабæрттæ ис? Бæстæ чи ныппырх кодта? — Мæ~æ, мæнæ, Хангуассæ... Хуым кæнын зын куыст у, фæлæ иу куыст у. Хæдзары та бафæлвар, бакæ уыйбæрц куыстытæ... Афтæ , мæ хуртæ, бамбæрста Хъалмыхъ , куыд зын у алы бон хæдзары архайын... Хыл нал кæны, Хангуассæйæн алцæмай æххуыс кæны. Тæригъæд ын кæны. Раджы заман та афтæ дзырдтой: кæд лæг усæн тæригъæд кæны, уæд æй уарзы... 54 |
^~^-^~^-*^^^^~^~^_^^^Аргъау-биргъау КУЫДЗОЙТЫ ВИКТОРИЯ Ды\$æ бирсегъы Раджы кæддæр иу зæронд лæг йæ хъæбулы хъæбулæн радзырдта цардæй ист цау: — Цæвиттон, алы адæймаджы мидæг дæр цæуы тох. Уыцы быцæу у дыууæ бирæгъы хъуырдухæны хуызæн. Иу бирæгъ æвдисы фыддзинад: хæлæг, дызæрдыгдзинад, фæсмон, хиуарзондзинад, схъæлдзинад æмæ мæнгдзинад. Иннæ бирæгъ æвдисы хорздзинад: фарн, уарзондзинад, ныфс, æцæгдзинад, зæрдæхæлардзинад æмæ иузæрдыгдзинад. Саби тынг арф айста йæ зæрдæмæ уыцы ныхæстæ. Исдуг ныхъхъуыды кодта æмæ æваст афарста: — Баба, уæддæр кæцы бирæгъ фæуæлахиз уыдзæн? Зæронд лæг йæ мидбылты бахудт æмæ загъта: — Мæнæ, æрвылбон кæй æфсадыс, уый фæуæлахиз вæййы æдзухдæр. 55 |
КЪОРАТЫ АННÆ Тæрхъ^с æмæ бирæгь Иу хъæды цардысты хæларæй сырдтæ, фæлæ сыл æркодта мæгуыры бон. Сæ бон нал уыдис иу тугдзых бирæгъæй. Куынæг сæ кодта алы бон. Уæд сырдтæ æрæмбырд сты хъæды астæу, æрдузы. Бирæ фæрадзур-бадзур кодтой: — Ай сæфтмæ куы цæуæм, алы бон тасы бын цæрыны фæлтау нæ исты æрхъуыды кæнын хъæуы. Æппынфæстаг рахастой ахæм тæрхон: — Фидæм бирæгъæн хъалон, радыгай йын дæттæм сырд. Бацыдысты бирæгъмæ æмæ йын загътой сæ фæнд. Бирæгъы зæрдæмæ фæцыд сырдты фæнд æмæ сразы: — Æрмæст куы байрæджы кæнат, уæд уыл тугуарæн кæны, сырдтæ. Сырдтæ хъалон фидын райдыдтой радыгай. Тæппуд тæрхъусы рад куы ’рцыд, уæд уый загъта: — Цæугæ йæм бакæндзынæн, фæлæ йын мæхи хæрын нæ бауадздзынæн. 56 |
Аргъау-биргъау Сырдтæ худæгæй бакъæцæлтæ сты тæрхъусы ныхæстæм. Тæрхъус рæстæгыл нæ бацыд бирæгъмæ, барæй байрæджы кодта. Бирæгъ рамæсты æмæ йæ ных сарæзта хъæды ’рдæм. Уалынмæ тæрхъус йæ разы алæууыд æмæ йын дзуры: — Бахатыр мын кæн, бирæгъ, æз дæм тæрхъус кодтон, фæлæ мын æй хъæды æндæр сырд байста. Рацу æмæ дын æй фенын кæнон, кæм бады, уый. Тæрхъус бирæгъы бакодта арф уæрмы цурмæ. Уæрмы уыдис дон: — Ныккæс æм далæ дæхæдæг! Иæхæдæг бирæгъы къæхты раз алæууыд. Бирæгъ ныккаст дзыхъмæ æмæ доны ауыдта, арф бынæй кæй бады бирæгъ æмæ йæ дзæмбытæй хæцы тæрхъусыл, дæндæгтæ зыхъхъыр, йæ цæстытæ та зыд æрттывд кæнынц, уый. Смæсты бирæгъ, ныууынæргъыдта æмæ дзыхъмæ ныггæпп кодта, цæмæй йе знаджы аскъуыдтæ кæна. Бирæгъ уыцы уæрмы баззад æмæ дзы сырдтæ фервæзтысты. Тæрхъус радзырдта сырдтæн, тугдзых бирæгъы куыд асайдта, уый. Афтæмæй тæрхъус хъæды сырдты мыггаг сыскъуынын нæ бауагъта.
КЪОРАТЫ МОНИКÆ Псщдзах Лрт^)р Раджыма-раджы, зæххыл Хуыцау адæмы куы равзæрын кодта, уæд адæм цардысты тынг мæгуыр, архайдтой, цæмæй сæ цард фæхуыздæр кæной. Куыстой, амал кодтой сæхицæн хæринаг. Бонæй-бонмæ хуыздæр кодта сæ цард. Рацыд цасдæр рæстæг æмæ адæм хъæздыгдæр æмæ амондджындæр цард кæнын райдыдтой. Фæзынд хицæн паддзахадтæ æмæ рæсугъд сахартæ. Раст ахæм хъæздыг бæстæтæй иуы цард æвзонг паддзах Артур. Уыд тынг зондджын, ныфсджын æмæ тыхджын, фæлæ йын бинонтæ нæ уыд. Иæ бæстæйы адæм дæр уыдысты тынг æгъдауджын, сæ конд, сæ зонд, сæ уындæн æмæ сæ тыхæн æмбал нæ уыд. Цардысты сæхи куыстфæллойæ, никæй хъыгдардтой. Сæ хорзы кой айхъуысти дунетыл, канд сæ хъæздыгдзинады тыххæй нæ, фæлæ ма сæ къухтæй цы диссаджы нывæфтыд I 58
Аргъау-биргъау дзаумæттæ арæзтой, уыдоны тыххæй дæр. Æндæр бæстæты цæрæг адæм арæхдæр цæуын райдыдтой уыцы диссаджы бæстæмæ. Иу ахæмы цавæрдæр дардбæстаг хъæздыг паддзах йæ рæсугъд чызгимæ йæ фæндагууылты ракодта. Æвзонг паддзах Артур сæ дзæбæх суазæг кодта. Чызджы рæсугъддзинад ын йе ’нцойад фехæлдта, чызджы зæрдæмæ дæр фæцыд, фæлæ йын уым баззайæн нæ уыд, йæ фыдимæ аздæхт сæ бæстæмæ. Уыдоны ацыдæй паддзахæн йæ цард тынг фенкъард, хъыг кодта æдзух. Адæм фыццаг не ’мбæрстой сæ паддзахыл цы ’рцыд, фæлæ йæ куы базыдтой, уæд фæцыдысты хатæг уыцы паддзахмæ йæ чызджы тыххæй. Уыцы паддзахæн дæр æхсызгон уыд, ахæм лæппу — паддзах ын йæ чызджы кæй куры, уый, æмæ сразы. Скодтой диссаджы чындзæхсæв, иу абонæй иннæ абонмæ фæбадтысты æмæ фæминас кодтой. Паддзах Артур йæ цардæй уыд райгонд, йæ адæм æй уарзтой. Райгуырд ын чызг æмæ лæппу. Чызгыл сæвæрдтой ном Ацырухс, лæппуйыл та — Арсæмæг. Рæстæг цыд æмæ сывæллæттæ бахъомыл сты. Сæ кой дæрдтыл айхъуыст, чызджы рæсугъддзинад æмæ диссаджы зонды кой та уæлдайдæр. Чызгæн Хуыцауæй ратгæ уыдис диссаджы курдиат: æмбæрста мæргътæ, сырдтæ æмæ бæлæсты сыфтæрты сусу-бусу, стæй ма сæ бæстæйыл цы æрцæудзæн, уый рагацау зыдта æмæ-иу дзы йæ фыды бафæдзæхста. Адæм дис кодтой сæ паддзахыл, кæцæй базоны уыцы хабæрттæ, фæлæ йæ паддзах нæ хъæр кодта,тарст йæ чызгæн, исчи йын исты фыдбылыз куы скæна, уымæй. Чызгмæ курджытæ цыд æндæр бæстæтæй, фæлæ фыд ком нæ лæвæрдта. Уæд къулбадæг ус сфæнд кодта чызгæн исты 59 |
Къораты Моникæ- саразын, фæлæ йæ чызг зыдта, цæмæ хъавы, уый. Къулбадæг ус цынæ арæзта, уæддæр йæ хинтæй æмæ кæлæнтæй ницы рауад. Æмæ бамбæрста, уый хуымæтæджы чызг кæй нæу, фæлæ алцы зонаг дæр. Паддзах йæ лæппуйæн ус æрхаста, райгуырд ын фаззон лæппутæ. Рæстæг цыд, паддзах Артур зæронд кодта æмæ тарст йæ чызг Ацырухсæн исты стыр фыдбылызæй. Радта йæ моймæ йæ хуыздæр хæлары фыртæн. Паддзах йæ хæлары бафæдзæхста йæ чызджы курдиаты тыххæй, цæмæй-иу æй уымæн зæгъа, уый та-иу паддзах Артурæн хабар хъусын кæнæд. Фыццаг-иу ын æй фехъусын кодта, фæлæ йын æй куыд фæстагмæ нал хъæр кодта. Ацырухс тыхсти, йæ фыдыл- иу исты фыдбылыз куы æрцыд, æмæ æнкъард кодта. Мæнæ та сын къулбадæг ус сфæнд кодта фесафын йе ’фсымæры ус æмæ сывæллæтты. Адавын сæ кодта æмæ сæ тар хъæды аппарын кодта. Паддзахы лæппу куыннæ æнкъард кодта йæ бинонты сæфтыл, кæм сæ нæ агуырдта, фæлæ сын сæ фæд дæр нал ссардта. Ацырухс та хабар зыдта, фæлæ сын æй куыд фехъусын кодтаид, уымæн амал нæ ардта. Уыцы рæстæг зæрватыччытæ ахстоны сæр абадтысты æмæ цъыбар — цъыбур кæнынц. Чызг сæм хъусы, йæ цæссыг згъæлы йæ чындз æмæ йе ’фсымæры хъæбулты тæригъæдæй. Зæрватыкк дзуры, зæгъгæ, мад йæ хъæбулты хæссы, хъæды цы гагадыргътæ зайы, уыдонæй, ноджы ма мадæн йе ’нæниздзинад фæцудыдта. Куыд ын баххуыс кæнæм, уый мах нæ зонæм. Уæд сæм Ацырухс сæхи ’взагыл сдзырдта æмæ сын балæгъстæ кодта, цæмæй сын арвита фыстæг æмæ хос. Зæрватыччытæ сразы сты, ахастой цы сын æрвыста, уыдон, загъта сын, цæмæй мад хос баназа æмæ куыд уыд, 60 |
Аргъау-биргъау афтæ фестдзæн. Ахастой чызджы фыстæг æмæ хос. Радтой сæ сылгоймагмæ, уый фыстæг бакаст, хос банызта æмæ куыд уыд, уымæй авд ахæм хуыздæр фестад. Иæхицæн хъæды хæдзар сарæзта æмæ уым цард, Ацырухс сын æххуыс кодта, афтæмæй. Лæппутæ рахъомыл сты. Иуахæмы бадзырдтой сæ мадмæ: «Цом æмæ нæ фыды паддзахад бабæрæг кæнæм. Ныр лæгтæ стæм æмæ ныл ничиуал фæтых уыдзæн». Араст сты уæдæ цы уыдаит. Ссардтой сæ фыды хо Ацырухсы,тынг фæцинтæ кодтой кæрæдзийыл. Ацырухс сæ бакодта йе ’фсымæр Арсæмæджы цурмæ. Паддзах сæм бирæ фæкаст, нæ йæ уырныдта, йæ сæфт бинонтæ сты, уый. Фæлæ йæ йæ зæрдæ уæддæр æмбæрста... Иæ хъæбысы сæ ныккодта, фыр цинæй йæ цæссыг æркалд. Арвыста хонджытæ æнæхъæн паддзахадмæ, стыр куывд скодтой. Адæм тынг цин кодтой сæ уарзон паддзахы бинонты фæзындыл. Къулбадæг усæн дæр нал рахаста марыны тæрхон, фæлæ йæ йæ паддзахадæй атардта. СзМе)
СÆЛБИТЫАЛАНÆ Ллæмæттаг æвзалы Иу гыццыл хъæуы царди куырд. Уыдис ын ус æмæ дыууæ сывæллоны. Бонджын нæ уыдысты, фæлæ сæ цард æрвыстой хъæлдзæгæй. Цы хъæуы цардысты, уый хицау уыд саузæрдæ æмæ зыд. Хъæуы цæрджытæй иста хъалон. Фос чи дардта, уыдонæй иста цыхт æмæ æхсыр. Зæххыл чи куыста, уыдонæй та — халсартæ æмæ дыргътæ. Куырдæй та иста цавæрдæр мигæнæн дзаумæттæ. Иухатт æлдар рацу-бацу кодта æрцæугæ армукъайы, æмæ федта цъыр-цъыраг хуыз брошкæ. Уарзта ахæм æнахуыр фæсденджызон бибитæ, фæлæ йæ зыддзинады тыххæй нæ балхæдта. Сфæнд кодта æлдар куырдмæ бардзырд барвитын, цæмæй йын ахæм брошкæ самал кæна, кæннод ын йæ бинонты атæрдзæн хъæуæй. Куырд æнкъардæй сбадт йæ пецы цур æмæ мæты бацыди. Куыд хъуамæ скæна ахæм брошкæ, цæмæй хуры тынæй йæ базыртæ змæлын кæна. Æмæ скуывта Стыр Хуыцаумæ, 1 62 §
Аргъау-биргъау цæмæй йын йæ бинонты бахъахъхъæна. Уалынмæ дын пецæй рахаудта æвзалыйы къæртт, лæг æй фæстæмæ баппæрста пецмæ. Ногæй та рахауд пъолмæ, æмæ та йæ лæг пецы фæмидæг кодта. Æртыккаг хатт та рахауд æвзалы. Ногæй та йæ пецмæ баппæрста, æмæ цæуыныл фæци. Уалынмæ фехъуыста кæйдæр хъæлæс: — Цæуыл мæт кæныс, хорз лæг, цæмæй дын баххуыс кæнон? — Чи дзуры? — фæрсы дисгæнгæйæ куырд. — Уый æз дæн — æвзалыйы къæртт! Æз дын баххуыс кæндзынæн! — Æмæ мын куыд баххуыс кæндзынæ? — Ацу æмæ баулæф. Бон йемæ фарн хæссы. Райсомæй лæг фестад, æмæ йæ цæстытыл нæ баууæндыд. Ахæм рæсугъд, æрттиваг брошкæ куыд самал кодта, зæгъгæ. Ахаста йæ æлдарæн æмæ йын загъта: — Ацы алæмæттаг брошкæ æрттивдзæн, æмæ йæ базыртæ уæд тилдзæн, адæм æй куы уыной æмæ йыл цин куы кæной, уæд! Райста йæ æлдар йæхицæн, æмæ йыл сусæгæй йæхæдæг цин кодта. Иу цасдæры фæстæ брошкæ йæ миниуæг фесæфта, æмæ йæ æлдар æрбауæй кодта. Рæхджыбонты æлдары бахъуыди ног биби, цæмæй йын куырд скæна паддзахы худ, хъуыдытæ чи кæса, ахæм! Цы гæнæн уыд куырдæн, сразы и. Ацыди куырд æнкъардæй хæдзармæ, пецы раз сбадти æмæ бафынæй. Куы райхъал и, уæд афтæ фенхъæлдта, цыма йæ йæ цæстытæ сайынц. Иæ разы æвæрд уыди диссаджы зæринхуыз, цæхæртæкалгæ паддзахы худ. «Райс дæ худ æмæ зæгъ æлдарæн, фыдархайд митæ дзы ма кæнæд», — дзуры йæм
Сæлбиты Аланæ^ æвзалыйы хъæлæс. Æлдарæн паддзахы худ йæхи ’рдыгæй куы фæци, уæд ферох кодта куырды фæдзæхст. Скодта худ, æмæ дын адæмы хъуыдытæ хъусын куы райдаид. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг бадис кодта, адæм ай кæй нæ уарзынц, ууыл! Æмæ ноджы тынгдæр смæсты и. Сфæнд кодта адæмæй йæ маст райсын, æмæ кæмæн хъалонтæ фæфылдæр кодта, кæмæн та сæ хæзнатæ иста. Куырдæн та бафæдзæхста, скæнын ахæм къарет, æмæ йæхæдæг куыд тула æнæ ифтыгъдæй, кæннод ын йæ бинонты амардзæн. Уцуæлдайæ куырд ацыд, йæ пецы раз æрбадти, æмæ тынг скуывта Стыр Хуыцаумæ. Райхъуыстис та зонгæ хъæлæс: «Ацу æмæ баулæф, райсом уыцы æлдарæн фенын кæндзыстæм»... Куырд куы райхъал, уæд федта стыр къарет... Бахæццæ йæ кодта æлдармæ. Сбадти йыл тынг цингæнгæйæ æлдар, лæг загъта алæмæттаг ныхæстæ æмæ дын къарет уыциу тылд куы акæнид, йæ сурæт дæр фесæфт. Фæлæ фыдлæг æлдар нæ зыдта, къарет нæ бауромдзæн, цалынмæ куырды ныхæстæ фехъуса, уæдмæ... Куырд та уый зонгæйæ, хъæлдзæгæй ацыд адæмæн фехъусын кæнынмæ, зыд æлдарæй куыд фервæзтысты, уый. 64 |
^■^^^^-^^-ч^-^^^-^-^-^ Аргъау - биргъа у СÆЛБИТЫ АМИНÆ Чысыл ХæФсийы аргъар Царди æмæ уыди иу уымæл ран хæфсы лæппын, йæ ном хуынди Хæфси. Царди йæ мадимæ, тынг уарзта сæ лæхъир бынат. Уарзта ма йæ мадмæ хъусын: уый йæ ахуыр кодта къогъотæ æмæ бындзытæ ахсыныл, хи хъахъхъæныныл, хæдзары алыварс зилæнтæ кæныныл. Хæфси хорз арæхсти алцæмæдæр. Фæлæ куыд рæзыди, афтæ цымыдисдæр кодта, бонæй-бонмæ бæллыд дæрдтыл æрзилын. Ноджы йын иу хабар æнцой нæ лæвæрдта, хуры аныгуылды фæстæ. Алы изæр дæр æм сæ цæрæн хæтæлы хуынкъæй цы диссаджы рухс калди, уый йæ йæхимæ æлвæста. Нал фæлæууыд Хæфси æмæ иубон фæбалц. Рахызти зæронд хæтæлы хуынкъæй æмæ рухсæрдæм фæраст. Бирæ цæуын дæр æй нæ бахъуыд, æмæ цалдæр гæппæн иу цæхæркалгæ кæрты смидæг. — Мæнæ цы рæсугъд ирд бынатмæ æрбахаудтæн! — бацин кодта Хæфси, — ам алы къуым дæр мæнæн хæдзарæн сбæздзæн. Стæй дзы цæй лæгъз, æнцон цæуæн у! 65 |
Сæлбиты Аминæ Уалынмæ ауыдта, иу хъæдын дуарæй цы гыццыл чызг рахызт, уый. Чызг уайтагъд æндæр дуары фæмидæг. Хæфси фæрæвдз æмæ йæ фæстæ багæпп кодта. Кæсы, æмæ чызг зæххы цавæрдæр дуар бакодта æмæ дзы бынмæ ныххызт. Диссаг, фæлæ рухс кæлы уырдыгæй дæр. Ай, цымæ, цавæр ирд бæстæ у, зæгъгæ, — бадис кодта хæфсы лæппын. Уалынмæ чызг схызт хæрдмæ, йæ къухты чыргъæд, афтæмæй. Ахызт кæртмæ. Хæфси та хæстæгдæр бахызт дуары былмæ, æмæ æмбаргæ дæр нæ бакодта, куыд дзы ныххауди, уый. Цы уазалдзæф ыл сæмбæлд, уый йын тынг æхсызгон уыди, фæлæ уæдмæ дуары гуыпп фæцыд, æмæ цырагъ ахуыссыд. Хорзау нал уыд Хæфси, ныр цы фæуыдзæн, йæ мад дæр æй кæм агурдзæн, цымæ йæм цы ’нхъæлмæ кæсы, зæгъгæ, кæуынæввонг сси. Уæдмæ йæм хæрын æрцыд æмæ нанайы амындтытæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты: æдзынæг ныхъхъуыста æмæ йæм сыбар-сыбур кæцæй райхъуыст, уырдæм фæрæвдз. Гæпп, æмæ рацахста хъæндил. Диссаджы хæрзад æм фæкаст. Афтæ ма иучысыл ацуан кодта æмæ йæ нал дæр бамбæрста, куыд æрфынæй, уый. Иуафон та сæххормаг Хæфси æмæ райхъал. Ныр йæ мæт уыд уый, æмæ диссаджы ирд бæстæ кæй хуыдта, уым рухсы цъыртт никæцæйуал калди. Скуыдта чысыл хæфс: — Гъеныр цæмæн радзæгъæл дæн, мæхи хуыссæнæй, нæхи хæдзарæй рухсдæр, хъармдæр куы нæ уыд, уæд! Ныр цы фæуон, кæм агурон нанайы?! Афтæ фæтарст, мæгуырæг, афтæ та суынгæг йæ зæрдæ æмæ хъæрæй ныууасыд. Æмæ диссаг, йæ хъустыл ауад нанайы хъæр! Дзуапп ын радта Хæфси, æмæ та нанайы хъæр ноджы
Аргъау-биргъау хæстæгдæрæй райхъуыст. Чысыл Хæфсийæн йæ зæрдæ фырцинæй сгуыпп-гуыпп кодта. Ныхъхъуыста та, фæлæ нæй, нал æм хъуысы йæ мады хъæр. Æмæ дын мæнæ дуары хъинц фæцыд, æмæ йе ’нæзонгæ бынат ныррухс. Ауыдта Хæфси зноны гыццыл чызджы. Æцæг ма йæ хъустæ ацахстой нанайы хъæлас дæр: — Рахиз размæ, чызджы цурмæ, дæхи йæм равдис! Рагæпп кодта Хæфси къуымæй, фæлæ хæрдмæ фæхауд æнахуыр цъæхахстæй. Уый хæфсæй чи фæтарст, уыцы гыццыл чызджы хъæр уыди. Амбæхст та лæппын къуымы. Айхъуыста та ногæй æмæ размæ рагæпп кодта, чызгмæ хæрдмæ скаст. Уый бахудти æмæ йæ йæ къухтæм систа: — А, гыццыл хæпси, уазæгуаты æрцыдтæ нæ пъадвалмæ? Цæй, бафсæстæ нæ вареннæтæй æмæ нæ хъæндилтæй? Хæфси чызгмæ схъуак кодта дзуаппæн. Чызг ныххудти æмæ хæфсы лæппыны систа хæрдмæ, ахизын æй кодта дуарæй æддæмæ. Уым Хæфсимæ аууон ран æнхъæлмæ касти йæ мад. Айста йæ йæ разæй, æмæ цалдæр гæппæн февзæрдысты сæ уарзон хæтæл-хæдзары. — Цы хорз у, уыцы талынг ранæй кæй раирвæзтæн. Никуыуал ацæудзынæн æнæ фæрсгæйæ, стæй — нæ хæдзарæй дарддæр!— аивæзта йæ ком чысыл бæлццон æмæ æрфынæй, кæд ма йæ зæрдæ хæрынмæ æхсайдта, уæддæр. Хæфсийы мад дæр йæ куыстытæ бакодта æмæ уый дæр æнæмæтæй бафынæй. —1 67 |-
ХАМАТЫ ДАНИЛ Сослан æмæ гæ^ыри Цардысты æмæ уыдысты стыр хъæды раз аланты иу знæм. Нæ уыдис тынг стыр, æмæ дзы цардысты хæларæй, кæрæдзиуыл аудысты. Нæлгоймæгтæ арæх цыдысты цуаны хъæдмæ. Сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, зæрæдтæ сæ цæрæнуæттæ æфснайдтой, чызджытæ цыдысты цæугæдонмæ гæрзтæ ’хсынмæ. Се ’хсæн уыдис иу рæсугъд Зæлинæ. Иæ цæстытæй раст цыма хуртæ æмæ мæйтæ кастысты, ахæм уыдысты. Бирæ курджытæ уыди чызджы, фæлæ разыйы ныхас никæмæн лæвæрдта. Иу ахæмы лæгтæ цуаны куы ацыдысты, уæд ракодта тынг дымгæ, бæлæстæ ныггуыбыр сты зæхмæ, арв атар ис, хур нал зынди сау мигътæй. Адæм бамбæхстысты сæ хæдзæртты. Дымгæ хæдзары сæр систа æмæ дын мæстыгæр кæлæнгæнæг лæг Зæлинæйы куы аскъæфид. Зæлинæйы бинонтæ хъарæг кæнынц. Нæлгоймæгтæ куы æрбаздæхтысты цуанæй, уæд хабар базыдтой. Уæд дын, Зæлинæйы тынг чи уарзта, уыцы Сослан хъуыддаг куы бамбæрста, уæд йæ агурæг ацыди. Бирæ 68 |
Аргъау-биргъау фæцыди хъæды, агуырдтауыцы кæлæнгæнæджы. Бынтондæр куы бафæллад, уæд йæхи æруагъта æмæ фæкомкоммæ ис иу гæккуыримæ. Гæккуыри йæм ахæм каст кодта, цыма цыдæр зæгъынмæ хъавыди. Сослан фæтæригъæд кодта гæккуырийæн, батыхта йæ къухмæрзæны æмæ йæ йæ дзыппы нывæрдта. Изæры та йæ æрхъуыды кодта, систа йæ йæ дзыппæй, райхæлдта къухмæрзæн, гæккуыри уыд фынæй, ахæм рæсугъд фæкаст Сосланмæ æмæ йæм нал фæлæууыд, аба йын кодта. Уайтагъд гæккуырийы бæсты фестад Зæлинæ. Уый йæ мæстыгæр кæлæнгæнæг фестын кодта гæккуыри, уымæн æмæ йæм Зæлинæ не сразы моймæ цæуын. Сосланы ба та йын йæ хинтæ фехæлдта. Зæлинæ Сосланæн бацамыдта кæлæнгæнæджы хæдзар. Бацыд æм Сослан æмæ райдыдта хæцын йемæ, бирæ рæстæг рацыдис, ницы йын йæ бон уыди, фæлæ Зæлинæйы сонтæй ауыдта, æмæ йын цыма цыдæр баххуыс кодта, афтæ фелвæста йæ æхсаргард æмæ уыцы мæстыгæрæн йæ сæр акъуырдта. Фæлæ йæхæдæг дæр гыццыл фæцæф ис. Иæ туг калгæ æруагъта йæхи бæласы бын. Зæлинæ йæм бацыди, йæ къух куыддæр авæрдта цæфыл, афтæ дын адзæбæх. Сыстади уæлæмæ. Зæлинæйы акодта йæ мад æмæ йæ фыдмæ. Тынг цин кодтой адæм иууылдæр, Сосланæн арфæтæ кодтой. Цы гæнæн ма уыди Зæлинæйæн, сразы ис Сосланæн мой кæнын. Æнæхъæн хъæуæй сарæзтой куывд. Иннæбонæй иннæбонмæ фæкуывтой, хъæлдзæгæй арвыстой чындзæхсæв. Стæй уæд ацыдысты, алчидæр йæ куыст дарддæр кодта. Сослан æмæ Зæлинæ дæр сæ царды куыст кодтой. Хæларæй æмæ амондджынæй фæцардысты бирæ азтæ. 69 |
ХЕТÆГКАТЫ АРСЕН Ды\)\)æ æосымæры Цардысты дыууæ мæгуыр æфсымæры. Уыдысты сидзæртæ. Нæ сæм уыди фос дæр. Хистæр æфсымæр арæх цыди цуаны, хорз цуанон уыди, кæстæр та~иу хæдзары куыстытæ кодта. Иу бон хистæр кæстæрмæ дзуры: «Абон ды цæуыс мемæ цуаны». Бацин кодта кæстæр. Ацыдысты, уæдæ цы уыдаид. Цас фæцыдысты, чи йæ зоны, æмæ цæугæдоны раз федтой саг. Уæд хистæр дзуры: «Райс хæцæнгарз æмæ йæ фехс, дæ фыццаг уыдзæн». Цин кæны кæстæр. Райста хæцæнгарз æмæ йæм ныхъхъавыди, кæсы йæм, фæлæ æхсгæ нæ кæны, йæхинымæр дзуры: «Æз сидзæр дæн ме’фсымæримæ, цард зын у, уæд та ма амæн дæр сывæллæттæ ис æмæ йæ куы фехсон, уæд уыдон дæр сидзæртæй баззайдзысты». Хæцæнгарз æруагъта, саг æй ауыдта æмæ хъæды смидæг. Уыи хистæр куы ауыдта, уæд хъуыр-хъуыр кæнын байдыдта: «Цæмæ йæ ауагътай, цæуылнæ йæ фехстай?». Кæстæр ын
Аргъау-биргъау йæ хъуыдытæ радзырдта, ницы загъта хистæр æмæ араст сты дарддæр.Бæргæ æмбæрста хистæр кæстæры, фæлæ æнæ ницæмæй дæр фæстæмæ цæуæн нæ уыд. Цас фæцыдысты, чи зоны, æмæ бæласыл федтой къуырмгарк, хистæр æнæ сдзургæйæ кæстæрæн йæ къухты хæцæнгарз авæрдта. Хъавы йæм кæстæр, фæлæ та уыцы хъуыды йæ сæры бады. Иу цасдæр æм фæкасти æмæ йæ ауагъта. Хистæр æфсымæр æм дзуры: «Цу къæцæлтæ æрæмбырд кæн арт скæнынмæ, мæхæдæг исты фехсдзынæн». Ацыд кæстæр, сугтæ æмбырд кæнгæйæ бирæ фæцыди, хъуыдыты аныгъуылд, афтæмæй хъæды фæдзæгъæл. Иæ бон фæндаг ссарын нал уыд, хъæр кæнын байдыдта йе ’фсымæрмæ, фæлæ йæ ничи хъуыста. Кæуын райдыдта кæстæр, йæ кæуынмæ йын къуырмгарк æрбатахт: — Цæуыл кæуыс мæнæ лæппу? — фæрсы йæ къуырмгарк. — Фæдзæгъæл дæн, фæндæг нæ зонын, ме’фсымæры ма куыд ссардзынæн. — Ма ку мæнæ лæппу, кæй мæ нæ фехстай, уый тыххæй дын æз баххуыс кæндзынæн, мæ фæстæ цу. Иæ кæуын банцад кæстæрæн. Къуырмгарк уæлæмæ стахти фæндаг фенынмæ æмæ йæ фæстæ кæны лæппуйы. Цас фæцыдысты, чи зоны, æмæ æрбахæццæ сты цæугæдонмæ, дзуры йæм къуырмгарк: — Мæ бон дарддæр цæуын нæу, сывæллæттæ мын ис, æмæ сæ иунæгæй уадзæн нæй, дæу ’руаджы сидзæртæ нæ уыдзысты, бузныг дын. Доны былыл цу æмæ ссардзынæ де’фсымæры. — Бузныг дæуæн дæр, — загъта кæстæр æмæ араст дарддæр.
Уалынмæ æрталынг, ницыуал зыны, æмæ та кæстæр кæуын райдыдта. Иæ кæуынмæ йын æрбацыд саг. — Цæуыл кæуыс? — дзуры йæм саг. — Фæдзæгъæл дæн, фæндаг нæ зонын, куыд ссардзынæн ме’фсымæры, — кæугæйæ дзуапп радта лæппу. — Ма ку мæнæ лæппу, мæ сывæллæтты мын сидзæртæй кæй нæ ныууагътай, уый тыххæй дын æз баххуыс кæндзынæн. Рацу мæ фæстæ. Кæстæры кæуын банцад æмæ саджы фæстæ цæуын райдыдта. Цас фæцыдысты, чи зоны, уалынмæ дардмæ арты рухс зыны. — Уæлæ уым де’фсымæр бады, йæхи кæуынæй мары, цу йæм тагъддæр. — Бузныг дын, — загъта кæстæр æмæ азгъордта арты рухсмæ. Хистæр кæстæры куы ауыдта, уæд йæ цинæн кæрон нал уыд. Бирæ йын фахъæбыстæ кодта, æмæ йæ фæрсы: — Куыд мæ ссардтай? — Цы сырдты нæ фехстон, уыдон мын баххуыс кодтой. —-Раст нын дзырдтой нæ мад æмæ нæ фыд: «Царды хорздзинæдтæ кæн, æмæ дын хорздзинæдтæ цард скæндзæн».
^^-^^^^-^^^^-^^•^^Аргъау-биргъау ХЫНЦÆГТЫ ЮЛИАНÆ К^вæндоны равзæрд Раджы заман Стыр Хуыцау адæмы куы сфæлдыста, уæд фæрсæй-фæрстæм хохы цъæссыты æрцардысты дыууæ адæмыхатты. Сæ дыууæйы дæр лæгдзинадæй, æхсарæй ничи æмбылдта. Фыццаг рæстæг цардысты хæларæй, кæрæдзи цæрайæ цæргæйæ. Са цин дæр æмæ сæ хъыг дæр уыд иу. Фæлæ рæстæг куыд цыдис, афтæ дзы иутæн зæхх нал фаг кодта æмæ иннæ уæздан адæмыхатты хъыгдарын байдыдтой. Бирæ хатт се ’хсæн змæстытæ æрцыдис, фæлæ-иу уыцы адæмы басæттын сæ бон нæ баци. Уæд сфæнд кодтой хинæй рацæуын сæ сыхæгтыл. Иу бон, хохы хурварс, æрдзы хъæбысы адæм сæхи цæттæ кодтой Стыр Хуыцауы куывдмæ. Хур йæ рухс тынтæ айтыдта зæххыл. Цъиуты зарын алырдыгæй хъуыст. Адæмы цæсгæмттæ цинæй дзаг уыдысты. Хæдæфсарм, уæздан æфсинтæ сау бæгæны фыхтой. Уыцы рæстæг сæ зыдгæнаг сыхæгтæ та фыдбылыз цæттæ кодтой куывдгæнджытæн. 173
Хынцæгты Юлианæ Фæдзырдтой залиаг калммæ æмæ йын бафæдзæхстой, цæмæй уый ныббыра сæ кувæггаг бæгæныйы агмæ, æмæ уым йæ марг акала. Залиаг калмæн бирæ лæгъстæ нæ бахъуыд, уайтагъд сразы сæ фæндыл. Уыцы сыгъдæгзæрдæ, ирдцæсгом адæмæй дæр нæ фефсæрмы, афтæмæй сабыргай агмæ бахъуызыд. Æфсинтæ ныхæстыл фесты æмæ ничи федта æнаккаджы. Уыцы рæстæг Стыр Хуыцау рарвыста йæ коммæгæс цæргæсы, цæмæй йæ уый агмæ ма бауадза, фæлæ гыццыл айрæджы кодта, æмæ уæдмæ калм йæ фыддзинад бакодтæ. Цы ма бакодтаид цæргæс æмæ фыцгæ агмæ ныггæпп кодта калмы фæстæ, цæмæй йæ адæм феной æмæ ма бануазой уыцы бæгæныйæ. Адæм мæстыйæ аг æрфæлдæхтой æмæ дзы æрхаудысты цæргæс æмæ калм. Цы базонын ма сæ хъуыд, сæ сыхæгты æрвыст кæй уыд калм, уымæн, æмæ сæ фæсырдтой уырдыгæй. Ногæй та сфыхтой бæгæны, скодтой стыр куывд æмæ фæбадтысты иу абонæй иннæ абонмæ. Сæ хъазты хъæр хæхты зæлыди. Фæсивæды цæстæнгас хурау æрттывта. Уыцы ран та сæхицæн сарæзтой стыр кувæндон. Абон дæр ма кувынц уыцы кувæндоны Стыр Хуыцаумæ. 74 |
■^-^^-^-^-^^^^-^-^-^Лргъау-биргъау ХЪАРАЦАТЫ АЛИНÆ Хъæрмдзинады бард\)аг Дард хуссайраг бæстæйы ис рагон кувæндон, æрыгон чызгæн. Адæм æй хуыдтой Хъæрмад æмæ уыд ацы чызг Хъæрмдзинады бардуаг. Мæнæ цы дзырдтой адæм ацы чызджы тыххæй: Раджы, тынг раджы цардис хуссайраг бæстæйы иу хъæуы скæсæйнаг фарсы иу куырд. Уыд тынг хорз лæг, адæм æй бирæ уарзтой. Уыдис ын бинонтæ — ус æмæ чызг, фæлæ йæ ус амард æмæ йæ чызджы хъомыл кодта иунæгæй. Рæстæг уади, æмæ чызгыл сæххæст æвддæс азы. Уыд диссаджы рæсугъд, раст дидинæджы хуызæн. Æнæхъæн адæмæн дæр фыд æмæ чызг уыдысты уарзон. Уалынмæ æрцыд ахæм хабар. Хъæуы ныгуылæн фарс лæууыд бæрзонд хох æмæ дзы уырдыгæй хастой стыр сау дуртæ, уыдонæй арæзтой æфсæйнаг. Иу ахæмы хохы цъуппæй ферттывта арты цæхæр, æмæ артæй равзæрд тынг стыр гал. Уыцы гал хохыл цы кæрдæг зад, уымæ агайгæ дæр нæ фæкодта,
Хъарацаты Алинæ- фæлæ комкоммæ йæхи хуымтыл ныццавта. Æхсæвæй бонæй гал хордта, æмæ саста хуымтæ. Адæм нæ зыдтой куыд фервæзой ацы фыдбылызæй. Зæронд адæм дзырдтой: — Уый нæ Хуыцау ралгъыста, нал нын ис ирвæзæн, æрмæстдæр ын кæд лæгъстæ бакæнæм, цæмæй нæ ма фесафа. Бацæттæ кодтой адæм стыр хуынтæ, хæринаджы хуыздæр æмæ сæ бахастой галмæ. Иæ разы зонгуытыл арлæууыдысты, æмæ йын лæгъстæ кæнынц, цæмæй сæ ма бабын кæна. Фæлæ сæм гал кæсгæ дæр нæ кæны, сæтты дарддæр хуымтæ. Уæд хъæуы фæсивæд кардæлвæстæй фырмæстæй сæхи галыл ныццавтой, æмæ йæ хъавыдысты скæрдынмæ, фæлæ та уым дæр сæ къухы ницы бафтыд. Гал йæ куыст дарддæр кæны, сæтты хуымтæ. Адæм ницыуал сæ сæрæн зыдтой æмæ сфæнд кодтой сæ хабар зылды хицаумæ фæхæццæ кæнын. Равзæрстой дзырддзæугæ лæгты æмæ сæ арвыстой зылды хицаумæ. Уыцы зылды хицау тæ уыд армæстдæр хъæздыгдзинадыл хæст, адæмыл та хъуыды æппындæр нæ кодта. Куы фехъуыста уыцы галы кой, уæд загъта йæхинымæр: «Ай диссаджы хабар куы у, хъуыддаджы фæрцы мæхицæн ном скæндзынæн». Хицау загъта: «Ацы зылды цал куырды ис, уыдон иууылдæр фондз бонмæ куыд æрсабыр кæной галы, æмæ чи нæ бацархайа иттæг хорз, уый карз афхæрд баййафдзæн!!!». Мæгуыр куырдтæ бирæ фæхъуыды кодтой æмæ сарæзтой стыр пец. Сайдæй уым фæмидæг кодтой галы, бæхгæдтой йыл æфсæйнаг дуар, арт бандзæрстой. Фæлæ галы сæрæй иу хъуын дæр не ’рхауд. Хицау тынг смæсты ис уый фехъусгæйæ, æмæ ехсæй райдыдта нæмын куырдты. Стæй равзæрста се ’хсæн дыууæйы æмæ сын радта рæстæг ноджы фондз боны, æмæ та
Аргъау-биргъау сын загъта: «Додой уæ сæр, ныр дæр ма куы нæ фесафат ацы галы, уæд!». Куырдтæй иу уыд Хъæрмады фыд. Чызг йæ фыды тыххæй мæстыйæ бацыд хæдзармæ. Сугæй йын хæринаг æркодта, фæлæ йæм фыд кæсгæ дæр нæ ракодта, йæ хъуыдытæ галимæ уыдысты. Чызг бацыд пецмæ æмæ галмæ мидæмæ бакаст. Стæй æргуыбыр кодта æмæ райхæлдта йæ дзыккутæй бæттæн, æмæ йæ галы сыкъайыл бабаста. Мæнæ диссаг!!! Сыкъа бадон. Уæд чызг уыцы-иу сæррæтт бакодта пецмæ, æмæ галыл фидар ныххæцыд, нал æй уæгъд кæны. Куырдтæ ма балыгъдысты пецмæ, фæлæ байрæджы кодтой: чызг æмæ галæй ницыуал баззад, бадон сты, мит хурмæ куыд бадон вæййы, афтæ. Дынджыр пец та байдзаг зынджы хуызæн æфсæйнæгтæй. Куырд кæуы йæ чызгыл, фæлæ ма цы. Уыцы заман фæзынд хицау дæр, æмæ пецмæ куы бакаст, афтæ уырдыгæй ракалд сатæг-сау фæздæг, æмæ акъахта хицауы цæст. Нæ ферох кодтой адæм хъæбатыр чызджы, мæлæтæй сæ чи фервæзын кодта, уый. Иæ номыл сарæзтой стыр Кувæндон. Кувæндоны бахизæны та дыууæ фæйнæгыл ис фыст: «Адæмы сæраппонд йæ цард чи рауæй кодта, Табу йæхицæн!» @|© 77%
ХЪУЫСАТЫАЛАН Æнæзонгæ бæлццон Раджыма-раджы, иу хъæуы цард иу лæг йæ бинонтимæ. Цардысты тынг мæгуыр, æдзух кодтой фæллойы куыст. Фаг сын кодта афæдзы дæргьы. Уæд сын иу ахæмы скодта æххормаг аз, цы фæллой байтыдтой, уый бæркадджын нæ рауад. Бинонтæ нæ зыдтой, сæ зымæг куыд арвитдзысты, уый, æмæ мæты бацыдысты. Иу райсом бинонты дарæг Мæхæмæт ацыд цуаны. Бирæ фæцуан кодта, фæлæ йæ къухы ницы бафтыд. Мæхæмæт æнкъардæй æрдузы иу къодахыл æрбадт æмæ сагъæс кодта: «Ныр изæры не ’хсæвæр цы уыдзæн, дарддæр куыд уыдзыстæм». Бирæ фæсагъæс кодта Мæхæмæт. Хæдзармæ цæуыны фæнд куы скодта, уæд кæсы æмæ æрдузы йæ акомкоммæ арбацæуы æнæзонгæ лæг, йæ бакаст уыд мæгуыр, æххормаг хуыз æмæ ма уыд къуылых. 78 |
Аргъау-биргъау Æнæзонгæ бæлццон Мæхæмæты размæ куы бахæццæ, уæд æй зæронд лæг фæрсы: «Цæуыл сагъæс кæныс? Дæ мæт цæй мидæг ис?» Мæхæмæт ын радзырдта йæ мæт. Уæд ын бæлццон афæ зæгъы: «Дæ сагъæстæ уыйас сагъæссаг не сты. Ныр æз цалдæр мæйы цæрын хъæды, къуырийы дæргъы хæргæ дæр ницы бакодтон, стонгæй мæлын». Мæхæмæт æмæ зæронд лæг балымæн сты, йæ къæбæр ын радта. Æнæзонгæ бæлццон бамбæрста, Мæхæмæт сыгъдæгзæрдæ æмæ рæдау кæй у, уый, æмæ йын ныфсытæ бавæрдта, æмæ сæ алчидæр йæ фæндагыл ацыд. Уыцы ’хсæв æнæзонгæ бæлццон Мæхæмæтмæ фыны æрбацыд æмæ йын афтæ зæгъы: «Ды дæ фæстаг комдзаг мæнæн нæ бавгъау кодтай æмæ дæ æз дæр хæсджын нæ баззайдзынæн». Райсомæй Мæхæмæт фыныл хъуыды кæнгæйæ кæртмæ рахызт æмæ йæ хъустыл ауад фысты уасын. Диссаг æм фæкаст, уыцы уасын кæцæй цæуы, уый, æмæ фосдонмæ фæраст. Кæсы æмæ кæрты дуары рæбын къуымы лæууы цалдæр хоры голладжы. Тынг бадис кодта, уый цы хабар у, зæгъгæ. Уалынмæ ауыдта фыстæ. Бирæ фæхъуыды кодта Мæхæмæт, гæнæн кæмæн нæй, уыцы хабарыл. Æвиппайды йæ зæрдыл æрлæууыд зæронд лæджы фæдзæхст, æмæ араст хъæдмæ йæ агурæг. Мæхæмæт бамбæрста, Хуыцауæй æрвыст лæг кæй уыд, уый, æмæ Хуыцаумæ фæкуывта. Уыцы бонæй фæстæмæ бинонтæ амондджынæй æмæ хъæлдзæгæй цардысты.
ХЪЫЛЫСТЫ ЗÆРИНÆ Ирон )цираФ Раджы уыд, æрæджы — ничи йæ зоны... Хуссар Африкæйы хусбыдыры (саваннæ) Джеоргуыбайы мæйы райгуырд жираф. Фыдбыны тæлфаг жираф уыд æмæ йыл йæ мад сæвæрдта ном Антилопæ. Иуæрдæм —гæпп, аннæрдæм — чъыллипп. Иуæрдæм — гæпп, аннæрдæм — чъыллипп, афтæ ’рвыста йæ сабибонтæ. Сыхаг сырдтæ иууылдæр зыдтой Антилопæйы æмæ йын мæстæймарæн ныхæстæ кодтой: «Мæлдзыг та дыл фæхæцыд?». Омæ уæдæ, цы бакодтаид, уарзта ма цъиуты дæр расур-басур кæнын, уæдæ сын сæ цъыбар-цъыбурмæ та зарæгау хъуыста. Иу ныхасæй, тынг рæсугъд каст жирафмæ йæ алфамбылайы æрдз. Райсом раджы та~иу фестад, цæмæй йын хуры фыццаг тынтæ ма аирвæзой. Семæ дæр-иу йæ хид дзæбæх фæкалдта, изæры та сæ фæндараст кодта. Жирафы æнæмæт цардмæ, йæ хъæлдзæг бонтæм ын бирæтæ хæлæг кодтой, фæлæ уый ахæм жираф уыд, æмæ 80
Аргъау-биргъау кæйфæндыдæр бахудын кодтаид. Зæгъгæ, дæ цуры лæууы, уæд йæ удæй цы зарæг хъуыст, уый ды дæр фехъуыстаис. Æнæхин, зæрдæхæлар... ахæм уыд тæлфаг жираф. Иу бон къæвдайы фæстæ, хуры тынтæ уæлдай адджын куы уыдысты, уæд Антилопæ сæ иуы фæрсы: — Зæгъ-ма мын, мæ зынаргъ хуры тын, æмбал дын ис? — Ис, — дзуапп ын радта тын, — ды мын дæ ’мбал. — Нæ, кæд дын æз æмбал дæн, уæд мæ цæмæ ныууадзыс изæры, мæнимæ цæуылнæ дæ æдзух? — æрæнкъард жираф. Никуы ничи ма йæ федта ахæм æнкъардæй. Уæд ын хуры тын йæ цæссыг асæрфта æмæ дзуры: — Дæ зæрдæ дзæгъæлы риссын кæныс, мæ хуры хай, ды мæнæн ахæм æмбал дæ, æмæ кæдæм фæнды куы фæцæуай, уæддæр уыдзынæн дæ фарсмæ. Æрмæст изæры кæй ацæуын, уый тыххæй тæргай ма кæн. Зæххы къорийыл бирæ сабитæ ис æмæ сæ куы нæ батавон, уæд сын уазал уыдзæн. — «Зæххы къорийыл бирæ сабитæ»? — дисы бацыд жираф, — æз нæ быдыры се ’ппæты дæр зонын. — Æз æрмæст ацы быдырæй нæ дзурын, — айста хуры тын жирафы дзырд, — зæххы арæнтæ уæ быдырыл нæ фæвæййынц, уымæн йæ бæрц дзæвгар фылдæр у. Афтæ, бон изæрмæ хуры тын жирафæн фæдзырдта а дунейы рæсугъддзинæдтæ. Хуыссын афон æрцыд, фæлæ ма хуыссæг дæр ахста жирафы? Æхсæв бонмæ фæхъуыды кодта æмæ райсом раджы сфæнд кодта ацæуын æмæ фенын Зæххы цæрæгойты, семæ базонгæ уæвын æмæ ног æмбæлттæ ссарын. Рараст ис. Хуры тын дæр йемæ... Кæм домбайыл амбæлы, кæм та пыл йæ размæ фæвæййы.
Хъылысты Зæрынæ — Байрай, æз дæн Антилопæ, — афтæ-иу бацамыдта йæхи. — Ды цавæр антилопæ дæ, ды жираф дæ, — худтысты-иу Антилопæйыл. Афтæ жираф схæццæ Ирыстоны хæхтæм, дисы куыд нæ баззад. «Дуне рæсугъд у, фæлæ уал ам бафæстиат уыдзынæн», загъта йæхицæн. «Аргъæутты бæстæ», — афтæ схуыдта Ирыстон жираф. Бæрзонд хæхтæ. Кæрдæгджын быдыртæ. Æхсырхуыз цæугæдæттæ. Стъалытæм дæ къух баиваз æмæ мæнæ сты. Иæхимæ хæлæг кодта æмæ та-иу йæхи алхыскъ кодта, зæгъгæ, æцæг æз дæн, æви нæ. Бады жираф доны был, гæлæбутæм кæсы æмæ сын йæ Райгуырæн бæстæйы аргъæуттæ кæны. Кæл-кæлæй худы жираф гæлæбутимæ, æмæ ма сæ худынмæ иу хъахбай мæлдзыг дæр фæзынд. Мæлдзыг дæр йæхи аргъау кæнын райдыдта: — Иу бон хъæдмæ сугмæ ацыдтæн, æмæ мыл арвмæ чи хæццæ кодта, ахæм арс амбæлд. Загътон нал аирвæздзынæн æмæ Хуыцаумæ скуывтон: «О, Иунæг Кадджын Хуыцау, кувæг æмæ дæ курæг дæн, тыхтæ мын ратт!». Жирафæн йе ’взаг йæ фыр диссагæй рахауд. У\æфын дæр ма-иу æй айрох. Мæлдзыг та дарддæр дзуры: — Хæстæгæй хæстæгдæр мæм кæны арс. Иæ дзæмбытæ ахæлиу кодта æмæ йæ хъæлæсы дзаг уасы. Иу сырд нал баззайын кодта хъæды. Æрмæстдæр æз æмæ арс, уыцы уæйыг. Куыддæр мæм йæ дзæмбы фæхæстæг, афтæ йын æй рацахстон æмæ йæ ’рфæлдæхтон. Зæхх нызмæлыд йæ гуыппæй. «Цы гыццыл у, фæлæ дзы цæйбæрц тых æмæ хъару ис»,— дзуры та жираф йæхинымæр. Æмæ хъусы дарддæр гыццыл хъæбатыры аргъаумæ: 82 §
Аргъау-биргъау — Йæ царм ын афтæ ныттыдтытæ кодтон, æмæ лидзæг фæци, — фæцис дзырд мæлдзыг. Кæсы, жираф хъоппæг цæстытимæ бады æмæ дзурын дæр нал фæразы. Гыццыл хъахбай фелхыскъ кодта Антилопæйы дæр. — Дæдæй, — фæгæпп ласта жираф. Уыцы рæстæг та сæм æрбацæйхъуызыд раззагазиаг фыранк (Ирыстоны гербы кæцы ис, уый). Жираф куы ныхъхъæр кодта, уæд æм фыранк дзуры: — Уагæры цавæр тæппуд дæ, хæстæг дæр дæм куы нæма бацыдтæн? Чи дæ ды, куы никуы ма дæ федтон æз нæ хæхты? — Æз дæн Антилопæ. Нæ, ма ныххуд. Жираф дæн, фæлæ тæлфаг кæй дæн, уый тыххæй мыл мæ мад сæвæрдта ахæм ном. Æрбацыдтæн Хуссар Африкæйæ ме’мбал хуры тынимæ. Ай та, —- амоны мæлдзыгмæ, — у мæ хъæбатыр æмбал. — Зонын æй, зонын, — худы фыранк, — ацы хъæбатыры. Ам Ирыстоны хæхты, стæй быдырты дæр уымæй хъæбатырдæр нæй. Афтæ сæ бон худгæйæ арвыстой жираф, мæлдзыг æмæ фыранк. Афтæ балымæн сты æмæ хæргæ дæр æнæ кæрæдзи нал кодтой. Мæлдзыг æмæ фыранк жирафы цы нæ къуымæй ракæсын кодтой, ахæм нал баззад. Изæр та-иу иумæ хохы цъупмæ сбырыдысты æмæ-иу уырдыгæй стъалытæ нымадтой, чи фылдæр банымайа фынæй афонмæ, уый райсомæй хæрд цæттæ кæны. Æмæ цынæ хуызæн хъазт æрхъуыды кодтой. Жираф Ирыстоны цæргæйæ баззад æмæ-иу æй исчи куы бафарста йæ номæй, уæд-иу загъта «Ирон жираф». 1 83 §■
ЦЫХУЫРБАТЫ КОНСТАНТИН Р\)вас — тæрхонгæнæг Цардис æмæ уыдис иу гæды. Алы ранмæ дæр æвнæлдта, йæ фындз тъыста, кæм хъæуы æмæ кæм нæ хъæуы, уым. Иу хатт ауыдта дурты цæнд æмæ йæ сфæнд кодта акъахын: — Хъуамæ базонон, ацы дурты бын æмбæхст цы ис, уый,— ахъуыды кодта гæды. Акалдта дуртæ фæйнæрдæм, йæ дзæмбы батъыста арф хуынчъы, ома дзы, кæд исты ахæринаг ссарин, зæгъгæ. Уалынмæ хуынкъæй рабырыд дынджыр сау калм. Гæды тынг фæтарст: —■ Ай цы сарæзтон, куыд æнæзонд дæн. Цæмæн дзы бабырыдтæн. Мыййаг дзы æхсыры сæртæ куыннæ ис, — ахъуыды та кодта гæды. Ма мæ бахæр, кæфхъуындар, фæтæригъæд мын кæн. Куы йæ зыдтаин дæ хуыггом у, уæд тæфтыл дæр нæ бацыдаин цæндмæ. Калм ыл нæ бацауæрста. Цавæр калм уыдзæнис, тæригъæд куы зона, уæд. 84
Аргъау-биргъау — Нæ мын аирвæздзынæ, ды мæ райхъал кодтай. Маргæ дæ кæнын. Уалынмæ сæ рæзты æрбауад хинæйдзаг Рувас. — Рувас нын тæрхон кæнæд, — загъта гæды. — Уый зондджын у! — Хорз! Зæгъ дæ хъуыды, Рубæга, басыф-сыф кодта калм. — Æвдисæнтæ уын нæй, мæхæдæг та ницы федтон уæ хабарæй. Куыд уыл хъуамæ стæрхон кæнон рæстæй? — Равдисут мын æй, сæрæй куыд уыди, уый. Ды, калм, бабыр дæ хуыггомы, ды та, гæды, фæстæмæ сæмбырд кæн дурты цæнд. Калмы зæрдæмæ фæцыди рувасы хъуыды. — Æз хуыссыдтæн мæ хуыггомы мæхицæн дзæбæх, — ныссыф-сыф кодта калм. Уый бабырыд йæ бынатмæ æмæ æрбатары. — Ныр та дæ рад у, фæтагъд кæн,— загъта хинæйдзаг рувас гæдыйæн, йæ цæстытæ фæныкъул-фæныкъулгæнгæйæ. Гæды фæстæмæ дуртæ ацамадта кæрæдзиуыл, куыд уыдысты, афтæ. — Хъусыс, марг калм, хорз дын бæсты нæ цæуы. Ды смæсты дæ, гæды дæ кæй ссæрибар кодта, уый тыххæй. Ныр хуысс дæ талынг уаты æмæ фынæй кæн, цас дæ фæнды, уыйас. Æнæзонд гæды дæ нал бахъыгдардзæн. Уæдæй фæстæмæ гæды нал тъыста йæ фындз алы ран. <§)^> 1 85 §
ЧЕЛÆХСАТЫ ДИАНÆ /Чæп)ыр лæг æмæ \)с Уый раджы уыдис. Иу мæгуыр хæххон хъæуы цардысты æмæ уыдысты æнæзæнæг лæг æмæ ус. Лæг куырды куыст кодта, ус та уыдис хæдзар койгæнæг. Дыууæ дæр уыдысты тынг кусаг, фæлæ сыл мæгуырдзинад уæддæр тых кодта. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ, иу хатт ус лæгмæ бадзырдта æмæ йын афтæ зæгъы: «Цæй æмæ искуыдæм фæцу дард балцы, кæд дæм искуыцæй амонд æркæсид...». Лæг сразы ис йæ уды хаимæ. Сцæттæ кодта йæхи фæндагмæ, хæринагæн та райста йемæ нартхоры хъæбæр кæрдзын. Араст ис лæг дард балцы йæ усæн хæрзбон зæгъгæйæ. Бирæ фæцыдис, цъус фæцыдис, чи йæ зоны, фæлæ иу афон йæ размæ фæцис иу зæронд цъай æмæ йæхинымæр ахъуыды кодта: «Цæй ам баулæфон. Мæ къæхтæ мæ нал хæссынц, ахæм фæллад бакодтон. Фыр æххормагæй мæ ахсæн нал кусы, мæ сæр зилы». Æрбадти цъайы фарсмæ, систа йæ хъæбæр кæрдзын, æртæ дихы йæ акодта. Хъуыдытæ кæны, иууылдæр æй бахæра 86 |
Аргъау -биргъау æви хайгай. Мыййаг ма йæ бирæ цæуын куы бахъæуа æмæ Хуыцаумæ скуывта: «Хуыцау! Баххуыс мын кæн!». Уыцы рæстæджы йæ уæлхъус февзæрдысты хæйрæджытæ æмæ йын лæгъстæ кæнын райдыдтой: «Дæ хорзæхæй, ма бахæр дæ кæрдзыны хæйттæ, фæтæригъæд нын кæн, махмæ ис диссаджы аг, уым цыдæриддæр дæ фæнда, ахæм хæринаг сфыдздзынæ æмæ кæддæриддæр æфсæст уыдзынæ дæ бинонтимæ». Мæгуыр лæг баууæндыдис хæйрæджытыл, райста аг, бирæ йæм фæракæс-бакæс кодта æмæ сын радта йæ кæрдзыны кæрстытæ. Цингæнгæ раздæхт фæстæмæ йæ хæдзармæ æмæ æвиппайды йæ размæ фæцис къулбадæг ус. — Цæуыл цин кæныс, ацы хорз лæг? — Куыд нæ цин кæнон, мæнæ мæ къухы бафтыдис диссаджы аг, ме ’фсинмæ йæ куы ныххæссон, уæд фырцинæй исты кæндзæн. — Æмæ, уагæры, цавæр аг у? Зæрдæхъæлдзæгæй радзырдта лæг йæ аджы миниуджытæ къулбадæг усæн, йæхæдæг йæхи æруагъта æмæ уайтагъд афынæй. Ус хъавгæ райста аг, арф æй бамбæхста, лæджы раз та æрæвæрдта йæхи аг, кæцы уыдис бынтондæр лæджы аджы хуызæн. Рацыдис рæстæг, сыстадис лæг æмæ араст ис йæ фæндагыл. Фæцæуы æмæ йæхицæн хъуыдытæ кæны, ницы хиндзинад ын бакодта къулбадæг ус, зæгъгæ. Ныххæццæ йæ хæдзармæ, ус йæ размæ рауад цингæнгæ. Фæлæ йæ цин дзæгъæлы фæци. Райста ус аг, уый та разындис хуымæтæг. Тынг фæмаст кодтой мæгуыр куырд æмæ йæ ус, фæлæ мастæй ницыуал раздахдзынæ. Афтæ мæгуырæй баззадысты лæг æмæ ус.
ЧЕЛДЫТЫ ИРИНÆ Фæлмæн дзырдæй д\)р дæр а\{ъæртт вæййы Иу зæронд хъæуы цардысты æмæ уыдысты лæг æмæ ус. Уыди сын дыууæ сывæллоны, чызг æмæ лæппу. Лæг æмæ лæппу цыдысты дуртæ сæттынмæ, чызг та йæ мадимæ сæ хæдзары куыстой. Иу бон лæг чызгæн балæвар кодта тынг рæсугъд дур, йе’рттывт цæстытæ цавта. Чызг дур тынг бирæ уарзта. Ралæууыд ног бон, лæг æмæ лæппу ацыдысты дуртæ сæттынмæ. Æвиппайды зæй сыл æркалди, æмæ лæг йæ уд систа. Уæдæй нырмæ лæппу дуртæ нал уарзта. Иæ хойæн йæ дуртæ аппæрста. Фæлæ чызг йæ уарзон, рæсутъд дур бамбæхста доны былы раз. Алы бон дæр æм цыди, йæ зын ныхæстæ йын дзырдта, æууæндыдис афтид уыцы дурыл. Иу бон, лæппу бадис кодта йæ хойыл, цыдæр арæх уайы æддæмæ, зæгъгæ. Бахызта йæ, æмæ чызг куы ’рбацыди, уæд æй фæрсы: 88 §
Аргъау-быргъау — Кæм вæййыс афтæ арæх??? Чызг ын ахæм дзуапп радта: — Ме ’фсымæр, ма тæрс, худинаг дæ нæ канын, æз донмæ фæцæуын. Лæппу бадис кодта, фæлæ ницы сдзырдта. Райсомæй бонæй, чызг ногæй ацыди йæ дурмæ, йе ’фсымæр та — сусæгæй йæ фæдыл. Лæппу куы ауыдта йæ хо дурмæ фæцæуы, уæд иу гыццыл фæлæууыди, банхъæлмæ касти, цалынмæ нæ ацæуа, уæдмæ, æмæ йын йæ дур аппæрста дардмæ. Иннæ бон чызг йæ дур нал ссардта, æмæ райдыдта кæуын. Уыцы дур ын уыди тынг зынаргъ, дур зыдта йæ сусæг хабæрттæ. Дур куы нал ссардта, уæд хæдзармæ æнкъардæй æрбацыд. Уалынмæ дын лæппу дæр фæзынд, мидæмæ æрбахызт æмæ баййæфта йæ хойы æнкъардæй. Лæппу йæ разы сбадти, æмæ йæ худгæйæ фæрсы: — Цæуыл кæуыс, исты дыл æрцыд?! Уыцы дзырдтæй чызг бамбæрста, чи йын аппæрста йæ дур. Чызг смæсты ис, æмæ йе ’фсымæрыл хъæр кæнын байдыдта. Лæппу фестад мæстыйæ æмæ йын ахæм дзуапп радта : — Кæуыл хъæр кæныс, ды ам чи дæ, фæрсгæ дæ кæнын? Цалынмæ дæ нæ ныццавтон, уæдмæ ацу ардыгæй. Чызг кæугæйæ йæ уатмæ бацыди, æмæ райдыдта йæ дзаумæттæ æмбырд кæнын. Ацыди чызг йæ зынаргъ бынатмæ, йæ дур иу кæм уыди, уырдæм. Иæ цæсты сыг æрхауд. Æвиппайды ауыдта дарды, цыма цыдæр ферттывта. Чызг сыстади, йæ цæстысыгтæ асæрфта, æмæ бакасти уыцырдæм. Уыцы æрттывд уыди тынг дард, къахæй йæм мæймæ дæр нæ бахæццæ уыдаид. Чызг сфæнд кодта йе ’фсымæры бæх адавын. 1 89
Челдыты Иринæ Æрцыди ног бон, чызг райхъал ис, æмæ сусæгæй ацыд сæ хæдзармæ. Бацыди скъæтмæ æмæ бæхы адавта. Бæх лидзы тагъд, æвиппайды сæ фæндагыл фæзындис иу зæронд ус. Чызг æрлæууын кодта бæхы, æрхызти, æмæ йын зæронд ус бацамыдта фæндаг. Чызг ын бузныг загъта, йæ бæх уымæ ныууагъта æмæ ацыд уыцы бынатмæ. Чызг цæуы, æмæ йæ къахыл цыдæр бамбæлд. Æркасти бынмæ, уый та йæ дур. Чызг цин кæны йæ дурыл, лæгъзыты йæ кæны. Æвиппайды дур ныппырх ис, æмæ дзы разынд тынг рæсугъд лæппу. Лæппу чызгмæ дзуры: — О, мæ хуры хай, тынг бузныг дын дæн, æз ацы дуры бирæ азты бадтæн. Чызг фæтарсти, фæлæ йын лæппу алцыдæр бамбарын кодта. Уалынмæ цыдæр хъæр фехъуыстой, уый уыди чызджы ’фсымæр, кæрæдзийы къухтыл ныххæцгæйæ алыгъдысты хохы ’рдæм, фæлæ сæ фæндаг фæци, æмæ сæ уæдмæ чызджы ’фсымæр дæр баййæфта, æмæ сæм дзуры: — Æрлæуут, ма мæ тæрсут! О, мæ хо, бахатыр мын кæн, бæмбæрстон мæ рæдыд. Мауал мæм мæсты кæн. Чызг бацыди йе ’фсымæрмæ æмæ йын ахъæбыс кодта. Уыцы бонæй хо æмæ ’фсымæр кæрæдзи æмбаргæйæ цардысты. Чызгæн скодтой чындзæхсæв уыцы лæппуимæ.
Сæргæндтæ Бæрæгъуынты Дзерассæ. Зивæггæнаг чызг 5 Бестауты Аланæ. Хъилхъусы хабæрттæ 8 Борæты Алан-Сæрмæт. Диссаджы фембæлд 15 Бутаты Зауырбег. Авд æмæ Хæмæт 23 Джагиты Илонæ. Æнæхиуылхæцгæдзинады фæстиуджытæ 35 Дзуццаты Кæринæ. Гæдыйы сайд 37 Диамбегты Маргаритæ. Зæрватыкк 41 Дриаты Дианæ. Сырдты быцæу Ног азы 43 Колыты Зæирæ. Адджын сайды бæсты, риссаг рæстдзинад 49 Кочиты Аринæ. Диссаджы лæг 52 Куыдзойты Виктория. Дыууæ бирæгъы 55 Къораты Аннæ. Тæрхъус æмæ бирæгъ 56 Къораты Моникæ. Паддзах Артур 58 Сæлбиты Аланæ. Алæмæттаг æвзалы 62 Сæлбиты Аминæ. Чысыл Хæфсийы аргъау 65 Хаматы Данил. Сослан æмæ гæккуыри 68 Хетæгкаты Арсен. Дыууæ æфсымæры 70 Хынцæгты Юлианæ. Кувæндоны равзæрд 73 Хъарацаты Алинæ. Хъæрмдзинады бардуаг 75 Хъуысаты Алан. Æнæзонгæ бæлццон 78 Хъылысты Зæринæ. Ирон жираф 80 Цхуырбаты Константин. Рувас — тæрхонгæнæг 84 Челæхсаты Дианæ. Мæгуыр лæг æмæ ус 86 Челдыты Иринæ. Фæлмæн дзырдæй дур дæр акъæртт вæййы — 88
Литературно-художественное издание АРРЬАУ-БИРГЪАУ Современные осетинские сказки Рауагьдады редактор Джуссойты Мæдинæ Редактор Касаты Аслæнбег Корректор Айларты Эмилия, Къораты Жаннæ Дизайн/верстка Сохиты Динæ Подписано в печать 19.02.19 г . Формат 70x100/16. Тираж 100 экз. Заказ № Издательство «СЕМ». 362027, РСО-Алания, г. Владикавказ, ул. Тамаева, 40. Тел.: (8672) 54-07-70, 54-38-39, Е-таП: 8ет-1гс1а1;@тап.ги, \у\у\у.а11оп-Ы11оп.ги