Text
                    ИРОН АДÆМЫ
АРГЪÆУТТÆ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ
РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1960


ОСЕТИНСКИЕ НАРОДНЫЕ СКАЗКИ По поручению Северо-Осетинского научно- исследовательского инстмтута сборник составили С. А. Бритаев и Г. 3. Калоев. Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидзе * 1960
РАЗНЫХАС Ирон адæмы фыдæлтæ æмæ фыдæлты фыдæлтæ бирæ æнусты дæргъы сфæл- дыстой алыхуызон хорз кадджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, зарджытæ, уыци-уыци- тæ, æмбисæндтæ. Уыдон æмбырд кæнын æмæ мыхуыр кæныныл кусын райдыдтой XIX æнусы фыццаг æмбисы, Ирыстон Уæрæсеимæ куы сиу нс, уый фæстæ. Уырысы раззагдæр ахуыргæндтæн уæд фадат фæцис ирон адæмы æмæ Кавказы иннæ адæм- ты культурæимæ, сæ истори, æвзаг æмæ адæмон сфæлдыстадимæ хæстæгдæр базон- гæ уæвынæн, XIX æнусæн йæ дыккаг æмбисæй фæстæмæ ирон фольклоры уацмыстæ цыдысты арæхдæр мыхуыргонд. Академик А. Шифнерæн 1868 азы мыхуырæй рацыди чиныг «Ирон текстытæ». Уыцы чиныджы мыхуыргонд æрцыдысты, Цорæты В. æмæ Чон- кадзе Д. цы æмбисæндтæ, зарджытæ, аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ кадджытæ æрæм- бырд кодтой, уыдон, уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй. А. Шифнеры фæстæ ирон адæмы сфæлдыстады уацмыстæ мыхуыры рауагъта уырыссаг æндæр ахуыргонд лæг, доктор Пфафф, «Ирон адæмы рагон исторнйы æрмæг», зæгъгæ, чиныджы автор. Ирон адæмы поэтикон сфæлдыстадмæ зæрдиагæй йæ цæстæнгас аздæхта акаде- мик В. Миллер. 1881 азы уымæн мыхуырæй рацыд «Ирон этюдты» фыццаг том. Мил- лер уырдæм бахаста бирæ аргъæуттæ, фыдæлтыккон таурæгътæ, нарты кадджытæ. Уыцы куыстæй Миллер фидар бындур сæвæрдта ирон фольклор наукон æгъдауæй ахуыр кæнынæн. Уыцы хъуыддагмæ ирон адæмæн сæхицæй уæлдай зæрдиагдæр цæстæнгас чи дардта, уыдонимæ уыдысты Санаты Г. æмæ Дз., Хъайтмазты А., Собиты И., Туккаты С, Гарданты М., Гуыриаты Г., Тугъанты М., Æмбалты Ц. XIX æнусы 80-æм азты ирон адæмон сфæлдыстадимæ зонгæ кæнын байдыдтой фæсарæйнаг ахуыргæндтæ дæр. Афтæ, зындгонд лингвист Гюбшман немыцаг æвзаг- мæ тæлмацгондæй 1887 азы мыхуыры рауагъта, В. Миллер «Ирон этюдты» фыццаг томмæ нарты кадджытæй кæй бахаста, уыдон, семæ ма сын нарты эпосы тыххæй статья дæр ныммыхуыр кæнгæйæ. Фæлæ уæддæр ирон адæмы сфæлдыстад æмбырд кæнын æмæ мыхуыр кæныныл бæстон куыст цæуын байдыдта æрмæст советон хицаудзинады азты. 1941 азы онг Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институт бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта «Ирон адæмон сфæлдыстады æрмæг», зæгъгæ, фондз чиныджы; æртæ ахæм чины- джы та рауагъта Хуссар Ирыстоны наукон-иртасæг институт. Уыцы чингуыты ис бирæ фольклорон æрмæг, нарты æмæ даредзанты кадджытæ, аргъæуттæ, фæлæ чингуытæ сæхæдæг ныр сты тынг зын ссарæн, искуы-иутæ йедтæмæ сæ нал баззади. Ирон адæмы поэтикон сфæлдыстады сæйраг бынат, æнæмæнг, ахсынц нарты кадджытæ. Стыр хæзна сты æмæ бирæ ахадынц ирон аргъæуттæ дæр, адæм сæдæ- 3
гай азты дæргъы кæй сфæлдыстой æмæ фыдæй-фыртмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрд чи цыдис, уыдон. Ирон аргъæуттæн стыр аргъ кодта Ирыстоны адæмон поэт Хетæгкаты Къоста. Иæ очерк «Особа»-йы уый фыста: «Аргъæуттæ фæкæнынц æмæ сæм фæхъусынц нæлгоймæгтæ дæр æмæ сылгоймæгтæ дæр, сывæллæттæй райдай æмæ суанг зæронды онг. Аргъæуттæ сты бирæ æмæ алыхуызæттæ... уыдон æххæст сты аивадон æгъда- уæй... аргъæуттæй хи ирхæфсын адæм кæддæриддæр тынг уарзтой»1. Дæсны таурæгъгæнджытæ, кадæггæнджытæ уыдис Цæгат æмæ Хуссар Ирыс- тоны æппæт хъæуты дæр. Уыдон ахъаззаг бынат ахстой сæ адæмы царды æппæт культурæ æмæ аивады. Сæ кадджытæй, сæ таурæгътæй адæмы арæзтой хъæбатыр- дзинады, сгуыхт хъуыддæгты зондахастыл, сæ райгуырæн бæстæ куыд уарзтаиккой, хæрзæгъдаудзинадмæ куыд тырныдтаиккой, афтæ. Кадджытæ чи кодта, аргъæуттæ чи дзырдта, уыдон æхсæн бирæ уыдис æмæ ныр дæр ис курдиатджын адæймæгтæ Адæмы æхсæн хъуыстгонд сты мæнæ ацы кадæггæнджыты нæмттæ: Зыгъуытаты Бибо, Саулаты Дзæрæх, Джусойты Кудза, Гуыбаты Дзагко, Мæргъиты Иликъо, Гусаты Хату, Гуыриаты Вано, Беджызаты Леуан, Туаты Зауырбег, Кертибиты Кер- тиби æмæ æндæртæ. Уыдоны тыххæй мыхуыргонд æрмæг бирæ кæй нæй, уый тынг хъыгаг у. Зынд- гонд фольклорист Абайты В. афтæ фыссы уыцы адæмон кадæггæнджытæй иуы — Мæргъиты Иликъойы тыххæй: «йæ репертуар у тынг стыр æмæ алыхуызон. Иæ дзыхы дзырд та лæгъз, фæлмæн, æнæкъуылымпы. Дзуры нывæфтыд æвзагæй, у дзырдарæхст. Кадæг кæнгæйæ бæряег вæййы, йæ геройты хъысмæт, сæ зындзинæдтæ æмæ сын сæ цин йæ зæрдæмæ арф кæй исы, уый. Дзургæ-дзурын ивгъуыд афонæй арæх æваст рахизы нырыккон афонмæ (praesens historicum), æмæ уыцы мадзалы фæрцы йæ ныхас ноджы фæаивдæр вæййы, адæм æм ноджы лæмбынæгдæрæй хъу- сын байдайынц»2. Аргъæуттæй бирæтæ фæзындысты суанг незаманты дугты æмæ æвдисынц ирон адæмы историйы æнæкълассон рæстæджы цард. Уыцы аргъæутты мидæг паддзах кæнæ æлдар тыхгæнæг, æфхæрæг нæ вæййы: кадæггæнæг дæр æй нæ фауы, хъусæ- джы зæрдæ дæр ыл нæ худы. Уым паддзахы кæнæ æлдары фырт дæр, мæгуыр лæ. джы фырты хуызæн, æххæст у алы хорз миниуджытæй: вæййы хъæбатыр, хæрзæгъ- дау, йæ размæ цы хæс вæййы, уый сæххæст кæны («Хъæдын бæлон», «Æрхуы мæ- сыджы бадæг бур чызг», «Хæлын барæг»). Ахæм аргъæутты мах уынæм, адæм-иу сæ æнæхин зæрдæйæ «хорз», «хæларзæрдæ» паддзахмæ кæнæ æлдармæ кæй бæл- лыдысты, уый. Фæлæ фылдæр аргъæутты, æввахсдæр дугты цард чи æвдисы, уым паддзах кæ- нæ æлдар вæййы адæмы æфхæрæг, æвдыст дзы цæуы æгъатыр, дурзæрдæ, мæнгард адæймагæй, стигъæгæй, адæмы сæфтмæ чи тæры, ахæм адæймаджы хуызы. 1 Хетæгкаты Къоста, уацмысты æмбырдгонд, т. III, ССР Цæдисы НА рауагъ- дад, М 1951, фарс 235. 2. Абайты В. Ирон эпосæй, нæртон 10 кадæджы, текст, тæлмац, комментаритæ ССР Цæдисы НА рауагъдад, М., 1939, фарс. 5. 4
Ирон аргъæутты æцæг герой у хуымæтæджы фæллойгæнæг; арæхдæр уый вæййы æрыгон лæппу, мæгуыр лæджы фырт. Фылдæр аргъæутты цы цаутæ фæцæуы, уыдо- ны сæйрагдæр бынат ахсынц фæсивæд, æнæрцæугæ сгуыхтдзинæдтæ равдисы мад æмæ фыды иунæг фырт кæнæ æфсымæрты кæстæр. Адæймаджы хъару, хæрзæгъдау- дзинад æмæ лæгдзинад æвдисæг миниуджытæй алкæддæр æххæст вæййы кæстæр лæппу. Ирон аргъæутгы геройтæн сæ сæйрагдæр миниуджытæй иу у патриотизм. Рай- гуырæн зæхх уарзын, адæмæн лæггад кæнын, сæрибардзинад уарзын, адæмы знæг- тæм та æнæуынондзинады зæрдæ дары, райгуырæн зæххы, адæмы амондыл тохмæ кæддæриддæр цæттæ æмæ разæнгард уæвын — уыдæттæй æмæ æндæр ахæм хорз миниуджытæй адæм аргъæутты мидæг сфæлындынц сæ уарзон геройты. Аргъауы сæйраг хъуыды вæййы, рæстдзинад æнæмæнг кæй фæуæлахиз уыдзæн, уый. Иæ райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады, йæ адæмы амонды сæраппонд ирон аргъауы герой уæндон æмæ разæнгардæй цæуы цыфæнды тасдзинæдтæм дæр, йæ цардыл нæ ауæрдгæйæ. Бирæ аргъæутты геройтæ тох кæнынц тæссаг æмæ адæмы æфхæрæг цæрæгойти- мæ, бирæсæрон æмæ иуцæстыг уæйгуытимæ, алыхуызон кæфхъуындартимæ æмæ æндæр ахæмтимæ. Уыцы цæрæгойты хуызы æвдыст цæуынц æрдзы талынг тыхтæ, кæнæ та стыр тыхгæнджытæ, адæмы æфхæрджытæ. Ирон адæмон сфæлдыстады, уæлдайдæр та нарты кадджыты æмæ аргъæутты, тынг арæх сæмбæлæн ис уæйгуытыл, йæ сæры кæхцы иу къорд барæджы уæгъдæй кæмæн æрбынат кæндзæн, ахæм æвирхъау стыр цæрæгойтыл. Уыцы тæссаг, æнæкæ- рон тыхджын гуымирытимæ фæтох кæны æрыгон герой. Æмæ алы хатт дæр фæуæ- лахиз вæййы. Уымæй бæрæг у, фæллойгæнæг адæм се ’ссæрибарыл, рухс фидæныл кæддæриддæр сæ зæрдæ кæй фæдарынц, фæуæлахиз уæвынмæ тынг кæй фæтыр- нынц, уый. Ирюн аргъæутты арæх фембæлæн ис, дон чи бацауазы, ахæм кæфхъуындары сурæтыл. Арæхдæр уый вæййы дæл&æххы, æрыгон герой йæхицæн рæсугъд усаг агургæйæ кæдæм ныфты, уым, æмæ аргъауы герой уыцы кæфхъуындары амары, адæмы фервæзын кæны («Кæстæр æфсымæр»). Аргъауы герой адæмæн стыр хорз- дзинад ракæны, уымæн æмæ сын йæ цæст фæуарзы. Адæм ын уый тыххæй стыр лæвæрттæ фæкæнынц, фæлæ аргъауы герой ницы бакомы. Æрмæст ракуры, цæмæй йын баххуыс кæной йæ райгуырæн бæстæйыл сæмбæлынæн, уæлзæхмæ ацæуынæн. Æмæ йын тынг арæх баххуыс кæны, аргъауы герой йæ чызджыты кæмæн фер- вæзын кодта, ахæм ус-цæргæс. Фæлæ ирон аргъæутты герой канд уæйгуытæ æмæ кæфхъуындартимæ нæ фæ- тох кæны, канд уыдоны нæ басæтты. Уый фæуæлахиз вæййы паддзæхтыл, æлдæрт- тыл æмæ мæличчытыл дæр. Аргъæуттæ æвдисынц паддзæхты карз, æгъатыр митæ, дзурынц, мæгуыр адæмы-иу куыд хъизæмарæй мардтой æмæ-иу уыдон дæр куыд лыпьдысты æндæр рæттæм цард агурæг. Аргъæутты арæх у, йæ хинтæ йæхи сæрыл кæмæн æртыхстысты æмæ сайды чн фæци, ахæм паддзахы кæнæ æлдары сурæт дæр («Сызгъæринсыкъа сап>, «Хуры æмæ Мæйы æрдхорды фырт»). Æлдæрттæ, хъæздыджытæ, сæудæджергæнджытæ арæх Ь
æгуыдзæджы бынаты баззайынц, аргъауы герой æмæ йе ’мбæлттæ сыл зондæй фæтых вæййынц. Ирон аргъæутты уæлдай фылдæр аргъ конд цæуы хæлардзинад æмæ æфсымæр- дзинадæн, æгады бынаты дзы æвæрд сты галиу митæ æмæ мæнгарддзинад («Раст лæг æмæ зылын лæг»). Аргъауы геройæн йæ хорз æмбал, йæ зæрдæдаргæ æххуысгæнæг æмæ эонын- джын уынаффæгæнæг вæййы йæ бæх — ирон фольклоры уарзондæр архайджытæй иу. Уый дзуры адæймаджы æвзагæй, у зонынджын, сæрæн, æмæ аргъауы геронæн æххуыс кæны æдзухдæр, арæх æй суанг мæлæтæй дæр фервæзын кæны. Бæх вæййы тынг фæразон, тагъдуайаг. Аргъауы герой исты диссаджы дзаума хæссынмæ кæнæ бæсты рæсугъды ракурынмæ куы араст Бæййы, уæд бæх цæсты фæныкъуылдмæ йæ барæджы ахæссы æгæрон быдырты сæрты, кæнæ та асыффытт кæны, æнæсцухæй фырытау чи хæцы, ахæм дыууæ хохы æхсæнты, атæхы бæрзонд къæдзæхтæ æмæ æнæкæрон фурдты сæрты æмæ афтæ дарддæр. Ирон аргъæутты стыр бынат ахсы уарзондзинад, сыгъдæг, тыхджын уарзон- дзинад, адæймаджы ног чи кæны, хæрзæгъдаудзинад æмæ йын хъарутæ чи ратты, цыфæнды стыр къуылымпыдзинæдтыл æмæ суанг мæлæтыл дæр уæлахиз чн кæны, ахæм уарзондзинад («Зджыды рæсугъд»). М. Горький афтæ фыста, зæгъгæ, адæмон сфæлдыстады мидæг пессимизм йæхи- цæн бынат нæ ары. Æмæ æцæгдæр, кæд ирон аргъæутты сфæлдисджытæ сæ не- заманты дуджы царды бирæ фыдæбæттæ уыдтой, уæддæр се ’сфæлдыстады мидæг бæрæг дары оптимистон зæрдæахаст, æнæсæттон ныфс, рухс фидæнмæ бæллицц æмæ тырнындзинад. Ирон аргъæуттæ хорз æвдисæн сты се ’сфæлдисæг адæмы курдиатдзинад æмæ зæрдæргъæвддзинадæн. Сæ реалистон апп, сæ социалон ахадындзинад, сæ поэтикон- дзинад æмæ уæндон фантазийæ уыдон дисы æфтауынц адæймаджы. Аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм. Калоты Георг и.

ЗÆРОНД БИРÆГЪ Иу бирæгъ бьгнтондæр базæронд æмæ иу бон йæхицæн афтæ зæгъьг: «Бирæ фос фæцагътон, бирæ зиан фæхастон адæмæн, ныр хъуамæ фæцæуон дзуары бьшмæ, осыгъдæг кæнон мæ тæригъæдтæ». Араст йæ фæндагыл, уæдæ цы уыдаид. Бирæ фæцыд æви чысыл фæцыд, уый чи зоны, фæлæ иуахæмы бахæццæ иу æрдузмæ. Æрдузы астæу хызтис иу къуылых бæх. Бирæгъ æм йæхи хæстæг баласта æмæ йæм дзуры: — Мæнæ бæх, хæрдзынæн дæ! — Уаих фæуай, зæронд бирæгъ, æмæ мæ куыд хæрыс? Мæ уæлæ фыды æртау1 куы нæ ис, стæй мæ къах дæр хъæдгом куы у. Хæстæг- дæр-МÆ мæм æрбацу æмæ йæ фен, — загъта бæх. Бирæгъ бæхы къахмæ кæсыныл куыд фæци, афтæ йæ бæх рари- уыгъта æмæ йын йæ ныхы фæйнæг ныммур кодта. Бирæгъ ма иу лæ- гæтмæ кæуылдæрты бабырыд æмæ уыцы ран фæсад иуцасдæр. Бадзæбæх и бирæгъ æмæ та араст дзуары бынмæ. Иудзæвгар куы фæцыди, уæд бафтыд иу хъæды кæронмæ. Хъæды кæрон хызтысты дыу- уæ фыры. Бирæгъ сæ куы ауыдта, уæд йæхинымæр дзуры: «Цæй, æмæ * Фыды æртау — фыды мур. 9
ма ацы фырыты бахæрон, цы уæлдай ма у, уæддæр дзуары бынмæ куы иæма фæхæццæ дæн». Иæхæдæг фырытæм хæстæг бацыд æмæ сæм дзуры: — Мæнæ фырытæ, хæрдзынæн уæ. — Уаих фæуай, зæронд бирæгъ, æмæ нæ афтæмæй куыд хæрыс? — Уæдæ куыд? — Уæдæмæ ды нæ астæу æрлæуу, мах фæйнæрдæм фæцæудзыс- тæм, æмæ дæм куы æрбазгъорæм, уæд фæсте чи аззайа, уый-иу раз- дæр бахæр, иннæйы та уый фæстæ. Бирæгъ сразы. Æрлæууыд астæуæй. Фырытæ фæйнæрдæм фæцыдысты, стæй сæхи рауагътой дыууæр- дыгæй æмæ бирæгъы фæрсчытæ æмцæф ныккодтой. Бирæгъ атылди, уæдæ цы уыдаид; йæ фæрсчытæ ныммур сты, æмæ уæлæмæ стьгн йæ бон нал уыд. Цас фæсадаид бирæгъ, чи йæ зоны, фæлæ та уæддæр сдзæбæх æмæ та сфæнд кодта дзуары бынмæ фæцæуын. Цæуынтæ та байдыдта æмæ бахæццæ иу хъæуы цурмæ. Хъæугæрон иу дыгæрдыг хызти. Бирæгъ æй куы ауыдта, уæд та уый дæр хæрынмæ бахъавыд. — Афтæ хæрдæй ницы, — дзуры йæм дыгæрдыг. — Уæдæ куыд? — фæрсы йæ бирæгъ. — Уæдæмæ æз ныззардзынæн, ды-иу схъырн, стæй-иу мæ уый фæстæ ’бахæр. Дыгæрдыг ныббогъ-богъ кодта, бирæгъ нынниудта. Хъæу рафæдис кодтой сæ хъæрмæ æмæ бирæгъы ныммардтой. ^
^А2«5А»,$*е»$*34$*51$*5^*$^^ РУВАС ÆМÆ УÆРЦЦ Рувас æмæ уæрцц уыдысты дыууæ лымæны. Иухатт куы уыди, уæд рувасы бафæндыди карчы фыд, уæлибæх æмæ сойыфыхтæ бахæрын. Фæхаттысты æгас бон æмæ никуы ницæуыл оæмбæлдысты. Сæ изæр æрхастой хъæугæронмæ. Уалыымæ, дын, уæртæ устыты къорд хъæуæй рацæуы сабатизæры, сæ дæлæрмтты дзаг тæбæгътæ, афтæмæй. Уæрцц дзуры рувасмæ: — Цæй, рувас, ды уал ам дæхи каурæбын æрæлхъив, æз та мæхи скъуылых кæндзынæн æмæ мæ иу базыр æруадздзынæн, афтæмæй ус- тыты размæ бауайдзынæн. Зонын æй, устытæ сæ тæбæгътæ æрæвæр- дзысты, мæ фæстæ’ ныййарц уыдзысты, æмæ уæд дæ лæджы хъæд æмæ дæхæдæг: куыд æмбæлы, афтæ бакæн, сæ уæлибæхтæ сын раскъæф. Рувас сразы ис. Уæрцц дæр къуылыхæй устыты фæрсты фæуайы. — Кæсут-ма, уæртæ уæрцц тæхын нал фæразы, сывæллæттæн хъа- зынæн ахæм никуы уаид, — зæгъгæ, устытæ сæ тæбæгътæ зæххы авæрд- той æмæ уæрццы фæстæ ныббал сты. Рувас дæр каурæбынæй рагæпп ласта æмæ, тæбæгъты каркæй, уæлибæхæй, сойыфыхæй цы уыди, уыдон иууылдæр афардæг кодта. Ру- вас æмæ уæрцц хорз фæминас кодтой. Куы баизæр, уæд сæ бынатмæ æрцыдысты, æмæ уæрцц рувасы фæрсы: — Ныр æфсæдгæ бакодтай, фæлæ кæцы динæй дæ: чырыстон æви пысылмон, уый ма мын зæгъ? — Æз пысылмон дæн, — загъта рувас, — фæлæ дæ цы фæнды, уый кæн! Бадынц арты фарсмæ, æмæ рувас дзуры: — Æфсадгæ мæ бæргæ бакодтай, уæрцц, фæлæ тæрсын цы у, уый ма мын куы фенын кæнис, уæд мын дæуæй зынаргъдæр ацы зæххыл ничиуал уаид. 11
— Хорз! Дæ фæтæрсын кæнын мæ быгъдуан. Дыккаг бон иу æлдар рувасдзуан рацыди. Уæрцц йæ рæзты æрба- тахти ныллæджыты. Егæрттæ йæ ауыдтой æмæ йæ сурынтæ систой. Уый дæр йæхи рувасырдæм сарæзта. Рувас уыдон куы ауыдта, уæд ли- дзынмæ фæци, егæрттæ дæр йæ фæстæ хърихъуппытау ныббал сты. Иу егар ын йæ къæдзилы æрдæг атыдта, афтæмæй ма рувас тыххæй-фы- дæй аирвæзти. Æризæр ис. Уæрцц бæрзонд бады бæласы цонгыл, рувас та бынæй йæхи артмæ тавы, лæф-лæфгæнгæ, нæтгæ, уынæргъгæ, йæ æвзаг лас- тæй, æмæ уæрцмæ мæстæй мæлы. Уалынмæ дын, уæрцц афынæй æмæ бæласы цонгæй рахауди. — Ахæрон æй, — зæгъгæ, куыд загъта рувас, афтæ йæм уæрцц дзуры: — Мæ хæлар, дæхи пысылмон куы хуыдтай: æнæ бисмиллагъи зæгъгæ мæ куыд хæрыс? — Бисмиллагъи, зæгъгæ, рувас йæ дзых куыд фæхæлиу кодта, аф- тæ уæрцц ратахти æмæ та бæласы цъуппыл абадти. ^
$&ьр$&г&*&ьр*&*^&^ ТЕУА ЙЕ ’НÆЗОНДÆй КУЫД ФЕСÆФТ Цардысты фондз æмбалы: арс, бирæгъ, рувас, зыгъарæг æмæ те- уа. Фыд зымæг скодта, хæринаг сын нал уыди. Иу бон рувас афтæ зæгъы арс æмæ бирæгъæн: — Цæй, мæнæ теуайы аргæвдæм, æмæ нын æгас зымæг- ваг уыдзæни. Арс загъта: — Уый бæргæ хорз уаид, фæлæ нын кæм сразы уыдзæн! — Уый мæ бар уадз, — загъта рувас. — Æз æй бацырын кæндзы- нæн, уалдзæджы кæрдæг куы æрзайа, уæд та дæ райгас кæндзыстæм, зæгъгæ, æмæ уый йе ’дылыйæ ницыуал зæгъдзæн. Арс æмæ бирæгъ загътой: — Хорз, ацу йæм æмæ йæ сразы кæн, æргæвдын та мах бар уадз. Рувас фæсидти теуамæ æмæ йын хибарæй райдыдта йæ гæды æв- загæй сайæн ныхæстæ кæнын: — Теуа! Уæ, теуа! Зæгъын дын зæрдæбын ныхас, фæлæ та дæ нæ уырндзæн, стæй дæ уымæй дæр тæрсын, миййаг дын хъыг куы уа: ды, дзæбæхæн дын цы загъдæуа, уый дæр зыгъуыммæ æмбарыс. Теуа йын загъта: — Нæ мын уыдзæн хъыг, стæй дæ дзырдыл дæр ныллæудзынæн, æрмæст, зæгъинаг цы дæ, уый мын зæгъ. Уæд, дын, рувас йæхинымæр бахудт æмæ загъта: — Цæй, теуа, аргæвдæм дæ æмæ дæ бахæрæм, стæй уалдзæджы кæрдæг куы сцъæх уа, уæд дæ райгас кæндзыстæм. Мах дæ куы аргæв- дæм, уæд дæ æгас дæр ракæндзыстæм; дæхи æгъдауæй куы амæлай, уæд дын райгасгæнæн нал ис. Теуайы бауырныдтой рувасы ныхæстæ, æмæ сразы. Æрбакодта йæ арс æмæ бирæгъмæ, æмæ йæ аргæвстой. Иæ хуылфыдзауматæ йын ру- вас æмæ зыгъарæг донмæ ахастой. Ныхсадтой сæ. Рувас физонæгга- 13
гæй систа теуайы зæрдæ, иу гыццыл дзы зыгъарæгæн авæрдта, иннæ йæхæдæг ахордта. Уæд ын зыгъарæг загъта: — Дæ бон ныккалай, ды мын йæ фылдæр æрдæг ахордтай, фæлæ нæ ныр арс æмæ бирæгъ куы фæрсой зæрдæйы тыххæй, уæд сын цы зæгъдзыстæм? Рувас загъта зыгъарæгæн: — Дæ цæстытæ-иу ныдздзагъыр кæн æмæ афтæмæй кæс, фæ- лæ дзургæ мацы скæн. Рахастой физонæггæгтæ. Арс æмæ сæ бирæгъ æрысгæрстой, æмæ зæрдæ уым нал ис, уый куы федтой, уæд сæ дзыхы дзаг ныхъхъæр кодтой: — Зæрдæ цы фæци, уый нын зæгъут, кæннод додой уæ къона кæны! Уæд зыгъарæг йæ цæстытæ ныдздзагъыр кодта, афтæмæй кæсы рувасмæ. Рувас загъта зыгъарæгæн: — Куы йæ хордтай, уæд мæм нæ кастæ, фæлæ мæм ныр кæс. Азым зыгъарæджы фæцис, æмæ йын арс æмæ бирæгъ загътой: — Ацы хатт дын барст фæуæд, фæлæ ма æндæр хатт куы фæрæди- ай, уæд нын сар дæ сæр кæндзæн. Радтой теуайы сæр зыгъарæгмæ арс æмæ бирæгъ æмæ йын загъ- той: — Ацу æмæ йæ сарау. Зыгъарæг ахаста сæр æмæ йæ сарыдта. Рувас йæ фæдыл ауади, сæрæн йæ магъз акъахта æмæ йæ ахорд- та, йæхæдæг æй афтæмæй бахаста æмæ йæ арс æмæ бирæгъы раз æрæ- вæрдта. Æруыдтой йæ, æмæ дзы магъз нал уыди. Фæрсынц рувасы: — Цы фæци амæн йæ магъз? Уæд рувас æдзынæгæй алæууыди æмæ сын загъта: — Гъæ, арс æмæ бирæгъы зондджын чи хоны, уымæн та цы зæгъон! Цæй магъз дзы агурут? Теуайы сæрымагъз куы уыдаид, уæд йæхи æр- гæвдын уагътаид?! Бауырныдта рувасы дзырд арс æмæ бирæгъы. Бындар фæуай, нæ гæды рувас, диссагæн баззадтæ рагæй-æрæгмæ. ^
<2^«К4Р*<^^ КЪОБЛИИЫ СÆГЪТЫ АРГЪАУ Раджыма-раджыма иу хъæуы царди иу мæгуыр лæг, йæ ном Къобли. Уымæи уыдис ус, фæлæ сын зæнæг нæма рацыди. Къобли æмæ йæ ус уыдысты фондз сæгъæн хæдзар, æндæр сæм цыппæр- къахыгæй гæды дæр нæ уыд. Къоблийы сæгътæ æнæуи сæгъты хуызæн нæ уыдьгсты: сæ иуæн уыди иу гуыбын, дыккаг уыди дыууæгуыбынон, æртыккаг — æртæгуы- бынон, цыппæрæм — цыппаргуыбынон, фæндзæм — фондзгуьибынон. Сæгъты руаджы Къобли æмæ йæ ус æнæ а^хуийæн къæбæр нæ хордтой, сæ бæрæгбон уыдис арæзт, сæ хæстæг, се ’ввахсы цины бон, зианы сахат хыгътой: вдны бон — бæрæгбойнаг хæсгæ, зианы сахат— фыдохы кæрдзын. Иуныхасæй, сæ фондз сæгъы руаджы Къобли æмæ й’æ ус сæ мæ-_ гуырдзинæдтæ ницæмæ дардтой. Ус-иу райсомæй сæгъты радыгъта æмæ-иу сæ хизынмæ аскъæрдта хъæдмæ. Уыцы ран-иу фæхызтысты, сæки-иу бафсæстой; раздæр-иу бафсæст иугуыбынон сæгъ, уымæн æмæ иу гуыбыны дзаг кæрдæг æмæ бæласы хихтæ уыйбæрц зын ссарæн нæ уыдысты. Иæ фæздон-иу йæ сагæхты нал цыди, афтæмæй-иу æппæты разæй сæ хæдзары зыхъ-зыхъгæнгæ æрбалæууыд. Иугуыбыноны фæстæ-иу бафсæст дыууæгуыбынон æмæ та-иу уый дæр хъæдæй æфсæстæй, йæ фæздон йæ сагæхты нал цыди, афтæмæй къæрцц-къæрцгæнгæ сæ хæдзармæ ныффардæг. Фылдæр-иу бафæстиат хъæды фондзгуыбынон сæгъ; уый та уый тыххæй, æмæ фондз гуыбыны афтæ æнцон байдзаггæнæн не ’сты. Цас фæхызтысты уыцы хуызæнæй Къоблийы сæгътæ, чи зоны? Фæ- лæ иуахæмы иу фыдæбоны бирæгъ, холы агургæйæ, федта сæгъты. Зондджын бирæгъ уыди фыдæбоны бирæгъ, цуаноны ам^æттаг куы фæ- цадаид уастæн! Баздæхти æмæ сбæрæг кодта сæгъты фæндаг æмæ лæзгъæры тæккæ был йæ ахстон æрцарæзта. Бады бирæгъ æмæ хъахъхъæны; райсомæй сæ ауагъта йæ рæзтък 15
Дзуры йæхинымæр: «Тутыры фæндонæй абон æз нард сæгъы фыдæй мæ уæлдай дæр ма ныууадздзынæн». Уалынмæ кæсы, æмæ уæртæ иугуыбынон сæгъ хъæдæй æфсæстæй рацæуы, йæ фæздон йæ сагæхты нал цæуы. Бирæгъы комыдæттæ æруа- дысты, сæгъы раз æрлæууыд æмæ йæм дзуры: — Æгас цу! — Хорз цæр! — Кæм уыдтæ? — Хъæды хизынмæ. — Æмæ дын уæд дæ сæры астæу уыдон та цы сты? — Уыдон сагой-сыкъатæ Къоблийæн. — Æмæ уæд дæ сагæхты астæу та? — Уыдон та мæ дзыгыйæн къуыматæ. Уыйадыл æй бирæгъ йæ ахстонмæ баласта æмæ йæ бахордта,- Къоблийы сагой-сыкъатæм нæ бавнæлдта. — Æгъгъæд уал мьш уæд абон, сом та — бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Фырхæрдæй бухъхъытæгæнгæ бирæгъ батылди йæ ахстоны æмæ- уайтагъд бафынæй. Æризæр, афтæ Къобли фæрсы йæ сæгъты: — Ау, æмæ иугуыбынон сæгъ кæм ис? — Куыддæр йæ гуыбын айдзаг кодта, афтæ йæ дымæг бацагъта æмæ хъæдæй рафардæг, иннæ бонты куыд рафардæг вæййы, афтæ. Мах ын ам æнхъæл куы уыдыстæм. Дыккаг бон дыууæгуыбынон сæгъ æфсæстæй рацæуы хъæдæй. Æрхæццæ лæзгъæрыл ’бирæгъы ахстонмæ. Бирæгъ ьш йæ фæндаг æр- цахста. — Кæм уыдтæ? —’ Хъæды хизынмæ. — Æмæ дын уæд дæ сæры астæу уыдон та цы сты? — Уыдон Къоблийы сагой-сыкъатæ. — Дæ сагæхты астæу та? — Уыдон та мæ дыууæ дзыгыйæн къуыматæ. Уыйадыл та бирæгъ Къоблийы сæгъы йæ ахстонмæ баласта æмæ дзы йæхи хорз федта. Къоблийы сагой-сыкъатæ та ныууагъта æнæв- нæлдæй. Уыцы хуызæнæй бахордта бирæгъ Къоблийæн йæ æртæ гуыбынон æмæ цыппаргуыбынон сæгъты дæр. Иунæгæй æрызад фондзгуыбынон сæгъ. Фæцыди та хъæдмæ, баф- сæста йæхи æмæ раздæхт сæ хæдзармæ. Бирæгъы ахстонмæ та куьг æрхæццæ, уæд æм бирæгъ йæки раласта, фæндаджы бæрæгастæу æр- лæууыд, æдзынæг кæсы сæгъмæ æмæ дзуры: — Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ кæм уыдтæ? 16
— Хъæды хизынмæ. — Хъыг дæм ма фæкæсæд, фæлæ уыдон цавæр дзауматæ сты дæ сæрыл? — Уыдон та цавæр дзауматæ сты, зæгъгæ, куы бафæрсай, уæд сты бирæгъ марæн дыууæ цъæх арцы. — Хардзау дæм ма фæкæсæд, фæлæ уæд дæ сагæхты астæу та уы- дон цавæр мигæнæнтæ сты? — Хардзау мæм цæмæн фæкæсдзæн, — уыдон та сты бирæгъæх- сæн тымбыл дуртæ. Бирæгъ фæтарст, йæхи айста фæндагæй, æмæ фондзгуыбынон сæгъ дзæхст-дзæхстгæнгæ, йæ боцъо атил-атилгæнгæ сæ хæдзармæ æрфар- дæг. Къобли йæ фæрсы: — Иннæ сæгътыл дæ цæст цы æрхæцыдаид? — Нæ федтон, — загъта фондзгуыбынон сæгъ. — Фæлæ нæ хæ- дзармæ куы æрцæйцыдтæн, уæд мæ иу бирæгъ фæндагыл æрурæдта, фæрсынтæ мæ систа: «Дæ сæры астæу уыдон та цы сты! Дæ сагæхты астæу та?» Æз ын радзырдтон: — Мæ сæры астæу — бирæгъмарæн дыууæ цъæх арцы, мæ сагæх- ты астæу — бирæгъæхсæн тымбыл дуртæ. Уæд бирæгъ фæндагæй ахызт, æмæ æз нæ хæдзармæ æрцыдтæн. Сæгъты уыцы бирæгъ ма бахæрæд? — Базондзынæ ма бирæгъы ахстон? — Базрндзынæн. — Хорз, уæдæ йæм сомбон фæцæуæм. Райсомæй раджы Кьобли æд бæндæн, йæ сæгъ йæ разæй, афтæмæй бирæгъы ахстоны уæлхъус балæууыд. Сæгъ ацыди хизынмæ, Къобли дзуры бирæгъмæ: — Бирæгъ, хъуыддаг мæ ис, ракæс мæм дуармæ. Бирæгъ куыннæ ракастаид мæстджын Кьоблимæ, уайтагъддæр! Уыцы дзырд æм фæкодта, фæлæ бирæгъ йæ бынатæй дæр нæ фезмæ- лыд. Къобли бирæгъы ахстоны раз æрбадт æмæ йæхинымæр дзуры: «Додой фæци дæ мæрдты къона! Искуы дæ æддæмæ цæуын нæ хъæу- дзæн?» Уалынмæ кæсы, æмæ фæндагыл иу лæг хъæуырдæм æрба- цæуы. Къобли йæм дзуры: — Гъей, уæртæ лæг, дæ хорзæх мæ уæд, æмæ хъæумæ куы ба- хæццæ уай, уæд ме ’фсинмæ ма базивæг кæн æмæ йын-иу зæгъ: «Къоб- ли дæм æрвиты, нæ сæгъты нын цы бирæгъ бахордта, уый ахстон ссард- та, йæ разы сбадт æмæ йæ хъахъхъæны. Фæлæ, зæгъ, дæуæн лæппу куы райгуыра, æмæ уый куы схъомыл уа, уæд-иу, зæгъ, хъæдмæ ацæ- 2 Ироя адæмы аргъæуттæ 17
уæд, æмæ уым бæлас акалæд, бæласæй къахæн æмæ фиййаг саразæд. Уый фæстæ æд къахæн æмæ æд фиййаг мæныл ацы ранмæ сæмбæлæд. Мах баздæхдзыстæм æмæ бирæгъы йæ ахстоны æркъахдзыстæм, сбæт- дзыстæм æй æмæ дзы нæ сæгътæ бацагурдзыстæм». Хорзау нал уыди бирæгъ, сагъæсыл фæци: иокуы Къоблийы усæы лæппу гуырдзæн, искуы уый лæг кæндзæн, уый хъæдмæ цæудзæн, фий- йаг æмæ къахæн араздзæн мæн ахсынмæ, уæдмæ, бирæгъ, ды ацы ран бад, хуры рухс мауал уын, мæйдары холы агургæйæ сыллынк-сыллынк мауал акæн... Гъе уый дын цæрдудæй ныгæд, гъе! Цы уа, уый уæд! Кад ма, чи зоны, аирвæзин... Бирæгъ уыцы иу æхст фæкодта ахстонæй йæхи, фæлæ йæ Къобли змæлын дæр нал суагъта: бæндæн ын йе ’фцæджы баппæрста. — Нал фæцæудзынæ, къуыбырхъус; мæ сæгътæ цы фесты, уымæй дæ чи æрфæрсдзæн, уый — а лæппу, Къобли. Бирæгъы йæ хæдзармæ нылласта, фидар ран æй бакодта. Æртæ æхсæвы фæци бирæгъ Къоблийы хæдзары. Къобли хъуыды кæнын байдыдта: «Бирæ пайда мын нæ фæуыдзæн бирæгъ, ацы ран бастæй куы лæууа æмæ сыдæй куы ныммæла, уæд. Мæ мад, мæ фыдыстæн, уый нæ уыдзæн! Мæ сæгътæ — хæрд, фæлæ ма бирæгъ дæр дзæгъæлы сæфт фæкæна?» Барæвдзытæ кодта йæхи, бирæгъæн бæндæн йæ хъуыры, афтæмæй йæ фæласы йæ фæдыл. Иу хъæумæ бафтыди æмæ хъæр кæны: — Гъей, фосы фæлвæра чи балхæндзæн? Иудзæвгар фæхъæр кодта, уалынмæ йæм иу хæдзарæй иу лæг ра- цыди. — Фосы фæлвæра уæй кæныс, зæгъыс? — Ай-гъай! Чидæриддæр æй балхæна, уымæн йæ фос аздахынæн амал нал уыдзæн, уыйбæрц ын бауыдзысты. Цæрæг лæг уыди лæг, йæ фосæй фæкъорд кодта иу дзуг æмæ сæ Къоблийы фыццаг скодта, йæхæдæг та бирæгъы бæндæныл ахæцыд. Къобли куы раст кодта æд фос, уæд фосджынæн бафæдзæхста: — Ахсæв-иу «фосы фæлвæрайы» скъæты фосимæ бакæн æмæ-иу дуæрттæ фидар сæхгæн. Райсом та уæ кæстæр чындзæн æртæ æртæдзы- хоны скæнын кæнут. Чъиритæ-иу ахæссæд скъæты дуармæ æмæ сæ-иу «фосы фæлвæрайæн» скувæд. Фос афтæ бабирæ уыдзысты, æмæ скъæ- ты дуæрттæ кæнын нал фæраздзыстут. Уыйадыл Къобли рахъæр кодта йæ фосы дзугыл æмæ заргæ сæ хæдзармæ æрбафардæг. Фæрныг лæг, фосæй бафсис кæмæн нæ уыди, уый «фосы фæлвæ- райы» скъæты бакодта, фидар ыл дуæрттæ сæхгæдта. Сæударæй кæстæр чындз æртæ æртæдзыхоны ракодта, скъæты дуармæ бауад, «фосы фæлвæрайæн» сæ скуывта, цæмæй сæ фос бирæ бацадаиккой. 18
Уый фæстæ скъæты дуарыл бахæцыд, æмæ гом кæнын нæ комы. Бирæгъ фос ныссæрфта æмæ сæ скъæты дуармæ самадта. Чындз бацыд хæдзармæ æмæ дзуры: — Нæ фос уыйбæрц баисты, æмæ скъæты нал цæуынц, дуар гом кæнын нал комы. Бинонтæ рауадысты, дуарыл бахæцыдысты. Дуарæй азгъæлдысты цагъд фыстæ, æмæ фегом. Бирæгъ ай-уый нал фæкодта, фæлæ уыцы иу схуыст фæкодта æмæ хъæды балæууыд. Ч&
^^^^^^^ ДЗÆРГЪ ÆМÆ БИРÆГЪ Дзæргъæн уыди æртæ хъыбылы. Чидæр сын цæхджын кæф æр- хаста, сæхи дзы ныддæнгæл кодтой æмæ дойныйæ мардысты. Дзæргъ сын дон хæссынмæ ауад, æмæ, куыддæр дон æвгæнын- мæ хъавыд йæ къæртайы, афтæ бирæгъ йе ’ккой абадти. — Хæрын дæ, дзæргъ! — загъта бирæгъ. — Цы мæ хæрыс? — бадис кодта дзæргъ. — Мæ фæрстæ хъæбæр. Нæ, фæлæ кæд дæ дæндæгтæн тæригъæд кæныс, уæд мын мæхи ныу- уадз. Ис мын æртæ хъыбылы, кæрдойы хуызæттæ, æмæ дын уыдонæй иу ратдзынæн. — Дæ хъуыддаг раст, уый дын мæ зæрдæмæ цæуы, — загъта би- рæгъ. — Сæ нæмттæ та дын цытæ хуинынц? — Оæ нæмттæ та сты: иу — Æнафон, иннæ — Фидар, æртыккаг та — Хъармæг. — Хорз, — загъта бирæгъ æмæ йæ ауагъта. Дзæргъ ацыд, йæ хъыбылтæн дон бадардта, йæ дыууæ дуары фи- дар сæхгæдта æмæ йæ хъыбылтимæ хъармы схуыссыди. Уалынмæ бирæгъ дæр æрбахъæр кодта: — О Æнафон! — Æнафоны дæм æддæмæ нал акæсдзынæн! — радзырдта мидæ- гæй дзæргъ. Уæд та бирæгъ бадзырдта: — О Фидар! — Фидар æхгæд мæ дыууæ дуары, — дзуапп та райхъуысти хуы- донæй. Æртыккаг хатт бирæгъ бадзырдта: — О Хъармæг! — Хъарм лыстæны хуыссын мæ хъыбылтимæ, — радзырдта йæм дзæргъ. Бирæгъæн фырмæстæй йæ сæр æрхаудта æмæ иу ран ныффæл- 20
дæхти. Дунейы мидæг халæттæй цы уыди, уыдон æртахтысты æмæ йæ къуырцц-къуырцц кæнын байдыдтой. Бирæгъ йæ дæндæгтæ фæзыхъ- хъыр кодта æмæ дзы иуы рацахста. — Додой мын дæ къона, — загъта, — мæ мæстытæ дæуæй хъуа- мæ сисон! — Цы дæ фæнды, уый мын кæн, — загъта халон: — кæд дæ фæн- ды, хæргæ мæ бакæн, кæд дæ фæнды, доны мæ баппар, дæ бар дæхи, æрмæст дæ иу хъуыддаг курын: дæ хорзæх мæ уæд, æмæ мын мæ хъуы- рыл хъæдургы хал æмæ чъири ма бафтау, æмæ мæ былæй ма аппар. — Æгайтма мын дæхæдæг загътай, цæмæй тæрсыс, уый, — сцин кодта бирæгъ, йæхæдæг ын йæ хъуырыл бафтыдта хъæдурты хал æмæ чъири, стæй йæ былæй аппæрста. Халон апæррæст ласта, иу стыр бæ- ласы къабузыл абадти, йæхæдæг хъæдуры нæмыг ахæры чъириимæ æмæ ныхъхъæр кæны: — Хъуахъхъ, бирæгъ! Хъуахъхъ, бирæгъ, тъæппытæ фæхау! Бирæгъæн дыккаг сайды фæстæ фырмæстæй йæ фæрстæ атыдтой, æмæ ныххæдмæл. \^
ч^^5^^^5^^^5Л2^^Л^^^Л2^^Л^^ЛЛ?^^Л^^^^Ч^^^^ МЫСТ ЙÆ ФЫРТÆН УСГУР Нæд уыдаид, чи зоны, кæм уыдаид, уымæн дæр ницы бæрæг ис, царди иу мыст, мыст куыд вæййы, раст ахæм: рихитæ йын, чысыл къуыбыр хъустæ, цæрдæг цæстытæ, цыбыр цыппар къа- хы æмæ лыстæг даргъ къæдзил. Уымæн уыди цæрæндон, рæсугъд хуынкъ, зæххы йæхæдæг кæй скъахта йæ чысыл дзæмбытæй, ахæм. Зæронд нанайы чыргъæдæй мыст радавта къуымбилтæ æмæ дзы йæхицæн фæлмæн лыстæн бакодта. йæ хæдзары уыди ноджы къæбиц- тæ; уыдон-иу зымæгмæ байдзаг кодта давæггаг хорæй, стæй æхсæртæй æмæ тæрсытæй. Иуахæмы йæм йæ сыхаг мыстытæ бауай-бауай кодтой, — йæхæ- дæг нал зынд æддæмæ: мыстæЪ кæд ралæууыд йæ зайæн, æмæ йæм сыхæгтæ уадысты фæрсæг, æвгъæдгæс. Уалынмæ мыстытæ алырдæм уайынтæ систой æмæ кæрæдзийæн дзырдтой: — Дæ хæрзæггурæггаг мæн, — нæ мыст лæппын ныззади. Бирæ цин фæкодтой мысты циныл йæ хæстæг, йе ’ввахс, хуынтæ йын фæхастой: æхсæртæ, тæрсытæ, чи та — мæнæуы нæмгуытæ. Иæ хъæбулы бирæ уарзта мадæл мыст: — хæфсæн йæ лæппын хуры тын, хъамбулуæраг, хъоппæгцæст. Хæссынтæ йæ байдыдта. Куы фæхъомыл, згъорьш куы байдыдта мадæл мысты хуры тын, уæд мад бавнæлдта лæппыны ахуыр кæнынмæ дæр. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ мыстытæ лæппыны кой кæнын байдыдтой алы ран дæр. — Ахæм гуырд нæма уыди не ’хсæн. Тæхудиаг, уый цы мад ныз- зади, — дзырдта иу мыст. — Раст зæгъыс, сымахыстæн, æз дæр афтæ æнхъæл дæн, æмæ дзы сгуыхт рауайдзæн, — дзырдта иннæ. 22
— О, о! — æрмæст сымах нæ, фæлæ йæ чи федта, уыдонæн се ’ппæты зæрдæмæ дæр цæуы, — дзырдта æртыккаг. — Уæ йæ уынд, уæ йæ конд, иннæ ахæм йе ’фсарм, йæ зонд, — дзырдта цыппæрæм. — Стыр миниуджыты хицау у лæппын мыст: уый хуызæн къæрц- хъус нæ уыдзæн, уымæй тагъддæр ничи фехъусдзæн гинойы уасын, тасдзинад уымæй хуыздæр ничи бамбардзæн, — дзырдта фæндзæм. — Ноджы уый хуызæн ничи арæхсы царды амæлттæм: цæст нæ хæцы йæ уадыл, кусынмæ та — арт. Къорд хатты сæмбæлдтæн йемæ хъуыддаджы, къутутæ гæрстам. Февнæлдта, дын, æмæ замманай къу- ту уайтагъд цæрдхуынкъ фæкодта йæ лыстæг цыргъ дæндæгтæй, æмæ зымæгмæ хорз æфтауц æркодта сырх мæнæуæй, — загъта æхсæзæм мыст. — Уæдæ мемæ та хъæды сæмбæлди; æмбырд кодтам тæрсытæ, æх- сæртæ. Иæ ахсджиаг амæла, уымæн цас æнтыст иунæгæй, уыйбæрц не ’нтыст махæн къордæй. Замманай æхсæрæй, тæрсæй æвæрæнтæ скодта сæ къæбицты, — дзырдта æвдæм. О, афонтæ йыл ацыд мысты лæппыныл. Мады зæрды бафтыд ус ракурын йæ лæппынæн. Мыстытæй йæм бирæтæ хæлæг кодтой, бирæтæ йын сæхи дзыхæй дзырдтой, ме ’сиахс бау, зæгъгæ. Иннæтæй йын чи йæ хæстæджы амыдта, чи та йæ зонгæйы. Мыстыты æхсæн ахæм нæ разындаид, йæ лæппыны йын табуафситимæ чи нæ радтаид. Æмæ царды арæзт куыд уыди уыцы рæстæджы, уый хорз уыдта мадæл мыст: раджы заманы хъæздгуытæ уыдысты бонджын, кадджын æмæ тыхджын, фæлæ мæгуырты бон та цы уыди? ницы. Æмæ сфæнд кодта йæ лæппынæн хуры чызджы æрхæссын, уымæн æмæ хурæй тыхджындæр никæй хуыдтой дуне-дзыллæ. Зæхх зымæджы басæлы, бæстæ ныддæвдæг вæййы. Халсар, хилæгой, тæхджытæ, бирæ сырдтæ зымæджы байсæфынц, аннæтæ тарф фынæй бавæййынц, чи та дзы хъарм бæстæм айсы йæхи. Фæлæ уалдзæджы хур бæрзæндты хъа- зын куы байдайы цъæх арвыл, хъызт зымæджы фæстæ та уалдзæг куы ралæууы, уæд хур æртавы, æмæ зæхх сулæфы, быдыры цард баз- мæлы: цъæх-цъæхид адарынц хæхтæ, быдыртæ, уæлдæф фæкæны ад- джын тæф, æмызмæлæг свæййы зæхх. Æмæ араст и мыст хурмæ. Фæндаг æм кæуылты ссардта, чи зоны. — Дæ бонтæ хорз уа, хурты хурзæрин! — Æгас нæм цу, æгас, хъылдым мыст! Фысым дын уыдзынæн, æх- сызгон мын у дæ фенд, — дзуры хур. — Æхсызгон хорз дыл æрцæуæд, — загъта хъылдым мыст. — Хъуыддагмæ дæм æрбацыдтæн, хурты хурзæрин. — Дæ хъуыддаг мын бамбарын кæндзынæ, æвæццæгæн. — Табу дæ фарнæн, хурты хурзæрин, фæлæ мын лæппын ис, лæп- пын, рæсугъд, хъæбатыр. Иæ афонтæ сæххæст сты, æмæ йын мæ зæрды 23
ис хъуыддаг бакæнын — ус ракурын. Нæхи бæстæйы мын нæ мысты мыггаг иууылдæр лæхстæгæнæг сты, фæлæ сын æз ницы ком дæттын, хæстаегæн сæ аккаг нæ кæнын. Æз мæ фыртæн агурын тыхджыны чызг. Дæуæй тыхджындæр никæй хонынц дунейыл. Дæ чызджы мын ратт мæ хъæбулæн, хæстæгæн дын бæззын, фæсмонгонд нæ уыдзыстут нæдæр дæхæдæг, нæдæр дæ чызг. — Тыхджынæй хъуамæ тыхджын уыдзынæн, — дзуры хурзæ- рин, — мæ чызгæй дæр дын «нæ» нæ зæгъын, фæлæ ма ис мæнæй тых- джындæр. — Дæуæй тыхджындæр та ма чи разындзæн? — ныддис кодта мадæл мыст. — Асæст, мигъ. — Уый та куыд? — Мигъ зæххæй ме ’хсæн бацæуы, арв бамбæрзы, æмæ мæнæн мæ бон ницыуал вæййы: мæ хъæбултæм кæсын мæ нал фæуадзы. — Хæрзбон, уæдæ, ды мæнæн хæстæгæн нæ бæззыс. — Хуыздæрыл амбæл, хъылдым мыст. Æмæ мыст мигъмæ балæууыд. —• Мигъ, хæстæг юæнынмæ æрбацыдтæн дæумæ: дæ чызджы дын курын мæ фыртæн. Хæстæгæн агуырдтон хуры, тыхджын æй хуыдтой, уый та йæхицæй тыхджындæр дæу хоны. Бауырнинаг у уыцы хъуыд- даг. Цæмæйдæриддæр, дæу руаджы цæрæм аæххыл, дæу руаджы. Ды куы нæ уаис, уæд уарын нæ уаид, мит дæр афтæ, æмæ æнæ донæй зæх- хыл змæлæг нал баззаид. — Ды мæ цы æнхъæл дæ, уый нæ хонын мæхи, — загъта мигъ. — Хурæй, чи зоны, тыхджындæр разынон, фæлæ ма ис мæнæй дæр тых- джындæр. — Уæд чи? — Мæнæй тыхджындæр — дымгæ. Уыцы иу футт куы фæласы, уæд мæ куы иуырдæм, куы аннæрдæм йæ уæлныхты ахæссы, порти- нау мæ хъазы, къæдзæхтыл мæ хойы, арвы кæрæтты мæ æрзилын кæны. — Бузныг де ’ргом ныхасæй. Хæрзбон! — фæкодта хъылдым мыст. — Фæндараст, — загъта йын мигъ. Æмæ та, кæм уайгæ, кæм сиргæ, афтæмæй, мадæл мыст дымгæйы раз балæууыд. Дæуæй тыхджындæр никæй хонынц, æмæ мын дæ чызджы мæ фыртæн ратт. Фæцыдтæн хурмæ, тыхджын æнхъæл, æмæ мын мигъы тыхджындæр схуыдта, мигъ та мæ дæумæ сардыдта. Дæуццаг нæу дæ тых. Æз дын æй мæхæдæг дæр æвæзонгæ нæ дæн. Хур бæстæ судзын куы сисы сусæнты, уæд ды кæцæйдæр фæзыныс æмæ къæвдайы мигъ- тæ æрбахæссыс. Намæ уарынæй бæстæ æппæт куы сфæлмæцы, хуры 24
цæст арвæй куынæуал фæзыны, уæддæр дæ руаджы арвы мигътæ ата- йынц, цыдæр фæвæййынц. Дæу руаджы адæм кæрдзын хæрынц: уад- гуыройы стыр базыртæ дæ тыхæй базмæлынц, æмæ ссад æрыссынц адæм; хай дзы фæвæййы мæн дæр. Дæ руаджы хоры кæритæ ссыгъ- дæг вæййынц, наутæ дыууæрдæм хæтынц денджызы. Уый, дæ дзæбæх зæрдæйыл куы вæййыс, уæд. Фæлæ, æвæдза, бамæсты дæ, уæд стыр фыдбылызтæ дæр саразыс. Куы рафутт кæныс дæ мæсты футтæй, уæд сау хъæд бындзарæй фæлдахыс, адæмæн хор хорæн, хос хосæн нал ныууадзыс. — Хуыздæр нал æмбæлы, афтæ мæ раппæлыдтæ. Арфæйаг у, фæ- лæ ма уæддæр ис мæнæй тыхджындæр, — фæкодта дымгæ. — Дæуæй дæр та тыхджындæр ис?! Уый цавæр уыдзæн? — Уый у гал. — Гал, зæгъыс? — ныддис кодта мыст. — О, гал хиздзæн быдырты, чъепп кæндзæн сойджын кæрдæг. Æз уыцы дымд кæндзынæн, уый, марадз-зæгъай, уæд та йæ къæдзил атила: бындзы аргъ дæр мын нæ кæны! Цæуынтæ та байдыдта каисгæнæг мыст. Цæуы, æмæ дын, мæнæ астæумæ кæрдæджы иу сау къобор гал хизы. Хизы, йе ’взагæй дзæух- гæрдæг æвзары æмæ йæ дасы йæ фæтæн дæндæгтæй. Бындз абады йе ’рагъыл, æмæ та йæ йæ къæдзилæй асуры. — Хæстæг кæнынмæ дæм æрбацыдтæн: мæ разагъд иунæгæн дæ чызджы курын. Тыхджынты тыхджындæры агурын хæстæгæн. Хурмæ уыдтæн, æмæ хурæй тыхджындæр мигъ разынд, мигъæй тыхджындæр дымгæ, дымгæ та мын дæу бацамыдта йæхицæй тыхджындæрæн. Бауырнинаг ныхас у дымгæйы ныхас. Дæ тыхджын бæрзæйы руаджы дзыллæтæ хуым кæнынц, суг ласынц, балцы цæуынц, сæ хæдзæрттæ аразынц. Сау къобор гал йæ сæр схъил кодта сойджын кæрдæгæй, бакасти мыстмæ йæ дынджыр фæлмас цæстытæй æмæ дзуры: — Му-у! Стыр кад мын кæныс, кæй мыл æрвæссыс, уымæй. Фæлæ мæм афтæ зыны, цыма мæ æгæр бæрзонд систай, æгæр мæ цым>а æппæ- лыс. Æдых нæ дæн, уый æцæг у, фæлæ кæд тыхджындæры бынаты мæн æвæрыс, уæд дын уый рæдыд уыдзæн. — Уæдæ ма дæуæй тыхджындæр чи у?! — Мæнæй тыхджындæр — гутон. Астæй йæ ласын байдайынц мæ хуызæн къобортæ, зæхх фæлдахгæ. Бирæ бонтæ нæма рацæуы, афтæ нæ тыхджын бæрзæйтæ афхæлынц, дудын байдайынц. Кæд ма нын сæ фысы дымæгæй бафæлмæн кæной, уæд хорз, науæд, дæу чи нæ уарзы, уый фæкæнæд, мах цы фæкæнæм. Нæ тæнтæ ныттæбæкк вæййынц, нæ фæрстæ кæрæдзийыл амбæлынц. — Афтæ у? — Афтæ, хъылдым мыст, афтæ. 25
— Уæдæ та мын дæуæй дæр хæстæг нæй! Хорз байрай, — загъта мыст. — Бæмбæгыл дæ фæндаг, мæ хæлар, — æмæ та гал йæ дынджыр сæр кæрдæгмæ æруагъта, къæдзил зивæггомауæй фехсы йæ рагъмæ, æмæ бындзытæ уыцы гуппæрттæй сæхи айсынц. Мыст агурын байдыдта гутоны. Гутон уыди хуымы. Зæхкусæг æй хуымы кæрон рæвдзытæ кодта: йе ’фсæн, йæ дзыргъа йын сарæзта, бафидар æй кодта. — Гутон, æгас дунейы тыхджындæр агурæг хæтын. Мæ фыртæн ракурынмæ хъавын тыхджындæры чызджы. Сдзырдтон хуры чызгыл, æмæ мигъ уымæй тыхджындæр разынд; дзырдтон мигъы чызгыл, æмæ дымгæ — мигъæй тыхджындæр; бавзæрстон дымгæмæ дæр, æмæ гал— дымгæйæ тыхджындæр, гал та мын дæу бацамыдта тыхджындæрæн. — Уæдæ ма тыхджындæр куыд вæййы! Уалдзæг æмæ фæззæджы æз зæххы цъар уæлгоммæ фæкæнын. Бирæ бæстæ нал ис зæххыл, ис- куы иу æвзæр ранæй фæстæмæ, æз мæ бырынкъæй фæд кæм нæ акод- тон. Суанг ма хохы сæртæ дæр астыгътон, тæссæртты, уырдгуыты нæудзар сатæгсау фестын кодтон. Дунейæн бæркадхæссæг — хордæт- тæг æз дæн. Мæ кой чи нæ кæны æгас дунейыл дæр, ахаем нæй, уац- мыстæ, кадджытæ, зарджытæ мæныл мысынц, бæрæгбон рæстæг, цины сахат сæ адæм зарынц сæ зæрдæйы рухсæн. Æз дæн бæркадхæссæг, мæ руаджы къутутæ, гонтæ байдзаг вæййынц хорæй, мæ руаджы куыройы фыдтæ зилынц дымгæйæ, донæй, тæфæй. Адон иууылдæр ды дæхæдæг дæр зоныс, уымæн æмæ куырæйттæм, къæбицтæм, хуымтæм дæхи хæс- тæг ласаг дæ: пайда дын дзы тæдзы. Фæлæ уæддæр афтæ куы зæгъон, мæнæй тыхджындæр нал ис, уæд мын раст нæ уыдзæн, бирæты зæр- дæмæ мын нæ бацæудзæн, фæхуддзысты мыл. Æз та уарзын растæй цæрын, мæхицæн аргъ кæнын, уымæн æмæ цæрын фæразын мæхи фæл- лойæ, уымæн æмæ иокæй фæллоймæ не ’нхъæлмæ кæсын. — Ау, уæдæ ма чи уыдзæн дæуæй тыхджындæр? — бафарста мыст. — Байхъус мæм æнувыддæр, æгæр дæ куы стыхсын кæнон мæ ныхасæй, уымæй дæр тæрсын, фæлæ. — Дæ хорзæхæй, дзургæ, æхсызгон мын у дæумæ хъусын. Ды фы- дæлтыккон дæ, бирæ федтай фыдæй дæр, хорзæй дæр. Дæ зондæй кæд исты райсин æз дæр. — Уæдæ дын æз радзырдтон мæ тыхы уацхъуыд. Дарддæр мæ ны- хасы сæр уьгдзæн, куыд æдых дæн, ууыл. Баифтындзынц мыл аст къобор галы. Къорд вæййынц хуымæтæг адæм: сæрылхæцæг, галдæр- джытæ, гутонæхсæдæг, гутондарæг. Гутоны къухтыл хæцæг та вæййы зæхкусджытæн сæ арæхстджындæр. Ахæцынц галтæ, æз фæлдахын байдайын зæхх, зæххы бинаг фæл- тæрæн хур фенын кæнын. Фæлæ мыл зын сахат дæр скæны. Зæрæс- тоны, хæтæлы куы фæцæйцæуын, уæд хæтæлтæ мæ хъуыры фæбадынц, 26
æмæ ауæдзæй фесхъиуын, дзомсæй æхсæдæг, гутондарæджы бон дæр ницыуал вæййы. Уый дын иу. Намæ нæуу фæлдахын, ауæдзтæ фæр- сæй-фæрстæм иу мады фырттау рæсугъд хуыссынц уæлгоммæ. Цæуын, цæуын, æмæ, æвæдза, кæрдæджы уидаг, гæрзæхсæн мæ размæ фæци, уæд æваст фæлæууын: мæ бон нал вæййы азмæлын. Кæрдæджы уидаг мæнæй тыхджындæр куы нæ уаид, уæд мæ куыд бауромид? Мадæл мыст ницыуал сдзырдта æмæ йæ хæдзармæ афардæг. «Цалынмæ, тыхджын кæй хонынц, уыдон бамбарай, уыдонимæ сæмбæлай, уалынмæ ничи базондзæн, алчидæр йæхæдæг цæйбæрц хъа- руджын, цæйбæрц тыхджын у, уый, — сагъæсыл фæци мыст. — Уый хæйрæг та чи уыди, уый та чи æнхъæлдта, æмæ æппæтæй тыхджындæр æз мæхæдæг разынон! Хур тыхджын у, хурæй тыхджындæр мигъ. Мигъ тыхджын у, мигъæй тыхджындæр та дьгмгæ. Дымгæ тыхджын у, дымгæйæ тыхджындæр та гал. Гал тыхджын у, галæй тыхджындæр гутон. Гутон тыхджын у, гутонæй тыхджындæр та уидаг, кæрдæджы уидаг! Афтæмæйты, афтæмæйты, иууыл тыхджын æз мæхæдæг разынд- тæн. Æмæ куыннæ! Æгас дунейы тыхджындæрæн кæй зонынц, уыцы уидаг æз мæ цыргъ дæндæгтæй адзæнгæл ласын!» Æмæ тыхджын агурæг нал фæхатти мадæл мыст, фæлæ баздæхт æмæ йæ иунæгæн æрхаста сæхи мыггагæй мыстыты рæсугъддæр, хæрз- æфсармдæр, хъаруджындæр лæппыны. ч&
^«^$А^^ СЫСТ ÆМÆ ÆХСÆНКЪ Раджыма-раджыма уыдысты сыст æмæ æхсæнкъ. Иу бон балцы фæцыдысты. Доны уайын сæ хъуыди, æмæ æхсæнкъ афтæ зæгъы: — Цæй, ацы доны сæрты агæппытæ кæнæм. Сыст загъта: — Цæй! Æхсæнкъ агæпп кодта æмæ фаллаг фарс фæци. Сыст агæпп код- та æмæ доны ныххауд. Ие ’мбал доны ныххауд, æхсæнкъ уый куы ауыдта, уæд атахт æмæ хуымæ дзуры: — Хуы, хъис мын ратт — мæ цæдисæмбалы раласон. Хуы загъта: — Уæдæ мын гыркъо авæр. Æхсæнкъ тулдзмæ ацыд æмæ йын загъта: — Тулдз, гыркъо мын ратт: гыркъо хуы ахæра, хуы хъис ратта,— æз мæ цæдисæмбалы раласон. Тулдз загъта: —• Уæдæ мыл хъыргъы мауал бадæд. Хъыргъымæ ацыди: —• Хъыргъы, тулдзыл мауал бад: тулдз гыркъо ратта, гыркъо хуы ахæра, хуы хъис ратта, — æз мæ цæдисæмбалы раласон. Хъыргъы загъта: — Уæдæ мын карк цъиу раттæд. Каркмæ ацыди. — Карк, цъиу ратт: цъиуы хъыргъы ахæра, хъыргъы тулдзыл мауал бада, тулдз гыркъо ратта, гыркъо хуы ахæра, хуы хъис ратта,— æз мæ цæдисæмбалы раласон. Карк загъта: — Уæдæ мын къуту хор раттæд. Къутумæ бацыди:
— Къуту, хор ратт: хор карк ахæра, карк цъиу ратта, цъиуы хъыр- гъы ахæра, хъыргъы тулдзыл мауал бада, тулдз гыркъо ратта, гыркъо хуы ахæра, хуы хъис ратта, — æз мæ цæдисæмбалы раласон. Къуту загъта: — Уæдæ мæ мыст мауал гæрдæд. Æхсæнкъ мыстмæ бацыди æмæ йын загъта: — Мыст, къуту мауал гæрд: къуту хор ратта, хор карк ахæра, карк цъиу ратта, цъиуы хъыргъы ахæра, хъыргъы тулдзыл мауал ба- да, тулдз гыркъо ратта, гыркъо хуы ахæра, хуы хъис ратта, — æз мæ цæдисæмбалы раласон. Мыст загъта: — Уæдæ мæ гæды мауал ахсæд. Æхсæнкъ гæдымæ бацыди æмæ йын загъта: — Гæды, мыст мауал ахс: мыст къуту мауал гæрда, къуту хор ратта, хор карк ахæра, карк цъиу ратта, цъиуы хъыргъы ахæра, хъыр- гъы тулдзыл мауал бада, тулдз гыркъо ратта, гыркъо хуы ахæра, хуы хъис ратта, — æз мæ цæдисæмбалы раласон. Гæды загъта: — Уæдæ мын æфсинæй æхсыр æрхæсс! Æфсинмæ бацыди: — Æфсин, æхсыр ратт: æхсыр гæды астæра, гæды мыст мауал ахса, мыст къуту мауал гæрда, къуту хор ратта, хор карк ахæра, карк цъиу ратта, цъиуы хъыргъы ахæра, хъыргъы тулдзыл мауал бада, тулдз гыркъо ратта, гыркъо хуы ахæра, хуы хъис ратта, — æз мæ цæ- дисæмбалы раласон. Æфсин æхсыр радта, æхсыр гæды астæрдта, гæды мыст нал ахста, мыст къуту нал гæрста, къуту хор радта, хор карк ахордта, карк цъиу радта, цъиуы хъыргъы ахордта, хъыргъы тулдзыл нал бадти, тулдз гыркъо радта, гыркъо хуы ахордта, хуы хъис радта, æмæ дзы æхсæнкъ йæ цæдисæмбалы раласта. Абон дæр ма цæрынц. ^
ьэ слэ саз слэ саз слэ слэ едэ елэ саэ с^ МÆГУЫР ЛÆГ ÆМÆ КАЛМ Раджыма-раджы цардис æмæ уыдис мæгуыр лæг. Уыдис ын ус, чызг æмæ лæппу. Нæдæр сын хуымзæхх уыди, нæдæр уыгæр- дæн, ницы сæм уыди фосæй, нæ сæм-иу æрцыди хор. Лæг йæ лæппуйы æххуырсты радта æлдармæ, лæппу уæлыгæс цыди æмæ уымæй йæхи хаста. Чызг сын хæдзаргæс уыди, ус æмæ лæг та æлда- рæн алы куыстытæ кодтой. Ус куы æхсæдгæ кодта, куы пиргæ æмæ æл- висгæ, куы хуигæ, куы та тынтæ уæфта. Иæ мызд-иу уыд мæрты æр- дæг кæнæ хъæбæрхор, кæнæ нартхор. Мæгуыр лæг йæхæдæг та æлда- рæн кæнæ суг ласта, кæнæ хос карста, кæнæ та хуым кодта. Æмæ бинонтæ афтæмæйты ирвæзтысты. Иу хуымгæрдæн бон, дын, мæгуыр лæг йе ’хсырф йæ роны асагъ- та, йæ къæсса йе ’ккой акодта æмæ дæлæ быдыры куыстмæ фæцæуы. Мæгуыр лæг æлдарæн удуæлдай куыст бакодта æгас мæйы дæргъы, æмæ йæм цыди мызд æхсæз мæрты, кæнæ æртæ къæртайы. Æлдар ын йæ мызд радта. Мæгуыр лæг йæ къæсса байдзаг кодта æмæ цингæнгæ йæ хæ- дзармæ рацыд. Иу æнахуыр быдырмæ куы æрбахæццæ, уæд фæкаст, æмæ быдыры хус хæтæлтыл арт сирвæзт æмæ зынг æрбацæуы лæджы развæндагмæ. Раст гъе уыцы рæстæг калм рыджы фæцæйхылди, æмæ йæ йæ хуынкъмæ балидзын бон нал фæци, фæлæ размæ лыгъди зынгæй æмæ фæндаггæрон сындзы къутæрмæ баирвæзт. Зынг дæр æй суры, æмæ мæнæ къутæрæн йæ алыварс ссыгъди: калм кæмæ сбырыд, уыцы къу- тæр зынджы астæу фестад. Мæгуыр лæг къутæрмæ куы бахæццæ, уæд æм калм дзуры: — Уæ, бæлццон! Æз дæ мад, дæ фыды уазæг! Судзын, æмæ мæ фервæзын кæн. Дæ хорздзинад дын мæ уæлæ нæ ныууадздзынæн! Дæ лæдзæг мæм æрбадар, æмæ ууыл абырон. Мæгуыр лæг айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ йæ лæдзæг къутæр- 30
мæ бадардта. Калм лæдзæгыл йæхи атыхта, раирвæзт æмæ уæд мæ- гуыр лæджы хъуырыл æртыхсти. — Цæй, кæд мын исты бафидинаг дæ, уæд мын æй бафид æмæ фæндараст фæу! — загъта мæгуыр лæг калмæн. — Цæй фиддæнтæ мæ агурыс, кæд æрра нæ дæ, уæд! Æз дæу хъуамæ æргæвдгæ акæнон æмæ дæ бахæрон, — загъта калм. — Кæд искуы калмæн хорздзинад ракæнæг хорз ссардта, уæд ма дæ суадздзы- нæн, кæннод дæ аргæвддзынæн æмæ дæ бахæрдзынæн! — Уæдæ нæ хъуыддаг тæрхонмæ раттæм,—йæ фыркатайæ сдзырд- та мæгуыр лæг. — Фæуæд афтæ дæр, — загъта калм. Æмæ суынаффæ кодтой æртæ тæрхонмæ байхъусын. Лæгæн æндæр фæрæз нал уыди, æмæ калмы хæссын байдыдта. Би- рæ йæ фæхаста, чысыл æй фæхаста, уый чи зоны. Уалынмæ сыл-иу фæндаггон лæг æрбамбæлди. Мæгуыр лæг ын йæ хъаст ракодта, æмæ дзы ракуырдта йæ тæрхон радзурын, кæнæ æндæр исты ба- цамонын. — Æз бирæ бæстæтыл фæхаттæн, фæлæ никуыдæр уынгæ фæкод- тон, никуыдæр хъусгæ фæкодтон, калмæн хорз чи фæци, уый дзы исты хорз ссардта, зæгъгæ. Гъемæ уын ницыдæр мæ бон у, ницыдæр амонгæ кæнын, — загъта уыцы фæндаггон лæг. — Иу лæг уал нын ницы тæрхон скодта, ницы амонгæ, — загъта калм. Уалынмæ сыл арс дæр æрбамбæлди. Арсы раз дæр та лæг æрлæу- уыди, йе ’намонды хабæрттæ йын радзырдта æмæ та уымæй дæр æр- куырдта тæрхон. Арс ын загъта: — Мæнæн мæ фыдæлтæ дæр æмæ мæхæдæг дæр хъæды сырдтæн тæрхонгæнæг уыдыстæм, фæлæ ахæм хабар никуы фехъуыстон, кал- мæн хорз чи фæци, уый хорз ссардта, зæгъгæ. Æндæр искæй бафæрсут. Лæгæн йæ уæнгтæ барызтысты, йæ оæрыхъуын арц слæууыди фыр- тæссæй. Мæгуыр лæджы амондæн фæндагыл æрбазынди домбай. Тæрсгæ-ризгæйæ та мæгуыр лæг уымæн дæр йæ хъаст кæнын рай- дыдта. Иæ хъаст куы фæци, уæд домбай фæхъæр кодта: — Кæд хъæстгæнджытæ стут, уæд хъæстгæнæгау мæнæ мæ разы æрлæуут, æмæ уæ алчидæр йæ хъаст ракæнæд! Æз афтæ фæтæрхон кæ- нын! Мæгуыр лæг, ды уал де ’ргъом зæххыл æрæвæр æмæ мæ разы раст слæуу! Калм, ды та зæхмæ æрхиз æмæ йæ фарсмæ æрлæуу! Лæг йе ’ргъом куы æрæвæрдта, стæй калм дæр зæхмæ куы æр- бырыд, уæд домбай фæхъæр кодта лæгыл: — Хорз бæсты кæмæн нæ цæуы æмæ сæ фыдбылызæй чи фиды, уымæн фыдбылыз аразын хъæуы! Цæй-ма, уæдæ йын ды дæр фыд- 31
былыз сараз. Дæ хъама ма дæ фарсыл цæмæ дарыс?! Йæ сæр ын аха- уын кæ, æмæ дзы фервæзай! Калм ма хъуамæ йæ бынатмæ сгæпп кодтаид, фæлæ йæ лæг уæхск- уæзæй æрриуыгъта хъамайæ æмæ йæ йæ астæуыл ахауын кодта. Домбай та мæгуыр лæгæн загъта: — Калмæн йæ фæстагæрдæг ам дурæй дурмæ ныцъцъæш кæн, дæ лæдзæджы бырынкъæй йæ сис æмæ йæ дардмæ фехс. Каедæм фæхауа, уым æй баныгæн. Кæннод калмæн йæ сæр фезгъоры удæгасгæнæн суа- донмæ, æмæ уымæй йæхи куы цæхса æмæ дзы йæ лыг буар куы фæ- хъæстæ кæна, уæд, цы уыдис, авд ахæмы хуыздæр фестдзæн. Уыцы донимæ фæстæмæ куы раздæха ардæм, уæд æм бахъав æмæ йын йæ сæр дурæй дурмæ лыстæг цъæлтæ ныккæн, æмæ дзы фервæзай! Калмы йæ сæрæй мардæуы. Калмы сæр удæгасгæнæг суадоны йæхи цæппæрста, донæй ма йæ дзыхы дæр рахаста, афтæмæй рязгъордта, йæ фæстагæрдæг кæм баз- зад, уырдæм, фæлæ йæ уым куынæуал æрыййæфта, уæд йæхи дуртыл хойын байдыдта. Лæг дæр æм цырд фæлæууыд æмæ йæ дурты æхсæн лыстæг цъæлтæ ныккодта, домбай йын куыд бацамыдта, афтæ. — Хорз, — загъта домбай. — Баххуыс дын кодтон, æмæ фервæз- тæ. Фæлæ мæныл куы нæ сæмбæлдаис, уæд та?! Исчи ма калмыл æууæнды? — Нал фæрæдидзынæн афтæ, — загъта лæг. Домбай та дзуры мæгуыр лæгмæ: — Цом, æмæ дын удæгасгæнæн дон бацамонон. Каед дæ цард фен- цондæр уаид. Æрмæст тæрсгæ ма фæкæн. Домбай разæй ацыд, лæг йæ фæдыл, æмæ быдырæй бахызтысты хохы хъæбысмæ. Уалынмæ сæ разы фæзынди цæхгæр айнæг къæдзæх, æмæ сын дарддæр фæндаг нал уыд. Мæгуыр лæг хорзау нал фæци, фæлæ домбай айнæджы мидæг нарæг æмæ бæрзонд лæгæты бацыд, æмæ уæд мæгуыр лæг дæр йæ фæдыл бараст и. Уым баййæфтой залиаг калмы йе ’йчытыл къуыртты бадгæ. Залиаг калм сæ куы ауыдта, уæд хæрдмæ фæхаудта, æмæ сæм йæ дзых куыд фæхæлиу кодта, афтæ йын домбай йæ хурхы æвиппайды йæ дæндæгтæ фæсагъта, стæй йын йæ цæстытæ акъахта. Залиаг калм ма йæхи бæргæ рариуыгъ-бариуыгъ кодта, фæлæ куырмæй кæй фед- таид æмæ цы бакодтаид! Æмæ йæ ныммардтой мæгуыр лæг æмæ дом- бай. Калмы куы амардтой, уæд ын йе ’йчытæ дæр ныцъцъæл кодтой. Залиаг калм хъахъхъæнгæ кодта удæгасгæнæн дон. Æмæ домбай æмæ мæгуыр лæг калмæй куы фервæзтысты, уæд мидæмæ цæуын бай- дыдтой. Кæсынц, æмæ лæгæты цары иу хуынкъ сырх зынгау цæхæртæ калы, æмæ дзы уырдыгмæ лыстæг æхсæрдзæн кæлы. Уый уыдис удæ- гасгæнæн дон. Мæгуыр лæг æмæ домбай æхсæрдзæны донæй сæхи цæхсадтой, лæг 32
ма дзы куысыфтæджы дзаг йемæ дæр рахаста, æмæ фæстæмæ раздæх- тысты. Фæндагмæ куы рахæццæ сты, уæд лæг æмæ домбай кæрæдзийæн хæрзбон загътой, æмæ сæ алчидæр йæ фæндагыл ацыд. Мæгуыр лæг йæ хоры æргъомимæ куыддæр йæ хæдзармæ æрхæц- цæ, афтæ паддзахы фидиуджытæ алырдæм ныппырхытæ сты хъæр- гæнгæ: «Паддзахы иунæг фырт хæсты мæлæтдзаг цæфтæ фæци. Чи йæ фервæзын кæна, уымæн дæтты йæ паддзахады æмбис, стæй йын йæ хæрзиуæг йæ цæрæнбонты дæр нæ ферох кæндзæн». Мæгуыр лæг куысыфтæджы дзаг донимæ ацыди æмæ дыккаг бон паддзахы галуантæм бахæццæ. Удирвæзынгæнæн донæй бадардтой пад- дзахы фыртæн, æмæ лæппуйæн йæ тых, йæ ныфс цы уыдысты, уымæй авд ахæмы фылдæр фестадысты. Куыннæ фæцин кодтаид паддзах! Фырцинæй стыр куывдтæ фæ- кодта. Уыцы куывдты кæронæй бадти мæгуыр лæг дæр. Паддзах мæгуыр лæгæн йæ паддзахады æрдæг кæм радтаид! Фæ- лæ йын радта дыууæ галы æд галуæрдон æмæ хор йæ гуыффæйы дзаг. Мæгуыр лæг араст йæ хæдзармæ, кусын байдыдта æмæ цæх-кæр- дзыны фаг амалтæ кодта йæхицæн дæр æмæ йæ бинонтæн дæр. Фæлæ уæдæй фæстæмæ кæлмытыл нал æууæндыд. ^ 3 Ирон адæмы аргъæуттæ
*2а$^^5*^$а?*$А5*^^ СИДЗÆР ЛÆППУ Раджыма-раджы цардис ну лæг æмæ ус. Райгуырдис сын лæппу. Лæппуйыл иу афæд^ куы ацыди, уæд йæ мад амард, æмæ лæг дыккаг ус æрхаста. Фыдыус ын-иу æнтыд къæйыл ныхъхъæбæр кодта, йæ хызыны-иу ын æй цæвæрдта, æмæ-иу æй фиййау ар- выста. Уым-иу лæппу бон-изæрмæ кæуынæй нал æнцад. Уый фæстæ дыккаг усæн дæр лæппу райгуырд. Лæппу куы бахъо- мыл ис, уæд-иу ын ус цæрвджын хæбизджын скодта æмæ-иу уый дæр фиййау арвыста. Иухатт куы уыд, уæд гыццыл лæппу загъта иннæ лæппуйæн: — Цæй-ма, рацу, æмæ исты бахæрæм! Хæрыныл æрбадтысты, æмæ сидзæр лæппу гыццыл лæппуйы хы- зын куы федта, уæд ныккуыдта æмæ загъта: — Дæуæн дæ хызыны цæрвджын хæбизджын ис, фæлæ ма мæ хы- зынмæ ныккæс. Гыццыл лæппу сидзæр лæппуйы хызынмæ ныккаст, æмæ йæ уæд фæрсы: — Цæмæн афтæ у? Сидзæр лæппу загъта: — Цы бакæнон, дæ мад мын æндæр ницы дæтты. Сыстадысты хæрынæй, æмæ сидзæр лæппу хъуыдытæ байдыдта, æмæ та ’йын кæуынæй банцайæн нал уыдис. Иухатт куы уыдис, уæд æм бур фыр æрбацыд æмæ йæ фæрсы: — Цы кодтай, алыбон дын дæ кæуынæй куы нал фæразæм! Лæппу йын загъта: — Цы бакæнон, сидзæр дæн æмæ сыдæй мæлын алыбон дæр! — Хорз, уæдæ. Дæлæ нæ айнæджы былмæ аскъæр, æмæ уым æн- цад хиздзыстæм, уæхуыдтæг-иу рындзыл сбадут. Лæппу фыстæ рамбырд кодта æмæ сæ айнæджы былмæ аскъæрд- та, йæхæдæг гыццыл лæппуимæ рындзыл сбадтис. Уæд бур фыр уæле 43
йæхи рауагъта, гыццыл лæппуйы скъуырдта, æмæ лæппу кæмдæр ных- хæррæгъ. Сидзæр лæпиу та хъарæг самадта: — Ныр ма цы кæндзынæн? Изæры мæ маргæ кæндзысты, нæ лæппу демæ куы уыдис, уæд дын цы фæцис, зæгъгæ! Фыр æм æрбацыдис æмæ йын загъта: — Ма тæрс, ма ку. Куы дæ фæрсой, уæд-иу мæнæй зæгъ, бур фыр æй амардта, зæгъгæ. Мæн уæд хистæн æргæвддзысты, дæу та къæх- тылхæцæг скæндзысты, фæлæ мын куыддæр кард мæ хурхыл æрбавæ- рой, афтæ-иу мæ феуæгъд кæн æмæ-иу, цыма мæн сурыс, уыйау мæ фæдыл згъор. Куы æризæр ис, уæд лæппу фысты дзуг хæдзармæ æртардта. Би- нонтæ йæ фæрсынц: — Де ’мбал цы фæцис? Лæппу кæуынхъæлæсæй загъта: — Абон уæлæ айнæджы сæр бадтыстæм, æмæ уæртæ бур фыр лæп- пуйы скъуырдта, æмæ былæй ахауд! — Ауай уæдæ æмæ бур фыры ардæм æрбакæн, мах æй хистæн аргæвдæм! Лæппу фыры æрбакодта æмæ йæхи къæхтылхæцæг фæкодта. Гъа ныр æй æрбаргæвдой, афтæ лæппу фыры феуæгъд кодта, æмæ бур фыр лидзынмæ фæци. Лæппу дæр, цыма фыры асырдта, уыйау йæ фæ- дыл ныййарц и. Згъорынц, згъорынц, æмæ сау хъæдмæ куы схæццæ сты, уæд ын фыр загъта: — Бæрзонд бæласы сæрмæ схиз, æмæ-иу дæ куы хъæуон, уæд-иу мæнæ уыцы уадындзæй ныууас; ай у кæуыны уадындз, мæнæ уый та дын зарыны уадындз. Афтæмæй йæм дыууæ уадындзы радта, стæй йын алы хæрд, алы нозт ныууагъта, йæхæдæг авд хохы фалæмæ хизынмæ ацыд. Лæппу-иу зарыны уадындзæй куы уасыд, уæд æм лæг хъусынæй не ’фсæсти. Иухатт æлдары фырттæ фиййау рацыдысты. Уыцы лæппумæ хъу- сыныл фесты, æмæ сæ фыстæ хъæдмæ бацыдысты, æмæ сын сæ бирæгъ ныццагъта. Сæхимæ æрцыдысты æмæ сæ фыдæн загътой: — Саухъæды астæу иу лæппу уадындзæй уасын байдайы, æмæ уымæ хъусынæй нæ фыстæ фесæфтысты! Уæд æлдар афтæ зæгъы: — Уыцы лæппуйы мын чи æркæна, уымæн дыууæ мины æхца. Къулыбадæг ус ын загъта: — Уæдæ йæ æз æркæндзынæн. Сæгъ балхæдта, ацыди сæгъймæ уыцы бæласы бынмæ, райста кард æмæ йæ куы сæгъæн йæ тæны фæтъыссы, куы та йæ гуыбыны. Лæппу сæгъы тæригъæдмæ кæсын куы нал фæрæзта, уæд æр- 35
хызтис æмæ сæгъ аргæвста. Кьулыбадæг ус фыд сфыхта, æмæ хæры- ныл куы æрбадтысты, уæд лæппуйæн арахъхъ ануазын кодта, æмæ лæппу уайтагъд бафынæй. Кьулыбадæг ус æй уæрдоны оæвæрдта, æл- дары хæдзармæ йæ æрласта æмæ йæ уым авд цæнгæт дуары мидæгæй бакодта. Лæппу куы райхъал ис, уæд нырдиаг кодта, ныккуыдта. Уалынмæ ^алон фæтæхы, æмæ йæм лæппу дзуры: — У-у-у, уæлæ халон, саухъæды бæрзонд кæрдобæласы сæр мæ дыууæ уадындзы, æмæ зарыны уадындз дæхицæн айс, кæуыны уа- дындз та мæнæн æрхæсс. Халон загъта: — Уæдæ, уæдæ, уæ хуртуаны цур куы абадын, уæд мæ фæцæй- хæрут, уыссиу-уыссиу, аæгъгæ! Стæй та бæлон æрбатæхы, æмæ йæм лæппу дзуры: — У-у-у, Дæ хорзæхæй, уæлæ бæлан, саухъæды астæу кæрдо бæ- ласы сæрыл мæ дыууæ уадындзы, æмæ зарыны уадындз дæхицæн уадз, кæуыны уадындз та мæнæн æрхæсс. — Уæдæ, уæдæ, сисыл куы абадын, уæд мæм аууæтты куы æр- ’бацæйхъуызут! Уалынмæ зæрватыкк æрбатæхы, æмæ та лæппу уымæ дæр дзуры: — У-у-у, уæлæ зæрватыкк, саухъæды астæу кæрдобæласы сæр мæ дыууæ уадындзы, æмæ сæ æрхæсс. Зарыны уадындз дæхицæн уадз, кæуыны уадындз та мæнæн. Зæрватыкк атахти, æрхаста уадындзтæ æм-æ дыууæ дæр лæппумæ радта. Лæппу кæуыны уадындзæй ныууасыд. Фыр æй авд хохы фалейы айхъуыста, згъорынтæ байдыдта, згъорынтæ байдыдта, æмæ хъæу- гæронмæ æрбахæццæ. Ноджыдæр та байхъуыста, æмæ та лæппу ныу- уасыд. Уæд фыр уыцы иу тахт бакодта æмæ цæнгæт дуар ныггуыпп ласта. Дуар куы батыдта, уæд та иннæ дæр ныггуыпп кодта. Афтæ æвдæм дуар куы батыдта, уæд æм лæппу рауад, кæрæдзиуыл ныццин- тæ кодтой æмæ уырдыгæй лидзын байдыдтой. Фæндагыл къулыбадæг ус сæ размæ фæци æмæ мидбылты худ- гæйæ дзуры: — Кæдæм уайут, уæ фæхъхъау фæуон, махмæ уал рацæут. Фыр айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ йæ уыцы иу гуыпп ныккод- та, æмæ, — дæ балгъитæг афтæ, — ус йæ гæндзæхтæ бацагъта. Фыр æмæ лæппу абон дæр цæрынц дзæбæхæй. \^
^еА?»^^^^^^^^^^ ÆВЗИСТСЫКЪА САГ Раджыма-раджы цардис лæг æмæ ус, æмæ сын æртæ лæппуйы райгуырд. Лæппутæ куы рахъомыл сты, уæд цуан кæнын бай- дыдтой. Лæг æмæ ус амардысты, æмæ лæппутæ сидзæрæй баз- задысты. Иухатт дыууæ хистæры иумæ ацыдысты цуаны, кæстæр та йæ- хæдæг ацыд. Дыууæ хистæры куы бафæлладысты, уæд иумæ ард ба- хордтой, абонæй фæстæмæ ма цуаны чи рацæуа, зæгъгæ, æмæ афти- дæй æрцыдысты. Кæстæр та саг æрхаста. Бонтæ рацыди, æмæ та хистæр лæппу сфæнд кодта цуаны ацæ- уын. Араст ис, иу тигъмæ ссыд, уырдыгæй ныккаст, æмæ дын дзы æв- зистсыкъа саг. Топп æм фелвæста. Уæд æм саг дзуры: — Ма мæ амар, лæппу. Лæппу йæ ныггæрах кодта, æмæ йæхæдæг фæуæлгоммæ. Дыккаг лæппу дæр ацыд йе ’фсымæры фæдыл. Тигъмæ ссыд, æмæ та уымæ дæр дзуры саг, ма мæ амар, лæппу, зæгъгæ. — Ау, ныр æз дæу æнæ мардæй ауадзон! — Афтæмæй йæ ныггæ- рах кодта, æмæ та уый дæр йæхæдæг фæуæлгоммæ. Кæстæр лæппу цуаны ацыд æмæ загъта: — Хуыцауты хуыцау, уæдæ мæ ме ’фсымæрты фæдыл ауадз! Лæппу раст йе ’фсымæрты фæндагыл араст и, ссыд тигъмæ æмæ сагмæ уырдыгмæ ныккаст. Саг та уымæ дæр дзуры: — Ма мæ амар, лæппу! Лæппу йæ фæгæрах кодта, æмæ саг фæуæлгоммæ. Лæппу ныццыд, æмæ дын, саг цæфæй лæууы. Саг ын загъта: —■ Ма мæ аргæвд, афтæмæй мæ алас! Лæппу йын йæ хъуырыл бæндæн бафтыдта æмæ йæ раласта йæ хæдзармæ. Фæндагыл ын саг загъта: — Ацу æмæ дæ хæдзарæн йæ хуынчъытæ сæхгæн. 37
Лæппу ацыд æмае сæ сæхгæдта. Саг хæдзармæ бацыд, стæй уæд лæппуйы арвыста æлдары æххуырстытæм: — Ацу, æмæ дæ сызгъæринрагъ топп уадындзæй баив. Лæппу ацыд, йæ сызгъæринрагъ топп уадындзæй баивта æмæ фæстæмæ ссыди. Саг йæ иу сыкъа разылдта, æмæ дзы алыхуызон хъазты чызджы- тæ æмæ лæппутæ рацыдис. Иннæ сыкъа разылдта æмæ сын уырдыгæй та алы хæрд, алы нозт райста. Стæй саг уадындз райста æмæ сын æр- цагъта — хæдзар иууылдæр къæрцæмдзæгъд ссис. Æлдары æххуырстытæ къулыбадæг лæппуйы сардыдтой: — Ацу æмæ уьщы лæппуйы бабæрæг кæн. Мæгуыр куы у, уæд йæ сызгъæринрагъ топп уадындзæй цæмæн баивта? Къулыбадæг лæппу ссыд, хуынкъæй мидæмæ бирæ фæкаст, стæй æрцыд, æмæ, цы федта, уыдон æххуырстытæн радзырдта. Æххуырсты- тæ йын загътой: — Ацу æмæ æлдарæн афтæ зæгъ: «Æлдар, уыцы лæппу куыд зæгъы! Мæнæн, дам, æлдарæн мæ цæст куы уарзид, уæд ма йын мæ сызгъæрин топпимæ ме ’взистсыкъа саг дæр раттин». Æлдар лæппумæ басидт æмæ йын загъта, дæ саг дæр мын ратт, зæгъгæ. Лæппу скатай ис, афтæмæй сæхимæ бацыд. Саг ын загъта: — Нæ дын загътон, мæн дæуæн ничи ныууадздзæн, зæгъгæ? Ныр гæнæн нал ис, æмæ цом! Æрцыдысты æлдары хæдзармæ æмæ уым цæрын байдыдтой. Æххуырстытæ та къулыбадæг лæппуйы сардыдтой: — Ацу æмæ æлдарæн зæгъ: уыцы лæппу, зæгъ, афтæ загъта, «мæнæн, дам, æлдарæн мæ цæст куы уарзид, уæд, дам, ын æнæ мад, æнæ фыдæй райгуыргæ чызг усæн æрхæссин!» Æлдар лæппумæ басидт æмæ йын загъта: — Ацу æмæ мын æнæ мад, æнæ фыдæй райгуыргæ чызг усæн æрхæсс! Лæппу кæуын байдыдта. Уæд ын саг афтæ зæгъы: — Кæугæ ма кæн, фæлæ ацу æмæ æлдарæн зæгъ, мемæ мын æх- хуырстытæ рарвит, зæгъгæ. Стæй ма йын саг загъта: — Дард быдыры ис дынджыр обау. Обауыл-иу æрхуысс æмæ иу зæгъ: «Ох, ме ’нæныййарæг мад, цæй фæллад дын бакодтон!» Уæд дæм рацæудзæн иу ус æмæ дын æй уый бацамондзæн, цы кæнын хъæуа, уый. Лæппу æххуырстыты йемæ акодта, æмæ обаумæ куы бахæццæ сты, уæд ын саг куыд загъта, афтæ бакодта. Ус æм рауадис, бацинтæ йыл кодта, стæй йын афтæ зæгъы: 38
— Ныртæккæ мæ лæппуты ардæм хъæуы, æмæ уæ куы нæ бам- бæхсон, уæд уæ бахæрдзысты. Лæппу йын радзырдта йæ хабар. Ус æххуырстыты бамбæхста, лæппуйæн та загъта: — Судзиндон къоппы дæ цæвæрдзынæн, æмæ-иу уым æнцад бад! Судзиндон къоппы йæ куыд цæвæрдта, афтæ уыцы усæн йæ лæп- путæ дæр иугай-иугай цæуын байдыдтой, æмæ дзы-иу алчидæр йæ ма- дæн загъта, аллон-биллоны смаг дæ цæуы, зæгъгæ. — Аллон-биллоны смаг та мæ кæцæй цæуа! — дзуапп сын-иу рад- та сæ мад. — Мæнæ саджы смаг кæнын. Уæд кæстæр лæппу афтæ зæгъы йе ’фсымæртæн: — Цæуæнты мах цæуæм, хæтæнты мах хæтæм, аллон-биллоны смаг та уый кæны?! Мад йæ фырттæм дзуры: — Æз мæ фыды бæстæм уынæг цæуын, æмæ мын уæ бæх раттут, стæй мæ афæдзы бонмæ ма бабæрæг кæнут! Лæппутæ загътой: — Æмæ мах ардæм дæу æмæ бæхы тыххæй куы цæуæм, уый йед- тæмæ ам цы агурæм? Кæм ныл баизæр уа, уым нæ хæдзар! Лæппутæ райсомæй фестадысты æмæ ацыдысты. Ус загъта йæ уа- зæг лæппуйæн: — Мæнæ ацы бæхыл сбад, æмæ дæ уый хæццæ кæндзæн бынатмæ. Стæй дын цы зæгъа, уый-иу кæн, æцæг, афæдзы бонмæ ам куыд уай, афтæ. Лæппу бæхыл сбадт, æххуырстыты дæр йемæ акодта, æмæ араст сты. Фæцæуынц, æмæ, дын, иу цæргæс лæппуйы хъуырыл ныттыхст æмæ йын афтæ зæгъы: — Мæнæ мæ иу хъис атон, æмæ дæ мæ сæр куы бахъæуа, уæд-иу уыцы хъис артмæ бадар, æмæ дæм уæд хæццæ кæндзынæн! Дарддæр цæуын байдыдтой. Уалынмæ та йыл кæсаг йæхи æртыхта æмæ йæм дзуры: — Мæнæ мæ цæппæр атон, æмæ дæ мæ сæр куы бахъæуа, уæд-иу цæппæр артмæ бадар, æмæ дæм хæццæ кæндзынæн! Цæуынтæ байдыдтой дарддæр æмæ бахæццæ сты иу мæсыгмæ. Бæх лæппуйæн афтæ зæгъы: — Гъеныр де ’ххуырстыты æркафын кæн, æмæ, кæй агурыс, уыцы чызг мæсыгæй уыдонмæ куы ракæса, уæд йæ рухс арвыл æмбæлдзæн, æмæ йыл ды уæд дæхи цæв! Лæппу æххуырстыты æркафын кодта. Чызг сæм сæ уынæрмæ ра- каст, æмæ, æцæгдæр, йæ рухс арвыл æмбæлди. Лæппу йыл йæхи ныц- цавта, æмæ йæ рахастой. Фæндагыл ын чызг яфтæ зæгъы: 39
— Дойны мын у! Лæппу йын къусы дон систа. Чызг загъта: — Æз къусæй нæ фæнуазын. — Уæдæ? — Уæдæмæ фурдæй. Лæппу йæ фурдмæ бакодта, чызг кæсаг фестад, ныцъцъыллинг кодта æмæ доны афардæг. Лæппуйæн цæргæсы ныхас йæ зæрдыл æрлæууыд. Цæргæсы хъис артмæ бадардта, æмæ цæргæс уайтагъд æрбахæццæ. Цæргæс кæсаджы фелвæста, лæппумæ йæ радта, æмæ кæсаг фæстæмæ чызг фестад. Араст сты дарддæр. Иудзæвгар куы ауадысты, уæд та чызг загъта: — Дойны мын у. Лæппу та йын донæй къусы систа. Чызг та афтæ куы бакæнид: — Æз къусæй нæ нуазын! — Уæдæ? — Уæдæмæ фурдæй! Лæппу йæ фурдмæ бакодта, æмæ та чызг кæсаг фестад æмæ афардæг. Лæппу дæр кæсаджы хъис фелвæста, æмæ йæ артмæ бадардта. Кæсаг уадидæгæн йæ цуры фестад æмæ лæппуйы афарста: — Цы хабар у? Лæппу йын загъта: — Чызг мын кæсаг фестад æмæ алыгъди. Кæсаг доны баленк кодта æмæ йæ схаста. Уаед чызг загъта: — Æз ныр дæу дæн, æмæ цом! Уалынмæ обаумæ æрбахæццæ сты. Ус рауад æмæ лæппуйæн афтæ: — Æз ныр мæ фыды хæдзармæ куы нæ ацæуон, уæд мæ мæ фырт- тæ ам æрæййафдзысты æмæ мæ амардзысты. Ус бауад, цæджындз дамбацайæн абаста, аххæрæг та топпæн, бæхыл абадт æмæ йæ фыды хæдзармæ ацыд. Чызг æмæ лæппу æлдары хæдзармæ æрцыдысты. Æххуырстытæ та къулыбадæг лæппуйы сардыдтой: — Ацу æмæ ма æлдарæн зæгъ, уыцы лæппу, зæгъ, афтæ зæгъы: «Мæнæн, дам, æлдарæн мæ цæст куы уарзид, уæд ын ныронг цы ба- кодтон, уыдонæй уæлдай ма йын пылыстæгæй бандæттæ дæр скæнин». Æлдар лæппумæ басидти æмæ йын загъта: — Дæ хорз-хорз у, æмæ ма мын пылыстæгæй бандæттæ дæр скæн. Саг загъта лæппуйæн: 40
— Ацу æмæ æлдарæн зæгъ, æмæ доны был æртæ уæрмы скъахын кæнæд. Лæппу ацыд æмæ загъта æлдарæн. Æлдар загъта йе ’ххуырсты- тæн. Уыдон ацыдысты æмæ, уæрмытæ къахынæй куы бафæлладысты, уæд кæрæдзийы ныппырх кодтой. Пыл райсом æрцыд донмæ. Æртæ уæрмы дзаг уыдысты: иу тамакойæ, иннæ цæххæй, æртыккаг арахъ- хъæй. Пыл цæхх æмæ тамако фæхордта, стæй арахъхъ банызта æмæ уым амард. Лæппу æрцыд æмæ пылыстæгæй бандæттæ фæкодта, стæй ссыд хæдзармæ. Чызг ын загъта: — Ацу æмæ æлдарæн зæгъ, къамбецы æхсыр цæджджинаджы дзаг сфыцын кæнæд, æмæ уым нæхи цынайæм æлдаримæ. Æлдар къамбецы æхсыр цæджджинаджы дзаг сфыцын кодта. Уæд чызг афтæ зæгъы æлдарæн: — Ныххиз ныр! Æлдар дзы цингæнгæ ныххызт æмæ уым басыгъди. Чызг уæд лæп- пуйæн афтæ: — Рацу æмæ нæхи цынайæм. Æлдары мард сæппæрстой, сæхи дзы цынадтой, æмæ цы уыдысты, авд ахæмы хуыздæр фестадысты. Абон дæр ма лæппуйæн йæхицæн баззадысты саг дэер, чызг дæр, бандæттæ даер æмæ æлдары фæллой дæр. ч&
кЭ СДЭ СЖЭ САЭ СкЭ СЛЭ САЭ САЭ САЭ САЭ С^ ФÆНЫКГУЫЗ АЛЫБЕГ Цардысты æмæ уыдысты лæг æмæ ус. Уыдонæн уыд æртæ лæп- пуйы æмæ æртæ чызджы. Кæстæр лæппу фæныкгуыз уыд, йæ лом — Алыбег. Дыууæ хистæр æфсымæры-иу хæтæнты хатты- сты, сæ кæстæр, Алыбег та хæдзарæй никæдæм цыд, æдзух фæ- нычы бадт. Иу бон куы уыдис, уæд та дыууæ хистæр лæппуйы хæтæны уыдыс- ты, афтæмæй сын халон оæ кауыл абадти æмæ «хъуахъхъ», зæгъгæ, ныхъхъæр кодта. Фæныкгуыз йæ хистæр хойы радавта æмæ йæ халоны дзыхы баппæрста. Халон дæр чызгимæ афардæг ис. Изæрæй дыууæ хистæр лæппуйы куы æрцыдысты, уæд сын уыцы хабар радзырдæуыд. Уыдон баздæхтысты æмæ Фæныкгуызы уырды над фæкодтой. Уыйадыл сæм сæ фыд хæцыди, уый æрра куы у, уæд æй цы нæмут, зæгъгæ. Дыккаг бон та дыууæ хистæр лæппуйы цуаны куы ацыдысты, уæд сæ кауыл цæргæс абадти æмæ та сæм уый дæр бахъæр кодта. Фæнык- гуыз дæр дыккаг хойы радавта æмæ йæ цæргæсы дзыхы баппæрста. Уый дæр та чызгимæ афардæг ис. Изæрæй та дыууæ хистæр лæппуйы æрцыдысты. Хабар сын радзырдæуыд. Баздæхтысты æмæ Фæныкгуызы нытътъæпæн кодтой. Уыйадыл та сæм сæ фыд тынг хæцыд, ныууадзут æй, уый æрра куы у, уæд æй цы нæмут, зæгъгæ. Æртыккаг бон дæр та дыууæ хистæр лæппуйы хæтæны уыдысты, æмæ та сын сæ хæдзармæ сынт æрбахъæр кодта. Фæныкгуыз æртыккаг хойы йæ хъæбысы фелвæста, æддæмæ йæ радавта æмæ йæ сынты дзы- хы баппæрста. Сынт дæр чызгимæ афардæг. Афтæмæй æртæ чызджы дæр мæргътæ ахастой. Изæрæй дыууæ хистæр лæппуйы куы æрцыдысты хæтæнæй, уæд та сын радзырдæуыд: «Фæныкгуыз кæстæр хойы дæр сынты дзыхы бап- пæрста, æмæ йæ уый фæхаста». Уыдон дæр Фæныкгуызы сæ быны æр- бавæрдтой æмæ та йæ нæмын байдыдтой. — Цæуыл нæмут уыцы æррайы, — зæгъгæ оæм дзуры сæ фыд, — 42
уый исты куы æмбарид, уæд йæ хоты дæр нæ фесæфтаид, стæй фæны- кæй æддæмæ ралæсид. Лæппутæ загътой: — Куыннæ йæ нæмæм, не ’ртæ хойы нын кæмæн радта æмæ сæм агурынмæ чердæм фæцæуæм, уый бæрæг куы нæ зонæм, уæд? Фæлæ та йæ сæ фыды хатырæй ныууагътой. Цас афонтæ рацыдаид, чи зоны, фæлæ иуахæмы сæ фыд амард. Сæ фыд куы марди, уæд йæ лæппутæн бафæдзæхста: «Куы амæлон, уæд-иу мын мæ зæппадз æртæ боны бахъахъхъæнут». Мард баныгæдтой, æмæ фæдзæхстмæ гæсгæ фыццаг æхсæв зæппадз хъахъхъæдта хистæр лæппу. Бонивайæнты фиййæуттæ йæ рæзты фос скъæрын байдыдтой, хъæддзаутæ хъæдмæ цæуын байдыд- той. Хистæр æфсымæр йæхицæн загъта: — Цæй, ныр цæуон нæхимæ, иугæр фиййæуттæ æмæ хъæддзаутæ цæуын байдыдтой, уæд бон у, æмæ мардæн ницыуал тас у. Æрбацыд сæ хæдзармæ æмæ схуыссыд. Уæд Фæныкгуыз Алыбег йæ хуыссæнæй фестад æмæ йæ фыды зæп- падз хъахъхъæнынмæ ацыди. Хъахъхъæнынтæ байдыдта. Æххæст нæ- ма æрбабон, афтæ зæппадзæй гуыппытæ фехъуыст. Фæныкгуыз зæппа- дзы размæ йæхи фехста æмæ йæ кардæй цъыччытæ самадта. Иу сæгуыт дзы ахауын ласта, йе ’ккой йæ авæрдта, æрбахаста йæ сæ хæдзар- мæ æмæ йæ дуары раз æрæппæрста, йæхæдæг йæ хуыссæны ныб- бырыд. Райсомæй хистæр æфсымæр фестад æмæ, сæгуыты мард куы ауыд- та, уæд йе ’фсымæртæм хъæр кæны, цыма зæппадз хъахъхъæнынæй уæд æрбацыд, уыйау: — Фестут уæлæмæ, мæнæ сæгуыты мард дæр бафснайын хъæуы, дысон-бонмæ хуыссæджы цъыртт нæ федтон. Дыккаг æхсæв сæ фыды зæппадз хъахъхъæнынмæ ацыд астæуык- каг æфсымæр. Æхсæв иу афоны онг фæхъахъхъæдта, стæй фиййæут- тæ сæ фос скъæрын байдыдтой, хъæддзаутæ та — хъæдмæ цæуын, æмæ та уый дæр афтæ зæгъы йæхицæн: — Цæй ныр бон у, фиййæуттæ-æндæртæ цæуын байдыдтой, æмæ нæхимæ ныффардæг уон. Æрбацыд сæхимæ æмæ схуыссыд. Фæныкгуыз Алыбег та йæ хуыс- сæнæй фæгæпп кодта æмæ та йæ фыды зæппадз хъахъхъæнынмæ ацыд. Бон цъæхтæ кæнын нæма райдыдта, афтæ, дын, зæппадзæй гуыппытæ цæуы. Фæныкгуыз зæппадзмæ йæхи фехста æмæ кардæй цъыччытæ кæны, афтæмæй хъуаз амардта. Хъуазы мард йе ’ккой акодта, сæ хæ- дзармæ йæ æрбахаста, дуары цур æй æрæппæрста æмæ та схуыссыд. Райсомæй дыккаг хистæр æфсымæр йæ хуыссæнæй фестад æмæ, хъуазы мард куы ауыдта, уæд цыма зæппадз хъахъхъæнынæй æрба- хæццæ, стæй цыма хъуазы мард дæр уый æрбахаста, уыйау дзуры: 43
— Фестут уæлæмæ æмæ мæнæ хъуазы мард бафснайут. Хъуазы мард бафснайдтой, уæдæ цы уыдаид. Æртыккаг æхсæв фæныкгуыз Алыбеджы рад уыд зæппадз хъахъ- хъæнын, æмæ йæм йе ’фсымæртæ дзурынц: — Цу, фæцу нæ фыды зæппадзмæ æмæ ды дæр дæ хæс бафид. Фæныкгуыз Алыбег сæм йæ хъус не ’рдардта. Уыдон дæр схуыс- сыдысты, Хистæр æфсымæртæ куы афынæй сты, уæд Фæныкгуыз йæхи арæвдз кодта æмæ йæхи рады дæр зæппадз хъахъхъæнынмæ фæраст. Зæппадзы цур бирæ фæбадт, афтæмæй йæ рæзты фиййæуттæ æмæ хъæддзаутæ цæуын байдыдтой. Фæныкгуыз уæддæр йæ хъахъхъæнын нæ уадзы æмæ йæ фыды зæппадзы раз бады. Уæдмæ йыл Бонвæрнон дæр скаст. Фæлæ Фæныкгуызы уæддæр, сбон и, уый нæ уырны. Æцæгæй ма бонмæ бирæ уыд, фæлæ йæ дæлимонтæ, цæмæй уыр- дыгæй ацыдаид, уый тыххæй сайгæ кодтой, фиййæуттæ æмæ йын хъæд- дзауты дæр йæ цурты уыдон ссæуын кодтой æмæ йыл Бонвæрнон дæр уыдон скæсын кодтой. Уыдæттæй йын мадзал куы нæ ссардтой, уæд ыл æрбабон кодтой. Фæлæ Фæныкгуыз уæддæр йæ бынаты бады. Цас рæстæг рацыдаид, чи зоны, фæлæ та уалынмæ бæстæ бата- лынг ®мæ та зæппадзæй гуыппытæ хъуысын байдыдта. Фæныкгуыз дæр зæппадзмæ йæхи уыцы иу æхст фæкодта æмæ йæ кардæй риуыгъ- тытæ кæны, æмæ дзы залиаг калм амардта, скъуыхтæ йæ кодта æмæ йын йæ лыгтæ зæппадзы рæбын æрцамадта. Залиаг калмы куы амард- та, уæд дæр æххæст нæма сбон, æмæ Фæныкгуыз быдыры дардмæ иу рухс ауыдта æмæ загъта йæхицæн: — Цыма уыцы рухс цавæр уа? Фæраст йæ бабæрæг кæнынмæ. Ныххæццæ йæм ис. Иу хæдзары дын æртæ чызджы бадынц. Бацыд сæм, фæфарста сæ, цавæр стут, кæй стут, зæгъгæ. Сæ бæрæг сын куы базыдта, уæд сын афтæ зæгъы: — Æртæ æфсымæры стæм, æмæ уæ дыууæ хистæры мæ дыууæ хистæр æфсымæрæн устытæ куыд уой, мæнæн та — кæстæр хо, афтæ. Æртæ хойы ууыл сразы сты, фæлæ йын загътой: — Нæ фыд ам нæй, фæлæ куы фæзына, уæд уæ йæхæдæг бæрæг кæндзæн. Афтæмæй Фæныкгуыз йæ хæдзармæ рацыд. Райсомæй устытæ уæлмæрдмæ рацыдысты. Зæппадзы рæбын за- лиаг калмы кæрдæнтæ кæрæдзииы уæлæ амадæй куы федтой, уæд фæ-. тарстысты æмæ фæстæмæ æрбалыгъдысты. Хистæр æфсымæртæ залиаг калмы марды хабар куы фехъуыстой, уæд бамбæрстой, хъуаз æмæ сæ- гуыт дæр Фæныкгуыз кæй амардта, уый. Уалынмæ Фæныкгуыз Алы- бег фæзынд æмæ йе ’федмæртæн загъта: — Сымахæн дæр æмæ мæхицæн дæр устытæ ракуырдтон. Чыз- джыты фыд нæм рæхджы йæхæдæг зындзæн. 44
Уæд æфсымæртæ базыдтой Фæныкгуызы лæгдзинад. Чысыл рацыд, бирæ рацыд, уый чи зоны, фæлæ иуахæмы чызджы- ты фыд фæзынд. Бацин ыл кодтой, хæдзары йæ бандоныл æрбадын кодтой. Фæныкгуыз сусæггомауæй дзуры йæ хистæр æфсымæрмæ: — Дæлæ фиййау лæдзæг райс æмæ йыл æрынцой кæн. Хистæр æфсымæр йæ риумæ лæдзæг сбыцæу кодта æмæ афтæмæй æрлæууыд. Сæ хистæр æфсымæрмæ амоны, афтæмæй Фæныкгуыз бадзырдта сæ кайысмæ: — Мæнæ дын уый дæ хистæр сиахс. Астæуыккаг æфсымæры дæр фиййау лæдзæджы æнцой æрлæууын кодта æмæ та зæронд лæгмæ дзуры: — Мæнæ дын уый та дæ дыккаг хистæр сиахс. Фиййау лæдзæг йæхæдæг райста æмæ зæгъы: — Мæнæ дын æз та де ’ртыккаг, дæ кæстæр сиахс. йе ’сиæхстæн зæронд лæг æмгъуыд радта, уæд æмæ уæд мæм æр- цæудзыстут, уæ устыты рахæсдзыстут, зæгъгæ, стæй сæхимæ ацыд. Се ’мгъуыд куы æрхæццæ ис, уæд æртæ æфсымæры сæ устыты хæссынмæ ацыдысты. Фæстæмæ здæхгæйæ сыл фæндагыл баталынг, æмæ иу хъæуы æхсæвиуат æркодтой. Æфсымæртæй алкæмæн дæр йæ усимæ уыд хицæн фысым. Æнафоны хистæр æфсымæрмæ иу лæг ба- дзырдга. — Фысым мын фæу! Хистæр æфсымæр æм æддæмæ дзуры: — Ныр фысым афон нал у! Æнафон уазæг астæуыккаг æфсымæрмæ куы бадзырдта, уæд ын уый дæр радта ахæм дзуапп. Уæд æхсæвдзутæнæг бадзырдта Фæныкгуыз Алыбегмæ: — Фысым мын фæу! Æмæ йын уæд уый афтæ зæгъы: — Уазæг — хуыцауы уазæг. Фысым дын уыдзыстæм. Уазæджы æрфистæг кодта, мидæмæ йæ бахуыдта. Уый та уыдис уæйыг йæ æртыкъахыг хъулон уадæмдзу æмæ мигъæмбал бæхыл. Уæ- йыг куыддæр дуары мидæгæй фæци, афтæ Фæныкгуызы усмæ фæлæ- бурдта, бæхыл æй авæрдта æмæ афардæг. Бæргæ ма фæфæдис кодта Фæныкгуыз Алыбег, йæ дыууæ æфсымæрмæ бадзырдта, мæ усы мын фæхастæуы, зæгъгæ. Уыдон ын загътой: — Уæ мæнæ бынмиз — фæныкгуыз, æмæ йын дуар цæмæн ба- кодтай? Цæй фысымы мæт дæ уыд? Махмæ дæр æрбадзырдта, æмæ йын мах дуар куы нæ бакодтам. Æфсымæртæй ничи сразы, æмæ Фæныкгуыз йæхæдæг иунæгæй фæдисы ацыд йæ усы фæстæ. Цас фæцыдаид, чи зоны. Уæд иу хæдзар- 45
мæ бахæццæ. Рудзынгæй бакаст, æмæ дын уæртæ йæ хистæр хо, халонæн кæй радта, уый бады. Фæцинтæ йыл кодта йæ хо, стæй уæд загъта: — Мæ лæг куы æрцæуа, уæд дæ фырцинæй хæргæ кæндзæн, æмæ дæ бамбæхсон. Уалынмæ, æцæгдæр, хистæр хойы лæг фæзынд æмæ йæ усмæ дзуры: — Усай, аллон-биллоны тæф дæ цæуы. Ус ын зæгъы: — Аллон дæр дæхæдæг æмæ биллон дæр. Чи мæм цæуы, ме ’фсы- мæр Фæныкгуыз Алыбег мæм куы нæ æрхæццæ, миййаг. Бон арвыл иу зылд куы кæныс, никуы йæ федтай? — Де ’фсымæр Фæныкгуыз Алыбеджы дын куы фенин, æмæ мæ æппындæр куы ницы уаид! Ус та йæм дзуры: — Уæдæ дын ме ’фсымæр Фæныкгуыз Алыбеджы куы фенын кæ- нон, уæд ын ницы кæндзынæ? — Ницы йын кæндзынæн. Ус æм уæд йе ’фсымæр Алыбеджы ракодта. Лæг ыл тынг бацин кодта. Æхсæвæр куы бахордтой, уæд æй лæг фæрсы: — Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста ардæм? — Афтæ æмæ афтæ, уæйыг мын мæ усы аскъæфта æртыкъахыг бæхыл. Уый фæдыл рацыдтæн фæдисы. — Уæдæ мауал цу йæ фæстæ. Æз уыцы уæйыджы хорз зонын. Арвыл бон иу зылд кæны. Иæ бæхыл уайгæ-уайыны мыл куы сæмбæлы, уæд фынæй вæййы, афтæмæй йæ мæ кардæй æрдзæхст ласын, фæлæ хъал дæр не ’рвæййы. Ахæм у уый, стæй йын йæ бæхæн дæр баййафæн нæй. Уæд Фæныкгуыз Алыбег загъта: — Нæй мын мæ усы ныууадзæн. Мæ амæлæты бонмæ дæр йæ фæ- дыл зилдзынæн. Рабалц та кодта уырдыгæй Фæныкгуыз Алыбег. Цас фæцыдаид, хуыцау йæ зонæг, фæлæ та иу хæдзармæ бахæццæ. Рудзынгæй бакаст, æмæ дьш уæртæ йæ дыккаг хистæр хо бады. Мидæмæ бацыд Фæнык- гуыз. Хо тынг фæцин кодта æфсымæрыл, стæй йын афтæ зæгъы: — Мæ лæг куы æрцæуа, уæд дæ фырцинæй хæргæ кæндзæн. Иу афон дымгæ кæнын байдыдта. Фæнкгуыз йæ хойы фæрсы: — Циу уый, цавæр дымгæ у? — Уый мæ лæг цæргæсы хуызы æрбатæхы, æмæ йæ дымгæ у. Уалынмæ дын цæргæс куы æрбатæхид хæдзармæ, лæг куы фестид æмæ усмæ куы дзурид: — Аллон-биллоны тæф дæ цæуы. — Аллон дæр дæхæдæг æмæ биллон дæр. Чи мæм цæуы, ме ’фсы- 46
мæр Фæныкгуыз Алыбег мæм куы нæ æрхæццæ ис, миййаг. Бон арвыл дыууæ зылды куы кæныс, никуы йæ федтай? — Æз æй æрмæст уынгæ куы фæкæнин, æмæ мæ æппындæр куы ницы уаид! — Æмæ дын æй куы фенын кæнон, уæд ын ницы кæндзынæ? — Ницы йын кæндзынæн. Ус æм йе ’фсымæр Фæныкгуыз Алыбеджы ракодта. Тынг фæцин кодтой кæрæдзиуыл сиахс æмæ кайыс. Æхсæвæры фæстæ лæг фæрсы: — Цы хабар дæм ис, цы хуыцау дæ æрбахаста ардæм? Уый дæр сын йæ хабæрттæ фæкодта: — Афтæ æмæ афтæ, мæ усы мын уæйыг аскъæфта æртыкъахыг бæхыл, æмæ уый агурын. — Уæдæ йæ фæстæ мауал зил, — загъта сиахс. — Ницы йын ба- уыдзæн дæ бон. Æз арвыл бон дыууæ зылды кæнын, куы мыл сæмбæлы, уæд æй мæ кардæй æрцъыкк ласын, фæлæ хъал дæр не ’рвæййы йæ бæхы рагъыл. Фæныкгуыз Алыбег та загъта: — Нæй мын мæ усы ныууадзæн. Цалынмæ æгас уон, уæдмæ йæ фæдыл зилдзынæн. Дыккаг бон уырдыгæй рараст Фæныкгуыз. Бирæ фæцыд, чысыл фæцыд, чи йæ зоны, фæлæ та уалынмæ иу хæдзармæ бахæццæ æмæ ру- дзынгæй бакаст. Ауыдта йæ кæстæр хойы, сынтæн кæй радта, уый. Сæ кæрæдзиуыл фæцин кодтой, стæй хо дзуры: — Мæ лæг куы æрцæуа, уæд дæ фырцинæй хæргæ кæндзæн. Ие ’фсымæры бамбæхста. Иу афон тыхджын дымгæ сыстад. Фæ- ныкгуыз фæрсы: — Циу, уый цавæр тыхджын дымгæ у? — Уый мæ лæг сынты хуызы æртæхы, æмæ уый базырты дымгæ у... Уалынмæ сынт æрбатахт хæдзармæ, лæг фестад æмæ фæрсы йæ усы: — Ай цавæр аллон-биллоны тæф у? — Аллон дæр дæхæдæг æмæ биллон дæр. Чи мæм цæуы? Ме ’фсы- мæр Фæныкгуыз Алыбег мæм куы нæ ’рхæццæ ис, миййаг. Бон арвыл æртæ зылды кæныс, æппын æй никуы федтай? — Æз æй æрмæст уынгæ куы фæкæнин, æмæ мæ æндæр куы ницы уаид! — Уæдæ дын æй куы фенын кæнон, уæд ын ницы кæндзынæ? — Ницы йын кæндзынæн. Ус йе ’фсымæры ракодта. Сиахс æмæ кайыс кæрæдзиуыл тынг фæ- цин кодтой, æхсæвæр иумæ бахордтой. Уæд лæг уазæджы фæрсы, цы хабæрттæ дæм ис, цы хуыцау дæ æрбахаста, зæгъгæ. Фæныкгуыз та йæ хабæрттæ ам дæр фæдзырдта. — Уæдае йæ фæстæ мауал зил, — загъта сиахс. — Ды уæйыгæн 47
ницы бакæндзынæ. Æз арвыл бон æртæ зылды кæнын, æмæ мыл куы амбæлы, уæд æй кардæй æрцæвын, фæлæ уый йæ фынæйæ хъал дæр не ’рвæййы. Фæныкгуыз Алыбег дзуры: — Æз мæ усы нæ ныууадздзынæн, цалынмæ æгас уон, уæдмæ йæ агургæ кæндзынæн. Сиахс та йын афтæ зæгъы: — Уæйыг ма дын дæхи дæр амардзæн. Фæлтау дын æз бирæ мулк ратдзынæн, æмæ фæстæмæ аздæх дæ хæдзармæ. Кайыс ууыл куы нæ сразы, уæд ын сиахс загъта: — Уæдæ уæртæ скъæтæй мæ урс аласайы ракæн, сбад ыл æмæ афтæмæй ацу. Йе ’сиахсы урс аласайыл абадт æмæ йæ фæндагыл араст Фæнык- гуыз Алыбег. Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ байдыдта æм-æ иу хæдзар- мæ бахæццæ. Рудзынгæй бакаст, æмæ, дын, дзы уæйыг хуыссы хуыр- рытт кæны. Фæныкгуызы ус та йæ уæлхъус бады. Рудзынгæй йæм куы бадзырдта, уæд ус æддæмæ рауад æмæ йæ лæгæн афтæ зæгъы: ’ — Лидзæм. Уæйыг ныртæккæ тарф фынæй у, фæлæ куы райхъал уа, уæд дæ амардзæн. Фæныкгуыз йæ усы йæ фæсарц авæрдта æмæ рафардæг. Куыддæр фæаууон ис, афтæ уæйыджы æртыкъахыг зонынджын бæх хойын бай- дыдта бæхдоны къултæ, уасы, фыд-замана кæны. Уæйыг бæхы гуып- пытæ æмæ уасынмæ райхъал æмæ йыл схъæртæ кодта: — Цæуыл фæдис кæныс, куитæ дæ бахордтой! Хуыссын мæ цæуылнæ бауадзыс? Уæд æм йе ’ртыкъахыг бæх дзуры: — Хохаг цъиу дын дæ усы фæхæссы, тагъд уæлæмæ фест! Уæйыг ралиуырдта йæ хуыссæнæй, фæрсы йæ бæхы: — Æдзæттæтæ цæттæ кæнон, æви цæттæтæ цæттæ кæнон? — Æдзæттæтæ дæр сцæттæ кæн, уæддæр сæ аййафдзыстæм, Уæйыг æдзæттæтæ ацæттæ кодта, стæй йе ’ртыкъахыг бæхыл саргъ авæрдта æмæ Фæныкгуызы сурынтæ байдыдта. Уæйыджы æрты- къахыг хъулон бæх уадæмдзу æмæ мигъæмбал уыд — уайтагъддæр сæ баййæфта. Уæйыг Фæныкгуызмæ фæсте хъæр кæны: — Гъæ, уæртæ хохаг дзылы, мæнæ дæ баййафон, стæй дын уæд бацамондзынæн. Æмæ, æцæгдæр, куы йæ баййæфта, уæд Фæныкгуызы кардæй скæр- дæнтæ кодта. Уæд æм ус дзуры: — Ныр æй маргæ акодтой, фæлæ йын йе ’стджытæ æмæ йæ фыд- тæ йæ бæхыл> бабæттæм, æмæ сæ ахæсса. Фæныкгуызы стджытæ æмæ фыдтæ æрæмбырд кодтой æмæ сæ урс аласайыл бабастой. Уый сæ æртыккаг сиахсы дуармæ æрхаста. Бон арвыл æртæ зылды кодта сиахс, æмæ йын æртæ уды уыдис. Сиахс Фæ- 48
ныкгуыз Алыбеджы стджытæ æмæ фыдтæ бæхæй æриста æмæ сæ йæ иу уд бауагъта. Фæныкгуыз цы уыд, уымæй авд хатты хуыздæр фестад. Рабадт æмæ афтæ зæгъы: — Ох, ох, цы бирæ фæхуыссыдтæн! Сиахс ын загъта: — Æз дын куы нæ уыдаин, уæд ма цы рабадтаис, уый бæрæг уы- даид! Ныр дæ цыдæриддæр хъæуы мулкæй, уый дын ратдзынæн, æмæ дæ хæдзармæ ацу. — Нæй мын афтæмæй аздæхæн нæ хæдзармæ. Кæнæ »мæ усы байс- дзынæн, кæнæ мæлгæ акæндзынæн. Нæ бакуымдта Фæныкгуыз фæстæмæ аздæхын. Урс аласайыл абадт æмæ та уæйыджы хæдзары бамидæг. Уæйыг фынæй уыд. Ус æддæмæ рауад, Фæныкгуыз æй бæхыл авæрдта, æмæ та ралыгъ- дысты. Æртыкъахыг бæх та бæхдоны къултæ хойын байдыдта, уасы, хъæр- замана кæны. Уæйыг райхъал æмæ дзуры йæ бæхмæ: — Куитæ дæ бахæрой, кæд цæуыл фæдис кæныс! Æппындæр мæ хуыссын нал ныууадздзынæ, æви? Бæх дзуры: — Уæлæмæ фест, хохаг дзылы та дын дæ усы фæхæссы. Уæйыг йæ хуыссæнæй ралиуырдта: — Æдзæттæтæ цæттæ кæнон, æви цæттæтæ цæттæ кæнон? — Æдзæттæтæ дæр сцæттæ кæн, уæддæр æй баййафдзыстæм. Уæйыг æдзæттæтæ сцæттæ кодта, йæ бæхыл саргъ сæвæрдта æмæ Фæныкгуызы сурынтæ систа. Куы йæм бахæстæг, уæд та йæм дзуры: — Дæлæ хохаг дзылы, фæлæуу, куы дæ баййафон, уæд дын цы хъæуа, уый бакæндзынæн. Баййæфта йæ æмæ та йæ скæрдæнтæ кодта. Уæд ын ус афтæ зæгъы: — Маргæ йæ акодтай, фæлæ йын йе ’стджытæ уæддæр арвит. Уæйыг рамбырд кодта Фæныкгуызы стджытæ æмæ фыдтæ, саргъ- мæ сæ бабаста æмæ бæхы афтæмæй ауагъта. Бæх Фæныкгуызы марди- мæ сиахсы хæдзармæ æрхæццæ. Сиахс марды æриста, стджытæ æмæ фыдтæй алкæй йæ бынаты æрæвæрдта æмæ сæ йæ дыккаг уд бауагъта. Фæныкгуыз æрыгас, рабадт æмæ загъта: — Ох, ох, цас фæфынæй кодтон! — Æз дын куы нæ уыдаин, уæд цы фынæй кодтаис, уый бæрæг уы- даид, — загъта сиахс æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Ацы хатт ма- уал ацу уæйыджы хæдзармæ, дæ усы хæссынмæ: ныр ма дæ куы ама- ра, уæд дын мæ бон дæр ницыуал суыдзæн. Цы иунæг уд ма мæ ис, уый дын куы радтон, уæд мæхицæн дæр æнæ мæлгæ нæй. Фæлæ та дын кæд дæ усмæ æнæ цæугæ нæй, уæд, уæйыджы бæх цы ефсæй гуырд у, уыцы ефсæй байраг самал кæн. Гъеуæд дын бантысдзæн дæ усы ра- 4 Ирон адæмы аргъæуттæ 49
хæссын. Уæйыгæн уыцы æртыкъахыг бæх кæм уыд, уымæй та усы ба- фæрс. Фæныкгуыз Алыбег та уæйыджы хæдзармæ бацыд æмæ рудзынг бахоста. Уæйыг хуысгæ кодта, фæлæ йæм ус рауади. Фæныкгуыз Алы- бег ын загъта: — Фæндæй куы ницы бакæнон, уæд тыхæй ницы сараздзынæн йе- мæ, æмæ ма йæ иу хъуыддагæй бафæрс: йе ’ртыкъахыг бæх ын кæм уыд, стæй æртыкъахыг цæмæн у? Фæныкгуыз йæхи бамбæхста. Уæйыг куы ранхъал, уæд æй ус фæрсы: — Дæ бæх æртыкъахыг цæмæн у? Уæйыг ын загъта: — Фурды астæу сакъадахыл иу ран ис ефс бæх. Уый алы майрæм- бон дæр ныззайы байраг. Æфсæндзых бирæгъ æмæ йæм æфсæндзых цæргæс та рæвдз лæууынц: байраг куыддæр боны рухс фены, афтæ йæ ахæрынц. Æз æй бахъуыды дардтон, ефс зайгæ куы кодта, уæд æм мæ нымæт бадардтон, фæлæ уæддæр æфсæндзых бирæгъ байрагæн йæ иу къах атыдта. Гъеуымæн у æртыкъахыг мæ бæх. Цыппæрæм къах ма йыл куы уаид, уæд ын æппындæр баййафæн нæ уаид. Уæйыг бафынæй. Ус хабæрттæ радзырдта Фæныкгуызæн. Фæнык- гуыз раздæхт йе ’сиахсы хæдзармæ. Иумæ ауынаффæ кодтой, æмæ сиахс загъта: — Нæл фысы мард æмæ хоры голлаг ахæсс уыцы сакъадахмæ. Ефс бæх зайгæ куы кæна, уæд æфсæндзых бирæгъæн нæл фыс аппар, æфсæндзых цæргæсæн та хоры голлаг акал. Уыдон хæрыныл куы фæ- уой, уæд ды бавдæд æмæ байраджы раскъæф. йе ’сиахс ын куыддæриддæр загъта, Фæныкгуыз афтæ бакодта. Нæл фысы мард æмæ хоры голладжимæ сакъадахмæ ацыд. Ефсы хъахъхъæнын байдыдта. Уалынмæ ефсæн йæ зайын афон æрхæццæ ис, фæлæ æфсæндзых бирæгъ æмæ æфсæндзых цæргæс йæ фæстæ рауан- бауай кæнын байдыдтой. Фæныкгуыз бирæгъæн нæл фысы мард ап- пæрста, цæргæсæн та — хоры голлаг акалдта. Уыдон хæрынмæ фесты. Фæныкгуыз йæ нымæт ефсмæ бадардта. Байраджы æрбатыхта нымæты æмæ йæ раскъæфта. Байраг дæр æм дзуры: — Мæ мады æхсырæй мын иу дыууæ хъуыртты акæнын бауадз, стæй уæд, хуыцауы цы фæнда, уый уыдзæн. Фæстæмæ йæ бадавта йæ мадмæ, иучысыл ын адæйын кодта, ден- джызмæ йæ бахаста, уым æй æйкæвдылд, сапонæхсад акодта, саргъ ыл авæрдта, абадт ыл æмæ йыл æрхъæзтытæ кодта. Уæд æм байраг дзуры: — Гъы, хæххон дзылыйæ чи райгуырд, уый! Æнхъæлдæн, æмæ мын барæгæн бæздзынæ. Фæныкгуыз ын дзуапп радта: 50
— Гъы, хохаг къæлæуæй чи райгуырд, уый! Æнхъæлдæн, æмæ ды дæр мæнæн бæхæн сбæздзынæ. Афтæмæй Фæныкгуыз Алыбег йæ бæхыл хъазгæ æрбацыд уæйы- джы хæдзармæ. Уæйыг фынæй уыд. Фæныкгуыз йæ усы рахаста. Æр- тыкъахыг хъулон бæх та гуыппытæ кæны, хойы бæхдоны къултæ, ным- мур сæ кодта бынтондæр. Уæйыг дæр фехъал æмæ дзуры йæ бæхмæ: — Цы дыл æрцыд? Æппындæр мæ хуыссын нал_ныууадздзынæ> æви цавæр дæ? — Тагъддæр уæлæмæ фест — хохаг дзылы та дын дæ усы фæ- хæссы! Уæйыг ралиуырдта йæ хуыссæнæй: — Æдзæттæтæ цæттæ кæнон, æви цæттæтæ цæттæ кæнон? — Цæттæтæ дæр мауал цæттæ кæн, тагъд — бадгæ! Уæйыг саргъ авæрдта бæхыл, абадтис æмæ Фæныкгуызы сурынтæ систа. Уæд Фæныкгуызы бæх йæ барæгмæ дзуры: — Уромæгау мæ-иу кæн, æмæ нæм куы æрбахæстæг уа, уæд та-иу мын мæ фæрстæ æрбатъæпп кæн, стæй хуыцауы цы фæвда, уый уы- дзæн. Фæныкгуыз йæ бæхы уромгæ цæуы, æмæ йæм уæйыг куы æрбахæс- тæг вæййы, уæд та йæ къæхтæй æрбалхъивы бæхы, æмæ та адард вæййынц. Уæйыг дисты бацыд: ацал-ауал азы мæ бæх кæй нæ баййæфта, ахæм куы нæ уыд, уæд уый цавæр бæх у, уæртæ? Баййафыны амал ын куы нæ ис! Æмæ йæ бæхы фæрстæ йæ тых, йæ бонæй нæмын байдыдта: — Куиты хæринаг фæуай, абоны онг дыл бæх куы нæма фæуæла- хиз, уæд ныр цы кæныс? Цы нæ кодта уæйыг, фæлæ Фæныкгуызы баййафын йæ бон нæ уыд. Æртыкъахыг бæх фæлмæцын дæр байдыдта, над дæр ыл хорз ауад. Æмæ уæд хъæр кæны Фæныкгуызы бæхмæ: — Цæуылнæ мæм фæлæууыс, иу мады дзидзи уæддæр нæ бадад- там! Фæныкгуызы бæх æм дзуры фæстæмæ: — Æз дæм уæд фæлæууин, ды фурды былмæ уыцы иу уадæй куы бауаис æмæ былгæрон дзыхълæуд куы фæкæнис. Уайынц, уайынц, æмæ та Уæйыджы бæх дзуры: — Цæуылнæ мæм фæлæууыс, иу мады гуыбынæй уæддæр нæ ра- цыдыстæм! Фæныкгуызы бæх дæр та загъта уæйыджы æртыкъахыг бæхæн: — Бæргæ дæм фæлæууин, фурды былмæ уыцы иу уадæй куы ба- уаис æмæ уым дзыхълæуд куы фæкæнис, уæд. Уæйыджы æртыкъахыг бæх тыхуадæй уыргæфтыд фæци, хуыздæр 51
гæнæн ын нал уыд, уыцы иу уадæй йæхи баскъæрдта фурды былмæ, уым дзыхълæуд фæкодта, æмæ уæйыг бæхы сæрты асхъиудта æмæ фурды фесæфт. Фæныкгуыз дæр йæ бæх фæурæдта æмæ æртыкъахыг бæхы æрцахста. Фæстæмæ раздæхт уæйыджы хæдзармæ. Æрæмбырд кодта æппæт мулк æмæ сæ йемæ рахаста. Сиæхстыл йæ фæндаг ракодта, фыццагдæр кæстæр сиахсмæ бацыд, стæй — астæуыккагмæ, стæй — хистæр сиахс- мæ. Афтæмæй Фæныкгуыз Алыбег, дунетыл уыдонæй уайагдæр нæ уыд, ахæм дыууæ бæхимæ, йæ усимæ æмæ æнæуи бирæ исимæ йæ хæдзао- мæ æрцыд. Абон дæр ма йе ’фсымæрты астæу дзæбæхæй цæры. Ч&
3*5*3^$***$^*^^ ЧЪЕРТТЫМХАН Царди æмæ, дын, уыди иу мæгуыр лæг Чъерттымхан. Чъерттымханмæ цыдæр дзæбæх касти бызгъуыртæ æмбырд кæнын æмæ сæ дынджыр тыхтонтæ аразын. Иухатт куы уыди, уæд йæ бызгъуыртæй фесæфти. — Æз лæджыфырт ма фæхуинон, мæ къæрныхыкуы нæссарон!— загъта йæхицæн Чъерттымхан, йæ къухмæ стыр къобола райста æмæ йæ бызгъуыртæ хъахъхъæны. Бирæ фæлæууыд йæ бызгъуырты цур. Иу бон куы уыд, уæд æр- бадт, хуыссæг æй æрцахста æмæ æркув-æркув кæнын райдыдта. Уалынмæ кæсы: йæ бызгъуыртæм ын æрбацæуы рувас. Чъерттым- хан йæ къæрныхы базыдта, йæхи йыл ныццавта æмæ йæ гъа ныр ных- хафт кæна, афтæ йæм рувас дзуры: — Ма мæ ныццæв, Чъерттымхан, тагъд дон фурды не ’ййафы, исты хорзы дын бацæудзьшæн. — Цы хорзы мын бацæудзынæ? — фæрсы йæ Чъерттымхан. — Паддзахы чызджы дын ракурдзынæн, сбонджын дæ кæндзы- нæн. Ды мын æрмæст ахæм дзырд ратт, кæй мæ фæдардзынæ, стæй куы амæлон, уæд мæ лалымы мидæг кæй цæвæрдзъшæ, — загъта рувас. Чъерттымхан йæ мидбылты бахудт æмæ загъта: — Цу, гæды рувас, фæлæ мæ куы фæсайай, уæд мын додой дæ къона кæны! Рувас фаджысмæ ауад, æртæ æрхуы æхцайы дзы ссардта, йе ’вза- джы бын сæ бамбæхста, йæхæдæг, паддзахмæ бацыд æмæ йæм дзуры: — Æз дæн Чъерттымханы æхцатæ нымяйæг. Сæ банымайын къу- хы нæ бафтдзæн, фæлæ сæ хъуамæ сбарон, æмæ нæм барæн нæй. Дæ тæрæзтæ нын куы авæрис, уæд дæ бузныг уаиккам. — Чи у уыцы хъæздыг лæг, æз ын йæ кой куы никуы фехъуыс- тон, — загъта паддзах. Уæд ын рувас зæгъы: 53
— Дунейыл уый чи нæ зоны, ахæм куы нæ ис, уæд æй ды куыннæ зоныс? Паддзах фефсæрмы æмæ рувасæн тæрæзтæ радта. Рувас рахаста тæрæзтæ, йæ къæдзилыл сæ бабаста æмæ сæ йæ фæстæ бирæ фæралас-балас кодта. Хорз куы баихсыдысты, уæд сын се ’скъуыдты æрхуы æхцатæ цæвæрдта, афтæмæй сæ паддзахыл сæмбæ- лын кодта. Паддзах тæрæзтæ куы лæвæрдта, уæд афтæ ахъуыды кодта: «Каед тæрæзты мидæг исты разына, уæд уыцы гæды рувас раст дзуры». Райста тæрæзтæ, æмæ сæ мидæгæй æрхуы æхцатæ æрхаудысты. Дис кæны паддзах: «Цымæ цавæр уыдзæн, йе ’хцатæй мæ тæрæзтæ кæмæн баихсыдыс- ты, уый?» Иннæ бон дæр та йæм рувас бацыди тæрæзтæ курæг. Райста та т^æрæзтæ Чъерттымханы сызгъæринтæ барынæн, сæ мидæг та сын сыгъзæрин æхца цæвæрдта, тæрæзтæ хорз баихсийын кодта, афтæмæй та сæ паддзахмæ бахæццæ кодта. Æркъуырдта паддзах тæрæзтæ зæххыл, æмæ сæ мидæгæй сызгъæ- рин æхца рахауди. Цас та рацыдаид, чи зоны, фæлæ та рувас паддзахмæ æрбацыд æмæ йын загъта: — Паддзах, Чъерттымхан дын дæ чызджы куры, æмæ йын цы зæ- гъыс? Паддзах цинæй куыннæ амардаид! Чъерттымханы хуызæн сиахс кæмæн ис! — Райсом æз æмæ Чъерттымхан ардæм цæудзыстæм, æмæ нын нæ размæ искæйты рарвитут, — загъта рувас æмæ згъорынтæ систа Чъерт- тымханмæ. Райсомæй рувас Чъерттымханы уæлæ хъисын скодта, алыхуызон дидинджытæ хъисыны скъуыдты нытътъыста æмæ йæ дæлæ æрттивгæ æрбакæны. Паддзахы хæдзармæ куы баввахс сты, уæд сæ ауайын хъуыд иу стыр доны, æмæ, дын, рувас Чъерттымханмяе дзуры: — Уыныс, Чъерттымхан, паддзах нæм рацæуы салдæттимæ. До- нæн йæ астæумæ куы бахæццæ уæм, уæд иу дæхи доны цæппар æмæ- иу хъæр кæн: «Сæфын, кæм стут!» Дон дын дæ хъисыны бызгъуыртæ аласдзæн, æм’æ бынтон бæгънæгæй баззайдзынæ. Рувас ын куыд загъта, Чъерттымхан афтæ бакодта. Паддзахы салдæтгæ сæ сæр мæлæтмæ лæвæрдтой сиахсы тыххæй, афтæмæй йæ донæй бæгънæгæй раластой. Уым ын чи йæ цухъхъа рад- та, чи йæ хæдон. Чъерттымхан йæ цæрæнбонты уынгæ дæр никуы фæкодта ахæм уæлæдарæс, æмæ йæхимæ ракæс-бакæс кæны. 54
Салдæттæ сусу-бусу кæнынц: «Цыма йыл ахæм пысултæ никуы уыд, уый хуызæн дары йæхи не ’сиахс». Радтой Чъерттымханæн бæх, æмæ паддзахы хæдзярмæ бараст сты. Чъерттьгмхан айдæны йæхи куы ауыны, уæд йе ’взаг раласы æмæ йæхи æнцъылдтæ кæны. — Цавæр у ай? — дзуры паддзах, — цыма ахæмтæ никуы федта, афтæ ракæс-бакæс куы кæны. Уæд ын рувас загъта: — Уæ хæдзæрттæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты, æмæ йæхи уымæн æнцъылдтæ кæны. Иу къуырийы дæргъы чындзæхсæв фæкодтой, бæгæны фæнуæзтой æмæ фæминас кодтой. Чызджы мад æмæ фыд зæгъынц: — Цæй, ныр нæ чызджы йæ хæдзармæ кæныи афон у. Чызджытæ æмæ лæппутæ æрæмбырд кодтой, бирæ сызгъæрин æмæ зынаргъ дзаума сæвæрдтой уæрдæтты æмæ араст сты Чъерттымханы хæдзармæ. Рувас гæды у, уæдæ цы, æмæ сæм дзуры: — Æз разæй цæуын, æмæ уæ ныццыдмæ æрцæттæ кæнон. Фатæй фыддæр фæци згъорынмæ рувас. Каесы иу ран, æмæ фий- йæуттæ уыйбæрц фос хизынц, æмæ сыл цæст дæр не ’ххæссы. — Кæй сты ацы фос? — фæрсы нæ рувас фиййæутты.^ — Æртæсæрон уæйыджы, — загътой фиййæуттæ. — Гъе-е-е,—дзуры рувас, — уе ’ртæсæрон уæйыгæн йе ’сæфт æр- цыд: Фæрни-фыркъайы авд фырты йæм хæстмæ æрбацæуынц. Стæй сымах дæр фæрсдзысты, ацы фос кæй сты, зæгъгæ, æмæ сын, уæйыджы сты, куы зæгъат, уæд уыл марынæй нæ бацауæрддзысты. Фæлæ уæ чи фæрса, уымæн-иу зæгъут: «Чъерттымханы фос сты». Чъерттымхан та у паддзæхты паддзах, æмæ уæ уæд ничи бахъыгдардзæн. Уырдыгæй рувас адугъ кодта уæйыгмæ æмæ йын загъта: — Дæ дзæбæхтæ мæ нæ ферох сты, æмæ дæу ирвæзын кæнынмæ æрцыдтæн: бирæ æфсад æрбацæуы æмæ дæ физонæг кæндзысты. Уæйыг фæтарст æмæ йæ фæрсы: — Уæдæ ма цы кæнон? — Уæртæ цъынайы хуылфы бабыр, æмæ дæ æз бамбæрздзынæн. Уæйыг цъынайы мидæг бабырыд, рувас ыл æддейы арт бандзæрс- та, æмæ уæйыг цъыбыртты сыгъд бакодта. Цалынмæ рувас радугъ-бадугъ кодта, уалынмæ чындзхæсджытæ дæр, фос кæм хызтысты, уырдæм бахæццæ сты. Фæрсынц фиййæутты: — Кæй фос сты ан æппæт? — Чъерттымханы, — загътой сын фиййæуттæ. Дис кодтой Чъерттымханы бонджындзинадыл. 55
Чъерттымханæн фырдисæй йæ дзых хæлиуæй баззад, йæ цæстытæ та ирдæй, цы ма загътаид, уый нал зыдта. Чындзхæсджытæ æрбахæццæ сты уæйыджы хæдзæрттæм. Рувас сæ размæ рауад æмæ сын гæды митæ кæнын систа. Хорз федта уазджыты æмæ сæ афтæмæй сæ фæрныг хæдзæрттæм арвыста. Райдыдта Чъерттымхан йæ усимæ уæллаг æддæгуæлæйы цæрын, рувас та сæ иутæндзон хъахъхъæнгæ кодта. Иу бон куы уыд, уæд рувас ныффæнд кодта Чъерттымханы ба- фæлварын. Загъта йæхицæн: «Кæддæра куыд сæххæст кæнид Чъерт- тымхан йæ ныхæстæ». йæ дæндæгтæ ныззыхъхъыр кодта, зæххыл адаргъ, мард æфсон скодта йæхи æмæ хуыссы. Ус бацыд æмæ Чъерттымханмæ дзуры: — Нæ рувас амарди. — Кæд æй фæнды, уæд авд марды дæр акæнæд. Нал дзы фæразын. Аппарут æй исчердæм уыцы зæронд хæрæджы. Æгайтма дзы фервæз- тæн уыцы гæдыйæ. Рувас уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд фæгæпп кодта, Чъерт- тымханмæ бацыд æмæ йын загъта: — Кæдæй-нырмæ схъæздыг дæ, кæ, Чъерттымхан? Каедæй нырмæ ныууагътай дæ бызгъуыртæ? Чъерттымхан фæтарст æмæ дзуры: — Дæ нывонд фæуон, рувас, ныббар мын мæ рæдыд, æз мæ дзырд сæххæст кæндзынæн. — Нæ, Чъерттымхан, æрцыди кæрон дæ бонджындзинадæн. Йæ къæдзил атылдта рувас, æмæ уыцы ран цыдæриддæр уыди — галуан уæд, фос уæд, æнæуи мулк уæд — иууылдæр æрбайсæфтысты. Паддзахы чызг дæр цыдæр æрбаци. Чъерттымхан райхъал йæ бызгъуырты тыхтоныл, йæ къобола лæдзæгыл хæцыдис, афтæмæй. Уый æрцыдмæ дзæбæх æмæ æнæнизæй фæцæрут. ^
ЬЭ САЭ САЗ СЛЭ САЭ СЛЭ САЭ САЭ САЗ САЭ С^ КГ^Т/"ж^VУ^^У" А_^^_|У/^^^^’г^^ТАУ"\^^^*"\^^Ы^^^^^^ КÆРКГÆС ÆМÆ ПАДДЗАХ Уыдысты ус æмæ лæг, æмæ сын иу лæппу уыдис. Лæппу иучы- сыл куы бадынджыр, уæд йæ мад æмæ йæ фыд амардысты. Баз- зади иунæгæй лæппу, хæрз мæгуырæй йæ ныууагътой йæ мад æмæ йæ фыд. Цæрынæн ницыуал зыдта æмæ сфæнд кодта дард бæстæм цардагур фæцæуын. Ацыди лæппу æмæ, бирæ фæцыд æви чысыл, уый чи зоны, фæлæ иу паддзахадмæ бафтыди. Паддзахы дæлдæртæм бацыд æмæ сын ба- лæгъстæ кодта: — Мæгуыр лæппу дæн, æмæ мæ исты куыстмæ айсут. Уыдон* дæр лæппуйы айстой кæркгæсæй. Радтой йын кæрчыты дзуг, æмæ лæппу байдыдта кæрчытæм зилын. Уыцы кæрчытæй иу азмæ цалдæр мин карчы скодта. Каерчыты æйчытæй паддзах нæ, фæлæ йæ дæлдæртæ дæр сæ уæлдæйттæ уагътой, уыйбæрц бирæ æйчытæ æм- бырд кодта лæппу. Цыдысты бонтæ, мæйтæ, азтæ. Лæппу рæзти, хъомыл кодта. Паддзахæн уыд иунæг чызг. Бирæ курджытæ цыдысты ацы чызг- мæ: паддзахы фырттæ, паддзæхтæ, фæлæ рыгæй хъауджыдæр нæ уы- дысты чызджы цæсты. Чызджы хъуыдытæ уыдьгсты кæркгæс лæппуи- мæ, æмæ никæмæн куымдта. Паддзах-иу арæх фарста йæ чызджы, мой цæуылнæ кæныс, уый хуызæн дзæбæх лæппутæ дæм куы цæуынц курæг, ме ’мсæртæ, мæнæй уæлдæртæ, зæгъгæ, фæлæ чызг йæ фыдæн ницы дзуапп лæвæрдта. Иу бон куы уыд, уæд паддзах смæсты æмæ йын загъта: — Хъуамæ дæ тыхæй раттон моймæ. — Мæ фыд, тыхмитæ, тых ныхæстæ мын ма кæн, æз моймæ ни- кæмæ ацæудзьгаæн, нæ кæркгæс лæппуйы йедтæмæ. Паддзах йæ чызгæй ацы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд фыр- мæстæй йæ къæлæтджыныл йæхи æрæппæрста æмæ йыл хъæртæ кæны: 57
— Уый мын цы загътай, мæ чызг? Куыд мæм бауæндыдтæ уый хуызæн ныхас скæнын дæр! Мæ чызджы хъуамæ кæркгæсæн раттон? Уый никæд бон æрцæудзæн! Уый фæстæ паддзах фæдзырдта йæ дæлдæртæм æмæ сын загъта: — Ацæут æмæ мын, йæ арф ссæдз барæны кæмæн уа, йæ фæтæн та æртæ барæны, ахæм уæрм окъакут! Иæ дæлдæртæ паддзахы дзырд сæххæст кодтой, æмæ йын загътой: — Дæ рын бахæрæм, паддзах, уæрм цæттæ у. — Ацæут æмæ кæркгæс лæппуйы уыцы уæрмы цæппарут! Дæлдæртæ сæххæст кодтой паддзахы уыцы ныхас дæр æмæ кæрк- гæс лæппуйы цæппæрстой уыцы уæрмы. Лæппу цард уæрмы, фæлæ йæ паддзахы чызг уæддæр нæ рох код- та — йæхæдæг цы хордта, уыцы хæринагæй-иу алы бон лæппуйæн дæр хаста, — къæртайы мидæг-иу цæвæрдта хæринаг æмæ-иу къæрта бæн- дæнæй уæрмы ауагъта лæппуйæн. Афтæ лæггад кодта чызг лæппуйæн сусæгæй, æмæ йæ ничи зыдта. Бирæ бонтæ рацыдис, бирæ мæйтæ рацыди, лæппу æмæ чызг афтæ фыдæбон кодтой. Иухатт куы уыд, уæд æрлæууыд стонг аз. Канд адæм нæ мардысты стонгæй, фæлæ ма мæргътæ дæр уынгæджы кодтой æххормагæй. Иу халонæн фондз лæппыны уыди. Халонæн йæ бон нæ уыд уыдон бавæрын, хъомыл кæнын, æмæ атахти дард ранмæ, цæмæй стонгæй ма амардаид, йæхи æфсæстаид. Иæ лæппынты та дзæгъæл ныууагъта. Ацы æнæхицауæй халоны лæппынтæм æндæр халон æрбатахт æмæ сын райдыдта лæггад кæнын. Цы хæринаг ардта ахæм стонг рæстæджы, уый иууылдæр уыцы лæппынтæн хаста æмæ сын хæрын кодта. Афтæ тухæнтæй ног халон схаста лæппынты, мæлæтæй сæ фервæзыц. кодта. Æххормаг аз куы фæцис æмæ ног, хуыздæр, бирæ фæллойджын аз куы ныллæууыд, уæд лæппынты мад æрыздæхти фæстæмæ æмæ, лæппынты чи схаста, уымæ дзуры: — Мæ лæппынты мын хъуамæ фæстæмæ раттай. Лæппынты чи схаста, уыцы халон ын карзæй «нæ» загъта. Каед, дам, дæ дæ лæппынтæ хъуыдысты, уæд сæ дзæгъæл цæмæн ныууагъ- тай, схъомыл сæ кодтаис. Ныр сæ æз схъомыл кодтон, æмæ мæн сты, мæхи хъæуынц. Халæттæн сæ карз ныхас адаргъ ис. Алы бон дæр-иу батахтысты паддзахы дуармæ, æрдиаг-иу кодтой, хъаст-иу кодтой паддзахмæ, фæ- лæ сын паддзах се ’взаг не ’мбæрста. Иу бон паддзах, йæхицæй дæлдæр адæм цыдæриддæр уыд, уыдон- мæ се ’ппæтмæ дæр фæсидт æмæ сæм дзуры: — Ацы халæтты цы хъæуы, цæуыл æрдиаг кæнынц, уый мын чи зæгъа, уымæн стыр лæвар ракæндзынæн. Ничи разыца, ацы халæтты чи бамбæрстаид, ахæм лæг. Уый фæс- 58
тæ паддзах æгас паддзахадæй æрæмбырд кодта, цыдæриддæр дзы зондджын æмæ ахуыргонд адæм уыдис, уыдон, æмæ сæ фæрсы: — О, зондджын æмæ ахуыргонд адæм, сымах мын уæддæр зæгъут, цæуыл æрдиаг кæньшц ацы халæттæ? Зондджын æмæ ахуыргонд адæм загътой: — Кадджын паддзах, уыдон æрдиагæн мах дæр ницы æмбарæм. Уыцы рæстæг, дын, гааддзахы чызг иу изæр уæрммæ лæппуимæ ны- хас кæны æмæ йын афтæ зæгъы: — Стыр диссаджы хъуыддæгтæ нæм цæуы. Алы бон дæр авд ха- лоны æрбатæхынц нæ дуармæ æмæ мæ фыды рудзгуыты цур цæуылдæр æрдиаг кæнынц. Мæ фыды фæнды базонын, цæуыл æрдиаг кæнынц ацы халæттæ. Æрхуыдта йæ паддзахады адæмы, фæлæ се ’рдиаг цæуыл у, уый уыдонæй дæр ничи базыдта. Лæппу уæрмæй уæлæмæ дзуры чызгмæ: — Дæ фыдæн зæгъ, уæрмæй мæ сисын кæнæд, йæхимæ мæ ба- кæнæд, æмæ, уыцы халæттæ цæуыл æрдиаг кæнынц, уый йын æз базон- дзынæн. Æз м-æргъты æвзагæй хорз зонын. Чьгзг бацыд йæ фыдмæ æмæ нын загъта: — Кæд дæ фæнды, мæ фыд, ацы халæттæ цæуыл æрдиаг кæнынц, уый базонын, уæд, уæрмы цы лæппу ис — нæ кæркгæс, уый сисын кæн уæрмæй, дæ фарсмæ йæ æрлæууын кæн, æмæ та халæттæ куы æрба- тæхой æмæ куы æрдиаг кæной, уæд дын æй зæгъдзæн. Уый мæргъты æвзаг зоны. Паддзах бадис кодта, лæппу ныронг уæрмы стонгæй удæгас куыд баззад, зæгъгæ, фæлæ йын йæ чызг загъта: — Æз ын къæбæртæ æппæрстон, æмæ уымæн баззад удæгас. — Ацæут æмæ сисут лæппуйы уæрмæй æмæ йæ æрбакæнут ар- дæм, — загъта паддзах. Лæппуйы уæрмæй систой. Паддзахмæ йæ æрбакодтой, æмæ йæ паддзах йæ фарсмæ æрлæууын кодта, халæттæ куы æрдиаг кодтой, уæд. — Ды хæсджын дæ ныр, æмæ кæд мæргъты æвзаг зоныс, уæд мын хъуамæ радзурай, ацы халæттæ цæуыл æрдиаг кæнынц, уый, — дзуры паддзах лæппумæ. Лæппу халæттæм фæхъуыста æмæ паддзахæн загъта: — Бакæс-ма, паддзах, уæртæ фондз халоны хицæнæй бадынц. Уы- дон сты лæппынтæ, уыдонмæ æввахс чи бады, уый та у се ’схъомыл- гæнæг мад. Æддæдæр чи бады, уый та у сæ рауадзæг мад. Махмæ фа- рон стонг аз куы уыди, уæд сæ мадæн йæ бон нæ бацис йæ лæппынты схъомыл кæнын æмæ атахт æндæр бæстæм, йæ гуыбын кæм æфсæстаид, ахæм ранмæ. Хæстæг сæм цы халон бады, уый сæ байдыдта хъомыл кæнын, йæхи-иу æххормаг дæр ныууагъта æмæ-иу цы ссардта хæрина- гæй, уый уыдонæн хаста. Афтæмæйты сæ схъомыл кодта. Ныр, хъæз- 59
дыг аз куы æрцыдис, уæд сæ мад фæстæмæ æртахт æмæ куры — мæ сывæллæтты, дам, мын ратт. Чи сæ схъомыл кодта, уый та афтæ зæгъы: «Æз сæ схъомыл кодтон, æмæ ныр мæхи сты ацы лæппынтæ. Каед дæ хъуыдысты, уæд сæ хъомыл дæр скодтаис æмæ сæ æнæхицауæй ма ныууагътаис!» Ныр, паддзах, ауал боны дæумæ хъаст кæнынц, дæуæй курынц тæрхон, хъуамæ зæгъай, кæмæн æмбæлынц лæппынтæ: чи сæ схъомыл кодта, уымæн, æви сæ чи рауагъта æмæ сæ æвæгæсæгæй чи ныууагъта, уымæн? Паддзах æрсидти йæ зондджын адæммæ æмæ сæм дзуры: — Мах сын хъуамæ рахæссæм раст тæрхон: кæмæн æмбæлынц уыцы лæппынтæ? Фыццаг ныхас хауди паддзахæн йæхимæ, æмæ уый загъта: — Æз уын, куыд паддзах, хъуамæ раст зæгъон: йæ лæппынты чи ныууагъта, уыцы мад хъуамæ мардыл нымад æрцæуа, — лæппынты чи схъомыл кодта, уымæн та æмбæлы се ’цæг мадыл банымайын. Паддзах йæ тæрхон йæ зондджын адæмæн куы загъта, уæд уыдон æмхъæлæсæй загътой: — Ды цы аскъуыддзаг кодтай, мах ууь1л разы стæм не ’ппæт дæр. Паддзах рацыд æддæмæ аемæ йæ тæрхон халæттæн хъæрæй ра- дзырдта. Лæппу уыцы тæрхон халæттæн ратæлмац кодта. Халæттæ ныппæррæст кодтой æмæ атахтысты. Се ’цæг мад бынтон хицæнæй атахти иуырдæм, чи сæ схъомыл кодта, уый та йæ лæппынтимæ иннæр- дæм атахтис. Паддзах æппæт адæмы раз йæ чызгмæ фæдзырдта, лæппуимæ сын сæ къухтæ кæрæдзимæ раттын кодта æмæ лæппуйæн загъта: — Уый дын мæ паддзахы бандон, паддзахы бандон дæуæн æм- бæлы. Ды та, мæ чызг, аккаг дæ уымæн бинонтæн, уымæн æмæ æз лæ- джы амардтон, фæлæ йæ ды фервæзын кодтай. Уьгмæй зыны, ды дæр мæнæй зондджындæр кæй дæ. Ацы лæппу та афтæ зондджын у, æмæ ай хуызæн зондджын мæ паддзахады нал разындзæн. Лæппу спаддзах ис. Уый фæстæ зæронд паддзах дæр бирæ нал ацарди. Лæппуйæн йæ бон цас у, уыйас размæ кæны йæ паддзахад. Аргъау фæцис. Уыдон æрцыдмæ бирæ цæрут. ^
30 НД ÆМÆ АМОНД Зонд æмæ амонд балцы фæцыдысты. Амонд дзуры зондмæ: — Æз дын куы нæ уаин, уæд ды ницæйаг дæ! Зонд ын зæгъы: — Ма кæ, æз дæуæн куы нæ уон, уæд дæхæдæг ницæйаг дæ! Дæ бон бирæ нæу. Афтæмæй цæуынц дзургæ. Иу æдылы галгæс сæрвæты хизы йæ галтæ. Ахæм æдылы уыд, æмæ æппындæр ницы æмбæрста, хур бон къæвда бонæй нæ раиртæстаид. Зондæн Амонд зæгъы: — Дæлæ уыцы лæджы уыныс? Уый æппындæр ницы æмбары. Каес- ма йæм, кæддæра дзы хорз лæг нæ саразйн. Зонд æм бадзуры: — Ма кæн, дæхицæй ма æппæл, æз æм куы нæ фæкæсон, уæд уы- мæй хорз лæг нæ сараздзынæ. Амонд сызгъæрин порти фелвæста æмæ йæ лæппуйы рæзты атылд- та. Сызгъæрин порти ахæм уыд, æмæ хурыл талынг бафтыдта йе ’ртти- вынæй. Уыдон сæхицæн афардæг сты. Уалынмæ Бендедты калакæй ра- 63
цыд æртæ базаргæнæджы, акастысты, æмæ уыцы портийы рухсæй сæ цæстытæ баталынг сты. Æдылы йæ ратул-батул кæны йæ разы, гæррийау*. Базаргæнджытæ сæ кæрæдзимæ дзурынц: — Уыцы порти не ’дылыйæн хъазынæн кæм уыди? Уæд сæ иу загъта: — Цæй-ма, сдзурæм ыл, кæд нын æй рауæй кæнид. Иннæтæ йæ ской дæр нæ уадзынц: — Куыд загътай уый?! Цæмæн нын æй рауæй кæндзæн! йæ хицау æм порти уымæн радта, цæмæй дзы хъаза, ма бафынæй уа æмæ йын йæ галтæ ма фесафа. — Ницы кæны, — загъта æртыккаг базаргæнæг, — сдзурæмут ыл. Кæд нын æй рауæй кæна, уæд хорз, кæннод дæр нæ куы ницы сæфы. Бацыдысты йæм æмæ йын дæ бон хорз загътой. Лæппу сæм фæстæмæ дзуры: — Мæ бон хорз у, уымæй мæ цы фæрсут! Базаргæнджытæй йын иу загъта: — Ма нæм фæхæрам у. Дæ къухы цы хъазæн ис, уый нын нæ рауæй кæнис? Лæппу сын дзуапп радта: — Куыд æй ауæй кæнон? Мæ сырх гал дзæгъæлдзу у, æз хъуамæ порти уый æфцæджы бафтауон, æмæ йæ рухсмæ ма сæфа! Лæгтæ ныддис кодтой: — Уый хуызæн хæзнатæ йæ галты æфцæджы кæмæн ис, уый уа- гæры цы уыдзæн? — Сæхæдæг сæ фæндагмæ раздæхтысты. Лæппу æрæджиау фæфæсмон кодта, тызмæгæй сæм цæмæн сдзырд- тон, зæгъгæ, йæ порти сын сæ фæдыл фехста æмæ сæм дзуры: — Ахæссут æй æмæ мын æй Бендедты мæликкæн** балæвар кæнут! Систой йæ æртæ базаргæнæджы æмæ катай байдыдтой: — Здæхæм æмæ йæ ахæссæм, — уæд нæхуыдтæг æнæ базарæй цæуæм. Нæ йæ ахæссæм, æмæ нын мæликк нæхи маргæ кæндзæн. Аздæхтысты æмæ йæ схастой Бендедты мæликмæ: — Ай дын иу ранæй хуынæн рарвыстæуыд: Мæликк æм куы æркасти, уæд ныддис кодта: — Ай циу, чи мын æй рарвыста? Мæнæн уый аргъ мæ паддзахад дæр куы нæ у, уæд ын æз та уый бæсты цы арвитон? Мæликк йæ фæсдзæуинтæм фæдзырдта: — Ацæут, мæ назир-визирты*** мын æрæмбырд кæнут. * Г æ р р и — тымбыл дур, къори, цъил. ** Мæликк — æлдар, кънйаз, хицау. *** Назир-визиртæ — мæличчы уынаффæгæнджытæ. 64
Ауадысты æмæ сæ иууылдæр æрæмбырд кодтой. Мæликк сæм æрхæссы уыцы порти æмæ сын зæгъы: — Ай нæм æрцыд кæцæйдæр лæварæн, æмæ йæ бæсты лæварæн цы æмбæлы, уый мын стæрхон кæнут! Назир-визиртæ дæр порти куы федтой, уæд ыл тынг бадис кодтой, бирæ фæтæрхон кодтой æмæ фæстагмæ сæ уынаффæ скарстой: йе ’рæр- витæг кæд æнæус лæппу у, уæд нæ мæликкæн иу чызг ис, æмæ йын уый раттæм; кæд æмæ йе ’мсæр мæликк у, уæд ьш сæдæ хæрæгыл сызгъæ- рин арвитæм. Ноджы ма йæ æрæрвитæджы хъуамæ ардæм æркæ- нæм. Уыцы порти чн æрхаста, уыдонæн ныффæдзæхстой: — Ацæут, æмæ уын æй чи рарвыста, уый ардæм æркæнут! Йе ’рхæсджытæ хъынцъым кæнын байдыдтой: — Цæуæм, фæлæ йæ кæцæй æркæнæм? Æдзух уыцы фæндаджы был кæм уыдзæн? Уæддæр сын æндæр цы гæнæн уыд! Æрдиаг æмæ хъынцъымгæнгæ араст сты. Бирæ куы фæцыдысты, уæд уыцы бынатмæ бахæццæ сты, бакас- тысты, æмæ та уæртæ уыцы лæппу. Тынг ныццин кодтой. Лæппумæ дзурынц: — Дæ порти лæварæн цы мæликкæн арвыстай, уый нæ фæстæмæ дæумæ рарвыста, ацæут æмæ мæм æй æркæнут, æмæ йæ æз дæр фенон, зæгъгæ. Цом немæ, мах дæ фæхæццæ кæндзыстæм. Лæппу, дын, фæмæсты æмæ сыл схъæртæ кодта: — Чи стут, кæй куитæ стут? Мæ сырх гал давынмæ мæм æр- цыдыстут? А базаргæнджытæ суынгæг сты. Дзурынц кæрæдзимæ: — Куы нæ йæ акæнæм, уæд нæ мæликк цæгъдгæ кæндзæн. Ай нын иунæгæй æртæйæн цы ракæндзæн: бабæттæм æй æмæ йæ тыхæй акæ- нæм. Сæхи йыл ныццавтой, сбастой йæ æмæ йæ фæкæнынц. Ныр Зонд æппæт уыдæттæм йæ хъус дары. Лæппуйы, дын, акодтой, мæликмæ йæ ныккодтой бызгъуырты ми- дæг. Мæликкæн уый ноджыдæр æхсызгондæр уыди, йæхинымæр аф- тæ ахъуыды кодта: «Ай, æвæццæгæн æмæ, тыхджын мæличчы фырт у, æмæ хорз дарæс дарын йæ сæрмæ нæ хæссы». Мæликк йæ назир-визиртæн загъта: — Гъе ныр æркæсут æмæ, ацы лæгæн цы лæвар ракæнын æмбæлы, уый зæгъут. Назир-визиртæ æрбадтысты æмæ стæрхон кодтой: — Мæликк арвитæд сауджынтæм, æмæ йын йæ чызгыл саргъа- уæнт! Мæликк дæр ма уæлдай цы загътаид! Сауджынтæм арвыста, стæй 5 Ирон адæмм аргъæуттæ 65
фидиуæг ныхъхъæр кæнын кодта: «Мæликк йæ иунæг чызгæн чындзæх- сæв кæны, æмæ йæм иууылдæр куыд æрæмбырд уат, афтæ!» Чызгыл саргъуыдтой уыцы лæппуимæ, чындзæхсæвтæ фæкодтой. Адæм куы ахæлиу сты, уæд чызг æмæ лæппуйы хицæн агъуыстмæ ба- кодтой. Чызг йæхи æруагъта хуыссæны, фæлæ йæм лæппу æмгæрон нæ цæуы, къултыл хизы, йæ галтимæ йæ зæрдæ дзуры. Æхсæв-бонмæ хуыс- гæ дæр нæ бакодта. Чызг райсомæй сыстади, фæлæ никæмæн ницы схъæр кодта. Дыккаг æхсæв дæр та сыл гъе уый хуызæнæй сбон и. Æртыккаг æхсæв дæр та сæ иумæ уатмæ куы барвыстой, уæд лæппу ноджы фыддæр æрра фæци, дуæрттæ сæттынмæ æрцыди. Райсомæй чызг æхсæвæй сыстад æмæ йæ фыдæн загъта: — Мæ фыд, мæ хъуыддаг афтæ æмæ афтæ рауад, æмæ мæ дзы фервæзын кæ, кæннод мæ мæлæт мæхи къухæй æрцæудзæн! Мæликк дæр, дын, фервиты назир-визиртæм. Æрæмбырд вæййынц уыдон дæр, æмæ сын мæликк радзуры: — Мæ чызгæн йæ хъуыддаг афтæ æмæ афтæ рауад, æмæ цы æм- бæлы мæ сиахсæн, уый йын бакæнут! Визиртæ стæрхон кодтой: — Æмбæлы йын амарын. Цыппар сахатмæ хъуамæ ауыгъд æрцыдаид. Сарæзтой ауындзæнтæ, хъуамæ йæ бакæной æмæ йæ æрцауын- дзой. Зонд æм йæ хъус дары, цымæ йын Амонд цы æххуыс бакæнид, зæгъгæ. Базыдта йæ: æппындæр ын ницы йæ бон уыд. Лæппуйы ауындзынмæ куы акодтой, уæд, дын, Зонд лæппуйы сæры фæкуыси ис. Æмæ уæд лæппу фæхъæр кодта: — Ныр уæм дыууæ къуырийы дæн; сиахсæн æфсæрмы кæнын æм- бæлы, æмæ уæм уый тыххæй не ’сдзырдтон. Усы цур куы æрхуыссай, уæддæр дзы æртæ æхсæвы æфсарм хъæуы, æмæ æз мæ усы цур уый тыххæй не ’рхуыссыдтæн: фыццаг æхсæв хуыцауы тыххæй, уый фæстæ æхсæв йæ мады тыххæй, æртыккаг æхсæв та йæ фыды тыххæй. Цæмæ гæсгæ мæ азымджын кæнут? Æгъдау кæй æххæст кодтон, уый тыххæй мæ ауындзгæ кæнут? Фæстæмæ йæ мæликмæ бакодтой. Мæликкæн лæппуйы ныхæстæ куы радзырдтой, уæд дыккаг хуынд æркодта, ног чындзæхсæв сарæз- та, йæ сиахсы йæ къæлæтджыныл æрбадын кодта, арфæ йын ра- кодта.
<^х^х^<**?<^«х»^^ САИÆДЖЫ САИД Иу сауджынмæ уыди æххуырст, æмæ йын цæмæй фылдæр куыс- таид, уый тыххæй цы нæ хин кодта, ахæм нæ уыди. Цы гæнæн уыд æххуырстæн дæр, æмæ быхсыд сауджыны фыдмитæ. Хосгæрдæн куы æрцыд, уæд та сауджын бавдæлд, æмæ цы- дæр хин сфæнд кодта æххуырстæн. Фæсидт æххуырстмæ æмæ йæм дзуры: — Райсом хос кæрдынмæ цæуæм, æмæ-иу раджы сыст. — Хорз! — загъта æххуырст. Райсом æххуырст нæма сыстад, афтæ сауджын фæгæпп ласта, æх- хуырсты дæр сыхъал кодта æмæ йæм дзуры: — Цæй, аходæн ам бахæрæм, уыгæрдæнмæ ма йæ цы хæссын кæнæм. — Хорз, — зæгъгæ, загъта æххуырст, æмæ аходæн хæрыныл æр- бадтысты. Хæрд куы фесты, уæд та сауджын дзуры: — Æмæ уæдæ æххæст сихор дæр ныр бахæрæм, æмæ сихорыл уæл- дай фæстиат мауал кæнæм. — Хорз, — зæгъгæ, та загъта æххуырст, æмæ ма æнæбары цы- дæртæ ахордтой, сауджыны ус сын сихорæн цы æрæвæрдта, уымæй. — Цæй, бавдæлæм, æмæ ма æххæст æхсæвæр дæр бахæрæм, уæд- дæр уыгæрдæны æхсæвиуат кæндзыстæм, æмæ ма æхсæвæр хæрыныл та цы фæстиат кæнæм. — Хорз, — зæгъгæ, та загъта æххуырст. Фæйнæ комдзаджы цы- дæр ма систой, æхсæвæрæн сын цы хæринаг æрæвæрдтой, уымæй, æн- дæр сæ нал хъуыд. Хæрд куы фесты, уæд æххуырст, æнæдзургæйæ, сыстад, йæ нымæ- ты бызгъуыр йæ дæлармы атыхта æмæ дæлæ фæцæуы. — Кæдæм фæцæуыс уый? — дзуры йæм сауджын. — Æххæст ма хуысгæ дæр ныр скæнæм, тæккæ хосгæрдæны фæ- сахсæвæр бадын хорз нæу, — зæгъгæ, рацыд æххуырст, йæ нымæт уæл- хæдзары райтыдта æмæ йыл æрхуыссыд. Сауджын хæлиудзыхæй баззад. 67
^ЬЗДЗДЗД?^ ГÆДЫЙЫ КЪАХ ЦЫБЫР У Иу ран цардис иу магуса, æдылыдзæф лæг. Кæд æдылы уыд, уæддæр бафиппайдта: æдыхæн æнæ хинæй цæрæн нæй. «Мæхицæй мæ æдылыдæрты агурын хъæуы», — загъта йæхицæн. Нæмыг æмæ æрдæг мæнæу цыппæрста къæссайы, йæхæдæг æй ныддымста, йе ’ккой йæ баппæрста æмæ æлдары хъæумæ фæраст. Æлдары хъæуы кæройнаг кæрты фæмидæг, къæсса кæрты астæу хъен æрæвæрдта, йæхæдæг хæдзармæ бараст хицоны хуызæн. Кæрчытæ, уасджытæ кæрты астæу хъен къæсса куы ауыдтой, уæд ыл, исты хор æнхъæлæй, къуырцц-къуырццæй ралæууыдысты, æмæ йын йæ тæф рауагътой. Магуса та хæдзары дæлæ-уæлæ ныхæстыл йæхи фæстиат кодта. Стæй, æгæр мын барæджы, зæгъгæ, рауад кæртмæ. Кæрты йæ къæсса тæбæккæй куы ауыдта, уæд æрдиаг кæны: — Дæ-дæй, дæ-дæй! Сæрæй мын мæ хоры къæсса мæнæ уæ кæр- чытæ ахордтой. Уæ, цæй царæфтыд мæ бакодтой! Уæ, мæгуырæй мæ куыд ныууагътой! Мæ хæдзар мын æмбойны куыд æрбайхæлдтой! — Уæ, мауал æрдиаг кæн: дæ зиан дын баххæст каёндзыстæм! — загъта хæдзары хицау. — Кæцы дæ фæнды, уый равзар нæ кæрчытæй дæ зианмæ. Хуыздæр карк равзæрста магуса; æрцахстой йын æй, карк ын йæ къæссайы цæвæрдтой, æмæ араст и. Фæцæуы, фæцæуы магуса æмæ та æндæр кæрты скуыси, хъæуы астæу. Къæсса æд карк нæл фысты астæу фæуагъта, йæхæдæг хæдзары фæмидæг. Уым йæхи афæстиат кодта, радзур-бадзур, рафæрс-бафæрс- тæ акодта, дзырдтыл сæ дардта. Фæстæмæ рауад кæртмæ. Каесы, æмæ фыстæ къæссайы æд карк сæ быны æрсæндæг кодтой. — Уæ, мæнæ мын уæ фыстæ мæ хæдзар куыд бацарæфтыд код- той! Мæ ис — мæ бон мын куы фесæфтой! 68
— Мауал æрдиаг кæн дæ каркыл: æвзаргæ фысæй дын æй бафид- дзыстæм. Магуса куыннæ равзæрстаид йæхицæн нæл фысты хуыздæр! Хæрзбон загъта хæдзары хицауæн æмæ фыс йæ фæдыл фæласы. Фæцæуы æмæ та дæлдæр иу кæрты фæмидæг. Фысы нард галты æх- сæн абаста, йæхæдæг хицоны хуызы хæдзармæ бацыд. Уым та йæхи афæстиат кодта. Йæхæдæг кæм афæстиат, уым хæдзары бинонты дæр куыннæ афæстиат кодтаид! Уый фæстæ кæртмæ рауад, мæ фысмæ акæсон, зæгъгæ. Каесы, æмæ нард галтæ фысы сæ сыкъатыл систой, ныххуынчъытæ йæ кодтой. — Уæу, уæу-у! Мæнæ мын уæ галтæ цы æмбисонды ми бакодтой! Мæнæ мын мæ хæдзар куыд фехæлдтой! Хæдзары хицæуттæ кæртмæ разгъордтой, магусайы басабыртæ кодтой æмæ йын йæ нæл фысы бæсты æвзаргæ гал радтой, кæд æп- пын банцаид æмæ нæ нал худинаг кæнид, зæгъгæ: уазæджы бафхæрын хорз кæд уыди! Аласта та магуса уырдыгæй дæр, нарддæр цы гал уыд, уый, йæхæ- дæг изæрырдæм фысым æвзары, æмæ йе ’хсæв æлдараты кæртмæ ныххаста. йæ гал ын скъæты бабастой, йæхи йын уазæгдонмæ ба- кодтой. — Ау, æмæ æз ам уазæг дæн? Мидæмæ цæуын: æз ам æцæгæлон нæ дæн, фæлæ хицон дæн, — загъта магуса, æмæ бацыди æлдарæн иæхи уæттæм. Æлдарæн авд чызджы уыди, — амæй ай рæсугъддæр: се ’ппæтыл дæр дари къабатæ, сæ къæхтыл сырх стæнхъ басмахътæ, сызгъæрин æгънæджытæ сæ риутыл, фæтæн камаритæ сæ астæутыл, чысыл хъаматæ та сæ камаритыл баст. Магуса, дын, семæ тыччытæй, быныбадджытæй, гæлæмытæй ма фæхъаза æгас изæр, ма! Æхсæв æй хорз федтой, стæй йын сæ цуры хуыссæн бакодтой, æмæ уадидæгæн æнæмæт фынæй аисты. Хъал чызджытæ изæр, хъазты фæстæ, куыддæр афынæйтæ сты, афтæ дын, магуса фестад æмæ сындæггай сæ тæккæ рæсугъддæр чызг- мæ бахъуызыд; йæ кард-хъама йын йæ кæрддзæмæй сындæггай сласта, рацыд æмæ дзы хъомдоны йæ галы хурх сæргæвста. Фæстæмæ та ба- цыд, сындæггай хъама йæ бынаты нытътъыста, йæхæдæг та йæ хуыс- сæны, цыма ницы уыди, уыйау йæхи хуыссæг скодта, суанг хуры- скастмæ. Райсомæй магуса йæхи æрбабæлццон кодта, — кæртмæ рацыд, гал абæрæг кодта æмæ та æрдиаг кæныныл схæцыд: — Уæу-уу!.. Мæнæ æлдаратæ сæ уазæгæн цы ми бакодтой? Мæ галы — мæ дарæг, мæ уромæджы хурх мын сæ чидæр йæ хъамайæ куыд сæргæвста, мæнæ! — Ау, уый та куыд? Уый та чердыгон ми бачындæуыди нæ уазæ- 69
гæн! — загътой æлдар æмæ æхсин. — Уыйас æвзæр, уыйас æдзæсгом, худинаг ми чи бакодта нæ хæдзары, уый амаринаг у! Рауын-бауын байдыдтой, ракæс-бакæс, радзур-бадзур фæкодтой, æмæ астæуыккаг чызг — Дудуйы хъама тугæйдзаг разынд. — Ахæсс æй дæхицæн! — загътой æлдар æмæ æфсин магусайæн. Магуса уадидæгæн рæсугъд Дудуйы къæссайы авæрдта, йе ’ккой йæ баппæрста, æмæ кафгæ-сиргæ æлдараты хъæуæй араст и сæхимæ. Хъæуы æдде фæци магуса. Фæцæуы, къæсса йе ’ккой, къæссайы мидæг — чызг. Магуса фырцинæй йæхи уромын нал бафæрæзта æмæ ныззарыд: Нæмыг æмæ æрдæгæй — кæрконæг, Кæрконæгæй — фыронæг, Фыронæгæй — галонæг, Галонæгæй — чызгонæг... Æц-цæй, Дуду, ба-а! — зæгъгæ, къæсса фегом кодта æмæ чызджы былтæн аба кодта. Фæцæуы, фæцæуы магуса æмæ та ныззары: Нæмыг æмæ æрдæгæй — кæрконæг, Кæрконæгæй — фыронæг, Фыронæгæй — галонæг. Галонæгæй — чызгонæг... Æц-цæй, Дуду, ба-а!.. Афтæ заргæ-заргæ, кафгæ-кафгæ, изæрмæ фиййæуттæм ныххæццæ. Фиййæуттæ сæ бонтæ æрвитьшц уæлвæзты, рæсугъд быдырты. Æнæнизæй, хъæлдзæгæй рæзынц, кæд сæ куыст æнцон нæу, уæддæр. Ёæлццоныл, сæ бон уæвгæйæ, æнæ фæхудгæ, æнæ ахъазгæ нæ вæййынц. Магусайæн кусарт акодтой, схуыссын æй кодтой лæгдоны æмæ йыл каудуар сæвæрдтой, сæхуыдтæг ын йæ рæсугъд Дуду-чызджы сис- той къæссайæ, куыдзы хъæвдын дзы цæвæрдтой, афтæмæй йæ райсо- мæй раджы уæтæрæй афæндараст кодтой. Магуса стыр фæндагмæ куы æрхæццæ, уæд та ныззарыди: Нæмыг æмæ æрдæгæй — кæрконæг, Кæрконæгæй — фыронæг, Фыронæгæй — галонæг, Галонæгæй — чызгонæг... Æц-цæн, Дуду, ба-а! — зæгъгæ, æмæ йын хъавыд аба кæнынмæ. Куыдз дæр æм «гъæм», зæгъ- гæ, фæкодта æмæ йын йæ хæмхудтæ атыдта. Гæдыйы къах цыбыр у.
«ириæ^^црфхф*^^ РАСТ ЛÆГ ÆМÆ ЗЫЛЫН ЛÆГ Иухатт балцы ацыдысты раст лæг æмæ зылын лæг. Раст лæгмæ фæндаггагæн уыди мыдамæстытæ, зылын лæг- мæ та — æнтыдджынтæ. Бирæ куы фæцыдысты, уæд сæххормаг сты æмæ æрбадты- сты кæрдзын хæрыныл. Зылын лæг афтæ дзуры раст лæгмæ: — Цæй, дæ мыдамæстытæ уал бахæрæм. Æнтыдджынтæ ницы бæллиццаг сты, æмæ уал сæ фæстæдæрмæ уадзæм. Сразы ис раст лæг. Систа йæ мыдамæстытæ, бахордтой сæ, уæдæ цы уыдаид, æмæ та дарддæр ацыдысты сæ фæндагыл. Иудзæвгар куы фæцыдысты, уæд раст лæг дзуры зылынмæ: — Цæй-ма, де ’нтыдджынтæй ахæрæм, — сæххормаг дæн. — Æмæ кæй сæххормаг дæ, уый дын мæ аххос у? Кæрдзын дæ кæд хъуыд, уæд дæхимæ дæр куы уыди фæндаггæгтæ, цæуылнæ сыл фæцауæрстай? — загъта зылын лæг, йæхæдæг систа йæ æнтыдджын- тæ æмæ хæры, раст лæджы хъуыды дæр нæ кæны. Иæ бон куынæуал уыд раст лæгæн æххормагæй, уæд ын лæгъстæ кæнын байдыдта. — Сыдæй мæлын, иу къæбæр мын авæр, æмæ дæхи дзыхæй цы зæгъай, уымæй дын æй бафиддзынæн. Зылын лæг загъта: — Æри мын дæ иу цæст, æмæ дын уæд ратдзынæн, кæннод — нæ. Раст лæгæн гæнæн æмæ амал куы нал уыди, уæд сразы ис. Зылын лæг ын йæ цæст скъахта, йæхæдæг ын иу къæбæр радта. Цас ын баххуыс кодтаид уыцы къæбæр! Куы та сæххормаг раст лæг, уæд та лæгъстæ кæнын байдыдта: — Мæ мыдамæстытæ иумæ куы бахордтам, уæд цас диссаг у, де ’нтыдджынтæй мын иу къæбæр куы авæрай, уæд? Зылын лæг ын загъта: — Æри мын де ’ннæ цæст дæр, кæннод мæнмæ кæрдзын нæй. 71
Скъахта йын йе ’ннæ цæст дæр, æмæ раст лæг бынтондæр ба- куырм и. Зылын лæг æй уым ныууагъта, йæхæдæг афардæг. Раст лæг куырмæй бырын байдыдта, æмæ иу обаумæ бахæццæ. Обауы раз мидæмæ уыд дзыхъхъ къахт, æмæ лæг уырдæм бабырыд. Æмæ уым, мидæгæй, разынд æвæджиау рæсугъд хæдзæрттæ. Лæг катайтæ байдыдта, «ай кæдæм æрбафтыдтæн», зæгъгæ, стæй сынтæджы бынмæ бабырыди. Уалынджы æрбацыдысты арс, бирæгъ æмæ рувас. Бацыдысты хæ- дзармæ æртæ дæр æмæ ныхас кæнын райдыдтой, кæмæ сæ цы фæллой ис, ууыл. Арс загъта: — Мæнæн мæнæ дуармæ цы бæлас ис, ууыл ис мыд æвæрд, æмæ исчи цæст цух куы фæуа, уæд æрмæст уыцы мыдæй йæхи фæхъæстæ кæнæд, уый йедтæмæ цы уыд, уымæй авд ахæмы хуыздæр фестдзæн. Рувас загъта: — Мæнæн та уæртæ фæсдуар æвæрд ис дзæкъулы дзаг æхцатæ, æмæ мидæмæ куы цæуын, уæд сæ бацæгъдын, æддæмæ куы фæцæуын, уæддæр сæ бацæгъдын, æмæ сæ дзинг-дзинг мæ зæрдæйæн æхсызгон вæййы. Бирæгъ загъта: -— Уæдæ æз иу фиййау зонын æмæ йæм куы бацæуын, уæд мын йæ куыдз, фосæй хуыздæр чи вæййы, уый мæ фыццаг скæны, æмæ йæ æз дæр бахæрын. Ацы ныхæстæм куырм лæг хъуыста сынтæджы бынæй. Арс, бирæгъ æмæ рувас куы ацыдысты, уæд лæг сынтæджы бынæй рабырыд æмæ раздæр, арс кæй кой кодта, уыцы бæласмæ бабырыд. Мыд куы ссардта, уæд дзы йæ цæстытæ айсæрста, æмæ, цы уыдысты, авд ахæмы хуыздæр фестадысты. Уый фæстæ æхцатæ йемæ рахаста æмæ рафардæг йæ фæндагыл. Бахæццæ иу фиййаумæ: фиййау кæуы æмæ дзыназы. Лæг æй бафарста: — Цæуыл кæуыс, фиййау, цы фыд дыл æрцыд? Фиййау загъта: — Мæ фосы сæрты бон-изæрмæ цъиу атæхæг нæ ауадзын, фæлæ сыл цыдæр сагъуыд, æмæ ахæм бон нæ уыдзæн, иу кæнæ дзы дыууæ куыд нæ фесæфа, æмæ кæугæ дæр ууыл кæнын. — Æз дын сæ куы фервæзын кæнон, уæд мын цы ратдзынæ? — Се ’рдæг дæу фæуæд. — Уæдæ дæ гаццайы амар: бирæгъæн дын дæ фосы хæрын кæны, ды та йæзонгæ дæр нæ кæныс. Фиййау байхъуыста фæндаггонмæ, сæххæст ын кодта йæ ныхас, æмæ, æцæгдæр, уыцы бонæй фæстæмæ йæ фосæй иу дæр нал фæ- хъуыд. 12
Раст лæг, дын, æд фос, æд æхца æрцыд сæхимæ. Афтæмæй йыл æрбамбæлд зылын лæг æмæ йæ фæрсы: — Кæм дын уыдысты атæппæт фæллой? Уый йын радзырдта, куыд сæ ссардта, уый. — Ды кæм уыдтæ, уырдæм æз куы фæцæуин, уæд дзы цымæ мæ къухы ницы бафтид? — бафарста йæ зылын лæг. — Куы ацæуай, уæд, чи зоны, бафта, — загъта йын раст лæг, æмæ йын фæндаг бацамыдта, кæм уыд, уырдæм. Зылын лæг дæр, дын, ныццыд æмæ уыцы сынтæджы бын бабырыд. Изæры арс, бирæгъ æмæ рувас куы æрцыдысты, уæд æрдиаг бай- дыдтой сæ фæллойыл. Сæ хæдзары къуымты æрзылдысты, алырдæм ракæс-бакæс кæнынц, смудынц, æмæ — никуы æмæ ницы! Уалынмæ, дын, арс, сынтæджы бынмæ бакаст æмæ лæджы ауыд- та. Уырдыгæй йæ раластой æмæ йæ уайтагъд акъабæзтæ кодтой. <и?
«и?^*^*^?^*^^^^ ÆРРАБИ ÆМÆ ЗОНДАБИ Царди æмæ уыди дыууæ æфсымæры: сæ иу — Æрраби, иннæ — Зондаби. Уæд иу бон уæйыгмæ æххуырсты бацыдысты. Уæйыгæн уыди зæронд мад æмæ сæгъты дзуг. Иу райсом æлдар цуаны фæцыди, дыууæ æххуырсты та хæ- дзары баззадысты. Зондаби загъта Æррабийæн: — Хæдзаргæс лæууыс æви сæгътæ хизыс? Æрраби загъта: — Сæгътæ хизын. Æрраби аскъæрдта сæгътæ сæрвæтмæ æмæ иу зад фæткъуы бæ- ласыл сæмбæлди. Схызти бæласмæ, ныууыгъта йæ, æмæ йæ быны кæритæ кæны. Сæгътæ бакалдысты, уидзынц æмæ хæрынц. Æрраби бæласæй уырдыгмæ дзуры сæгътæм: — Мæнæн дæр дзы мæ хай нывæрут, кæннод уæ ныццæгъд- дзынæн. Иу фæткъуы нæл сæгъы дыууæ сыкъайы æхсæн ныссагъд, инвæты сæгътæ бахордтой. Æрхызти Æрраби æмæ фæрсы сæгъты: — Мæ хай мын нæ бавæрдтат? Сæгътæ туаг фæткъуы фæхордтой, æмæ фыррыччытæ кæнынц. Æрраби сæгъты фыррыччытæ куыддæр фехъуыста, афтæ æрба- мæсты æмæ фырмæстæй фæхъæр кодта: — Мæ фæткъуытæ мын бахордтат æмæ ма мыл ноджыдæр худгæ кæнут? Фæрæт райста æмæ сæ ныццагъта, æрмæст йæ дыууæ сыкъайы æх- сæн фæткъуы кæмæн ныссагъд, уыцы цæуы ныууагъта. Цæуæн йе ’фцæгыл йæ рон бафтыдта æмæ йæ акодта æлдары хæ- лзармæ. Зондаби йæ размæ рауадис æмæ йæ фæрсы: 74
— Де ?ннæ сæгътæ цы фесты? Æрраби йын сæгъты хабар куы ракодта, уæд Зондаби йæ сæр ныххоста æмæ загъта: — Бацарæфтыд мæ кодтай! Цом, дæ бон ныккалай, æмæ сын ис- ты хос скæнæм, искуы сæ бамбæхсæм, кæннод нæ æлдар куы фена, уæд нæ бахæрдзæни. Ацыдысты, æмæ Зондаби иугæйттæ хаста, Æрраби та фæндз- гæйттæ, афтæмæй сæ зæппадзы ныккалдтой æмæ сыл дуæрттæ сæх- гæдтой. Уалынджы уæйыг цуанæй æрцыди, саджы мард æрхаста. Æхсæвæр скодтой æмæ фынгыл æрбадтысты иумæ. Уæйыг сины хай Зондабийы раз æрæвæрдта æмæ загъта: — Ды мын мæ зæронд мадмæ хорз зилыс. Уæд Æрраби фæхъæр кодта: — Ау, абон æз фæндзгæйттæ хастон, уый та иутæйттæ дæр нæ фæрæзта, æмæ йын ды сины хай дæттыс! Уæйыг бафарста: — Цы уыди, цы хастат? Зондаби загъта: — Æдылы у æмæ ныхæстæ кæны. Абон иу фондз суджы æрхаста æмæ уыдоны кой кæны. — Йæхæдæг Æррабимæ йæ цæст фæдзагъул кодта, ома мацыуал сдзур, хæрз сæфт кæнæм. Уæйыг дæр ницыуал сдзырдта, ныхъхъус и. Æхсæвæр бахордтой æмæ ныххуыссыдысты. Райсом куы сбон и, уæд та уæйыг цуаны ацыди. Зондаби дзуры Æррабимæ: — Хæдзаргаес лæууыс æви цæуы хизыс? Æрраби, дын, хæдзаргæс ныллæууыди. Уæд ын Зондаби афтæ фæдзæхсы: — Дон-иу схъарм кæн, уæйыджы зæронд мадæн-иу йæ сæр цæхс æмæ йын æй сæрвасæиæй ныффас. Хъарм æхсыримæ-иу ын кæрдзын бахæрын кæ, уат-иу ын бакæц æмæ-ну æй схуыссын кæн. Æрраби загъта: — Хорз, хорз, мæ бар æй уадз. Зондаби цæу сæрвæтмæ хизынмæ аскъæрдта. Æрраби дон рахсыста, стæй фыцгæ дон уæйыджы мады сæрыл ауагъта. Ус йæ цыппæртæ бацагъта æмæ фæтæппæлæг. Æрраби усы сæрыл сæрвасæн æруагъта, æмæ сæрыхъуынтæ азгъæлдысты. Хъарм æхсыр ын йæ дзыхмæ бадардта, мард йæ дæндæгтæ ныз- зыхъхъыр кодта. Уæд ыл Æрраби фæхъæр кодта: — Æ, зæронд бирæгъ, цы мæ фæзмыс? йæхæдæг цæххойæн дур фелвæста, йæ дæндæгтыл ын æй фæкодта, 75
æмæ базгъæлдысты. Мард усы хуыссæныл æрæвæрдта æмæ йæ банорс- та, йæхæдæг йæхи бафса^ста æмæ хуры хъарммæ ратул-батул кæны. Изæры Зондаби æрцыди æмæ фæрсы Æррабийы: — Хорз нæ базылдтæ зæронд усмæ? Æрраби загъта: — Хорз æм базылдтæн: йæ сæр ын миты хуызæн ныккодтон, уаты йæ схуыссын кодтон, æмæ нырма не ’сыхъал — фынæй у. Зондаби усы асгæрста, æмæ дæ балгъитæг уыйау! йæ сæр ныххос- та æмæ афтæ зæгъы: — Куы мæ фесæфтай, дæ бон ныккалай, Æрраби! Цы ма кæн- дзыстæм? Уалынмæ уæйыг дæр æрцыди цуанæй. Æхсæвæр бахордтой æмæ уæйыг дзуры Зондабимæ: — Цу-ма, мæ мады мын сыстын кæн, æмæ исты ахæра. Зондаби загъта: — Ныриæккæ хъарм æхсыр ахуыппытæ кодта æмæ бахуыссыди, ма йæ сыхъал кæн. Уæйыг уæлдай ницыуал загъта, ныхъхъус и. Æхсæвæр бахордтой æмæ ныххуыссыдысты. Уæйыг куы бафынæй уа, уæд йæ райхъал кæнын æнцон нæу. Æмæ уæйыг фынæйырдæм куы фæцис, уæд Зондаби афтæ дзуры Æррабимæ: — Сыст уæлæмæ, æмæ нæ сæртæ фесафæм ардыгæй. Уыди мæйдар æхсæв. Рахызтысты хæдзары дуарæй. Зондаби дзу- ры Æррабимæ: — Дуар демæ рахгæн. Æрраби дуар рафтыдта æмæ йæ йемæ рахаста. Афтæмæй лидзынц мæйдары. Зондаби фæстæмæ нæ кæсы. Бирæ куы фæцыдысты, уæд Æрраби дзуры Зондабимæ: — А-ма, ды дæр æй ахæсс, уæлдай хай мын дзы куы нæ кæн- дзынæ! Зондаби загъта: — Цы дæм ис, цы мын хæссын кæныс? — Ау, афтæ мын нæ загътай, дуар демæ рахæсс, зæгъгæ? Тынг бамæсты Зондаби, хъуамæ фæхыл уыдаиккой, фæлæ кæсынц, æмæ уæртæ цавæрдæр адæм æрбацæуынц. Фæтарстысты, кæд мах сур- джытæ сты, зæгъгæ, фелвæстой сæ дуар, иу бæласы цъупмæ йæ схас- той æмæ уым йæ уæлæ сбадтысты. Уалынмæ уыцы адæм бæласы бынмæ æрбахæццæ сты. Уыдон ра- зындысты куывддзаутæ. Æрæвæрдтой сæ кувинæгтæ — нозт, уæлибæх- тæ æмæ физонæджы дзæбæх. Уæд оæм Æрраби бæласы сæрæй æрхъæр кодта: — Кувинæгтæ уым ныууадзут, уæхуыдтæг ацæут, кæннод уæм фæцæуын! 76
Куывддзаутæ афтæ банхъæлдтой, æмæ сæм бæласæй дзуар йæ- хæдæг хъæр кæны, æмæ скувынц: — Табу дæхицæн, нæ зæды хай, хъызгæ нæм ма фæкæ, хæстæгмæ дæр нæм ма æрцу, кувинæгтæ дын ныууадздзыстæм, барст дын фæ- уæнт. — Æмæ куывддзаутæ худаистæй фæлыгъдысты. Æрраби æмæ Зондаби бæласæй æрхызтысты æмæ минасыл æрбад- тысты. Уалынджы кæсынц, уæйыг богътæгæнгæ æрбацæуы. Æрраби фæ- гæпп кодта æмæ хъæр кæны Зондабимæ: — Марадз-ма, Зондаби, уартæ уыцы уæйыгыл хæц, æмæ уый дæр йæ мадау ныззыхъхъырдæндаг æмæ ныуурссæр кæнон! Уæйыг фæтарст, уæдæ мын мæхи дæр мардзысты, зæгъгæ, æмæ лидзынмæ фæци. Зондаби æмæ Æрраби сæхи хорз федтой, стæй хъæлдзæгæй сæхи- мæ афардæг сты. Уыдон æрцыдмæ хорзæй цæрут. <и?
(^Х^^Х^^^^ ФÆНЫКГУЫЗ Цардысты æмæ уыдысты æртæ æфсымæры. Дыууæ хистæры æр- хастой устытæ. Кæстæр уыд Фæныкгуыз. Фæныкæй-иу кæрдзын- æ куы раластой, уæд-иу гуылыл йæхи ныццавта æмæ-иу æй ахордта. Сывæллæттæ та-иу гуылыл кæутæйæ баззадысты. Сфæлмæцыдысты устытæ Фæныкгуызы митæй. Иу бон æй дуармæ раппæрстой æмæ йæ мидæмæ нал бауагътой. Уæд сæм Фæныкгуыз дзуры: — Мидæмæ мæ нал уадзут, фæлæ мын иу дзæкъулы дзаг фæ- нык, иу ног ахст цыхт, йæ сылы куыд миза, афтæмæй, æмæ иу туас радæттут. Устытæ йын йæ дзырд сæххæст кодтой. Райста сæ æмæ фæцæуы йæ фæндагыл. Кæдæм цæуы, уый йæхæдæг дæр нæ зоны. Бирæ фæ- цыди, чысыл фæцыди, уæддæр бахæццæ иу стыр доны былмæ. Донæн йæ фаллаг фарс лæууы уæйыг æмæ куы ныуулæфы, уæд бæстæ баз- мæлы. Уый уыдис авд уæйыджы кæстæр æфсымæр. Фæныкгуыз уæйыгмæ бахъæр кодта: — Уæртæ уый! Цы дæ, цавæр дæ? Рацу æмæ мæ ахæсс, кæннод дæм куы бацæуон!.. Уæйыг фæмæсты æмæ йыл хъæртæ кæны: — Куыд бауæндыдтæ ды, куыдзы хъыбыл, мæнмæ уыцы ныхас! — Æз дæ уымæй нæ фæрсын, рацу æмæ мæ ахæсс де ’ккой, — загъта та Фæныкгуыз. Уæд уæйыг дуртæ фелвæста, фырмæстæй сæ йæ къухты æхсæн аууæрста, — æмæ дуртæ лыстæг бырон ныйисты. Фæныкгуыз дæр йæ ног ахст цыхт фелвæста, ныллæмæрста йæ, æмæ йæ сылы æркалд. Уæйыг къæдзæхæй дынджыр фарк ратыдта, зæххыл æй ныццав- та, æмæ къæдзæх-дур базгъæлæнтæ ис. Уæд фæныкгуыз дæр йæ дзæкъул зæххыл ныццавта, дзæкъул аскъуыд, æмæ фæнык йæ алыварс мигъау сыстад. 78
Уæйыг катайы бацыд: — Ай цавæр диссаг уа? Дурæй дон чи лæмары, дур фæнык чи фестын кæны, уымæ исты хъару куыд нæ уыдзæн1 Æрбалæгæрста уæйыг доны æмæ сæккой кодта Фæныкгуызы. До- нæн йæ астæумæ куы бахæццæ сты, уæд уæйыг фæрсы: — Уæз дæ куы нæ ис, уæд цæмæй тыхджын дæ? — Ахæсс мæ, кæннод дыл мæ уæз куы æруадзон, уæд зæххы аныхсдзынæ, æмæ сæфыс! — загъта йын Фæныкгуыз. — Мæнæн мæ уæз уæларвмæ баст у æфсæн рæхыстæй. — Чысыл ма мыл æй æруадз,—загъта уæйыг, — æмæ мæ бауырна. Фæныкгуыз туас фелвæста æмæ йын æй йæ дыууæ уæны æхсæн аскъæрдта. Уæйыг ныхъхъæрзыди: — Мауал мыл æй æруадз, фæмæлын! Ахызтысты доны иннæ фарсмæ. Фæныкгуыз уæйыджы æккойæ æрхызт æмæ йын загъта: — Гъе ныр мæ дæ хæдзармæ фæхон. Уæйыгæн ма цы гæнæн уыд. Араст сты. Бирæ фæцыдысты, чысыл фæцыдысты, уæддæр бахæц- цæ авд уæйыджы хæдзармæ. Уæйыг йе ’фсымæртæн сæ уазæ^жы ха- бæрттæ куы фехъусын кодта, уæд æм дзурын дæр ницыуал уæндыдыс- ты, афтæмæй йæ хорз федтой. Æхсæвы йын бауат кодтой артдзæсты фарсмæ. Уазæг дæр æмæ фысымтæ дæр бахуыссыдысты. Фæныкгуыз кæм бафынæй уыдаид: йæхицæн тарсти, æмæ йыл хуыссæг нал хæцыд. Уалынмæ хъусы, æмæ уæйгуытæ сабыргай сыста- дысты æмæ, сæ алыварс цыдæриддæр дур æмæ хъæд уыдис, уыдон æмбырд кæнынц. Хъуамæ йыл уыцы дур æмæ хъæд ердойæ уырдыгмæ ныккалдтаиккой. Уæд Фæныкгуыз йæ хуыссæнтæ фелвæста æмæ йæ- хицæн æндæр ран бауат кодта. Уæйгуытæ ердойæ калын байдыдтой дур æмæ хъæд, æмæ суанг цармæ схæццæ сты. Уæйгуытæ сæ кæрæдзимæ дзурынц: — Афонмæ дурты бын ныммарди. Рдйсом рухс кæнынмæ куы хъавыд, уæд Фæныкгуыз фестад æмæ дурты сæр æрхуыссыд. Уæйгуытæ куы сыстадысты, уæд кæсынц, æмæ— се ’знаг æнцад-æнцойæ фынæй кæны. Катайы бацыдысты. Уалынмæ Фæныкгуыз дæр райхъал æмæ сæм дзуры: — Уæ хорзæхæй, дысон-бонмæ мæ æхсæнчъытæ куы бахордтой, уæд уый ыы уыд? Уæйгуытæ бынтон старстысты: «Ау, уыцы дуртæ æмæ хъæдтæ æх« сæнчъытæ кæмæ кæсынц, уый цы уыдзæн? Æмæ сæм сæ хистæр дзуры: 79
— Цомут, æхсыры цадмæ ацæуæм æмæ нæ уазæджы бурæ нæл хуыйы раз æрлæууын кæнæм, уымæй сæрæгасæй нал раирвæздзæн. Æрлæууыдысты цуаны цæуыны къахыл. Уæйгуытæ сæхицæн кæр- дзын цæвæрдтой. Фæныкгуызмæ дзурынц: — Ацу, ды дæр рахæсс дæхицæн кæрдзын, æмæ хъуамæ цуаны фæцæуæм. Бацыд Фæныкгуыз æмæ, кæрдзын куыд рацæйиста, афтæ йыл ра- хауд, æмæ лæг йæ быны фæцис. Ныр æм уæйгуытæ æнхъæлмæ кæ- сынц. Æрæгмæ куы цыд, уæд æм сæ кæстæры барвыстой. Кæстæр уæ- йыг бакаст, æмæ сæ уазæг уæртæ кæрдзыны бын хуыссы. Уæйыг æй фæрсы: — Цы ми кæныс уый? Фæныкгуыз загъта: — Цы ми кæнын, цы, мæнæ кæрдзын мæ гуыбыныл барын, кæд- дæра мæ фаг уаид? Мæ гуыбыныл ма мын æй дзæбæх æрæвæр. Уæйыг кæрдзын систа æмæ йын æй йæ гуыбыныл æрæвæрдта. — Хорз, мæ фаг уыдзæн. Айс æй ныр æмæ йæ иннæтимæ цæвæр,— загъта Фæныкгуыз. Рацыдысты уырдыгæй. Бирæ фæцыдысты, чысыл фæцыдысты, уæд- дæр бахæццæ сты, бурæ нæл хуы кæй хъахъхъæдта, уыцы æхсыры цадмæ. — Цæй, скъæрæг цæуыс, æви разыбадæг лæууыс? — Сымах раскъæрут, æз ам йæ размæ бабаддзынæн, — загъта Фæныкгуыз. Уæйгуытæ ацыдысты æмæ йыл бурæ нæл хуыйы сыскъæрдтой. Бу- рæ нæл хуы сызгъоры, æмæ бæстæ æмризæджы ризы. Бурæ нæл хуы схæццæ ис, Фæныкгуыз кæм уыд, уырдæм, æмæ йæ йе ’ссырæй сцæйрæхуыста, фæлæ Фæныкгуыз бæласы аууон амбæхсти. Бурæ нæл хуыйæн йе ’ссыр бæласы баныхсти æмæ йын уым ныффи- дар. Фæныкгуыз фæсте бауад, йæ къæдзилыл ын ныххæцыд æмæ уæй- гуытæм хъæр кæны: — Цы фестут, æрцахстон æй мæнæ! Уæйгуытæ æрбазгъордтой æмæ йæ фæрсынц: — Куыд æй æрцахстай? — Куыд куы зæгъай, уæд æй йæ фæстаг къахæй рацахстон æмæ йæ куы ныззылдтон, уæд йе ’ссыр хъæды нынныхсти. Æргæвдгæут æй тагъд, æмæ йæ хæдзармæ ахæссæм. Хæдзармæ куы æрцыдысты, уæд Фæныкгуыз цæуын æрымысыд. Æмæ уæйгуытæн загъта: — Дыууæйæ цы афæразат, уый мын æвзист æмæ сызгъæрин сцæт- тæ кæнут. Уæйгуытæм сызгъæрин æмæ æвзистæй цы уыд, уый сцæттæ код- той. Фæныкгуыз та сын загъта: 80
— Дыууæйæ уæргътæ хæссут, иннæ та мын мæхи хъуамæ ахæсса. Уæйгуытæн дæр ма% цы гæнæн уыд! Араст сты. Цас фæцыдаиккой, чи зоны, фæлæ иу коммæ ныххæццæ сты, æмæ Фæныкгуыз уæйыджы æккойæ æрхызт. Уым та комæн йæ иу фарсæй бæлас ракалд æмæ иннæ фарсмæ хид æвæрæгау ныффæлдæхт. Уæйгуытæ йæ сæрты агæппытæ кодтой. Фæныкгуыз йæ алыварс рауай-бауай кæны — бæласы сæрты ахизын йæ бон нæ уыд. Уæйгуытæй йæм иу æрбадзырдта: — Цы ми кæныс, рацу, цæй! — Куыд мыл хъæр кæныс, куыдз! Мæ фыдæн айхуызæн лæдзæг уыд, йæ ном йæ уæлæ фыст, æмæ уымæ кæсын. Рацу æмæ йыл схæц, æз æй фенон! Чи зоны, йæ фыст бынæй ис, — загъта Фæныкгуыз. Уæйыг дæр æрбацыд æмæ бæласыл схæцыд. Фæныкгуыз йæ бынты абырыд æмæ загъта: — Æруадз æй, нæй йыл фыст. Уый æфсон фервæзт цъысымæй. Дарддæр сæ цыды кой кæнынц. Ныххæццæ сты Фæныкгуызы хæ- дзармæ. Сæ уæргътæ уым аппæрстой, сæхæдæг фæстæмæ сæхимæ араст сты. Уæйгуытæ Фæныкгуызы хæдзары раз куы уыдысты, уæд сæ сау- джын федта, хъуыддаг бамбæрста, фæсте сæ расырдта æмæ оæм дзуры: — Цæуыл фесæфтат уæхи? Уый Фæныкгуыз куы у, уæд дзы цæ- мæй тæрсут? Уæйгуытæ йын æмдзыхæй загътой: — Ныууадз нæ дæ хуыцауы тыххæй! Мах кæй федтам, уымæ Фæ- ныкгуызы хуызæнæй ницы ис. Сауджын сын хуыцау æмæ сыджытæй ард хæры, сомытæ кæны, уымæ ахæм тыхæй ницы ис, зæгъгæ, стæй сын фæстагмæ загъта: — Уæдæ мыл кæд не ’ууæндут, уæд мæнæ мæ астæуыл уæхи ба- бæттут, æмæ, сымах куы хæра, уæд-иу мæн дæр бахæрæд. Уæйгуытæ сразы сты æмæ сауджыны роныл сæхи фидар бабастой. Раздæхтысты фæстæмæ, сауджын дæр семæ, афтæмæй, æмæ бацыдыс- ты Фæныкгуызы хæдзары дуармæ. Сауджын Фæныгуызмæ бахъæр кодта: — Æддæмæ нæм ракæс! Ма бамбæхс! Фæныкгуыз фæныкæйдзæгтæй рацæуы, афтæмæй сыл фæхъæр кодта: — Гъе, уæртæ хæрджытæ, — æрцыдыстут та мæм!? Уæйгуытæ фæтарстысты, уырдыгæй лидзæг фесты, æмæ сауджыны дæр сæ фæдыл ахæр-хæр кодтой. Сауджын дуртæ æмæ бындзæфхæд- тыл ныппырх и. 6 Ирон адæмы аргъæуттæ
й#и?<иг*фк$А?<^><^^ ХУРЫСКÆСÆНЫ ÆЛДАР ÆМÆ ХУРНЫГУЫЛÆНЫ ÆЛДАР Хурныгуылæны æлдарæн ныззади йæ ефс. Ног зад байраг разын- ди æфсургъ. Æфсургъы кой сабыргай-сабыргай айхъуысти хæс- тæг хъæутыл, стæй уæд дардыл дæр атауыс ис. Цингæнæг уы- дысты æфсургъыл хурныгуылæн æлдар йæхæдæг дæр æмæ йæ адæм дæр. Æмæ цин дæр куыд нæ кодтаиккой: ныфс сæ бацыди — ног зад æфсургъæй аивдзысты сæ бæхты мыггаг, æфсургъ сæ бæсты сарæх уыдзæн. Æлдар æмæ дзыллæйы цин бирæ нæ ахаста. Ног зад æфсургъы кой байхъуысти Хурыскæсæны æлдармæ. Æлдар æнцад нал кодта, — рагæй бæллыди уый дæр æфсургъмæ, фæлæ йыл нæ хæст кодта. Уæд минæвæрттæ арвыста Хурныгуылæны æлдармæ. Минæвæрттæ бацы- дысты æмæ загътой: — Хурыскæсæны æлдар нæ рарвыста дæумæ. — Цæмæн? — бафарста æлдар. — Хурыскæсæны хизгæйæ не ’лдары уырс ныууасыди, Хурыскæ- сæн уырсы уасын дæ ефсы хъустыл æрцыди. Ефс уыйадыл фæзаинаг æмæ дын æфсургъ ныззади. Ныр дæм не ’лдар æрвиты, — æфсургъ æмбæлы уымæн, йæ уырсæй кæм рацыд, уымæ гæсгæ. Æмæ дæ куры, дзæбæхæй йын æй æгъдауыл, æнæ хъаугъайæ, æнæ загъдæй куыд бар- витай, афтæ. Кæннод дæм æфсад æрбакæндзæн æмæ æфсургъ дæр акæндзæн, стæй дæ ууыл дæр хъуамæ нал ныууадза, йæ дзырды сæрты кæй ахызтæ, уый тыххæй. Æлдар загъта минæвæрттæн: — Табуафси уын кæнын, æмæ мын æлдарæй ракурут, цæмæй мын байраг баласынмæ æмгъуыд скæна иу къорд мæйы. — Фехъусын кæндзыстæм æлдарæн, бахатдзыстæм, цæмæй дын фæлæууа æмгъуыдмæ, дæхицæй бæрæгмæ. — Æмæ минæвæрттæ хæрз- бон загътой Хурныгуылæны æлдарæн æмæ аздæхтысты сæ бæстæм. 82
Хурныгуылæны æлдар æрсидти йæ адæммæ. Цы сæрæн сæм æр- сидти, уый сын радзырдта. Фæтæрхон кодтой æлдар æмæ дзыллæ. Равзæрстой, æлдар сын тых кæй кæны, сæ байраг сын байсын кæй сфæнд кодта. — Ницы гæнæн ис, — загътой фæнды лæгтæ æмæ æлдар: кæй нæ æфхæры, уый æмбарæм, фæлæ амал нæй; хæцын нæ бон нæ бауы- дзæн, — фæтыхджындæр уыдзæн, фылдæр æфсæдтæ ис уымæ. Фæлæ оæвзарæм лæгтæ æмæ сæ арвитæм, кæд нын Хурыскæсæны аелдар ба- хатыр кæнид. Нич1И куы-мдта æлдармæ ми.нæвары, æмæ бирæ фæрамæ-бакæ код- той. Фæстагмæ æртæ лæджы тых æмæ æхсæрттæй, æнæбары сразы кодтой. Минæвæрттæ балцмæ сæхи бацæттæ кодтой, сбадтысты сæ бæхтыл æмæ араст сты Хурыскæсæны æлдармæ курæг. Цыма сæ зындонмæ æрвыстæуыд, уыйау уыди сæ зæрдæ, уымæн æмæ, Хурыскæсæны æл- дар куыд карз адæймаг уыд, уый сын æнæзынд нæ уыдис. Цæуьцщ, цæуынц æмæ иу хъæумæ бахæццæ сты. Уыцы ран æртæ уынджы астæу кæсынц, æмæ иу лæппу къæцæлтæ, бьирæттæ рамбырд кæны æмæ сæ арт скæны, стæй хъæр кæны алырдæм: — Арт! Арт! Арт! Ардæм, ардæм, тавгæут уæхи! Фæдис кодтой минæвæрттæ, æнахуыр хъуыддаг сæм фæкасти лæппуйы хъуыддаг. Куы йæм бахæццæ сты, уæд сæ бæхтæ фæурæдтой, æмæ йæ сæ иу фæрсы: — Цы ми кæныс ай æртæ уынджы астæу? Хъæубæстæ куы судзыс. — Хъæубæстæн ма тæрсут, — загъта лæппу æмæ та ноджыдæр ныззæланг кодта: — Арт, арт! Тавгæут уæхи! — Æмæ ай æппæт судзгæ куы кæны хуры тæвдæй, уæд ма дæ ар- ты сæр та кæй хъæуы? — Арт, арт! — хъæр кæны уæддæр лæппу æмæ та бырæттæ рам- бырд кæны æмæ сæ арты бакалы. — Цавæр диссаг уа ай? — дзурынц сæ кæрæдзимæ минæвæрттæ, сæ бæхтыл бадгæйæ. — Иæ зонд йæхимæ кæмæн нæй, ахæм ма разы- нæд, уæд хъæуыл æндзары. Æмæ та йæ фæрсынц: — Фыд дын ис? — Ис. — Æмæ кæм и? — Абон сæударæй загъд агурынмæ ацыди. — Мад дын ис? — Ис. — Æмæ кæм и дæ мад? 83
— Мæ мад æфстау мæрддзыгойы. — Кæд дын æфсымæр, миййаг, ис? — Иу æфсымæр мын ис æмæ дæлæ уым нæ хæдзары фæскъул гæ- мæх быдыры цуан кæны. Кæрæдзимæ бакастысты барджытæ, ницы бамбæрстой лæппуйы дзырдтæй æмæ араст сты сæ фæндагыл. Лæппу та байдыдта хъæр кæнын: — Арт! Арт! Арт! Минæвæрттæ цанæбæрæджы ауадаиккой, афтæ дзурын бай- дыдтой: — Лæппу арт цæмæн кодта, уый нæ бамбæрстам. — Уый ницы у, фæлæ «арт! арт!» цæмæн хъæр кодта, уый у дисса- гæн дзуринаг. — Уæдæ йын, мæнмæ гæсгæ, мах йæ дзуаппытæй иу дæр нæ бам- бæрстам: фыд — загъдагур, мад æфстау мæрддзыгойы, æфсымæр та гæмæх быдыры цуан кæны. Цомут фæстæмæ æмæ сбæрæг кæнæм, цы ныхæстæ йын сты уыдон. •. Фездæхтысты фæстæмæ æмæ йæ фæрсынц: — Дæ фыд загъд агурæг цы æгъдауæй ацыд? — Авд фæндаджы астæу нын ис иу нæууы гæппæл, æмæ, йæм, бон нæма фæцъæх, афтæ фæлдахынмæ ацыд. Бахатыр кæнут, фæлæ авд фæндаджы астæу цы хуым бакæнай, уый цæуджытæ æнæ хъыгдард кæм ныууадздзысты? Авд фæндагыл цал цæуæджы уа, уал хатты йæ хыл кæнын хъæудзæн, уымæн æмæ йын зиан кæндзысты йæ фæллойæн. Кэерæдзимæ бакастысты минæвæрттæ. — Æмæ уæд æфстау мæрддзыгой та цы хоныс? — Иу лæппу амарди, æмæ мæ мад уырдæм фæцыди, райсом æз куы амæлон, уæд та мæ мадмæ æрцæудзысты хъыгтæ кæнынмæ. Уый æфстау у, уæдæ йæ цы схондзыстут? — Гæмæх быдыры цуан кæны де ’фсымæр, зæгъгæ, уый та уæд куыд æмбарын хъæуы? — Дæлæ нæ хæдзары фæскъул йæ хæдон раласта æмæ дзы змæл- джытæ агуры. Минæвæрттæ сæ бæхтæй æрхызтысты æмæ йын радзырдтой, кæ- дæм цæуынц, цæй фæдыл цæуынц, ныфс сæ кæй нæ ис Хурыскæсæны жлдарæй дæр, стæй сæхицæй дæр: куы ницы сарæхсой, стæй сын исты фыдбылыз дæр ма куы скæна, уымæй дæр æдас не ’сты — стыр фыд- былызы адæймаг у æлдар. — Лæппу, ацы хъуыддаг саразынæн ды ницы бакæнис? — Хъуыддаг саразынмæ мæ ныфс хæссын, мæн æм сминæвар кæнут. — Хорз уæдæ, цом фæстæмæ Хурныгуылæны æлдармæ æмæ йын хъуыддаг бамбарын кæнæм, дæу куыд арвита мах бæсты, афтæ. 84
Иудзæвгар ацарди лæппу Хурныгуылæны æлдармæ. Æлдар æр- каст лæппуйы æууæлтæм, хъуаг æй ницæмæй уагъта, буц æй дардта, хорз уазæджы куыд дарай, афтæ. Уæд иуахæмы лæппумæ йæ зæрдæ сдзырдта, æлдар цæуылдæр стыр сагъæсы бацыди, зæгъгæ, æмæ йæ фæрсы: — Бахатыр кæн, æлдар, фæлæ цыма цæуылдæр æрæнкъард дæ, афтæ мæм зыны. — Раст у, — загъта æлдар, — Хурыскæоæны æлдарæн æмгъуыд скодтон, цæмæй мæ уæдмæ мæхи бар бауагътаид ног зад æфсургъы тыххæй. Ныр æмгъуыд ивгъуыйы, афтæмæй æз нырма ницы хуыздæр æрхъуыды кодтон байраг баззайын кæнынæн. Тæрсын, куы мæм ныб- бырса, уымæй. Уæд байраг дæр æлдары, стæй ма мьш æнæуи дæр цы хъом бауыдзæн, уымæн дæр бæрæг нæй. Катайыл сдæн. — Уый тыххæй дæр мæты бацыдтæ! Хъуыддаг мæ бар бакæн. Мæ- нæн уыйбæрц бантысдзæн, æмæ байраг дæр дæу бауыдзæн, Хурыс- кæсæны æлдар дæр дын дæ зæххы кæрæтты дæр нал ауайдзæн. Æрмæст æм мæн сминæвар кæн. — Æндæр хорз ницы ракурин хуыцауæй: мæ ис — мæ бонæн дын йе ’мбис раттин, — загъта æлдар. — Уæдæ цæуын æз Хурыскæсæны æлдармæ минæвар. Фæлæ дæ- уæй дæр цы курон, уый мын сараз мæ балцæн. — Цыдæриддæр зæгъай, цæттæ дын уыдзысты, кæдмæ зæгъай, уæдмæ, — загъта æлдар. — Хорз уæдæ. Ссар мын иу стыр теуа, стæй, даргъ боцъотæ кæмæн уа, ахæм цæу, ноджы мын фондзыссæдз барæджы мемæ бафтау. Æлдар, лæппу йын куыд загъта, афтæ бакодта. Араст ис лæппу Хурыскæсæны æлдармæ. Фондзыссæдз барæджы йемæ, стæй теуа æмæ зачъеджын цæу. Цæуынц, цæуынц. Цæйбæрц фæцыдаиккой, чи зоны, фæлæ фæстагмæ Хурыскæсæны æлдары хъæу- мæ баввахс вæййынц. Лæппу барджыты æрурæдта æмæ сын дзуры: — Хъæугæрон дыууæ дихы фæуыдзыстæм. Нæ иу æмбис тæргæ бæхтыл хъæууынгты æруайдзысты. Хъæуы куитæ цы сты, уымæй сæ фæдыл фæуыдзысты. Уæд сымахæн уæ аннæ æмбис куиты айсдзыстут фæстейæ, куитæ уæ астæуæй куыд фæуой, афтæ. Каесут, æмæ æвæдза, куитæ уæ астæуæй фесты, уæд сыл ралæуут, иу дæр дзы удæгасæй куыд нал аирвæза, афтæ. Уый фæстæ æрхиздзыстæм æлдары уазæгдоны. Кæй зæгъын æй хъæуы, дзыллæ уæм смæсты уыдзысты, дзуапп уæ агурдзысты, фæлæ уæ мачи мацы срæдийа! Цасдæриддæр уæм нæ дзу- рой, уæддæр^ æнцад лæуут, мачи уæ срæдийæд. Куыд сфæнд кодтой, афтæ кæнгæ дæр бакодтой. Хъæуы уынг æваст тъыбар-тъыбур, куиты рæйын фестади. Хъæуы куитæ барджыты 85
астæуæй фесты. Барджытæ сын хæрз цагъд ныккодтой, сæхуыдтæг ни- цы ракæноны хуыз райстой æмæ Хурыскæсæны æлдары уазæгдоны æрхызтысты. Дзыллæ фæфæдис сты, уазæгдоны раз рамбырд сты, æмæ бæстæ æппæт сдзолгъо-молгъо. Хъæубæстæй чи афтæ загъта: — Марын сæ хъæуы, нæ куиты маст сæ райсæм. Чи та афтæ: — Æлдары æвастæй сæм куы бавналæм, уæд, йæ ахаст ын зонут, миййаг, куы смæсты уа. Нæ куитæ куитæ куыд нæ уыдысты, фæлæ нæ уæд уыдон маст дæр нал бандавдзæн: нæ хъæуы æмбис нын цæгъдгæ дæр ныккæндзæн, арт дæр ыл бандзардзæн. Зиан скæнджытæ сæхи уый уазæг куы бакодтой. — Уæдæ куыд? — Уæдæмæ лæгтæ сисæм нæ астæуæй æмæ сæ æлдармæ барви- тæм. Уыдон ын хъуыддаг бамбарын кæндзысты, æмæ уæд, цы кæнын хъæуа, уый сбæрæг уыдзæн. Минæвæрттæ бацыдысты æлдармæ, хъуыддаг ын фехъусын кодтой. Æлдар сын загъта: — Ацæут æмæ сæ бафæрсут, — цæмæн фæцагътой хъæубæсты куи- тæ? Цы сын ракодтой? Уазæгдонмæ бацыдысты æмæ фæрсынц. Уазджытæй ничи ницы дзуры. Минæвæрттæ кæрæдзимæ бакæсынц. Уæд лæппу ныхас кæнын байдыдта, ахæцыд æмæ ахæцыд, ахæм койтæ сын ракодта, æмæ хъуыд- дагмæ æввахс дæр чи нæ бацыд. Минæвæрттæ дзуапп æнхъæлмæ фæкастысты, стæй раздæхтысты æлдармæ æмæ йын радзырдтой. — Уазджытæ сты иу лæппу æмæ фондзыссæдз лæджы. Фарстам сæ, æмæ фондзыссæдз лæгæй иу ныхас дæр ничи скодта, цавддурты лæуд кодтой. Фæлæ лæппу, стъæлды фæуа, зæххæй уæлæмæ тыххæй зыны, афтæмæй дзурынтæ байдыдта, и, æмæ кæуылты нæ ахæцыди. Мах бæрæг дзуапмæ фенхъæлмæ кастыстæм, фæлæ никуы æмæ ницы. — Цæугæут æмæ сын зæгъут: дзуапп уын, стыр гуыр æмæ чысыл сæр кæмæн уа, ахæм лæг куыд радта, афтæ. Минæвæрттæн уыцы ныхас куы фехъусын кодтой, уæд лæппу теуа æрбаласын кодта æмæ сын загъта: — Айхуызæн стыр гуыр кæмæн разына, стæй ай сæры арæзтæн чысыл сæр, ахæмтæ иу лæгæн дæр не ’ссардзыстут æгас дунейыл дæр. Фæлæ уын йæ гуырмæ гæсгæ дзуапп дæр радта, уый гуырыс- хойаг у. Æлдарæн лæппуйы дзуапп куы фехъусын кодтой, уæд йæ сæр акъахта. 86
— Зæгъут сын, цæмæй уын дзуапп радта зачъеджын лæг. Æмæ уæд лæппу минæвæртты размæ æрбакæнын кодта цæуы. — Бауырнæд уæ, мæнæ ацы цæуы зачъетæй стылдæр æмæ аивдæр эачъетæ бирæ не ’ссардзыстут, иу афæдз куы фæцагурат, уæддæр. Фæ- лæ æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ йæ дзуаппыл уыйбæрц нæ бадомдзы- стут. Бахастой та æрвыст лæгтæ лæппуйы дзырдтæ Хурыскæсæны æл- дармæ. Ныттылдта æлдар йæ сæр æмæ загъта: «Хуымæтæджы уазæ- джы ахæсты нæ фæдæн. Цон сæм мæхæдæг». Æгасцуай загъта уазджытæн æлдар, æрбадт, кæм ыл æмбæлд, уыцы ран, стæй фæрсы: — Цæмæ гæсгæ ныццагътат хъæубæсты куитæ? Фондзыссæдзæй æнцад лæууынц, — лæппу дзырд айста йæхимæ: — Æмæ уæдæ куыд бакодтаиккам, дæ хорзæхæй, æлдар? Кæсыс нæм, ай бæрцæй цуаны рацыдыстæм æмæ иу ран иу хъæдмæ баввахс стæм, хурныгуылæнырдыгæй. Кæсæм, æмæ хъæдгæрон, хур йæхи æр- цæйуагъта, афтæ фондзыссæдз саджы астæумæ кæрдæгыл хизынц, саг- тæ се ’ппæт дæр сæрджын сагтæ. Нæхи бацæттæ кодтам, фæйнæ сагмæ бахъавыдыстæм, æмæ сæ ныр рафæлдæхтам, зæгъгæ, афтæ уæ хъæуы куитæ срæйдтой; сагтæ фæтарстысты æмæ сæ нæ ца&ст дæр нал ауыд- та. Цы бакодтаис, æлдар, ды мах бæсты? Мах утæппæт сагтæй æнæ- хай чи фæкодта, уыдон цæгъдын не ’мбæлди? Æлдар иуцъусдуг ахъуыды кодта, стæй загъта: — Фæуæд афтæ дæр; фондзыссæдз саджы ссардтат хъæдгæрон, дард кæмдæр, хурныгуылæны, фæлæ ма уæ бафæрсон — куиты рæйын та уыйбæрц дард ранмæ куыд байхъуыстаид, бæхджын æм къуыри куы нæ фæхæццæ уыдзæн, уæд? — Æлдар, уый фæдыл дын æз иу чысыл æмбисонд æрхæсдзынæн, байхъусын мæм дæхицæн аккаг куы скæнай, уæд, — загъта лæппу. — Хъусын дæм, байдай дзурын, мæ уазæджы хай, — дзуапп ын радта æлдар. — Кæмдæр, дард ран, арвæн йæ иу кæрон, хурныгуылæнырдыгæй æвзæр байраг ныззади æлдары ефс. Уыцы хабар байхъуыст æндæр æл- дармæ, уый та царди арвæн иннæ кæрон, хурыскæсæнырдыгæй. Фæс- таг æлдар æрдау кодта байрагыл, æмæ йыл дау дæр цæмæ гæсгæ æркодта, уый дын куы радзурин. Баздæхт æмæ барвыста, байраг кæй уыди, уыцы æлдармæ: «Мæ уырс ныууасыди денджызы был, хурыскæ- сæны, хурныгуылæны йæ дæ ефс фехъуыста æмæ дын байраг ныззади. Байраг мæ уырсæй кæм у, уым мæнæн æмбæлы, æмæ мыл æй тагъд сæмбæлын кæн». Ныр дæм, æлдар, æз дæр бауæнддзынæн, — кæд фæс- таг таурæгъ бауырнинаг у, уæд раззаг таурæгъ цæмæ гæсгæ нæу бауырнинаг? Æви æгас хъæубæсты куиты хъæр иу уырсы хъæры хуы- зæн нæ айхъуыса? 87
Æлдар хорзау нал фæди. Стæй æрæджиау загъта: — Иунæг чызг буцæн фæхастон ацал-ауал азы, мæ зæрдæмæ чи бацыдаид, ахæм лæппуйыл никуы фæхæст дæн ныры онг. Фæлæ æн- хъæл дæн, ды мын хæстæгæн сбæздзынæ. Мæ иунæг буц чызджы дын аккаг кæнын. Хурныгуылæны æлдарæн дæр йæ байраг амæт- таг уæд. Лæппу Хурыскæсæны æлдары чызджы рахаста æмæ æлдары бын- тыл æрæнцад. Хурныгуылæны æлдар чындзæхсæв скодта, адæм дзы хъæлдзæгæй минас фæкодтой.
^&рхр&ъæ&цк^^ ÆРТÆ ÆФСЫМÆРЫ ÆМÆ СОХЪХЪЫР УÆИЫГ Раджыма-раджы уыди æртæ æфсымæры. Хистæр уыди Уыдисн, астæуыккаг — Уылынг, кæстæр — Цæстуылынг. Фосæй сæм уыди æртæ сæгъы, хорæй — æртæ чыргъæды нартхор. Мæгуыр цард кодтой. Сæ фырмæгуырæй алы бон дæр хыл кодтой æмæ кæрæдзийыл сæ маст калдтой. Сфæлмæцыдысты ахæм хъизæмары цардæй æмæ байуæрстой. Фæ- ци сæ фæйнæ сæгъы, стæй фæйнæ чыргъæды нартхор. Алчи сæ ахаста йæ зыаджы хай дæр, æмæ -сæ кæмæн цы бæлас йæ зæрдæмæ фæцыд, уыцы бæласы бынæй фæздæг суагъта. Иу бон куы уыд, уæд Уыдисны ус йæ мойæн афтæ: — Кæдæм дæ фæнды, уырдæм цæугæ æмæ ссар бирæ фæллой, уадз æмæ цардмæ бæлгæйæ де ’фсымæрты цæстытæ бакуырм уой. Мæ- нæ дæ сæгъ дæр демæ акæн, дæ нартхоры чыргъæд дæр демæ ахæсс, дæуæй мæн ницы хъæуы, æрмæст мын афтидæй дæхи ма фенын кæн. Лæг йæ къæбут аныхта æмæ хинымæр дзуры: «Ус йæ фæнд атæ- рын куы æрымыса, уæд Амыранæй тыхджындæр у! Гæнæн нал ис». Оæгъы хъуырыл уæрдæх абаста, нартхоры чыргъæд дзæкъулы æркод- та, йе ’ккой йæ баппæрста æмæ араст. Цæуы, фæлæ кæдæм цæуы — йæхæдæг дæр æй нæ зоны. Афтæмæй бирæ фæцыди — чысыл, нæ зонын: æз æмæ ды йемæ нæ уыдыстæм. Изæрмилты йæ хуыцау уæйыджы дуармæ бахаста. Бахъæр кодта хæдзармæ: — Уæ, хæдзаронтæ, æддæмæ-ма уæ исчи ракæсæд! Рацыди уæйыг йæхæдæг, йæ иу цæст еууы нæмыгау урс, йе ’ннæ цæст бирæгъы цæстау æрттивы. Фæрсы Уыдисны: — Чи дæ, цы дæ хъæуы? — Мæгуыр лæг дæн, æххуырсты дæм ныллæууин, куы мæ айсис, уæд. 89
— Мидæмæ рацу, æ-мæ дæ баххуырсдзынæн. Æз рагæй агурын æх- хуырст. Баххуырсдзынæн дæ ахæм дзырдæй: цы дын зæгъон, уый кæн. Дæ бон йæ сæххæст кæнын куы нæ бауа, уæд дын де ’рагъæй гæрз рауадздзынæн. Кæд бауа, уæд, цы фос хизай, уыдоны æрдæг афæдзы фæстæ дæу. Уыдисн йæ къæбут аныхта. Нæ йæ фæндыд, не ’сразы уыдаид, фæ- лæ йæ усы дзырдтæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, æмæ бар-æнæбары сразы. — Цæй, уæдæ, ныр аргæвдæм дæ сæгъы, дæ нартхорæй сфыцæм дзæрна, æрхонæм хъæубæсты æмæ уыдонæн дæр базонын кæнæм нæ бадзырд. Дзидзатæ сфыхтысты, дзæрна дæр сцæттæ. Æрцыдысты хъæубæс- тæ æмæ дывæлдахæй æрбадтысты хæдзары. Уæйыг сæ сæрмæ æрлæууыди æмæ дзуры Уыдиснмæ: — Уæ, Уыдисн, ма хъæд, ма дур, <мæ бьгаы мын и.сты авæр, цæуыл æрбадон. Уыдисн аракæс-бакæс кодта, хæдзары дур æмæ хъæды йедтæмæ ницы уыди, æмæ йын йæ быны цы авæрдтаид, уый не ’соардта. Уæд ын уæйыг загъта: — Мæ дзырд мын нæ сæххæст кодтай, æмæ дын нæ бадзырдмæ гæсгæ хъуамæ де ’рагъæй гæрз рауадзон. Æрхаста кард æмæ Уыдисны рагъæй гæрз рауагъта, стæй йæ йæ къахæй скъуырдта æмæ йæ ратардта. Æнтæф бон уыди. Уыдиснæн йæ ног стыгъд рагъы царм хус кæны æмæ æмпылы. Уыдисн къæдзæй-къæдздæр кæны, фæлæ уæддæр йæ цыд нæ уадзы. Баввахс и сæ хæдзармæ. Кæцæйдæр æй ауыдта Уылынджы ус, æмæ йæ моймæ дзуры: — Гъæйтт, æнаккаг хæрæг, ды уал бад æмæ фæнык къах! Знон- æндæрæбон дæ хистæр æфсымæр фоскæнынмæ фæцыди æмæ абон уы- йас цард æмæ бон æрхæссы, æмæ цæуын дæр нал фæразы, къæдз-къæ- дзы ма тыхæй цæуы! Ацу, фесæф, мæ цæстæн дæхи мауал уынын кæн, цалынмæ ды дæр ахæм уæргътæ æрхæссай, уæдмæ. Дæ сæгъ дæр демæ акæн, дæ нартхоры чыргъæд дæр демæ ахæсс, мæн дæуæй ницы хъæуы. Сыстади лæг, нартхоры дзæкъул йе ’ккоймæ баппæрста æмæ ра- раст. Бирæ фæцыд, чысыл фæцыд, чи зоны, фæлæ уый дæр уыцы сохъ- хъыр уæйыджы дуармæ бафтыд. Сохъхъыр уæйыг Уылынджимæ дæр Уыдисны фидыд бакодта. Уымæн дæр йæ сæгъ аргæвста, йæ нартхорæй йын дзæрна сфыхта, æрхуыдта хъæубæсты æмæ та Уылынгмæ дзуры: — Ма дур, ма хъæд, мæ быны мын исты авæр, цæуыл æрбадон. Уылынг дæр, Уыдиснау, нæ сарæхст, нæ базыдта, цы авæрдтаид 90
уæйыджы бын, æмæ йын уæйыг йе ’рагъæй гæрз рауагъта æмæ йæ ра- тардта. Уылынг, йæ афтид дзæкъул йе ’ккой, афтæмæй сæ хæдзармæ куы баввахс, уæд æй ауыдта Цæстуылынджы ус æмæ, тыфылтæкалгæ, хæ- дзары смидæг. Сцъиах-цъиах кодта йæ мойыл: — Гъæтт, фæныкгуыз, фæнык къахын йедтæмæ ницæмæн бæззыс! Дæ хистæр æфсымæртæ цард æмæ бонæй сæ хъуырмæ сысты, ды та артмæ дæ зæнгтæ цъыхыры кæныс! Афтæ цъиах-цъиах кæнгæ, ус нартхоры дзæкъул баппæрста йæ мд- йы уæхсчытыл, сæгъы дæр ын йæ разæй скодта æмæ йæ ратардта хæ- дзарæй. Цæстуылынджы дæр йæ амонд бахаста сохъхъыр уæйыджы дуармæ. Уæйыг Цæстуылынджимæ дæр афтæ бафидыдта. Куывд скодтой æмæ та уæйыг Цæстуылынгмæ дæр дзуры: — Ма дур, ма хъæд, мæ быны мын исты авæр, цæуыл æрбадон. Уæд Цæстуылынг йæ кæрцы къæрид фелвæста, атымбылтæ йæ кодта æмæ йæ уæйыджы бын авæрдта. Уæйыг фæсырх æмæ æгомыгæй æрбадти. Дыккаг бон уæйыг йæ фосы рæгъау раскъæрдта, Цæстуыльшджы разæй сæ скодта æмæ сæ æфцæгмæ хизынмæ арвыста. Уæйыг цæмæй Цæстуылынджы дæр афтидæй æмæ рагъыстыгъ- дæй атардтаид, уый тыххæй йæм къухбакæнæнтæ агуырдта, бирæ зын хъуыддæгтæ йын аразын кодта, фæлæ йын ницы æнтысти. Цæстуы- лынг ын йæ алы хъуыддаг дæр рогæй æххæст кодта. Иу зымæгон изæр уæйыг æд бинонтæ арты фарсмæ бадти, Цæст- уылынг та къонайы фарсмæ. Уæд уæйыджы гыццыл саби кæугæйæ аф- тæ бакодта: — Æддæмæ цæуын! Уæйыг фæмæсты, Цæстуылынгыл фæхъæр кодта æмæ йæм дзуры: — Акæн æй æмæ йæ акъæрттытæ кæн, къæрттытæ фæуа! Цæстуылынгæн ма гæнæн кæм уыдис, йе ’фсымæрты ми йыл æр- цæуа, уый йæ кæм фæндыд, сывæллоны ракодта дуармæ, хъама сласта, акъæрттытæ йæ кодта æмæ йæ къулгæронмæ баппæрста. Иæхæдæг ба- цыди æмæ, цыма ницы уыди, уый бадт акодта къонайы фарсмæ. Уæйыг æй фæрсы. — Цы фæкодтай сывæллоны? — Акъæрттытæ йæ кодтон, амарди, æмæ йæ уым къулгæрон ба- вæрдтон. Уæйыг йæ сæр ныххоста, фердиаг кодта, фæлæ ма цы! Дыккаг бон уæйыг æмæ Цæстуылынг ацыдысты ингæн къахынмæ. Цæстуылынг барæй йемæ бел нæ ахаста. Бел сæм нæй, уæйыг уый 91
куы базыдта, уæд Цæстуылынджы фæстæмæ рарвыста бел рахæс- сынмæ. Цæстуылынг раздæхт, бацыди хæдзармæ, æрбадт къонайы фарс- мæ æмæ артмæ йæхи тавы. Цæстуылынг æрæгмæ куы цыди, уæд æм уæйыг уæлмæрдтæй хъæр кæны: — Цы фæдæ? Бел рахæсс тагъд! Цæстуылынг дуармæ рауади æмæ уæйыгмæ дзуры: — Цы кæнон, дæ ус мын бел нæ дæтты, æмæ дын цы ахæссон! — Куыд дын æй нæ дæтты? Бирæ ма дзур, бацу æмæ тагъд ра- хæсс бел! Цæстуылынг бацыди хæдзармæ æмæ та æрбадти къонайы фарсмæ. Уалынмæ та уæйыджы мæсты хъæр цæуы: — Кæдмæ дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн, хæрæджы къæлæу, тагъд бел! — Ныр куыд уьшгæджы фæдæн. Дæ ус мын æй нæ дæтты, фе- хъуыстай? — ныхъхъæр та йæм кодта Цæстуылынг. — Бацу, бел ын йæ сæрыл ныцъцъæл кæн, æмæ йæ афтæмæй ра- хæсс, — хъæр кæны, тыфылтæ калгæ, уæйыг. Цæстуылынгæн ма цы гæнæн уыд: бел фелвæста, бауади хæдзар- мæ æмæ уæйыджы усы сæр ныцъцъæл-ныммур кодта. Иæхæдæг бел йе ’ккой баппæрста æмæ уæлмæрдмæ сфардæг. Уым дардыл ингæн къахы. — Цæмæн дардыл къахыс, сывæллонæн ахæм стыр ингæн цæмæн хъæуы? — дзуры уæйыг Цæстуылынгмæ. — Куыд цæмæн? Дæ дыууæ марды дæр иумæ иу ингæны баны- гæнæм. Уæдæ дæ усæн та хицæнæй ингæн къахдзыстæм! — Æмæ мæ ус цы кодта? — Цы кодта, цы! Ды мын загътай: «Бел ын йæ сæрыл ныцъцъæл кæн». Æз дæр ын бел йæ сæрыл цъæл кодтон, æмæ бел нæ ацъæл, фæ- лæ дæ усы сæр ныммур, æмæ амарди. Мæн хуыцау бахизæд, æмæ дын дæ дзырд ма сæххæст кæнон. Ардыгæй ме ’фсымæртау рагъыстыгъдæй ацæуон, уый мæ нæ фæнды. Уæйыг йæ сæр ныххоста, фердиаг кодта, уæдæ цы уыдаид! Ус æмæ сывæллоны куы баныгæдтой, уæд саутæ скодта, бады хæдзары, æддæ- мæ нал цæуы, хил дары. Афæдзы бонмæ хил фæдардта, стæй афæдзы хист скодта æмæ сфæнд кодта ус ракурын. Иу бон куы уыди, уæд дзуры Цæстуылынгмæ: — Æз ахæм æмæ ахæм хъæумæ усгур цæуын æмæ, чи зоны, æрæг- мæ а’рыздæхон, фæлæ ды дуар дзæгъæл ма ныууадз, кæннод мьш къæрпыхтæ мæ хæдзар фæхæсдзысты. Афтæ бафæдзæхста уæйыг Цæстуылынгæн, йæхæдæг райста лæ- дзæг æмаА афардæг. 92
Цæстуылынг дæр хæдзары дуар рафтыдта, æргъом баст æй бакод- та, йе ’ккой йæ бавæрдта, æмæ уый дæр уыцы хъæумæ ацыд. Кæсы, æмæ уæртæ иу хæдзары стыр куывд. Сохъхъыр уæйыг бады уæле, йæ къухы дзæбидыры сыкъа, нуазы æмæ цæл кæны. Цæстуылынг дæр кæстæрты цур æрæвæрдта йæ дуар, æрбадти йыл æмæ минас кæны. Уалынмæ йæ уæйыг ауыдта, фестад йæ бынатæй æмæ Цæстуылын- гыл фæхъæр кодта: — Ды та ам цы ми кæныс? Афтæ дын нæ загътон, дуар дзæгъæл ма ныууадз! — Мæт ма кæн, дæ рын бахæрон, дуар дзæгъæл нæ ныууагътон, мемæ йæ рахастон æмæ мæнæ ныр дæр йæ уæлæ бадын. Уый куыд уы- дзæн, æмæ дын дæ дзырд ма сæххæст кæнон! Ме ’рагъ мæ нæ хæры,— бадзырдта йæм фæстæмæ Цæстуылынг. Уæйььг куывд ф’æуынмæ дæр нал фæлæууыди, афтæмæй ратагъд кодта йæ хæдзармæ, фæлæ ма цы: хæдзары æхсад къултæ йедтæмæ ницыуал! Уæйыг фырмæстæй йæ сæр къултыл ныххоста æмæ ныхъ- хъыргъы ис! Уæйыджы фосы дзуг æнæхъæнæй баззадысты æфцæгыл. Цæстуылынг сæ йæ разæй скодта, сæ хъæумæ сæ æртардта æмæ сæ адæмæн байуæрста. Уыдон æрцыдмæ мын хорз æмæ дзæбæхæй цæрут. <&5>
О^Х^^фХ^^^^ МÆГУЫР ЛÆГ ÆМÆ ХÆЙРÆГ Раджыма-раджы уыди иу мæгуыр лæг. йæ мæгуырæй сфæлмæ- цыд æмæ æдзух сагъæс кодта. Уæд та, дын, иу хатт рацыд æмæ байбыны раз дурыл сбадт, йæ лæдзæг йæ ныхмæ быцæу сарæз- та æмæ хъуыдытæ кæны: «Лыстæг фос уæддæр куы бафтид мæ къухы, кæд фосыл фæхæст уаин!». Куыддæриддæр афтæ ахъуыды кодта, афтæ хæйрæг йæ цуры фев- зæрд æмæ йæ фæрсы: — Цы кодтай, цæуыл кæуыс, мæгуыр лæг? — Куыд нæ маст кæнон! Лæг зæхх æмæ фосæй цæры, æмæ дзы мæнæн иу дæр нæй. Хæйрæг загъта: — Цæй, кæд бафидауæм, уæд дын æз ратдзынæн лæскъ фондз сæгъы. — Цæуылнæ бафидаудзыстæм! Цыдæриддæр мын зæгъай, ууыл разы дæн. — Уæдæ хорз. Мæ фондз сæгъы дын дæттын лæскъ æртæ азмæ. Æртæ азы фæстæ сæртæ мæхи, сæ цот нын иумæйаг, æрмæст дзырдæй: мадæр сау сæгъы аргæвд, мадæр цъæх сæгъы, мадæр урс сæгъы, мадæр хъулоны, мадæр гуымыдзайы, мадæр сыкъаджыны. Мæгуыр лæг мардæрцыдау фæци æмæ хъуыды кæны йæхинымæр: — Ахæм фосæй æнæ фос хуыздæр. Ай ныхæстæм гæсгæ мæнæн уыщл^сæгътæй аргæвдæн нæй, æмæ ма сæ уæд хизгæ та цæмæн кæ- нон? Иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй уæд зæгъы хæйрæгæн: — Разы дæн дæ ныхасыл, фæлæ æрмæст дзырдæй: сæгътæн сæ уарæн рæстæг куы æрцæуа, уæд-иу мæм мадæр хуыцаубоны æрцу, мадæр къуырисæры, мадæр дыццæджы, мадæр æртыццæджы, мадæр цыппæрæмы, мадæр майрæмбоны, мадæр сабаты. Иннæ бонтæй кæцы- дæриддæры æрбацæуай, уæд нæ фæллой адих кæндзыстæм. 94
Хæйрæг уыцы ныхасыл сразы, æмæ мæгуыр лæг фондз сæгъы йæ хяедзармæ раскъæрдта. Æртæ азы куы рацыд, уæд хæйрæг сфæнд кодта йæ фос исынмæ фæцæуын. Фæлæ катай кæны: «Къуыри у авд боны, æмæ, нæ дзырдмæ гæсгæ, мæнæн иу бон дæр бацæуæн нæй. Уæдæ ма цы бачындæуа?» Фæлæ, дын, хæйрæг, бæгуы, не ’рхъуыды кæндзæн: æртыццæг æхсæв1 смидæг мæгуыр лæгмæ. Цы гæнæн ма уыди мæгуыр лæгæн, æмæ байуæрстой сæгъты. Мæс- тæй судзы мæгуыр лæг: «Уьгй æнхъæл та кæцæй уыдтæн, æмæ мæм хæйрæг æхоæвыгон цæудзæн. Уымæн исты куы нæ æрымысон, уæд- мæ маст аскъуийдзæн». Иу бон мæгуыр лæг йæ сæгъты хъæдмæ хизынмæ аскъæрдта. Кæсы, æмæ къæвда æрбацæуы. «Цæй, æмæ мæ дзауматæ ма ныххуылыдз кæнон, кæннод ма мæ уæлæ цы скæндзынæн», зæгъгæ, ахъуыды кодта мæгуыр лæг. йæ дзауматæ раласта æмæ сæ иу стыр къæйы бын бакодта, йæхæдæг къæ- йы сæр сбадти. Къæвда куы фæци, уæд йæ дарæс скодта. Уалынмæ. дын, кæсы, æмæ уæртæ хæйрæг æруайы, йæ дон мизы, афтæмæй. Хæй- рæг мæгуыр лæджы уыцы хуызæнæй куы федта, уæд æй фæрсы: —■ Дæ хорзæхæй, куыд нæ ныххуылыдз дæ? — Къæвдайæн хос зонын, æмæ нæ ныххуылыдз дæн. — Дæ хорзæхæй, дæхи дзыхæй цы курыс, уый дын дæттын, æмæ мын æй бацамон. — Дæ сæгътæ мын ратт, æмæ дын æй бацамондзынæн. Хæйрæг сразы. — Кьæвда куы æрбацæйцæуа, — загъта мæгуыр лæг, — уæд-иу дæ дарæс ралас æмæ-иу сæ дæ быны бакæн, стæй сæ фæскъæвда су- рæй скæн дæ уæлæ. Хæйр-æг мæстæй амарди. Мæгуыр лæг сæгъты йæ разæй скодта æмæ сæ йæ хæдзары балæууын кодта. * Æртыццæг æхсæв — рагон адæмы куыд уырныдта, афтæмæн хæй- рæджытæн æртыццæг æхсæв адæмы æхсæнмæ фæндаг уыди.
здодододздздздэддодзд? ХЪÆСТЫТÆ МÆГУЫР ЛÆГЫЛ Иу мæгуыр лæг куыста бонджын лæгмæ. Æртæ азы йæм куы фæ- куыста, уæд ын иу бон нал бакуыста, æмæ йын бонджын лæг дæр нал бахæрын кодта. — Цæуылнæ бакуыстай абон? — фæрсы бонджын лæг мæ- гуыры. —■ Абон дын нал бакуыстон, æмæ мын къæбæр нал раттай, æндæр ма мын цы дæ зæрды ис? —■ Хъуамæ дыл бахъаст кæнон паддзахмæ. — Бахъаст кæн, — зæгъы мæгуыр лæг. Бонджын лæг мæгуыр лæджы акодта йемæ æмæ фæцæуы хъаст кæнынмæ. Кæсынц, æмæ иу бæхджын æлдар цъыфы ныссагъди, бæхæн йæ къæхтæ цъыфы аныгъуылдысты, æмæ лæг хъæр кæны: — Адæймаг уæ чи у, — фæкæсæд мæм! Мæгуыр лæджы зæрдæ нал фæлæууыд æмæ бауад æххуыс кæнын- мæ. Бæхы къæдзилыл схæцыди æмæ æлдары цъыфæй сласта, фæлæ æлдары бæхы къæдзил йæ къухы аззади. Бæхы хицау загъд кæны: — Бахъаст дыл кæндзынæн паддзахмæ. — Бар дæхи, — дзуры мæгуыр лæг, — мæнæ мыл хъæздыг лæг дæр хъаст кæнынмæ цæуы. Хъастгæнджытæ дыууæ баисты. Цæуынц æртæйæ иумæ. Фæцæ- уынц æмæ иу хъæумæ бахæццæ сты. Хъæуы кæрон иу ус донмæ æрцыд æмæ донæй йедзаг къæрта йе ’уæхскмæ нæ фæразы. Фæндаггæттæм фæдзырдта: — Адæймаг уæ чи уыдзæн, — ме ’уæхскмæ мын къæрта сисæд. Мæгуыр лæджы зæрдæ та нæ фæлæууыди æмæ усæн йæ къæрта йæ уæхскыл авæрдта. Ус сæрдиаг кодта: — Æвиппайды мын ме ’уæхск æрцавтай! Маргæ мæ куы кодтай! Ус дæр та сфæнд кодта мæгуыр лæгыл хъаст кæнын. 96
Мæгуыр лæг ын зæгъы: — Мæнæ адон дæр хъаст кæнынмæ цæуынц, æмæ дæуæн дæр дæ бон у бахъаст кæнын. Ус ацыдис æмæ йæ лæджы рарвыста хъаст кæнынмæ. Хъастгæн- джытæ æртæ баисты. Мæгуыр лæг йæ сæрæн ницыуал зыдта: «Иууылдæр мæгуырыл тых сты», зæгъгæ, загъта йæхинымæр æмæ сфæнд кодта къæдзæхæй йæхи аппарын. Æмæ, æцæгдæр, къæдзæхæй йæхи аппæрста. Бынæй фысгæс фыстæ хызта, мæгуыр лæг ууыл сæмбæлд, æмæ фысгæс дзыхъ- мард фæцис. Уалынмæ фысгæсы фыд æрбауади æмæ та уый дæр загъд кæны, мæ лæппуйы мын цæмæн амардтай, зæгъгæ. — Бахъаст мыл кæн. Мæнæ адон дæр мæныл хъаст кæнынмæ цæуынц, — загъта йын мæгуыр лæг, иннæ хъастгæнджытæм амон- гæйæ. Хъастгæнджытæ цыппар баисты. Æрцыдысты иу ранмæ, агурынц паддзахы. Иу лæг — мæгуыр, скъуыдтæ дзауматы, афтæмæй сыл æрбамбæлд. Уыцы мæгуыр лæг хабар куы базыдта, уæд сын загъта: — Паддзах цæргæ ам кæны, фæлæ ныртæккæ ам нæй. Дæлæ уым та цæры йæ зæрдиагдæр æххуырст, — ацамыдта мæгуыр лæг йæхи хæдзармæ. — Ам уал фæлæуут, æз ын зæгъдзынæн, æмæ уын уæ хъуыд- даг равзардзæн! Уый паддзахы фæнд у, уымæн æмæ ахæм хъуыддæг- тæ æвзарынмæ тынг рæвдз у. — Хорз хъуыддаг бакæнис, — загътой йын хъастгæнджытæ. Уыцы мæгуыр лæг бацыд йæхи хæдзармæ, йæхи сæндæрхуызон кодта æмæ сæм радзырдта, рацæут, зæгъгæ. Уыдон æм бацыдысты æмæ йæ нал базыдтой. Тæрхонгæнæг фыццаг фæрсы фысты хицауы: — Цæуыл хъаст кæныс? — Мæнæ ацы лæг къæдзæхæй йæхи раппæрста, — дзуры фысгæсы фыд, — мæ лæппуйыл æрхауд æмæ мын æй афтæмæй амардта. — Æцæг афтæ уыди, мæгуыр лæг? — афарста паддзахы мæнг æх- хуырст. — Афтæ уыди, — дзуры мæгуыр лæг, — мæ сæрæн ницыуал зыд- тон, мæхи къæдзæхæй раппæрстон æмæ йыл сæмбæлдтæн. Цæмæй йæ зыдтон, бынæй исчи ис, уый? — Мæгуыр лæг,—дзуры мæнг тæрхонгæнæг, — къæдзæхы бын æр- лæудзæн, ды йыл, фысгæсы фыд, дæхи раппар бæрзондæй, æмæ ным- мæла. Фысгæсы фыд сразы ис. Ныр та тæрхопгæнæг бафарста усы сæры хицауы. Уый за>гъта: — Мæ ус донмæ рацыди, æмæ йын ацы лæг къæрта йе ’уæхскыл æртъæпп кодта. Ус йæхи бар нæу, исты куы кæна, уæд куыд? 7 Ирон адæмы аргъæуттæ 97
Тæрхонгæнæг та мæгуыр лæджы бафарста: — Афтæ уыди? Мæгуыр лæг загъта: — Афтæ нæ уыди. Усæн йæ бон къæрта сисын нæ уыд, æмæ хъæр кодта: «Адæймаг уæ чи у, фæкæсут мæм!» Мæнæн мæ зæрдæ нал фæ- лæууыди, æмæ йын йæ къæрта йе ’уæхскмæ систон. Тæрхонгæнæг зæгъы усы хицауæн: — Мæгуыр лæг дæ усы акæнæд, цалынмæ йын исты гуыра, уæд- мæ, æмæ йæм дзæбæх зилæд. Кæд февзæр уа, уæд мæм æй æркæн. Бафлрста бæхы хицауы дæр æмæ уый загъта, ацы лæг мын мæ бæхы къæдзил атыдта, зæгъгæ. Мæгуыр лæджы куы бафарста, уæд уый радзырдта: — Цъыфы ныссагъди æмæ хъæр кодта, адæймаг чи у, фервæзын мæ кæнут, зæгъгæ. Æз ын ,йæ бæхы къæдзилыл схæцыдтæн, йæхи йын сластон цъыфæй, фæлæ йæ бæхы къæдзил мæ къухы аззад. Уый мæ аххос кæцæй у? Уæд тæрхонгæнæг зæгъы бæхы хицауæн: — Дæ бæх мæгуыр лæгмæ ратт æмæ йæм хорз кæсæд, цальшмæ йыл къæдзил ногæй зайа, уæдмæ. Стæй-иу æй уæд райс. Бонджын лæджы дæр бафарста, æмæ мæгуыр лæг зылынджын куы нæ разынд, уæд ын загъта: — Ацу, æмæ дæ бонджындзинад ацы лæджы фæуæд, уый мæ- гуырдзинад та дæу фæуæд. Ууыл тæрхон фæцис. Фæцыдысты фæйнæрдæм. Мæгуыр лæг бæхы хицаумæ бацыди æмæ йын бæхы хицау тæрхон- мæ гæсгæ йæ бæх радта, цалынмæ йыл къæдзил зайа, уæдмæ. Бæх ракодта мæгуыр лæг æмæ æрцыд усы сæры хицаумæ. Уымæн дæр цы гæнæн уыди, æмæ йæ усы мæгуыр лæгæн рарвыста, цалынмæ йын исты гуыра, уæдмæ. Мæгуыр лæг æрцыд фысгæсы фыдмæ. Фысгæсы фыд æй къæдзæхы бын æрлæууын кодта, æз дыл мæхи раппарон æмæ амæлай, зæгъгæ. Рагæпп кодта æмæ йæхæдæг ныххæррæгъ. Мæгуыр лæг ын йæ фысты ратæлæт кодта, усы ракодта, бæхы дæр раласта æмæ абон дæр ма цæры. Мæгуыр лæг цы бонджынæн куыста, уымæн та кусæг нал уыдис, æмæ бынтон ныггæвзыкк ис. Уыдон æрцыдмæ хорзæй цæрут. ед>
«фХ^К^-Х^ХфК^^ МÆГУЫР ЛÆГ ÆМÆ УÆЙЫГ Цардысты æмæ уыдысты лæг æмæ ус. Кодтой мæгуыр цард, æмæ æппын ницы амал ардтой сæ цард фæхуыздæр кæнынæн. Уæд сын райгуырдис чызг æмæ лæппу, æмæ сын мад æмæ фыд старстысты стонгæй амæлынæй. Иухатт ус лæгæн загъта: — Ацы мæгуыр цардæй кæдмæ нæ бон уыдзæн цæрын? Лæг ын загъта: —> Уæдæ цы кæнон, мæ сæрæн куы ницы зоньш! Уæды рæстæджы-иу мæгуыртæ лæскъ истой, æмæ ус йæ лæгæн загъта: — Ацу, нæ лæг, æмæ искуы иу-дыууæ сæгъы лæскъ райс, кæнæ искуы иу хъуг ссар, нæ сывæллæттæ сыдæй цæмæй ма амæлой, уый тыххæй. Иу бон куы уыди, уæд лæг йæ усы коммæ бакаст. Райста йæ лæ- дзæг, араст ис æмæ цæуы фæндагыл. Иудзæвгар куы ауадис, уæд ау- уонмæ бафтыд, хъæды дзыхмæ æмæ загъта: — Цæй, ам иучысыл аулæфон. Иæ худ систа æмæ ныуунæргъыдта: — Оф, оф! Уæд æм хъæды дзыхæй уæйыг рауади æмæ йæ фæрсы: — Цы кодтай, куыд тынг бафæлладтæ? — Бæлццон дæн æмæ бафæлладтæн. — Æмæ кæдæм цæуыс, кæнæ кæцæй цæуыс? — Æз мæгуыр лæг дæн, æмæ цæуын, кæд искуы лæскъ ссарин иу хъуг, (кæнæ дыууæ сæгъы. — Æз дын куы ссарин хъуг, уæд куыд уаид? Мæгуыр лæг ын загъта: — Æмæ мын кæд ды ссардзынæ, уæд ма мæн уымæй хуыздæр цы хъæуы! — Уæдæ ам гыццыл фæгæдзæ кæн, æз дын æрыскъæрдзынæн иу хъуг. 99
Мæгуыр лæг иучысыл абадт. Уалынмæ йын уыцы уæйыг, æцæг, хъуг йæ уæлхъус февзæрын кодта æмæ загъта: — Ай дын хъуг! Мæгуыр лæг æй бафарста: — Куыд æгъдауыл .мын æй дæттыс? Хъуджы хицау ын загъта: — Аскъæр ацы хъуг, æртæ азы йæ фæхæр, æртæ азмæ æз де ’мгæ- рон не ’рцæудзынæн. Æртæ азы куы сæххæст уой, уæд дæм цæудзынæн æхсæвыгон, фыццаг фынафон. Куы дæм ныццæуон, уæд мын кæд мæ дзырдмæ дзырд сфæразай, уæд иууылдæр, йæ цот дæр æмæ йæ сæр дæр дæу фæуæнт. Кæд æмæ мын мæ дзырдмæ дзырд не ’ссарай, уæд бинонтæй, фæллойæ цыдæриддæр баййафон, мæхицæн сæ ракæндзынæн. Мæгуыр лæг йæхинымæр загъта: «Æртæ азы уал æз уый фæхæр- дзынæн мæ сывæллæттимæ, стæй нæ акæнæд». Раскъæрдта хъуг. Æрыскъæрдта йæ йæ хæдзармæ æмæ йæ усæн радзырдта йæ хабар. Ус дæр загъта: — Мах уал æртæ азы уый фæхæрæм, стæй нæ иууылдæр фæ- кæнæд. Æртæ азы куы æххæст кодта, уæд лæг æмæ ус къуыри раздæр катай байдыдтой. Бадынц сæ сывæллæттимæ хæдзары раз æмæ сагъæс кæнынц, лæскъдæттæгæн йæ дзырдмæ дзырд куыд ссардзыстæм, зæгъгæ. Æртæ афæдзы бонтæ дæр сæххæст сты. Уыцы бон баизæр ис. Фыццаг фынафон куы сси, уæд дуарæй æрбадзырдта хъуджы хицау— уæйыг: . — Мæгуыр лæг! Мæгуыр лæг æм фæхъæр кодта: — Уæй, æз ам дæн. Уæйыг мæгуыр лæгмæ бадзырдта: — Ам иу, иу? Мæгуыр лæг ын дзуапп радта: — Иу мæхицæй хуыздæр нæ уыдзæн. — Дыууæ? — дзуры уæйыг. — Дыууæ мæ кæсæнцæстытæ, — дзуапп радта мæгуыр лæг. — Æртæ, æртæ? — Æртæтигъон фат дæларвмæ дæр цæуы æмæ уæларвмæ дæр. — Цыппар, цыппар? — Цыппар цæфхадджын бæх хохы дæр цæуы æмæ быдыры дæр! — Фондз, фондз? — Фондз фондзыссæдз фысы кæмæ уа, уый мæгуыр нæ уыдзæн! — Æхсæз, æхсæз? — Æхсæзыссæдз мæкъуылы хос чи самайы, уый холлагхъуаг нæ вæййы. 100
— Авд, авд? - — Авд хосдзауы кæмæй ацæуа, уый холлагхъуаг не ’суыдзæн! — Аст, аст? — Аст цæды галтæ чи сифтындза, уый хорхъуаг не ’суыдзæн! — Фараст, фараст? — Фарæстæмы ам нæ уыдтæн! — Кæм уыдтæ? — Терчы бæсты, — загъта мæгуыр лæг. — Терчы фурдыл цæуыл ахызтæ? — Къæлæу рацахстон, мæ худæй йын саргъ акодтоп, мæ зæнгбæт- тæнтæй — æхтæнгтæ. — Уæдæ уый гыццыл фурд уыди. — Гыццыл кæцæй уыди, йæ иу кæронæй къæлæу куы ныууасы- даид, уæд иннæ кæронмæ куы нæ фехъуыстаид. — Уæдæ уый гыццыл къæлæу уыди. — Гыццыл кæцæй уыди, йæ цармæй Нарты Уырызмæгæи кæрц æмæ худы былтæ цыди. — Уæдæ уый гыццыл Уырызмæг уыди. — Гыццыл кæцæй уыди, йæ уæлфадæй уасæг куы ныууасыдаид, уæд йæ сæрмæ нæ хъуысти. — Уæдæ уый къуырма уыди. — Къуырма кæцæй уыди, дæлзæхх мæлдзыджытæ куы хуым код- той, уæд сын сæ уынæр хъуыста. — Уыдон æм кæд æввахс уыдысты. — Æввахс æм кæцæй уыдысты, хорз фиййæуттæ йæм афæдзæй- афæдзмæ нæ хæццæ кодтой. — Уæдæ уыдон мæллæг фиййæуттæ уыдысты. — Мæллæг кæцæй уыдысты, афæдзæй-.афæдзмæ фæндагыл фесты æмæ сæ бирæгътæ сæныччы хъус дæр нæ фæхъуыдтой. — Уæдæ уыдон мæллæг бирæгътæ уыдысты. — Мæллæг кæцæй уыдысты, быдыры сын бугъа къамбецтæ иу февнæлдæн нæ лæууыдысты. — Уыдон кæд мæллæг къамбецтæ уыдысты? — Мæллæг кæцæй уыдысты, æфсæн æфсондз сын иу ахæстæн нæ лæууыдис. Ницыуал загъта уæйыг. Мæгуыр лæг æм радзырдта: — Цæй, цы ма зæгъыс? Уæйыг æм ницыуал дзуры. Уæд ын мæгуыр лæг зягъта: — Уæдæ мын ныр цырагъы къодах фест, болат фæрæт йæ мидæг тъыст, æмæ йын цæрæнбонты фæуæн ма уæд. Уæйыг къодах фестадис, йæ мидæг болат фæрæт сагъд, афтæмæй. Мæгуыр лæг абон дæр ма цæргæйæ баззад.
^^^^^ ЛÆППУ ÆМÆ ЧЫЗГ КУЫД БАФИДЫДТОЙ Иу æлдар фæцæйцыди йæ хæдзармæ. Фæндагыл æлдарыл амбæлд иу лæппулæг. Салам радтой кæрæдзийæн. Лæппу барæг йæ бæх æрцавта æмæ æлдары галиу фарс цæуын байдыдта. Цæуынц, цæуынц, — æлдар лæппулæгæн «аздæх» нæ зæгъы. Цæйбæрц фæцыдаиккой, чи йæ зоны, фæлæ уалынмæ фæндаг пыхсбыны фесæфт. Лæппу дзуры хистæрмæ: — Фарн дæм дзурæд, мæ хистæр, фæлæ мын бар куы раттис, уæд дын æз фæндаг акæнин. Ницы сдзырдта æлдар, йæ цыды кой кæны, къудзитыл, бындзæф- хæдтыл къуырттытæгæнгæ сæхицæн фæндаг амалтæй арынц. Фæндаг куыдфæстæмæ зындæрæй-зындæр кæны, афтæмæйты иу цъыфдзастмæ бахæццæ сты. Лæппу та дзуры хистæрмæ: — Мæ хистæр, фарн дæм дзурæд, фæлæ мын бар ратт, æмæ æз хид акæнон. Æлдар йæ бæх æрцæфтæ кодта æмæ цъыфдзасты фæлæгæрды, уæ- дæ цы уыдаид. Бирæ нæма рацыд, афтæ дзы ныхсын байдыдта. Лæппу йæ бæх бæласы цонгыл афидар кодта, йе ’ддаг дарæс феп- пæрста æмæ лæджы цъыфдзастæй раласта уæлбылмæ. Уый фæстæ та баоæррæтт ласта цъыфдзастмæ, бæхæн йæ къæхтæ хæрдмæ фæцарæз- та æмæ йæ йæ рагъыл раласта. Фæсалæй барæджы, бæхы басыгъдæджытæ кодта, лæджы сбадын кодта йæ бæхыл, æмæ та араст сты. Цæуынц, цæуынц, æмæ мæнæ дунейы адæм мард фæласынц. Сæ бæхтæй æрхызтысты бæлццæттæ, æрлæууыдысты, мардæн æгъ- дау радтой. Уæд лæппулæг фæрсы: — Бахатыр кæнут, фæрсæг сонт у, фæлæ уæ мярд хæдзары мард у, хъæуы мард у, æви комы мард? 102
Адæмæй иу рахицæн æмæ дзуры: — Мард у комы мард, æмæ ком уый тыххæй сызмæлыд. Лæппулæг ахæм дзуапп куы фехъуыста, уæд марды цурмæ кæугæ бацыди. Араст та сты уырдыгæй сæ бæхтыл æмæ иу бон æлдары кæрты дуармæ æрхызтысты. Æлдар уазæгдонмæ бакодта уазæджы, йæхæдæг бацыд йæ хæдзармæ. Æлдарæн уыди иунæг чызг. Чызг фæцинтæ кодта йæ фыдыл, стæй иæ фæрсы: — Дада, æмæ уæд уазæг та чи у? — Нæ зонын, чи у! Фæндагыл мыл амбæлд, мæ галиу фарс цæ- уæг йæхи акодта*; иу хъæдбьшмæ куы æрбахæццæ стæм, уæд мын уым хъавыди фæндаг кæнынмæ, цыма мæ уыдæттæм æвдæлыд! -— Дада цæра, æмæ кæд уæ фæндаг æвзæр уыди, æмæ дын зæгъын- мæ хъавыди, пыхсы æдыхстæй цæмæй цыдаиккат уæ фæндагыл, уый тыххæй? — Нæ цыды кой куыд кодтам, афтæ иу цъыфдзастмæ бахæццæ стæм. Уыцы ран та мын æрра кæд хъавыди хид ацаразынмæ, мæ бæхы сæфтджытæ дæр сыгъдæгæй куыд баззадаиккой, афтæ. — Дадайыстæн, уый дын фæндаг агурынмæ хъавыди, æмæ дын æй фæсномыгæй æмбарьга кодта. Ды йæ коммæ нæ бакастæ, æмæ лæсæны нысоагътæ. — Æмæ йæ уæд ды та цæмæй базыдтай, уьш, миййаг, куы нæ уыдтæ? — Дада цæра, хъуыддаг афтæ рауадаид, æмæ ды уым фесæфтаис, фæлæ дæм уый йæхи фæфистæг кодта æмæ дæ цъыфдзастæй раласта, мæлæтæй дæ фервæзын кодта æд бæх, — загъта чызг. — Дарддæр, мард фæласынц, — дзуры æлдар, —уый та мæрддзы- гойы фæрсы: «Мард хæдзары мард у, хъæуы мард у, æви комы мард?» Ахæм æнæмбаргæ никуы федтон. Æмæ йын адæмæй иу афтæ: «Мард у комы мард». А фæстаг дæр уый бæрц æмбаргæ нæ разынд, уый йед- тæмæ ма комæн та цæй мард вæййы? — Дада цæра, дæ уазæг афтæ зæгъынмæ хъавьцд: æмхуызон не сты лæгтæ: чи дзы хорз у, чи æвзæр. Дарддæр, хæрзтæ дæр æмхуызон хæрзтæ нæ вæййынц. Ис ахæмтæ, æмæ йæ хæдзар цудын ницæмæй уа- дзы, мыды къусчы хуызæн æй дары, архайы йæ тых, йæ фадатмæ гæс- гæ, йæ хæдзарæн, йæ бинонтæн. Æндæр дзы ницы æфсæрмы ис. Уый у хæдаары лæг, хæдзарæн хорз лæг, хæдзардарæг. Ис æндæр хорз лæг дæр: рох дзы нæу йæ хæдзар уымæй дæр, фæлæ ма уый йæ хæдзарæй дарддæр стыр пайда у æгас хъæуæн дæр, йæ зонд, йе ’фсарм æмæ йе * Рагон æгъдау: хъуамæ кæстæр хистæры нæ хæдзармæ ахæццæ кодтаид, йæ галиу фарс цæугæйæ. 103
’хсарæй. Уый у хъæуы лæг, хъæуы хорз лæг, йæ мард та хъæуы мард у. Комы мард та ахæм лæджы мард уыдзæн, æмæ æгас комы дзыллæ- мæ йæ зонд, йæ фæнд кæмæн æххæсти, æгас комы рæсугъд фæндагыл чи арæзта, фыдбылызæй сæ чи хъахъхъæдта. Уый уыд комы лæг, уый стыр лæг уыдис йæ дзыллæйæн. — Мæ уазæг, ме ’мбал куы базыдта, лæг дзыллæйы, комы лæг уыди, уый, — йæ ныхасыл бафтыдта æлдар, — уæд баздæхт æмæ йæ зæнгойы хъусæй ехс сласта æмæ мардмæ йæ сæр хойгæ, æрдиаггæнгæ бацыд. Æрра у, бынтон æрра, æндæр æй цы хъуыддаг ис адæмы мæрд- тимæ? — Дада цæра, æгас адæм, комы адæм кæмæ хъусой, æгас дзыллæ кæй фæндæй, кæй зондæй самондджындæр уой, уый æцæгæлон мард нæ уыдзæн, нæ, уымæн æмæ уый дзыллæмæ æцæгæлоны цæстæй нæ кæсы, фæлæ алкæуыл дæр у мæт æмæ сагъæсгæнæг. Æмæ кæд афтæ у, уæд уыцы лæгæй алкæмæ дæр хъуамæ цæуа хай: йæ цинæй дæр, йæ зианæй дæр. Ныр у, дада, æмæ мын аккаг скæн, æмæ йын æз æгасцæуай зæгъон уазæгдоны, нæ цæхх æмæ нæ кæрдзынæй куыд сахода. — Кæд дæ уый бæрц фæнды, уæд, куыд зоныс, афтæ бакæн, — æрмæст та дын зæгъын: йæ зонд йæхимæ кæмæн нæй, уый ахæм адæй- маг у. Æмæ чызг арæвдз кодта алы хæринаг, алы нуазинаг. йæ фыды кой акодта. Уый фæстæ фынг ахаста уазæгдонмæ. Æрæвæрдта фынг æмæ салам зæгъы уазæгæн. Уазæг сыстад æмæ лæууы. — Æрбад, дæ хорзæхæй, æмæ нæм исты саход. — Цалынмæ æфсинæй дзырд рацæуа, уæдмæ уазæгæн нæй сба- дæн. — Ис дын бар, æрбад. Уазæг сбадти. Чызг рауагъта иу нуазæн æмæ йæ радта уазæгмæ. Уазæг банозта нуазæн æмæ йæ атылдта уазæгдоны зæххыл. Чызг систа нуазæн, байдзаг æй кодта æмæ та й<æ радта лæппу- лæгмæ. Уый банозта дыккаг нуазæн æмæ йæ фæнычы баппæрста. Чызг нуазæн систа, ныссæрфта йæ æмæ та дзы рауагъта нозт. Уазæг банозта æртыккаг хатт, баздæхт æмæ нуазæн къонайы дæл- тъурыл ныххафт ласта; нуазæн базгъæлæнтæ, йе ’згъæлæнтæ фæнычы стæлфыдысты. Чызг нуазæны згъæлæнтæ æрæмбырд кодта, сыгъдæг сæ ныссæрф- та йæ кæрдæнæй*, иу тигъ дзы аскъуыддзаг кодта, уым сæ батыхта, стæй сæ йæ роны арф бафснайдта. Уазæгæн йæ хæрд йæхи куы фæуа, уæд дуармæ кæсы. Чызг фынг * К æ р д æ н — ам: кæлмæрзæн. 104
афснайдта æмæ бæхыл саргъ авæрдта. Уазæг сбадт бæхыл æмæ рахиз къухæй фæндаджырдæм ацамыдта. Чызг систа йæ къух æмæ йæ йæ дадалитыл æрсæрфта. Лæппулæг ехс барцыл адардта, стæй йæ дæс æнгуылдзы равдыста чызгмæ. Афардæг уазæг, чызг та хæдзармæ бацыд. Фыд æм æлхынцъæрфы- гæй дзуры: — Амалтæй ма баурæдтон мæхи нæ уазæгмæ, фæлæ йын ды куыд ныббарстай, уый мæм дис кæсы. Мæ цæсты зул дардтон уазæгдонмæ. Дæ нуазæн дын иу хатт зæххыл атылдта, аннæ хатт æй фæнычы бап- пæрста, æртыккаг хатт нын хæрз пырх ныккодта нæ нуазæн. Нуазæны састыл афтæ хъыг нæ кæнын, — бирæ зиан нæу, фæлæ æфхæрд у мæ- нæн дæр æмæ дæуæн дæр. Цыбырхъуыр куы уыдаин, уæд уыцы къу- лыбадæгæн, лæг циу, уый бацамыдтаин! Фæлæ йæ амонд хуыздæр фод. Уазæджы хатыр ын. —■ Дадайы стæн, æфхæрынмæ нæ куы хъавыдаид йæ митæй, уæд æй æз дæр æнæ бамбаргæ нæ фæцадаин, æмæ йын уæд дæ чызг дæр, цы æмбæлдаид, уый бакæнын бафæрæзтаид. Фæлæ мын бахатыр кæн, дада, нал дын æй басусæг кæндзынæн, дæ уазæгæй мæн астæу цы æр- цыди, уьгй. — Æмæ дзы уанæбæрæджы цы хъуамæ æрцыдаид, м<æ цæсты зул уæм куы дардтон æз дæр? — Дада цæра, нæ уазæг афтæ æдылы адæймаг нæ разынд: уый дзырдта фæсномыгæй, æмæ дæ чызг дæр чысыл гæзæмæтæ æнæ æм- баргæ нæу фæсномыг ныхас. Бар мын кæд уыдзæн, уæд радзурдзынæн, цы зæгъынмæ хъавыди дæ уазæг, æмæ йьгн цы дзуапп лæвæрдта дæ чьгзг. — Цæй-ма, цæй уæдæ, хъусын дæм. — Дæ уазæгмæ куы рацыдтæн, куы йæм бакастæн, уæд нæ уазæг уайтагъд бамбæрста, мæ зæрдæмæ кæй бацыд, уьгй. Фьщцаг нуазæн куы атылдта, уæд уый уыди мæ зæрдæйы курдиатæн ахæм дзуапп: «Тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы, ома, — мæгуыр дæн, ницы мæм ис, дзæгъæлдзу дæн». Æз ын нуазæны асæрфтьгтæй бамбарын кодтон фæстæмæ: «Ницы кæны, ссардзыстæм». Фæныкмæ нуазæн куы батылдта, уæд уымæй та загъта: «Æз чъизи адæймаг дæн, æнæгъдау, æнæфсæрм». Æз нуазæн сæрттивын кодтон. Уымæй та йын загътон, хорз фæн- дагыл æй кæй оараздзьшæн. Нуазæн дæлтъурыл куы ныппырх кодта, уæд мьгн уымæй дзырд- та: нуазæнæн куыд нал ис саразæн, афтæ нал ис мæнæн дæр саразæн». Стыр хæзнайау æз æрæмбырд кодтон нуазæны згъæлæнтæ- æмæ сæ бафснайдтон мæ роны. Уымæй та йын æз загътон: «Цыдæриддæр нæ уай, æз дæ бавæринаг дæн зынаргъ хæзнайау». 105
Уазæг бæхыл сбадт æмæ мын йæ къухы æвзыстæй амоны, йæ хæ- дзармæ уыцы сахат цæмæй ацæуон. Æз ьгн мæ дадалитæм æвнæлдæй загътон: мæ сæрæн худинаг кæй у æнæ ирæд, æмæ, мæ дадалиты цал æрдуйы ис, уал истæмæй ирæд куыд бафида. Уæд уый ехс расæрфта бæхы барцыл: ома дадалитæ нæ, фæлæ бæ- хы барцы цал æрдуйы ис, уал. Равдыста мæм ноджы йæ дæс æн- гуылдзы: ома дæс бонмæ ме ’мгъуыд. Æмгъуыды дæс боны æлдары чызгмæ фæзындысты дæс азы. Дæсæм бон чызг аивæй фæндагмæ йæхи айста, къухы аууонæй кæсы, кæд, миййаг, цæуæг фæзынид. Каесы, æмæ бæстæ рæгъæуттæй, бæх, гал, хъуг, фысвос рæгъæуттæй байдзаг, æмæ æлдары хæдзармæ сæ ных сарæзтой. Ныррухс кодта чызг йæ цæсгом, æрбацыд йæ хæдзармæ, дзуры йæ фьгдмæ: — Дада, акæс дуармæ: дæ сиахс дын дæ ирæд — мæ сæры аргъ æрбатæры, быдыртæ алыхуызон фосæй змæлæг сысты. Цы ма сдзырдтаид чызджы фыд дæр! Ныддис кодта, йæ къухтæ ныццагъта æмæ чындзæхсæв кæнынмæ бавнæлдта. <^>
<&}<&Ъ&&>Ъ&ЬР&>Ъ^ зджыды рæсугъд Раджыма-раджыма цардысты æмæ уыдысты Зджыды хъæуы Æр- хы Мæсыджы лæг æмæ ус. Уыдонæн уыдис иунæг чызг, æмæ хæргæ дæр æмæ цæргæ дæр уымæн кодтой, адæм та йæ Зджы- ды Рæсугъд хуыдтой. Зджыды Рæсугъдæн йæ мад æмæ йæ фыд амардысты, йæхæдæг Æрхы Мæсьгджы цæргæйæ баззад. Сæрхызт адæймаг уыдис чызг, нæдæр æмгар сгæрста, нæдæр хъæл- дзæгдзинад агуырдта чындзæхсæвты, цины миты. Фæлæ кæд йæхи ни- кæмæ æвдыста, адæмы æхсæнмæ кæд æмæ никæд цыдис, уæддæр йæ рæсугъддзинад нæ басусæг. Уынджытæ йæ цæуылнæ фæцадаид йæ сыхæгтæй, хъæубæстæй, — æмæ цадæггай йæ рæсугъды кой кæмтты, сыхаг бæстæты айхъуыст. «Дун-дунетыл дæр ахæм рæсугъд нал разындзæн, æвæццæгæн æвзæргæ дæр нал ракæндзæн», — дзырдтой адæм. Æмæ йæ курджытæ оарæх сты. Канд лæппулæгтæ нæ, фæлæ ас лæгтæ, зæрæдтæ дæр ыл дзурын байдыдтой, кæд, миййаг, сæ искæйы хай фæуаид. Фæлæ адæмы хæрзæджытæй йæхи никæмæн аккаг кодта Зджыды Рæсугъд. Уæд иуахæмы усгуртæ, цыма иумæ дзырдгонд уыдысты, уыйау уыцы иу рæстæджы Æрхы Мæсыджы раз стыр фæзы æрæмбырд сты: хъуамæ сæ хъару, сæ лæджыхъæд бавзарой, кæд, миййаг, исчи йæ зæрдæмæ бацæуид, æмæ йæм чындзы дæр фæцæуид. Æвзаргæ фæсивæд уыд ацы ран алы бæстæй, алы кæмттæй, Кæсае- гæй зæгъай, Имеретæй, Дыгургомæй æмæ æндæр рæттæй. Зджыды Рæсугвды кой суанг Азийы бæстæм дæр айхъуыст. Уьщы р>ан Сарийы иу оариаг баздæхт, æмæ рараст вæййы Зджыд- мæ. «Комгæ дæр мын нæ бакæндзæн, кургæ дæр æй нæ кæнын, фæлæ уыцы номдзыд рæсугъды мæ иу цæстæй уæддæр фенон, кæннод мæрд- ты бæсты дыккаг мард кæндзынæн», дзырдта сариаг. 107
Æмæ уый дæр Æрхы Мæсыджы раз стыр фæзмæ æрбацыд, йæ уæ- лæ урс нымæтæй куырæтгонд, рæтыд фæсмынæй йыл рон, йæ сæрыл хæлын худ, йæ къæхтыл сæгъдзармæй æрчъитæ, сæныкдзармæй — зæнгæйттæ. — Мæнæ ма ныл иу усгур æрбафтыд! — худтысты хъал фæси- вæд. — Дæхи нæм хæстæгдæр æрбалас! Æмæ уыцы ран утæппæт фæсивæд, дунейы хъалтæ, æвзарынтæ байдыдтой сæ лæджыхъæд. Райдианы сын бацайдагъ кафт, симд. Стыр фæзы рыг калди мигъы къуымбилау. Кафт фесты хъал фæсивæд — Зджыды Рæсугъды курджытæ. Уæд хатынц сариаг урс куырæтджын- мæ дæр: — Скаф ды дæр, уазæг, ныр та дæ рад у. — Мæ хъару равдисинаг дæн æз дæр, хорз адæм, — загъта сæгъ- дзармæрчъиджын. Æмæ кафынтæ байдыдта, — адæм æм кæрæдзийы уæхсчыты сæр- ты кæсынтыл фесты. Хъæубæстæ йæм фезгъордтой алырдыгæй. — Амæй аивдæр скафæн нал ис, — загътой дзыллæтæй иутæ. — Амбылдта йæ кафтæй, — загътой аннæтæ. Æмæ байдыдтой зарын. Фæзарыдысты хъалтæ. Куыннæ дзы разындаид хъæлæсджынтæ, аив зарджытæ! Фæлæ та мæнæ ралæууыд хæлынхудджыны рад дæр. Æмæ байгом кодта йæ хъæлæс. Хъусынтыл æм фесты фæсивæд стыр фæзы, хъусынц æм цыппæркъахыг фос, сырдтæ, мæргътæ, суанг ма йæм хæхтæ дæр æрыхъуыстой. Аив зарæг айзæлыди кæмтты, фæхсты, къæ- дзæхты сæрты. Æмæ та загътой хъусджытæ: — Зарынæй дæр амбылдта сариаг усгур. Уæд сæхи æвзарын байдыдтой дзырдарæхстæй, зондæй. Тæрхоны æрбадтысты усгур хъал фæсивæд, тæрхоны бацыдысты ас лæгтæ, зæрæдтæ дæр. Рабæрæг се ’хсæн бирæтæ, иттæг хорз чи арæхст дзурынмæ, цыргъæвзаг, арф зонды хицау чи уыди. Фæлæ дын дзурынтæ систа фæсмынронджын, — дзыллæ йæм хъусынæй нал æф- сæстысты, хæлиудзыхæй йæм кастысты, афтæ адджын уыд йæ дзыхы ныхас. Æмæ та адæм иу лæджы хуызæн сдзырдтой: — Ай хуызæн дзургæ никуы æрцыди, ахæм раст тæрхон никæд ничи скодта. Тæрхонæй дæр та амбылдта сариаг. Уæд æм Æрхы Мæсыджы бадæг Зджыды Рæсугъд йæхи равдыста мæсыгæй æмæ йæм æрдзырдта: — Уазæг, æрбацу мæсыгмæ хæстæгдæр, дæ фæсонтæ ацырдæм раздах. 108
Уазæг Æрхы Мæсыгмæ йæхи бахæстæг кодта, йæ фæсонтæ раздæх- та Зджыды Рæсугъдмæ. Уыцы ран ын Зджыды Рæсугъд йæ фæсонтыл мæй æмæ хуры ныв ацарæзта, стæй йæм æрдзырдта: — Дæлæ уал мæ уазæгдонмæ бацу, исты дæ дзыхмæ схæсс, дæ фæллад дæр суадз, — дардæй фæцыдтæ. Хъал фæсивæд бамбæрстой, Зджыды Рæсугъд йæхицæн кæй рав- зæрста æрчъиджыны, æмæ уæнтæхъил, сæргуыбырæй сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Сариаг æмæ Зджыды Рæсугъд та лæг æмæ усæй æрцардысты Æр- хы Мæсыджы. Бирæ афонтæ нæма рацыд, афтæ Зджьгды Рæсугъд фæрынчын æмæ æрсад йæ хуыссæны. йæ лæг сагъæсы бацыд, æмризæджы ризы, йæ рæсугъд, йæ номдзыд æфсиныл, миййаг, исты куы æрцæуа. Хосгæрдæнтæ ралæууыдысты. Зджыды хъæубæстæ сæхи барæвдз кодтой фæззæджы куыстытæм. Фидиуæг ныхъхъæр кодта: — Сом бон хъæубæстæ хæдзарæн лæгæй Æхсынцъыйагмæ хосгæр- дынмæ цæуынц, æмæ, чи нæ рацæуа, уый уыдзæни иваргонд, йæ гал ын хъæугуывдæн æргæвддзысты. Авдыссæдз хæдзарæй нудæс æмæ æхсæзыссæдз хосдзауы фæсæф- цæг Æхсынцъыйаг уыгæрдæнмæ араст сты æд кусæнгæрзтæ, æд хæри- наг, æд нозт. Зджыды Рæсугъды сæры хицау йæхи бафæстиат кодта йæ рынчын бинойнагмæ фæкæсыны тыххæй. Уæд рынчын дзуры йæ сæры хицаумæ: — Хъæубæстæ хæдзарæн лæгæй Æхсынцъыйаг уыгæрдæнмæ араст сты хос кæрдынмæ. Æрмæст мах хæдзарæй нæ ацыди лæг. Æмæ дæ- уæй уый куы нæ ацæуа, уæд нын иуæй нæ гал аргæвддзысты, иннæ- мæй, — æфсæрмы бынаты баззайдзыстæм адæмы æхсæн. — Æмæ уæд дæу кæй æвджид ныууадзон? Фæлтау нын нæ гал, нæ фос иууылдæр бахæрæнт, уæддæр æз дæу иунæгæй ныууадзинаг нæ дæн. — Мæнæн дæр мæ ныхыл фыст цы фæци, уый æййафдзынæн, æнæ адзал мæлæт нæй, адзалæн та мадзал нæй, фæлидзæн дзы никæдæм ис. Лæг ницыуал загъта. Йæ цæвæг, йæ хардз йе ’ккой, афтæмæй уый дæр æрæджиау араст, рынчынмæ йæ зæрдæ æхсайгæйæ. Æрталынгтæ, афтæ Æхсынцъыйагмæ бахæццæ. Тарф фынæйæ хуыссынц фæллад хос- дзаутæ, — иуæй-иутæн дзы сæ хуыр-хуыр цæуы. Зджыды Рæсугъды лæг баздæхт æмæ йæ хæрд, йæ нозт бафснайдта, ходон ссонæй хуыскъцыргъ скодта йæ цæвæг æмæ уыгæрдæны кæрон æрлæууыд. Кæрдынтæ байдайы, кæрдынтæ! Мæйрухс боны хуызæн, æмæ сæудармæ йæхиуыл кæм бацауæрс- таид зæрдæрыст хосдзау! Хурты хурзæрин нæ хæхты бæрзæндтæ йæ сызгъæрин тынтæй куыд 109
ныццæвы, афтæ уый дæр карсты кæрон йæ цæвæг æрсадзы, кæрдæг йæ быны лыстæнæн æркæны, афтæмæй йæхи æруадзы, нымæтæй йæхи бамбæрзы. Хосдзаутæ иугай-дыгай хъал кæнынц. Кæсынц, æмæ — диссæгтæ- æрдхæрæнтæ. Сæ карсты фарсмæ ноджы иу ахæм карст Æхсынцъыйаг уыгæрдæнæй. — Оххай! Ай та ма уæд цавæр диссаг уа? Уæдæ зæдтæ æмæ дау- джытæ уыдаиккой, æмæ уыдон цæвджытимæ афтæ куы нæ арæхсынц, кусгæ дæр куы нæ кæнынц, æрмæст фæллойгæнджыты хус смагæй куы цæрынц. Уæдæ дæлимонтæ дæр нæ уыдзысты, фыдбылызæй фæстæмæ уыдон дæр мæгуыр лæгæн никуы ницы æххуыс фесты. Уæд сæ иу чидæр уыгæрдæны кæронмæ фæкаст, цæвæг æмæ дзы нымæт ауыдта. — Цыдæриддæр у, уæддæр уыцы цæвæджы хицау уыдзæн не ’нæзонгæ зиууон. Цымæ чи уа? Базонын æй хъæуы. Иугæйттæй сæ ныфс нæ хастой æмæ ссæдзæй багуппар вæййынц, аивæй йæм фæхъуызынц, тæрсгæ-ризгæйæ. Уыцы хъавгæйæ нымæты кæрон сисынмæ сæ ныфс бахастой. Кæсынц: Рæсугъды лæг. Фырци- нæй йæ райхъал кæнынц, сæ бынатмæ йæ æрхонынц, хорз æй фенынц, уый фæстæ йæм хатынц: «Æхсæны куыстæй дыл цы æмбæлд, уымæй сæдæ хатты фылдæр бакодтай, махæн не ’ппæтæн цы бантыст, уыйбæрц дæуæн иунæгæй бантыст. Ныр дæ курæг стæм, æмæ фæстæмæ хъæумæ аздæх, дæ рын- чын иунæг у, æмæ йæм фæкæс. Дæхи фæндиаг дын уæд. Мах ацы ран Æхсынцъыйаджы нæ куыстытæ бакæндзыстæм, карст бассивдзыстæм, мæкъуылтæ самайдзыстæм». Арфæ ракодта, йæ цæвæг йе ’ккой баппары, йæхæдæг араст вæй- йы тындзгæ йæ хæдзармæ. Цæуы, цæуы, æмæ, Хъивоны æфцæгмæ куы схæццæ, уæд фæрсы рæгъаугæсты: — Зджыды Рæсугъдæй цы базыдтаиккат? — Æртарф и, — загътой рæгъаугæстæ. Цæуы дарддæр æмæ Дзæбидыры хохы сæрмæ æрбахæццæ. Уыцы ран фæрсы хъомгæсты: — Зджыды Рæсугъдæй цы хъусут? — Ахъаззаг нал у, — загътой хъомгæстæ. Араст та ис Дзæбидыры хохы сæрæй дæр æмæ Хъивоны Дуармæ бахæццæ. Ацы ран ын родгæстæ загътой: — Рухсаг уæд! Зджыды Рæсугъд йæ дунейæ ахицæн. Лæг уый куы фехъуыста, уæд цæвæгæй цæвæгхъæд феппæрста æмæ дзы йæ сæр хойын байдыдта, афтæмæй фæцæуы. Кæртмæ куы бахызт, уæд ын дзыллæ тæфæрфæс ракодтой. Лæг кæсы, æмæ иукъорд адæймаджы чырьин аразынц иунæг адæймагæн. 110
— Æнæхъиамæт ут, уæ фæллойæн уьш хуыдау баххуыс кæнæд, фæлæ мæ уæ хорзæх уæд, чырын дыууæйы фаг скæнут. Æз мæхицæн цæрын аккаг нал кæнын. Чырын дыууæйы фаг скодтой, Зджыды Рæсугъды мард дзы ны- вæрдтой æмæ йæ зæпнадзы бавæрдтой. Лæг цыппар мыдадзын цырагъы зæппадзмæ бахаста, чырыны фи* сынтыл сæ æрсагъта, йæхæдæг чырыны æрбынат кодта æмæ кæуынтæ, æрдиаг байдыдта йæ зынаргъ æфсин Зджыды Рæсугъдыл. Мæствæлладæй арæдзæ-мæдзæ кодтаид, ^афтæ, дьш, мæнæ иу калм кæцæйдæр фæзынди, фæзынд æмæ мардæн йæ зæнджы хæцъæф хæрын- мæ бавнæлдта. Лæг хъама фелвæста æмæ дзы калмы дыууæ дихы фæ- кодта. Калмæн йæ сæрырдыгæй хай цыдæр æрбаци, фæлæ уайтагъд фæстæмæ æрбахылд. Йæ дзыхы урс фæрдыг, афтæмæй дыууæ лыджы кæрæдзимæ ацарæзта, урс фæрдыгæй сæ расæрфта, æмæ калм, цы уыди, уый фестад фæстæмæ. Лæг, дын, ыл йæхи ньшдавта, калм фæ- тарст æмæ йæ сæр йæ кой фæцис, фæрдыг зæппадзы аззади. «Ацы калм кæмæй сдзæбæх, кæмæй сног, уый ме ’фсины мардæн дæр хъуамæ хосæн сбæзза», — загъта лæг йæхинымæр æмæ урс фæр- дыг мардыл куы иуырдæм, куы иннæрдæм æрсæрфы. Мард, дын, æры- хъал æмæ дзуры: — Оф, оф! Цæй бирæ фæхуыссыдтæн! — Дзæбæх хуыстæй нæ хуыссыдтæ, нæхион, — сдзырдта лæг. Зджыды Рæсугъдæн йæ рынчын, йæ тухитæ йæ зæрдыл æрба- лæууыдысты. Лæг æмæ усы цинæн кæрон нал уыди. Зæппадзы рæзты цæуы хъæдмæ фæндаг, æмæ йæм хъæддзаутæ куы баввахс сты, уæд джихтæ кæнын байдыдтой: «Диссаг та куыд нæ у, знон Зджыды Рæсугъды бавæрдтам, абон та дзы хъазын æмæ ху- дын цæуы». Бакастысты зæппадзмæ: Зджыды Рæсугъд æмæ дзы йæ сæры- хицау кæрæдзиуыл цинтæ кæнынц. Хъæддзаутæ дæр сыл куыд нæ ба- цин кодтаиккой! Рахуыдтой сæ хъæумæ, æмæ фæндагыл сæ урс фæр- дыг ахауд. Хъæубæстæ куывд сарæзтой, иннæ абонæй дзы иннæ абонмæ мина- сы фæбадтысты, заргæйæ, кафгæйæ, симгæйæ. Зджыды Рæсугъдæн æмæ йæ сæрыхицауæн зæнæг рацыд, бирæ фæцардысты кад æмæ радæй. Урс фæрдыджы кой Персы шахмæ байхъуысти. Уый æфсæдтæ рарвыста. Зджыды зæхх, урс фæрдыг кæм ахауд, уыцы ран сыхырнайæ балуæрстой, фæлæ фæрдыг нал фæзынд. Æфсæдтæ цы ран балуæрстой, уыцы ран абон дæр хонынц «Луæрс- тытæ».
<^^х^<^<^<^^^ ДЫУУÆ ÆФСЫМÆРЫ Раджыма-раджыма царди дыууæ æфсымæры. Сæ иу уыди раст кусæг лæг, иннæ гæдыдзураг лæг. Раст лæг-иу бæлвырд ныхæстæ куы ракодта ныхасы бад- джыты æхсæн, уæддæр никæй уырныдтой. Фæлæ-иу гæдыдзураг лæг йæ гæды ныхæстæ куы фæкодта, уæддæр-иу сæ уырныдтой. Æмæ иу бон куы уыд, уæд раст лæгмæ хъыг æркасти, æмæ загъта: — Диссаг нæу мæ диссаг?! Æз раст ныхæстæ куы фæзæгъын, уæд- дæр адæмы нæ уырнынц, фæлæ сæ ме ’фсымæры гæды ныхæстæ уыр- нынц. Ныр æз дæр хъуамæ ацæуон ныхасы бадæг адæммæ, гæды ны- хæстæ сын фæкæнон, æмæ сæ кæд бауырниккой. Гæдыдзураг æфсымæр ын загъта: — Ды гæды дзурын нæ базондзынæ, æмæ дæ ныхас никæй бауырн- дзæн. Раст лæг фырмæстæй фестад, ацыд ныхасмæ, адæммæ æмæ сын загъта: — Æз авдхаххон хъыримаг иу нæмыгæй сифтыгътон, фехстон дзы иу сычъи, æмæ йæ къах дæр фæцæф, æмæ йæ хъус дæр. Уæд ын ныхасы бадджытæ загътой: — Бауырнинаг нæу дæ дзырд æппындæр: иу нæмыг сычъийæн йæ къахыл куы сæмбæла, уæд ма йæ хъусыл чердæм сæмбæлдзæн?! Ахæм гæды ныхæстæ мах цур ма кæн. Раст лæг фæстæмæ раздæхт æмæ йæ гæдыдзураг æфсымæрæн загъта: — Нæй, нæ та сæ бауырныдта мæ дзырд. Уæд ын йе ’фсымæр загъта: — Уæдæ ма гъе ныр фæкæс, кæддæра сын æз дæ дзырдтæ нæ, бауырнын кæнин! Ацыд гæды лæг ныхасы адæммæ æмæ сын загъта: — Абон ме ’фсымæры дзырд сьгмах цæй тыххæй нæ бауырныдта? 112
— Гæды ныхас кодта, æмæ нæ куыд бауырныдтаид! — загътой адæм. — Иу нæмыг кæд сычъийæн йæ хъусыл сæмбæлди, уæд ма йæ къахыл чердæм сæмбæлдаид? Гæды лæг сын загъта: — Ме ’фсымæр бæлвырд ныхæстæ кодта. Сычъи йæ къахæй йæ хъус ныхта, афтæмæй йæ фехста, æмæ нæмыг къахыл дæр сæмбæлди æмæ хъусыл дæр. Адæмы бауырныдта, уæдæ цы, æмæ загътой: — Уый уыдаид. Уæд бацыд гæды лæг йе ’фсымæрмæ æмæ йын загъта: — Ды раст кусæг лæг дæ, гæды ныхæстыл фæлтæрд нæ дæ. Æмæ растæй баззай. Æз дæн хæтæг лæг, æмæ гæды æмæ фæлывд ныхæс- тæ кæнын та мæ бар уадз. 3 Ирон адæмы эргъæуттæ
(•А^цгх^^хфх^^^ МÆГУЫР УС ÆМÆ ЛÆГ Раджыма-раджы цардысты ус æмæ лæг. Чысыл фæцардысты, би- рæ, уæддæр ус мæлыны къахыл æрлæууыди æмæ йæ лæгмæ дзуры: — Æз мæлын, фæлæ-иу бурхил æмæ цъæхдзаст ус ма ракур. Ус амарди. Бирæ фæцард, чысыл фæцард лæг æнæ усæй, чи йæ зоны. Фæлæ уæддæр ус курын куы сфæнд кодта, уæд хъуыддаг афтæ рауад, æмæ ракуырдта цъæхдзаст æмæ бурхил ус. Лæг, йæ фыццаг усæй йын цы чызг баззад, уый тынг бирæ уарзта. Ног усмæ уый тынг хъыг каст, æмæ алы бон дæр загъд кодта чызгимæ, алы фыдтæ йыл мысыди. Иæхицæн сывæллон уыд, рынчын сывæл- лон, æмæ бони-бон дзырдта йæ лæгæн: — Уый дæ кæлæнгæнæг чызджы аххос у, йæ цæст нæ сывæллонæн нæ бæззы. Лæг йæ чызджы уыйбæрц бирæ уарзта, æмæ йæ усы ардауæн ны- хæстæ фыццаг ницæмæ дардта. Фæлæ æппынфæстаг мæгуыр лæг дæр сфæлмæцыд. Иу бон йæ чызджы сбадын кодта уæрдоны, æмæ фæцы- дысты дард, стыр хъæдмæ. Чызджы уым уагъта лæг, уый та йын ком- гæ нæ кодта: уæрдоныл-иу фæсте ныххæцыдис. Уæддæр æй ныууагъ- та хъæды. Чызг баззад иунæгæй, æмæ йæ кæуын, йæ тæригъæдæй тар хъæд ноджы тынгдæр ныттар ис. Райсомæй хур куы скаст, уæд чызг къутæры бын, хъарммæ æрфы- нæй. Уыцы рæстæг иу æлдары фырт йæ зæрдæйы дзæбæхæн йæ фæс- дзæуинимæ ацыди цуаны æмæ бахæццæ сты, чызг кæм уыд, уыцы ран- мæ. Чызг афтæ рæсугъд уыд, æмæ йæ сæрыхъуын æмæ йæ цæсгом хуры рухсмæ æрттывдтытæ калдтой. Æлдары фырт æй куы ауыдта, уæд ныддис кодта æмæ йæм хæстæг бацыди. 114
Ныккасти йæм, æмæ чызг фынæй кæны, йæ къухтæ фыркатайæ цъæррæмыхстытæ, æмæ сæ туг мызти. Чызг тынг фæцыд æлдары фырты зæрдæмæ. Райхъал æй кодта æмæ йæ бафарста: — Чи дæ, цы дæ? Ам цæмæн хуыссыс къутæры бын? Чызг ын йæ хабæрттæ уынгæг хъæлæсæй æмæ ставд цæссыг кал- гæйæ фæдзырдта. Лæппу фæстæмæ сæхимæ ацыд æмæ, цы федта, уый йæ фыдæн ра- дзырдта. — Искуы дзæгъæл чызджытæй фылдæр цы ис! — загъта æлдар. — Дзæгъæл чызг нæу. Фæлæ йæ ракурæм, — загъта фырт. Æлдар йæ фыртыл йæ къæхтæ сцагъта, уый никуы уыдзæн, зæгъгæ. Фæлæ фырт фидар лæууыд йæ фæндыл: — Уыцы чызджы мын куы нæ ракурай, уæд мæхи дæр амардзы- кæн. Цы гæнæн ма уыд æлдарæн! Иæ саузæрдæйы хъуыдытæ йæ фыр- тæн «е ’схъæр кодта, фæлæ дзыхæй сразы. Ацыдьксты æмæ æркодтой чызджы, иннабонæй-иннабонмæ фæ- чындзæхсæв кодтой. Иу чысыл куы ацардысты, уæд лæппу ацыд дард балцы кæдæм- дæр æмæ йæ фыдæн бафæдзæхста, усæн исты куы райгуыра, уæд мæм хъусын кæн, зæгъгæ. Цас рæстæг рацыд, чи зоны, фæлæ чызгæн райгуырди сызгъæрин сæрыхъуын лæппу, сызгъæрин æрфгуытимæ. Æлдар ныффыста гæххæтт æмæ йæ арвыста йæ æххуырстæн. Æххуырст ацыд, изæры йыл бата- льгнг, æмæ бацыд иу хæдзармæ. Хорз æй куы суазæг кодтой, уæд æй бафарстой, æмæ сын ра- дзырдта: — Не ’лдары фыртæн райгуырд сызгъæрин сæрыхъуын лæппу, æмæ йæм ныр æз цæуын, хæссын æм гæххæтт. Уыцы лæг цы хæдзары æрæхсæвиуат кодта, уый уыд чызджы фыды хæдзар. Афтæмæй йæ ус базыдта. Фысымтæ уазæгимæ æхсæвæр бахордтой æмæ схуыссыдысты. Уазæг куы бафынæй, уæд ус сыстади, уазæджы дзыппæй гæххæтт систа æмæ йæ куы бакаст, уæд æй аскъуыдтæ кодта æмæ ныффыста ахæм гæххæтт: «Дæ усæн райгуырди залиаг калм, æмæ нæ хæры». Райсомæй уазæг сыстад æмæ йæ фæндагыл ацыд. Æлдары æххуырст ныххæццæ лæппумæ æмæ йæм радта гæххæтт. Уый йæ куы бакаст, уæд йæ цæссыг хуыр згъæлæгау кæлы, æмæ уын- гæг зæрдæйæ ныууынæргъы. Лæппу ныффыста: 115
«Мæ фыд, стыр зæрдиагæй дæ курын: кæд уæ иууыл хæры, уæд- дæр, цалынмæ æз цæуон, уæдмæ йын куыд ницы кæнай, афтæ». Раздæхти фæстæмæ æххуырст æмæ рахаста гæххæтт. Æрæхсæви- уат та кодта йæ фыццаг фысымтæм. Æхсæвы куы схуыссыдысты, уæд ус уазæджы дзыппæй систа гæххæтт, аскъуыдтæ йæ кодта æмæ та ныффыста: «Мæ фыд, уым æй куыднæуал ныййафон, афтæ бакæн. Цы йын райгуырд, уыимæ йæ удæгасæй баныгæн». Уазæг райсомæй сыстад, йæ бæхыл сбадт æмæ араст и. Æлдары галуантæм куы бахæццæ, уæд æлдар гæххæтт бакаст æмæ ныууынæргъыдта: «Цæмæ бæллыдтæн, уый мыл æрцыди, — уæд- дæр мæ нæ фæндыд мæ галуантæм кæйдæр дзæгъæлзад чызг уа- дзын». Дзыхæй та загъта: — Цы гæнæн ис, мæ фырты дзырдыл уæлдай зæгъын мæ бон нæу. йæ сæр ын ралыг кæнын хъæуы. Æлдар арвыста æртæ æххуырсты æмæ сын скъахын кодта ингæн йæ чьгндз æмæ йæ сывæллонæн, стæй сын загъта: — Иæ сæр ын ралыг кæнут æмæ йæ уæрмы баныгæнут йæ сывæл- лонимæ. Ныр чызг ницы зоны. Бацыдысты æххуырстытæ æмæ йын радзырдтой хабар. Æлдар та авд ныккæнды бынмæ ныххызти, чызг æмæ сывæллоны цæмæй ма фена, уый тыххæй. Рахизын кодтой чызджы авд æддæгуæлæйы сæрæй, æмæ ныррухс и бæстæ, хур та талынг стъæлфæнтæ калы чызджы тæригъæдæй. Æлдары фæсдзæуинтæ акодтой сызгъæриндзыкку чызджы æмæ йын хъуамæ йæ сæр ралыг кодтаиккой æмæ йæ баныгæдтаиккой удæга- сæй йæ сывæллонимæ. Фæлæ уыдон йæ тæригъæды нæ бацыдысты: йæ къухтæ йын ралыг кодтой æмæ йæ ауагътой йæ сывæллонимæ, кæдæм дæ фæнды, уырдæм ацу, æрмæст мах ма схъæр кæн, кæннод нын æл- дар нæ сæртæ акъуырдзæн, зæгъгæ. Чызг йæ сывæллонимæ араст и. Цæугæ бæргæ кодта, фæлæ кæдæм цыдис, уымæн ницы зыдта. Бирæ фæцыд, чысыл фæцьгд, уæддæр ба- хæццæ иу донмæ. Дойны йын уыд, æмæ донмæ æрæвнæлдта йæ дзы- хæй. Афтæмæй йæ сывæллон доны ныххаудта. Сывæллонмæ куыд февнæлдта, афтæ йæ къухтæ уыцы донæй айгас сты. Сызгъæриндзыкку чызг уырдыгæй ахызт зæрдæдзæбæхæй. Уæдмæ йæ сызгъæрин лæппу дæр къахæй цæуын байдыдта, æмæ йын уый та уæлдай цины хос уыд. Мад æмæ лæппу дарддæр араст сты, фæлæ кæдæм, уый сæхæдæг дæр нæ зыдтой. Цæуынц, цæуынц иумæ, æмæ сæ рухсæй бæстæ рухс кæны. Ных- 116
хæццæ сты иу хæдзармæ, æмæ уым æрæхсæвиуат кодтой. Уыцы хæдза- ры ма уыди ноджыдæр иу уазæг лæг. Фысым æмæ уазæг кæм бадтысты, уырдæм бацыди сывæллон дæр. Фысым æмæ уазæг сæ кæрæдзийæн дзурынц: «Тæхуды, ды кæй дæ!» Уæд сывæллон бахудт. Бадынц лæгтæ æмæ ныхас кæнынц. Бирæ куы фæныхас кодтой, уæд сæ чысыл лæппу ныхасы бар ракуырдта æмæ сын загъта: — Æз дзурдзынæн æмæ, цалынмæ мæ ныхас фæуа, уæдмæ мæм æнæ сдзургæйæ куыд хъусат, афтæ. — Хорз, — сразы сты уазæг æмæ фысым. Лæппу загъта: — Иу ус æмæ иу лæгæн уыд иу чызг. Чызгæн йæ мад амард æмæ йæ фыд дыккаг ус æрхаста. Ус нæ уарзта чызджы, æмæ архайдта, цæмæй йæ йæ фыд искуыдæм фесæфтаид, ууыл. Мæгуыр лæг фыдсы- лæй нал фæрæзта, сфæлмæцыд, æмæ йæ чызджы дард ранмæ аласта, сау хъæдмæ, æмæ йæ уым ныууагъта. Иу бон æлдары фырт цуаны рацыд, æмæ чызджы уыцы хъæды ссардта; тынг æй бауарзта æмæ йæ ракуырдта. Иучысыл куы ацар- дысты, уæд лæппу дард балцы ацыд æмæ балцы цæугæйæ, йæ фыдæн загъта: «Мæ фыд, æз цæуьш, фæлæ мæ усæн исты куы райгуыра, уæд мын тагъд фехъусын кæн». Уый фæстæ чызгæн райгуырди мæ хуызæн лæппу — сызгъæринхил æмæ сызгъæринæрфгуытæ лæппу. Æлдар ныффыста йæ фыртмæ: «Сызгъæрин лæппу райгуырди дæ усæн, æмæ тагъд куыд æрцæуай». Гæххæттимæ арвыста йæ æххуырсты. Уый ацы хæдзары æхсæвиуат кодта. Æхсæвы куы схуыссыдысты, уæд ус æлдары фыст гæххæтт аскъуыдтæ кодта æмæ æндæр гæххæтт ныф- фыста: «Тагъд куыд æрхæццæ уай, дæ усæн залиаг калм райгуырди æмæ нæ хæры». Лæппу уыцы гæххæтт куы бакаст, уæд йæ цæссыг хуыр згъæлæгау æркалди, æмæ уынгæг уынæргъд кодта. Æлдары фырт йæ фыдмæ ныффыста: «Мæ фыд, цалынмæ æз цæуон, уæдмæ йын куыд ницы кæнай, афтæ». Рахаста уыцы гæххæтт æххуырст æмæ æрцыд ацы хæдзармæ. Ус æй базыдта æмæ та, æлдары фырт цы гæххæтт ныффыс- та, уый аскъуыдтæ кодта æмæ йæ бæсты ныффыста: «Цы йын рай- гуырди, уыимæ йæ удæгасæй баныгæн, æз æй куыд нал ныййафон, аф- тæ», зæгъгæ. Æлдар уый куы бакаст, уæд йæ æххуырстыты арвыста, усæн йæ сæр ралыг кæнут, стæй скъахут ингæн æмæ йæ уым баны- гæнут йæ сывæллонимæ, зæгъгæ. Æххуырстытæ сæ тæригъæды нæ ба- цыдысты, усæн йæ къухтæ ралыг кодтой æмæ сæ афтæмæй ауагътой. Чызг ацыд æмæ иу донмæ бахæццæ. Сдойны æмæ донмæ цæвнæлдта, афтæмæй йæ сывæллон доны ныххаудта. Сывæллонмæ февнæлдта, æмæ йæ къухтæ адзæбæх сты. Уырдыгæй ацыд æмæ ныртæккæ ам ба- ды, уæртæ фаллаг уаты. 117
Цальгнмæ лæппу уыцы хабæрттæ кодта, уæдмæ уазæг æмæ фысы- мы дзыхæй иу дзырд дæр не ’схауд. Фæлæ лæппу йæ ныхас куы фæци, уæд æй иумæ бафарстой: — Цæмæй сæ зоныс уыцы хабæрттæ, нырма чысыл куы дæ, уæд? Лæппу загъта: — Зонын сæ; сымах чи стут, уый дæр зонын. Уазæг у мæ фыд, ды та дæ мæ мады фыд. Чысыл лæппу кафгæ ацыд æмæ йæ мады æрбакодта. Æлдары фырт йæ усы базыдта. Мæгуыр лæг дæр йæ чызджы ба- зыдта. Кæм ма уыд сæ цинтæн кæрон! Стæй лæг сыстад, уатæй рацыдис æмæ йæ фыд-зæрдæ усы йæ хæдзарæй атардта. йæхæдæг йе ’сиахс, йæ чызг æмæ йæ сызгъæринхил æмæ сызгъæринæрфыг хæрæфыртимæ стыр куывд скодтой.
Ъ&&*&*&*!&№&^ ФЫДЫУС ÆМÆ ДЫУУÆ ÆФСЫМÆРЫ Цардысты ус æмæ лæг Нарты хъæуы; рацыди сын зæнæг. Иу рæстæджы сабитæн сæ мад амарди, æмæ сидзæрæй баз- задысты. Лæг дыккаг ус æрхаста, æмæ сидзæртæ цæрынгæйт- тæй хъазын байдыдтой сæ фыдыусимæ. Сабитæ фæхъомыл сты, куыстхъом фесты. Уалынмæ сæ фыд дæр амарди. Сæ фыд сæ куыстахуыр куыд скодта, уымæ гæсгæ лæппутæ цудын ницæмæй бауагътой хæдзар, уый нæ, фæлæ сæ цæрæн фадæттæ хуыздæрæй-хуыздæр кодтой, сæ исыл фылдæрæй-фылдæр æфтыди. Цæрынц, цæрынц, æмæ сæ фыдыусимæ лæгъз нал цæуы сæ хъуыд- даг: нал фидауынц, загъд кæнынц алы бон. Уæд фыдыус ныхъхъуыды кодта æмæ загъта йæхицæн: «Цæй, æмæ сын афтæ бакæнон, цæмæй сæ быны бындуртæ бахæ- рой, фырмæгуырæй азмæлын дæр куыд нал фæразой, афтæ». Спарахат кодта хæдзары ис фыдыус: фæстæмæ ницæуылуал хæцы, нал ауæрды, æвæрæн нал кæны. Алы бон дæр лæппутæн — хорз хæри- наг, хорз нозт. — Ахæрут, мæ хуртæ, уæ нана уæ сæрыл хаст фæуа. Дунейы цард дыууæ боны: цы адарæм, цы ахæрæм, уый нæхи, иннæ кæй фæнды уæд, — ахæм лæгъз æвзагæй дзурын байдыдта фыдыус. Фæлæ усы фæнд фæмæнг и: фыддæр æнхъæл сын хуыздæрæн фæци. Цæйбæрц хуыздæр хордтой, цæйбæрц сæм хуыздæр касти гуы- быны хардзæй фыдыус, уыйбæрц æнæзивæгдæр, тыхджындæр кусын байдыдтой сидзæртæ æмæ бæрæг фæхъæздыгдæр сты. «Амæй ницы, — загъта фыдыус, — Чидæр йæ гацца былæй аппæрс- та, æмæ йын рувас æрцахста, — уыйау фæци мæ фæнд дæр. Цон æмæ къулыбадæг усы бафæрсон, кæд мын уый хуыздæр фæнд бацамонид». Къулыбадæг ус ын загъта: — Нæ фæмæгуыр уыдзысты ницæй тыххæй, цалынмæ хорз хæ- рой, минас кæной, цалынмæ сæ тых сæхимæ уа уыцы куыстуарзон фæ- сивæдæн, уалынмæ. 119
— Уæдæ? — Уæдæмæ сын цъенга къуымæл æмæ цъæгъгъæст кæрдзын дæтт: сæ тых рафтдзæн уадидæгæн дæр, кусын сæ бон нал уыдзæн. Кусынæн куы нал уой, уæд мæгуыр кæй кæндзысты, уый бамбарын, æвæццæ- гæн æмæ, дæ бон дæр бауыдзæн. Фыдыус уырдыгæй фæстæмæ сидзæрты хæссын байдыдта цъенга къуымæл æмæ цъæгъгъæст кæрдзынæй. Лæппутæн бæлвырдæй дæр сæ хъару асаст; нал фæрæзтой кусын, стæй афтæ смæгуыр сты, æмæ сæ къух сæ дзыхмæ схæссынхъом нал уыдысты. <&>
«агхфк&рф*»***^^^ зондджын усгур Иу лæппу усгур фæцæйцыди. Фæндагыл баиу ис иу зæронд лæги- мæ. Фæндаггон зæронд лæг æй бафарста: — Кæдæм цæуыс? Уый йын загъта: — Усгур цæуын. Дарддæр сæ фæндаг дарынц, æмæ сæ иу ран бахъуыд иу доныл ахизын. Доныл хид нæ уыд, æмæ лæппу зæрондмæ дзуры: — Кæнæ ды дæхи сæвæр хидæн, æмæ дыл æз ацæуон, кæнæ та æз хидæн мæхи сæвæрдзынæн, æмæ мыл ды ахиз. Зæронд лæгмæ уый хъыг фæкасти, æмæ не ’сразы, афтæмæй та фæцæуынц дарддæр. Иу хæрды сæ суайын хъуыд, æмæ лæппу зæронд лæгæн загъта: —■ Ацы хæрды мæ кæнæ ды схæсс, кæнæ дæ æз схæссон. Уый дæр та зæронд лæгмæ хъыг фæкаст, ома мæ мæстæй мары, зæгъгæ, æмæ не ’сразы. Ацыдысты та дарддæр, æмæ сыл баизæр ис. Иу хъæугæронмæ ба- цыдысты, æмæ лæппу зæронд лæгæн загъта: — Уæртæ хъæдмæ бацу æмæ мæм дыууæйæ раздæх, кæннод та æз бацæудзынæн. Уыцы ныхас дæр та зæронд лæджы зæрдæмæ нæ фæцыд, хъæдæй кæй ракæндзынæн æмбалæн, зæгъгæ. Лæппу ма йын уæддæр загъта: — Ацы хъæуы ис хъахъхъæнджытæ, æмæ сæ ныхмæ куы нæ фæ- лæууæм, уæд нæ бахæрдзысты, фæлæ æртæ куы уаиккам, уæд нын ницы кæниккой. Хъæумæ бахæццæ сты. Уыцы хъæуы зæронд лæгæн уыд йæ хæ- дзар, фæлæ лæппуйæн загъта: — Абондæргъы мæ мæстæй марыс, уый йедтæмæ дын бынат сса- рин. Фæлæ ныр цæугæ æмæ дæхицæн бынат ссар! 121
Æмæ ахицæн сты. Лæппу фысым агурæг ацыд, зæронд лæг та сæхимæ бараст и. Уымæн уыди иунæг чызг. Чызгмæ курджытæ цыди, фæлæ никæмæн куымдта. Зæронд лæг йæ хæдзармæ куы бацыди, уæд мæсты бадт æркодта æмæ загъта: — Иу æдылы æмбалимæ баиу дæн, æмæ мæ абондæргъы мæстæй фæмардта. Афтæмæй та йæхи усгур хоны, фæлæ уый хуызæн æдылы- йæн йæ чызг чи ратдзæн! Уæд æй чызг бафарста: — Куыд дæ мæстæй мардта? Фыд ын радзырдта: — Фæндагыл куы баиу стæм, уæд нæ доныл ахизын хъуыд, æмæ мын мæхи хидæн æвæрын кодта. — Æндæр ма дын цы дзырдта? — Хæрды фæцæйцыдыстæм, æмæ мын афтæ зæгъы: «Ацы хæрды, дам, дæ кæнæ æз схæсдзынæн, кæнæ мæ ды схæсс». Æз мæхи дæр куы нæ фæрæзтон, уæд ма уый куыд схастаин? Стæй та мæ хъæдмæ æр- выста: «Иуæй, дам, бацу æмæ, дам, дыууæйæ рацу, кæннод, дам, нын æмбал куы нæ уа, уæд хъæубæсты хъахъхъæнджытæ немæ схæц- дзысты!» Нæ хъæуы мидæг цæй тыхгæнæг ис, чи хъуамæ схæцы- даид немæ?! Уæд æй чызг бафарста: — Цы фæцис ныр уыцы бæлццон? Иæ фыд ын загъта: — Мæнæ хъæуы мидæг кæмæдæр бацыди. Уæд ын чызг афтæ: — Арвит æм æмæ йæ ардæм æркæнын кæ, уый æдылы нæ уыд. Иæ фыд та йын загъта: — Уый æдылы куы нæ уыдаид, уæд ма фæндагыл зæронд лæгæн ахæм ныхæстæ чындæуы? Уæд æм йæ чызг дзуры: — Мæнмæ гæсгæ, уыцы лæппу æдылы дæр нæ уыд æмæ къæйных дæр. Дæу хидæн куы æвæрын кодта, уæд дын афтæ зæгъынмæ хъа- выди: кæнæ æз раласдзынæн мæ дзауматæ, æмæ дæ ахæсдзынæн, куыд зæронд лæджы, кæнæ та ды. Иæхи дын хæрды куы хæссын кодта, уæд дын æмбарын кодта, ома, ахæм таурæгътæ ракæн, æмæ нæ хæрд куыд айрох уа. Хъæдмæ дæ куы æрвыста, уæд дын уымæй афтæ загъта: ба- цу æмæ лæдзæг ракæн æмæ йæ рахæсс. Ляедзæг хуыдта æмбал. Ома нæм хъæуы мидæг куитæ лæбурдзысты, æмæ сæ уыцы лæдзæгæй иргъæвдзыстæм. Чызг лæппуйы дзуаппытæ куы сыхæлдта, уæд зæронд лæджы зæр- дæмæ тынг фæцыдысты. Чызг ын загъта: 122
— Уыцы лæппумæ арвит, æз ма йæ дыууæ хъуыддагæй бафæрсон, æмæ сæ кæд сыхала, уæд мæ уымæн ратт. Зæронд лæг арвыста лæппуйы агурæг. Ссардтой йæ æмæ йæ æр- кодтой. Чызг лæппумæ дзуры: — Цы агурыс? Лæппу загъта: — Æз дæн усгур. — Æмæ кæй курыс? — Чи мыл барвæсса, уый. Æмæ йæ уæд чызг фæрсы: — Чи у дæ фыд? Лæппу загъта: — Арв æмæ уæлдæф. — Чи у дæ мад? — Дон æмæ сыджыт. Чызгæн йæ зæрдæмæ фæцыдысты лæппуйы дзуаппытæ, æмæ йын загъта: — Уæдæ дыл æз æрвæссын, æмæ иумæ бацæрæм. Зæронд лæг сын чындзæхсæв скодта, æмæ абон дæр ма дзæбæх цæрынц.
<Ф*и5Х^?<и?<Ф><и?й^^ МÆГУЫР ЛÆДЖЫ ФЫРТ ÆМÆ КÆРÆФ ÆЛДАР Цардысты æмæ уыдысты мæгуыр лæг æмæ ус. Уыдонæн уыдис æртæ лæппуйы. Бинонтæ сæ мæгуыр цардæй тынг сфæлмæцы- дысты. Уæд, дын, иухатт лæг сфæнд кодта йæ фыртты æххуырсты раттын. Иу бон дзы акодта иуы. Цæуынц, цæуынц, æмæ сыл фæндагыл амбæлдис иу æлдар. Уый сæ бафарста, кæдæм цæут, зæгъгæ. Лæг ын загъта: — Мæ фырты хъуамæ æххуырсты раттон. Æлдар ын уæд зæгъы: — Мæнмæ йæ ратт, æмæ йын æз алы бон дæр дæтдзынæн хæрд æмæ йыл кæндзынæн дарæс, афтæмæй мын мæ фос хизæд. Лæг ууыл не ’сразы, æмæ ацыдысты дарддæр. Цæуьш та райдыдтой, æмæ сыл фембæлд æндæр æлдар. Уый дæр сæ бафарста, кæдæм цæут, зæгъгæ. Лæг та йьгн загъта, мæ фырты æх- хуырсты дæттьш, зæгъгæ. Уæд ьгн аглдар зæгъы: — Мæнмæ йæ ратт. Хиздзæн мын мæ фос, дæтдзынæн ын алы бон дæр хæрд, кæндзынæн ыл дарæс æмæ йын æрвыл азы фæуды дæр бар дæтдзынæн: мæ кæрты æмбонды сæрты лыстæг фосæй йæ бон аппарын цы бауа, уыдон йæхи. Лæг сразы ис. Радта йæ лæппуйы уыцы æлдармæ. Лæг хæдзармæ рафардæг, лæппу райдыдта фиййауæй кусын. Æлдар ын лæвæрдта дарæс. Хæрын та йын кодта æрмæст иу гыццыл кæрдзыны къæбæр æмæ хъæдындзтæ. Лæппу мæллæг кæнын райдыдта. Афæдз куы æрцыд, уæд æлдар фиййауы йæ кæртмæ бакодта æмæ йын загъта, фосæй æм- бонды сæрты акал, дæ бон цас бауа, уыйбæрц, зæгъгæ. Лæппу тынг мæллæг кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ бон баци æрмæст æртæ фысы аппа- рын. Раокъæрдта йæ фыстæ, æмæ йыл фæндагыл иу мæгуыр лæг ам- бæлдис. Базыдта йæ, æлдармæ æххуырсты кæй уыдис, æмæ йын йæ афæдзы куыстæн æндæр кæй нæ радта, уый. 124
Уыцы лæг загъта: — Ацу фæстæмæ æлдармæ, баскъæр æм ацы фыстæ дæр æмæ йын зæгъ: «Ноджы ма дæм, зæгъ, иу афæдз хъуамæ бакусон». Уый та дын хæринагæн дæтдзæни хъæдындзтæ. Ды-иу сæ хæргæ ма кæн, фæлæ сæ æвæр, стæй дæ бон цы уа, уымæй сусæгæй дуц фысты. Хъæдындзтæ хæр æхсыримæ. Уæд стыхджын уыдзынæ, æмæ дæ бон бауыдзæн фыл- дæр фос ракалын кæрты сæрты. Лæппу йæ фыстимæ раздæхт, æмæ йын уыцы лæг куыд бацамыдта, афтæ загъта æлдарæн. Æлдар дæр та сразы ис. Лæппу ногæй райдыдта кусын. Уый алы бон дæр иста хъæдындзтæ æмæсæ æвæрдта хицæн ран. йæхæдæг сусæгæй фысты дыгъта æмæ цымдта æхсыр. Афтæмæй лæппу афæдзы бонмæ тынг схæрзхуыз, стых- джын ис. Æлдар æй афæдзы фæуды фæстæ кæртмæ бакодта, йæхицæн фыстæ цæмæй акалдтаид, уый тыххæй. Лæппу райдыдта фыстæ калын æмæ сын сæ егъæуттæй аппæрста дыууын. Стæй йæ фыстæ раскъæрдта æмæ сæ хæдзармæ рафардæг. Фæндагыл та йыл уыцы лæг амбæлди, æмæ йын лæппу иу фыр радта. Лæг та йын райдыдта зонд амонын: — Ацу фæстæмæ æлдармæ, æмæ йын зæгъ: «Иу афæдз ма дæм хъуамæ бакусон». Кусын куы райдайай, уыцы бонæй фæстæмæ дын цы кæрдзыны къæбæр дæтта, уый æмæ дæ хъæдындзтæ æвæр иу ран, ма сæ хæр. Дæхæдæг-иу дæки фыстæй ауæй кæн æмæ иу дзы сусæгæй кæрдзын балхæн. Ды кæрдзын æвæрыс, уый дæ æлдар куы фена, уæд дæ бафæрсдзæн, дæ кæрдзынтæ цæуылнæуал хæрыс, зæгъгæ. Уæд-иу ын зæгъ: «Æз кæрдзын рагæй куыиæуал хæрын, — сахуыр дæн æнæ хæргæйæ цæрын». Æлдар уый куы фехъуса, уæд дæ бафæрсдзæн: «Уæдæ лæг æнæ хæргæйæ цæры?»: æмæ йын ды зæгъ: «Куыннæ! Иу- гæр æхоæз боны бафæрæзтай, уæд чысылгай-чысылгай сахуыр уыдзы- нæ». Æлдар йæхи æхсæз боны æххормагæй ныууадздзæн æмæ бай- гомыг уыдзæн. йæ фæллæйттæ та дæуæн баззайдзысты». Лæппу та йæ фыстæ фæстæмæ æлдармæ аскъæрдта æмæ йын загъта, иу афæдз ма дæм хъуамæ бакусон, зæгъгæ. Æлдар дæр та йын сразы ис. Байдыдта та кусын. Цы кæрдзынтæ йын лæвæрдта, уыдон иу ран æвæрдта, æлдар сæ куыд федтаид, афтæ. Рацыди цасдæр рæстæг. Æлдар кæрдзынтæ куы федта, уæд лæп- пуйы бафарста: — Цæуылнæ сæ хæрыс? Уый йын загъта: — Æз кæрдзын нал хæрын. Æлдар уый куы фехъуыста, уæд загъта: — Гъæй-джиди, æмæ æз дæр æвæ хæргæйæ куы цæрин! Уæд, цы 125
хъæздыг дæн, уымæй цалдæр хатты фæхъæздыгдæр уаин, æмæ мæ ном дунейыл ныхъхъæр уаид. Уæд ын лæппу загъта: — Æхсæз боны дæ зын, стæй сахуыр уыдзынæ. Æлдар райдыдта æххормагæй цæрын æмæ æхсæз боны куы фæцис æххормагæй, уæд байгомыг ис. Лæппу йын загъта: — Дæ зын ма иу бон, стæй сахуыр уыдзынæ. Æлдар та æвдæм бон дæр баззад æххормагæй æмæ ма йæ бон уыд æрмæстдæр къухæй чысылтæ амонын. Фиййау фехъусын кодта æлдары хæстæджытæн, æмæ хæстæджы- тæ æрцыдысты. Æлдармæ бакодтой сауджыны. Уый бафарста æлдары: — Дæ фæллой кæуыл фыссыс? Æлдар афтæ бамбæрста, чи дæ мары, зæгъгæ, æмæ йæ къухæй фиййаумæ ацамыдта. Æмæ сауджын æлдары фæллой лæппуйыл ныф- фыста. Æлдар амарди. Æлдары фæллой — фосæй, æндæрæй, мæ хур акæнай, баззадысты лæппуйæн, æмæ абон дæр цæры æмæ сом дæр. Уыдон æрцыдмæ фæцæрут. <и?
<!&!&&(&>ЪæЖ&&^^ ÆЛДАРЫ ЧЫЗГ КÆНÆ ДЫУУÆ ÆРДХОРД ÆЛДАРЫ Тынг адджынæй цардысты дыууæ æрдхорд æлдары. Стыр æу- уæнк уыди сæ астæу, кæрæдзийы цæра кодтой, афтæмæй æрвыс- той сæ бонтæ. Сæ хæрд, сæ нозт дæр иу уыд: айк дыууæ æмби- сæй хордтой; сæ иуы циндзинад, сæ иуы маст аннæмæн дæр уы- дысты маст æмæ циндзинад. Æлдæрттæй сæ иуæн уыди лæппу æмæ чызг, аннæ та уыди æнæ- зæнæг. Уыцы хуызæнæй ацардаиккой иу къорд азы, афтæ зæнæгджын æлдарæн амард йæ ус. Æлдар уыйадыл дзырд радта, иуæй сау кæй ба- дардзæн афæдзы бонмæ, аннæмæй Чабæмæ кæй фæцæудзæн, цæмæй дзы басгара Мæхæмæты зæппадз æмæ дзы ракура пехуымпарæй уды- бæстæ йæ мард æфсинæн. йе ’рдхорды хæдзары ныууагъта йæ чызджы, йæхæдæг йæ фыр- тимæ араст и Чабæмæ. Цæрынтæ систа чызг йæ фысымтæм. Буц æй дарынц æлдар æмæ йæ ус, чызг дæр, раст зæгъын хъæуы, сæ зæрдæхудт ницæмæй исы. Уæд æлдар æмæ æлдары ус хъазт скодтой, цæмæй сæ уазæг хъыг ма кæна. Бирæ фæсивæд æрæмбырд сты хъазтмæ, хъæлдзæг кæнынц адæмы дæр, сæхи дæр. Чысыл дзы нæ уыди рæсугъд чызджытæ, фæлæ дзы уазæгчызгæй рæсугъддæр æмæ аивдæр нæ разынд. Фæсивæдæй иукъорд лæппуйы зæрдæмæ тынг бацыди, курын æй байдыдтой æмæ дзырд ныууагътой æлдармæ. Сæ цæст æрæвæрдтой адæм æлдары чызгыл, уымæй æппæлынæй фылдæр нал уыдысты алы ран дæр æмæ-иу дзырдтой: «Уындæй дæр, лæджыхъæдæй дæр нæ уазæгчъызджы хуызæн нæма уыди, гуыргæ дæр нæ ракæндзæн. Ничи скæрддзæн, ничи бахуийдзæн уый хуызæн, уый кæрдзыны скондæн æмбал нæ уыдзæн; уæд æфсармæй, æгъдауæй та у ахæм æфсармджын, ахæм уагджын, æмæ бафæзминаг у алы чызгæн дæр». Æмæ та æлдар хъазт сарæзта. Фыццаг хъазтæй дзы фылдæр фæси- вæд æрæмбырд — æвзаргæ чызг æмæ æвзаргæ лæппуйæ. Хъазты дзыл- 127
лæйæн сæ акаст уыди уазæгчызг. Хистæрæй, кæстæрæй сæ зæрдæ пил- лон арт уагъта йæ уындæй; нал фæллайынц кафынæй, йæ зардмæ хъусынæй. Ноджыдæр та йыл фылдæр адæм фæсивæдæй дзурын байдыдтой. Æлдары хæдзар фæфидыдта уазæгчызгæй. Кæстæриуæг кæны æл- дары чызг хæдзары хицæуттæн — лæг æмæ усæн, зæнæджы ад дзы ба- зыдтой уыдон дæр. Базмæлæнтæ нал уыди æвзаргæ фæсивæдæй æртыккаг хъазты: арвæй æхсидав куы æрхаудаид, уæд зæххыл нал сæмбæлдаид. Нæ ра- зынд ныр дæр уазæгчызгæн æмбал утæппæт чызджыты рæгъауæй. Хъазт райхæлд, фæсивæдæй та бирæтæ дзырд ныууагътой æлдармæ чызджы тыххæй. Æрæнкъард æлдар, сагъæсыл сси. Бон æм арвы рухс нал зыны, æхсæв æй хуыссæг нал ахсы. Катайыл сси йæхинымæр. Хæдзары хъуыд- дæгтæм нал дæтты йæ зæрдæ; хæринаг ын ад нал кæны. Бинонтæ уы- нынц, æлдар йæхи уагыл кæй нал у, фæлæ цæмæн афтæ æрæнкъард, уый бафæрсæг æй нæй: ничи йæм хæссы йæ ныфс. Бирæ фæхъуырдухæн кодта æлдар, фæлæ ницы бафæрæзта, æрæ- гæйардæм йæ зæрдæйы мидæг цы æндавындзинад сæвзæрди, уый ба- сæттынæн. Хæйрæджы хай йыл фæуæлахиз. Æлдар æмæ йе ’рдхорд æфсымæры астæу цы æууæнк уыди, дзыл- лæйы æхсæн дзы цы æфсарм, цы кад уыди — се ’ппæтæй дæр уарзон- дзинад тыхджындæр разынди. Иæ уазæгчызджы бауарзта æлдар. Фадат ран æлдар ской кодта чызгæн йæ сагъæстæ, йæ фæнд. Арв æй цыма æрцавта, уыйау фæци чызг, фæлæ ма йæ бон баци йæхи аф- тæ равдисын, цæмæй йыл æлдар нæ фæгуырысхо уыдаид, йæ зæрдæйы æууæлтæ йын нæ бамбæрстаид. «Зондæй куы ницы саразын бафæразон, — дзуры чызг йæхицæн,— цæмæй æлдары уарзондзинадæй баиргъæвон мæхи, уæд мæ хъуыд- дæгтæ рæстырдæм нæ ауырдыг сты». Æмæ дзуры æлдармæ: — Æлдар цæра, мæ фыд ам нæй, мæ иунæг æфсымæр дæр уый хуызæн; хорз уаид, уыдон æрбаздæхынмæ куы фæкæсис. — Хорз чызг, уымæн амал не ’рцæудзæн: мæ бар мæхиуыл нал цæуы. Дæхæдæг дæр æнæ уынгæ нæ дæ, мæ сæрæн кæй нал дæн, уый, кæд, уыцы ранмæ цæмæн æрцыдтæн, уый дын æргом нæ уыди, уæд- дæр. Ныр уый бамбар, æз дæ афтæ бауарзтон, æмæ мын, æвæдза, исты зæрдæ нæ бавæрдтай, уæд мæ царды сæр нал райсдзынæн. — Мæ фыд уый куы базона, æз дыккаг усæн фæцыдтæн, уæд ын куыд маст, куыд уайдзæф уыдзæн уыцы хъуыддаг, уый йе ’рдхорд æм- гарæй хуыздæр ничи бамбардзæн, стæй æз дæр аккаг куыд скæндзы- нæн мæхицæн, æмæ мæ разагъд фыд, мæ иунæг æфсымæрмæ уайдзæф 128
æрхауа, æмæ дзыллæйы æхсæн ныхкъуырдæй цæрой мæ сæраппонд. Аннæмæй уыйбæрц кæимæ фæцардтæ, дæхицæн адджын, уарзонæн кæй бацагуырдтай, дзырд кæмæн радтай, уыцы сылгоймаджы баф- хæрын дæр хъуамæ ма бахæссай, ма, дæ сæрмæ, хуыцауæй дæр æй нæ бауæнддзынæ. — Лыггонд мын у уыцы хъуыддаг дæр: кад æмæ йæ радæй арвит- дзынæн йæ фыды хæдзармæ, æгъдау куыд амоны, афтæ. Уыйадыл æлдар усы арвыста йæ цæгатмæ. Чызг бамбæрста, зын фадаты кæй бахаудта, зынæй кæй фервæзын кæндзæн йæхи, зынæй кæй нæ бачъизи кæндзæн йæ фыд æмæ йе ’фсымæры цæсгом дæр. Уæд ма йæ сæрæн уыцы хос ссардта, æмæ æлдары галуаны бамбæхс- ти, авд дуары дзы сæхгæдта йæхиуыл æмæ нал касти æддæмæ. Æлдар куы тызмæгæй, куы сабырæй æвзаджы хатт æруадзы, ха- тын æм сисы, лæгъстæ йын кæны, фæлæ чызг ком нæ дæтты. Зындзинæдтæ æвзары чызг мæсыджы авд дуары фæстæ: тыхсы æнæ хæринагæй дæр, дойныйæ дæр, уыцы уынгæг ран æй фыдæхсæтæй сыст бахордта; фырмæстæй арæх кæуын байдайы, æмæ йæ цæссыг налхъуыт-налмас фæрдгуытæ абузын сисы. Иу бон æлдарыл дзырд сæмбæлд, йе ’рдхорд Чабæйæ кæй æрбаз- дæхы, стæй дзы кæй куры, цæмæй æлдар чабæдзауы размæ сæмбæла иу бонцау ран, цæмæй уым бацин кæной кæрæдзийыл. Уацхъуыдæй æлдары зæрдæ цанæбæрæджы барухс уыдаид, фæлæ йын уæддæр æдзæугæ амал кæм уыди. Кæрæдзийæн салам радтой дыууæ æрдхорды, æмæ чабæдзау дзуры: — Цæй тарæрфыгæй кæсыс, цы кодтай? Дæхи хуызæнæй дæм куы ницыуал баззади æппындæр? Бирæ мæгуырдзинæдтæ бавзæрстам мæ фыртимæ: кæм æххормаг, кæм æнæдон, кæм абырджытæй тасы бын, æдзæрæг, æнтæф бæсты. Фæлæ, бауырнæд дæ, бауырнæд, ахæ,м рæс- тæг мыл никуы скодта, мæ зæрдыл кæд нæ лæууыдтæ, кæд дæ нæ мы- сыдтæн. Мæ хæдзармæ, мæ иунæг чызгмæ афтæ не ’хсайдта мæ зæрдæ, дæумæ куыд æхсайдта. Ныр дæр дæм не ’рвысты сæр уымæн уыди, цæ- мæй дæ федтаин тагъддæр. Уæд мæм уыимæ цы цæстæй кæсыс! Афтæ- мæй та мыл, хуыцау не ’вдисæн, æрхъæцмæ нæ хъæцыдтæ, дæ цард дын ад нæ кодта æнæ мæн. — Мæ хæлар, хатыр дæ курын, дæхицæн уыцы зын скæн, иучы- сыл мæм æрбайхъус, æз дын радзурдзынæн, мæхи хуызæн цæмæн нал дæн, мæ зæрдæ дыл цыма сивтон, афтæ дæм цæмæн зыны, уыдонæн сæ аххоссаг. Фæлæ дæм бахатин: дзурынмæ дын кæй хъавын, уыдон арф æвæрæны маехимæ, мæ риуы, мæ зæрдæйы мидæг куы баззадаик- кой, уæд бирæ хуыздæр уыдаид. Нæ сæ тæры, нæ, мæ зæрдæ дæуæн радзурын: стыр низ дын куы скæной, уымæй дын тæрсын. — Сомбон кæй базонон, фæстæдæр кæй фехъусон, уый мын ды, 9 Ирон адæмы аргъæуттæ 129
мæ иунæг æрдхорд, раздæр куы радзурай, уæд растдæр æмæ пайда- дæр уыдзæн. Сæинаг цы низæй уон, уымæй хъуамæ раздæр басæйон, мæ хæс^ зынæй дæр, раздæр хъуамæ бафидон. Зæгъ мын дæ зæгъи- наг! Æз дæм хъусын. — Уæдæ фæуæд дæ фæндон. Дæ иунæг чызг царди мæ хæдзары йæхи хæдзары хуызæн. Дыууæ уыдыстæм æмæ, ныййарджытæ сæхи хъæбулмæ афтæ нæ бафæрæзтаиккой кæсьгн, зилын, афтæ йæм зыл- дыстæм, кастыстæм. Нæ хæдзары цы ардтам, уымæй йын ницы баца- уæрстам. Чызг, раст зæгъын хъæуы, иу-дыууæ боны рæсугъдæй равдыста йæхи. Фæлæ стæй... стыр зын мын у йæ зæгъын дæр... стæй æвиппайды афæлывта йæ хуыз. Зæххыл нæ разындзæн ахæм æнæ- гъдаудзинад, ахæм æгаддзинад, уый йæ сæрмæ цы не ’рхаста. Ус æмæ лæг уыдыстæм, æмæ нæ кæрæдзийæн кард æмæ фыд фестын кодта йæ фыдæвзагæй: мæнæн иу дзырд, нæ хæдзары æфсинæн аннæ дзырд. Уый дын йæ иу хъуыддаг. — Аннæмæй афтæ суагъта йæ цæсгом, æмæ фæсивæдæй бирæтæн ныфс æвæрдта, аккаг цæмæй нæ уыди, ахæм хъуыддæгтæй. Цу, цу! Æмæ цæйбæрцытæ нæ бахъæцыд йæ цæсгом! Мæнæн дæр, дæ иунæг æрдхорд æфсымæрæн, баздæхт æмæ кæд хъардта йæхи. Дæ цæсгом бахæрай, зæгъгæ, йын æз бауайдзæф кодтон, бартхъирæн æм кодтон дæ номæй. Уыйадыл нын афтæ фæтæргай, æмæ бацыди мæсыджы, авд дуары сæхгæдта йæхиуыл, нæ размæ нал æвдисы йæхи. Уыцы ран цы ми гæнæг у, цæмæй цæры, хуыцау йæ зонæг. — Дæ иунæг чызджы бавæрын дын кæй нæ бафæрæзтон, мæ хæ- дзары дын æвзæр уаг кæй райста, уымæй дæ стыр къæмдзæстыг фæ- дæн, мæ иувæг æмгар, стыр зылын хонын мæхи дæр, мæ хæдзары æфсины дæр. Уæд чабæдзау æлдар баздæхт æмæ æрвнæрæгау байдыдта дзурын йæ иунæг фыртмæ: — Мæ фырт, дæ хо æмæ мæ иунæг чызг цытæ бакодта, уыдон фе- хъуыстай мæ хæлары дзыхæй дæхи хъустæй. Цæугæ тагъд ме ’рдхорды хæдзармæ, мæнæ ацы сылыхъхъ дæр айс демæ. Аргæвд дæ хо æмæ мæ иунæг чызджы. Иæ тутæй мын æрхæсс ацы сылыхъхъы дзаг. Æз цалынмæ мæ иунæг чызг, мæ хъæбулы тугæй мæ дойны басæттон, уа- лынмæ нæ басабыр уыдзæн мæ маст, уалынмæ фæцæуинаг нæ дæн мæ хæдзармæ, мæ цæсгом адæммæ нæ равдисдзынæн. — Цæрынæй хæрынмæ уыцы хъахъхъæд фæкодтон мæхи, никуы ницæмæй бачъизи кодтон мæ цæсгом. Ныр мын мæ иунæг чызг, мæ уарзон хъæбул мæ сæр ралыг кодта зæрондырдæм, фæхудинаг мæ код- та, цæрдудæй мæ бафтыдта мæрдтыл. — Къæмдзæстыгæй баззад мæ иунæг æрдхорд дæр æнæаххосæй. Зæнæджы маст, цæй зын уромæн дæ, цæ! Тагъд бакæн лæппу, æнхъæл- мæ дæм кæсдзынæн ацы ран. 130
Фырмæстæй цæхæртæ калгæ, балæууыд æлдары фырт йæ фыды æрдхорды хæдзары. Тызмæгæй дзуры чызгмæ, дуар ын куыд бакæна. Чызг хъуыды циу, уый дæр æй нæ кæны. Уæд æм æфсымæр байдыдта лæгъзæй дзурын: — Ма тæрс, мæ хо, ма тæрс, дуар мын бакæн, æз де ’фсымæр дæн. — Кæд æмæ æцæгæй дæр мæ иунæг æфсымæр дæ, уæд мæм мæ мады къухдарæн æрбаппар, кæннод дæм фæстæмæ дæр нæ акæс- дзынæн, дуар дын нæ бакæндзынæн. Æфсымæр æм къухдарæн баппæрста, чызг æй бакодта йæ къу- хыл æмæ уæладзыгæй разгъордта йе ’фсымæры хъæбысмæ. Æфсымæр æй уыцы хуызæнæй ракусарт кодта зæххьгл, кард ын æрбавæрдта йæ хурхыл, æмæ ныр сæргæвда чызджы, афтæ йæм уый дзуры: — Цы кæныс, ме ’фсымæр, цы хуыцау дæ ныццавта! Дæумæ æмæ мæ фыдмæ кæсынæй куы сурс сты мæ цæстытæ, æз мæ былыцъæрттæ куы хордтон уæ уындмæ. Мæ зæрдæ сымахыл куы дардтон, мæ зын- дарæнæй мæ фервæзын кæндзыстут, мæ маст мын райсдзыстут, зæгъгæ, уæд мын ай цы хъуыддаг у? Лæппу æруагъта йæ кард, чызджы слæууын кодта йæ къæхтыл. Чызг сæрæй-бынмæ радзырдта йæ зындзинæдтæ иууылдæр. Æфсы- мæры зæрдæ фæтасыди, фæтæригъæд кодта йæ хойæн. Кæрты иу карк рацахста, æрбаргæвста йæ, сылыхъхъ карчы тугæй айдзаг кодта. Бæ- хыл сбадт, чызджы йæ фæсарцмæ сæргъæвта æмæ араст æлдары гал- уантæй. Цæуы, цæуы æмæ фæндагыл фæсвæд иу пыхсы ныууагъта йæ хойьь Йæхæдæг уыцы тæргæ-бæхæй ныххоста йæ фыдмæ. Æрхызт бæхæй, оылыхъхъ балæвæрдта йæ фыдмæ. Уый «бис-мил-ла» загъта, сылыхъхъ сдардта йæ дзыхыл æмæ уыйадыл суагъта йæ тыппыртæ, стæй араст сты сæ хæдзæрттæм. Æлдары чызг пыхсы бады æмæ сагъæс кæны, цы уыдзæни, ууыл. Уалынмæ йыл цуанон куитæ æрæмбырд сты æмæ йыл рæйынц. Куиты рæйынмæ цуанонтæ æрбауадысты æмæ дзурынц чызгмæ, фæлæ сæм уый фæстæмæ дæр нæ кæсы. Сæ уæлвæд пыхсы астæумæ йæ бæх æр- батардта æлдар дæр. Цуанæттæ æмæ куитæ дæр цуан кодтой уыды æлдаримæ. Æлдар хъуыддагмæ куы æркаст, уæд дзуры чызгмæ: — Цы дæ, цавæр дæ? Тагъд мын дзуапп ратт, намæ дæ мæ куитæ куыд акъабæзтæ кæной, ахæм ми дын кæнын. — Хорз æлдар, æртхъирæнæй никуыма ничи амарди, стæй æрт- хъирæнæй чи фæтæрса, уыцы адæймагыл нæ сæмбæлдтæ; ды цы дæ, ахæм чызг бæргæ уыдтæн æз дæр, кæд мæ ацы сахат зынвадаты ссард- 131
тат, уæддæр. Мæхи та дæм уый тыххæй не ’здахын, æмæ дарæстæй рæвдз нæ дæн — æфсæрмы кæнын. Æлдар цыдæртæ фелвæста йæ дарæстæй. Чызг сæ æрбакодта йæ уæлæ. Æмæ, цы уыдысты, уымæй араст сты æлдары хæдзармæ. Чызгæн уæлæдарæсæй цæйбæрц хъуыди, уыйбæрц æлдар алыхуы- зон зынаргъ хъуымац уайтагъд балхæнын кодта. Барвыста хуийджытæ чызгмæ, цæмæй йын сбарой йæ гуыры конд, йæ ас. — Мæ гуыры конд баринаг нæу, — загъта чызг. — Æз искæй хуыд дзаума мæ уæлæ не ’скæндзынæн. Мæхимæ мын рахæссут, мæ фæлыстæн цы хъæуы, уыдон; рахæссут мын: хæсгард, судзин æмæ æн- дæхтæ. Æрбадти чызг. Болат хæсгард райста, хъуымæцтæ акарста æмæ уайтагъд йæхи сфæлыста йæ къахæй йæ къухмæ. Уыцы аив дарæсты æлдары чызг равдыста йæ конд, скалдта йæ хуыз. Р1æ даргъ дзыкку саулох бæхы дымæгау йе счъилтыл хоста йæхи. — Хъуаз фæрæтмæ æрцыди, — загъта æлдар. — Рагæй æрæгмæ кæмæ бæллыдтæн, уымæй ма хуыздæрыл дæр фæхæст дæн. Чындзæхсæв сарæзта æмæ ус æмæ лæгæй цæрын байдыдтой æл- дар æмæ æлдары чызг. Цæрынтæ байдыдтой, кæрæдзийы уарзгæйæ, кæрæдзийы нымайгæйæ, цыкурайы фæрдыджы хуызæн сын дыууæ лæппуйы райгуырди. Йу æхсæв йæ хуыссæнуаты æлдары ус ныуулæфыди йæ къæхты быцæй. — Уанцон нæу, æмæ уагæры уыцы улæфт цæуыл кæныс? — ба- фарста йæ лæг. — Цæуыл улæфын, цæ, — мæ сабитæ дæр дæ хуызæн куы разы- ной, — æнæмбаргæ, æдылы: уыдон дæр дæ тугæй равзæрдысты. Сын- дзы бынæй сындз æвзæры. — Æмæ мын ахæм стыр уайдзæф цæй фæдыл бафæрæзтай, усай? — Æмæ дæ æфхæргæ дæр куыд нæ бакæнон: хъаст хъæствæнда- гæй чындæуы. Ацал-ауал азы цæрын дæ хæдзары; дæ дыууæ фырты тагъд дæ сæрты акæсдзысты, фæлæ дæуæн дæ хъуыдыйы никуы æр- цыди мæн бафæрсын: æвадатæй дæ цы ран ссардтон, уырдæм уæлар- вæй æрхаудтай, пыхсы къудзийы бынæй сæвзæрдтæ, æви дуры хуыл- фæй рацыдтæ? — Дæ хорзæхæй, мæ хорз æфсин, æмæ кæд дæуæн ныййарджы- тæ ис, хæстæг-æввахс дын кæд ис, уæд ма мæн стырдæр хорз цæмæн хъæуы! Мæ амондыл ма уæлдай амонд бафтид. — Фыд æмæ мадæй райгуырдтæн æз дæр. Ис мын æфсымæр дæр. Мæ мад амард, фæлæ мæ фыд æмæ ме ’фсымæр — цардæгас. Фæнды мæ, куы сæ басгарин, мæ сабиты сын куы равдисин. Æлдар цæуылнæ барæвдзытæ кодтаид йе ’фсины: хæрд, нозт, лæ- 132
вæрттæ цы хъуыди æмæ цы æмбæлди, уыдон иууылдæр. Каеуыл æууæн- дыди, иу ахæм адæймаджы йын сбадын кодта йæ фарсмæ, фондзыс- сæдз барæджы сын бафтыдта сæ фæдыл; дыууæ сабийы дæр арвыста сæ мадырвадæлтæм. Цæуынтæ байдыдтой, цæуынтæ. Дзæвгар-дзæвгар куы ацыдысты, уæд иу ран доны былмæ бахæццæ сты. — Ацы ран нæ фæллад суадзæм, исты дæр ахæрæм, стæй та нæ фæндаг дæр дардзыстæм, — загъта ус. Æрæнцадысты, бахордтой, банозтой. Барджытæ æмæ лæппутæ доны аууон ран нæууыл сæхи æруагътой æмæ æрфынæйтæ сты. Бæхтæ астæумæ кæрдæгыл хизынц. Ус æмæ æлдары хæлар лæг бадынц æмæ сæ цæст дарынц сæ адæммæ. Уæд лæг дзуры усмæ: — Рагæй дæр мын уыдтæ тынг адджын, мæ зæрдæмæ дæуæй фыл- дæр сылгоймаг никуы бацыд. Аккаг скæн, æмæ æмуд куыд æрцæуæм кæрæдзимæ. — Ард дæ фæдыл æфтыд фæуæд, кæд дæ мæ сæрыхицау уый тых- хæй нæ рарвыста мемæ! Ахæм æнаккаг ныхас дæ куыд нал сирвæза, афтæ! Æрдхорд та ма дзы хуыздæр цы вæййы! — Мæ фæндон мын сæххæст кæн, кæннод дын дæ хъæбултæй ацы ран иуы æргæвдын. — Сæ дыууæйы дæр мын куы æрбаргæвдай, уæддæр, сæрмæ ба- хæссинаг цы хъуыддаг нæ уа, уый нæ бахæсдзынæн æз мæ сæрмæ. Нæ фегад кæндзынæн мæ сæрыхицауы! — Уæдæ ком нæ ратдзынæ, зæгъыс? — Ницæй тыххæй! Лæг фестад, кард фелвæста æмæ дыууæ лæппуйы къубæлттæ æр- баргæвста. Ус барджыты дарæстæй лæджы фæлыст рамбырд кодта, æмæ доны иннæ фарсмæ аленк кодта. Уыцы ран йæ дзыккутæ æрбам- бырд кодта, худæй сæ æрæмбæрзта æмæ лæджы дарæстæ æрбакодта йæ уæлæ. Уыцы хуызæнæй араст, иу хъæумæ бафтыд, æххуырсты бынат агуры. Сæмбæлди йыл иу ацæргæ лæг. — Хорз, æз дæ бауромдзынæн, — загъта лæг. — Мæ фосмæ мын зилынц мæ уæтæры иуæндæс лæджы, иу лæг ма мæ хъæуы, ныллæуу мæм, мыздыл бафидаудзыстæм. Æлдары ус сразы. Цæрынтæ байдыдта. Æркаст фиййаутæн сæ хъуыддæгтæм, уæтæр- ты рæвдзытæм. Уайтагъд сын раиртæста сæ хъуæгтæ æмæ уынаффæ райста йæхимæ. Фос адихтæ кодта, алы фиййэуæн дæр бæрæг куыст радта, хуыздæр сæ чи цæмæ арæхсти, ууыл æй бафтыдта, уаг сын сæ- вæрдта сæ цардæн. 133
Ноджы баздæхт, æмæ фиййæутты цæрæнтæ, уæтæртæ цадæггай аивта. Уыдон уыдысты уисæй быд, æмæ сæ уый хъæдæй æмæ дурæй ног сарæзта. Бирæ фæхуыздæр фосгæсты цард, бирæ фæхуыздæр фосмæ зылд. Бæрæгдæр уыдысты аннæ уæтæртæй, аннæ фосгæстæй. Цух нал кодтой уазæгæй. Ахæм уазæг сæм нæ сæмбæлдаид, ку- сарт кæмæн нæ акодтаиккой, хорз кæй нæ федтаиккой, фæлæ сæ фос уыйбæрц сысты хорз зылдæй, æмæ сыл бирæ хардз дæр нал зынди. Фиййауы кой дæрдтыл айхъуысти. Фосджын æлдæрттæ, уæтæр- джынтæ хæлæг байдыдтой, æлдары ус æххуырсты кæмæ, уыди, уыцы фосджынмæ, ахæм адæймаг кæй уæтæры уынаффæ кодта. Æлдæрттæ иуахæмы кæмдæр баиу сты. Сгуыхт фиййауы кой æрæфтыдтой. Дзырд радтой уыцы ран, цæмæй басгарой æлдары уæтæр æмæ феной сæхи цæстытæй, цытæ бакодта разагъды фиййау. Фæхабар кодтой аалдармæ, æнхъæлмæ сæм куыд кæса бæрæг афонмæ йæ уæ- тæры. Æлдар худын байдыдта йæхиуыл. «Кæйдæр æвджид бакодтон мæ ис, мæ бис: дзыллæтыл айхъуыст мæ фосгæсты хорзы кой, фæлæ сæ иу сгæрст нæма бакодтон мæхæдæг, цы гæнæг сты, уый нæма федтон». Æмгъуыды бон æвиппайды æрхызтысты уæтæры æлдар æмæ йæ уазджытæ. Фиййауты хистæр зилæнтæ кæны, лæггад кæны уазджытæн. Иу нард гал аргæвста, барæвдзытæ кодта алы хæрд, алы нозт æмæ хорз цæуылнæ федтаид йæ буц уазджыты! Фæсхæрд уæтæры арæзтытæм, фосы дардмæ æркастысты уазджы- тæ. Кæрон нал уыди сæ дисæн, уыйбæрц хорз сæм фæкастысты, цы федтой уæтæры, уыдон. Уæд уазджытæ фæрсынц сæ фысым æлдары: — Чи у дæ фиййауты хистæр, кæм федта, кæм базыдта, бакæнын цы бафæрæзта, уыдон, æви сæ йæхи сæрæй сарæзта йæхæдæг? Æлдар сын ницы дзуапп радта, — уый тыххæй æмæ ницы зыдта йæ фиййауæн. Æлдæрттæ æрбасидын кодтой уæд хистæр фиййаумæ æмæ йæ фæрсынц: — Зæгъ-ма нын, зæгъ, чи дæ, стæй кæй сарæзтай, уыдон дæхи сæ- рæй райстай, æви сæ искæмæй базыдтай? Чысыл нæ федтам мах, ис нæ алкæмæ дæр фос, уæтæртæ, фиййæуттæ, фæлæ дæуæн цы бантысти, уый никæмæн-ма бантысти фосы кондæй æмæ уæтæрты арæзтæй. Стæй дæ фæнд, дæ куыст куыд фæзынди дæ хицауы хæдзарыл, афтæ никæй фæнд, никæй куыст фæзынди иу хæдзарыл дæр. Кæрон нал ис дæ хицауы фосæн. — Хорз адæм, сымах цы бафæнда, уый сæххæст кæнын хæсыл ны- майын мæхицæн. Фæлæ уын цалынмæ, чи дæн, уый сæргом уа, уальш- мæ уæ курын, куыд мæм байхъусат, афтæ, — уæхицæн уыцы з;ын скæ- 134
нут, — æз уын æрхæссон иучысыл таурæгъ. Æрмæст мын æууæнк рат- тут, мæ ныхас мын къуылымпы чи кæна, æргом мын æй чи фауа, уый ацы ранæй куыд арвитат, æмæ æндæр ран урæд куыд æрцæуа, цалын- мæ нæ радзурон, уалынмæ. Фиййауы ныхасыл сразы сты. Уæд æлдары усыл цы æрцыди, уыдон радзырдта, цыма æндæр кæуылдæр æрцыдысты, уыйау. Ус йæ таурæгъ куыд кодта, афтæ фыц- цаджыдæр æддæмæ рарвыстой æмæ бæрæг ран баурæдтой уымæн йæ фыды æрдхорды, йæ фыд Чабæмæ куы ацыд, уæд кæй хæдзары царди æмæ йын уыцы æфхæрдтæ чи бакодта, хæтæгхуаг кæй руаджы фæци, уый. Уый фæстæ рарвыстой уатæй усæн йæ мойы хæлары, йæ лæппуты йын чи аргæвста доны былыл, ус йæ цæгатмæ куыд фæцæйцыди, афтæ. Таурæгъ фæци дзырд. Фиййау систа йæ худ аэмæ уый хуызæн сæры хил æркалдысты худы бынæй. — Стыр æфсармы кæй бафтыдтой, йæ фыды хæдзарæй лидзæг чи фæци, сау зæрдæ лæг йæ хъæбулты кæмæн сæргæвста, уыйбæрц зын- тæ чи федта, уый æз дæн. Ныр у, æмæ мæ хъазт хæссын сымахмæ — тæрхонгæнæг сымах фæут. Тæрхоны æрбадтысты, уæдæ цы уыдаид. — Хъæдын хырхæй сæ цыппæргæйттæ афадæм, æндæр тæрхон сын нæй. — Уый нæ уыдаæн, — загъта иу æлдар. — Цыппæргай дихтæй дæр мард мард у æмæ уæ агурдзæн йе ’гъдау: марды кæнд, ныгæнын, фæл- лой сыл ис. Мæ бæхрæгъаумæ ис æнæдомд уырсытæ, оаргъ æвæрд кæуыл нæма уыди. Уыдонæй сæ дыууæйы къæдзилыл бабæттæм, куий- хъæд, куий-дур сæ куыд бакæной æмæ се ’стæгдар дæр куыд нал сбæ- рæг уа. Уый та сын мæ тæрхон. Тæрхонгæнджытæ фæстаг тæрхоныл сразы сты. Дыууæ æлдары уырсыты дымджытыл ныббастой, æмæ сæ уыдон ныппырх кодтой. Кæрæдзийыл фæцинтæ кодтой æлдары ус, йæ фыд, йæ мой. Ус æмæ та йæ мой цæрынтæ байдыдтой, зæнæг дæр та сын рацыди. Æмæ та амондджынæй æрвыстой сæ царды бонтæ.
«фхЗ^ХфХфх^?^^ АНДУРЗАХЪ Нæддæр иу цавæрдæр бæсты цардысты ус æмæ лæг. Ус-иу, куыд вæййы, афтæ кодта мид-хæдзары куыст: сылгоймаджы митæ, хойраг кæнын, нозт, кæрдгæ-хуийгæ æмæ ноджыдæр æндæр куы- стытæ. Лæг уыди балцы цæуаг, тыхгæнæг, барæг. Уыимæ уыди кад уарзаг, æппæлой. Æппæлыди йæхицæй æддæ дæр æмæ мид-хæ- дзары дæр. Уæд та-иу фæкодта йæ усæн: — Уæдæ ма мæнæй лæгдæр куыд уыдзæн?! Бирæ хæттыты йæ растыдта ус, фæлæ æгæр æппæлын куы рай- дыдта йæхицæй, уæд ын иу ахæмы ус зæгъын бафæрæзта: — Лæгæй та ма дæ цы загъдæуа, алы хъарутæй дæр æххæст, фæ- лæ дын нæ басуоæг кæндзынæн: ис ма дæуæй лæгдæртæ дæр. — Ау, мæнæй та ма хуыздæр куыд разындзæн? Цы ран, цы бæсты ис мæ хуызæн, мæнæй хуыздæр лæг? — Æмæ йæ бæх куы иуырдæм, куы иннæрдæм ахъазын кæны. — Уæдæ мæ кæд нал уадзыс, уæд дæуæй хуыздæр — Андурзахъ. Дæ хуызæн барджыты уый йæ ехсы бырынкъæй бирæ хæттыты райста саргъæй. Лæг уый адыл æрцæфтæ кодта йæ бæх æмæ дзуры: — Æз цæуын Андурзахъы агурæг, цæмæй раиртасон: цæйбæрц хуыздæр у мæнæй, — æмæ дæлæ фæцæуы. — Багъæц, багъæц, — æрра дæ хуыцау ша скæнæд, раздæх уал: Андурзахъмæ афтæ æнцон ауайæн нæу, стæй йæ афтæ тагъд дæр не ’ссардзынæ. Уымæ бирæ хъæуы фæцæуьгн, бирæ йæ фæцагурын хъæуы. Бафæстиат уал у: æз дьш фæндаггаджы кой акæнон, стæй дæ фæн- дагыл саразон. Лæг иучысыл æрсабыр( йæ тæвдæй æмæ æрхызт бæхæй. Иудзæвгар рацыдаид, афтæ йын ус фæндаггаг сцæттæ кодта, риф- тæгты йын сæ бафснайдта, æмæ лæг араст и Андурзахъы агурæг. Цæуы, цæуы. Бирæ фæцыд, чысыл фæцыд, чи зоны, фæлæ, æппын- фæстаг бафтыд иу быдырмæ. Быдыр урс-урсид дары ногуард митау. Уалынмæ кæсы, æмæ фысвос. Бахæццæ фиййаутæм, салам сын дæтты: 136
— Уæ фос бирæ, фиййæуттæ! — Æгас цу, уазæг! Фысым бакæн: уазæг — хуыцауы уазæг. Бон дæр бирæ нал, хур хæхты фæстæ æрныгуылы, дæ бæх дæр, дæхæдæг дæр баулæфдзыстут, стæй та райсом дæ фæндаг дардзынæ. Æрфысым кодта уазæг, уæдæ цы уыдаид. Кусарт ын акодтой, хорз æм базылдысты. Фæсахсæвæр куы фæци, уæд уазæг фæрсы фиййауты: — Аипп ма уæд, хорз адæм, фæлæ уæ бафæрсон: атæппæт фысвос уæхи фос сты, æви сæ хицау æндæр у? — Бафæрсын аипп никуы у, — загътой фиййаутæ. — Фæлæ фос мах не ’сты, стæй, кæй сты, уымæн дæр ницы зонæм. Мах гуыргæ дæр ацы ран ракодтам, хъомыл дæр ацы ран сыстæм, ацы урс фосимæ, фæ- лæ сын сæ хицауы уынгæ дæр никуы фæкодтам. Хъусæм æрмæст адæ- мæй: фосы хицау, дам, у Андурзахъ. Райсомæй фиййæуттæ саргъ сæвæрдтой уазæджы бæхыл, баластой йын æй йæ размæ æмæ йæ сбадын кодтой. — Хæрзбон ут, фиййæуттæ, бузныгæй уæ цæуын, стыр бузныгæй уæ хорз æгъдауæй, фæлæ ма мын æххæст фæндаг куы бацамониккат уæ фосы хицау Андурзахъмæ: æз мæ фæндаг уымæ дарын. Уæтæрты бын фæндаг æртæ саджилы фæци, æмæ фиййæуттæй иу- тæ афтæ: «Рахиз фæндагыл ацу». Аннæтæ: «Галиу фæндаг дæ фæндаг у». Уæд кæстæр дзуры: — Хатыр уæ курын, фæлæ æз дæр мæхимæ дзырды бар исын, кæс- тæ{> уæвгæйæ. Дзырды бар та уый тыххæй исын, æмæ тæрсын, нæ уазæ- джы хай куы фæрæдийа, дзæгъæлы куы ацæуа. Уазæг, рахиз фæн- дагыл дæр ма ацу, галиуырдæм дæр ма ацу, фæлæ астæуыккаг фæндагыл æмраст размæ цу; уый дæ хæццæ кæндзæн Андурзахъ- хъы бæстæм. Уазæг араст и астæуыккаг фæндагыл. Цæуы, цæуы. Бирæ фæцыд, чысыл фæцыд, хуыцау йæ зонæг, фæлæ та иуахæмы кæсы, æмæ, быдыр- тыл цæст кæм æрæвæрай, уыйбæрц бынат нал ис хъомæй, урс-урсид хъомæй. — Уæ фос бирæ уæд, хъомгæстæ, — загъта бæлццон. — Æгас нæм цу, уазæг, — дзурынц хъомгæстæ. — Мидæмæ, уа- зæг, уæтæрмæ, æрфысым нæм кæн, афон нал у цæуынæн, хурзæрин дæр æрныгуылы. Суазæг кодтой хъомгæстæ бæлццоны, хорз æй федтой. Фæсах- сæвæр куы фæци, уæд дзырд бацайдагъ фысымтæ æмæ уазæгæн. — Бафæрсын аипп ма уæд, уазæг, фæлæ дæ цы хур, цы къæвда рахаста ацы бæстæм, стæй кæдæм дарыс дæ фæндаг? — Хур дæр мæ на рахаста, къæвда дæр, кæй бакæнынц, фæлæ мæ 137
хæдзарæй рацыдтæн мæ бæхыл, Андурзахъы фенынмæ: дзурынц, уы- мæй, дам, æххæстдæр лæг нæ разындзæн, арв йæ къабæзтæ кæм ауагъ- та, уыцы ран. Уый уын мæ хабар. Фæлæ уæ æз дæр ныр бафæрсон: утæппæт урс хъомы хицау уæхуыдтæг стут æви уын искæй сты? — Нæ фыдæлтæ æмæ нæхуыдтæг дæр а бæсты схъомыл стæм, ацы фоомæ зилгæйæ; фæлæ нæ бæрны цы хъом ис, уыдон кæй сты, уый нæ зонæм, стæй йæ нæ фыдæлтæ дæр нæ зыдтой. Хъусгæ фæкодтам æр- мæст: фос дæр, уæтæртæ дæр, мах дæр стæм Андурзахъы. Цавæр Ан- дурзахъ у, ницы йын зонæм, никуы дæр æй федтам. Фæдис кодта уазæг æмæ бафынæй йæ хуыссæнуаты. Райсомæй фосгæстæ уазæгæн йæ бæх ифтонгæй баластой. — Фæндаг мын бацамонут, — загъта уазæг. — Рахизырдæм ацу, — загътой хъомгæстæй иутæ. — Галиуырдæм фæндараст, — загътой йын аннæтæ. — Галиумæ дæр нæ, рахизмæ дæр нæ, фæлæ астæуыккаг фæн- дагыл араст у, — загъта кæстæр, — уыцы фæндагыл хæццæ кæндзы- нæ Андурзахъмæ. Бахатыр кæнут, кæстæрыл дзурын не ’мбæлы, фæлæ нæ уазæг куы арæдийа, уымæй тæрсын. Арфæ ракодта хъомгæстæн бæлццон æмæ та араст йæ фæндагыл. Цæуынтæ та байдыдта, цæуынтæ, æмæ та кæсы, æмæ дардæй быдыртæ урс-урсид адардтой. «Ай та ма цавæр диссаг уа?» — загъта бæлццон йæхинымæр, æмæ уадидæгæн дæр бахæццæ бæхрæгъæуттæм, аздахын дæр сæ нæ фæра- зынц бæхгæстæ, уыйбæрц рæгъæуттæм. Бæхтæ иууылдæр сæнтурс бæхтæ. — Уазæг, фысым дын уыдзыстæм, нæ фæрсты ма ацу, аккаг æй ма скæн дæхицæн: нæ бон цы бауа, уымæй дæ сбуц кæндзыстæм, хæццæ дæр никæдæмуал фæкæндзынæ — изæрмæ бирæ нал ис. — Уазæг дарынхъом ут, уæ фос бирæ уæд, æмæ уæ хуыцау сбуц кæнæд, — арфæ ракодта бæлццон æмæ æрхызт йæ бæхæй. Уазæджы æгъдау та радтой адон дæр бæлццонæн. Радзырдтой та уыдон дæр, — кæй нæ зонынц сæ хицауы, æрмæст ын йæ ном кæй хъу- сынц, бæхтæ Андурзахъы кæй сты, сæхуыдтæг гуыргæ дæр бæхдарæн- ты кæй ракодтой, хъомыл дæр бæхдарæнты кæй сысты. Райсом та йæ бæхгæстæй чи рахиз фæндагыл арæзта, чи галиу фæндагыл, фæлæ та барæг кæстæры амындæй ацыди астæуыккаг фæн- дагыл. Цæуынтæ та систа, цæуынтæ. Хуыцау зоны, цæйбæрц фæцыдаид, фæлæ фæстагмæ амбæлд иу лæгыл. — Дæ фæндаг раст, бæлццон. — Дæ хъуыддаг раст. — Фæрсæг сонт у, фæлæ, дæ хорзæхæй, Андурзахъ кæм цæры, уымæн ницы зоныс? 138
— Зонын. — Уæдæ мын фæндаг куы бацамонис йæ хæдзармæ. — Бацамондзынæн. Мæнæ ацы фæндагыл араст у æмæ бахæццæ уыдзынæ иу обаумæ. Обауæй-иу акæс, æмæ дæм хъæдæй æрбазындзæн иу урс хæдзар. Фæндараст. — Арфæгонд у, — загъта Андурзахъы агурæг æмæ цæуынтæ бай- дыдта амынд фæндагыл. Мæйы бæрц ма фæцыдаид, стæй бахæццæ обаумæ, æмæ йæм хъæ- ды астæуæй æрбазынд урс хæдзар. Иæ ных сарæзта хъæды астæумæ æмæ уайтагъд уазæгдоны раз æрхызт, йæ бæх бæхбæттæныл бафтыдта, йæхæдæг уазæгдонмæ бацыд. Уазæгдон дæрддзæф уыди урс хæдзармæ. Бады, бады, стæй йæм æрæджиау фæзынд иу лæг — лæгæн иу цæст, йæ фындз йæ уæлæ нæ, стæй йын æрмæст иу цонг. — Уазæг, æгас цу, — дзуры дзонгой. — Арфæйаг у, — дзуапп радта бæлццон. Уыйадыл сын дзырд бацайдагъ. Бæлццон загъта: — Æз мæ хæдзар ныууагътон æмæ рацыдтæн Андурзахъы агурæг. Куыд фехъуыстон, афтæмæй уымæй лæгдæр нæй, арв йæ цыппар къа- базы кæм ауагъта, уым. Уый хуызæн хæтæг лæг дæр никуы ис, зæ- гъынц. Амалтæй йын ссардтон йæ хæдзар, æмæ дæ фæрсоын: ды дæ Ан- дурзахъ? — Нæ, нæ дæн. Андурзахъ раджы амард, афонмæ дзы мæрдты стæгдар дæр нал ис. Рахъыг кодта уазæг: — Уæдæ æз нæ хæдзарæй рацыдтæн уый ныфсæй, æмæ кæд Ан- дурзахъимæ ахæтин, кæд ын мæхæдæг базыдтаин йæ лæгдзинæдтæ, æрыхъусæггаг ныхасæй нæ, фæлæ. — Уый кой кæнгæ дæр мауал кæн: Андурзахъ нал ис æмæ нал. — Уæд та, чи зоны, æмæ ды зондзынæ: кæмыты хатти Андурзахъ, кæм лæбурдта, цы фæндæгтыл цыди. — Уыдонæй цы зæгъыс, уый зæгъ! йæ цæуæнтæ, йæ фæндæгтæ, йæ лæбурæнтæ мæнæн зындгонд сты. — Уæдæ мъгн уазæджы хатыр бакæн, дæхицæн уыцы зьш скæн, æмæ мын, Андурзахъ фос кæцæй кодта, уыцы бæстæтæ бацамон. — Уазæджы тыххæй цы фæнды зындзинад дæр райсинаг дæн мæхимæ: æз дæ фæхондзынæн, Андурзахъ стæры цы ранты хатти, уыр- дæм. Фæлæ уал ныр баздæх, æмæ дæ фæллад æруадз, баулæф, стæй бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Уый адыл дзонгой лæг уазæгдонæй рацыд æмæ уазæджы бæх бафснайдта. Уый фæстæ уазæгдонмæ æрбаздæхт. Райста рагъæнæй тымбыл фынг, систа хæрынкъа, æрæвæрдта йæ фынгыл, æмæ фынг алы 139
хæринагæй, алы нозтæй айдзаг. Бахордтой, банызтой, стæй та хæрынкъа систа фынгæй, æмæ фынг уыцы сыгъдæгæй аззад. Лæг æй оиста æмæ йæ æрцауыгъта рагъæныл фæстæмæ. — Уазæг, ахсæв уал бахуыс, райсом, хуыцауы куы фæнда, уæд фæцæудзыстæм стæры дæр. Райсомæй та хæрынкъа фынгыл æрæвæрдта фысым, æмæ та алы хæрд, алы нозт фестад сæ разы. Куы баминас кодтой, уæд фысым дзу- ры уазæгмæ: — Дæ бæх дард балцæй бафæлмæцыд æмæ дын нал сарæхсдзæн. Баздæх æмæ бæхдæттæм бацу æмæ дзы дæхицæн иу бæхыл саргъ сæ- вæр: уæртæ дын уыцы бæхдоны ефсытæ, аннæйы та уырсытæ, — бар дæ ис. Уазæг бацыд ефсыты бæхдонмæ, фæтарст сæ уынæрæй æмæ раз- дæхт фæстæмæ. Бакаст уырсытæм дæр бæхдоны дуарæй æмæ уыдон- мæ дæр нал бахаста йæ ныфс. Дзонгой лæг бамбæрста уазæджы хъуыддаг, — раласта дыууæ бæхы æмæ сыл сæргътæ сæвæрдта. Сбадтысты сæ бæхтыл æмæ араст кодтой балцы. Бирæ фæцыдыс- ты, чысыл фæцыдысты, чи у йæ зонæг, фæлæ фæстагмæ бахæццæ сты иу стыр цæугæ донмæ. Дзонгой лæг загъта: — Доны уыцы фарс сты Терк-Турчы рæгъæуттæ; æз цæуын уыр- дæм фос фæкæнынмæ. Ды мæм ам фæкæс; дæ цæстæнгас дар донмæ, æмæ кæд сырх фынк ласа, уæд-иу уый зон, æмæ æз мард дæн, æмæ-иу дæ сæр æфснайыны кой бакæн. Кэед æмæ урс фынк ласа, уæд сæрæгас дæн, æмæ-иу мæм ам æнхъæлмæ кæс. Доны уыцы фарс фæци, ратардта Терк-Турчы рæгъæуттæ. йæ- хæдæг бацыд хъæумæ æмæ йыл хъæргæнгæ азылд кæрæй-кæронмæ: — Терк-Турчы дзыллæ, уæ рæгъæуттæ уын фæтардæуы! Бæрæгбоны рæстæг уыди Терк-Турчы дзыллæтæн, сæ хъусы алгъы дæр нæ уыди сæ фосы хабар, — нозтджын уыдысты адæм, — Мæнг хабар уыдзæни; ахæм тыхгæнæг кæм ис, æмæ махмæ йæ ныфс æрбахæсса: калмы дзыхы йæ къух чи кæны? Æрæджиау уæддæр рарвыстой иу лæппуйы бæрæг базонынмæ. Лæппу фæстæмæ баздæхт æмæ фехъусын кодта: — Бæлвырдæй нын фæтардæуы нæ фос. Афæдис кодтой Терк-Турчы дзыллæ сæ фосы фæстæ. Дзонгой до- ны был бабадт сæ размæ, æмæ йæм фæдисонтæ куыд хæццæ кодтой, афтæ сæ уый марынтæ систа йе ’стыр хъамайæ æмæ сæ æппæрста дон- мæ, — дон сырх фынк ласын байдыдта. Уазæг уый куы федта, уæд фæлидзæг. Дзонгой фæдисонты куы ныццагъта, уæд фосыл рахъæр кодта æмæ сæ раскъæрдта. Уазæджы кæм ныууагъта, уырдæм æрба- хæццæ, æмæ уазæг уым нал. 140
«Фæлыгъд, æвæццæгæн, — загъта дзонгой лæг: — рæдыд ныхас мын фæци; сырх фынк куы федта, уæд æвæццæгæн æмæ алыгъд». Цæуы, цæуы дзонгой æмæ уайтагъддæр баййæфта йе ’мбалы: иу ран цъыфдзасты ныссагъд æмæ ницыуал фæрæзта йæхи сæфтауынæн. Уæд дзонгой ехсы бырынкъ адаргъ кодта уазæгмæ æмæ йæ райс- та саргъæй сурмæ. Уазæг фæдызæрдыг: йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ усы ныхæстæ: «Андурзахъ дæ хуызæн барджыты бæхы саргъæй райсдзæн ехсы бырынкъæй дæр». Уый адыл араст сты дарддæр, сæ фо- сыконд сæ разæй. Хъæды астæу урс хæдзармæ куы схæццæ сты, уæд æрынцадысты. Дзонгой фос æртæ дихы бакодта. Уазæг бахъынцъым кодта йæхинымæр: «Æвæццæгæн мын æртыккаг хай дæттынмæ хъа- вы». Фæлæ уæлæмæ ницы сдзырдта. Æртæ хайы куы скодта фосы, уæд дзонгой дзуры уазæгмæ: — Мæнæ дын ай дæ хай, уыдон та дын дæ уазæггаг, адон та ма дын фысымы лæвар. Арфæ ракодта уазæг йæ фысымæн, уæдæ куыд уыдаид, æмæ араст сæ хæдзармæ. Бирæ нæма аиртæст хъæдæй, афтæ йæм фæсмон æр- цыди: «Ныр ацы фосæй цы кæнын? Хæзна йæм цы уыди, хæдцæргæ цард мын цы дзаумайæ уыдаид, уый дзы цæуылнæ ракуырдтон? Цон фæстæмæ æмæ йын ракурон йæ хæзна хæрынкъа». Фосыл рахъæр кодта æмæ фæстæмæ хъæды астæу урс хæдзары раз балæууыд. — Хайыр дын уæнт дæ фос. Кæд мын дæ цæст уарзы, уæд мын дæ хæрынкъа ралæвар кæн. — Æгайтма дæ хъæуы, мæнæ мæ хæрынкъа, а фос дæр тæргæ, уыдон дæр дæу амонд сты. Араст та ис уазæг. Цæуы, цæуы æмæ та сагъæсыл фæци, хæцын байдыдта йæхимæ: «Ныр мæ цы фæхондзæн уыцы лæг, æгæр-мæгуыр æй йæ номæй дæр куы нæ бафарстон. Цон, нал мæ хъæуы йæ фос дæр, йæ хæрынкъа дæр, фæлæ мын уыйбæрц хорз чи фæци, уыйбæрц кæи- мæ ацардтæн, уый бафæрсон, — ахæм хъаруджын уæвгæйæ, афтæ са- хъат куыд æгъдауæй фæци». — Райгæ у дæ фос æмæ дæ хæрынкъайæ, — загъта уазæг, куы раздæхтис, уæд. — Фæлæ мын зæгъ, дæ хорзæхæй, стыр зын дын кæд у, уæддæр, цы кодтай, æртæ уæнджы хъуаг цы æгъдауæй фæдæ? — Хуыцау дын æй ма схатыр кæнæд, — ныронг мæм афтæ ничима æрбауæндыд, фæлæ амал нæй, — уазæджы фæндон æххæст кæнын хъæуы зынæй дæр. Æрбайхъус мæм, уæдæ, æз дын радзурдзынæн мæ тæригъæддаг таурæгъ. «Æмæ уыдтæн æз стæры. Тæрынмæ хъавыдтæн Терк-Турчы рæгъау. Æхсæвиуат æркодтон иу ран. Æрхуыссыдтæн. Мæ фыны мæ фындзыл ауад лæджы тæф ме ’фсины уатæй, æмæ æваст мæ фынæйæ 141
фехъал дæн. Дзырд дардыл ацæуы, фæлæ талф-тулфæй мæ хæдзары балæууыдтæн. Мæ маст мæ риуы нал цыди. Мæ зæрдæ рацæйтыдта, мæ развæндаг нал уыдтон, арвæй мæм хъугдзармы йас дæр нал зынд, афтæмæй æмæхсæвæджы бастадтæн мæ хæдзары. Ме ’фсины уатмæ бацыдтæн æмæ ме ’стыр хъама ме ’фсины сынтæгыл цæхгæрмæ æруагъ- тон. Дæ фыдгул дын ахæмтæм куы бакæсид, æз цæмæ бакастæн рай- сомы мæ уатмæ. Мæ фæстæ нæ хæдзары райгуырди лæппу, æфсарм дæ чындæуæд, æмæ уый тæф ауади мæ фындзыл балцы. Мад æмæ ноггуырды, мæ иунæг бындары, мæхи къухæй аргæвстон мæ сонт мас- тæй». «Сæ мæрдон сыджытыл сæ бавæрдтам, уæдæ цы уыдаид. Стыр обау самадтам сæ ингæныл, афæдзы бонмæ йыл дыууæ бал бæласы сзади, æмæ кæрæдзийыл æртыхстысты къæлæт-тыхст». «Æз баздæхтæн æмæ тæрхон кæнын байдыдтон мæ судзаг мастæй мæхицæн. Æмæ загътон: мæ фындз, ай æппæт фыдбылыз мыл раздæр- раздæр æрцыди дæу руаджы, ды нæ раиртæстай искæй лæджы тæф мæхи хъæбулы тæфæй. Уый фæстæ тæрхон коцтон мæ цæстытæн: сы- мах нæ федтат, куыд æмбæлд афтæ, аххосджын стут сымах дæр фыд- былызы. Уæдæ, мæ къух, ды дæр нæ бафæрæзтай мæн фыдбылызæй фервæзын кæнын, мæ фырмæстæй куы ницыуал æмбæрстон, уæд ды нæ баиргъæвтай, нæ ныххæцыдтæ мæ рахиз къухыл, хъамайы фистоныл». «Уый адыл æз фæзылын кодтон мæхи; алыг кодтон мæхи фыдæхар- дæн мæ фындз, мæ къух, скъахтон мæ иу цæст». «Искæй тых мыл нæй, куыд фехъуыстай, уымæ гæсгæ. Ныр у, æмæ æз дæн Андурзахъ, дардæй кæй уынæг фæцыдтæ, гъе уыцы æнамонд Андурзахъ. Стæй мæ уыйбæрц кæм ракъахтай, уым дын дарддæр баца- мондзынæн мæхи. Дæ хæдзары æфсин æмæ не ’фсин уыдысты дыууæ хойы, уый та дын нæ хæстæгдзинад». «Ныр бамбæрстай мæ хабар, фæлæ ма дæм баздæхдзынæн иу хъуыддаджы тыххæй. Уыцы фыдæбон скæн дæхицæн, æмæ, мæ бинонтæ цы обауы æвæрд сты, уыцы обаумæ дæ зоныгыл фæцу. Дыууæ бал бæласы бын бакæн дæ сæр æмæ кæуын байдай уыцы ран. Æмæ ку æмæ ку, къæдзæхтæ куыд ризой, дуртæ куыд хæлой, ахæм куыдæй. Дæ куыдæй райгас уыдзысты мад æмæ фырт, рацæудзысты обауæй, æмæ-иу сæ æрхон ардæм, сæ хæдзармæ». Уазæг сæххæст кодта йе ’мсиахс Андурзахъы фæдзæхст. Мад æмæ лæппу райгас сты йæ куыдæй, æмæ сæ лæг Андурзахъы хæдзармæ æр- хуыдта. Уый фæстæ уазæг фæцыд йæ хæдзармæ, ракодта йæ бинойнаджы, раласта йæ ис, йæ бис æмæ æрцард Анпурзахъы хæдзары. Дыууæ хойы æмæ дыууæ æмсиахсы цардысты кæрæдзийы уарз- гæйæ, а-мæ о-йæ. Уыдон æрцыдмæ æхсарджынæй, амондджынæй цæрут.
<^*1Ь*><^Хф><фХ^ КОСА САУДЖЫН Раджыма-раджы цардис æмæ уыди коса сауджын. Сауджынæн уыди ус æмæ чызг. Коса сауджыны митæ йæ усы зæрдæмæ нæ цыдысты, æмæ йын алы бон дæр уайдзæфтæ кодта, фæлæ йæ коса ницæмæ дардта, йæ уайдзæфтæ йын-иу хъазынырдæм аздæхта. Иу ахæмы ус фæрынчын æмæ, нал фервæздзæн, уый куы базыдта, уæд коса-сауджынмæ фæдзырдта æмæ йын фæстаджы ныхасæн загъта: — Мæнæн фервæзæн нал ис. Дæуæн та æнæ ног ус ракургæ фæ- цæрæн нæй. Æмæ дæхицæн дыккаг ус тагъддæр ракур. Мæнæ дын уа- дзын мæ чындздзон сыф æмæ мæ рон, æмæ, уыдон кæмæн сбæззой, уый-иу ракур, æндæр ус ма ракур! Ус амард, æмæ йæ баныгæдтой. Сыф æмæ рон коса сауджын йемæ рахæсс-бахæсс фæкодта, алы бæстæтыл фæзылд, æмæ никуы никæуыл сфидыдтой уыцы сыф æмæ рон: чи-иу æгæр нард уыди, чи æгæр цола, сыф кæмæн дæлæсин уыди, кæмæн та — уæлæсин. Афтæмæй фæрацу-бацу кодта бирæ азтæ. Куы сфæлмæцыдис, уæд йæ хæдзармæ æрцыд æмæ йæ къæлæтджыныл йæхи æрæппæрста, йæхæдæг йæ усы сыф æмæ рон тæрхæгмæ мæсты æппæрст бакодта. Йæ чызг бауад æмæ сæ йæ уæлæ акодта; ронæй йæхи æрбалвæста, æмæ йыл тынг рæсугъд сфидыдтой. Коса сауджын æм куы бакаст, уæд йæ зæрдæ скафыд, йæ зонд адзæгъæл. Æрæджиау куы æрчъицыдта, уæд йæ чызгæн загъта, йæ мад куы мард, уæд ын цытæ фæдзырдта, уый. — Ацы сыф æмæ рон кæмæн бæззой, ахæм чызг ссар, æндæр гæ- нæн нæй, — загъта сауджын. — Науæд дæуæн мемæ цæргæ у. — Хорз! — загъта чызг. — Иу мæйы æмгъуыд мын ратт дæуæн усаг бацагурынæн. Каед не ’ссарон, уæд, ды мæ мадимæ кæм фæцард- 143
тæ, уыцы хæдзары нæ фæцæрдзынæн, фæлæ ног хæдзар скæн, æмæ уым цæрдзыстæм! йе ’мгъуыдмæ ахæм чызг кæм ссардтаиккой! Чызг алыбон æрмдæсныты уæлхъус лæууыд, æмæ сын бафæ- дзæхста: — Цыппар фæхсæй мын скæнут хæдзарæн йæ астæуыккаг цæ- джындз. Уыцы фæхсытæ милæнгом бакæнут æмæ сæ роды сасымæй баныхасут, ныхæстытæ у, уый куыд ничи базона, афтæ. Йæ сæрырды- гæй дæр æмæ йæ бынырдыгæй дæр ын ахæм къæрмæджытæ скæнут, сæ ныхæст сын куыд ничи равзара. Æз уыцы цæджындзы хуылфы ба- бырдзынæн афæдзваг хæринаджимæ. Сымах мæ уым сæхгæ’нут æмæ уæ хæдзæрттæм фæцæут. Чызг куыд загъта, æрмдæснытæ афтæ бакодтой. Чызг сын куысты мызд уæлдайджынтæй бафыста, æмæ йæ уыдон цæджындзы сæх- гæдтой. Коса сауджын сцæттæ кодта чындзæхсæв, адæммæ хонæг арвыста. Адæмæй чи æрбацыди, чи нæма. Ракæс-бакæс кæнынц, æмæ чындз никуы зыны. Косайы бафарстой: — Кæм ис дæ ног усаг? Рацагур-бацагур фæкодтой, фæлæ цы ссардтаиккой! Алырдæм дæснытæ фæрсынмæ фервыстой, йæхæдæг дæр фæцыд, æмæ йын се ’ппæт дæр, цыма æмдзырд бакодтой, уыйау загътой: «Дæ чызг ничердæм ацыди, — дæ хæдзарæн йæхи мидæг ис!» Хæдзары бирæ фæцагуырдтой, фæлæ цы ссардтаиккой! Сау- джын уыйбæрц смæсты, æмæ йæ хæдзарæн йæ цар скалдта, йæ ас- тæрд, йæ къултæ йын райхæлдта, æмæ уæд дæр куы ницы ссардта, уæд утæппæт хъæдæрмæг цæугæ доны бакалын кодта, æм,æ сæ дон фæ- ласта. Чызг цы цæджывдзы мидæг æхгæд уыд, уыды цæджындзы дон ласы æмæ ласы. Уалынмæ йæ дыууæ сакъадахы æхсæн хуырмæ, пад- дзахьт бæхтæ найæн æмæ дондарæн кæм уыд, уырдæм раппæрста. Райсомæй паддзахы бæхгæстæ дондарæнмæ æрыскъæрдтой, æмæ федтой диссаг: сæ бæхтæ, раст цыма бирæгъы тæф басмыстой, уыйау сызнæт сты, сæ хъустæ схъил кодтой, сæ къæхтæ цагътой, дон сæ ничи банызта, афтæмæй раздæхтысты! Изæры та æрыскъæрдтой бæхтæ, æмæ та æнæдонæй раздæхтысты. Бæхгæстæ паддзахæн уыцы хъуыддаг зæгъын нæ бауæндыдысты, фæ- лæ йын æй йæ лæппуйæн фехъусын кодтой. Лæппу райсомæй семæ ацыд, æмæ та бæхтæ фæстæмæ ралыгъдыс- ты. Уæд ракæс-бакæс кæнынц, æмæ донмарæны, доны был лæууы ног цæджындз. Кæд исты азым ис, уæд уыцы цæджындзы мидæг хъуамæ уа, загътой паддзахы лæппу æмæ бæхгæстæ. 144
Цæджындз раппæрстой ардыккаг кæронмæ, афастой, йæ, æмæ йæ мидæг разынди чызг. Чызг æмæ лæппуйæн фыццаг фендæй кæрæдзи- йыл сæ цæстытæ баззадысты, сæ зæрдæтæ сасымау аныхæстысты, аф- тæмæй сагъдæй лæууынц. Лæппу æгæр бафæстиат, фæлæ йæ йæ къæхтæ нал хæссынц, чыз- гæй фæцух уа, уый йæ бон нал уыди. Чызджы йæ хæдзармæ скæна, уый та йæ фыдæй нæ уæндыд. Бирæ рафæнд-бафæнд, ратæрхон-батæрхоны фæстæ лæппу чызджы акодта хъæдмæ. Уым ын лæгæт ссардта æмæ йемæ бацарди. Иæ фыдæн схъæр- кæнын нæ бауæндыд, афтæмæй фæцардысты сусæгæй иу афæдзы бæрц, уальшмæ, дын, фыд иу бон загъта лæппуйæн: — Æз базæронд дæн, æмæ ма цалынмæ æгас дæн, уалынмæ мын, дæ къай чи уыдзæн, уый базонын кæ. Фæцу æмæ фæзил алы бæстæ- тыл æмæ, ме ’мсæр паддзæхтæй æмæ мæличчытæй дæ зæрдæмæ кæй чызг фæцæуа, уый мын зæгъ, стæй йын мæхæдæг хос кæндзьшæн. Лæппу æнкъардæй рацыд æмæ, цы æрæмысыдаид, уымæн ницы зыдта. Иу-дыууæ мæйы фæстæ паддзах фæдзырдта йæ лæппумæ æмæ йын загъта: — Цы бадæ, кæй дын загътон, уымæй? Лæппуйæн гæнæн куынæуал уыд, уæд йæ фыды раз йæ зонгуытыл æрхауд æмæ дзы ракуырдта хатыр. Чызджы куыд ссардта æмæ куыд цæры йемæ, уыдæттæ йын лыстæггай фæдзырдта, иу къуыри раздæр ын лæппу кæй райгуырд, уый дæр ын загъта. Паддзах фырмæстæй йæ гæндзæхтæ сцагъта æмæ йыл сбогътæ кодта: — Мæ мыггаг мын кæй тугимæ схæццæ кодтай? Ме ’мсæр пад- дзæхты æхсæн мæ цæмæн фæхудинаг кодтай? Æз дæу дæ усимæ хъуа- мæ æрцауындзон æмæ уын уæ быны сындзын арт скæнон, афтæмæй уæ басудзон! Æмæ йæ йæ хæдзарæй расырдта. Лæппу æрхæндæгæй фæлæууыди бирæ, стæй ацыд йæ лæгæтмæ, ’йæ усмæ. Ус ын загъта: — Ма тæрс, арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Уый йæ тæвдæй афтæ загъта, уый йедтæмæ йе ’ртхъирæн нæ сæххæст кæндзæн. Дыккаг райсом ус йæ лæппуйы цынадта хъарм доны, йæ сызгъæрин коцора йын ныффаста, афтæмæй йæ паддзахы фæсдзæуин паддзахы размæ бахаста, йæ къахджыныл æй æрæвæрдта æмæ загъта: — Дæ лæппу æмæ дæ чындз афтæ зæгъынц: «Мах марыс, фæлæ ацы сыгъдæг удæн батæригъæд кæн, ма йæ амар, ссар ын дыджызæтæ, æмæ дын æй схъомыл кæндзысты». 10 Ирон адаемы аргъæуттæ 145
Паддзах сызгъæрин коцораджын лæппуйы куы федта, уæд æй фыр- ципæй æртæ ныхъуырды акодта æмæ йæ æртæ хатты сæппæрста. Йæ маст, йæ худинаг дзы ферох сты, лæппумæ æмæ йæ чындзмæ фæдзырд- та æмæ сын арфæ ракодта. Стæй чындзæхсæв æмæ лæппуйы куывд иумæ скæныюыл ныллæууыд. Хонджытæ арвыста алырдæм: æмæ уыдон фехъусын кодтой: «Пад- дзæхтæй, æлдæрттæй, мæличчытæй, сауæй, уæзданæй, кæйдæриддæр йæ къах, йæ бæх хæссы, — паддзах уæ хоны чындзæхсæвмæ æмæ лæп- пуйы куывдмæ». Уыйбæрц бирæ адæм æрæмбырд, æмæ зæххæн уæз кодтой. Хуынд адæмимæ коса сауджын дæр фæхæццæ æмæ уый дæр рæбынæй ра- бадти! Иннабонæй-иннабонмæ фæчындзæхсæв кодтой. Иннабонты фæс- тæ алчи арфæ ракодта æмæ йæ хæдзармæ фæцыд. Æрмæст фæстейæ аззадысты цытджын паддзæхтæ, мæличчытæ æмæ зынгæ лæгтæ. Уыцы нымады коса сауджын дæр фæци. Нозтфæллад адæм куы бафынæй сты, уæд коса сауджын сыстад, æмæ, йæ чызг кæм фынæй кодта, уырдæм бахъуызыд, йæ дзыппæй йын йæ хæрынкъа систа æмæ дзы сывæллоны хурх алыг кодта. Иæхæдæг бавдæлд, æмæ тугæйдзаг хæрынкъа йæ чызджы дзыппы фæстæмæ цæвæрдта æмæ йæ хæдзармæ ацыд. Паддзах сывæллоны йæхицæй ничердæм уагъта, æрмæст-иу æй æхсæв уагъта йæ мадмæ дзидзи дарынмæ, фынæй кæнынмæ. Райсомæй паддзах æркуырдта сывæллоны. Сывæллоны мардæй бахастой пад- дзахмæ. Уый йæ сæр хойын систа, кæугæ æмæ дзыназгæйæ адæмы фæрсын байдыдта, чи уыд йæ марæг æмæ йæ цæй тыххæй амардта, зæгъгæ. Ничи ницы базыдта. Уæд иу зæронд лæг загъта: — Цыргъаг кæмæдæриддæр ссарат, се ’ппæтмæ дæр баджигул кæ- нут. Цы цыргъагæй мард æрцыд, уыцы цыргъагыл марды тугæй ныхъ- хъæбæр уыдаид, æмæ уымæй фæбæрæг уыдзæн. Джигултæ райдыдтой, фæлæ ницы ссардтой. Уæд коса сауджын загъта: — Йæ мадмæ-ма баджигул кæнут! Чи зоны, йæхæдæг уыд! Мадмæ баджигул кодтой æмæ йын йæ дзыппы тугæйдзаг хæрын- къа ссардтой. Ус уый куы федта, уæд уыйбæрц фæрыст йæ зæрдæ, æмæ нал бау- рæдта йæхи, — ахаудта æмæ бауадзыг, иу бон изæрмæ нал æрчъи- цыдта. Паддзах йæ лæппумæ фæдзырдта æмæ йын бауынаффæ кодта: — Ацу, æмæ уыцы хæйрæджы куыд ссардтай, афтæ йæ фесаф; мæ цæст æй кæм нæ фена, ахæм ранмæ йæ фæкæн. 146
Лæппу йе ’мгæрттимæ, йæ цуанонтимæ араст и. Мард лæппуйы йæ мады æккой сæвæрдтой æмæ, цыма, цуаны цæуынц, уыйау ацы- дысты. Бирæ фæцыдысты, чысыл фæцыдысты, уый чи зоны. Уалынмæ, дын, лæппу иу тар, тæгæрджын хъæды амардта дыу- уадæссион саг. Сагæн йæ сæр æмæ йæ царм йæ фыдæн рахаста, йæ иу æрдæг йæ усæн ныууагъта. Иæхæдæг усæн загъта: — Мæ фыд ’мьш бафæдзæхсла, фæлæ æз мæ къух дæумæ -нæ оисдзынæн, нæ дæ амардзынæн. Ныр мæнæн нал ис демæ цæуыны рæс- тæг, фæлæ хæрзбон. Кæрæдзийыл фæкуыдтой, кæрæдзийы æфцæджы атыхстысты æмæ фæндараст загътой кæрæдзийæн. Лæг æмæ йе ’мбæлттæ ацыдысты. Ус та, мæгуыр, ногæй бауадзыг и. Бирæ фæци, чысыл фæци уадзыг мæгуыр ус, уый ничи базыдта. Куы æрчъицыдта, уæд афтæ смæллæг æххормагæй æмæ мæстæй, æмæ йе уæнгтæ дыдæгътæ кодтой. йæ зæрдæйы сфæнд кодта: — Цæй æмæ, цалынмæ ма мæ ме ’уæнгтæ хæссынц, уалынмæ ин- гæн скъахон æмæ дзы мæ сывæллонимæ мæхи баиыгæнон. Ингæны бынат агуры. Афтæмæй ссардта дзæбæх уазал суадон. Суадон тæгæры бьшæй згъордта. Мад суадонæй анызта, æмæ дзы аф- тæ фæцырддæр, цыма ивæзгæ дзыккайæ бафсæсти. Бадис кодта йæхи- нымæр æмæ афæнд кодта мардæн йæ туджы хъæбæртæ æрæхсын, йæ баныгæныны размæ йæ цынайын, сыджытмæ сыгъдæгæй цæмæй бацæ- уа, уый тыххæй. Куыддæриддæр æй доны æрæвæрдта æмæ йын йæ тугтæ донæй фæ- хъæстæ кодта, афтæ сывæллон йæ къæхтæ æмæ йæ къухтæ аивæзта æмæ йæ мады дзидзи æркуырдта. Мад джихæй аззади, стæй бамбæрс- та, æнахуыр диссаг ыл кæй æрцыди. Æмæ скуывта: — О хуыцау! Кæд мын æнахуыр хæрзиуæг ракодтай, мæ марды мын райгас кодтай, уæд ма дæ уый дæр курын: ам мын ахæм æртæ æддæгуæлæ хæдзар фестын кæ, æмæ йæ бæрзæнд нæзы бæлæстæй бæр- зонддæр куыд уа, йæ уæлхæдзар æмæ йæ цар сæууон стъалыйæ, йæ къултæ — сыгъдæг айдæн, йæ бын та æргъæу куыд уа! Æмæ дзы уайтагъд диссаджы хæдзар февзæрди. Сывæллон æхсæв рæзт уыдисн, бон та уылынг. Иу къуыримæ цуаны цæуын байдыдта, æмæ йæ мадæн хаста сагтæ æмæ сычъитæ, афтæмæй цардысты. Паддзах æмæ йæ лæппу дæр цардысты, уæдæ цы уыдаид. Паддзах бирæ хæттыты загъта йæ лæппуйæн: «Ацу, дæхицæн усаг ссар æмæ йæ ракур». Лæппу бонæй-бонмæ æфсæнттæ кодта. Афтæмæй йæ усы сæфтыл ацыд иу афæдз. Афæдз куы сæххæст, уæд лæппу сфæнд кодта: «Фæцæуон, мæ ус æмæ мæ мард сывæллоны кæм ныууагътон, уырдæм, æмæ ма сын кæд 147
се ’стæгдар ссарон, уæд сæ баныгæндзынæн. Уый фæстæ мæхиуыл мæ зæрдæ нал худдзæн,, æмæ ус ракурдзынæн». Иæхи сцæттæ кодта лæппу æмæ йæ фароны цуанонтимæ, иу фынд- дæс барæгæй, цуаны æфсон йæ усы стæгдар агурынмæ фæцыди. Бирæ фæцыдысты, чысыл фæцыдысты, уый сæхуыдтæг зыдтой, фæлæ уæд- дæр фæхæццæ сты уыцы тар хъæдмæ. Уалынмæ паддзахы лæппу æмæ йе ’мбæлттæ уыцы æнахуыр дис- саджы хæдзар ауыдтой. Мидæмæ йæм нæ уæндыдысты, фæлæ дуарыл йæ ялыфæрсты æрзылдысты æмæ йæ бæрджытæ кодтой. Уæд паддзахы фырт загъта: — Кæд мæм ам исты фыдбылыз кæсы, уæддæр мын ацы бæстыхай æнæ бабæрæггæнгæ нæй. Бацыди хæдзармæ. Ус хæдзары уыд, лæг æй нæ базыдта, фæлæ йæхи фæныфсджын кодта æмæ загъта: — Фарн уæ хæдзары, хæдзаронтæ! Мах стæм фынддæс бæхджыны æмæ нæхи уе ’уазæг кæнæм. Ахсæв нæ бавæрут. — Мидæмæ рацæут! Куыннæ уæ бавæрдзыстæм! Фæлæ нæ хæ- дзары хицау цуаны кс, тагъд æрцæудзæн, уæ бæхтæ уал ахизут. Æз уын æхсæвæры кой атсæнон, — загъта ус. Уалынмæ, дын, лæппу дæр йæ цуанæй æрхæццæ. Фæндарасты фæндагыл ацыд уыцы бон: амардта миты хуызæн цыппæрдæссион саг æмæ йæ йæ рахиз уæхскыл афтæ рогæн æрхаста, цыма йын сæнчы зæнг уыди. Йæ мад йæ кæрдзын кæнын фæуагъта æмæ йæ лæппуйæн йæ хъу- сы суоæгæй адзырдта сæ уазджыты хабар, æмæ йын бафæдзæхста: — Цыдæриддæр фехъуыкггай мæнæй, уыдон раст радзур, уыщы лæг дæ куы фæрса, уæд. Æхсæвæр куы сцæттæ, фынгтæ куы æрæвæрдтой, кæрдзынтæ æмæ саджы фыд куы райуæрстой, уæд паддзахы фырт загъта лæппуйæн: — Дæхæдæг дæр диссаджы лæг дæ, дæ хæдзæрттæ дæр диссаг. Уыдон зæххон лæджы къухтæй арæзт не ’сты. Ацы тар хъæды ахæм бæстыхай кæцæй сæвзæрдис, уый мын куы нæ зæгъай раст, уæд æз дæ хойраг нæ бахæрдзынæн, дæ нозтæй мæхи нæ фæхъæстæ кæндзынæн. Лæппу радзырдта сæрæй бынмæ, йæ мадæй цыдæриддæр фехъуыс- та æмæ^ йæхæдæг цы федта, уыдон. Райста ус йæхимæ ныхас æмæ йын загъта: — Æз дæ куыддæриддæр федтон, афтæ дæ базыдтон, фæлæ дын мæхи барæй не ’схъæр кодтон. Дæу, чи зоны, мæ дзырд нæ бауырныд- таид, фæлæ дæ мæнæ дæ лæппуйы сызгъæрин коцорайæ æмæ дæлæ удæгасгæнæг суадонæй бауырндзæн. Кæд ма дæ зæрдæ миййаг æхса- йы, уæд дын мæнæ мæ цонг: алыг æй кæн, стæй йæ дæлæ суадоны атул, æмæ, цы уыдис, уымæй авд ахæмы хуыздæр куы феста, уæд ма дæ зæрдæ истæмæ æхсайдзæн? 148
Лæппу сыстадис æмæ дыууæ саджы сгуыйы систа, йæ фыдмæ сæ бахаста, радта йæм сæ æмæ йын загъта: — Уыдонæй иу дæхæдæг бахæр, иннæйы мæнæн ратт, йæ цыппæр- дæссион сæр та мын дæ фыдæн æмæ мæ фыдыфыдæн ахæсс лæварæн. Дыккаг бон паддзахы фырт æмæ йæ цуанон æмбæлттæ фæцыдыс- ты сæ хæдзармæ. Куы æрхæццæ сты, уæд лыстæгæй фæдзырдтой пад- дзахæн сæ диссаджы фæндаджы хабæрттæ. Бахастой йын лæппуиы лæвар — урс цыппæрдæссион саджы сæр æд сытæ æмæ æд царм. Пад- дзахы бауырныдта. Фервыста стыр æфсæдтæ чындзхæсджытæ æмæ чызгæмбæлттæ усæн. Стыр кадимæ йæ æрхуыдта. Фидиуджытæ фервыста æмæ дунейы адæмы æрхуыдта. Æртæ иннабоны фæцæл-фæминас кодтой æмæ сæ сызгъæрин коцораджьга лæппуйыл фæцинтæ кодтой. Уыцы хуынд æмæ минасмæ коса сауджьгн дæр æрцыди, фæлæ фæндараст нал фæци. Косайы æрцахстой, адæмы раз æй фæгæды кодтой æмæ йын йæ тæригъ^дтæ йæхи дзыхæй фæдзурын кодтой. Уæд æй уырс бæхы къæдзилыл бабастой, афт^мæй уырсæн æртæ цæфы ныккодтой æмæ йæ йæхи бар ауагътой. Уырс Коса сауджыны аскъæфта æмæ йæ фæндаджы сæрдæнтæ фæкодта. Уый фæстæ паддзах дæр бирæ нал ахаста. Паддзахдзинад йæ лæппуйæн баззад, æхсиндзинад та — коса сау- джыны чызгæн, æмæ зæронды бонмæ амондджынæй фæцардысты. <^5>
(»^хи?^!А?<^и?^и^ МАЧЪИДОН АЛЫКСАН* Раджыма-раджы, иттæг раджы, царди мæгуыр лæппу-паддзах. йæ ном хуынди Мачъидон Алыксан, æмæ йын уыд æрра нæл байраг. Байраг байрæзти, æрцыдис йæ саргъ æвæрын афон. Рæзгæ тынг егъау скодта, стæгджын æмæ уæнгджын уыдис: йæ бæрзæй дом- байы бæрзæйы хуызæн сси, æмæ йæм иннæ уырсытæй хæстæг ничи цы- дис: йæ риуы гуыдырæй-иу кæй скъуырдта, уый-иу афæлдæхт, æмæ дзы æмризæджы рызтысты. Лæппулæгтæй, хорз бæхылбадджытæй дæр йе ’мгæрон ничи уæндыд: кæмæн-иу йæ цонг ахордта, кæмæн-иу йæ хъус атыдта. Афтæмæй йæ уæлæ бадын никæй уагъта. Паддзах бирæтæм фæсидти, хуыздæр æмæ хуыздæр барджытæм, фæлæ йын ничи ницы бафæрæзта, йæ дзыхы йын идон ничи бакодта. Паддзах тынг смæсты æмæ йæхæдæг йæхи рауæлдай кодта худи- наг фæуыны бæсты: сфæнд ыл кодта йæхæдæг сбадын. Зæлдаг синаг йæ астæуыл æрбабаста, йæхæдæг бæхмæ хъазгæ- хъазгæ хæстæг бацыд, уыцы иу сæррæтт æм бакодта æмæ йе ’фцæджы йæхи ацауыгъта. Бæх ныххуыррытт кодта æмæ уæларвмæ фæхауди, фæлæ йын пад- дзах йæ бæрзæйыл фидар хæцы. Бæх дыккаг хатт йæхи фехста уæларв- мæ, фæлæ йыл паддзах ноджы тынгдæр ныффидар ис. Æртыккаг хатт фесхъиудта бæх, фæлæ та йæ паддзах уæддæр не ’суæгъд кодта. Уæд æм бæх лæджы æвзагæй сдзырдта: — Ды мæнæн барæгæн сбæззыдтæ, æз та дæуæн бæхæн сбæздзы- нæн. Ныр мæ æртæ бонмæ ауадз, æмæ уæгъд скъæрæны фæхизон. Уый фæстæ дæ мæ сæр куы бахъæуа, уæд-иу дæ арт æмæ схонæй зынг ацæгъд, æмæ мыл зныгъы сыгъды тæф куы сæмбæла, уæд æз дæ разы февзæрдзынæн: кæмдæриддæр уон, уырдæм æз зныгъы сыгъды смаг базондзынæн. Аргъаугæнæг афтæ хоны Александр Македойнаджы. 150
Бæх ацыди хизынмæ, паддзах та — йæ хæдзармæ улæфынмæ. Аргъау тывдзаг, аргъаугæнæг фæлмæцаг! Иу бон куы уыдис, уæд, дын, хурыскæсæйнаг паддзах Алыксаны арæныл æд æфсæдтæ æрбалæууыд æмæ йæм йæ минæвæртты æрбар- выста: «Кæд дæ дæ сæр бавæрын фæнды, уæд мын афæдзæй-афæдзмæ хъалон фид дæс теуайы уаргъы сызгъæрин æхца, æмæ дæ паддзахад дæхи. Миййаг мæ исты сæр куы бахъæуа, уæд мæм-иу æфсæддон адæ- мæй дæр фæкæс. Кæд ацы фидар уынаффæ сом ацафонмæ сæххæст кæнай, уæд хорз, — кæннод мæхæдæг уырдæм куы бацæуон, уæд дын дæ сæр ралыг кæндзынæн, фæлæ «нæ фехъуыстон» ма зæгъ». Алыксан минæвæрттæн дзуаппæн загъта: «Цы мæ бон у уый бæрзонддзинады раз! Зæгъут ын, тæккæ рай- сом йæ разы уыдзынæн, æмæ йæ <цы фæнда, уый мын бакæиæд». Уыцы сахатыл зынг ацагъта, йæ бæхмæ фæдзырдта. Бæх йæ уæлхъус æрбалæууыд æмæ йæ бафарста, цæмæн дæ ба- хъуыдтæн, зæгъгæ. Паддзах ын хъуыддаг радзырдта. Бæх ын ныхас радта. Уыцы сахатыл Алыксаи фæдис ныхъхъæр кæнын кодта фидиуæ- гæн. Йе ’фсæдтæ æрбамбырд сты, йе ’знаджы хабæрттæ сын расидти æмæ сын загъта: «Райсом раджы сыстдзыетæм æмæ йæ размæ ацæу- дзыстæм». Дыккаг бон Алыксан æмæ йе ’фсæдтæ хæстæууæлтæй ацыдысты се ’знаджы размæ. Семæ акодтой æртæ урсбоцъо зæронд лæджы æмæ сьш сæ къухтæм фæйнæ даргъ æнгуыры хъилы радтой, сæ уæлæ урс цып- парфисынон кæлмæрзæнтæ хуыд, афтæмæй, æмæ сæ Алыксан знаг-пад- дзахмæ барвыста фидауынмæ. Зæгъинагæй сын Алыксан бафæдзæхста: «Æз нырма æнахъом дæн æмæ, хæст цы вæййы, уый уынгæ дæр никуы фæкодтон, æмæ мæ хæцын дæр нæ фæнды, мæ ныфс дæр нæ хæс- сын дæ ныхмæ æрлæууынмæ. Мах нæхи удæгасæй куы ныууæй кæнæм, уæд дæр дæ сызгъæрины хъалом махмæ нæ разындзæн. Фæлæ дын уый хыгъдмæ хъалонæн ратдзыстæм, мулк нæм цыдæриддæр разына, уымæн йæ дæоæм хай, æмæ нæ æнæфхæрдæй ныууадз. Кæд ууыл разы нæ кæныс, уæд мын ме ’фсæдты цæгъдыны бæсты мæхи амар, æмæ уый фæстæ мæ бæстæ дæр дæу уыдзæн æмæ ме ’фсæдтæ дæр! Æрмæст нæ фидыд афтæ фæуæд: æз ме ’фсæдты бауромдзынæн де ’фсæдтæй чысыл æддæдæр, — чъылбыс фехсыны дардмæ. Мæхæдæг дæм бæхыл бад- гæйæ бацæудзынæн æмæ уым дæуæн мæхи милæн æрæвæрдзынæн. Æмæ мæ дæхæдæг дæхи карз хæцæн фатæй фехс æртæ хатты. Афтæ- мæй мæ кæд амарай, уæд ме ’фсæдтæ дæр дæу уыдзысты æмæ мæ бæс- тæ дæр. Мæхи мын, мæ уд кæм сисон æмæ кæм амæлон, раст уыцы ран 151
баныгæнын кæ дæ адæмæн. Кэед де ’ртæ æхстæн аирвæзон, уæд мæнæн дæр дыууæ æхсты бар ратт, æндæр ницы курын». Паддзах сæм хъуыста æмæ æмбæрста, уыцы ныхæсты кæй ис цы- дæр хины хъуыддаг, æндæра фæд-фæдыл æртæ æхстмæ Алыкоан йæхи милæн куыд æвæры, йæ фаты фындзмæ, — йæ фаты цæф хъæдтæ æмæ дуртæ куы нæ уромынц, уæд? Фæлæ утæппæт æфсæдты æхсæн йæ сæрмæ дæр куыд бахастаид фæтæрсын æмæ хæстмæ ма рацæуын. Минæвæртты курдиатыл сразы ис æмæ сын загъта: — Ацæут, æз разы дæн. Аходæн афонмæ уæртæ быдыры доны- былмæ рацæут, æмæ уым кæрæдзийы фендзыстæм! Минæвæрттæ Мачъидонæн расидтысты паддзахы уынаффæ. Мачъидон йæ бæхмæ фæсидт æмæ йын сæ фидыды хабар радзырд- та. Бæх ын «ма тæрс» загъта, йæ рахиз хъусырдыгæй йæ æрбалæууын кодта æмæ йæ йæ галиу хъусæй рахизын кодта. Алыксан фестади хорз хæстæввонг лæг, уарт æмæ згъæрджын, æндон зæнгойджын æмæ æндон уæраджы чъириджын. йе ’рдын—тала уисхъæдæй, йе ’рдынбос—хъарабахаг бур цыллæйæ; фатдон — цъæх æндонхъæстæ фæттæй йе ’дзаг! Хъæлдзæгæй, цыма чындзæхсæвмæ цыдысты сæ нысангонд бынат- мæ, уыйау цыдысты Мачъидон Алыксаны æфсæдтæ. Алыксан йе ’фсæдтæ фæс зæнджы аууон баурæдта, йæхæдæг уæл- бæхæй бацыди, нысангонд бынаты йæ бæх баурæдта æмæ йе ’знаг пад- дзахмæ æнхъæлмæ кæсы. Уалынмæ уый дæр фæзынд йæ бирæ адæмимæ, йæ фæсдзæуинтæ, йæ фæтæгтæ æмæ æндæртимæ. Кæрæдзийæн салам радтой, æмæ уый фæстæ Мачъидон йæхи ай- тынг кодта æмæ загъта: — Æз цæттæ дæн мæлæтмæ, фæлæ мауал фæстиат кæн, фехс! Паддзахмæ йæ иу æфоæддон иуырдыгæй фат æрбалæвæрдта, иннæ æфсæддон иннæрдыгæй — æрдын. Уæд фатæн йæ фындз асгæрста, æрдынæн — йæ бос, æмæ сæ хæст- мæ цæттæйæ куы федта, уæд фатæй ныхъхъавыди раст Алыксаны рахиз цæстмæ. Алыксан цырд лæууы. Фат цы уысмы суагъта п&ддзах, уьгцы уысмы Алыксан, цыма йæ ехс ахаудта æмæ уый иста, уыйау зæхмæ фæгуыбыр кодта рахиз- фарсырдæм. Фат сæрты бацыдис æмæ фæсте кæмдæр тулдз бæласы зæнджы ныссагъд. Паддзах фæм^æсты, æмæ йын иннæ фатæй йæ галиу цæстмæ ныхъ- хъавыд. Алыксан та фат суадзыны уысмы йæ бæхы бæрзæй йæ хъæ- бысы акодта æмæ йыл æртыхсти. Дыккаг фат дæр сæрты бацыд, хъæд- рæбын сæрджын сагыл сæмбæлд æмæ йæ амардта. 152
Паддзах ноджы тынгдæр æрбамæсты æмæ æртыккаг фат фæцарæз- та Алыксаны бæхы сæрмæ æмæ йæ барæджы зæрдæсæрмæ. Бæх зонйн- джын уыдис, æмæ уыцы уысмы йæ сæр фæгуыбыр кодта зæхмæ, цыма. хизгæ кодта, уыйау. Фат бæхы сæр фæивгъуыдта, фæлæ сæмбæлди саргъы фыццаг гоппыл. Уый апырх кодта æмæ сæмбæлд Алыксаны цъæх æндон æрты- дагъ уартыл, йæ æртæ цъары йын батыдта, згъæр мидæмæ батасын кодта, æмæ Алыксаны бичъы бын фæцъæррæмыгъд кодта, фæлæ йæ Алыксан хъуыды дæр не ’ркодта. Мачъидон куы фервæзти, уæд йæ худыл фидар ныххæцыд æмæ загъта: — Абон мæнæн мæ амонды бон уыд, æмæ æз адæмы хъуамæ рæв- даугæ бакæнон! Маргæ æмæ æфхæргæ никæй бакæндзынæн. Хурыскæсæны паддзахыл саст къæцæлтæ бакалдта æмæ йын загъта: — Æз дæуæн барьгн дæ рæдыдтæ, æмæ дæ нæ марын. Дæуæн дæ паддзахад стыр у, æмæ дæ адæмы магуса ахуыр ма кæн. Хæстыты хъуыддаг ныууадз, хор æмæ фосы куыстмæ де ’ргом ратт æмæ сабырæй цæр. Мæнæн фиддонæн æмæ хъалонæн алы афæдз дæтдзынæ, дæхæдæг мæныл цал теуайы уаргъы сæвæрдтай сыгъдæг сыз^ъæрин, уыдон, кæнæ та уæ мулкæн йæ дæоæм хай. Дæ паддзахады сабырæй куы нæ дарай æмæ дыл æртæ хъасты куы æрбацæуа, уæд дын дæ дыууæ цæс- ты скъахын кæндзынæн æмæ дæ талынг ныккæнды фæдардзынæн, ца- лынмæ цæрай, уалынмæ! йæ тæрхон æфсæддон адæмæн сæ зæрдæмæ фæцыд, æмæ разыйы хъæртæ скодтой. Йе ’знаджы æфсæдтæ дæр Мачъидонмæ æрбалыгъ- дысты æмæ йыл сæхи бафæдзæхстой. Уыцы бон Мачъидонæн уыди йæ дыккаг гуырæнбон — æгас дуне- йыл ахъæр ис йæ ном, йе ’хсар, йæ уарзæгой, йæ хæрзиуæгджын тæр- хон æмæ йæ æнæнымæц хъæздыгдзинад. Лæджы цæстæн æфсис нæй, æмæ Мачъидон дæр уыцы æнæфсис фæндагыл адзæгъæл. Иу ран нал æрынцади, фæлæ размæ цыди æмæ, цы паддзахæдтæм хæццæ кодта, уыдон саста æмæ афтæмæй æгас ду- нейы паддзахæдты йæхи бакодта. Сæ сæртæ дæр æмæ сын сæ фæл- лæйттæ дæр йæхи куы бакодта, уæд йæ хæдзармæ цæуыны фæнд скодта. Бирæ фæцыди, чысыл фæцыди, уый йæхæдæг зыдта, фæлæ иу хур бон, хорз кæрдæгджын быдыры, цæугæ доны был, йе ’фсæдтимæ бон- асадæн æркодта. Мачъидон уыцы донæй куы банозта, уæд дисы бафтыд: ахæм ад- джын æмæ йæм лæрзад фæкаст, æмæ цыма йæ цæрæнбонты ахæм дон никуы банозта. 153
Æвиппайды афæнд кодта: уыцы донæн йæ гуырæн кæм ис, хъуа- мæ уый ссара æмæ йæ сбæрæг кæна. Ие ’фсæддонтæй дыууæмæ фæдзырдта, æмæ дон-дон уæлæмæ араст кодтой. йе ’фсæдты хистæртæн загъта: — Цалынмæ æз æрыздæхон, уалынмæ уал ам аулæфут, уæ фос дæр æмæ уæхи дæр знаг æмæ сырдтæй цырд хъахъхъæнут. Дон-дон цæуынтæ райдыдтой, цæуынтæ райдыдтой. Бирæ фæцы- дысты, чысыл фæцыдысты, уый сæхæдæг зыдтой, фæлæ йæ фæстаджы бон бахæццæ сты стыр, бæрзонд æмæ даргъ чъырын галуанмæ. Галуанæн йæ рагъыл чъырынимæ фидаргонд уыдис хъамайы фында- тæ, йæ сæрты асинтыл дæр акиэæн куыннæ уыдаид, афтæ. Галуанæн йæ бацæуæны уыди бæрзонд æмæ уæрæх, дывæрсыг æфсæн дуар, æф- сæн гуыдырæй æхгæд. Дуаргæсæн дзы лæууыди æрмæст иунæг лæг, хæцæнгарзæй йæм уыд æрмæст иунæг джебогъ. Алыксан æм бадзырдта: — Дуар нын бакæн. Уый йын дзуапп радта: — Нæй дуар бакæныны бар дæр æмæ мидæмæ бацæуыны бар дæр. Алыксан фæхъæр кодта: — Æз чи дæн, уый зоныс? Тагъд дуар бакæн, æз Мачъидон Алыксан дæн! Дуаргæс æм йæ цæхæр цæстытæй æрбакаст æмæ йын загъта: — Чи фæнды фестай, уæддæр дын, кæм лæууыс, уырдыгæй иу къахдзæф дæр æрбакæнæн нæй, æмæ тагъд, кæцæй æрцыдтæ, уырдæм аздæх! Дуаргæсы цæстытæ Алыксаны афтæ бадомдтой, æмæ ма йæ чысыл бахъуыд йæ бæхæй рахауынмæ: йæ зæрдæ къултыл йæхи ныххоста, йæ буары та йын цыма алы ран дæр туæстæ фæтъыстæуыд, афтæ фæцис, йæ уæнгтæ æрызгъæлдысты, иу дзæвгар рæстæг дзурын дæр нал сфæ- рæзта. йæ бæх дæр йæ быны ныррызт æмæ йæ хъустæ æрæппæрста. Æрæджиау куы æрчъицыдта, уæд æй йæ зæрдæйæ базыдта, уый хуымæтæджы лæг æмæ хуымæтæджы дуаргæс кæй нæу. Иæ бæх раздæхта фæстæмæ, фæлæ ма йæ иу ныхасæй бафарста: — Уæдæ ма мын уы.й бацамон, лæджы цæст цæмæй бафсæддзæн? Дуаргæс ын адæймаджы цæсты къуырфы стæгдар йæ фæдыл рап- пæрста æмæ йын загъта: — Гъе уый ахæсс демæ æмæ йæ тæразыл æрæвæр, гъе уый æмуæ- зæй бафсæддзæн лæджы цæст, æндæр ницæмæй. Алыксан уыцы стæгдар рогæн йæ дзыппы рахаста. Ие ’фсæдтæм куы æрхæццæ, уæд тæраз æрхæссын кодта æмæ йыл æрæвæрдта иуырдыгæй стæгдар, иннæрдыгæй йæ фат. Кæсы, æмæ йæ фат не ’рласта. Иæхинымæр бадис кодта æмæ та æрæвæрдта дыккаг 154
фат дæр, æртьгккаг дæр, стæй йæ фатдон йæ фæттимæ иууылдæр, фæ- лæ та йæ уæддæр нæ фезмæлын кодтой. Мачъидон йæкæдæг дæр дисы бафтыд, стæй, йæ алы фарс чи лæууыд, уыдон дæр. Уалынмæ адæм фылдæрæй-фылдæр кодтой æмæ радзур-бадзур байдыдтой, фæлæ йын ничи ницы æмбæрста. Фæстагмæ Мачъидон йæ цирхъ дæр æрæвæрдта, йæ уарт дæр, фæ- лæ йæ уæддæр нæ фезмæлын кодтой! Уæд æрæджиау сæ фæндагыл иу урсбоцъо лæг бæгъæввадæй æмæ бæгъæмсарæй, бызгъуырты мидæг, æрбацæйцыд, æмæ йæм Алыксан фæдзырдта. Фенын ын кодта тæразы уæлæ иуырдыгæй стæгдары мур, иннæрдыгæй æппæт хæцæнгæрзтæ æмæ, стæгдар уæззаудæр кæй уыд, уый. Зæронд лæг æркаст æмæ, стæгдар лæджы цæсты къуырф уыд, уый куы базыдта, уæд тæразæй гæрзтæ айсын кодта. Йæхæдæг цæсты къуырф йæ къухмæ систа æмæ йæ сыджытæй байдзаг кодта, стæй уæд уыцы сыджыт тæразæн йæ иу фарс æркодта, йæ иннæ фарс та цæсты къуырфы стæгдар æрæвæрдта. Уæд стæгдар хæрдмæ фæхауд, сыджыт та зæххыл йæ бынаты æрынцади! Лæджы цæсты ницы бафсаддзæн сыджыты йедтæмæ! Цæстæн цас фылдæр уа, уыйас æй фылдæр хъæуы. Æрмæст куы амæлы æмæ йыл сыджыт куы бакалынц, уæд бафсæды, ницыуал æй фæхъæуы. Уыцы тæраз Мачъидонæн хосау фæцис, æмæ уый фæстæ сабырæй фæцард йæ мæлæты бонмæ.
ÆРТÆ ÆХСИНÆДЖЫ Лæг æмæ ус уыди. Уыдонæн райгуырди лæппу, стæй иу къорд азы куы рацыди, уæд ус амарди, лæппу баззади сидзæрæй. Лæг та баздæхт æмæ æндæр ус æрхаста. Цæрынтæ байдыд- той. Лæппу фæхъомыл, æххуысхъом фæци фыдæн, цуан кæ- нын дæр байдыдта. Иæ карæнмæ гæсгæ хорз ара^хсти фат æмæ æрды- нæй: ахæм бон нæ ацыдаид, лæппу маргъ кæнæ сырды мард кæд не ’рбахастаид йæ хæдзармæ. Бонтæ згъордтой, лæппу рæзыди æмæ сæрæнæй-сæрæндæр кодта алы хъуыддаджы дæр. ’ Фæлæ æмбисондæн баззад: «Фыды ус — фыд рын». Уæнгæл фес- тад сидзæр лæппу фыды усæн. Цæрын æй нал уагъта æппын, æдзух æй тардта тых тæрæнты, йæ дзыхмæ комдзаг, йæ цæстмæ æхсидав, афтæ- мæй. Фæстагмæ бабадт йæ лæджы бын æмæ архайын байдыдта, цæмæй фыд стырзæрдæ кæна йæ фыртыл. Уæд æм иу хатт баздæхт æмæ йын дзуры: — Нал фæразын дæ фыртæй, æз фæцæринаг нал дæн дæ хæдзары, исчердæм æй куы нæ фæкæнай, уæд: кæнæ дын дæ фырт, кæнæ дын æз. — Хуыцау кæмæн нæй, — загъта лæгу — цæмæн æм дарыс ахæм зæрдæ, куы ницы гæнæг у, фыдбылыз куы нæ хæссы, æгæр хорз дæр ма 159
нæм’ куы кæсы. Ныридæгæн нæ маргъ æмæ сырды фыдæй хæссын куы байдыдта, уæд цæмæн афтæ кæныс, нæ хæдзар нын цæмæн халыс? Ус къæрттæй цъула нæ кæны, ницæмæ дары йæ лæджы ныхас, лæппуйы йæхицæн цæсты сындз скодта. Лæг — лауыз, ус — фæлдахæг. йæ сæрæн н<ал уыди лæг йæ усæй. Бирæ фæтæрхон кодта, стæй æппьгнфæстаг ивын байдыдта лæппуйыл йæ зæрдæ. Уæд иуахæмы фыд басидт йæ фыртмæ æмæ йын загъта: — Барæвдз кæн дæхи, æмæ æхсæвæддæйыл хъæдмæ фæцæуæм. Араст сты хъæдмæ. Фæцархайдтой æгас бон. Æризæртæ, афтæ фыд йæ лæппумæ дзуры: — Уайгæ æмæ искæцæй зынг æрбахæсс, æмæ арт скæнæм. Лæппу зынгагур куы азгъордта, уæд фыд йæ галтæ аифтыгъта æмæ йæ хæдзармæ афардæг. Акаст лæппу йæ алы фæрстæм, æмæ йæм иу ранæй рухс сæрттыв- та. Рухсмæ сарæзта йæхи. Цæуы, цæуы æмæ æхсæвæртæм иу хæдзар- мæ бахæццæ, хъæды астæу рухс кæцæй æрттывта, уырдæм. Аивæй хæдзармæ бакаст æмæ уыны: хæдзары астæу судзы стыр арт, уæларт æхсæвæр фыцы авдхъусон аджы; къонайы алыварс авд уæйыджы бады. «Ардыгæй æнæ зынгæй нал аздæхдзынæн, цыдæриддæр уæд», загъ- та лæппу йæхинымæр æмæ бацыди хæдзармæ. — Уе ’хсæвтæ хорз æмæ фарн уæ хæдзары! — Фæрнæйдзаг у æмæ нæм æгас æрцу, хæххон дзигло, — загътой уæйгуытæ æмæ сæ кæрæдзимæ бакастысты, ома, нæ уазæг нын нæ дæн- дæгтыл асхъауынæн обæздзæн, зæгъпæ. — Æрбад нæм. — Зынг мын авæрут, мæ фыд мæм хъæды æнхъæлмæ кæсы, — загъта лæппу. — Тагъд ма бакæн, лæппу, дæ фыды дæр баййафдзынæ, æрбад уал нæм, дæ фæллад нæм суадз, немæ æхсæвæр бахæр. Лæппу бамбæрста, цы ранмæ бафтыди, уый, æрбадт дæлтъурыл æмæ фæндтæ кæнын байдыдта йæхицæн. Фæйнæрдæм аппæрста йæ нымæты фæдджитæ æмæ иуæй ныхас кæны, аннæмæй фæскъона йæ къухæй дзыхъхъ къахы. Пæртт-пæрттæй фыцы авдхъусон аг, пиллон арт гуыр-гуыр кæны, сырх-сырхид афæлдæхтысты уæйгуытæ, цъыхыры кæнынц арты фарс- мæ се ’ставд зæнгтæ. Уалынмæ уæйгуытæ сæ кæрæдзийæн аивæй æмбарын кæнын бай- дыдтой: «Бавзарын хъæуы нæ уазæджы йæ хъарутæй, кæннод ныл сайд куы æрцæуа». Æмæ дзуры сæ хистæр: 160
— Уазæг, хорз уаид, нæ аг нын уæлартæй куы райсис, кæннод ыл махæн авдæй чи архайы. Лæппу фестад, йæ кæстæр дыууæ æнгуылдзæй авдхъусон аг уæлар- тæй рогæн райста æмæ йæ къонайы фарсмæ авæрдта. — Уæдæ ма нын æххæст уаргæ дæр куы бакæнис. Лæппу фæстæмæ дæлтъурыл æрбадт. Фыдтæ агæй исгæ, стджытæ æппары, йæхæдæг сын сæ фæлмæнтæ хæргæ. Куы бафсæст, уæд фæл- мæн фыдтæ æппарын байдыдта дзыхъмæ, стджытæ та уæйгуытæн. «Зондæй йын куы ницы саразæм, уæд ын тыхæй нæ бон ницы ба- уыдзæн», — сæхинымæр загътой уæйгуытæ. Æхсæвæр бахордтой. Цанæбæрæджы барухс уыдаид уазæгæй мæ- гуыр уæйгуытæн сæ зæрдæ. Хæрзæхсæв загътой уазæгæн, сæхуыдтæг æндæр агъуыстмæ айс- той сæхи. Лæппу хуыссæн æркодта къонайы фарсмæ, арт банорста. Стæй куы æрталынг, уæд баздæхт æмæ йæхи бафæсвæд кодта æмæ æндæр бынаты схуыссыди. Уалынмæ уæйгуытæ дуртæ калын байдыдтой арты фарсмæ, уазæ- джы хуыссæнуатмæ æмæ цин кодтой, уазæгæн йæ стæгдар дæр нал баззайдзæн, зæгъгæ. Райсомæй уæйгуытæ хæдзармæ æрбацыдысты. Кæсынц, æмæ лæппу цардæгас. — Дæ райсом хорз, хæххон дзигло, куыд фæхуыссыдтæ? — фæр- сынц æй уæйгуытæ. — Хорзæй цæрут, — загъта лæппу. — Хуысгæ æвзæр нæ фæкод- тон, æрмæст мæ æхсæнчъытæ иу чысыл хъыгдардтой. «Дзæбæх уазæджы ахæсты нæ фестæм, — сæ кæрæдзимæ дзурынц уæйгуытæ, — уыцы къæдзæх дуртæ йе’ хсæнчъытæ кæмæн сты». Æмæ уæд уæйгуыты хистæр баздæхт æмæ дзурын байдыдта уа- зæджимæ: — Нæ уазæджы хай, дæуæй хуыздæр нæ хъаст, нæ маст кæмæн ракæнæм, ахæмыл нæма сæмбæлдыстæм, æрæфтдзæн ма нæм æви нæ, уый дæр дыууæйыл у. Кæсæм дæм авд æфсымæрæй дæр æмæ дæм стыр хъару раиртæстам. Ныфс нæ ис, нæ уазæджы хай, дæ хъару нын кæй нæ бацауæрддзынæ, æххуыс нын кæй бакæндзынæ. — Мæ бон цы бауа, уымæй мыл уæ зæрдæ дарут, — загъта лæппу. — Раст нæ кулдуармæ уыди æвзист бæхбæттæн сагъд. Чи зоны, кæдæй-кæдмæ лæууыдаид фыдæлты хæзна уыцы ран. Уæд иу райсом рацыдыстæм нæ кулдуармæ, æмæ бæхбæттæн уым нал: хуыцау æй фæ- хаста йæхимæ! Стыр сагъæсы бацыдыстæм, агурын æй систам æмæ йæ иæ акомкоммæ быдыры астæу нæууы сагъдарæзтæй ссардтам. Барухс и нæ зæрдæ, фæлæ нæ цин цæйбæрц уыди, нæ хъуыддаг уыйбæрц нæ фæрæвдз. Нæхи йыл бæргæ ныццавтам, нæ тых ыл æвзарæм радыгай, иумæ дæр ыл сархайæм, фæлæ нын бæхбæттæн æнкъуысын дæр нæ 11 Ирон адæмы аргъæуттæ 161
комы йæ бынатæй. Уæдæй фæстæмæ йæм цæуæм алы майрæмбон дæр, æвзарæм ыл нæ тых, фæлæ нæ къухы не ’фты. Нæ исæн дын йе ’мбис раттиккам, æфсымæры цæстæй дæм кæсиккам, фыдæлты хæзна дæу руаджы нæ къухы куы бафтид, уæд. Нæ хæзна стыр зынаргъ хæзна у махæн, уый бæлвырд у, фæлæ нæ чидæр хынджылæг кæй кæны, уый та у стылдæр маст, уый нæ мæрдтыл æфтауы. Æвзист бæхбæттæнмæ бацыдысты. — Бавзарут ыл уæ тых, — загъта уазæг. Фæцархайдтой та уæйгуытæ, фæлæ никуы æмæ ницы. Уæд лæппу иу хатт схæцыди, — бæхбæттæн нæ фезмæлыд, скодта дыккаг хæст, бæхбæттæн та нæ фенкъуысыд. Уæд æй æртыккаг хатт мæсты риуыгъд скодта лæппу æмæ йæ уыцы хуызæнæй сдавта. Бæх- бæттæнимæ схауди цъæх стæнхъ басмахъхъ. Хур сæм æрбакаст авд уæйыгмæ, кæрон нал уыди сæ цинæн. Уа- зæгæн цы нæ лæвар кодтой, ахæм нæ уыди, фæлæ ницы бакуымдта уа- зæг, æрмæст сын загъта: — Мæнæ мын ацы басмахъхъæн æмбал ссарут. Уыцы агуырд фæкодтой уæйгуытæ, фæлæ сæ къухы нæ бафтыд. Хæрзбон загъта лæппу уæйгуытæн, араст. Иу дзæвгар куы рауад, уæд сагъæсыл фæци: «Мæ фыд афонмæ афардæг йæ хæдзармæ, мæ зынджы сæр дæр æй нал хъæуы; мæ фыды усмæ та фæстæмæ фæсирон, уыимæ та иу хæдзары цæрон, уыдон дæр афтæ бæллшщаг хъуыддæгтæ •не ’сты мæ фьХды усæн дæр æмæ мæхицæн дæр. Фæлтау цон æмæ дуне- тыл ракæтон, кæд æмæ ащы бясмахъхъæн æмбал ссарин, кæнæ та йын йæ хиц^ауы фенин». Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ. Фæстагмæ иу тыгъд быдырмæ куыд бафтыд, афтæ кæсы, æмæ иу ран дард цыдæр сау æндæрг дары. Лæу- гæйæ куы кæсай, уæд — фысвос, бадгæйæ куы кæсай, уæд та — адæм. —■ Цы сты, уый куы нæ равзарон, уæд нæ уыдзæни, — загъта лæп- пу æмæ сæм сарæзта йæ ных. Куы сæм бахæццæ, уæд кæсы, æмæ — адæм. Хуызы ’ртау сæ ни- кæйуал ис, дзой-дзой кæнынц уæлауæдзы æфсирау, кæрдæг тонынц æмæ йæ уыцы хуызæнæй хæрынц, чи та дзы саумæрæй сæттынмæ хавы йе ’стонг. Чысыл нæ фæдис кодта лæппу уыцы адæмыл, стæй бамбæрста, адæм ахæм зындзинад цæй аххосæй æвзæрстой, уый. Паддзахы æфсæддон адæм æрынцадысты фурдæн йæ иу былыл, уырдæм сæм аннæ фарсæй æрвыстой, цы хъуыди, уыдон æппæт. Иу афонæй фæстæмæ сæм хæринаг нал хæццæ кодта; замманай нау-иу, æвæдза, фурды астæумæ æрбахæццæ, афтæ-иу доны бынæй чидæр йæ къухæй наумæ сæвнæлдта, æмæ-иу уый адыл нау бынтон афтид фестад: хæринаг уæд, нуазинаг уæд, æнæуи дзаума уæд, — цыдæр-иу фесты иууылдæр. Æмæ адæм сæфтмæ æрцыдысты. 162
Лæппу сбадт науы, доны уыцы фарс фæци. Нау та байдзаг кодтой алцыппæтæй, æмæ та раленк кодта фурды. Лæппу бады науы æмæ хъахъхъæны. Фурды астæу та къух фæзынди. Лæппу йæ æрцавта ехсæй, — къух фæаууон ис. Дыккаг хатт дæр та афтæ. Æртыккаг хатт куы сзынди къух, уæд æм лæппу уыцы иу лæ- бурд фæкодта, æмæ сызгъæрин къухдарæн, налхъуыт-налмасæй аив арæзт, лæппуйы къухы аззади, æнгуылдзы буц царм дæр йæ уæлæ, афтæмæй. Æнæ зианæй баирвæзти нау, адæм се ’стонг басастой. Цинтæ æмæ мондæгтæн кæрон нал уыди. Лæппуйы паддзахмæ бахуыдтой. Уый йын стыр кад скодта, стыр бынат ын лæвæрдта йæ паддзахады. Лæппу арфæ ракодта, фæлæ комгæ ницы бакодта. — Мæнæ мын ацы басмахъхъæн æмбал ссарут, — загъта хæххон дзигло. Паддзах дзырд радта, куыд бацагурой басмахъхъæн æмбал. Би- рæ фæзылдысты, фæлæ паддзахады уыцы басмахъхъæн æмбал нæ ра- зынди. Араст та лæппу уыцы паддзахадæй. Цæуы, цæуы, æмæ иу æлдары хъæумæ куыд бахæццæ, афтæ йыл баæнафон и. Фысыммæ цæуынмæ базивæг кодта; фæлæ хъæуы раз уæлмæрд, æмæ уым иу зæппадзы раз, æрынцад. Хуыссы, арæдзæ-мæдзæ кодта. Уалынмæ — пæр-пæр! — æмæ иу æхсичæг зæппадзы дуармæ æруагъта йæхи. Уыцы ран æхсинæг йæ базыртæ афснайдта, рæсугъд чызг фестад, дæгъæлæй зæппадзы дуар байгом кодта, йæ дзыппæй урс-урсид кæлмæрзæн систа, мард лæппу- лæгыл æй æртæ хатты расæрфта, æмæ мард æрæгас и. Æхсæв-бонмæ лæппу æмæ чызг фæхъазыдысты, кæрæдзийыл цинтæ, мондæгтæ фæ- кодтой. Бонивайæны, æвæдза æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ хицæн кæ- нынц, афтæ та чызг кæлмæрзæнæй лæппуйы æрсæрфта: лæппу та ауагъ- та йæхи æмæ та мæрдон фынæй баци зæппадзы. Чызг дуар ахгæдта, йæ базыртæ æрбасагъта, æхсинæг фестад. Пæр-пæр! — æмæ та тæмæнтæ калгæ цыдæр æрбаци. Бадис кодта лæппу, цанæбæрæджы ма йæ æрцахстаид хуыссæг дæр! Стæй хурзæрин куы скасти, уæд лæппу бацыди хъæумае земæ къулыбадæг усмæ бафысым кодта. Чысыл фæстæдæр кæсы, æмæ дзыл- лæ гуылвæндтæ кæнынц. Лæппу фæрсы къулыбадæг усы: — Цавæр хабар у? — Цавæр хабар у, куы зæгъай, мæ уазæджы хай, уæд не ’лдарæн уыди иунæг лæппу. Къуыри цæуы, афтæ йын æваст амарди, райсом ын хæрнæг кæнынц, æмæ адæм цæуынц æлдармæ фæкæсынмæ. Æризæр, афтæ лæппу уæлмæрдмæ йæхи айста. Уыцы зæппадзмæ æввахс та æрхуыссыд æмæ нымæтæй йæхи æрæмбæрзта. йæ цæстытæ æвæдза ныр кæрæдзийыл æрæвæра, афтæ та — пæр-пæр! — æмæ та æхсинæг зæппадзы дуармæ æруагъта йæхи, афснайдта йæ базыртæ, 163
чызг фестади, зæппадзы дуар дæгъæлæй бакодта æмæ бацьгди мидæмæ. Уыцы ран та урс-урсид кæлмæрзæн фелвæста йæ дзыппæй, мардыл æй æртæ хатты расæрфта, æмæ та лæппу æрæгас. Боныцъæхмæ та фæхъа- зыдысты, фæцинтæ кодтой. Æвæдза, чызджы тæхын афон ралæудзæн, афтæ лæппу зæппадзмæ хæстæг баласта йæхи. Чызг йæ кæлмæрзæн фелвæста æмæ йæ æрхæссъшмæ хъавы æлдары фыртыл. Лæппу фæцæрдæг, — чызджы къухæй кæлмæрзæн ратьгдта. Уый адыл æхсинæг атахти, æлдары фырт цардæгасæй баззади æмæ араст йæ фыды хæдзармæ. Лæппу дæр йæ фысымтæм балæууыди. Æлдар хист куывдмæ аздæхта, хонджытæ фервыста йæ сыхаг хъæутæм дæр ма. Хъаст, кафт оамаатой куывды. Адæмæй бирæ фæсвæд нал баззади æмæ минасы бадтысты æлдары кæрты. Куывд йæ тæккæ тьгнгыл куыд уыди, афтæ æлдар æмæ йæ ус хай æмæ нуазæн радтой сæ фыртмæ æмæ йын дзурьшц: — Ацы хай æмæ ацы нуазæн ахæсс, æмæ дæу мæрдтæй чи раз- дæхта, уымæн сæ радт, стæй йæ нæ размæ æрбахон, мах ын арфæ ра- кæнæм, нæ бон цæйбæрц бауа, уыйбæрц. Æлдары фырт фæзылди кувды адæмыл, фæстæмæ æрбаздæхти, хаб æмæ нуазæн фыд æмæ мады къæхты раз ныццавта, стæй дзуры: — Циу, цавæр у! Адæмæн сæ фылдæр æмбис куывды куы нæ сты. Арвыстой та хонджытæ, æрæмбырд та кодтой ноджыдæр. Радтой та хай æмæ нуазæн лæппумæ. Разил-базил та фæкодта æмæ та сæ æр- бахяста фæстæмæ. — Адæмы фылдæр æддæ сгы, — загъта та æлдары фырт. Уæд хонджытæ загътой: — Къахылдзогæй хъæубæсты ничиуал баззади, иууылдæр куыв- ды сты. Баззади æрмæст иу адæймаг, а.м чи нæ сæмбæлд, ахæм. Уый у къулыбадæг усы уазæг. — Ацæут, æрбахонут æй, — дзырд радта æлдар. Æрбахуыдтой лæппуйы. Æд хай, æд нуазæн та зилы æлдары фырт æмбырды адæмыл. Куыддæр къулыбадæг усы уазæгмæ фæкомкоммæ, афтæ сæ уымæн радта, бахуыдта уазæджы йæ нььййарджыты размæ æмæ загъта: — Мæнæ уын уый та мæ ирвæзынгæнæг. Фырцинæй йын цы кодтаиккой, уымæн ницыуал зыдтой æлдар æмæ йæ ус, стæй куывды адæм. Иæ къахæй цæуын дæр æй нал уагъ- той, фæлæ йæ сæ уæлныхты хастой, рахс-бахс æй кодтой. Уæдчæм æлдар дзуры: — Æртæ чызджы нын ис, æртæ дæр дæ фæхъхъау фæуæнт. Мæ ис, мæ бисæй цæйбæрц аккаг кæныс дæхицæн, уыйбæрц дын дзы лæвар кæнын. Дæуæн цы бацауæрдон, ахæмæй мæнмæ ницы ис. — Чызджытæ кæй сты, уыдонæн хайыр уæнт. Хайыр дын уæд дæ 164
хъæздыгдзинад дæр: æз фос агурæг, исы фæдыл хæтæг адæймаг нæ дæн, — затъта лæппу. — Фæлæ дæ курын, æмæ кæд ам<ал ис, уæд мын мæнæ ацы басмахъхъæн æмбал бацагурын кæ. Бирæ фæцагуырдтой, фæлæ басмахъхъæн æмбал не ’соардтой. Уæд лæппу баздæхт æлдармæ æмæ йын дзуры: — Каед дæ уыйбæрц нæ батыхсын кæндзынæн, уæд мын дыууæ хордзены дзаг зæгæлтæ æмæ дзæбуг саразын кæн, æз_араст кæнынмæ хъавьга мæ фæндагыл. Радтой йын зæгæлтæ дыууæ хордзены, дзæбуг; радтой йын фæн- даггаг, хæссьшæн — рог, хæрьшæн — адджьгн. Хордзентæ йæ уæхскыл æрæфтыдта лæппу æмæ та абалц кодта. Цæуы, цæуы, æмæ иу быдырмæ бафтыд. Быдыры — галуан, гал- уаны — мæсыг. Уыцы ракæс-бакæс фæкодта лæппу, фæлæ дзы дуар нæ разынди — нæ галуанмæ, нæ мæсыгмæ. — Мæфæллвдуал ацы ра<н куы суадзин, уæд æвзæр нæ уаид, — загъта лæппу. — Фæлæ йæм маргъ батæхæн дæр куы никæцæй ис, уæд мæ фæндон куыд сæххæст кæндзынæн? Цы фæнды зын куы уа, уæддæр мьш æй æнæ басгаргæ нæй. Стæй цавæр агъуыст у, чи дзы цæры, уы- дон базонын дæр мьш хъуамæ фыдбылыз ма æрхæсса». Хордзентæй дзæбуг систа, зæгæлтæ мæсыджы къулы дурты æхсæн хойгæ, йæхицæн къахлæууæнтæ аразгæ, афтæмæй мæсыджы сæрмæ сфардæг хæххон дзигло. Мæсыджы — зилдух асин йæ сæрæй йæ бынмæ. Асиныл дæлæмæ æрцыд æмæ иу хæрзæфснайд уатмæ бафтыд. Уаты иу къулмæ æввахс фынг, фынджы фарсмæ бадæнтæ, къултыл æвæрæнтæ, къæбицгæндтæ, къусджытæ æмæ тæрхæджытæ арæзт; сæ уæлæ, сæ мидæг алыхуызон рæсутъд дзауматæ. Ракæс-бакæс кæны, æмæ дзы зынæг нæй. Йæ хордзентæ, йæ нымæт систа, иу къуымы сæ афонайдта æмæ фынджы фарсмæ иу бавдоныл æрбадт. Куыддæр йæхи æруагъта бадæныл, афтæ фæкаст, æмæ фынг алы хæринагæй айдзаг ис. Банозта, бахордта, хорз фæминас кодта. Хæрд фæци, зæгъгæ, аф- тæ т-а, фьшгыл цы дзауматæ уыди, уыдон сæхуыдтæг сæ бынæттæм сæхи айстой. Уазæг сыстади фынджы уæлхъусæй, галуаны иу ран йæхи бафæс- вæд кодта æмæ æнхъæлмæ кæсы, хъахъхъæны, кæддæра дарддæр цы хабæрттæ æрцæуид, зæгъгæ. Уалынмæ — пæр-пæр! — æмæ иу а^хсинæг æртахт мæсыгмæ. Феп- пæрста йæ базыртæ, чызг фестад æмæ фынджы фарсмæ æнкъардгомау йæхи æруагъта. Иæ фæстæ дыккаг æхсинæг. Уый дæр та фелвæста йæ базыртæ, чызг фестади æмæ фьшджы фарсмæ æрбадти. Сæ фæдыл æртахт æртыккаг æхсинæг дæр. Уый дæр та афтæ: феппæрста йæ ба- зыртæ, чызг фестад æмæ фынджы фарсмæ æрбадт. 165
Фынг алы хорз хæринаг, алы хорз нозтæй айдзаг. Фæлæ æн- къардæй бадынц æртæ чызджы, иу комдзаг сæ ничи хæссы йæ дзыхмæ. Уæд сæ иу байдайы дзурын: — Зæгъут-ма мын, мæ уарзон хотæ, цæуыл æнкъард стут, фынгмæ уæ æвналгæ дæр куы ничи кæны? Бафæрсон уæ, мæн тыххæй æнкъард стут, æви сагъæсы уæхи сæраппонд бацыдыстут сымах дæр? Æмæ кæд афтæ у, уæд мын бамбарын кæнут уæ сагъæс, уæ м<аст, кæд уын фæ- къаддæр уаид. Дыккаг загъта: — Уæдæ æз дæр афтæ куы ахъуыды кодтон, — кæд, зæгъгæ, мæ мастæй бамæстджьгн сты мæ хистæр æмæ мæ кæстæр хо. Кæстæр, хо дæр загъта: — Уæдæ æз дæр афтæ куы æнхъæлдтон. Уæд дыууæ кæстæр хойы загътой: — Ды нæ хистæр дæ, мады ад кæмæй зонæм, уый. Ды уал ра- дзур дæ хъаст, дæ маст, стæй мах дæр радзурдзыстæм, кæмæ нæ цы маст хъары, уый. — Авд уæйыджы дуармæ уыди иттæг аив бæхбæттæн, æвзистæй арæзт, — дзурын байдыдта хистæр хо. — Æз баздæхтæн, æмæ уыцы бæхбæттæн иу æхсæв фелвæстон йæ бынатæй æмæ йæ быдыры астæу нæууы æрсагътон. Уæйгуытæ йæм алы майрæмбон цыдысты, сæ тых ыл æвзæрстой. Фæлæ сын æй æз сласын нæ уагътон. Афтæ сæ хъазыдтæн æз, уæйгуытæ та, фырсагъæсæй цы ракодтаиккой, уымæн ницыуал зыдтой. Иу майрæмбон та уæйгуытæ бæхбæттæны раз балæууьгдысты, се- мæ иу лæппу, йæ хъуьшыз ма йæ донгомтæй калди, ахæм. Сæ тых та февзæрстой уæйгуытæ, фæлæ ницы бафæрæзтой бæхбæттæнæн. Уæд, дын, лæппу йæхи ма ф.æлæг кæна, ма! Æз бахудтæн мæ мидбылты æмæ дзурын мæхинымæр: «Уæ, æнæнтыст æрбауай, хæххон дзигло, кæд мын дæхи цæуылты æвзарыс, авд уæйыджы цы нæ бафæрæзтой, уый кæд ды нæ бафæразай». Цырд æм лæууын уæддæр, бæхбæттæн уæгъд нæ уадзын. Уæд, дын, лæппу дæр мæлæты лæгау иу хæст скодта бæхбæт- тæныл, æмæ ницы. Скодта дыккаг хæст дæр — кæм ьгн æй суагътаин уæддæр. Уæд æй æртыккаг хатт æваст, æвиппайды афтæ сриуыгъта, афтæ, æмæ бæхбæттæн сæппæрста, стæй ма мæ цъæх стæдхъ басмахъхъ дæр фæуæлзæхх, мæ къах бæхбæттæнмæ куыд фæцарæзтон, афтæ. Ныр мæм кæсут, мæ иу басмахъхъ мæ уæлæ нал ис. Гъе уый уьш мæ сагъæ- сы, ме ’нкъарды аххосаг. — Хуыцаумæ хорз нæ фæкаст, æвæццæгæн, мæ хъуыддаг дæр, — эагъта астæуыккаг хо. — Фурды был æрынцадысты æфсæддон адæм. Иннæ фарсæй сын æрвыстой сæ хардз. Æз сæ батьгхоын кодтон. Фурды астæумæ-иу сæ нау æрбахæццæ, зæгъгæ, афтæ сын-иу æй афтидæй аз- 166
зайын кодтон! Катайыл сысты адæм, сыдæй мардысты, фосау хизын байдыдтой кæрдæгыл. Иу ахæмы та нау æрбацæуы, æфсæддон адæмæн алцыппæт æр- баласы. Доны астæумæ æрбахæццæ уыдзæн, зæгъгæ, афтæ мæ къух сдардтон. Уæд мын науæй иу чидæр мæ къух ехсæй æрцавта, æмæ йæ æз амбæхстон. Сдардтон мæ къух дыккаг хатт, æмæ та уæд дæр афтæ: ноджыдæр та мын æй æрцавта. Æртыккаг хатт куыд сæвнæлдтон нау- мæ, афтæ мын мæ къухмæ фæлæбурдæуыд, чидæр мын мæ къухдарæн фелвæста, ме ’нгуылдзы цъар дæр ма мын астыгъта. Ай та уын мæ сагъæсаг. — Æлдарæн уыди иунæг лæппу, æмæ йæ æз бауарзтон, чызг лæп- пуйы куыд бауарздзæн, афтæ, — райдыдта кæстæр хо. — Уындæй дæр, кондæй дæр нæма равзæрди ахæм гуырд ацы дунейыл. Мæ кæл- мæрзæн ыл расæрфтон иу ахæмы, æмæ лæппу æвиппайды амарди. Кæуынæй нал уыдысты сæ сæрæн æлдар, йæ ус æмæ лæппуйы æртæ хойы. Ныр ыл къуыри цæуы, уæд æй баныгæдтой иу зæппадзы. Уыцы къуырийы мидæг æм æз алы изæр фæцыдтæн. Райгас-иу æй кодтон, æх- сæв бонмæ-иу фæхъазыдыстæм, стæй та-иу æй расæрфтон мæ кæлмæр- зæнæй, æмæ-иу лæппу мардау йæхи ауагъта. Иу æхсæв куы уыди, уæд æртахтæн зæппадзмæ, æмæ мæ зæрдæ фехсайдта: зæппадзмæ æввахс цыдæр хуыссыди ньимæты бын. Уымæн йæ дыккаг æхсæв дæр та афтæ. Æхсæв бонæй хицæн кæнын байдыдта. Систон мæ кæлмæрзæн, æмæ йæ, æвæдза, ныр расæрфон æлдары лæппуйыл, афтæ мын æй, нымæты бын чи хуыссыди, уьгй аскъæфта. Уый та уын уæдæ мæ мастæн йæ уи- даг. Уæд хистæр хо æмæ астæуымкаг хо загътой æмдзыхæй: — Хуыцау æй æфсымæрæн куы радтид. Кæстæр загъта: — Табу уæ фарнæн, мæ хистæр хотæ, фæлæ йæ мæнæн та сæры хи- цауæн куы саккаг кæнид хуыцау. Лæппу ма æртæ хойы ныхæстæй æхсызгондæр кæй ныхæстæм бай- хъуыстаид! Иæ æмбæхстуатæй рацыди, йæхи сын схъæр кодта. Хистæ- рæн йæ басмахъхъ радта, дыккагæн йæ къухдарæн, кæстæрæн йæ кæлмæрзæн, стæй дæрын байдыдта æхгæд галуан æмæ æхгæд мæсы- джы, быдыры астæу, æртæ æхсинæджы куыд саккаг кодтой, уыцы æгъ- дауыл. Афонмæ дæр ма цæрьгнц æмæ хæрынд. Уьгдонæй цы нæ федтат, рын, сонæй дæр æндæр мады фенут. к^
»0^5)^«)^^ АРСЫ ФЫРТ Раджыма-раджы цардис лæг æмæ ус, æмæ сын райгуырдис иу чызг. Лæгæн быдыры уыди хуым конд, хуымы астæу та задис кæрдобæлас. Лæг иу бон афтæ зæгъы: — Цом, чызг, нæ хуым бабæрæг кæнæм æмæ дзы кæрдотæ дæр схæссæм. Ацыдысты, хуым дæр бабæрæг кодтой æмæ дзы кæрдотæ дæр схастой. Дыккаг бон лæг йæ чызгæн загъта: — Ауай æмæ дзы дæхæдæг сдав. Чызг ацыд æмæ куыддæр бæласы бынмæ ныххæццæ, афтæ йæ арс æрцахста. Ахаста йæ тар хъæдмæ йæ хæдзармæ, æмæ йын дзы лæппу райгуырд. Лæппу гыццыл куы фæсæрæн ис, уæд ын йæ мад, кæцæй рафтыдысты, уыцы хабæрттæ фæкодта. Иу хатт та арс цуаны ацыд, æмæ лæппуйæ мадæн афтæ: — Цом ныр нæхимæ. Рацыдысты æмæ æрдæг фæндагмæ куы æрхæццæ сты, уæд сæ арс расырдта, лæппуимæ стох сты, æмæ йæ лæппу амардта. Лæппу йæ ма- ды æркодта æмæ йæ йæ мад æмæ йæ фыдимæ ныууагъта. Иæхæдæг уырдыгæй араст ис, иу æлдармæ бацыд æмæ йæм бадзырдта: — йе, æлдар, лæг не ’ххуырсыс? Æлдар загъта: — Цæуылнæ, — хъæдæй суг ласыимæ мæ хъæуы лæг. Лæппу йæм æххуырсты ныллæууыд. Æлдармæ ма ноджыдæр уыди фондзыссæдз æххуырсты. Иу бон æлдар йе ’ххуырстытæн загъта, абон суг ласынмæ цæуын хъæуы, зæгъгæ. Лæппу ракуырдта бæндæн. Æлдар æм иу рæхыс ра- хаста. Лæппу йæ йæ къухты æхсæн аууæрста, æмæ рæхыс фæныкæй æрызгъæлдис. 168
Уæд ын æлдар къамбецы гæрз* рахаста. Лæппу æмæ фондзыссæдз лæджы ацыдысты хъæдмæ, æмæ иннæтæ се ’ппæт иумæ лæппуйы йас не ’рластой суг. Æлдар лæппуйы хъару куы федта, уæд йæхицæн старст, æмæ йæ цæмæй фесæфтаид, ууыл архайьш байдыдта. Фæсхох цард иу ссырджын ус, æмæ æлдар загъта лæппуйæн: — Уæлæ мæ фæсхох иу ус мæнæуы голлаг дары, æмæ йæ куы æр- хæссис! Лæппу загъта: — Æри-ма голлаг. Лæппу голлаг райста æмæ усмæ ссыд. Ус най кæны, æмæ йæм лæппу дзуры: — йе, хорз ус, æлдар йæ мæнæуы голлаг агуры. Ус ын загъта: — Ауай æмæ йæ хæдзарæй радав. Лæппу йын афтæ зæгъы: — Æз æй цæмæн рахæссон, дæхæдæг æй радав. Ус загъта: — Най атæр, уæдæ. Лæппу уис райста, къамбецы æрцъыччытæ кодта, стæй къамбецы рагъмæ сгæпп кодта æмæ йын йæ къ^рдзил здухы. Ус хæдзарæй рауад æмæ лæппумæ хæцы, йæ къæдзил ынчцæмæн здухыс, зæгъгæ. —• Æмæ уæдæ иу уисы къæцæл радтай, æмæ уайтагъд фæци. Ус загъта: — Рацу æмæ дæ голлаг рахæсс. Лæппу бацыд, æмæ йын ус загъта: — Марадз, гонмæ ныххиз æмæ дæ голлаг сæвгæн. Лæппу загъта, æз цæмæн ныххизон, зæгъгæ. Ус ныххызт, лæппу йыл гоны дуар æрæхгæдта, къамбецтæ йыл сифтыгъта æмæ йæ афтæ- мæй æлдары кæртмæ æрласта, йæхæдæг æлдармæ бахъæр кодта: — Мæнæ, æлдар, дæ мæнæуы голлаг! Æлдар хъуыддаг куы бамбæрста, уæд фæтарст æмæ бамбæхсти. Лæппу ссырджын усы феуæгъд кодта, æм.æ йæ адæм куы федтой, уæд уыдон дæр бамбæхстысты. Цалынмæ ссырджын ус фæстæмæ фæсхох- мæ ацыд, уæдмæ æддæмæ ракæсьгн дæр ничиуал уæндыд. Уыцы сæрды та æлдары рæгъауыл залиаг калм æртыхст, æмæ та æлдар лæппуйы уымæ арвыста. Лæппу залиаг калммæ ссыд, йæ фын- дзы хуынчъы йын гæрз аласта, æлдары кæртмæ йæ æрхæр-хæр кодта æмæ æлдармæ, мæнæ дæ кусæрттаг, зæгъгæ, бадзырдта. Æлдар та бамбæхст. Стæй канд уый нæ, фæлæ æгас хъæубæстæ дæр сæ хæдзæрттæй ракæсын нал уæндыдысты. Уæд арсы фырт залиаг калмы амардта. Иу хатт та æлдар афтæ зæгъы лæппуйæн: 169
— Уæртæ обаумæ ацу, демæ дзылар ахæсс æмæ йæ батил. Цы бæх дæм æрбащæуа, уый æрцахс æмæ йæ ардæм ралас. Лæппу ацыд, дзылар батылдта, æмæ йæм иу æвзæр гæбæр бæх æр- бацыд. Лæппу йæ дзыларæй ныкъкъæрццытæ кодта, æрцыд æлдармæ æодæ йын афтæ: — Иу гæбæр бæх мæм æрбацыд, æмæ йæ æз дæр фæстæмæ атардтон. Æлдар та йын загъта: — Ацу, æмæ дæм цы бæх æрбацæуа, уый ралас. Лæппу ацыд æмæ та йæм уыцы бæх æрбацыд. Уый йæ æрцахста, дзылар ыл сæвæрдта, сбадтис ыл, æмæ бæх уромын нал куымдта, фæ- лæ йæ уæддæр лæппу æлдары кæрты балæууын кодта. Æлдар хорзау нал фæцис. Уæд æм лæппу дзуры: — Марадз-ма, ды дæр ыл сбад. Æлдар нæ куымдта, фæлæ йæ лæппу бæхыл авæрдта æмæ йын йæ идон суагъта. Бæх фезмæлыд æмæ æлдары кæмдæр хæрдты, дурты хай бакодта. Лæппуйæн адæм лæвæрттæ, хæрзиуджытæ фæкодтой, афтæмæй, йæ мад, йæ фыдымад æмæ йæ фыдыфыд кæм уыдысты, уыцы хъæумæ æрыздæхт.
КЗ^о^^Ж^ ФАЗЗÆТТÆ Лæг æмæ усæн уыди дыууæ фырты, фаззæттæ — Сауи æмæ Будзи. Лæг уыд хорз цуанон æмæ цуан кодта, ус та æфсиндзинад код- та æмæ сабитæм каст. Лæппутæ цумахъом куы фесты, уæд сæ мад амард. Лæг æндæр ус æрхаста. Фыды ус налат разынди, уысмæн над кодта сидзæрты. Бæгънæгæй, æххормагæй сæ мардта, иу ныхасæй сын сæ уд æрдуйæ нарæгдæр скодта. Сывæллæттæ куы сфæлмæцыдысты, уæд сфæнд кодтой сæ фыды хæдзарæй алидзын. Цæйбæрц фæрæзтой, уыйбæрц фæттæ райстой, стæй фæйнæ æрдын æмæ фæйнæ карды сæ фыды гæрзтæй, æмæ иу æх- сæв алыгъдысты. Дыууæ боны æмæ дыууæ æхсæвы цæуынц, æмæ сырд нæ, фæлæ цъиуыл дæр никуы амбæлдысты. Æртыккаг бон райсомæй раджы фаззæттæ иу стыр хъæдмæ бахæц- цæ сты. Хъæдгæронæй куыддæр бахызтысты, афтæ сæ размæ иу тæр- хъус фæци. Дыууæ æфсымæры йæм æмхъавд куыд фæкодтой, афтæ сæм тæрхъус дзуры: — Ма мæ амарут, — истæмæн уын бабæздзынæн. Ныууагътой йæ. Тæрхъус къудзимæ багæпп кодта, æмæ фæстæмæ дыууæйæ рауадысты. Лæппутæ разæй, тæрхъустæ сæ фæдыл, афтæмæй фæцæуынц, æмæ уæртæ иу рувас. Уымæ дæр та куыд фæхъавыдысты лæппутæ, афтæ сæм дзуры: — Ма мæ амарут, сбæздзынæн уын. Бæласы уидæгты бын уыди хуьгнкъ, рувас уым ныллæсыдис, æмæ фæстæмæ дыууæйæ сгæпп ластой. Уалынджы — бирæгъ дæр афтæ, стæй уæд — арс, æппынфæстагмæ — фыранк. Разæй лæппутæ, сæ фæдыл фондз къайы сырдтæ, афтæмæй фæцæ- уынц. Иу æрдузы кæронæй бакастысты, æмæ æрдузæн йæ тæккæ астæу иу сæрджын саг хизы. Фехстой йæ дыууæ æфсымæры, æмæ — дæ фыд- гул афтæ: саг йæ мидбынаты фæтымбыл ис. Бауадысты йæм фаззæт- тæ æмæ йæ æрбаргæвстой, астыгътой йæ, ауæнгтæ йæ кодтой æмæ дзы 171
сæхи хорз федтой лæппутæ дæр, сырдтæ дæр; йе ’рчъиагæй та йын сæхицæн мусонг сарæзтой уыцы ран. Цуангæнгæ, сæхи сырды фыдæй хæсгæ, афтæмæй фаззæттæ бирæ фæцардысты иу бынаты. Ралæгтæ сты. Иу бон куы уыди, уæд сфæнд кодтой фæйнæрдæм фæцæуын æмæ алчи йæ амонд бавзарын. Фæлæ куыд базондзысты иокæд бон кæрæ- дзийы хабар? Ныссагътой сæ мусонджы астæуыккаг цæджындзы къулгард, æмæ сæ кæд искæуыл исты æрцæуа, уæд, уый чердæм араст и, кард уыцыр- дыгæй фарс сызгæ уыдзæн; кæд ма йын фервæзьшæн исты амал уа, уæд ма карды фарс ’ранæй-ран æрттивдзæн. Байуæрстой сæ сырдты, æмæ сæм алы къайæ дæр фæйнæ æр- хаудта. Уый адыл фæйнæрдæм араст сты, алчи йæ цуаны сырдтимæ. Сауи хъæдæй куыд сфæлмæцыд, уымæ гæсгæ быдырмæ йæ ных са- рæзта æмæ рахызт хъæдæй. Кæсы, æмæ йæм быдыры кæронæй бæр- зонд урссæр хæхтæй цъититæ æрттивынц. Цæуьш байдыдта æмæ, цас фæцыд, чи зоны, фæлæ изæрыгон иу стыр хъæумæ бахæццæ. Хъæуæн йе ’дде — стыр тар хъæд. Хъæу — стыр хъæу, йæ хæдзæрттæ урсцагъд, зæрдæ сæ ра-йы, цæст сæ хъазы. Сауи йæ оырдтимæ бафьгсым кодта кæройнаг хæдзары æмæ, куыддæр æхсæвæр бахордта, афтæ, фæлмæст куыд уыд, уымæ гæсгæ уайтагъд схуыссыд æмæ тарф фынæй аци. Райсомæй хур куыддæр йæ был сдардта, афтæ Сауи дæр сыстад, æддæмæ рацыд æмæ джихæй аззад, — хæдзæрттæ сау-оауидæй лæууы- дысты. Æрбаздæхт хæдзармæ æмæ фæрсы йæ фысымы: — Ай та цы диссаг у, — знон хæдзæрттæ урс цагъд куы уыдысты, зæрдæ сæ рухс куы кодта, уæд абон сау цæмæн адардтой? Фысым æм æнкъардæй бакаст æмæ загъта: — Уый диссаг нæу, фæлæ дæ кæд нæ хъуыддаг базонын фæнды, уæд дын æй радзурдзынæн. Сбадын кодта уазæджы, йæхæдæг дæр йæ фарсмæ æрбадт æмæ дзурын байдыдта: — Нæ хъæуæн ис æлдар. Йæ фосæн, йæ хæзнатæн кæрон, ньжкæ- нæн нæй. Уымæй бонджындæр нæдæр зонгæ кæнæм, нæдæр хъусгæ фæ- кодтам, фæлæ фыдлæг у. Иæ зæрдæмæ чызг куы фæцæуа, уæд йæ би- нонтæм баминæвар кæны, ахсæв мын уæ чызджы æрæрвитут, зæгъгæ. Æмæ йæм кæд чызг йæхæдæг æхсæв нæ ныццæуа, уæд æй райсомæй, мæнæ нæ сæрмæ цы хох ис, уый цъуппмæ сæрвиты, уым та залиаг калм бады, æмæ йæ уый бахæры. Стæй адæмы афæдзæй-афæдзмæ нал фæуа- дзы быдырмæ хуым кæнынмæ, хос кæрдьшмæ, нал сын фæуадзы хизын- мæ сæ фос. Нал сæ фæуадзы хъæдмæ дæр. Знон та æлдары зæрдæ бахъазыд иу мæгуыр лæджы чызгмæ. Уый хуызæн рæсугъд, уьгй хуызæн арæхст æмæ хæрзæгъдау, уый хуьгзæн 172
кафаг бæстыл сылгоймаг нæма равзæрд. Æлдар æм куы барвыста, уæд йæхæдæг, йæ мад, йæ фыд, сæ хæстæджытæ, стæй æгас хъæу дæр стæрхон кодтой: цæйнæфæлтау дзы æлдар фæхынджылæг кæна, фæл- тау æй залиаг калм бахæрæд. Афæдзæй-афæдзмæ цы тыхст уыдзысты адæм, уый ницæмæ дарынц, фæлæ сын зын у, сæ бæсты рæсугъд, сæ бæсты фидауц æнамонд сæфтæй кæй сæфы. Æмæ уый тыххæй сау дарынц: уымæ гæсгæ алчи йæ хæдзар оау сахуырста. Лæг ны-хъхъус, йæ цæстытæ артдзæсты ньщцавта æмæ зæхмæ кæсгæйæ баззади. Сауи дæр цавддурау æнцад хъуыста, стæй уыцы иу гæпп фæласта йæ бынатæй, карды сæрыл фæхæцыд æмæ фæхъæр кодта: — Ау, æмæ адæмы сæрыл йæхи чи æрхастаид, æлдары чи амард- таид, уæ хъæуы иу ахæм лæг нæ разынд? Фысым йæ былтæ худæгау базмæлын кодта: — Иу нæ, фæлæ йæ æмхуызонæй дæр бæргæ амариккам, æрмæст, цалынмæ залиаг калм амæла, уæдмæ йын мæлæн нæй. Сауи ницыуал сдзырдта, йæ гæрзтæ æрбабаста, йæ сырдты йемæ айста æмæ хохы рæбынмæ бащыд. Абæрджытæ кодта хохы сæрмæ ссæуæнтæ. Уалынджы хъæугæронæй адæмы уынæр æмæ кæуын ссыди: адæ- м,æй рахибар ис чызг æмæ хохы рæбьшмæ æрбацæуы, йæ цæсгомæй хуртæ æмæ мæйтæ кæсы, ахæм рæсугъд чызг. Куы æрбахæццæ чызг æмæ куы федта лæппуйы æд гæрзтæ, уæд йæхинымæр ахъуыды кодта: «Æвæццæгæн, ай залиаг калмы адæмæй у, æмæ йæ мæ размæ рарвыс- та». Уьгцы хъуыдытæм гæепæ дзуры лæппумæ: — Цæй, кæм и фæндаг, уый амон. — Æз дæр фыццаг хатт дæн ацы ран, фæлæ цом, фæндаг ссардзыстæм. Царды фæндаг ссарын у зын, сæфты фæндаг ссарын æнцон у. Чызг æй фембæрста æмæ фефсæрмы. Дзуры та йæм: — Иу æгъгъæд у; ды лæвар сæфтæн æвгъау дæ, — лæуу фæлтау. — Дæ хуызæн рæсугъд чызджы тыххæй иу лæппу куы фесæфа, уæд уый хабар дæр нæу, — загъта Сауи, æмæ араст ис йæ разæй. Чызг куы базыдта, лæппуйы раздахынæн ницы амал ссардзæн, уый, уæд йæ фæдыл схæрд кодта. Хохы цъупмæ æххæст нæма схæц- цæ сты, афтæ уæхскауыл ауыдтой залиаг калмы хæдзар, хæдзары дуар- мæ^стыр дур, дурыл фыст: «Ацы дур чи афæлдаха, уымæн йæ бон бауыдзæнис залиаг калмы амарын дæр. Дур куы афæлдахай, уæд дуры бын цад, æмæ цады дæхи цьшай, уæд дын калмы тæф дæр æмæ туг дæр ницыуал тых бакæндзысты». Лæппу фыст куы бакаст, уæд дур фесхуыста, æмæ комы йæ зыв- зыв ссыд. Дуры бын — цад, æмæ дзы Сауи йæхи анадта, стæй хæдзар- мæ бацыдысты, æмæ калм уым нæй. Уьщы афон уый цъитийы сæр 173
хъазынмæ вæййы. Сауи йьш йæ лæсæн сбæлвырд кодта æмæ иу стыр айнæджы цур, былмæ æввахс æрбынат кодта йæхицæн, рувас та чысыл уæлдæр, иннæ сырдтæ та хæдзары алыварс. Чызг адæргæй хæдзары афынæй ис. Хур дзæвгар акъул, афтæ калм уæлбылæй ракаст æмæхъæр кæны: — Мæ гуыбын цинæй мæлы, иуы бæсты авдæй кæй ссыдыстут, уый тыххæй! Калм, æхситгæнгæ, йæхи раскъæрдта уырдыгмæ. Иæ дымгæ къæ- дзæхæй фæрчытæ тоны. Дурты гыбар-гыбурæй æмæ калмы æхситтæй адæймаджы хъустæ къуырма кæнынц. Сауи кард суæлæнгай кодта, афтæмæй цырд лæууы. Сæ ныхас куыд уыди, уымæ гæсгæ, рувас калмы размæ рауад, йæ къæдзил ацъыл- линг кодта æмæ йæ фæсайдта. Калм рувасмæ йæ сæр куыд фæхъил кодта, афтæ йæ Сауи кардæй ныцъцъыкк ласта, æмæ сæр атахт. Калмæн йæ сæр йæ уæлæ нал, уæд- дæр ма размæ лæсы. Сауи дæр, йа мардзæ, зæгъгæ, цъыччытæ самадта. Калм дæлæмæ куыд лæсы, афтæ йæ Сауи дæр кæрды. Нырриуыгъы Сауи, æмæ та калмæй дзæвгар хай былæй асхъиуы. Афтæ йæ Сауи фæкарста фæсахсæвæртæм, цалынмæ йæ къæдзилы кæронмæ ахæццæ, уæдмæ. Сауи калмы къуыхтæгонд куы фæцис, уæд æм рувас базгъордта, йæ сæры алыварс йæ къæдзил сцырын кодта æмæ йьга уайтагъд йæ сæр ауазал кодта. Сауи айнæджы бьгнмæ ныццыд, калмы æвзæгтæ ралыг кодта, хæ- цъилы сæ бабаста æмæ сæ йæ дзыппы цæвæрдта. Уый фæстæ хæдзар- мæ ссыд, цады та йæхи цынадта, чызджы ракодта æмæ хъæумæ рараст сты. Хъæугæронæй сæ адæм ауыдтой æмæ оæ размæ ныххæррæтт кодтой. Сауи адæммæ калмы æвзæгтæ куы равдыста, уад адæмы цинæн кæрон нал уыди. Сауи æлдары кæрты фæмидæг. Æлдар æй куы ауыдта, уæд фæхъæр кодта: — Чи куыдз, чи хæрæг, мæ кæртмæ æвастæй чи æрбацыд? — Куыдз дæр дæхæдæг æмæ хæрæг дæр, — зæгъгæ йыл Сауи йæ сырдты ацардыдта æмæ йæ акъуыхтæ кодтой. Стæй Сауи фæстæмæ баздæхт æмæ æлдары фос, æлдары хæзнатæ мæгуыр адæмæн бай- уæрста. Чызг йæ ирвæзынгæнæг лæппуйы тынг кæй бауарзта, уымæ гæсгæ йæ адæм æмхуызонæй саккаг кодтой Сауийæн. Адæм стыр куывдтæ фæкодтой Сауийæн æмæ йæ усæн. Фæлæ æххæст амондджын кæм уыдаиккой Сауи дæр æмæ стыр хъæуы цæрджытæ дæр! Сауийæн йæ зæрдæ æхсайдта йæ уарзон æф- 174
сымæр Будзимæ, хъæубæстæ та сугхъуагæй æрвыстой сæ бонтæ, уымæн æмæ, суг кæцæй æрбаластаиккой, уый сын нæ уыди. Стыр хъæуы æддейы уыди стыр хъæд. Фæлæ йæм ничи уæндыд: чидæриддæр-иу æм бацыд, фæстæмæ-иу нал раздæхт. Бирæ хъæбатыр адæм фæцыд уыцы сау хъæдмæ, фæлæ иууылдæр уым фесæфтысты. Сауи йæ сæрмæ нæ хаста, æнæ уыцы хъæд бабæрæг иæнгæйæ, Будзийы агурынмæ ацæуын. Бирæ хæттыты-иу сфæнд кодта Сауи хъæдмæ ацæуын, фæлæ-иу æй адæм нæ ауагътой, йæ ус дæр æй къуылымпы кодта. Иу бон куы уыд, уæд адæммæ дæр æмæ йæ усмæ дæр нал бай- хъуыста, йæ гæрзтæ æрбабаста, йæ сырдты йемæ айста, афтæмæй фæраст и хъæдмæ. Стыр хъæуы цæрджытæ, чысылæй, стырæй, йæ фæ- дыл ацыдысты хъæды кæронмæ. Хъæды кæрæтты цыди дон, доны сæр- ты хид, æмæ адæм хиды хъусыл ныллæууыдысты сæ уазæгæн фæн- дараст зæгъынмæ. Æртæ бонмæ куы нæ фæзынон, — уæд-иу мæм æнхъæлмæ мауал кæсут, загъта адæмæн Сауи. — Хæрзбон, — загътой йын адæм. Сауи йæ сырдтимæ хидыл бахызти æмæ хъæды къæдз-мæдзытæ фæндагыл цырд фæраст и. Фæндагыл иу чысыл куы бауади Сауи, уæд йæ размæ февзæрд иу са<г æмæ фæндаг-фæндаг алыгъди. Сауи йæ куыд фæцæйæхста фа- тæй, афтæ саг фæзилæны аууон фæци. Сауи йæ фæдыл базгъордта æмæ йæ ауыдта, фæлæ та йæ æхстмæ нал баййæфта, уымæн æмæ саг фæау- уон ис. Афтæмæй Сауи саджы фæдыл изæрмæ фæцыд. Изæрæй саг фе- сæфт. Сауи бафæллад. Кæсы, æмæ йæ разы фæндаггæрон иу стыр бæла- сы бын æртуат. Сугтæ рамбырд кодта, схон æмæ зныгъ фелвæста йæ чъиссайæ, зынг æрцагъта æмæ дынджыр арт окодта. Стæй уæд арты фарсмæ йæхи æруагъта, йæ сырдтæ дæр йæ цуры æрхуыссыдысты. Уалынмæ хъусы Сауи, æмæ бæласы сæрæй кæйдæр зыр-зыр цæуы. Сауи бæласы сæрмæ скаст æмæ арты рухсмæ ауыдта иу зæронд усы бæласы цонгыл бадгæ. Усæн йæ гæртт-гæртт цыдис. — Цы дæ, цавæр дæ? — фæрсы йæ Сауи. — Баргъæвстæн, æмæ мæ дæ артмæ мæхи тавын бауадз, — дзуры ус. — Уыйас дæр куы тавис дæхи. Æрхиз дæлæмæ. Сауи фестад, арты сугтæ бакалдта æмæ усæн бæласы рæбын бадæн ацæттæ кодта. Зæронд ус æрхызт чысыл дæлдæр æмæ ныккасти лæппуйы сырдтæм. — Дæ цуанæттæй нæ уæндын, мæяæ дын сыфтæр, æмæ сын сæ 175
бырынчъытæ уымæй ракъуыр: сыфтæр мæ къухæйдзаг у, æмæ мыл уæд кæд ацахуыр уаиккой, — загъта ус. Сауи сыфтæр райста зæронд усы къухæй, йæ сырдтæн сæ бырын- чъытæ ракъуырдта, æмæ сырдтæ гыццыл тымбыл уирагдуртæ феста- дысты. Ус ын йæхиуыл дæр сыфтæр æрæппæрста, æмæ Сауи дæр ахæм дур фестад. Стæй ус æрхызт, дуртæ йæ раздарæны сæвгæдта æмæ сæ иу лæбырды былмæ ахаста над къахфæндагыл. Лæбырды бьш ахæм уирагдуртæй уыди стыр цæнд, æмæ зæронд ус ацы дурты дæр уырдæм фехста. Цæнд цъупп куыд уыди, уымæ гæсгæ дуртæ дæлæмæ æртыл- дысты. ч Адæм æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы хиды хъусæй змæлгæ дæр нæ фæкодтой. Куы нæ разынд Сауи йе ’мгъуыдмæ, уæд, цыма алкæмæн дæр йæ бинонты дзæбæхдæр амард, уый куыд фæкодтой, æмæ сæ хъæу- мæ аздæхтысты. Будзи бирæ бæстæтыл фæзылди. Стыр хъæбатырæй, стыр хъару- джынæй равдыста йæхи. Дзыллæтыл айхъуыст йæ ныфс, йæ тыхы кой, дзыллæтæн баззад йæ ном арфæйагæй. Уыцы хуызæнæй иу бон йе ’фсы- мæр йæ зæрдыл æрбалæууыд. — Бабæрæг æй кæнон, — загъта Будзи, æмæ æрцыд хъæды астæу æрдузмæ, сæ мусонгмæ. Бакаст кардмæ, æмæ Сауийырдыгæй фарс сырх-сырхид афæлдæхт згæйæ. Карды буарæй ма æнæ згæхæрд ранæй- ран æрттывта. Фæзылд уырдыгæй Будзи, æмæ, Сауи чердæм ацыд, уы- цырдæм згъорын байдыдта йæ сырдтимæ æмæ уайтагъд быдырмæ ра- хызти. Лæгъзы цæуын байдыдта Будзи, цæуын байдыдта æмæ иу афоны стыр хъæумæ дæр бахæццæ, уæдæ цы уыдаид! Хъæубæстæ иу лæг æд сырдтæ æрбацæйцæугæ куы ауыдтой, уæд æй Сауи фæхуыдтой, æмæ йæ размæ ракалдысты. Хуызæй дæр, асæй дæр дыууæ фаззоны афтæ æнгæсæн уыдысты, æмæ ивддзаг фæуыдаиккой. Хъæуы адæм ыл цин кæнынц, хъæбыстæ йæ райдыдтой. Будзийæн скодтой куывд, хъазт ын сарæзтой, æмæ адæм хъæлдзæгæй-хъæлдзæгдæр кодтой, Будзи та æнкъардæй-æнкъарддæр кодта. Будзи æмбаргæ лæппу уыд, æмæ адæ- мæн сæ фыццаг сныхасæй дæр бамбæрста, Сауи йæ кæй хонынц, уый, æмæ къаддæр дзургæ, фылдæр хъусгæ, афтæмæй адæмы æхсæп бады. Адæм Будзимæ дзурынц: — Мах ма дыл зарæг дæр куы скодтам. Кæд дæ фæнды, уæд æм байхъус. Ныззарыдысты æмæ, Сауийы хабæрттæ цыдæриддæр уыдысты, уы- дон сæрæй бынмæ сæ зарæджы ракодтой: залиаг калмы куыд амард- та, æлдарæй сæ куыд фервæзын кодта, зæххытæ сын куыд суæгъд код- та; уый фæстæ йæхæдæг хъæды куыд фесæфти, æртæ боны йæм куыд фенхъæлмæ кастысты, хистытæ йын куыд фæкодтой; йæ рæсугъд ус йæ фæдыл алы бон йæхи куыд мары. 176
Бирæ куы фæхъазыдысты, куы фæкафыдысты, уæд дыууæ лæппу- йы Будзийы схæццæ кодтой Сауийы хæдзармæ. Сауийы ус ын йæ къæх- тæ ахсадта, уат ын æркодта, æмæ Будзи æрхуыссыд. Ус хæдзар бафснайдта, йæ дзауматæ раласта æмæ Будзийы фарс- мæ йæхи куыд æрцæйуагъта, афтæ Будзи фехъал, къулæй кард райста, æмæ йæ йæхицæи усы астæу авæрдта хуыссæны. Кардæн йæ иу фарсырдыгæй — Будзи хуыссыди, йе ’ннæ фарсыр- дыгæй та Сауийы ус. Бон куыддæр фезмæлыд, афтæ фестад Будзи, йæ сырдты йемæ айста æмæ хъæдмæ араст. Бахызт хидыл, фæцæуы фæндагыл хъæды æмæ та уымæн дæр саг йæ размæ фæци. Фæхъавыдис æм, фæлæ саг уайтагъд фæаууон. Ауыдта та йæ, æмæ æхстмæ нæ лæууы. Бамбæрста хабар Будзи. Саджы фæдыл цæуы, алырдæм цæсты зул дары. Изæрæй та саг æрбайсæфт. Будзи дæр та æртуат федта> æмæ æртуаты цур бæласы æнцой иу æрдын. Æркаст æрдынмæ, æмæ йæхи æрдыны æм- бал — Сауийы æрдьш. Базыдта Будзи, йе ’фсымæрыл ам цыдæр бæл- лæх кæй сæмбæлд, уый. Арт скодта, сбадт арты фарсмæ æмæ аивæй алырдæм кæсы. Иу чысыл абадт арты фарсмæ, афтæ та усы сыф-сыф ссыд бæласы оæрæй. Сырдтæ сæ хъустæ фæхъил кодтой. — Чи дæ, цы дæ, уым цы архайыс? — схъæр кодта Будзи. — Ихæнæй фæмæлын, æмæ мæ дæ артмæ мæхи тавын бауадз. — Æрхъуытты у дæлæмæ, кæд дын ихæн у, уæд. Чи дæ нæ уадзы дæхи тавын? Зæронд ус дæлдæр æрхызт, бинаг къалиуыл æрлаэууыд, иу сыфтæр Будзимæ дары æмæ йæм дзуры: — Гъа, мæнæ ацы сыфтæрæй дæ цуанæтты былтæ ракъуыр, кæн- нод мыл фæхæцдзысты. Будзи бамбæрста хин æмæ, цыма сыфтæр иста, уыйау æм сæв- нæлдта, усы къухмæ фæлæбурдта, æриста йæ дæлæмæ, йæ быны йæ ракодта æмæ йын йæ хурхыл кард æрбавæрдта. — Тагъд, ме ’фсымæр кæм и, уый мын зæгъ, кæннод дæ æргæвдын! — У-у, ма мæ амар! Де ’фсымæр кæм и, уый дын зæгъдзынæн. Æрмæст дæ мад æмæ дæ фыдæй басомы кæн, куыд мæ нæ амардзынæ. — Мæ фыды рихийæ дын сомы кæнын, нæ дæ амардзынæн, — загъта Будзи. Зæронд ус баууæндыд æмæ загъта: — Мæнæ ам къахвæндагыл куы ауайай, уæд ахæццæ уыдзынæ иу лæбырдмæ, уым чысыл уирагдурты цæнд, уым ис де ’фсымæр, стæй ма де ’фсымæры хуызæттæ бирæ. Ацы бæласæн йæ цæгатварсырдыгæй цы сыфтæ зайы, уыдонæй кæуыл андзæвай, уый чысыл уирагдур фесты, йæ хуссарварс сыфæй йæ куы расæрфай, уæд та, цы уыд, фæс- тæмæ уый фесты. Будзи æнæхъæн къалиу ракодта бæласы цæгатварсæй, усы дзы 12 Ирон вдæмы аргъæуттæ 177
æркъуырдта, æмæ дур фестад, стæй хуссарварс сыф ратыдта, уымæй йæ расæрфта, æмæ та фæстæмæ зæронд ус фестад. Бацин кодта лæппу. Дзуры йæ сырдтæм: — Æз сомы бакодтон, æмæ йæ нæ амардзынæн, фæлæ сымах та цы ми кæнут? Сырдтæ йæм фæлæбурдтой æмæ, — дæ балгъитæгыл уый ми куы æрбамбæлид, — усы сæр фыранчы хъæбысы аззад, йæ иу æрдæг арсы дзæмбыты, йе ’ннæ æрдæг бирæгъы дзыхы. Будзи æнæхъæн къалиу ракодта бæласæй, къахвæндагыл ацыди æмæ цæндмæ ныххызт. Дурты цæнд уыцы къалиуæй расæрф-басæрф кæнын байдыдта, — алыхуызон дзæбæх адæм уырдыгæй рагæпп кæ- нынц, æмæ чи куыд райгас вæййы, афтæ хъæдæй лидзынмæ фæвæййы. Æппæты фæстæ райгас и Сауи йæ сырдтимæ. Дыууæ æфсымæры кæрæдзийыл ныттыхстысты, æмæ фырцинæй сæ дзыхы ныхас дæр нал æфтыд. Æппын æрæджиау Сауи загъта: — Цæй, нæ хабæрттæ кæрæдзийæн фæдзурдзыстæм нæхимæ, ныр уал мын, куыд мæ ссардтай, æрмæст уый радзур. Æмæ Будзи цæугæ-цæуын йе ’фсымæрæн радзырдта, карды фарс куыд сызгæ, хъæумæ куыд бафтыд, адæм æй Сауи куыд фæхуыдтой, уыдæттæ. Каерæдзийæн та ныхъхъæбыстæ кодтой дыууæ æфсымæры æмæ араст сты. Æрцыдысты стыр хъæумæ, æмæ сын адæм æмбисонды куывдтæ фæкодтой. У^
*<49*0^>*^^ ÆРÆДЖИАУ ÆМÆ ИÆ АВД ÆФСЫМÆРЫ Иу идæдз усæн уыди авд фырты. Адæм ард хордтой идæдз усы авд фыртæй. Æмæ, бæлвырд, сæхицæй хъаруджындæр нæ уы- ди сæ хъæуы æмæ сæ алфамбылай хъæуты. Ничи арæхст уыдон хуызæн фатæй, ничи сыл уæлахиз кодта æгъдауæй, зондæй. Кусынмæ та — арт. Сæ фыдæй сын чысыл нæ баззад, фæлæ уæддæр уыдон сæ уды фæллойæ сбирæ кодтой сæ цæрæн фадæттæ. Кæрон нал уыд сæ фыс- восæн, сæ хъомрæгъæуттæн, сæ бæхрæгъæуттæн. Æвæдза, исчердыгæй тас фæзынди дзыллæтæн, уæд уыдонæй раздæр фæдисы ничи цыди, дзыллæты знагимæ тохы уыдон хуызæн ничи сгуыхти. Адæмимæ цæрæг уыдысты хъæубæсты. Æмæ-иу йе ’знæгтæй разы чи нæ уыд, уыдон-ну сæ домдтой идæдз усы авд фыртæй. Чызг кæмæн уыд, уыдон хæлæг кодтой авд æфсымæрмæ, тæхуды кодтой уыдонимæ бахæстæгмæ. Бирæ мадæлтæ, бирæ фыдæлтæ хæлæг кодтой идæдз усы авд фыртмæ. Æмæ загътой авд æфсымæры: — Нæ тых нæ равзарын хъæуы æндæр бæсты, нæхи зæххыл мах раз æрбалæууæг нал ис алы миниуæгæй дæр. Фурды уыцы фарсы фыд- зæрдæ уæйыг бирæ тых кæны мæгуыр дзыллæтæн. Фæцæуæм фурды уыцы фарс цæрæг уæйыгмæ æмæ йыл нæ тых бавзарæм, æфхæрд дзыл- лæтæн баххуыс кæнæм. Хурхбæстытæ кодта сæ мад: — Ма ацæут, уæ цард уæхицæн садджын кæнут! Куы ницæмæй хъуаг стут, фæлтау уæ хæдзары бадут æмæ уæхицæн бинонты хъуыд- даг бакæнут, уæ ныййарæджы дзæгъæл ма уадзут! Фурды уыцы фарс цæрæг уæйыгыл ничима фæуæлахиз. Ма ацæут, мæ быны хъæр хъуысы! Ницæмæ æрдардтой авд æфсымæры сæ ныййарæг мады дзырд. Иу бонмæ срæвдз кодтой сæхи æмæ ацыдысты балцы. 179
Цæуынтæ байдыдтой, цæуынтæ æмæ иу фиййаумæ бахæццæ сты. — Дæ фос бирæ уа, фиййау! — Æгас цæут, уазджытæ! Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ уæ фæн- даг кæдæм дарут? — Фурды уыцы фарс уæйыгмæ цæуæм тых æвзарынмæ, — загъ- той авд æфсымæры. — Ма сфæнд кæнат, — загъта фиййау. — Бирæ адæм фæцыди уæйыгмæ, фæлæ дзы здæхæг нæй фæстæмæ: исты фыдбылыз æмбæлы сымахыл дæр. — Нæ хæдзарæй уыцы ныфсæй нæ цæуæм, æмæ фæстæмæ аз- дæхæм. Уый нæ сæрмæ не ’рхæсдзыстæм, сæрмæ æрхæссинаг дæр нæу. — Уæдæ фæндараст, фæлæ мæнæ уыцы æхсыры кæхцæй уæ дой- ны суадзут. — Æмæ сæм фиййау æхсыры кæхц балæвæрдта, йæхæдæг йæ фосы дзугыл йæхи зилæг скодта. Фиййау хинымæр загъта: «Цалынмæ дзуджы алыварс æртæ зылды æркæнон, уæдмæ кæд æмæ ацы кæхц бануазой, уæд хъуамæ уæйыджы амæттаг ма фæуой». Æртæ зылды æркодта фиййау дзуджы алыварс, æхситтæй заргæ, фæлæ авд барæджы кæхцæн йе ’мбис дæр нæма банызтой. — Дæ минас бирæ, фиййау. — Фæндараст, — загъта сын фиййау. Идæдз усы авд фырты цæуынц, цæуынц æмæ мæнæ иу галгæс. — Дæ фос бирæ уа, галгæс! — Бирæ цæрат, уазджытæ! Æрхизут мæм, фысым бакæнут. — Бузныг де ’гъдауæй, фæлæ нæ фысым кæнынмæ не ’вдæлы. — Æмæ афтæ кæдæм тагъд кæнут? — фæрсы галгæс. — Фæдисы ма цæут, миййаг. — Нæ, фæдисæттæ не ’стæм, фæлæ фурды уыцы фарс цæрæг уæйыгмæ нæ тых æвзарынмæ цæуæм. — Фæлтау уæ хæдзары æнцад куы бадиккат, — загъта галгæс. — Бахатыр кæнут, хорз уазджытæ. Чысыл адæм нæ фæцыд ацы фæн- дагыл уæйыгмæ йæ тых бавзарьшмæ, фæлæ дзы æз фæстæмæ зынæг нæ уыньш. Тас мæ ис — сымах дæр фурды уыцы фарс куы баззайат, уымæй. — Дæ хæдзарæн уьгнаффæ кæн, дæ разы дæ галтæ хиз, махæн дæ фæндгæнæг ничи кæны. — Уый дæр хорз, мæ хуртæ. Фæлæ дæлæ мæ бур гал æмæ мæ сау гал хæцынц, баиргъæвынæн сын ницы фæразын. Уæ хорзæхæй, баир- гъæвут мьин сæ. Идæдз усы авд фырты уыцы архайд фæкодтой, фæлæ мара-зæ- гъай, дыууæ галы сæ хæст ныууадзой! Уазджыты хъуыды дæр не ’ркод- той. 180
Галгæс йæ сæр батылдта, авд æфсымæры та сæ фæндагыл араст сты дарддæр. Цас та фæцыдаиккой, чи зоны, фæлæ, дын, уæртæ-иу бæхгæс. — Байрйай, байрйай, бæхгæс! — Уæ цардæй ферайат, уавджытæ! Фæрсæг сонт у, фæлæ кæдæм цæут? — Нæ тых æвзарæг цæуæм фурды уыцы фале цæрæг уæйыгмæ, дзыллæйы æфхæрæгмæ. — Гъе-и-и! Хорз фаэнд не ’скодтат, барджытæ. Сымах хуызæттæ йæм бирæ фæцыд, æнæкæрон бирæ, фæлæ уæйыгæй фæстæмæ нал рантыстысты. Уыдон хал хæрут сымах дæр. — Махæн зонд амоныны бæсты фæлтау дæ бæхтæм дæ цæст хуыз- дæр куы дарис, уый дын нæ ныхас, — загътой тыхагур авд æфсымæры. — Хорз, хорз, бæгъатыр адæм! Фæлæ дардæй цæуæджы хуызæн стут, стæй даргъ у уæ фæндаг дæр. Уæ бæхтæ куы бафæллайой! Мæнæ мæ рæгъауæй фæйнæ бæхы рацахсут æмæ уыдоныл сбадут. Фæстæмæ куы раздæхат, уæд та сæ аивдзыстут уæхи бæхтæй, тас сын нæ уы- дзæн. Авд æфсымæры кæрæдзимæ бакастьвсты æмæ сразы сты бæхгæсы дзырдыл. Сæхи байстой рæгъаумæ, архъанæй архайынц, фæлæ рæгъауы бæх- тæй иу дæр сæ къухы нæ бафтыд: ахсын нæ бакуымдтой авд æфсы- мйерæн. Бæхгæс авдæн авд бæхы рацахста, сæргътæ сыл авæрдта. Сбадтысты барджытæ æмæ фæцæуынц. Бæхгæс дзуры йæхины- мæр: «Сæ бæхтæ мæ рæгъауы хизгæйæ баззадысты. Адон уæйыгæй чи раирвæза, ахæм гуырдтæ не ’сты». Фурды былмæ касти уæйыджы чызг доны уыцы фарс бæрзондæй. Базгъордта йæ ныййарæг мадмæ æмæ дзуры: — Нана, уæ нана! Уæртæ фурды уыцы фарс авд барæджы. — Нана дæ хуртæй бафсæдæд, уайгæ фæстæмæ æмæ сæм дæ цæсты зул фæдар. Кæд æмæ фурдæн йæ тæнджытæ агурой, уæд нын æвæлмоны фос, кæд фурдæн йæ иугуыры æрбацæуой, уæд сæ наехи бахъахъхъæньгн хъæудзæн: исты фыдбылыз нын сараздзысты. — Нана, фурды былтыл куы уæлæмæ ацæуынц, куы та дæлæмæ, тæвджытæ агурæг. — Нана дæ сæрыл хаст — дæ фыдæн сæ тас нæу, уæдæ. Идæдзы усы авд фьгрты тыхтæй-амалтæй уьщы фарс фесты до- нæн йæ тæнджыты. Уæйыджы галуаны раз æрхызтысты сæ бæхтæй. — Мидæмæ, уазджытæ, фысым уын уыдзыстæм. — Бузныг, арфæйаг у. Уæйыг кæм ис? — Уæйыг — цуаны, фæлæ йаб хæдзар ам ис. А изæр зындзæн ардæм. 181
Уазджытæ мидæмæ бацыдысты. — Мæнæ уал ацы ран дыргъбæласдоны бандæттыл æрбадут, уæхи- цæн уæ фаттæй, уе ’рдьгнтæй дыргътæ æрцæгъдут, — загъта ус. Фæллад адæм радыгай сæ хæцæнгæрзтæ бæлæстæм фехстой, — фæлæ бæлæстæй иу гага дæр не ’рызгъæлд, стæй сæ хæцæнгæрзтæ дæр къалиутыл ауыгъдæй баззадысты. Б,адынц, уæдæ куыд уыдаид; хурты хурзæринæн æппьш а<ныгуылæн нал уыд. Уазджытыл рæстæг ныддаргъ. Талынггæрæттæ фæци, .афтæ уæйыг дæр цуанæй æрцæуы. Саджы мæрдтæ, сæгуыты мæрдтæ, æд- къала бæлæстæ æрхæссы, йæ сабыр ныхас дæр арвы нæрынау бæстæ арауы. — Уазджытæ, æгас нæм цæут! Хуры фендау мын уæ уынд, — загъта уæйыг, йæ сырды мæрдтæ, йæ бæлæстæ æфснайгæйæ. Уæйыджы ахастытæй авд æфсымæры зæрдæтæ бамæгуыр сты. Фæ- лæ ма цы гæнæн уьгди! Куыд уыдаид, цы уыдаид, чи зоны, фæлæ иу ахæмы æхсæвæр дæр сцæттæ. Уæйыг бакаст йæ уазджыты æууæлтæм, сбарста сьш сæ тых, сæ ныфс æмæ уазджытæн не ’скодта уазджыты буц: æхсæвæр хæр- гæйæ фыдтæ йæхæдæг хордта, стджытæ та уазджытæм æппæрста. Уалынмæ бахуыссыдысты уазæгæй, фысымæй. Райсомæй уæйыг йæ усмæ дзуры: — Усай, аходæн мьгн, — цуаны цæуын. Ус катайтæгæнæг акодта йæхи æмæ дзуры: — Æмæ нæм куы ницыуал баззади дьисоны æхсæвæрæй. Цæттæ- гæнинагæй дæр дзаг стæм. Кæд дын... уæртæ нæ уазджытæ истæмæн сбæззой: фыры хъулты хуызæн сты. Уæйыг авд æфсымæрæй кæй йæ худы счъилы авæрдта, кæй йæ роеы, кæй йæ^дысы æмæ цуаны араст. Нал зынынц фæстæмæ идæдз усы авд фырты, иу уацхъуыд сæ нал хъуысы. Хъæубæстæ æмæ идæдз ус сагъæсы бацыдысты. Куы нæ æмæ куы нæуал зындысты, уæд сæм агурæг фæцыдысты, фæлæ никуы æмæ ницы. ^икуы цæуæг, никуы бадæг, иу уынæг сæ нæ фæци. Бонтæ, мæйтæ, афæдзтæ аивгъуыдтой, фæлæ уæддæр æфсымæр- тæй бæрæг нæй. Идæдз ус æнхъæлмæ кæсьшæй, судзаг цæссыг калынæй тайын бай- дыдта. Рæстæджытæ цыдысты, афонтæ уадысты, æмæ та иу акæмы уьщы усæн иу лæппу райгуырд. Сæвæрдтой йыл, æнхъæл куыд нæуал уьи- дысты, уымæ гæсгæ ном «Æрæджиау». Мад йæ цард, йæ бон Æрæджиа- уы скодта: йæ хæрдыл, йæ хуыстыл дæр ын не ’ууæндыд, цы хуыздæр ахæра, цы хуыздæр аназа, цы хуьгздæр адара, уымæй йæ хаста, Идæдз архайдта, йæ иунæг хъæбул хæрзхаст цæмæй æрцæуа, тагъддæр ын цæ- мæй æрбайрæза, ууыл. 182
Цæйбæрц рацыдаид, чи зоны, фæлæ лæппу фæкъомыл. Гайлаг ро- дæй бæрæг у. Уайтагъд фæбæрæг, Æрæджиау лæггаг кæй уыдзæн, уый. Дугъы йæ разæй ничи кодта, хъæбысæй йæ ничи бырста, дур дарддæр никæмæн хауди, фатæй йе ’мгар сабитæй уый хуызæн рæстдзæф нæ уыди. «Лæг дзы рауайдзæн, сгуыхт лæг», — дзырдтой адæм. Иæ мад сабийы цинæй фæстæмæ ног кæнын байдыдта. Уæд, дын, иу бон къулыбадæг усы чызг дон хæссынмæ тасгæ-уас- гæ рацæуы, рæсугъд, хæрзаив дурын йе ’уæхскыл. Æрæджиау æрдыны фат авæрдта æмæ дзуры йе ’мгар сабитæм: — Кæсут-ма, хæлæрттæ, кæддæра мæ фат уæртæ уыцы дурыныл суаид? Уьгй адыл фат суагъта, æмæ дурын базгъæлæнтæ. Къулыбадæг усы чызг фездæхт лæппутæм, фæлæ уыдон фæйнæрдæм фæпырх сты, цъиутæ ма фæпырх вæййынц афтæ цъиусуры тæссæй. Æрæджиау та дыккаг хатт дæр асаста чызджы дурьгн; фæхудтыс- ты та йыл, фыдуагыл. Нæ та бантыст чызгæн лæппуты бафхæрын. Æртыккаг хатт дæр та Æрæджиау загъта йе ’мбæлттæн: — Уæртæ та тасгæ-уасгæ рацæуы къулыбадæг усы чызг. Фæкæсут- ма, æз та йын йæ хъулон дурын фатæй куыд апырх кæндзынæн, уымæ. , Уæд æм чывг дзуры: — Стъæлды фæуай, стъæлды, куы нæуал мæ ныууадзай, æмæ дæ авд æфсымæры хал ахæрай! Кæд афтæ ныфсджын æмæ арæхстджын дæ, уæд дæ хъару мæ мæгуыр дурыныл ма æвдис, хывджылæггаг дын ничи у, фæлæ дæ хæс райс, дæ авд æфсымæры дын чи амардта, уыдо- нæй. Иу цъусдуг сагъдауæй аззад Æрæджиау, хорзау нал уыдысты аннæ лæппутæ дæр. Æрæджиауæн йæ фат æрхауд, уæдæ куыд уыдаид, æмæ уьщы тахт акодта сæ хæдзармæ. — Нана! Уæ, нана! Уынджы лæппутæ хъазынц «къай-æнæкъайæ», «ис дзыкк — нæй дзыккæй», пуситæ ма мын акæн, æмæ æз дæр ахъа- зон. — Нана дæ сæрыл хаст фод, — ныртæккæ дын ахæм цæкуытæ акæндзьшæн нæ къæйыл, æмæ сæм комы дæттæ уайдзысты. Æрмæст сугтæ æрбадав æмæ сæ артыл æрæвæр. Тагъд, лæгау! Мад къæй райста къуымæй, асæрфта йæ цармы гæбазæй æмæ йæ рæхысыл арты сæрмæ æрцауыгъта. Уадидæгæн цæкуытæ сырх зынг къæйыл къæр-къæр байдыдтой. — Гъа, мæ ахсджиаг, пуситæ дын! Æрæджиау йæ мады къухмæ фæлæбурдта æмæ йын æй дыууæ армы астæу æрæлхъывта. 183
— Уох-хай-и! Цы кæныс, цы дыл æрцыд, фыдуаг митæ ма кæн, — мæ къух судзы! — ныхъхъæр кодта мад. — Тагъд мын зæгъ, мæ авд æфсымæры кæм сты? — Фæсмонгонд фод, дæуæн уыдон кой чи скодта, — загъта ус. — Фурды уыцы фарс цæрæг уæйыгмæ дын ацыдысты æмæ фæстæмæ нал раздæхтысты. Æрæджиау йæ мады къух суагъта, æмæ цæкуытæ зæххы абад- тысты. — Цæмæн мæ фæрсыс? — дзуры мад. — Мæ фыд фынтæ мын мæ зæрдыл цæмæн æрлæууын кодтай? — Нана, къулыбадæг усы хъал чызг мын сæ бафидис кодта. Æз цы фæуыдаин фырæфсæрмæй, уымæн ницыуал зыдтон. Мæ фæттæ æд æрдын мæ къухтæй æрхаудтой, æмæ сагъдауæй аззадтæн. Нана, фидис- саг фæци мæ сæр, фидиссаджы бæсты та мæ цардæй ме ’нæцард хуыз- дæр. — Фидис мурдæр ницы у, дымгæ йæ фæхæсдзæн. Къулыбадæг усы чызджы фидис та уæлдайдæр. — Афтæ фод, фæлæ мын æй иу ахæмы аннæ адæм, мæ хæлæрттæ дæр бафидис кæндзысты. Нана, æз мæ хæс куы нæ райсон, уæд нæ уы- дзæни. — Афон дын нæма у, уыйбæрц æфсæрм дыл нырма нæма ис. Дæ мады зæрдæ дын аскъуыйа! — Нана, уыдæттæ ныууадз, фæлæ ма мын зæгъ: мæ фыдæй ницы хæзнатæ баззадаид? Ацы сахатæй æхсызгондæр мæ никуыуал бахъæу- дзысты. — Дæ фыдæй баззади бæх æмæ хæцæнгæрзтæ: бæх æвæгæсæгæй дæлæ ныккæнды лæууы, хæцæнгæрзтæ та уæртæ къулыл, згæ сæ ба- хордта, зилæг сæм нал ис. Æмæ Æрæджиау араст ныккæндмæ. Бæхы ракодта, найынтæ йæ байдыдта суадоны, стæй йæ баласта æхсыры цадмæ æмæ йæ фæстаг хатт уым цынадта. Аласайы хъуын фырсыгъдæгæй йæ хуыз скалдта — цæстытæ йæм нал лæууыдысты. Уый фæстæ рагъæнæй райста йæ фыды хæцæнгæрзтæ æмæ сæ бай- дыдта сæрфын. Сæрттывтой хæцæнгæрзтæ дæр. Сифтонг кодта йæхи Æрæджиау, бæхыл саргъ сæвæрдта æмæ йыл сбадт. Бæх тæрхъусау кафын систа Æрæджиауы бын. Уæд та йæ куы иуырдæм аздахы кæрты, куы аннæрдæм. Бæх маргъау атæхы сындз æм- бонды сæрты, фæстæмæ дæр. Куы бамбæрстой кæрæдзийы бæх æмæ барæг, уæд Æрæджиау йæхи барæвдз кодта балцмæ. Иæ фæндаггаг йæ фæсарц нахæтбосæй æрбабаста, хæссынæн рог, хæрынæн адджы-н фæндаггаг. Сбадтис та бæхыл æмæ йын ахæм гæрах нылласта ехсæй, æмæ йæ армæй чъепс, бæхы агъдæй та уафсваг фес- хъиудта. 184
Мад ын кæугæ-ниугæйæ фæндараст загъта. Фæцæуы Æрæджиау йæ фыды бæх Аласайыл. Иæ сæрæй хъазгæ цæуы бæх. Цыма йæ саргъмæ бахуыди, афтæ фидыдта лæппу бæхыл. Цæуы, цæуы æмæ та уый дæр фиййаумæ бахæццæ: — Фосы фæлвæра дын бирæ дæтта, хорз фиййау! — Æгас цæуай, æгас, лæппу! Уыцы арæзтæй, уыцы цыдæй хуы- мæтæджы дæ хæдзарæй нæ рараст уыдаис. — Фурды уыцы фарс уæйыгмæ бæргæ цæуын. — Дæ хуызæн сæтойтæ бирæ фæцыд уырдæм, фæлæ се ’стæгдар дæр нал баззад. Фæлтау дæ бон куы зонис æмæ уал дæ мады фæд- джийы бын куы рæзис, уæд хуыздæр уаид. Фурды уыцы фарсмæ цæуын дæумæ нæма æрхаудта. — Арфæйаг у, дæ зонд кæй нæ хæлæг кæныс мæгуыр сабийæн. Фæлæ уыйбæрц кæм фесæфт, уым ма дзы иу мæ хуызæн куы байсæфа, уæд бирæ хъуыддаг «æу. — Уæдæ æххормаг, фæллад уыдзынæ, æмæ мæнæ ацы кæхцæй æхсыр астæр, кæд æй дæ дыууæ чысыл къухы бауромиккой: цы фæ«- ды фест, уæддæр уазæг дæ. Лæппу æхсыры кæхц райста, фиййау та дзуджы алфамбылай зи- лæг скæны йæхи. Æхсыры кæхц Æрæджиау уыцы иу æлвæсæн аназы æмæ дзуры фиййаумæ: — Дæ мииас бирæ уæд! Мæнæ дæ кæхц, æмæ йæ фæрнæй фæдар, мæ дойны дзы басастон. Хæрзбон! — Фæндараст. «Лæггаджы хуызæн у ацы æнæнтыст. Уыйбæрц уазæг мæм фæцыд, фæлæ æхсыры куыси ацы сабийы хуызæн ничима асур кодта», загъта фиййау йæхинымæр. Æрæджиау араст æмæ та уадидæгæн галгæсы уæлхъус фестад. — Дæ фос бирæ уа, дæ фос, галгæс, æмæ дын куывдты хæринаг фæуой! — Уой, æгас æрцæуай, æгас, æнафоны барæг! Уый æмæ кæдæм азразыс дæ фæндаг? — Фурды уыцы фарсмæ рабарæг дæн нæ хæдзарæй, фæкæццæ уы- дзынæн — уый та фенд зоны. — Ие, лæппу, дæ хуызæттæ гыццыл нæ фæцыд фурды уыцы фарсмæ! Дæ бадæнтæм дын æвæццæгæн дзæбæх нæ базылдысты цъæхснаг уисæй, уый йедтæмæ фурды уыцы фарсмæ дæхи цæуæг не ’скодтаис. — Раст зæгъыс, хорз лæг, фæлæ мын æдзæугæ дæр нæй—хæс мыл ис, хæс, стыр хæс, — мæ авд æфсымæры агурьш, æмæ мын кæд исты баятыса, уæд хорз, куы ницы мын бантыса, уæд та, æвæццæгæн, мæ хуызæттæ чысыл нæ баззад уыцы ран. — Уæдæ ’ма æххæст далæ мæ бур гал æмæ мæ сау галы баиргъæв — 185
хæцынæй нал æнцайынц, æмæ тæрсын, исты фыдбылыз куы саразой кæрæдзийæн. Æрæджиау йæ бæх аздæхта галтæм. Бæхæй равнæлдта æмæ бур галы къæдзилыл фæхæст, æмæ йæ авд хохы фæстæмæ фехста; сау галы та авд фурды фæстæ фæкодта. йæхæдæг «хæрзбон» загъта галгæсæн æмæ афардæг дарддæр. «Де ’мгартæй макуы фæхъæуай, кæд цы лæппу дæ! Мæ рæгъауы фидауц дыууæ галы мын тары хай бакодтз. Лæппуйы ахаст нæу йæ ахаст», Загъта йаёхинымæр галгæс. Цæуы, цæуы Æрæджиау, йæ сæрæй хъазы Аласа дæр, размæ тын- дзы. Уалынмæ та мæнæ бæхгæс дæр, йæ бæхты рæгъау замманай хи- зæны хизы: дзæухгæрдæг — ронбастмæ. Рæгъауы бæхтæ нæрдæй хæ- лынц. Барæджы куы ауыдтой, уæд дзы иуæй-иутæ сæ сæртæ хæрдмæ систой æмæ сæ чи уасгæ кодта, чи та хуыррытт. — Байрйай, байрйай, бæхгæс! — Хорз цæрай, лæппу! Кæдæм цæуыс? Ма мын æй басусæг кæн. — Сусæг хъуыддагæй мæм ницы ис. Цæуын фурды уыцы фарс цæ- рæг уæйыгмæ. — Дæ фæадаг дæхи фæндиаг уæд! Дæ бакастæй, йæ хæдзары чъи- ри æмæ æрдæг кæмæ æрхауы, ахæм дæ, нанайы буц лæппу, æндæра дæ разы дæ бæхы удхарæй нæ марис. Мæгуыр бæх, дæу чи хæссы! Стæй дыл уæд цы æнæбары бон æркодта, дæ цардæй цæмæн афтæ æрбатыхс- тæ? Дæ сæр сафынмæ цæмæн тындзыс? Куыд дæ рауагътой дæ ный- йарджытæ? — Мæ мады нæ фæндыди, нæ мæ уагъта, бæргæ, фæлæ нæ багсас- тæн йæ коммæ. Арфæ дын кæнын дæ уарзон ныхæсты тыххæй, мæ цард дæ кæй фæнды, фæлæ мын æндæр амал нæ уыди. Фæстæмæ дæр нал аздæхдзынæн, æнæ цæугæ мын нæй. — Фæндараст фæу, лæппу! Фæлæ хорз уаид, дæ бæх куы аивис, уæд. Мæ рæгъауы бæхтæй дæм хуыздæр кæцы кæсы, уый æрцахс æмæ ууыл ацу, дæхион дæ нал ахæодзæн, — бастайдзæн. — Уымæй дæр дæ иттæг бузныг дæн, фæлæ мæхи бæх дæр нырма йæ цыд нæ фехæлдта, амæй фæстæмæ дæр ын кæд ницы уаид. Хæрз- бон! — Фæндараст, фæлæ фендзыстæм, цы лæппу ма дæ раздæха фурды фаллаг фарсæй дæ бинонтæм, уый. Æрæджиау йæ цыд нæ уадзы; Алаоа та идоны рохтæ размæ атон- атон кæны. Уæд та лæппуйы бын схъазы. Лæппу æрбамбырдтæ кæны бæхы æмæ йæм сдзуры: — Уæлдай тагъдæй дæр нын ницы æрцæудзæн: тагъд дон фурды не ’ййафы. Нæ амонд цы уа, уый бавзардзыстæм. Фурды был æрбахæстæг. Уыцы ф-арсæй уæйыджы галуантæ дард- мæ зынынц. 186
— Уæ, нана! Барæг та, барæг! Фурды былмæ йæ бирæ нял хъæуы. — Уæ, дæ нана дын амонды хос æрбауа! Дæ цæсты зул æм фæ- дар, æмæ кæд тæнджытæ агура, уæд нын — хуыцауы лæвар. Каед æмæ йæ иугуыры æрбацæуа, уæд нæ цырд лæууын хъæуы, — исты хинтæ саразын хъæуы, науæд нын исты фыдбылыз араздзæн йæхæдæг. Ус та хæдзары куыстытыл фæци, чызг былæй фæлгæсы. Бирæнæ алæууыд бæрзондыл æмæ та базгъордта йæ мадмæ: — Нана, барæг æвзонг лæппу у, йæ бæх фурдæн йæ иугуыры æр- батардта. йæ бæх дзы кæсаджы ленк æрбакодта, лæппу цудгæ дæр нæ фæкодта. Лæппу æрхызт уæйыджы галуанты дуармæ, бæхбæттæныл баф- тыдта йæ Аласа. Ус æм р’ацыди æмæ дзуры: — Æгас нæм цу, уазæг! — Зæрдырай æрбау! — Мидæмæ нæм рацу, дæ фæллад нæм суадз, мæнæ уал бæлæс- ты бын абад. Дæхицæн дыргътæ æрцæгъд. Изæры уæйыджы дæр ар- дæм хъæуы. Уый иу дзæвгар абадт, алырдæм афæлгæсыд, бæлæсты сæртæм дæр скаст. Рæсутъд, рæгъæд дыргътæ бæлæстыл. Фæлæ уыдон та цы уой? Бæласы къалиутыл бирæ хæцæнгæрзтæ: фатæй, æрдынæй, æн- дæрæй. «Æвзæр нæ уаид, æцæг, уььцы дыргътæй ахæрын», дзуры йæхины- мæр Æрæджиау. Уый фæдыл куы иу бæласмæ бацæуы, куы иннæмæ; бауигъы сæ, æмæ дыргътæ нæ, фæлæ ма сæ сыфтæр дæр зæххыл абады. Хуртуан сси бæлæсты бын дьиргъæй, сыфтæрæй, хæцæнгарзæй. «Хуымæтæджы уазæджы ахæсты нæ фестæм, — дзырдтой мад æмæ чызг. — Цæйбæрц нæм фæцыди уазæгæй, ай хуызæн дзы иу дæр нæ уыди, афтæмæй та зноныккон саби». Хур бæрзæндты фæстæ йæхи æруагъта, фæталынгтæ, афтæ бæстæ сабыргай гуыр-гуыр сси. Уый уалдзыгон сæлæф миты зæй нæу, уый саха-зæй не ’рцæуы хæхты, йæ разæй бæстæ æппæт хæсгæ, дурæй, бæла- сæй. Уый уæйыг æрбацæуы. Саджы мæрдтæ, сæгуыты мæрдтæ æрба- хæссы, æд къала бæлæстæ сау хъæдæй æрбаласы. — Нана! Баба æрбацæуы, æхсæвæйраг нын æрбахæссы! — хъæр кæны чызг. Хæдзары астæу æркалдта уæйыг сырды мæрдтæ, æдкъала бæ- лæстæ. Уазæгæн æгасцуай загъта. Уый фæстæ бинонтæ: уæйыг, хæ- дзары æфсин æмæ чызг бавнæлдтой æмæ арт бандзæрстой æд къала бæлæстæй, сырды мæрдтæ акой кодтой, уæларт сæ бавæрдтой æмæ æх- сæвæр фыцын байдыдтой. Бирæ нæ бафæстиат сты: æхсæвæр уайтагъд рафыхт, æмæ хæры- 187
ныл æрбадтысты. Æрæджиау фæцырд æмæ уарæг йæхи фæкодта уæйы- джы хæдзары. Фыдтæ хæргæ, стджытæ уæйыгæн æппаргæ, «адон та дзы дæу», зæгъгæ. Куыд уыдаид, цы уыдаид, чи зоны, фæлæ бахуыссыдысты бинон- тæ, уазæг. Цы фынтæ федтаиккой, цавæр сагъæстæ сæ уыди алкæй сæры дæр, уый дæр зын зæгъæн у. Тарф фынæй дæр кæм бауыдаиккой уазæг дæр, фысымтæ дæр! Æхсæв æмæ бон хицæн кæнынц кæрæдзийæ, тайын байдыдта æх- сæв. Æрæджиау йæ хуыссæнуаты райхъал, æмæ йæ хъустыл цæуын байдыдта фысымты змæлд. Дзурын цæуы: — Усай, фæндаггаг мын, цуаны цæуын тар хъæдмæ. Уазæг фестад, йæхи æрбарæвдзытæ кодта æмæ кæртмæ райста йæхи. — Цæй раджы фестадтæ, уазæг, хуыосыдаис уал, æз тагъд кæньш цуаны. — Цуаны абон нæ фæцæудзынæ, æз дæм хуыссынмæ не ’рбацыд- тæн. Тагъд мын мæ авд æфсымæры! — Æнцад куы уаис дæхицæн, намæ дьш ахæм «авд æфсымæры» зæгъдзьгнæн, куыдзы хъыбыл! — фæхъæр кодта уæйыг. — Зæгъай, нæ зæгъай, — ардыгæй къахдзæф дæр нал акæндзы- нæ æнæ иу дзуапп. Уæйыг йæхи ныццавта Æрæджиауыл. Хъæбысæй-хъæбысмæ фесты. Хæцынтæ систой. Æрбалвасынц кæрæдзийы, куы иу, куы иннæ хæрдмæ сисы йæ хæцæг æмбалы. Уæйыг Æрæджиауы æрцæвы, Æрæджиау йæ уæрджытæм зæххы аныхсы. Æрæджиау йæхи стонЪ1 зæххæй, уæйыджы æрцæвы, æмæ уæйыг йæ уæрджытæм аныхсы. Уæйыг Æрæджиауы æр- цæвы, æмæ лæппу йæ ■астæумæ зæххы а<ныхсы. Иæки стоны, уæйыджы æрцæвы æмæ йæ зæххы аныхсын кæны йæ астæумæ. Цас фæхæцыдаиккой, чи зоны, фæлæ фæстагмæ уæйыг стайын бай- дыдта. Æрæджиау æй иу фæзылдæн афтæ æрцавта, æмæ уæйыг афар- дæг зæххы йæ дæлæрттæм. Схæц-схæц ма бæргæ фæкодта, фæлæ ни- цыуал, йæ тых асасти. Уæд Æрæджиауæн йæ фыды кард ферттывта, æмæ уæйыджы сæр зæххыл атылди. Уырдыгæй уæйыджы усмæ фæци кардæлвæстæй. — Тагъд мын мæ авд æфсымæры, кæннод дæуæн дæр дæ сæр дæ уæлæ нал баззайдзæн. — У, ма мæ амар! Уæртæ уæйыджы кæстæр æнгуылдз алыг кæн, æмæ уырдыгæй ракæлдзысты. Æрæджиау арæхстгай уæйыджы кæстæр æнгуылдз алыр кодта, æмæ авд æфсымæры уырдыгæй разгъæлдысты. Кæрæдзийыл фæцинтæ кодтой. Бирæ нал бафæстиат сты уæйыджы хæдзары. Авд æфсымæры сæ хæцæнгæрзтæ райстой, сæ бæхтыл сбадтысты æмæ араст кодтой сæ 188
бæстæм Æрæджиауимæ. Фурды ахызтаиккой, уæдæ куыд уыдаид. Цæ- уынд, æмæ сæ бирæ нал хъуыд сæ райгуырæн къонамæ. Æрæджиауы хистæр æфсымæртæ авдæй дæр цæуылдæр сагъæс кæньш байдыдтой. Сæ кæстæр сæ мæрдтæй раздæхта, хур та сын фе- нын кодта. Уæдæ ма уымæй стырдæр хорз чи ракæндзæн, ахæм сгуыхт хъуыддаг ма кæмæн башысдзæн! Фæлæ æфсымæртæ авдæй дæр сæ тæккæ лæджы фæндагыл. Сæ бæсты сæхицæй номдзыддæр нæ уыд. Ныр дзыллæйыл айхъуысдзæн: Æрæджиау балцы фæцыд йæ сæфт æфсы- мæрты агурæг; фурды уыцы фарс æгас дунейы фыдбылыз — уæйы- джы — йæхи кæрты фысы æргæвст акодта, æмæ йе ’фсымæрты авдæй сæрæгасæй сæ хæдзарыл сæмбæлын кодта. Авдæй дæр æгадæй кæр- дзынтæ хæрдзысты, фидиссаг фæуыдзысты сæ сæртæ. Æрæджиауы кад та айхъуысдзæн бæстыл, æмæ æндæр кой нал уыдзæн. Уый раз мис- халы бæрц дæр нал ахаддзысты авд æфсымæры. Тар хъуыды бацыди сæ зæрды авдæн дæр. Мигъ æрбадт се ’рфы- джы. Æмæ та уæд фæкъорд вæййынц, куы цæй æфсон, куы цæй. Куыд уыдаид, цы уыдаид, хæйрæг йæ зонæг, фæлæ сфæнд кодтой æбуалгъ хъуыддаг, Æрæджиауыл, сæ мады зæнæг, сæ ирва^зынгæ- нæгыл марыны фæнд скодтой. Цæуынц, цæуынц æмæ бахæццæ сты тар хъæды астæумæ, сырдтæ, æвзæргæнджытæ сæхицæн æмбæхсæн кæм скæнынц, сæ фыдмитæ цы ран бакæнынц, уырдæм. — Ацы ран æрынцайæм, — дзуры хистæр æфсымæр. — Нæ улæфт суадзæм. Æрынцадысты, уæдæ цы! Сæ бæхты сæргътæ систой æмæ дзу- рынц: — Æрæджиау, цæугæ æмæ бæхтæ искуы ахиз, дон дæр сын адар. Мах уал ам иучысыл нæхи зæхмæ æруадзæм; бафæлмæцыды- стæм. Аст бæхы йæ разæй акодта Æрæджиау æмæ сæ хизы. Авд æфсымæры, сæ ирвæзынгæнæг куы фæаууон, уæд сæхи æруагъ- той кæрдæгыл æмæ тæрхоны бацыдысты. Сæ иу загъта: — Æргомæй нын марын нæ бакомдзæн, — хинæй йыл рацæуæм, — Дæ фæнд куыд у? — фæрсы йæ хистæр. — Уæрм скъахæм ацы ран, бирæ хъуыддаг нæу — авдæй цырд куы бавналæм, уæд æй ракъахдзыстæм. Уæрмыл нымæт айтаудзыстæм, фæткъуытæ йыл æрæвæрдзыстæм. Æрæджиау бæхтæ куы æрбаскъæра, уæд æм фæдзурдзыстæм: «Фæткъуытæ ма нын нымæтæй æрбадав». Уæд цы рауайдзæни, уый бамбæрстат? — Хуыздæр фæндæн нал ис æрæмысæн, — загътой аннæ æфсы- мæртæ, æмæ бавнæлдтой уæрм къахынмæ. Дыууадæс ивазны уæрм уадидæгæн къахт фæци авд æфсымæрæн. 189
Нымæт ыл айтыдтой, фæткъуытæ йыл æрæвæрдтой, — сау хъæды фæткъуы æмæ кæрдойæ фылдæр цы ис! Æмæ та сæхи сæ нымæттыл фæстæмæ æруагътой, уæдæ цы уыдаид. Иу ахæмы Æрæджиау бæхтæ æрбаскъæрдта æрдузмæ. — Цæуын афон у, — дзуры Æрæджиау, — хорз гуыбынтæ скод- той нæ бæхтæ, дон дæр банозтой. — Кæдæм тагъд кæнæм! — дзуры хистæр. — Дард нал стæм нæ- химæ, æххæст ма исты ахæрæм. Æрæджиау, далæ ма нын нымæтæй фæткъуытæ æрбадав, нæ ком сæ ауазал кæнæм. Æрæджиау фæткъуытæм куыд æрæвнæлдта, афтæ дыууадæс иваз- ны уæрмы афардæг, уæдæ цы уыдаид. Авд æфсымæры фæлæбурдтой æмæ цæрдудæй се ’фсымæры уæр- мы аныгæдтой. Æрцахстой сæ бæхтæ, сæргътæ сыл сæвæрдтой, сбадтысты æмæ фæцæуынц сæ кæстæры ингæны цурæй. Уайтагъд сæ хæдзары балæууыдысты авд æфсымæры. Идæдзæй йæ бирæ фыдтæ æрбайрох сты, йæ авд хъæбулы уындæй. Дзыхъхъын- ног та фестад, къæхтæ йыл базад, йæ тых та йæм фæзынд, йæ чындз- дзон тых. Хъæубæсты сæ хæстæг, се ’ввахс цæуынтæ байдыдтой алырдыгæй; 1авд æфсымæры æмгæрттæ каэрæдзимæ хæрзæгпурæггаг уадысты. Стыр циндзинад уыди æгас дзыллæйæн. Æмæ мад æмæ фырттæ сæхи цæттæ кæнын байдыдтой. Бон сбæрæг кодтой æмæ сæ хæстæг, се ’ввахсæн фе- хъусын кодтой, уыцы бОн хъæугуывд кæй аразынц. Уæд Æрæджиауы бæх та уæрмы был æрлæууыд, æмæ къахдзæф дæр ничердæм кæны. Ныккæсы уæрммæ æмæ та ныууасы йæ саг барæг- мæ. Аласайы уасын азæлы, тар хъæд ныццарауы. Хъæды арæх зилынц сырдтæ — рувасæй, бирæгъæй, арсæй, сæхи- цæн холы агурæг. Æмæ бæхы уасын айхъуыста гæды рувас, æмæ уадидæгæн йæ бы- рынкъ æрдузмæ бавдыста, йæ рихитæ куы иуырдæм, куы иннæрдæм аздухы. — Рувас, дæ сæр мæ бахъуыди, баххуыс мын кæн, æмæ дын дæ мызд бафиддзынæн. — Цæмæн дæ бахъуыдтæн? — фæрсы йæ рувас. — Мæ барæджы мын скъах, Æрæджиауы: ам æй баныгæдтой. — Мæ мызд мын бафиддзынæ, æмæ уæд цæмæй? — фæрсы та рувас. — Иу бæрзондæй-иу дæхи рауадз æмæ мын-иу мæ нард агъды фарсæй иу фарк атон. — Уый мын æгъгъæд нæу. Кæд мын дæ барæджы цонг ратдзы- нæ, уæд хорз. Ницы сдзырдта бæх, æрмæст зæхмæ ньжкасти. 190
Уæд рувас йæ дзæмбытæй калын байдыдта уæрмæй уæгъд сыджыт. Дзæвгар-дзæвгар акуыста, стæй дын афтæ: — Бафæлладтæн, дзырд мын цæуыл уыдтæ, уый мын сæххæст кæн. Фыццаг уал мын дæ нард агъдæй — фарк. — Ацы сахат. Уайгæ бæрзондмæ, æмæ дæ лæджыхъæд æмæ дæ- хæдæг. Рувас бæрзондæй йæхи раскъæрдта. Аласа йын—хафт йæ фарсæн, æмæ рувас кæдæмдæр хъæдмæ фæтахти æмæ уыцы ран батымбыл. Уалынмæ дын цъæх бирæгъ сыллынк-сыллынкгæнгæ æруайы. — Къуыбырхъус цъæх бирæгъ, мæнæ ацы уæрмæй сыджыт скал, æмæ дын мæ нард æгъдтæй иу фарк æхсæвæрæн. — Уый мын фаг нæу, — загъта бирæгъ. — Ратт-ма мьгн, кæй къа- хын кæныс, уый цонг. Аляса ницы сдзырдта. Къуыбырхъусæн та, дын, хуыцау ахæм авæра! Къахынтæ систа, къахынтæ. Æвæццæгæн дзы бирæ нал аззад калинаг, афтæ бирæгъ дзуры: — Мæ мызд мын: фыццаг мын дæ нард агъдæй — фарк. — Уæлæ бæрзондæй дæхи рауадз æмæ дæ мызд айс, — загъта Аласа. Иæхи систа бирæгъ бæрзондмæ, цинæй мæлгæ. Рауагъта йæхи æмæ бæхы æгъдтæм куыд фæкъæпп кодта, афтæ, — дæ хæраммæ бæл- лæг уыйау, —- тульштæ байдыдта, сæрбихъхъуырæйттæ, æмæ кæмдæр бæласы бын ныммард бæхы фæстæгты цæфæй. Бирæ нæма рацыдаид, афтæ дын арс дæр æрдузмæ фæзьгнд тæр- фæй, йæ фæстæгтыл æрбады, Аласамæ бакæсы. «Æвзæр нæ уаид уыцы нард бæхы фыдæй ахæрын. Къухы куы бафтид, уæд мын къуыриваг уаид. Къодæхты, дурты бын æй бакæнин, æмæ тæф кæнын куы байдайа, уæд æй адджынæн хæрин, минас кæ- нин», тæрхæттæ кæны арс хинымæр. Æрæджиауы бæх æм фæкомкоммæ æмæ йæм дзуры: — У-у, дзæмбыджын! Кæд дæ мæ нард дзидзатæй хæрын фæнды? — Арсма’мыд хæры! Фæлæ дæм уыйбæрц нæ уæндын. Дзæмбы- тæй хъаст нæ ракæндзынæн: иу ран куы фæхæст уой, уæд дзæбæх хай ратондзысты, уый æнæмæнг у. Æрмæст ма дзы иу хъуыддаг ис. — Уæд цы хъуыддаг? — дзуры бæх. — Куы нæ фæхæст уон, миййаг, æмæ мын дæ фидар сæфтджытæ мæ сæры кæхц куы нызгъæлæнтæ кæной! — Хылæй нын ма фод. Хъуыддаг фидыдæй саразæм, барвæндо- нæй, — загъта бæх. — Мæнæ ма уæрмы сыджытæй иу чысыл калинаг ис, скал мын æй, æмæ дæ уæд уый бæрц дæр хъæуæд мæ агъды фыд- тæй. 191
— Хорз, — сразы арс, æмæ кусын байдыдта. Уайтагъд уæрмæй сыджыт скалдта, æмæ, йæ дзæмбытæй архай- гæйæ, уæрмæй сфардæг. — Кæцы агъдæй байдайон хæрьш? — Афтæ нæ. Бæрзондæй раскъæр дæхи, æмæ дæ цы ранæй фæнды, уырдыгæй дзæбæх хай атон, — хуыздæр дын бантысдзæн. Раскъæрдта арс бæрзондæй йæхи æмæ, кæм тулгæ, кæм лæп-лæп- гæнгæ, бæхы размæ æрхæццæ. Бæх ай-уый нал, фæлæ, дын, эрсы æфсæртæн зæвæтæй — дзæхст, æмæ ууыл дæр рувас æмæ бирæгъы æмбисонд æрцыди. «Мæ барæгæн тас нал у фенудæй, — хъуыды кæны бæх. •— Фæлæ ма йæ уæрмæй цы амялæй сластæуа уæлбылмæ?» Уыцы сагъæстæ куыд кодта, афтæ урссæр цæргæс зилгæ-зилгæ, фæлгæсгæ, æрдузы сæрмæ йæхи æруадзы. — У-у! Цæргæс, мæ барæджы мын уæрмæй исты амалæй слас, æмæ дын мæ цæстытæй иу; кæнæ та сæ дыууæ дæр дæу фæуæнт. Цæргæс уæрммæ ныттахт, Æрæджиауы фæсонты йæ цыргъ ныхтæ ныссагъта, æмæ лæппу уæлбыл фæци. — Мæ мызд мын! — Дæхи мыл æрбауадз æмæ дæ мызд айс. Урссæр цæргæс бæргæ æрбаскъæры йæхи, фæлæ Аласа фæлæууы йæ фæстæгтыл æмæ армаццагæй æркъуыры цæргæсы. Цæргæс æрхауы зæхмæ æмæ адаргъ кæны йæ дынджыр базыртæ. Æрæджиау бæхыл саргъ авæры æмæ фæцæуы йæ бæстæм, йæ рай- гуырæн къонамæ. Æмæ хъуыдытæ кæны: «Уæдæ ма ахæм ми искуы æрцыдаид? Цы цæсгомæй мæм ракæс- дзысты ныр мæ авд æфсымæры? Куыд бакæнон, цы бакæнон? Уый- бæрц мыл чи схатти, уыдон мæн цæрын нал бауадздзысты, цы фæнды- тæ фæкæнон, уæддæр сæ мæхи бахизын нæ бафæраздзьшæн: æддагон знагæй истæмæй ирвæздзынæн, фæлæ иу цары бын кæимæ цæрай, уы- дон фыдæхадæй нæй хи баиргъæвæн. Ноджы æвзæрдзинад, мæигард ми уæлахиз куы кæна, уæд зæххыл цæрæн нæй». Чысыл маст нæ бацыд Æрæджиауы. Цæуы, цæуы æмæ бахæццæ сæ хæдзармæ, æрхызт йæ Аласайæ. Сæ кæрт иууылдæр кæд уыди змæлæг: иуырдыгæй дзы стыр куывд, ан- нæрдыгæй дзы стыр хъазт. Адæмæй чи минас кæны, чи кафгæ. Уайтагъд дзыллæйæн сбæрæг Æрæджиауы æрбацыд дæр. Дзыл- лæ бацин кодтой лæппуйыл дæр, уæдæ цы уыдаид. Уæд Æрæджиау радзырдта, цытæ бакодта, уыдон иууылдæр: уæйыджы куыд амардта, йæ авд æфсымæры куыд фервæзын кодта, уы- дон знаджы ми куыд бакодтой сæ кæстæр æфсымæрæн, йæ бæхы руа- джы куыд фервæзт. Стæй ма Æрæджиау загъта ноджыдæр: — Мæнæ дзыллæ! Кæд æмæ уын кæй радзырдтон, уыдон мæнг 192
сты, уæд мæнæ ацы фат уæлæмæ авдæй фæцæуæд, дæлæмæ иуæй æмæ мæ сæры астæу ныссæдзæд. На уый нæй, кæд мæ ныхæстæ æцæг сты, уæд мæ фат уæлæмæ иуæй фæцæуæд, дæлæмæ авдæй æрыздæхæд, æмæ уыдон сæрты ныссæдзæд, цæмæй, рæстæй цæрын, рæстæй цæуын хуыз- дæр кæй у, уый адæмæн баззайа сæрæвæрæнæн. Уый фæдыл Æрæджиау суагъта йæ фат. Адæм цы уыдысты, уымæй хæрдмæ кæсæг сысты. Фат уæлæмæ иуæй фæцыд, фæстæмæ авдæй, æмæ авд æфсымæры сæрты ныссагъд. Авд дæр уыцы ран дзыхъмард фесты. — Арвæн йæхи тæрхон у ацы тæрхон, — загътой хистæртæ. — Уæ куывд, уæ хъазт ма фехалут: уыдоныл цы æмбæлди, уый сыл æр- цыди. Ныр у, æмæ сьш искуы сæ мæрдтæ баппарут. Æрæджиау уыцы ран ус æрхаста, зæнæг ын рацыд, æмæ ныр дæр ма цæры кад æмæ радимæ. Уыдонæй цы нæ федтат, бабайы хуртæ, рын, сонæй дæр æндæр ма- цы фенут. 13 Ирон адæмы аргъæуттæ
<^«*^«ж^ ÆРТÆ ÆФСЫМÆРЫ ИУНÆГ ХО Æртæ æфсымæрæн уыди иунæг хо. Æфсымæртæ цардысты цуанæй. Алы бон цыдысты сау хъæдмæ, райсомæй изæр- мæ-иу сырдтæ фæмардтой æмæ-иу фæстæмæ æрыздæхты- сты сæ фæллоимæ. Сæ иунæг хо зылди хæдзары, æфснайдта йæ, сæ хæрд, сæ нозт сын рæвдз дардта. Чызгимæ хæлар уыдысты уæларв Хуры авд чызджы. Иу ахæмы йæм Хуры авд чызджы æрцыдысты æмæ йæ ахуыдтой сæхимæ. — Цом уал махимæ, иумæ уал фæхъазæм, кæннод ацы ран æн- къард кæндзынæ иунæгæй. Де ’фсымæрты æрбацæуынмæ фæстæмæ ам уыдзынæ афойнадыл. Бон афæдзæй даргъдæр куы у. Уæларв Хуры чызджытимæ фæхъазыди тыччытæй, быны бадджы- тæй, уæ чемчеритæй; чи зоны, къухы ми дæр акодтаиккой — алдым- быд бийынæй, хъуымбыл кæнынæй, быд уафынæй, хæрдгæхуыдæй. Фæизæрмæ хъавыд, афтæ чызг сагъæсыл фæци: «Цон мæ хæдзармæ, кæннод мæ арт бахуысдзæн, зынг ма кæм ссардзынæн, стæй ме ’фсымæртæн хæринаг скæнон, фæллад уыдзысты». —■ Каедæм тагъд кæныс, раджы ма у, — фæстиат æй кодтой Хуры чызджытæ. Уæд авд хойæ сæ иу цыкурайы фæрдыг райста æмæ йæ аивæй æр- тæ æфсымæры артдзæсты цæппæрста. — Тас нæу дæ зынгæн, кæс-ма, куыд æрттивы, — дзырдтой чыз- гæн авд хойы. Чызг-иу æркаст зæхмæ æмæ, æцæгæн дæр, сæ артдзæст рухс уагъта. Къорд фæлтæры скодта чызг сæхимæ цæуыныл, фæлæ-иу æй ба- къуылымпы кодтой авд хойы. Фæстагмæ нал бакасти сæ коммæ æмæ сæ хæдзармæ æрфардæг. Мидæмæ бацыд, кæсы, — арт хуыст, зынг нæй, фæлæ дзы цыкурайы фæрдыг æрттивы. Бамбæрста чызг авд хо- йы хин. — Мæ зынг бахуыссыд, цы цæсгом ма равдисдзынæн мæ дарæг 194
æфсымæртæм? — катайыл сси чызг. — Исты амал хъæуы зынпæн, хи æргæвдынæй ницыуал. Æмæ фæлгæсынтæ систа алырдæмты. Кæсы, æмæ дард, хæрз дард, иу ранæй рухс цæуы. Чызг йæхи æрбарæвдз кодта, рухсмæ сарæзта йæхи, зынгагур фæцæуы. Бирæ фæцыд, æви чысыл, чи зоны, æз дæр уым нæ уыдтæн, фæлæ цæугæ-цæуьш куыд хæстæгдæр кæны уыцы рухсмæ, афтæ рухс дæр стырдæр кæны. Хæстæг-хæстæг æм куы бахæццæ, уæд кæсы, æмæ æр- дузгонд, хъæдгæрон. Уыцы ран бæлæстæ кæрæдзийыл амад æмæ уыцы сыгъдæй судзынц, чъырæхсидæн артау къæрцц-къæрцд кæнынц, æмæ цæхæртæ алырдæм схъиуынц. Артмае хæстæг иу уæйыг хуыссы, æмæ куы йæ иу фарс, куы йе ’ннæ фарс артмæ дары, йæ богътæ, йæ сым-сым цæуы. «Мæлон, цæрон, уæддæр мын уæйыгæй зынг æнæ ракургæ нæй», загъта чызг йæхицæн. — Гъæ-гъы, гъæ-гъы! Гъæ-гъи, гъæ-гъи! — зæгъгæ бахуыфыд чызг уæйыджы хаедзармæ. Уæйыг рабадт, йæ сæр схъил кодта æмæ дзуры: — Мидæгдæр, уазæг, цы дæ хъæуы? — Зынггур дæм æрбацыдтæн, æз де ’уазæг. Мæ зынг ахуыссыд, ме ’фсымæртæ цуаны сты, æмæ куы æрбацæуой, уæд мæ æнæтуг æр- гæвст акæндзысты, стæй сæм мæхæдæг дæр æфсæрмы кæнын мæ цæс- гом равдисын. — Мæ уазæджы хай, æнæуæрст зынгæй дæ цæйбæрц хъæуы, уый- бæрц дæр хæсс, фæлæ дæм кæсын, æмæ, зынг цæм ахæссай, ахæм дзаумайæ дæм ницы уынын. Уайгæ уæхимæ, сыхырна æрбадав, æмæ дьгн дзы цæхæр авгæнон. Чызг уайгæ фæстæмæ æмæ уадидæгæн æд сыхырна уæйыджы ар- ты фарсмæ фестад. Уæйыг фæнык æркодта сыхырнайы, фæнычы уæлæ цæхæр æмæ дзуры: — Чызгай, хъусыс, хæсгæ-хæссын дæ сыхырна тил, цæмæй дæ зынг ма бахуысса. Фæстæмæ раздæхт чызг сæ хæдзармæ, йæ сыхырна тилгæ, фæны- кæй фæд уадзгæ. Арт бандзæрста, уæларт рæхыс æруагъта, æрхуы аг æрцауыгъта æд дон; сырды фыдтæ дзы бафтыдта. Уалынмæ æртæ æфсымæры дæр цуанæй æрцыдысты, алы маргъ, алы сырды мард æрхастой. — Чызгай, фу, фу! Аллон-биллоны смаг дæ цæуы, — кæмдæр фæхаттæ! — Хæтæнты сымах хæтут, цæуæнты сымах цæут, аллон-биллоны смаг та мæнæй цæуы! Сымах низ ма фенон, кæд нæ хæдзары къæсæ- рæй дæр акастæн, — нæ басасти хо. 195
Æфсымæртæ бадьгнц арты фарсмæ; чи дзы физонæг дары, чи йæ уæлæдарæсы хæлдтытæ туас æмæ хуыйæндагæй рæвдзытæ кæиы, чи дзы йе ’рчъитæ æмпъузы. — Уазæг, уазæг! — æрбайхъуыст кæйдæр дзурын æрвнæрæгау. Æфсымæртæ сæ кусинæгтæ фæуагътой, сæ хæцæнгæрзтæм фæлæ- бурдтой, — цы не ’рцæуы: уазджытæ дæр æмхуызон не ’сты, — чи сæ фыдбылыз хæссы йемæ, чи цы. — Уазæг — хуыцауы уазæг! — æмæ æфсымæрты хæдэармæ æф- сæргæ, абухгæ æрбацыди дынджырсæрджын уæйыг. — Уе ’хсæвтæ хорз, хæххон дзиглотæ! — Æгас æрцу, æгас! Æрбад, уазæг, мæнæ* ацы ран, лæгты- рдыгæй. — Нæ, æз лæгтырдыгæй нæ бадын, æз мæнæ дзыкъы-мыкъдаы раз бадын, — æмæ чызджы фарсмæ æртъæпæн. — Ма фезмæл дæ бы- натæй, дзыкъы-мыкъы. Чызг дæр, цыма йæ зæгæлтæй ныххуыдæуыди, уыйау, бадгæйæ баззад йæ бынаты. Хорзау нал фесты æртæ æфсымæры: дзæбæх адæймаг сыл нæ ба- зыдта сæ цæрæн бьгнат. Æхсæвæр сцæттæ. Æфсымæртæй хистæр æрæвæрдта фынгтыл са- джы фыдтæ, куист сæгуыты фыдтæ. Хæрынмæ бавнæлдтой. Уæйыг æмæ чызгæн хицæн фынг, æфсымæртæн — хицæн. Фынг уайта.гъд амарзта уæйыг æмæ чызгæн риосаг æлхыокъ фæ- кодта. Чызг ныцъцъæхахст кодта йæ дзыхы дзаг. — Цы фыд дыл æрцыди, цæуыл æрдиаг кæныс? — дзурыиц æм йе ’фсымæртæ. — Бæрзæйы дзидза йæ хъæуы, — æрвнæрæгау нæры уæйыг. Æрæвæрдтой уæйыджы раз бæрзæйтæ, æмæ та уыдон дæр уади- дæгæн хæрд фесты: къуту-гæлдæр сæ аныхъуырдтытæ кодта. — Уæу-уау! — фæцыди та чызджы хъæр уæйыджы æлхыскъæй. — Знаджы амæттаг фæуай, кæд дæ æргæвдгæ нæ чындæуы! Ца- вæр у? Дæ дзых цæуыл фадыс? Цы сдзырдтаид чызг! Уæйыг та дын афтæ: — Уæны дзидзатæ йæ хъæуы! Уæны хæйттæ дæр та æрæвæрдтой уæйыджы фынгыл. Хистæр æфсымæртæй иу æркаст сæ уазæджы æууæлтæм, бамбæрс- та, тыхæй кæй ницы скæндзысты уæйыгæн, стыр тас дзы кæй у, сыс- тад æмæ дзуры: — Цон æз сугтæ æрбадавон, — нæ арт æрмынæг. Уæйыг йæ куыст кæны, дзæлф-дзæлфæй архайы йе ’фсæртæй; йе ’фсæртæ — куыройы фыдтæ. Сыстад дыккаг æфсымæр: 196
— Æгæр æрæгмæ хæссы сугтæ: нæ арт хуыссы, — æмæ та уый дæр хæдзарæй райста йæхи. Уæйыг æфсымæрты фынгмæ йæ халамæрзæн къухтæй бавнæлдта æмæ, цæуыл фæхæст, уыдон рассывта, — фынг хæрз афтидæй аззад. — Цон-ма, цы фесты, мæрдты бæсты, миййаг, куы нæ сты нæ еут- тæ, нæ арт куы фæхуыссы, — загътд кæстæр æфсымæр, æмæ уый дæр хæдзарæй феддæдуар. Уæйыг æмæ чызг иунæгæй баззадысты. Уæд, дын, уæйыг фестади, фыдис рагъæнæй райста æмæ йæ басы аскъæрдта, — цы фыдызгъæлтæ ма дзы аззад, уыдон рацахста фыдисæй æмæ сæ ассывта. Стæй бас тъæпæнæджы рауагъта æмæ йæ иу æлвæсæн анозта. — Дзыкъы-мыкъы, хæххон дзиглотæ нæма зынынд? — Нæма, — тæрсгæ-ризгæйæ загъта чызг. — Гъæ-гъæ-гъæ! Цæй сайдæй мыл рацыдысты, цæ! — абухы уæ- йыг. — Сæ амонд мæм хæрæггæс куыд бацыди, гъе! Мæ цæст ма сыл куы æрхæцыдаид, уæд бæрæг уыдаид, кæддæра ма сæ цы аирвæзтаид! Дзыкъы-мыкъы, ныр баздæх æмæ мын лыстæн бакæ фæлмæн хъæм- пæй. Уæ бæркад бирæ, хъыртхъом фæдæн, хуысгæ кæнын. — Фынгтæ уал афснайон, стæй дын хуыссæны кой бакæндзынæн. — Хорз, хорз, дзыкъы-мыкъы, фæлæ æмбæхсын ма сфæнд кæнай де ’фсымæртау — акъабæзтæ дæ кæндзынæн, хомæй дæ бахæрдзынæн. Уæйыг хæдзарæй рауад кæртмæ йæхихъуыдыйы. Чызг фынгтæ ба- хаста къæбицмæ. Къулы хуынкъæй йæм рауад иу мыст æмæ йæм дзуры: — Дæ ран иууыл хæрзтæй нæу, — уæйыг дæ хæрдзæн. Ай дын хæсгард, айдæн æмæ сæрвасæн. Лидзгæ. Уæйыг дæ нал æрбаййафдзæн ацы ран æмæ дæ сурдзæн. Æвæдза дæ феййафы, афтæ дæм кæй рад- тон, уыдон радыгай æппар, кæд æмæ истæмæйты аирвæзис мæлæтæй. Чызг ай-уый нал, фæлæ аивæй талынджы афардæг сæ райгуырæн къонайæ. Уыцы лыгъдæй лидзы. — Дзыкъы-мыкъы, лыстæн мын æркодтай? — хъæр кæны уæйыг. Мыст къæбицы хъæмпы муртæ базмæлын кодта: хъæмпы сыр-сыр ссыди. — Хорз лыстæн мын, фæлмæн лыстæн мын, тас нæ уыдзæн, нæ дæ ауадздзынæн никæдæм, мæ хъазæнхъул. Æмæ та мыст: хыбар-хыбур къæбицы. Æгæр æрæгмæ куы зынд чызг, уæд уæйыг бафсæрста къæбицмæ: цæй чызг æмæ ма цæй æндæр! — Дзыкъы-мыкъы, нæ мын аирвæздзынæ, арвы кæронмæ дæр дæ сурдзьшæн. Додой мын фæци дæ мæрдты къона! — Нæрыди уæйыг фырмæстæй. Чи зоны, цы тæфæй бамбæрста нæ къутухытъын уæйыг чызджы фæндаг. Иæ фæдыл бафтыд, сурынтæ йæ систа. 197
Æрбарухс бон. Уæйыг уыцы лæпп-лæпп уад кæны. Чызг дæр нæ ауæрды йæхиуыл. Фæлæ тарст сылгоймагæн цас æнтысы: уæд та фæта- сынц йæ уæрджытæ, фæцæйхауы фæндагыл. — Нал мын фæцæудзынæ, бæрæг дæм уыдзæн, — хъæр кæны уæйыг, йæ цæст чызгыл куы æрхæцыдис, уæд. Уый адыл гæлдæрджын йæхи тагъддæр асхуыста размæ. Йæ мыр- мыр цæуы фырцинæй. Æвæдза йæ ныр баййафа, афтæ чызг хæсгард фехста, æмæ чызгæй уæйыджы астæу айнæг-хох фестад. Иннабонæй- иннабонмæ бафæстиат къутухытъын хæхтыл. Чызг афардæг, уæдæ цы уыдаид. Алчи дæр сæ кæны йæ цыды кой, æмæ та уæйыг чызгмæ фæхæс- тæг кæны. — Иæ-гъæ-гъей! Дзыкъы-мыкъы, ацы хатт мын нал аирвæздзынæ! Чызг айдæн æрæппæрста зæхмæ, сæ дыууæйы астæу денджыз фестад. Фæйлауæнтæ дзы дыууæрдæм кæрæдзийы сурынц, хур дзы йæхи найы. Фæлæ цы уромы нæ уæйыджы! Денджызы бахызт, æмæ дзы къам- бецы ленк фæкæны. Иннабонæй-иннабонмæ дзы амалтæй ахызти. Сур зæххыл та фылдæр æнтысы уæйыгæн. Суры, суры, æмæ та йæм уартæ æрбазынд лидзæг адæймаг, æртæ æфсымæры хо. — Ныр та ма мын кæй мæрдтæм цæудзынæ! — йæ дæндæгты къæс-къæс цæуы уæйыгæн. Æмæ та чызг йæ ронæй райста сæрвасæн æмæ йæ — зыввьпт! Лидзæг чызгæй уæйыджы астæу тар хъæд фестад; йæ быны пых- сæй, мæцк’ьорæй, сындзæй æмæ алы уидагæй азмæлæнтæ нал уыд. Иæ сур хид кæлы, йæ хъæр æмæ ахстæй тар хъæд байдзаг, алыр- дыгæй азæлы, афтæмæй. Йæхицæн фæндаг лæгæрдгæ цæуы размæ. Тыхтæ æмæ æхсарæй тар хъæдæй агсызт инна’бонæй-иннабанмæ тыгъд быдырмæ. Суры, — йæ фæндаджы хъæд бирæ рогдæр фæци ацы ран. Æмæ та чызджы сау æндæрг зæрдæ æвæры уæйыгæн. Уалынмæ тыгъд быдыры чызг æрбауыдта бæрзонд мæсыг. Мæ- сыджы сæр ус æлвисы. Уæд та йе ’лхуи ныззыррытт ласы, æмæ дæлæ мæсыджы бын балæууы, стæй та хал тухгæ-тухгæ фæстæмæ мæсыджы сæрмæ слæсы. — У, æна, дæ хорзæх, бафснай мæ, — уæйыг мæ суры! Æ,рбай- йафы мæ! Хæры мæ!.. — Дæ цæссыгæй дæ разы мæсыджы раз дыууæ донхæссæн къуы- стилы айдзаг кæн, æмæ, æна дæ фæхъхъау, ме ’уазæг фæу. Чызг кæуынтæ байдыдта, цæссыг фемæхст цыхцырæгау: дыууæ донхæссæн къуыстилы айдзаг сты судзаг цæссыгæй. — Зæлдаг синаг дæм ауадзон, æви сæхъхъис синаг? — дзуры мæ- сыгæй ус. 198
— Зæлдаг синаг та мæнмæ кæцæй æрхауа, — сæхъхъис мын æгæр дæр ма у. Рауагъта мæсыгæй ус зæлдаг синаг. — Дæ дæлæрмтты йæ æрбайс æмæ йæ дзæбæх бафидар кæн, куын- нæ дæ цæлваса, афтæ, — амоны ус чызгæн. Чызг зæлдагæй йæхи æрбабаста æмæ мæсыджы сæр абадт. Уалын- мæ уæйыг дæр мæсыджы бынмæ æрбахæццæ. — Мæ дзыкъы-мыкъы дæумæ сирвæзт, — мæн дæр мæсыджы сæр фæкæн: нæ дын æй байрох кæндзынæн. — Дæ разы мæсыджы бын дыууæ донхæссæн къуыстилы, дæ цæс- сыгæй сæ айдзаг кæн, æмæ дæ мæхимæ сласдзынæн. Уæйыг къуыстилтæ айдзаг кодта, — цæссыпæй нæ, фæлæ йæ сæтæй, хæппæрæй. — Сæхъхъис бæндæн дæм ауадзон, æви зæлдаг? — фæрсы йæ ус — Сæхъхъис мын мæ дæлæрмттæ авдæрздзæн, низ мын скæн- дзæн, — зæлдаг бæндæн мæм раскъæр. Сæхъхъис бæндæн æм рауагъта ус. Уæйыг дзы æрбаста йæхи, æмæ мæсыджы сæрмæ хæр-хæргæнгæ фæлæсы. Чызг мæсыджы сæр адæргæй ницыуал зыдта, гæды бæласы ри- зын ыл бахæцыд: уæйыг æй хæрдзæн. Мæсыджы сæрмæ æввахс кæиы гæлдæрджын, афтæ ус дзуры: — Чызгай, уайгæ, болат хæсгард раскъæф рагъæнæй. — Гъа, мæ мады хай, дæ болят хæсгард. Ус хæсгардæй сæхъхъис бæндæн адзæнгæл кодта. Уæйыг зæххыл— цæлхъ! — æмæ ныппырх и, уæ фыдгул афтæ! Зилæнтæ кодта чызг мæсыджы: ус-иу нæма рабадтаид, афтæ-иу æфснайд уыди мæсыг, хæрз марзт. Тæвд хæринаг-иу цæттæ. Ус-иу куы рабадт, уæд-иу тас, хъуывгъан, хисæрфæн рæвдзæй лæууыдысты. Йæ къухтыл ын дон уагъта, æмæ-иу ус йæхи ахсадта. Уæд хуийынмæ, пи- рынмæ, æлвисынмæ кæм уыди ахæм. Усы зæрдæ дзы рухс кодта ал- цæмæй дæр. Уындæй дæр кæм уыд йæ хуызæн. Уындыл йæ мад æмæ йæ фыды цы стъалы ауæй кодта, уымæй дæр рæсугъддæр, хæрзаив- дæр. Цæйбæрц рацыд, чи зоны, фæлæ-иу ахæмы ус дзуры: — Куырой ссынмæ цæуын æз, мæсыг, галуантæ фæдзæхсын дæ- уыл. Мæнæ дын авд дæгъæлы авд уатæй. Адоныл никæуыл никæд бау- уæндыдтæн, мæ бинонтæй бинойнагыл дæр. Иокæдæм балцы цæугæйæ, уæд-иу сæ мæ ронбасты бафснайдтон. Ныр, мæ хур, æнкъард куы кæ- най, уæд-иу мæнæ ацы æкоæз дæгъæлæй галуа’ны аахоæз уаты дуары бакæн, фæзил-иу сыл, дæхи-иу аирхæфс æхсæз уатыл. Фæлæ дын фæ- дзæхсын, — ныфс мæ ис — нæ дæ байрох уыдзæн, — æвдæм дуар-иу ма бакæн. Куырой ссынмæ ацыди ус, чызг мæсыджы баззад фæсæфсинæн. 199
Цæйбæрц бафæстиат уыдаид ус куыройы, æз æй нæ зæгъдзынæн. Чызг зилæнтæ кæны мæсыджы, йæ цæст дары алцæмæ дæр: иу хъуыддаг дæр дзы æнæ кондæй нæ ирвæзы. Фæлæ æдзух кусын дæр кæй бон у, стæй хаттæй-хатт кусинаг дæр нал вæййы — æвдæлон сахат скæны адæй- магыл, йæхæдæг йæхиуыл æрвæййы; сагъæстæ, хъуыдытæ цух нал фæуадзынц сæры магъзы. Чызгæн та йæ зæрдæ бирæ цæмæдæрты æх- сайдта æмæ йæхинымæр куыд тыхст, афтæ дæгъæлтæ йæ къухæй æрысгæрста. — Цон-ма, галуаны уæттæ басгарон, — загъта чызг, æмæ æр- лæууыд фыццаг дуары раз. Дуары дæгъæл равзæрста æмæ гуыдыр бакодта. Кæсы уатмæ: уаты авд чындзы, сæ пирæнтæ сæ разы æд чырвæзтæ, сæ пиринаг сæ мидæг, сæ фарсмæ авд зырн авдæны æд сывæллæттæ. Чызджы цæст уаты цыдæриддæр æрцахста, уыдон уыдысты цавддуртæ. «Цавæр фыдбылызы хъуыддаг сыл сæмбæлд, цавæр фыдæхарды фесты? Уыцы хæрамдзинад, уыцы кæлæнтæ скæнын сын цымæ кæй зæрдæ батардта?» — хъынцъым кодта чызг йæхимидæг. Æхсæз уаты гæрзæй-гæрзмæ ацыд. Уыдоны дæр алы хæдзары дзаума, алы хорздзинад, алы хæзна. Мæнæ дын уый та æвдæм уаты дуар. Æрлæууыд чызг ацы ран. Дзуры йæхицæн: «Мæ мадыхай мыл баууæндыд, галуаны авдуаты дæгъæлтæ мæм радта. Бафæдзæхста мын, ацы дуары гуыдыр куыннæ бакæнон, афтæ. Фæлæ æхсæз уаты цы федтон, уыдон афтæ диссаг сты, æмæ оæ уын- дæй мæ сæр зилы, мæ бар нал цæуы мæхиуыл. Цыдæр мæ размæ схойы, мæ хъусты мын дзуры: размæ, размæ! Басгар æвдæм уат дæр!» Æмæ чызг йæхи бауромын нал бафæрæзта. Бирæ дæр нал ахаста мид-зонды хъуырдухæн. Райста æвдæм дæгъæл, дуар байгом. Байгом, уæдæ цы уыдаид. Æваст кæцæйдæр февзæрд зилгæ-дым- гæ, — уаты астæу иу дари хæдон ауыгъд, æмæ дымгæ уыцы хæдон сис- та æмæ йæ дæлæ кæмдæр денджызы баппæрста. Хорзау нал фæци чызг, фæлæ цы æрцæуа, уымæн хос нал ис. Авд дуары ахгæдта фæстæмæ æмæ та хæдзары зилæнтæ систа. Не ’схъæр кодта усæн хабар, дæгъæлтæ йæм радта. * * Æлдары кæфахсджытæ сæ хызтæй денджыз сæрфтой. Æрцахстой кæсæгтæ. Иухатт куы уыд, уæд сæ хызæй æрбасæрфтой, æмæ, дын, мæ- нæ хæдон, дари хæдон. Кæфахсджытæ сæ кæсæгтæ, оæ кæфтæ афснайдтой, сæ хызтæ атых- той, æмæ æлдары хæдзармæ тындзгæ бацыдысты. — Æлдар, æлдар, де ’зæд, де ’зæд, дæ фарны стæн! Ацал-ауал азы 200
кæсагдзуан фæкодтам, фæлæ абон цы æрцахстам, ахæм никуыма ничи æрцахста доны. — Æмæ уагæр цавæр у? — бафарста æлдар. Дари хæдон æм балæвæрдтой кæсагахсджытæ. — Мæнæ дын уый нæ ахсæггаг, диссаджы дари хæдон. Æлдарæн уыди иунæг фырт, уымæн æрцыди йæ ус курын афон. Æмæ æлдар йæхи нымæр дзуры: «Ацы хæдоны хицау мын чындзæн сбæззид, мæ фыртæн та къайæн. Фæлæ йæ кæм агуырдæуа?» Æлдары хъæу дæр ма фæрсгæйæ ссардæуыд. Адæм хорз дæр сты, æвзæр дæр сты кæрæдзийæн. Стæй, æвæццæгæн, бирæ нæй ахæм су- сæгдзинад арвы бын, адæм кæй нæ базыдтой. Хъусдарджытæ арвыста дзыллæтыл æлдар, цæмæй сбæрæг код- таиккой хæдоны хицауы. Фæрсгæ-фæрсгæ, къахгæ-къахгæ цыдыс- ты æлдары æрвыст адæм, æмæ фæстагмæ сбæрæг кодтой хъуыддаг. Æмæ æлдар балцмæ йæхи бацæттæ кодта. Сфæнд кодта мæсыг басгарын, мæсыджы бадæг чызджы, дари хавдоны хицауы йæ фыртæн æрхæссын. Æмæ араст и æлдар балцы. Барджытæ, йæ фырт йæ фæстæ, дари хæдон хордзенты йæ фæсарц, афтæмæй мæсыджы раз æрлæууыдысты. Ус батыхсти уазджытыл. Стæй дари хæдон уазджытæм куы ра- зынд, уæд фæджих: цы ма йын базонын хъуыд, чызг æвдæм дуар кæй бакодта, йæ дзырды сæрты кæй ахызт, уый! Уазджытæ галуаны къæсæрæй куыд бахызтысты, афтæ цавддуртæ райгас сты, æмæ, цы уыдысты, авд ахæмы хуыздæр фестадысты. Галуан цы уыди, уымæй змæлæг сси. Зонынджын ус бамбæрста хабар: бам- бæрста, дзæгъæлы йæм кæй не ’рбафтыд лидзæг чызг, сæууон стъалы- йау чи æрттывта, стæй ма йын кæддæр загъдæуыд, йæ галуаны къæсæ- рæй куыддæр усгур бахиза, афтæ хинтæ æмæ кæлæнтæй цавддур чи фестади, уыдон кæй æрæгас уыдзысты. Бамбæрста зонынджын ус, дари хæдон дæр лидзæг чызджы хардз кæй уыди. Чындзæхсæв скодта, æмæ æлдар йæ фыртæн къай æрхаста. ^
0^5*5^5**^^ АРВЫ АЙДÆН Цардысты æмæ уыдысты лæг æмæ ус. Уыди сын иунæг хъæбул. Иуахæмы лæппу йæ ныййарджытæм баздæхт æмæ сын афтæ зæгъы: — Кæдмæ фæраздзыстæм ацы мæгуырæй? Бар мын рат- тут, æмæ кскуыдæм фæцæуон: кæд истæуыл фæхæст уаин, кæд æмæ фырмæгуырæй нæ хъиутæ нал хæриккам. Исдуг нæ разы кодтой мад æмæ фыд сæ иунæг хъæбулы фæндыл, фæлæ сæ куынæуал уагъта, уæд æй иу ахæмы срæвдз кодтой балцы. Мад ын фæндагмæ скодта хæрынæн адджын, хæссынæн рог чи уыд, ахæм хæринæгтæ. Лæппу бафснайдта йæ фæндаггæгтæ хызыны, хæрз- бон загъта йæ ныййарджытæн æмæ араст амонд агурæг. Цæуынтæ байдыдта, æмæ цæйбæрц фæцыди, чи зоны, фæлæ уалын- мæ схъуаг и хæринагæй. Уæд бафтыд иу хъæдбынмæ, кæсы, æмæ дзы мæнæ иу бирæгъ. — Бирæгъ, хæргæ дæ кæнын! — дзуры йæм бæлццон. — Ма мæ бахæр, — загъта бирæгъ, — уый бæсты мын дæ разы дæ лæдзæгæй мæ гуыбын ахаф, æмæ дын æз дæр иубон феххуыс уы- дзынæн. Лæппу ахафта бирæгъы гуыбын æмæ йæ аскъæрдта. Цæуы та дарддæр йæ фæндагыл, бахæццæ иу цæргæсмæ. Цæргæс ацархайдта тæхыныл, фæлæ нæ бафæрæзта. — Цæргæс, хæргæ дæ кæнын, — дзуры йæм лæппу. — Хæрыны бæсты мæ фæлтау фехс хæрдмæ ивазны бæрц, æмæ дын иуахæмы ме ’ххуысы хай бакæвдзынæн, — загъта цæргæс. Лæппу цæргæсы ивазны бæрц фехста, уыйадыл цæргæс атахт æмæ кæмдæр фæаууон. Лæнпу та дарддæр йæ цыды кой кодта. Уалынмæ кæсы, æмæ мæнæ иу рувас ратул-батул кæны йе ’рагъы нуæрттыл. — Рувас, дæу мын нал ис æнæ бахæргæ. Нал фæразын æххорма- гæй, — загъта лæппу. 202
— Ныууадз уыцы фæнд, лæппу. Рувасы бахæрд дын бирæ нæ ахæсдзæн, стæй дын хъуамæ тайгæ дæр ма бакæна мæ фыд, — дзуры рувас. — Фæлтау баздæх, æмæ мын мæ ком истæмæй бахуылыдз кæн, чи зоны, иокуы дæ мæ сæр бахъæуа. Рувасы ком ахуылыдз кодта лæппу æмæ араст и дарддæр. Цæуы, цæуы æмæ иу денджызы былмæ бахæццæ. Денджыз рафæй- лыдта, æмæ иу кæф хуыскъыл аззади. Лæппу фæлæбурдта кæфмæ æмæ йæ раохахста. — Хæргæ дæ кæнын, мæнæ кæф, нал фæразын æххормагæй. — У-у, ма мæ бахæр! — загъта кæф. — Чи зоны, куыд вæййы, цы вæййы, искуы зындзинады куы бахауай, уæд дын æз дæр дæ хорз мæ уæлæ нæ ныууадздзынæн. Ф«æтæригъæд кодта лæппу кæфæн æмæ йæ денджызмæ басхуыста. Цас ма фæцыдаид, чи зоны, фæлæ уалынмæ æлдары хъæумæ баф- тыд æмæ къулыбадæг усы хæдзармæ бараст и. — Нана, фысым мын фæут, — дзуры лæппу. — Куы ныл барвæссай, уæд дын мах мæгуыр фысым, — дзуры къулыбадæг ус. Лæппу бафысым кодта къулыбадæг усмæ, уæдæ цы уыдаид. Ус æм базылд, йæ хæдза/ры цы ссардта, уымæй. Фысым æмæ уазæгæн дзырд бацайдагъ. Къулыбадæг ус дзуры: — Не ’лдары чызгмæ фæцыдысты курæг алы хæрзæджытæ алы бæстæтæй, фæлæ сæ никæмæн бакуымдта. Курджытæн-иу чызг ралыг кæнын кодта сæ сæртæ æмæ оæ кауы михтыл æрсадзын кодта, иу сæр хъуаг ма фæци кау. — Æмæ сæ уæд цæй тыххæй ныццагъта, уыйбæрц мæсты сæм-иу цæуыл сси? — бафæрсы лæппу. — Не ’лдары чызгмæ ис арвы айдæн. Уый баздæхы æмæ фæзæ- гъы курæгæн: «Æртæ хатты бамбæхс, кæм дæ фæнды, уым. Æз райс- дзынæн мæ арвы айдæн æмæ дæ агурын байдайдзынæн. Кæд æмæ дæ не ’ссарон, уæд мæ хуыцау дæуæн радта. Намæ дæ куы ссарон, уæд дын ракæндзынæн дæ сæр æмæ дын æй мæ кауы михтæй иуыл æрсадз- дзынæн». — Мæ амонд мын æнæ бавзаргæ нæй, мæ мады хай, мæнæн дæр,— дзуры лæппу, æмæ дыккаг бон минæвар барвыста чызгмæ. Æлдары чызг басидти къулыбадæг усы уазæгмæ: — Æртæ хатты бамбæхс, æмæ дæ кæд не ’ссарон, уæд æз — дæ амонд, намæ дын дæ сæр ракæнын кæндзынæн, — иу сæр хъуаг ма у мæ кау. Лæппу сразы, уæдæ цы уыдаид. Араст денджызы былмæ. Кæф æм фæйлауæныл раохыд æмæ фæрсы лæппуйы: — Цы хорз дæ хъæуы мæнæй? 203
— Арфдæр цы ран у, уыцы ран мæ бамбæхс: арвы айдæнæй кæс- дзæн æлдары чызг, куыддæр мæ ссара, афтæ сæфын! Кæф йæ дзых фæхæлиу кодта, лæппуйы аныхъуырдта æмæ ден- джызы быымæ афардæг. Æлдары чызг райста арвы айдæн, бон-изæрмæ уьгцы агуырц фæкодта лæппуйы. Æвæдза, ныр хур æрныгуылы, афтæ йæ ауыдта. Уæд кæф лæппуйы рахаста доны бынæй хусмæ, æмæ лæппу æлдары чызтмæ бацыд. — Ссардтай мæ, — æнкъардæй дзуры лæппу. — Ссардтон, фæлæ та бамбæхс райсом дæр. Цæргæсы уæлхъус балæууыди дыккаг бон лæппу. — Дæ сæр мæ бахъуыд, цæргæс, — дзуры лæппу. — Æлдары чызг мæ агурдзæн арвы айдæнæй, куы мæ ссара, уæд мын мæ сæр ралыг кæндзæн. Бамбæхс мæ искуы. Цæргæс æй ахаста авд хохы сæрты æмæ йæ иу ран айнæджы бын бамбæхста. Æхсин-чызг та райста арвы айдæн, байдыдта алырдæм фæлгæсын æмæ дзуры: — Кæсут-ма йæм, кæсут! Авд хохы фæстæ йæ иу айнæджы бын цæргæс бамбæхста! Уый адыл та йæ цæргæс фелвæста йæ уæлбазырты æмæ йæ æхсины галуаны раз æрæвæрдта. — Лæппу, ссардтон дæ, — дзуры чызг. — Ссардтай! — загъта лæппу. — Уæдæ ма райсом дæр бамбæхс, — дæ фæстаг æмгъуыды бон у. — Цы ф>æдæ, бирæгъ? — дзуры лæппу. — Кæд ма мын искуы æх- хуыс кæнынмæ хъавыс, уæд мæ ацы сахатæй хуыздæр де ’ххуыс ни- куыуал бахъæудаæн. Бирæгъ æрбалæууыд лæппуйы раз æмæ йæ фæрсы: — Ме ’ххуысы хай дын цæмæй бакæнон? — Арфдæр цы ран у, уыцы ран мæ бамбæхс, — агурæг мæ ис, куы мæ ссара — байхæлд мæ къона. Бирæгъ æм февнæлдта æмæ йæ дард сау хъæды къодæхты бын бамбæхста. Чызг-æхсин райсомæй куы базылд йæхимæ, уæд райста арвы айдæн æмæ фæлгæсын байдыдта алырдæм. Акасти дæлдзæхмæ, акас- ти уæлдзæхмæ, — никуы зыны лæппу. Сарæзта айдæн сау къæдзæх- тæм, урс хæхтæм, — нæ разынд уым дæр. Хур акъул, уæдæ цы уыдаид. Уалынджы чызг фæхъæр кодта: — Ссардтон æй! Сау хъæды астæу æй цъæх бирæгъ къодæхты æхсæн бамбæхста. Къодæхты бынæй йæ уæд бирæгъ ракъахта æмæ йæ уадидæгæн æлдары хъæумæ æрбахæццæ кодта. 204
— Куыд эæгъыс, лæппу, ссардтон дæ? — дзуры чызг. — Ссардтай, — загъта лæппу. — Дзырдмæ гæсгæ мыл ныр æмбæлы амæлын, фæлæ ма дæ курын: иу æмбæхсты бар ма мын ратт. — Уыйбæрц хæлæрттæ кæмæн разынд сырдтæй, мæргътæй, раст ма денджызы цæрджытæй дæр, уымæн ма иу æмбæхсты бар куыд нæ ратдзынæн! Райсомæй лæппу араст быдырмæ æмæ дзуры: — Рувас, ды ма мын куы нæ баххуыс кæнай, уæд сæфт æмæ сæфт. Рувас фестад лæппуйы раз. — Цы дзæбæх дын фæуон? — Кæм мæ не ’соарой, ахæм ран мæ бамбæхс. — Цом мæсыджы бынмæ, — дзуры рувас. — Уыцы ран уæрм ра- къахæм. Ды уæрмы бамбæхсдзынæ, æз дыл сыджыт æмæ дуртæ нык- калдзынæн; мæхæдæг ус фестдзынæн, слæудзынæн уæрмы сæр æмæ байдайдзынæн æлвисын. Бакодтой, рувас куыд загъта, афтæ. Чызг райсомæй райста арвы айдæн, кæсынтæ систа. Арвы цыппар къабазæй кæдæм нæ фæкаст, ахæм нал баззади, фæлæ дæрдтыл никуы ницы зыны. Уæд арвы айдæн хæстæджытæм сарæзта æмæ фæлгæсы мæсыджы алфамбылаймæ. Фæкаст æмæ федта: йæ хæд мæсыджы æмбуар иусыл- гоймаг ног къахт уæрмы сæр æлвисы, уæрмы — æмбæхст лæппу. Фæдис кодта чызг, æмæ диссагдæр та ма цы уыдаид! Уыйбæрц фæ- царди, уыйбæрц æм фæцыдысты курджытæ, фæлæ ацы лæппуйы хуы- зæн лымæнтæ æмæ хæлæрттæ никæмæн разынди. Æнкъардæй бараст и лæппу йæ фысыммæ, ракодта йæ маст — йæ хъаст къулыбадæг усæн. Усы зæрдæ фæтæнæг йæ уазæгæн. — Мæ уазæджы хай, — дзуры къулыбадæг ус, — афтæ ма ба- кæнæм! — Уæдæ куыд? — фæрсы йæ лæппу. — Бафæлвар-ма иу хатт, цæмæй ма дын æлдары чызг ратта иу хатт бамбæхсыны бар. Чи зоны, æмæ дæ амонд фæуæлахиздæр уаид? Ма йæм бафсæрмы кæн. Радта ма чызг лæппуйæн æмбæхсыны бар. Уæд райсомæй къулыбадæг ус ныхас кæны уазæгимæ: — Хъусыс, мæнæ дæ нымæтын ехсæй æрцæвдзынæн, æмæ рæсугъд егар фестдзынæ. Бахондзынæн дæ æз чызджы мæсыгмæ. Чызг дæ агу- рын байдайдзæн дардыл зæгъай æмæ хæстæг зæгъай — алкæм дæр. Фæлæ иу ды баздæх æмæ чызджы фæстæ слæуу æмæ уый куыд зила, афтæ зил ды дæр йæ фæстæ, арвы айдæн дæ куыд не ’рцахса, афтæ. Уый адыл æй нымæтын ехсæй æркъуырдта лæппуйы, æмæ лæппу егар фестади. Бараст и къулыбадæг ус чызджы мæсыгмæ. Æхсин æмæ йæ алыварс адæм цинтæ кæныы байдыдтой, рæвдыдтой йæ. Куыдз, 205
мара-зæгъай, æмæ искæмæ фæкæса, чызджы фæстæ слæууыд æмæ змæлгæ дæр нал кæны. Æлдары чызг райста арвы айдæн, байдыдта кæсынтæ. Куыд зыл- ди алырдæм, афтæ егар дæр зылдис йæ хæд фæстæ, цæмæй йæ чызджы аууонæй арвы айдæн ма ’рцахстаид. Уыцы ракæс-бакæс фæкодта æлдары чызг арвы айдæнæй. Стыр сихорафон сси, чызг нæ уадзы йæ каст, хур дæр аныгуылд, уæддæр ма фæлвæрдта, лæппуйы цæмæй ссардтаид, ууыл, фæлæ йæ нал æрцахста йæ арвы айдæн. Уæд дзуры æлдары чызг: — Нал дæ ссардтон. Рацу, æвæццæгæн æмæ, мæ ныв, дæ хай цæ- мæй фæуон, афтæ уыди. Уый адыл къулыбадæг ус мæсыгæй айста йæхи, ракъуырдта ны- мæтын ехсæй егары, егар фæстæмæ цы уыди, уый фестади. Бирæ хæзнатæ балæвар кодта æлдар йæ иунæг чызгæн, йæ сиах- сæн; арфæ сын ракодта. Къулыбадæг ус та сын йæ нымæтын ехс радта. Лæппу æмæ чызг сбадтысты хæдтулгæ уæрдоны æмæ æд хæзнатæ æрфардæг сты сæ хæдзармæ. Тынг базæронд сты уæдмæ л.æппуйы ныййарджытæ. Лæппу сæ нымæтын ехсæй æрцавта, æмæ сæ дыууæ дæр æрыгæттæ фестадысты. ^
Кэ^с^э^С)^ ДИССАДЖЫ РОН Иу æлдар куы марди, уæд йæ фыртæн бафæдзæхста: — Æз мæлын, фæлæ искуы мæ фæстæ куы схъуаг, куы смæгуыр уай, уæд-иу мæ хæлармæ фæцу, æмæ дын уый бах- хуыс кæндзæи. Æлдар амарди, фырт æй баныгæдта. Иæхæдæг цæрынтæ байдыдта. Йæ фыдæй йын цы бынтæ баззад, уыдон хæрд фесты, йæ дзыхмæ цы схастаид, уый йын нал уыд, афтæ смæгуыр. Æмæ иухатт фæцыд йæ фыды хæлармæ. Тынг бацин кодта æлдары хæлар лæппуйыл. — Æз уый æнхъæл куы нæ уыдтæн, æмæ ма ахæм фырт, ахæм бын- дар баззад мæ хæларæн. Ардыгæй дæ афæдзы бонмæ нæ ауадздзы- нæн мæ хæдзарæй. Дæ хæдзарæн дæр тас нæ уыдзæн: никуыдæм фæлидздзæн. Афæдзы бон куы æрхæццæ, уæд хæдзары хицау дыууæ бæхы æрба- кæнын кодта. Иуыл дзы саргъ сæвæрдтой лæппуйæн бадынæн, аннæ- йыл, цы фæрæзтаид, уыйбæрц уæргътæ сæвæрдтой сыгъдæг сызгъæри- нæй. Стæй загъта хæдзары хицау лæппуйæн: — Мæнæ дын, цæмæй цæрай, уый. Фæлæ хъусыс, цæугæ-цæуын фæстæмæ ма ракæсай, — уæд дын фæндаг нал уыдзæн. Æлдары фырт арфæ ракодта йæ фыды хæларæн, уыйбæрц æххуыс, уыйбæрц æгъдау ын чи радта, уыйбæрц аргъ чи скодта йæ хæлары цæс- гомæн мæрдты бæстæм, стæй араст йæ фæндагыл. Цæуынтæ систа, цæуынтæ; бирæ фæцыд, чысыл фæцыд, чи йæ зо- ны, фæлæ лæппу нал баурæдта йæхи, ракаст фæстæмæ, æмæ йæ раз- вæндаг ахгæдта, йæ раз тар хъæд фæци. Лæппу нал зыдта, цы кодтаид, уый, катайыл сси: фæндаг ын нал ис нæ — размæ, нæ — фæстæмæ. Æлдары æрдхорды хистæр æфсымæр зонынджын адæймаг уыд. Уый базыдта, æлдары фыртæн фæдзæхст цы уыди, уый кæй нæ сæххæст кодта, фæстæмæ кæй ракаст æмæ йын фæндаг кæй нал 207
ис. Иæ бæхыл йæхи баппæрста æмæ æлдары фырты уæлхъус балæу- уыд. — Хорз нæ бакодтай, лæппу. Фæлæ ныр уайдзæфæй ницыуал. Ай дын мæнæ рон. Рон дæ астæуыл æрбабæтт æмæ дын уый руаджы фæндаг суыдзæн тар хъæды. Хъæдæй ахиздзынæ, фæзмæ бафтдзынæ. Фæзы æрхуы мæсыг æмæ æфоæн уазæгдон. Уазæгдоны фысым бакæн- дзынæ. Уырдæм æрбацæудзæн дæумæ мæсыджы хицау — чызг-æхсин. Бирæ йæм фæцыди уыцы æхсинмæ курджытæ, уазджытæ, фæлæ дзы иу дæр фæстæмæ нал оæмбæлди йæ хæдзарыл. Æхсинмæ чи æрфысым кæ- на, æхсин уазæгдонмæ кæмæ рацæуа, уымæ нæ фæдзуры. Æмæ йæ æр- тæ/ хатты чи сдзурын кæна йæхимæ, уыйбæрц чи сарæхса, уыйбæрц зонд кæмæ разына, уыцы амондджыны бауыдзысты чызг-æхсин æмæ йæ ис, йæ бон. Æлдары æрдхорды хистæр æфсымæр ноджыдæр загъта лæппуйæн: — Дæумæ дæр рацæудзæн, нæ дæм дзурдзæн. Æмæ-иу уæд дæ рон райхал, фынгмæ иу æй баппар, стæй-иу зæгъ: «Дзургæ, рон, иу тау- рæгъ нын æрхæсс, хæдзары хицау ницы дзуры, æвæццæгæн, æмæ гоби у». Афтæ бакæн æртæ æхсæвы. Каед дæм сдзура, уæд дæ амонд, науæд дын дæ сæр ракæнын кæндзæн, æмæ йæ кауы михыл æрсадздзысты. Рон æртæ таурæгъы æрхæсдзæн æмæ дæ алы хатт дæр фæрсдзæн дзуаппæй. Ды-иу баздæх, æмæ йын куыд не ’мбæлы, ахæм дзуапп ын-иу ратт. Æлдары фырт рон æрбабаста, æмæ йын фæндаг фæци сау хъæды. Уалынмæ разынд æрхуы мæсыг æмæ йæ æфсæн уазæгдон. Цанæбæ- рæджы барухс уыдаид лæппуйы зæрдæ, фæлæ дзы уæддæр бафысым кодта. Æризæр, афтæ уазæгдонмæ чызг-æхсин фæзынди. Рæсугъдæй та афтæ рæсугъд уыд, æмæ йын æмбал нæ уыди. Æлдары фырт ын салам радта. Чызг нæ дзуры æмæ нæ дзуры. Уæд лæппу йæ рон райхæлдта, фынгмæ йæ баппæрста æмæ загъта: — Рон, исты таурæгъ нын æрхæсс; хæдзары хицау нæ дзуры, æвæццæгæн гоби у, æмæ мæ ды истæмæй уæддæр аирхæфс. Уæд рон сдзырдта фæстæмæ: — Æмæ дын æз цы таурæгъ æрхæссон? Æз бон дæ астæуыл баст вæййын, æхсæв — дæ нывæрзæн. — Гæнæн нæй, цыдæриддæр у, уæддæр нын исты радзур. Уыцы ныхасмæ чызг йе ’рфгуытæ хæрдмæ систа. Рон байдыдта дзурын: — Æртæ æфсымæрмæ уыди иу гал. Тынг стыр гал. Æфсымæртæй иу хъахъхъæдта галæн йæ хордзон, аннæ — йæ дондзон, æртыккаг — йæ сæр. Иу ахæмы, галы фæстæрдыгæй чи хъахъхъæдта, уый уайын байдыдта йе ’фсымæрмæ, галæн йæ мизг чи хъахъхъæдта, уымæ. Рай- сомæй йæм стыр сихормæ бахæццæ æмæ дзуры: — Нæ гал æддæмæ нал цæуы. 208
Дыккаг æфсымæр загъта: — Уæдæ мизгæ дæр куы нал кæны. Цом æмæ не ’фсымæрмæ фæцæуæм, æмæ йын исты бауынаффæ кæнæм. Дыууæ æфсымæры уайынтæ систой æмæ, изæрæй хур хæхты фæс- тæ куыд æрцæйуагъта йæхи, афтæ бахæццæ сты се ’фсымæрмæ. — Нæ гал æддæмæ нал цæуы, нал мизы, — загътой дыууæ æф- сымæры. — Уæдæ хæргæ дæр куы нал кæны, — загъта æртыккаг æфсы- мæр. — Æвæццæгæн, æмæ йын дойны у. Цомут, дон ын бадарæм. Фурдмæ йæ фæластой. Гал фурды дон уыцы иу хуыпп акодта, æмæ фурды цæрджытæ хуыскъыл аззадысты. Фурдæй иу кæф слæбурдта æмæ галы уыцы иу ныхъуырд акодта. Хæхтæй цæргæс ратахт, кæфы йæ ныхтæ асагъта, систа йæ бæрзонд, æмæ йæ фæхæссы. Цæргæс æрæвæры кæфы хохыл, æмæ хох фæнык фесты, æрæвæры йæ бæласыл, æмæ йæ бæлас нæ уромы. Рахæсс-бахæсс æй фæкодта, кæсы æмæ, доны был ривæд кæны иу фосы къорд. Нæу- уыл хуыссы цæу, йæ сыкъатæ фесты дзуар-æфтыд, æмæ цæргæс æд кæф цæуы сыкъатыл йæхи æруагъта. Бахордта кæфы. Галы куыд хорд- та, афтæ уæны стæг æрхауди æмæ фиййауы цæсты бахауди, фиййау та хуысгæ кодта. Æризæр, афтæ фиййау хъæумæ йæ фос æртардта. Хæдзармæ куы бацыд, уæд дзуры йе ’ртæ хомæ: — Абон ривæд афон афынæй дæн, æмæ мæ цæсты цыдæр бахауди, асгарут-ма йæ. Хотæй иу йæ цонг афистæг кодта, рæмбынкъæдзмæ йæ атъыста цæсты. Рацагур-бацагур фæкодта, фæлæ ницы ссардта. Дыккаг хо дæр та агурынтæ байдыдта, уый дæр та никуы æмæ ницы. Æртыккаг хо фелвæста йæ дарæстæ, баленк кодта цæсты æмæ галы уæны стæг уыр- дыгæй радавта. Дзæвгар фæлæууыди уæны стæг быдыры, нæудзар сæвæрдта. Иу ахæмы чырæласджытæ дыууадæс уæрдонæй хъæугæрон æх- сæвиуат бакодтой. Æмбисæхсæв куыд фæци, афтæ рувас хъæугæрон- мæ æрбацæйцыди, фæкомкоммæ, уæны стæгыл ма цы фыдызгъæл азза- ди, уымæ, фæхæст ыл ис, æмæ афтæмæй уæны стæг æмæ чырæдзауты дæр зилдух кæнын байдыдта. Чырæдзаутæн сæ иу цуанон разынди. Уый баздæхт æмæ рувасы амардта. Дыууадæсæй баздæхтысты æмæ стигъын байдыдтой сырд- дзарм. Сырддзармы æрдæг бастыгътой, афæлдахынмæ йæ хъавыдысты, фæлæ сыь рувас афæлдахын нал бакуымдта. Райсом куы сбон и, уæд иу чындз дон хæссынмæ рацæйцыд. Чындз рувасы мард скъуырдта йæ къахæй æмæ дзуры: — Ай та цавæр уа? Рувасдзармы æрдæг сыстыгъта, сæхимæ бацыд æмæ рувасдзар- 14 Ирон адæмы аргъæуттæ 209
мы æрдæгæй кæрдынтæ байдыдта йæ афæдздзыд сабийæн худы был- тæ, фæлæ йын дзы не ’рцыди. — Уый дын мæ таурæгъ, — загъта рон. — Ныр баздæх æмæ мын дзуапп ратт: таурæгъы мидæг чи уыди стырдæр? — Цæргæс, æндæр чи, — загъта лæппу. Уæд чызг бахудт æмæ дзуры: — Æмбаргæ адæймаджы каст кæныс, фæлæ дæ дзуапп раст нæу. Таурæгъы лæппуйæ стырдæр æмæ диссагдæр нæй, уыйбæрц сæры хи- цау чи уыди афæдзмæ. Уыцы хуызæнтæй чызг иу рæдыд фæкодта. Æхсæвы бахуыссыди æлдары фырт, райсом куы сбон, уымæй изæр- мæ йæхи аирхæфста. Изæры та йæм чызг-æфсин æрхуы мæсыгæй йæхи æруагъта уазæг- донмæ, сбадти та уыцы ран æмæ дзуапп нæ дæтты лæппуйы саламæн. Æлдары фырт та райхæлдта йæ рон, фынгмæ йæ баппæрста æмæ дзуры: — Рон, дæ сæр мæ бахъуыд, — исты таурæгъ нын æрхæсс. — Цы таурæгъ дын æрхæссон, æз бон дæ астæуыл баст вæййын, æхсæв та дæ нывæрзæн, — загъта рон. — Нæй, æндæр амал нын не ’рцæудзæн, — загъта æлдары фырт. — Æхсæв даргъ у, хуыссæг мæ нæ ахсы, нæ фысым та, æвæццæгæн, гоби у. Æмæ та уæд рон байдыдта дзурын: — Æртæ ’фсымæрмæ уыди фосы дзуг; хъахъхъæдтой сæ радыгай. Иу рæстæджы сæ хызта хистæр æфсымæр. Æхситгæнгæ аскъæрдта йæ фосы дзуг хъæдрæбынмæ. Фос хизынц йæ алыварс. Уæд баздæхт æмæ, дзæгъæл цæмæй нæ бада, æнкъард цæмæй ма кæна, уый тыххæй байдыдта иу бæласы фарсыл ныв аразын. Сарæзта чызджы ныв æмæ изæрæй æрыскъæрдта сæ фосы къорд сæ хæдзармæ. Дыккаг райсом сæ аскъæрдта астæуыккаг æфсымæр. Уый дæр та уыцы хъæдрæбынмæ бафтыд. Фиййау федта, уый агъоммæ бон йæ хис- тæр.æфсымæр цы ныв скодта, уый. — Уæдæ ма амæй аивдæр чызджы ныв куыд уыдзæни! — загъта фиййау. — Тæхуды, ныр ацы чызджы нывыл амæй ай рæсугъддæр диди- нæг хуызæй къаба скæн, аннæмæй хæдон! Уыйадыл бавнæлдта кусынмæ æмæ чызджы нывæн алы дидинæг æмæ ахорæнæй уæлæдарæс сныв кодта. Æртыккаг бон фиййау ацыди кæстæр æфсымæр. Ныв куы ауыдта, уæд бацин кодта æмæ загъта: — Цæрынæй-хæрынмæ кæмæ бæллыдтæн, ууыл фæхæст лæн. — Йæхи йæм бауагъта, æмæ чызг ныв разынди. Лæппу уæд кувынмæ фæци: — Хуыцæутты-хуыцау, мæхи хуыцау, кæд ма мæ истæмæн скод- 210
тай, уæд ацы ныв, мæ хистæр æфсымæр бæласыл ахæм æнаипп кæй сарæзта, нæ астæуыккаг æфсымæр уый хуызæн хорз кæй сарæзта алы дидинæгæй, алы ахорæнæй, уым, хуыцау, цард бауадз. Æмæ уыцы ран ныв удæгас чызг фестад. Лæппу чызджы сæ хæдзармæ æркодта, æмæ йыл æфсымæртæ нал фидауынц: алчи дæр æй хъавы йæхи бакæнынмæ. — Кæмæн сæ æмбæлы уыцы чызг æртæ ’фсымæрæй? — бафарста рон æлдары фырты. — Хистæрæн, — загъта лæппу. — Уый сæрмæ чызджы ныв саразы- ны фæнд куы нæ æрцыдаид, уæд чызг дæр нæ уыдаид. — Рæдийыс, — загъта чызг-æхсин. — Чызг кæд æмбæлы, уæд æм- бæлы кæстæрæн, цард дзы чи бауадзын кодта. Цæрынæй хуыздæр хъуамæ мацы уа зæххыл. Дыккаг рæдыд фæкодта æхсин-чызг. Æртыккат бон дæр æризæр, уæдæ цы кодтаид. Æхоин-чызг та фæзынди æфсæн уазæгдонмæ. Уазæджы раз та уыцы æдзæм бадт æркодта, дзырд йæ дзыхæй нæ хауы. Уæд та æлдары фырт райхæлдта рон йæ астæуæй, фы<нгыл æй æрæвæры æмæ дзуры: — Иу таурæгъ нын æрхæсс, мæнæ рон, æхсæв даргъ у, хуыссæг мæ нæ ахсы æмæ нæхи аирхæфсæм, нæ фысым та, æвæццæгæн, гоби у. — Бон дæ астæуыл вæййын, æхсæв — дæ нывæрзæн, афтæмæй дын цæй таурæгъ æрхæссон <æз, цы зонын? Фæлæ кæд æндæр амал нал ис, уæд мæм æрбайхъус. — Æлдар æмæ йæ усæн ахæм рæсугъд чызг уыди, æмæ дзы мæй- тæ æмæ стъалытæ оæхи уыдтой. Дон-иу куы нозта, уæд-иу йæ даргъ хъуыры бæрæг дардта, нуазгæ-нуазын дон йæ хъуыры куыд згъордта, уый. Æлдар æмæ йæ ус къахдзæфмæ дæр нæ хъæцыдысты сæ буц чыз- гыл. Цæогæ дæр кодтой уымæн, хæргæ æмæ нуазгæ дæр уымæн. Уæд иуахæмы авд уæйыджы — авд æфсымæры æлдары иунæг чыз- джы аскъæфтой. Дæ фыдгул уый куы кæнид, чызджы мад æмæ фыд цы кодтой фырсагъæсæй! Æлдары хъæуы царди къулыбадæг ус, уыдис ын æртæ фырты; ни- куы уыди хъаруйæ уыдон хуызæн. Сæ сæрæн куы нал уыдысты æлдар æмæ йæ ус сæ чызджы мæстæй, уæд æлдар баминæвар кодта къулыба- дæджы фырттæм, æртæ сгуыхт æфсымæрмæ: — Кæд ме ’мсæр не ’стут, уæддæр уын аккаг кæнын мæ чызджы, уæйгуытæй мын æй куы фервæзын кæнат, уæд. Къулыбадæг усы фырттæ сразы сты уæйгуытæй чызджы рахæссы- ныл. Араст сты. Хъæуæй куы ахызтысты æртæ æфсымæры, уæд кæрæдзи- мæ бакастысты æмæ дзурынц: 211
— Ныр æлдары бæрны цæугæ бакодтам, фæлæ нæ кæмæ цы хъару ис, чи цæмæ арæхсы, уый куы нæ зонæм, уæд афтæмæй куыд? Уæд хистæр загъта: — Æз æлдары чызджы рахæсдзынæн уæйгуыты астæуæй, нæ мæ базондзысты, афтæмæй. Астæуыккаг загъта: — Æз куы фæхæст уаин чызгыл, уæд мæ цыфæнды дæр нал бай- йафид, уæйгуытæ нæ, фæлæ. Кæстæр загъта: — Фæдис куы рацæуой нæ фæстæ, уæд æз уый бафæраздзынæн,— æмæ фæдисæттæй йæ хæдзарыл иу дæр удæгасæй нал сæмбæлдзæн, се ’ппæты дæр ныссæрфдзынæн. Араст сты дарддæр. Уæйгуыты бынатмæ куы баввахс сты, уæд хистæр иунæгæй ацыд уæйгуыты хæдзармæ, аннæ дыууæ йæм æнхъæл- мæ кæсынц. Хистæр æфсымæр æлдары чызджы рахаста, авд уæйыджы йæ нæ базыдтой, афтæмæй. Астæуыккаг æфсымæр æй айста хистæрæй, æмæ уадау ахаста чызджы йæ уæлныхты, æлдары хæдзармæ. Æртыккаг æфсымæр фæдисмæ ныллæууыд æмæ, уæ хæраммæ бæллæг уыдонау — фæдисдзауты уыцы ран ныссæрфта, иу дæр дзы нал ссардта йæ хæ- дзар. Æртæ æфсымæры æрбаздæхтысты сæ хæдзармæ æмæ нал фида- уынц æллары чызгыл. — Æлдары чызг æртæ æфсымæрæй кæцыйæн æмбæлы, уымæн та тæрхонгæнæг ды фæу, — загъта ма рон. — Кæцыйæн æмбæлы? Æлдары чызг æмбæлы хистæрæн, уæй- гуыты хæдзарæй йæ чи рахаста, — загъта æлдары фырт. Дзуаппмæ та æрхуы мæсыг æмæ æфсæн уазæгдоны хицау æхсин- чызг бахудт æмæ дзуры: — Лæппу, дæ уынд куыд у, æвæццæгæн æмæ, дæ зонд афтæ нæу. Æлдары чызг æмбæлы къулыбадæг усы фырттæй кæстæрæн. Чызджы раскъæфын уæйгуыты хæдзарæй уыйбæрц стыр хъуыддаг нæу, иухатт чызджы чи ахаста йæ фыды хæдзарæй, уыдон та йын исты амал скод- таиккой дыккаг хатт ахæссынæн дæр; фæлæ иугæр скъæфджытæ, тых- гæнджытæ куы нал уой, уæд чызгæн тас нал у. Чызг кæстæрæн æм- бæлы. Уый адыл æхсин-чызг æртæ рæдыды фæкодта. — Хуыцау мæ дæуæн сныв кодта, — загъта уый æлдары фыртæн. Уыцы ран чындзæхсæв хорз сарæзтой, ус æмæ лæг сысты. Уыдои æрцыдмæ дзæбæхæй цæрут, рын, сонæй мацы фенут.
О^с*^ УЫДИСН-РИХИ УЫЛЫНГ ЛÆГ Раджыма-раджы цардысты æмæ уыдысты æртæ æфсымæры æмæ æртæ хойы. Сæ мад раджы амард, ныр сæ фыд дæр æррыычын и. Басидти йæ фырттæм æмæ сын зæгъы: — Лæппутæ, æз мæлын, фæлæ куы амæлон, уæд-иу уын уæ хотæм курæг чи æрцæуа, уымæн-иу уæлдай мацы зæгъут — кæцы- йы кура, уый-иу ын раттут. Лæг амард. Æфсымæртæ сæ фыдæн хæрнæг скодтой, фæкуыдтой йыл, хотæ йыл сæ рустæ ныттыдтой, сæ сæры хъуынтæ цыскъуыдтæ кодтой, афтæмæй йæ баныгæдтой. Уый фæстæ æртæ æфсымæры æмæ æртæ хойы цардысты иумæ æмæ кæрæдзийы тынг уарзтой. Æфсымæртæ сæ хотæн дзырдтой, мæйт- тæ скæнут, зæгъгæ, хотæ та æфсымæртæн дзырдтой, устытæ æрхæссут, зæгъгæ. Сæ фыды амæлæтæй рацыдаид иу афæдзы бæрц, уæд сын сæ хис- тæр хомæ æрцыдис курæг — залиаг калм. Хистæр æфсымæр уый куы базыдта, уæд йæ тыбыртæ бацагъта: — Нæ, ницæй тыххæй ауадздзынæн æз мæ хойы амæ. Хистæры кæстæр æфсымæр дæр загъта афтæ. Уæд сæм кæстæр æф- сымæр хæстæг балæууыд æмæ сын зæгъы: — О, ме ’фсымæртæ, уæ фыд уын йæ мæлæты рæстæджы цы фæ- дзæхста, уый нал хъуыды кæнут? Афтæ уын куы дзырдта, чидæриддæр æрцæуа курæг, уымæн «нæ» ма зæгъут, зæгъгæ. Уæд ын æй цæуылнæ дæттут? Хистæр æфсымæртæ уыцы ныхæстæ куы фехъуыстой кæстæрæй, уæд æм февнæлдтой æмæ йæ нæмын райдыдтой. Уыдон кæстæр æфсы- мæры куыд надтой, афтæ залиаг калм хистæр чызджы аскъæфта. Дыууæ æфсымæры ма йæ фæдыл разгъордтой, фæлæ йын йæ сау æн- дæрг дæр нал ауыдтой. 213
Рацыди та иу къуыри, æмæ хистæры кæстæр хомæ курæг æрцы- ди цæргæс. Дыууæ хистæр æфсымæры уымæн дæр сæ хойы нæ лæвæрдтой. Кæстæр æфсымæр та сæм бацыд æмæ сæм дзуры: — Цæуылнæ йæ дæттут, уæ фыды фæдзæхстытæ нал хъуыды кæнут? Дыууæ æфсымæры сæ кæстæрмæ февнæлдтой æмæ йæ нæмынмæ куыд фесты, афтæ цæргæс чызгыл йæхи .ныццавта æмæ йæ аскъæфта. Разгъордтой та йæ фæдыл дыууæ æфсымæры, фæлæ йын йæ дымгæ дæр нал аййæфтой. Рацыдис ноджыдæр иу къуыри. Уалынмæ кæстæр хомæ æрцыд ку- рæг хъæрццыгъа. Дыууæ æфсымæры хъустыл уыцы хабар куы сæм- бæлд, уæд сæ гæндзæхтæ цæгъдынц, чызджы нæ дæггынц. Кæстæр æф- сымæр сæм бапыди æмæ сын афтæ зæгъы: — Гъа, нæмут мæ, ме ’фсымæртæ, цас уæ фæнды, уыйас! Æз уæд- дæр ницы сдзурдзынæн, кæд тыхæй чысыл тыхджындæр дæн, уæддæр. Фæлæ уæ фыды фæдзæхст хъуамæ сæххæст кæнат! Æфсымæртæ та лæппумæ нал фæлæууыдысты æмæ йæ нæмын рай- дыдтой. Уыдон уымæ куыд фесты, афтæ хъæрццыгъа йæхи ныццавта чызгыл æмæ йæ афардæг кодта. Лæппутæ ма бæргæ агæппытæ кодтой йæ фæстæ, фæлæ — никуы æмæ ницы. Уæдæй фæстæмæ рацыди бирæ бонтæ. Æмæ æртæ æфсымæры офæнд кодтой сæхицæн бинойнæгтæ æркæнын. Балхъаз-Тураны зæххы мæликкаен уыд дыууæ рæсугъд чызджы, фæлæ æфсымæртæ уыдысты æртæ æмæ сыл нæ фидыдтой, бон-изæрмæ- иу кæрæдзийы удхарæй мардтой. Уæд кæстæр æфсымæр загъта: — Гъей, ме ’фсымæртæ, махæн афтæмæй фæстагмæ нæ хъуыддаг фыдбылызмæ ацæудзæн, фæлæ мæн»æ нæ фæттæ фехсæм æмæ, кæмæн кæм йæ амонд уа, уым ын æнæмæнг сæмбæлдзæн. Сразы сты дыууæ æфсымæры сæ кæстæры фæндыл æмæ сæ дуар- мæ рæгъ-рæгъы æрлæууыдысты. Хистæр фехста, æмæ йын, æцæгдæр, мæличчы уæлкъæсæр ныффидар. Хистæры кæстæр фехста, æмæ уымæн дæр йæ фат мæличчы уæлкъæсæр, йе ’фсымæры фаты фарсмæ ныф- фидар. Кæстæр æфсымæр фехста, æмæ йæ фат авд æфцæджы фале иу цъыфдзасты ныссагъди. Фæцыдысты дыууæ хистæр æфсымæры æмæ сæ усæгты æрхастой. Кæстæр æфсымæр цæуын райдыдта, цæуын райдыдта æмæ фæхæц- цæ ис йæ фаты цурмæ. Иæ фат цы ран ныссагъди, уым сыджыт къа- хын байдыдта æмæ дзы ссардта иу хæфс. Систа йæ, бос ыл абаста. Ие ’фцæгыл æй æрцауыгъта æмæ фæстæмæ сæхимæ æрцыд. Дыууæ æф- сымæры йæ куы ауыдтой, уæд худæгæй нал æнцадысты. Каестæр æф- сымæр йæ цæсты сыгтæ асæрфта, фæлæ сæ-м дзургæ ницы скодта. 214
Кæстæр æфсьшæр-иу æхсæв куы бахуыссыд, уæддæр-иу хæфсы йæ хуыссæны цур цæвæрдта. Уæд æм йе ’фсымæртæ хæцын байдыдтой: — Фесаф уьщы хæфсы нæ хæдзарæй, кæнæ та махæй уаргæ ба- кæн: адæм ныл худынц, дæу тыххæй нын бадты мидæг нæ къухмæ нуа- зæн ничиуал дæтты, уазæг нæм фысым нал кæны. Уæд кæстæр æфсымæр сыстад йæ фыды хæдзарæй, хуыдонмæ ныц- цыд æмæ уым цæрын байдыдта. Иу къуыримæ кæстæр æфсымæр æд- дæгуæлæ бæстыхæйттæ ацарæзта. Бон-иу цуаны ацыд æмæ-иу изæрмæ фæндзгай сагтæ æрхаста. Дыууæ æфсымæры-иу ацыдысты æмæ-иу иунæг цъиуы лæппын дæр никуыцæй æрхастой. Кæстæр æфсымæр-иу цуаны куы ацыд, уæд-иу хæдзар змæстæй ныууагъта, изæр-иу куы æрцыд, уæд-иу хæдзар афтæ æфснайд уыди, æмæ-иу дзы лæг æрбадынмæ дæр æвгъау кодта. Уæд лæппу дисы бафтыд æмæ йæхинымæр хъуыдытæ кæны: «Ай цавæр æмбисонд у? Уæдæ ме ’фсымæрты устытæй исчи уаид, æмæ се- мæ хыл куы дæн, стæй дуар дæр æхгæд куы вæййы? Иу бон куы уыд, уæд хæдзары къулы бырау базылдта, йæхæдæг та цуаны ацыд. Иу дзæвгар куы бауади хъæды, уæд фæстæмæ фез- дæхт бæрæг кæнынмæ. Къулы цы хуынкъ базылдта, уымæй кæсы, æмæ мæнæ диссаг: хæфсы цъар фæйнæрдæм фæхаудта, йæ мидæгæй ахæм чызг рахызт, ахæм, æмæ хуримæ ивддзæгтæ кодтой. Кæстæр æф- сымæр хæдзармæ базгъордта, хæфсы цъар арты баппæрста, йæхæдæг чызджы йæ хъæбысы ныккодта. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы чыз- джы фарсмæ адджын бадт фæкодта. Чызг ставд цæссыгæй кæуы, йæ цæссыгæй ма лæппуйы уæлæдарæс дæр ныххуылыдз. Уæд æй лæппу йæ риумæ æрбалхъывта æмæ йæм дзуры: — Цæмæй тæрсыс, мæ уды гага, ам мæ тасæй зæххыл калм абы- рын куы «æ уæнды, маргъ — мæ сæрты атæхын! Уæд ын чызг загъта: — Уæ, дæ бон ныккалай, ныр мæн дæуæн ничиуал ныууадздзæн. Цардысты иумæ, уæдæ цы уыдаид. Арвы гæрахау айхъуысти кæс- тæр æфсымæры усы рæсугъды кой. Кæстæр æфсымæры ус-иу дуармæ куы бадти, уæд афтæ рæсугъд уыдис, æмæ-иу йæ уындмæ цадæй кæ- оæгтæ сæ сæртæ сдардтой, йæ сæрмæ-иу алыхуызон мæргътæ æртым- был сты æмæ-иу æм æдзынæг ныккастысты. Каестæр æфсымæры цардмæ хæлæг кæнын байдыдтой иннæ дыууæ æфсымæры æмæ йын загътой: — Цæй, æмæ иумæ бацæрæм. Кæстæр æфсымæр сын афтæ: — Æз сымах рагæй дæр бирæ уарзтон, æз уаргæ дæр нæ кодтон, фæлæ мæ уæхæдæг рахицæн кодтат. Гъеныр уæ кæд фæнды, уæд та бацæрæм иумæ дæр. 215
Æфсымæртæ та иумæ бацардысты, иумæ цуан кæнын байдыдтой, æмæ цардысты хъæздыг. Сæ устытæ дæр кæрæдзийы тынг уарзтой, кæрæдзиуыл къæсæрæй-дуармæ дæр нæ хъæцыдысты. Уæд, дын, иухатт æртæ æфсымæры хæтæны ацыдысты, сæ устытæ та хæдзары баззадысты. Уыдис аходæн афон, афтæ хæдзар ныррызти, æмæ дуармæ кæйдæр бæхы къæхты хъæр ссыд. Уышя бæхджын дуар æрбахоста. Акасти йæм хистæр æфсымæры ус. Кæстæр æфсымæры ус базыдта йе ’намонд хабар æмæ нынниудта, йæ цæссыг нал урæдта æмæ дуар фæсте ахгæдта. Уалынмæ уыцы бæхджын дуар æрбарæ- мыгъта, усы йæ фæсарц авæрдта æмæ йе ’ртæкъахыг бæхыл уæлдæфы стахти. Уый уыд чысыл лæг — уыдисн-рихи уылынг лæг. Чызджы куы аскъæфта уыцы бæхджын, уæд хистæр æфсымæры ус згъорын райдыдта цуанонтæм æмæ сæм цæсты фæныкъуылдмæ бахæццæ. Уым сын уыцы æнамонд хабар радзырдта. Уæд æфсымæртæ æмхуызонæй ныккуыдтой, сæ цæссыгæй суадон азгъордта зæххыл æмæ хъæд æмæ дуртæ ласта. Изæры æрбацыдысты æнкъардæй сæ хæ- дзармæ. Уæд кæстæр æфсымæр загъта йæ чындзытæн: — Мæ чындзытæ, райсом мын кæркуасæнмæ сцæттæ кæнут хæс- сынæн рог, хæргæйæ та æфсæдæн хæриеæгтæ. Æз кæнæ хъуамæ амæ- лон, кæнæ мæ дунейы рухсы ссарон. Райсом кæркуасæны фестади кæстæр æфсымæр, райста йæ фæн- даггæгтæ, йæ куыдз Корисы дæр йемæ акодта æмæ араст и. йе ’фсы- мæртæ йын дзырдтой, нæ иу уæддæр демæ ацæуа, зæгъгæ, фæлæ сæ уый никæй ауагъта, — йæхæдæг афардæг ис йæ куыдзимæ. Цас фæ- цыди, чи зоны, фæлæ йыл иу куыройгæс лæг фембæлди. Бафарста йæ лæппу: — Ам æппын чызг окъæфæг нæ федтай? Куыройгæс ын загъта: — Нæ, æз ницы федтон, фæлæ кæд ауылты хæстæг рацыди уыцы чызг скъæфæг, уæд æй уæлæ хохы рæбын залиаг калм зондзæн, æмæ уымæ ссу. Уæд лæппу ссыди уырдæм, бакасти хæдзары рудзынгæй æмæ йæ хойы уьгм бадгæ ауыдта, — залиаг калм кæй раскъæфта, уыцы хойы. Лæппу йæм фырцинæй фæрссагыл багæпп кодта æмæ йæ иæ хъæбысы ныккодта. Кæрæдзиуыл фæцин кодтой, уæдæ цы уыдаид! Уыцы рæстæджы залиаг калм æрыздæхти хæтæнæй. Чызг йе ’фсы- мæры бамбæхста. Калм куы æрбахæццæ, уæд фæхъæр кодта: — Æддагон адæймаджы тæф мыл кæлы. Чи дæм ис, тагъд æй зæгъ! Лæппуйы хо исдугмæ ницы хъæр кодта, фæлæ йæ калм куынæуал уагъта, уæд ын загъта: — Мæнæ ме ’фсымæр у. 216
Калм куы базыдта, ай, йæ фарс чи хæцыд, уыцы кæстæр æфсымæр у, уæд æй фырцинæй зæххыл бадын дæр нал уагъта. Уæд ын лæппу фæдзырдта йæ хабæрттæ æмæ йæ бафарста: — Ауылты, миййаг, уыдисн-боцъо уылынг лæг æртыкъахыг бæхыл чызг аскъæфта? Калм ын загъта: — Знон-æндæрæбон фæсахсæвæрты бæстæ ныррухс и, æмæ раст ахæм лæг æрбацæйскъæфта тынг рæсугъд сылгоймаджы. Сылгоймаг афтæ рæсугъд уыд, æмæ йæ цæсгомы рухсæй мæйдар æхсæв боны хуы- зæн ныррухс. Иæ амонд басудзæд, мæ арæктæй аивгъуыдта, уый йед- тæмæ ахæмтæ мæнæй ирвæзаг не ’сты. Лæппу йæ æнкъардæй афарста: — Уæдæ ныр ницыуал гæнæн ис? Калм ын афтæ зæгъы: — Цы гæнæн ма йын ис! Уæртæ авд æфцæгæн фале ме ’мсиахс цæргæс цæры, æмæ уымæ ацу. Кæд дын уый исты б-ацамона, æндæр æз ницы фæнд зонын. Райсомæй та лæппу фестади кæркуаоæны, цæуынтæ байдыдта æмæ цалдæр боны фæстæ ахызти авд æфцæджы сæрты. Иу ран ыл хъомгæс фембæлди, æмæ йæ лæппу афарста: — Дæ хорзæхæй, хъомгæс, бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ ш цæр- гæс кæм цæры, уымæн ницы зоныс? — Куыннæ, æз уый хъомгæс куы дæн! Уæртæ тар хъæды къохы фарсмæ, айнæг къæдзæхы бын цæры, — бацамыдта йьш хъомгæс æмæ йæ уырдæм арвыста. Цæуын та байдыдта лæппу æмæ бахæццæ цæргæсы хæдзармæ дæр. йæ хоимæ кæрæдзийы куы ауыдтой, уæд кæрæдзиуыл ныттыхстысты, Æрцыди цæргæс дæр йæ хæтæнæй. Цæргæс, йæ фарс цы æфсымæр хæцыд, уый куы ауыдта, уæд ма йæ зæххыл бадын кæм уагъта! Лæппу йын радзырдта йе ’намонд хабæрттæ кæрæй-кæронмæ, уæ- дæ цы уыдаид. Цæргæс загъта: — Æнæмæнг ам мæ зæххыл æрбахызти. Иæ амонд басудзæд, мæ арæнтæй ахызт, уый йедтæмæ æз ахæмтæ ауадзаг нæ дæн. Лæппу уынгæг хъæлæсæй афарста цæргæсы: — Уæдæ ма йын цы бакæнон, æппын ын ницыуал гæнæн ис? Цæргæс загъта: — Ацу, дæлæ авд æфцæгæн æдде ме ’мсиахс хъæрццыгъа цæры, кæд дын уый исты баххуыс кæна, æндæр дын мæ бон баххуыс кæнын ницы у. Лæппу та райсом раджы фестади æмæ цæуын байдыдта, цæуын байдыдта æмæ ныххæццæ авд æфцæгæн фалейæ иу уæлвонг рæсугъд быдырмæ. Бацыди иу хуымгæнæгмæ æмæ йæ афарста: 217
— Хорз лæг, ам хъæрццыгъа кæм цæры? Хуымгæнæг ын загъта: — Ацу æмæ уæртæ уыцы æхсæрдзæны цур ссардзынæ æвзистæй æмæ зынаргъ дурæй æмбонд, æмбонды оæрты бахиз, арæхстгай бацу, кæннод дæ хъахъхъæнджытæ амардзысты. Цæуын байдыдта æмæ бахæццæ хъæрццыгъайы галуанмæ. Бакасти мидæмæ æмæ йæ хойы дуармæ бадгæ ауыдта. Фырцинæй нал фæлæу- уыд æмæ æмбонды сæрты багæпп кодта æмæ йæ хойыл ныттыхстис. йæ хо дæр-иу æй фырцинæй аныхъуырдта æмæ та-иу æй сæппæрста. Уалынмæ хъæрццыгъа дæр æрхæццæ хæтæнæй. Йæ фарс чи хæцыд, уыцы æфсымæры куы ауыдта, уæд фырцинæй йæ дзыхы дзырд нал бадти. Хорз ыл фæцин кодта, уæдæ цы уыдаид, стæй йæ ба- фарста: — Зæгъ ма мьгн, дæ хорзæхæй, цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста ардæм? Уæд ын лæппу, ныуулæфгæйæ, загъта: — Йæ, мæ хорз сиахс, ма мæ фæрс. Æз дæумæ хорз хъуыддаджы тыххæй не ’рцыдтæн. Фæлæ æрцыдтæн, цæмæй мын мæ тыхст заманы баххуыс кæнай. Мæйæн уыди рæсугъд бинойнаг, мæхи кæй уындæй хастон, мæхи кæй уарзондзинадмæ тавтон, ахæм æрдхæрæны сылгой- маг. Æмæ мын æй аскъæфта уыдион-рихи уылынг лæг йæ къуылых бæхыл. Гъеуый тыххæй дæм фæзындтæн, гъе, æмæ мын баххуыс кæн, цы дæ бон у, уымæй. Уæд хъæрццыгъа йæ сæр банкъуыста æмæ загъта: — Нæ, мæ каис, фæзын дын ис уымæй дæ ус байсын. Фæлтау хуыз- дæр уаид, куы йæ ферох кæнис æмæ фæстæмæ дæ райгуырæн бæстæм куы аздæхис, уæд. Лæппу уыцы ныхæстæм куы байхъуыста, уæд ныккуыдта, уырдыг фестад æмæ загъта: — Цалынмæ æз мæ цæстытæй рухс уынон, цалынмæ мæ къæхтæ размæ айсын фæразон, цалынмæ мæ зæрдæ мæ риуы фæстаджы цæф ныккæна, уæдмæ цæудзынæн мæ дунейы рухсы агурынмæ. Лæппу афтæмæй не ’рынцайдзæн, хъæрццыгъа уый куы базыдта, уæд ын загъта: — Ацу уæдæ, кæд æнæ цæугæ нæ лæууыс, уæд. Мæнæ мæ бæхыл сбад. Уæвгæ, уый дæр ницы уабæрæг бæх у. Фæлæ уæддæр дæхи бæ- хæй хуыздæр у. Цæудзынæ, цæудзынæ, æмæ авд егъау быдырæй ахиз- дзынæ, стæй бахæццæ уыдзынæ иу егъау денджызмæ. Уьгм бæхы афтæ ныкъкъæрцц лас, дæ армы тъæпæнæй чъылбыс куыд схауа, бæхы агъ- ды фарсæй та гæппæл. Уæд дæ бæх йæхи сисдзæн зæххæй, дыууæ боны фæтæхдзæн денджызы сæрты, уый фæстæ ма иу дзæвгар бауайдзынæ сурыл æмæ уæд дæхæдæг фендзынæ де ’знаджы. Уый фынæй кæны æх- сæз мæйы. Кæд æй фынæйæ баййафай, уæд дæ амонд. Кæд хъал уа, 218
уæд дæ æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн, цалынмæ йæ фынæй зама’Н æр- хæццæ уа, уæдмæ. Райсом ма арвыл æрттывтой мингай стъалытæ, афтæ лæппу сбад- ти йæ сиахсы бæхыл, æмæ йæ куыдз Корисимæ араст сты. Цæуынц, цæуынц, æнæкæрон быдыртæ фæсте уадзгæйæ. Ахызтысты авд быды- рæй æмæ бахæццæ сты иу егъау денджызы былгæронмæ. Лæппу йæ куыдзы систа саргъмæ, стæй уæд йæ бæхы ехсæй афтæ ныкъкъæрцц ласта, æмæ йæ армы тъæпæнæй чъылбыс схауд, йæ бæхы агъды фарсæй та гæппæл. Бæх йæхи систа, денджызы сæрты атахт, æмæ дыууæ боны фæстæ бахæццæ сты денджызы фаллаг былгæронмæ. Иу дзæвгар ма бауади сур зæххыл æмæ бахæццæ уыдисн-рихи уылынг лæджы галуанмæ. Галуан æрттывтытæ калдта. Лæппу галуан- мæ бахъуызыд æмæ мидæмæ бакасти. Каесы, æмæ йе ’знаг — уыдисн- боцъо уылынг лæг фынæйæ хуыссы, ус йæ разы дæрддзæф Оады æмæ йæ цæссыгæй хæдзары астæрд ныххуылыда кодта. Уæд лæппу багæпп кодта æмæ йæ усы хъуырыл ныттыхст. Чи йæ зоны, цас æй фæхъæбыстæ кодта. Уæд чызг загъта: — Ныр цыппар мæйы фынæй кæны. Йæ фынæйы рæстæ- гæй ма баззадис дыууæ мæйы, æмæ дæ кæд аирвæзыны ныфс ис, уæд цæуæм. Абадтысты бæхыл æмæ уайын байдыдтой, сæ фæстæ та сæ куыдз Корис згъордта. Уалынмæ уыдисн-рихи уыльгаг лæджы æртыкъахыг бæх скъæты йæ бæттæн раскъуыдта, уылынг лæгмæ сызгъордта æмæ йыл зæвæтæй ралæууыд. Уæд уылынг лæг йæхи бауыгъта æмæ йæ бæхыл фæхъæр кодта: — Æр-р-р! Фæлдысты фæдæ, фынæй кæньгн мæ цæуылнæ уадзыс? Уæд æм бæх дзуры: — Фæлдысты æз фæдæн, æви дын дæлæ дæ рæсугъды чи фæхæс- сы, уый фæуа фæлдысты? Уылынг лæг, уый фехъусгæйæ, фестади, абадти йе ’ртьжъахыг бæхыл æнæ саргъæй, стахт уæларвмæ æмæ сурын райдыдта лæппуйы. Мæнæ сæ ныр тагъд æрбаййафдзæн. Лæппуйы æмбал куыдз уый куы базыдта, уæд æртыкъахыг бæхы къæхтыл йæхи атыхта æмæ йæ фæкæлын кодта, фæлæ бæх уайтагъд фæстæмæ фестади. Ногæй та йыл Корис йæхи атыхта æмæ та йæ фæ- кæлын кодта, фæлæ та бæх фæстæмæ йæ къæхтыл алæууыд æмæ фæ- тæхы. Æртыккаг хатт ма Корисæн йæ бон баци бæхы фæкæлын кæнын, стæй уæд бафæллад, æмæ йæ бон ницыуал уыдис. Уæд уылынг лæг лæппуйы баййæфта, æртыкъахыг бæх фæстæмæ фæзылд æмæ лæппуйы бæхы нырриуыгъта йæ фæстаг иу къаяæй: бæх 219
иуырдæм фæхауд, лæппу иннæрдæм, чызг та уылынг лæджы фæсарцмæ бахауд. Уæд лæппу ныккуыдта æмæ уылынг лæджы бæхмæ æрбацæй- тахт. Фæлæ бæх фæстæмæ фездæхтис æмæ йæ йæ тых, йæ бонæй ныд- даудта. Лæппу нызгъæлæнтæ ис. Уæд чызг уылынг лæджы фæсарц уынгæг хъæлæсæй ныккуыдта æмæ загъта уылынг лæгæн: — Нæй, æз демæ нæ фæцæрдзынæн, æз мæхи амардзынæн, ацы уысмы мын мæ фæндон куы нæ сæххæст кæнай, уæд. Ацы лæппуйæн йæ буар цыдæриддæр у, уый йьгн сæрыхъуьшы онг куы нæ æрæолбырд кæ- най, уæд æз демæ мæ цард адджынæн нæ арвитдзынæн. Уæд уылынг лæг йæ дзыппæй сау-сауид зæлдаг кæлмæрзæн систа æмæ лæппуйы буары ставд згъæлæнтæ йæхæдæг æрбатымбыл кодта, йæ цæст дзы кæй нæ уыдта, уыдон та — йе ’ртыкъахыг бæх йæ фын- дзы хуынчъыты тæфæй æрбамбырд кодта. Иууылдæр сæ куы æртым- был кодта, уæд уылынг лæг загъта: — Цæй, ныр сын цы ми кæныс? Алæмæты рæсугъд, хуры æнгæс ус сæ райста, бацыди фалдæр, Корис дæлгоммæ зæххыл кæм хуыссыди, уырдæм, Корисы йæ хъæ- бысы ныттыхта, лæппуйы згъæлæнтæ йын йæ хъуырыл бабаста æмæ йын загъта: — Цæугæ ныр тагъд хъæрццыгъамæ! Корис йæ фæлмæн дзæмбыйæ йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ згъо- рынтæ райдыдта, згъорьштæ райдыдта æмæ æрхæццæ хъæрццыгъамæ. Хъæрццыгъа йæ куы федта, уæд куыннæ фæхъыг кодтаид. Уайтагъд фæбæрæг кодта йе ’мсиахстæм — цæргæсмæ æмæ залиаг калммæ. Уы- дон дæр цæстыфæныкъуылдмæ уым февзæрдысты. Æртæ æмсиахсы иумæ тæрхон кæнын бавдыдтой, уæдæ цы уыдаид, æмæ æппынфæстаг залиаг калм загъта: — Мæнæн мæ бон у, æмæ йы-н йæ фыдтæ бавдидзын кæнон. Уæд цæргæс загъта: — Мæнæн та мæ бон у, æмæ йын йе ’стджытæ бандидзын кæнон. Уæд хъæрццыгъа загъта: — Мæнæн та мæ бон у, æмæ дзы уд бацæуын кæнон. Залиаг калм ын йæ фыдтæ кæрæдзийы уæлæ авæрдта, зæлдаг къухмæрзæн сыл расæрфта, æмæ кæрæдзиуыл авдæгъдысты. Цæргæс стджытæ ахаста, æгасгæнæн суадоны сæ цæвæрдта, æмæ уыдон дæр кæрæдзиуыл бандæгъдысты. Залиаг калм фыдтæ куы цæхсадта, уæд сæ суадоны стджыты уæлæ цæвæрдта. Дыууæ боны фæстæ стджытæ æмæ фыдтæ кæрæдзиуыл баныхæстысты. Уæд æй залиаг калм æмæ цæргæс рахастой хъæрццыгъамæ. Хъæрццыгъайæн загътой: — Ныр хъуыддаг дæуыл æвæрд у, æмæ æххæст кæн дæ хæс. Хъæрццыгъа йæхи систа зæххæй арвы астæумæ. Тæхын байдыдта, тæхын байдьддта æмæ бакæццæ дыууæ хохмæ. Хæктæ-иу дард фæцы- 220
дысты æмæ-иу æрбазгъордтой кæрæдзимæ. Кæрæдзийы-иу ныццавтой, æмæ-иу сæ фæздæг акалди. Уыдон хыл кодтой æлутоныл. Куыддæрид- дæр фæйнæрдæм фæцыдысты, афтæ хъæрццыгъа се ’хсæн смидæг, æлу- тонæй йæ дзыхы дзаг фелвæста æмæ фæстæмæ агæпп кодта, цалынмæ хæхтæ кæрæдзимæ цыдысты, уæдмæ. Ахаста æлутон, лæппуйы хъуыры йæ ауагъта, Лæппу цы уыд, авд ахæмы хуыздæр фестади. Уым ын йæ сиæхстæ бирæ фæдзырдтой, ахæм æмæ дæ ахæм зын- тæй фервæзын кодтам, æмæ ныр фæстæмæ аздæх дæ хæдзармæ, ферох кæн уыцы фыдбылызы сылгоймаджы, дæ къухты ницы амалæй бафт- дзæнис, зæгъгæ. Уæд та лæппу йæ цæссыгтæ нызгъæлдта æмæ уынгæг хъæлæ- сæй загъта: — Нæй, уадз æмæ сæдæ хатты амæлон, уадз æмæ мæ цæстæй рухс мауал фенон, уæддæр, цалынмæ мæ дунейы рухсы фервæзын кæнын ногæй бафæлварон, уæдмæ нæ ныууадздзынæн! Æмсиæхстæ загътой сæ кæрæдзийæн: — Уæдæ уадз æмæ мах дæр фесæфæм, уæддæр бацархайын хъæуы, цæмæй уыцы сылгоймаджы исты амалæй раскъæфæм уыцы дæлимонæй. Хъæрццыгъа загъта: — Уымæн фыццаджыдæр самал кæнын хъæуы æфсургъ, уæд, лæппуйæн, чи зоны, йæ бон бауа исты саразын. Уæд цæргæс загъта: — Хорз æфсургътæ æз зонын Донбеттырты бæстæйы, æрмæст сæ æфсæндзых бирæгътæ хъахъхъæнынц. Залиаг калм загъта: — Уæдæ æз та æрхъуыды кодтон, цы амалæй дзы раскъæфæм æфсургъ, уый. Æз мæ рæгъæуттæй дæттын æхсæз фондзыссæдз стуры, цæмæй уыдон æргæвст æрцæуой æмæ сæ бирæгътæн акалæм. Афтæ- мæй раскъæфдзыстæм æфсургъ. Хъæрццыгъа загъта: — Стигъгæ та сæ æз акæндзынæн. Цæргæс загъта: — Донбеттырты бæстæм та сæ æз бахæццæ кæндзынæн. Радта залиаг калм æхсæз фондзыссæдз стуры. Хъæрццыгъа сæ астыгъта цæсты фæныкъуылдмæ. Цæргæс сæ самайын кодта йæ дыу- уæ базыры астæу, лæппу сбадти сæ астæу æмæ ныттахти Донбеттыр- ты бæстæм. Цæргæс батахт быдырмæ, æфсургъты сæрмæ. Лæппу бирæгътæн калын байдыдта æнæхъæн галтæ, æнæхъæн къамбецтæ. Куы фæцæй фæуд кодтой, уæд цæргæс йæхи дæлдæр æруагъта, лæппу йæхи ныд- дыввытт кодта æмæ дзы иу æфсургъыл абадти, йæ зæвæттæй йæ фæцат гайдта, æмæ уæлæмæ стахти. Бирæгътæ ма разгъордтой йæ фæстæ, фæлæ йын йæ рыг дæр нал раййæфтой. 221
Лæппу ныххоста уыцы фæндагыл æмæ та уыдисн-рихи уылынг лæджы бæсгыхайы цур балæууыд. Бакасти та мидæмæ æмæ йе ’знаджы фынæйгæнгæ куы федта, уæд фæрссагыл багæпп кодта æмæ усыл ныт- тыхсти. Ус ныккуыдта æмæ загъта: — Аздæх, уадз мæ, аййафдзæн та нæ æмæ уæд нæ дыууæйы дæр удæгас нал ныууадздзæн. — Нæ, тæрсгæ ма кæн, ныр мæнмæ æвзæрдæр бæх нæй. Абадтысты йе ’фсургъыл æмæ скъæрын байдыдтой. Уæд та æртыкъахыг æфсургъ йæ бæттæн ратыдта æмæ уыльшг лæгыл зæвæтæй ралæууыд. Лæг фехъал æмæ загъта: — Уæ, фæлдысты фæдæ, фынæй кæнын мæ цæуылнæ уадзыс? Уæд æм æфсургъ дзуры: — Фæлдысты æз фæдæн, æви дын дæ рæсутъды йæхицæн чи фæ- хæссы, уый фæуа фæлдысты? Уæд та, дын, уылынг лæг æнæсаргъ бæхыл абадти æмæ йæ сурын- тæ байдыдта. Лæппуйы афтæ фæндыди, цæмæй уылынг лæджы удæга- сæй ма ныууагътаид, йæ бæхæй дзы ныфс уыд, æмæ йæм уымæ гæсгæ фæурæдта. Куыддæриддæр æм уылынг лæг æрбахæццæ, афтæ йæ лæппуйы æфсургъ нырриуыгъта, æмæ уылынг лæг æд бæх лыстæг згъæлæнтæ ныцци. Лæппу æмæ чызджы цинæн кæрон нал уыди. Ныццыдысты хъæрццыгъайы хæдзармæ. Сæ ныццыдмæ сæм æн- хъæлмæ кастысты йæ сиæхстæ. Хорз сыл фæцин кодтой, уæдæ цы уыдаид. Лæппу сын лæгъстæ кæнын байдыдта, цæмæй йемæ чындзæхсæв- мæ ацыдаиккой, фæлæ уыдонæй иу дæр нæ акуымдта лæппуйæн йæ хистæр æфсымæрты тыххæй. Уæд лæппу йæ усимæ йæ райгуырæн бæстæм æнкъардæй ацыдис. Ие ’фсымæртæ йæ куы ауыдтой, уæд ма сæ цинæн кæрон кæм уыдис Фæлæ лæппу æнкъард куы уыд, уæд æй бафарстой: — Цæуыл æнкъард дæ, не ’фсымæр, уый ма махæн дæр радзур. Лæппу сын сæрæй кæронмæ радзырдта йæ хабæрттæ. Фæдзырдта сын, залиаг калм, хъæрццыгъа æмæ йын цæргæс куыд бирæ æххуыстæ фесты, куыд æй фервæзын кодтой, уыдæттæ. Фæдзырдта сын ноджы, йемæ сæ кæй хуыдта æмæ йын йе ’фсымæрты тыххæй кæй нæ ракуымд- той, æмæ ууыл æнкъард кæй у. Дыууæ æфсымæры мæт сæ зæрдæмæ айстой, аххос уыдонырдыгæй кæй уыдис, уый тыххæй, æмæ смæллæг сты, æппынфæстаг амардысты. Кæстæр æфсымæр дæр уыдоны мысынæй смæллæг æмæ амард. Баззадысты иунæгæй æртæ усы, кæугæ, ниугæйæ. Уæд сæм сау- джын кæцæйдæр фæзынд, æмæ куы сæ иумæ бауайы æмæ йын апъа 222
кæны, куы се ’ннæмæ. Фæлæ кæстæр чындзмæ куы æрбацæйуад, уæд æй уый йæхимæ нæ бауагъта æмæ йын загъта: — Мæнæ ам æртæ ингæны скъах. Стæй иууылдæр дæу нæ уы- дзыстæм! Сауджын скъахта æртæ ингæны, æмæ дзы æфсымæрты куыд хистæрæй цæвæрдтой. Устытæй алчи дæр æрлæууыд йæ лæджы ингæны былыл. Кæстæр чындз бацыд æмæ йæ дыууæ файнусты сæ лæгты ингæн- ты былыл амардта, ингæнты сæ нывæрдта æмæ сыл сыджыт ныккалд- та, йæхæдæг слæууыд йæхи лæджы ингæны былыл æмæ загъта: — Æз ам мæхи марын, æмæ мыл сыджыт чи нæ бакала, уый сау хæрæгæй фæрацу-бацу кæнæд. Сауджын уый куы базыдта, ай мын дзы ницы пайда ис, уæд ныкъ- къуырдта æмæ афардæг. Уалынмæ æрбацыди хъомгæс. Чызг ын загъта: — Гъа, мæнæ дын кард, æмæ æз мæхи куы амарон, уæд-иу мыл сыджыт бакал. Хъомгæс загъта: — Айс кард, кæд дæхи хъæуы, уæд. Æз дыл æнæ исты бафидгæйæ дæр бакалдзынæн сыджыт. Чызг йæхи амардта æмæ йыл хъомгæс сыджыт ныккалдта, стæй, йæ карды коммæ кæсгæйæ, афардæг. Сæ куыдз, Корис æртæ ингæны алыварс æнкъардæй ниугæ, разил-базил кодта æмæ сæм бацæуын ни- кæй уагъта. Æртæ ингæнæй алкæй риуыл дæр æрзадис рæсугъд рæхснæг бæ- лас. Бæлæстæ кæрæдзимæ æрбатасыдысты æмæ кæрæдзиуыл стыхс- тысты. к^у
^4*^^*0^«^ ÆРХУЫ МÆСЫДЖЫ БАДÆГ БУРЧЫЗГ Раджыма-раджыма лæг æмæ ус уыди. Кæм цардаиккой, чи зоны. Зæнæгæй сын рацыди æртæ чызджы. Куы рахъомыл сты, уæд сæ мад амард æмæ сидзæрæй баззадысты. Дыккаг ус æрхаста фыд. Цæрынтæ байдыдтой æртæ чыз- джы сæ фьтды усимæ. Фыды ус разынди фыдсыл: æфхæрынæй, домы- нæй нæ ауæрста æртæ сабийыл, сæ сæрыл сын бæлас не ’рзайын кодта, сæ риуыл сын куыройы фыдтæ не ’рзилын кодта, уый йедтæмæ сын зындзинадæй цы нæ бавзарын кодта, иу ахæм нал баззади зæх- хыл: уæд æлгъыстæй, уæд надæй, уæд фидисæй. Сидзæртæн сæ уд сæ фыды хæдзары æрдуйæ нарæгдæр сси. Лæг циу? Лæг — лауыз, ус — фæлдахæг. Уæд баздæхт фыдсыл, æмæ дзуры лæгæн: — Лæгай, цæхгæр дын зæгъын: де ’ртæ чызджы куы ничердæм фæкæнай, уæд мæхи дыууæ къухæй æрцæудзæн сæ адзал. Уый зон, æмæ сын а хæдзары нал ис цæрæн бынат. Ныуулæфыди лæг йæ къæхты бынæй, фæлæ цы бакодтаид, уымæн ницы зыдта. Тæригъæд кæны сидзæр чызджытæн. Уæд иуахæмы лæг хъæдмæ ацыди. Иу фæткъуы бæласы бын уæрм скъахта, æмæ йæ бæласы хихтæй бамбæрзта. Бæласы бын æруыгъта сырхфарс рæсугъд фæткъуытæ, байдзаг сæ кодта йæ зæнгæйтты хъустæ æмæ сæ хæдзармæ æрыздæхт æхсæвæрыл. — Чызджытæ, исчи уæ мын мæ дзабыртæ æмæ мæ зæнгæйттæ ра- ласæд, — дзуры фыд. Нæ бакуымдта хистæр хо, ницы ком радта дыккаг хо дæр, фæлæ кæстæр хо æнæзивæг февнæлдта æмæ раласта йæ фыды дзабыртæ æмæ зæигæйттæ. Сырх-сырхид фæткъуытæ зæнгæйттæй æркалдысты. Чыз- джытæ дисы бацыдысты: ахæм рæсугъд дыргътæ уыдон никуыма фед- той. — Баба, райсом нæ демæ ахон, уыцы фæткъуытæ кæм зайынц, 224
уырдæм, æмæ дзы мах æнæхъæн уæргътæ æрхæссæм, — дзурынц чыз- джытæ. Фыд уæлдай нал загъта йæ чызджыты ныхасыл. Райсомæй фыд йæ чызджытимæ араст сау хъæдмæ, бакодта сæ фæткъуы бæласы бынмæ. Хуртуаны хуызæн сырх-сырхид фæткъуытæ бæласы бын. Æртæ хойы уидзынмæ куыд фесты, афтæ уæрмы ныххау- дысты. Сæ фыд раздæхт йæ хæдзармæ. Хорзау нал фесты æртæ сидзæр хойы, фæлæ ма сæ бон цы уыди: уæрм тынг арф, схизынæн сын амал нал ис. Æмæ уæд арвмæ сарæзтой сæ риутæ æмæ сдзынæзтой: — О, хуыцау, ацы уынгæг ран нæ ма байсаф, фæлæ нын æрæппар æфсæн белтæ æмæ æфсæн къахæнтæ. Дæхæдæг зоныс, цы чысыл бонтæ рацардыстæм, уыдон арвыстам хъизæмар æмæ тухитæй нæ фыды усы руаджы. Æмæ æртæ æфсæн белы, æртæ æфсæн къахæны февзæрди уæрмы. — Нæхи куы æруадзæм, уæд нын ничи баххуыс кæндзæн, — загъ- той хотæ. — Фæлæ исты амал скæнæм, ацы ран дойныйæ æмæ æххор- магæй нæ мæлæт куыннæ æрцæуа, афтæ. Бавнæлдтой кусынмæ æмæ фæндаг айгæрстой сæхицæн зæххы бын- ты æлдараты куыроймæ. Бахъавыдысты æмæ-иу, æвæдза, куыройы змæлæг нал ис, афтæ-иу куыройы ссады дзыгуыртæй* сæ фæдджитæ айдзаг кодтой, уæрммæ-иу сæ бахастой æмæ сæ-иу уым къæфгæйы** хæрд бакодтой. Куыройгæстæ алы райсом дæр уыдтой, куыройыл-иу цы хор бав- гæдтой, уый-иу ссадæй хъуаг рауад, ноджы-иу фæхъуыди ссадæн йæ хуыздæр хай. Къорд райсомы бафиппайдтой куыройгæстæ, се ’ссадæй сын чидæр дзæвгар кæй ахæссы, уый. Æмæ сагъæсыл сысты. — Æлдар нын ацы хъуыддаг куы бамбара, уæд нын æй нæхиуыл сæвæрдзæн, — тæрхон кодтой куыройгæстæ, — æмæ нын æй нæ цар- мæй сисдзæн. Баздæхæм æмæ, не ’ссад цы фæвæййы, чи йæ хæссы, уый базонæм. Бабадтысты куыройгæстæ иу æхсæв куыройы æмæ сбæрæг кодтой, куыроймæ æртæ чызджы кæй фæцагъуыдысты æмæ ссады дзыгуыртæ уыдон кæй хастой. Æмæ се ’лдарæн загътой: — Æлдар, нæ куыроймæ æрæгæй ардæм фæцагъуыдысты æртæ чызджы, зæххон адæмæй уыдон хуызæн хæрзаив, хæрзконд мах нæма федтам. Уыдон алы æхсæв дæр дæ куыроймæ цæуынц, æмæ ссад йæ бæрцыл нал вæййы, — йæ дзыгуыртæ йын ахæссынц. Цæугæ кæдæм акæнынц, уый не ’сбæрæг вæййы. * Ссады дзыгуыртæ — ссадæн йæ хуыздæр, ** Къæфгæ — цæкуыгонд хъæбæр хоры ссадæй кæнгæ хæрннаг. 15 Ирон адæмы аргъæуттæ 225
Æлдар æд адæм куыройы иу аууон ран сбадти, æртæ хойы куыннæ фæгуырысхо уыдаиккой, афтæ. Куыддæр та фæсахсæвæр фæзындысты чызджытæ ссад хæссынмæ, афтæ сæм æлдар æд адæм йæхи раргом код- та æмæ сæ уыцы хуызæнæй йæ хæдзармæ ахуыдта. Суазæг кодта æлдар æртæ хойы, базыдта уыдонæн сæ царды æу- уæлтæ, сæ зындзинæдтæ; базыдта, куыд æгъдауæй бафтыдысты цы- курайы фæрдыджы хуызæн æртæ чызджы ахæм уынгæг ранмæ. Ницы б^сусæг кодтой хотæ æлдарæн сæ царды уагæй, радзырдтой йын сæ фыды усы зæрдæйы уаг. Æлдар сæм фæхъуыста æнувыдæй, стæй загъта: — Алцы дæр хорз, мæ зынаргъ уазджытæ, фæлæ уæм бахатдзы- нæн кæмæ уæ цы миниуæг, цы лæджыхъæд ис, уый куы базонин, уæд иттæг хорз уаид, уымæ гæсгæ уын исты куыст бакæнин уæ бар. Куыд’ уæм кæсын, афтæмæй, чысыл æфхæрд нæ баййæфтат уæ царды æмæ та искæдæм куы сфæнд кæнат, уæд, чи зоны, æмæ ноджы фыддæр зын- дзинæдты бафтат. Æмæ загъта хистæр: — Æлдар цæра, мах дæ цæрайæ хæрдзыстæм нæ къæбæр, нуаз- дзыстæм æнæуæрст донæй, дæ цæрайæ хуры рухсмæ кæсдзыстæм. Ми- ниуæгæй мæнмæ ницы уыйас ис. Фæлæ æнæ иу миниуæг мæрдтæм ничи цæуы; æлдар цæра, мæнмæ сæрачы цыппæрæмхай куы раттай, уæд дзы æнæхъæн дзылаæйæн къахыдарæс бахуийдзынæн. — Уæдæ, æлдар цæра, — загъта дыккаг хо, — ссады тæбæгъæй дæ адæмы æфсадин, æгас дунейы дзы бахынцин. — Цы миниуæг дæм ис дæумæ та? — дзуры æлдар æртыккаг чызгмæ. Æфсæрмы кæны чызг, уæд та афæливы йæ цæсгомы хуыз. Æлдар та йæм ноджы хаты. Уæд загъта чызг æфсæрм хъæлæсæй: — Мæнмæ лæджыхъæдæй уыйас ницы ис, мæхи дын цæмæй рав- дисон, адæм мæм цæмæй æркæсой, фæлæ лæгмæ куы фæцæуон, уæд мын райгуырдзæн сызгъæрин коцораджын лæппу æмæ æвзист бецык- джын чызг. Хуыздæр ма адæймаг цæмæ бабæлдзæн нæ зæххон царды: ай у, æмæ дæ чысыл бирæ ахаддзæн — сæрачы цыппæрæмхайæ æгас дзыл- лæйæн къахыдарæс барæвдз кæнæн уыдзæн, ссады тæбæгъæй та сын бафсадæн уыдзæн. Фæлæ се ’ппæтæй зынаргъ дæр та сызгъæрил коцо- раджын лæппу, æвзист бецыккджын чызг. Уыдонæй хуыздæр та ма уæд адæймаг цæмæ бабæлла! Æмæ хъуыдытыл фæци æлдар: «Амонд, æвæц- цæгæн æмæ’, сургæйæ нæу, тыхæй дæр æй нæ байсдзынæ». Стыр бæрæгбон, стыр циндзинад сарæзта æлдар йæ хæдзары: кæс- тæр хойы ракуырдта, чындзæхсæв скодта, астæуыккаг хойы бар ба- кодта хæдзары æфсинад, хистæры та скодта хуийджытæн сæ хистæр. 226
Цæрынтæ байдыдтой æртæ хойы æлдары хæдзары. Фæлæ иудадзыг амондджын нæ хуыдтой сæхи дыууæ хистæр хойы: хæлæг сын бафтыд- та мæт æмæ сагъæс сæ зæрдæты, хæлæг сын сатæг-сау афæлдæхта сæ зæрдæтæ. Сæ кæстæр хойы сын æлдар йæхицæн кæй равзæрста къайæн, уый сын амардта сæ зæрдæтæ, уæнгæл сын фестын кодта сæ мады зæнæ- джы, сæ кæстæр хойы. Цас рацардаиккой, чй зоны, фæлæ æлдары ус зæрдæхсайгæ фæци. Æлдар æхсызгон балцы цæуынвæнд скодта. Ныр, æвæдза, раст кæны, афтæ дзуры: — Не ’фсин, балцы цæуын, кæд æрбаздæхдзынæн, уый бæрæг нæу: фæндагæн йæ дæргъæй йæ уæрхæй хъауджыдæр нæй. Миййаг дæ мæ сæр куы бахъæуа, уæд дын мæнæ мыр-мыраг; бацæгъд-иу æй æртæ* хатты, æмæ дæм зындзынæн, арвы кæрон куы фестон, уæддæр дæмг зындзынæн уайтагъд, — мæ зонынджын бæх фехъусдзæн мыр-мыра- джы хъæр. Хистæр дыууæ хойы уыцы ныхас фехъуыстой æмæ къуыбар зæл- дагæй айдзаг кодтой бæхы хъустæ. Араст æлдар балцы, уæдæ цы уыдавд. Æлдары ус æмæ йæ дыууæ хойы хæдзары баззадысты. Бонтæ сыл ивгъуийынц. Æлдар никæцæй зыны. Уалынмæ æлдары ус арыныл ныллæууыд. Разыбадæг ын уыдысты дыууæ хистæр хойы. Куыд загъта, афтæ йын райгуырди дыууæ фаззоны: сызгъæрин коцора- джын лæппу æмæ æвзист бецыкджын чызг. Цырд лæууыдысты дыууæ хистæр хойы. Дыууæ фаззоны нæ фенын кодтой мадæн, афтæмæй сæ аскъæфтой, ног зад гадзайы дзидзийыл сæ бафтыдтой, æвгъæды бадæгæн та йæ быны ног дыууæ къæбысы авæрд- той, сæхæдæг æм дзурынц: — Дæ сызгъæрин коцораджын лæппу æмæ де ’взист бецыкджын чызг куыдзы хъæвдынтæ фестадысты. Æлдар куы æрбаздæха, уæд тынг бацин кæндзæн. Цы загътаид æвгъæды бадæг ус!.. Цы бон æй уыди? Уалынмæ æлдар æрбаздæхт балцæй. — Сызгъæрин коцораджын лæппу æмæ æвзист бецыкджын чыз- джы бæсты дын нæ хо ныййардта куыдзы къæбыстæ, æмæ йын сæ мах дæр бафтыдтам йæ дзидзитыл. Бакæс æм дæхæдæг, — загътой хотæ. Æлдар смæсты, йæ усы æд къæбыстæ галдзармы бахуийын кодтй æмæ сæ уыцы хуызæнæй дуары бахизæны цæвæрын кодта. Æлдары хæдзармæ чи цыд, уыдон галдзармыл сæ къæхтæ сæрф- той, æддæмæ чи цыд, уыдон та йыл ту кодтой. Рæстæг цыди. Сызгъæрин коцораджын лæппу æмæ æвзист бецык- джын чызг рæзын байдыдтой. Никæцы мад хæсдзæк йæхи хъæбулты, гадза уыдон куыд хаста, афтæ. 227
Фæлæ дыууæ хойы тас бацыди: æлдар, миййаг, æцæгдзииад куы базона. Уый адыл гадзайы æд сывæллæттæ аивæй быдырмæ дард ахас- той, хъæдрæбынмæ, æлдарæй сæ бафæсвæд кодтой. Цæрынтæ байдыдтой лæппу æмæ чызг, тыгъд быдыры астæу, гадза сæм уарзæгой мадау зылди, афтæмæй. Цардысты, цардысты — лæппу фæхъомыл; фат сарæзта йæхицæн æмæ цуан байдыдта. Чысыл сырдтæ æмæ мæргътæ хаста алы бон дæр цуанæй. Уалын- мæ сагтæ, дзæбидыртæ, сæгуыттæ, сычъитæ æмæ æрсытæм дæр бав- нæлдта. Сырддзæрмттæй мусонг сарæзта æмæ цæрынтæ-хæрынтæ бай- дыдтой мусонджы — гадза, хо æмæ æфсымæр. Бумбулитæй хуыссæн скодтой се ’схæсоæг гадза.йæн, буц æй дардтой, сæ фадатмæ гæсгæ. Лæппу самал кодта хъæддаг бæх дæр. Фæлæ рох нæ уыдысты сæ мады хотæй. Уыдон бамбæрстой, иу ахæмы æлдар кæй сæмбæлдзæн лæппуйыл. Уæд сæ хъуыддаг раргом уыдзæн, æмæ стыр фыдбылызы бафтдзысты. — Исты амал нæ саразын хъæуы лæппуйы байсафынæн, намæ нæ сæртæ æдас нæ уыдзысты, — дзырдтой дыууæ хойы кæрæдзийæн. Иу бон сын сæ мусонгмæ бацыдысты. Лæппу цуаны, гадза бум- булитыл хуыссы, чызг зилæнтæ кæны, æфснайы мусонг. Цингæнæг, узæлæг скодтой чызгыл сæхи. — Нæ царм дын аскъуыйа, уæвгæйæ та, — дзурынц мадыхотæ,— æмæ уæд ацы ран куыд бафæраздзынæ иунæгæй, тыгъд быдыры, — нæ дзы адæм, нæ сыхаг, нæ хæстæг, кæй загъдæуы. — Иунæг нæ дæн: мæнæ ме ’схæсоæг гадза, изæры та цуанæй æр- цæудзæн ме ’фсымæр, — загъта чызг. — Тæригъæд дын кæнæм, дæ сæрыл хаст фæуæм, ацы ран æнæ дзурæг æмбалæй кæдмæ фæраздзынæ! Нæ, æвæццæгæн дæ нæ уарзы дæ иунæг æфсымæр, ды йæ куыд уарзыс, афтæ. Уæвгæ, хойы зæрдæ æфсымæрмæ, æфсымæры зæрдæ та — хъæдмæ. — Уау-æна, уый та уын чердыгон ныхæстæ сты! Ме ’фсымæр мæн куыд уарзы, афтæ йæхи уды дæр куы нæ уарзы, — загъта æвзист бе- цыкджын чызг. — Зыбыты иунæгæй дæ ныууадзы; кæимæ ахъазай, кæимæ абадай, иу дзырд кæимæ скæнай, ахæм дын нæй. Уый уарзт нæ хуины. Фæлæ дæ æцæг куы уарзид, уæд дын баздæхид æмæ фæсхох Æрхуы мæсы- джы бадæг Бурчызджы æрхæссид. Саджы мард æрхаста сызгъæрин коцораджын лæппу цуанæй. Му- сонгмæ бацыд, зæххыл æрæвæрдта сырды мард. Кæсы, æмæ йæ иунæг хо, йæ мадызæнæг кæуæгау кæуы, фыркуыдæй йæ цæстытæ ныррæсы- дысты. Хорзау нал фæци лæппу. — Цы дыл æрцыди, цы кодтай, мæ иунæг хо, мæ иунæг мады- зæнæг? — дзуры æфсымæр. 228
— Цы кодтон! Ацы ран мæ хæрз дзæгъæлæй ныууадзыс, æмæ æн- къардæй, æнтъыснæгæй мæ уд нал у. Хъазæг æмбал, дзурæг æмбал мын нæй. Афтæ аенувыд мыл куы уаис, уæд мын Æрхуы мæсыджы бадæг Бурчызджы æрхæссис, чындзы ад кæмæй фенин, хъæлдзæгæй мæ цард кæимæ æрвитин. — Банцай, мæ хо, дæу цыдæриддæр бафæнда, уый саразынмæ æз кæддæриддæр цæттæ дæн. Тæккæ райсом цæуын балцы. Чызг басабыр, бахудт æмæ цинтæ кæнын байдыдта йæ мады зæнæгыл. Райсомæй лæппу йæ бæхыл сбадт æмæ араст балцы. Бæх æм дзуры: — Хорз балцы нæ цæуыс, стæй цы ми кæныс, уый дæр не ’мбарыс. Æрхуы мæсыджы бадæг Бурчызг цæры фæсхох. Комы бацæуæны фы- рытау хæцынц дыууæ хохы. Маргъ дæр нæ ирвæзы дыууæ хохæй, уай- тагъд æй фæцъист кæнынц. Уæд куыд æгъдауæй хæссыс дæ ныфс ахæм ранмæ? Лæппу а&фсæн мæцъис абаста бæхы фæсарц. Бахæццæ ис, дыууæ хохы фырытау кæм хæцынц, уыцы ранмæ. Фæцыдысты фæйнæрдæм дыууæ хохы. Мæнæ фæстæмæ æрбацæуынц. Лæппу сарæхст, æфсæн мæ- цъис сын сæ астæу авæрдта æмæ аирвæзти. Фæцæуы комы нарæджы. Æрхуы мæсыгмæ бахæццæ. Æрхуы мæсыджы бадæг Бурчызджы куырдтой алы бæстæй алы хорз адæм, фæлæ никæй къухы æфтыд. Бурчызг фæуыдзæн æрмæст уый хай, æртæ хатты кæй бон бауа бадзурын: «Æрхуы мæсыджы бадæг Бурчызг, æддæмæ мæм ракæс!» Бурчызджы курджытæй нырма ничи сарæхст уымæ. Фыццагдæр- иу куы бадзырдтой, уæд-иу зæххы афардæг сты. Бирæ адæм фесæфт Æрхуы мæсыджы бадæг Бурчызджы тыххæй. Сызгъæрин коцораджын лæппу зыдта уыцы хабар æмæ байдыдта дзурын: —• Æрхуы мæсыджы бадæг Бурчызг, æддæмæ мæм ракæс! Йæ астæумæ афардæг зæххы уыцы бадзырдæй лæппу. — О, хуыцау, æгады сæфтæй мæ ма фесаф, — скуывта лæппу, æмæ уыйадыл зæххыл длæууыд. — Æрхуы мæсыджы бадæг Бурчызг, æддæмæ мæм ракæс! — ныфсджындæрæй бадзырдта лæппу. Зæххы та афардæг лæппу йæ ронбастæй уæлдæр, фæлæ та уай- тагъд фесхъиудта фæстæмæ. «Дыууæ хатты æрбадзурынмæ мæм никуыма ничи сарæхсти», — йæхийьшæр дзуры Бурчызг, фæлæ æддæмæ нæ ракаст. — Æрхуы Мæсыджы бадæг Бурчызг, æддæмæ мæм ракæс! — фе- хъуыст мæсыгмæ æртыккаг хатт. Ракаст Бурчызг, уæдæ цы уыдаид. Лæппу цардæпас, йæ сæрыл 229
сызгъæрин коцора. Чызг рацыди мæсыгæй, хуртæ дзы хъазынц,. мæйтæ дзы худынц, ахæм рæсугъд. — Мидæмæ, уазæг, — зонд — фæндаг, амонд — хæссæг. Дæ амонд дыл фæтых. Дæ дзырд сæххæст кодтай: æртæ хатты æрбадзырдтай. Æз дæр мæ дзырд нæ сайын: цом мидæмæ, хуыцау нæ кæрæдзийæн сныв кодта. Сызгъæрин коцораджын лæппу æмæ æрхуы мæсыджы бадæг Бур- чызг æхсæвы уыцы ран фесты, райсомæй раджы рафардæг, сты хæх- тæй æмæ æрцыдысты лæппуйы цæрæн бынатмæ. Лæппу кæм цард, уый алы фарс æрхуы гашуа’н фестад, сы-рд- дзазрмпши конд мусонджы бæсты. Цæрынтæ байдыдтой æрхуы мæсыджы сызгъæрин коцораджын лæппу, æвзист бецыкджын чызг, Бурчызг, стæй сидзæрты схæссæг га- дза. Кæрæдзийæн фæадджын сты чындз æмæ ходыгъд, дыууæ хойы афтæ æнгомæй нæ цæрдзысты, уыдон куыд цардысты. Æрхуы мæсыджы бадæг Бурчызджы æрхастыл бирæ рацыдаид, чысыл рацыдаид, уый бæрæг чи зоны, фæлæ та сызгъæрин коцораджын лæппу æмæ æвзист бецыкджын чызгæн сæ дыууæ мадыхойы бавдæл- дысты, æмæ та иу ахæмы араст вæййынц балцы. Цæуынтæ байдайынц, цæуынтæ. Уыдонæй афтæ, æмæ сæ хойы лæппу дыууæ хохы астæу ныцъцъист, Æрхуы мæсыджы бадæг Бурчыз- джы хæсгæйæ. Фæлæ сæ хæрæфырттæм куы баввахс сты, уæд хорзау нал фесты. Ай агъоммæ сагдзæрмттæ, сæгуытдзæрмттæй рæсугъд, аив мусонг кæм уыди, уыцы ран ныр бæрзонд фæцыди æрхуы Мæсыг, йæ алфам- былай та æрхуы быру. Бацыдысты дыууæ хойы мидæмæ. Æвзист бецыкджын чызг сæ раз: мæ рацыд, мæсыгмæ сæ бахуыдта. — Ме ’фсымæр мын Бурчызджы æрхаста, — дзуры дыууæ хомæ,— куыд уын раарфæ кæнон, уый нæ зонын, фæлæ уын хуыцау мæ бæсты арфæгæнæг уæд. Сымах руаджы бафтыд Бурчызг нæ къухы. Афæстиат нæм ут иучысыл, уæ фæллад нæм суадзут. Ме ’фсымæрæй ма рахъаст кæнут — цуаны ацыди. Дыууæ хойы кæсынц, æмæ гадза бумбули базтыл хуыр-хуырæй хуыссы, ног чындз зилæнтæ кæны æрхуы галуаны. — Амондджын чындз дын уæд, — загътой дыууæ хойы, æндæр амал дæр сын нал уыди. Бурчызгæн та загътой: — Дæуæн дæр амондджын бынат уæд, кæрæдзийы уарзгæйæ цæ- рут дæ сæры хицауимæ. Каерæдзийы куыннæ ахъæбыстæ кодтаиккой ног чындзимæ дыууæ хойы, уæдæ æндæр куыд уыдаид, æмæ йæ уаты къæлæтджыныл рабад- тысты. 230
Дзырд даргъ ацæуы, фæлæ чындз æмæ ходыгъд сæ уазджыты сбуц кодтой, хорз сæ федтой. Куы цыдысты дыууæ хойы æлдары хæдзармæ, уæд арфæ ракодтой, стæй ма загътой: — Уæ бынаты цардæй бафсæдут, фæлæ уын мах тæригъæд кæнæм. — Уæд цæй тыххæй? — бафарстой чындз æмæ ходыгъд. — Æмæ куыд нæ? Нæ хоты хуызæн уæ бауарзтам. — Хуыцау уæ бауарзæд! — Уæ мæсыг — быдыры астæу, хъæдмæ хæстæг. Æввахс уæм цæ- рæг нæй: кæмæ ацæуат, чи уæм æрбацæуа, уый уын нæй. Дæуæн дæ сæрыхицау, дæуæн дæ иу мадæй гуырд æфсымæр, сымах ацы ран иу- нæгæй ныууадзы гадзайы тæфмæ, нæ царм уын фехæла! йæхæдæг цуаны фæцæуы йæ зæрдæйы дзæбæхæн. — Ме ’фсымæрмæ аххос æрхæссæн нæй; уый мах куыд уарзы, аф- тæ ничи никæй бауарздзæн. Ацы ран нæ буцæн сырды æмæ маргъы фыдæй хæссы; нæ хæрд, нæ хуыстыл дæр нын не ’ууæнды, — дзуапп сын радта æвзист бецыкджын чызг. — Ды кæй дзурыс, уый раст куы уаид, афтæ уыл куы тыхсид, аф- тæ æнувыд уыл куы уаид, афтæ иузæрдион, уæд уын диссаджы кæрц æрхæссид, æппæт адæм кæмæ хæлæг кæнынц. — Æмæ уæд уагæр цавæр кæрц у? — Цавæр кæрц у, куы зæгъат, уæд йе ’фцæгготæй заргæ кæны, йæ дыстæй æмдзæгъд, йæ дымджытæй кафгæ; йæ риуы хур ис, йæ фæсонты та — мæй. Уыцы кæрц уын цалынмæ æрхæсса, уалынмæ бауырнинаг нæу, бирæ уæ кæй уа<рзы, уы-й. Бирæ фæхъæлдзæгдæр уаид уæ цард кæр- цы руаджы. Ныр хæрзбон ут. Нæ цæст уын куы нæ уарзтаид, уæд уын нььхæетæлæнæг не ’сблдтаиккам. — Фæндараст фæут, бузныг уæ ныхæстæй, уе ’рбацыдæй! Дыууæ хойы афардæг сты æрхуы мæсыг, æрхуы галуанæй. Чындз æмæ ходыгъд иунæгæй куы баззадысты, уæд дзурынц: — Куыддæр цуанæй æрбацæуа, афтæ йæ йæ хъуырмæ скæндзыс- тæм, уыцы кæрц нын æрбахæсс, зæгъгæ. Хур йæхи æруагъта сау хъæды фæстæ. Сырх-сырхид афæлдæхт арв хурныгуылæнырдыгæй. Кæрчытæ бадынмæ фесты, фос, хъом æрбацы- дысты. Сызгъæрин коцораджын лæппуйы зонынджын бæх дæр хизæнæй æрбацыди, йæ бынат ссардта. Фæталынггæрæттæ, афтæ цуанæй æрбаз- дæхт лæппу дæр, саджы мард йе ’уæкскыл, афтæмæй. «Мæ размæ зынæг куы нæ ис ацы изæр!» — йæхинымæр дзуры цуанон. Ба<цыд хæдзармæ, сырды мард æрæвæрдта. Кæсы, æмæ чындз дæр æмæ хо дæр бынаты, фæлæ йæм нæ хорз дзурынц, нæ æвзæр. — Цавæр хабар у? Цы мигъ бады уе ’рфгуыты? Æви исты зиан æрцыд? т— Зианæй хуыцау бахизæд! — дзурынц чындз æмæ ходыгъд, — 231
фæлæ заргæ æмæ кафгæ цæй фæдыл кæнæм, уымæй дæр нæм ницы ис. Ацы ран нæ иунæгæй гадзайы тæфмæ ныууадзыс, дæхæдæг фæцæуыс цуаны æмæ дæхи ирхæфсыс. — Æмæ уын уæдæ цы бакæнон? — Уыйбæрц зæрдиаг дын куы уаиккам, уæд исты æрхъуыды кæ- нис, цæмæй мах дæр нæ бонтæ æнкъардæй ма æрвитæм. — Уæддæр? — Дæхи æнæзонæг ма скæн. Дæхæдæг æнæхъусгæ нæ уыдзынæ диссаджы кæрцы кой: йæ риуы хур, йæ фæсонты мæй кæмæн ис, æф- цæгготæй заргæ, дыстæй æмдзæгъд, дымджытæй кафгæ-симгæ чи кæны. Æцæг ныл куы тыхсис, нæ дзæбæхдзинад дын афтæ зынаргъ куы уаид, уæд нын исты амал ссарис уыцы кæрцæн, ацы галуаны æнкъардæй куыннæ тыхсæм, афтæ. — Хуыцау сын æй ма схатыр кæнæд, сымахæн уый чи загъта. Уыдон, цыдæриддæр у, уæддæр, æз цæмæй нал уон, ууыл архайынц. — Цæмæн? — Уыцы кæрцæн, сымах куыд æнхъæл стут, афтæ æнцонвадат нæу йæ рахæссын. Уæд ма йæ нырмæ дæр исчи рахастаид. — Мæрдты бæсты хъуамæ ма уа, — загътой чындз æмæ хо- дыгъд, — уæд æй зонгæ дæр ничи кæнид. — Мæрдты бæсты нæй, уый раст у, фæлæ уый ис дард ран, аннæ- мæй йын ис бирæ гæстæ. Уый хъакъхъæнынц маст суадон, маст фæт- къуы, æфсæндзых халæттæ, тугдзых бирæгътæ æмæ æфсæндуар. Уы- донæй баирвæзын дæр зын у, раирвæзын дæр дыууæйыл у. — Æмæ уæдæ кæд ахæм тас ран ис, уæд ныронг дæр фæрæзтам æнæ уыцы кæрц, амæй фæстæмæ дæр цæрдзыстæм истæмæйты æнæ уый: дæуыл исты æрцæуыны бæсты мах æппындæр ницы хъæуы. Иудзæвгар ничиуал ницы загъта, фæхъус сты чындз æмæ ходыгъд, цыма фæсмон кодтой, лæппу та цыма тæрхоны бацыд йæхинымæр, уы- йау зынди. Стæй лæппу дзурын байдыдта: — Уæдæ, афтæ. Райсом раст кæнын балцы. Мæхи бавзардзынæн кæрц рахæссыныл. Барæвдз мын кæнут фæндаггаг: хæссынæн рог, хæ- рынæн адджын чи уа. Ноджы мын мæ хордзентæ барæвдз кæнут:^иу цæсты дзы фæхсынтæ цæвæрут æмæ æдзæхх фысы дымæг, аннæйы сырх мæнæу. Бонвæрнон куыддæриддæр скаст, афтæ сызгъæрин коцораджын лæппу бæхыл саргъ авæрдта, хордзентæ саргъы гоппыл афидар кодта, æрбаста сæ, уый фæстæ йæ хæцæнгæрзтæ райста, бæхыл абадт æмæ араст и балцы. Цæуы æмæ цæуы. Цæйбæрц фæцыдаид, уый бæрæг ничи зоны, фæ- лæ мæнæ маст суадон. Бæхæй æрхызти бæлццон, маст суадоныл æр- дæлгом æмæ дзы хорз-хорз банозта, стæй та бæхыл сбадт æмæ та дард- дæр араст йæ фæндагыл. 232
Уалынмае æрбазынд маст фæткъуы бæлас. Баурæдта бæласы бын йæ бæх æмæ адджынæн бахордта маст фæткъуытæ. Цæуынтæ та сисы, æмæ йыл мæнæ халæттæ чыртæ-чыртæй сæхи рауагътой. Барæг хордзенмæ февнæлдта æмæ сырх мæнæу калын сис- та. Халæттæн хуыцау ахæм авæра! Сырх мæнæуыл сæхи уыцы калд ныккодтой æмæ йæ зыдæй уидзын байдыдтой сæ тар бырынчъытæй. Барæгыл дарддæр сæки андзæрстой тугдзых бирæгътæ. Фæлæуай- тагъд уыдон дæр фæхсынтæ хæрынмæ фесты, барæгмæ кæсгæ дæр нал фæкодтой. Æфсæн дуары раз лæппу бæхæй æргæпп ласта, хордзенæй æдзæхх дымæг фелвæста. Дуармæ йæхи фæфистæг кодта æмæ йæ хорз бай- сæрста. Æфсæн дуар уайтагъд фегом, — йæ зилæнтæ уæд та, майды- ма, иу хъыррыст скæной! Лæппу рахæссы кæрц. Кæрц хъæр кæны: — У-у, цы фæдæ, ме ’фсæн дуар, фæхастæуы мæ! — Иæ амæттаг фæу! Æфсæн дуар дæ ацал-ауал азы фæхъахъ- хъæдта, æмæ мын æгæр-мæгуыр мæ зилæнтæ сойы хъæстæ дæр никуы фæкодтай. Ныр мæ уый мæ сæрæй мæ бынмæ иууылдæр сойæ бай- сæрста. Бæхыл æд кæрц йæхи баппæрста лæппу. — Уæ, мæ тугдзых бирæгътæ, фæхæссы мæ! — Дæумæ нæ нал æвдæлы, нæхи кой кæнæм мах дæр. Ай бæрц дын фæкуыстам æмæ дæ ницы хорз федтам. Хайыр у дæ хæссæгæн, мах афтæ хорз кæй руаджы минас кæнæм. — Мæ халæттæ, æз уе ’уазæг! Саефын! — Уый дæ раздæр зонын хъуыди. Дзæбæх цæстæй нæм нпкуы ра- кастæ, нæ гуыбын нын никуы байдзаг кодтай хоры цъæмæлтæй дæр. Ныр нæ уый сырх мæнæуæй нæ хъуырмæ скодта. — Тых мыл цæуы, мæ маст фæткъуы! Æз мæрдты дæр, уæлæ- уыл дæр — де ’уазæг. Баиргъæв мæ тыхгæнæгæй, хæссын мæ ма ауадз. — Ноджыдæр дын фыддæр куы фенин, — загъта фæткъуы. — Цы бакуыстай, уый ссардтай. Нырмæ кæй баззадтæ, уый дæр дын æгæр уыди. «Маст фæткъуы», «маст фæткъуы» мын фæкодтай. Иу гага мæ никуы бахордтай. Ацы уазæг, йæ хъуыддаг раст ацæуа, баздæхт æмæ мын раст мыды хæрд бакодта. — Мæ маст суадон, ауадздзынæ мæ хæссын? — Ай-гъай! «Маст суадонæй» мæ фæдардтай, дæу руаджы мæ иу хуыпп циу, уый дæр никуы ничи скодта, дæхæдæг дæр мыл не ’рвæссыд- тæ. Уыцы барæг, хуыцауы уазæг фод, ныддæлгом мыл кодта, æмæ мæ- хицæн старстæн, куы мæ асур кæна бынтондæр. Хæлар ын уæд мæ дон, мады æхсырау. Ды дæр хорзы бон бафт йæ къухы, амонды хос ын фест! Лæппу уыцы диссаджы кæрц сæхимæ æрхæццæ кодта. 233
Чындз æмæ ходыгъды цин цæйбæрц уыди, уый радзурын кæй бон бауыдзæн! Иуæй сæ дарæг, сæ уромæг æнæниз, сæрæгасæй æрыздæхт тас балцæй, аннæмæй бæллиццаг кæрц сæ къухы бафтыд. Амæй фæс- тæмæ уыдонмæ æнкъард æввахс дæр нал æрцæудзæн. Амæй фæстæмæ уыдон сæ бонтæ хъæлдзæгæй æрвитдзысты кæрцы зард æмæ кафтмæ. Амæй фæстæмæ сын кæрцы риуæй хур кæсдзæн, кæрцы фæсонтæй та — мæй. Æрхуы мæсыджы, æрхуы галуаны амондимæ цардысты Бурчызг, æвзист бецыкджын чызг æмæ сызгъæрин коцораджын лæппу. Бонтæ æхмæ сыл æхсæвтæ рацыдаид, æвæццæгæн. Иу ранæй æрмæст хъæрзыдта сæ зæрдæ хо æмæ æфсымæрæн: сæ мад æмæ сæ фыды нæ зыдтой, æгас уыдысты, мæрдты бæстæм бафар- дæг сты, уымæн дæр бæрæг ницы иртæстой. Сæ цæрæнбонмæ æви сын сæ рухсагмæ куывтаиккой, уый дæр сын æргом нæ уыд. Фæлæ уал адон фæуадзæм сæ фæрныг цæрæн бынаты æмæ ба- фæрсæм нæхи: цы фæцадаиккой æлдар æмæ йæ ус — чызг æмæ лæппу- йы ныййарджытæ? Иу ахæмы æлдары цуанонтæ ацыдысты цуаны. Быдыры саг сæ ра- зæй фестад, йæ сыкъатæ йæ уæнтыл авæрдта æмæ уæртæ фæлидзы. Фатау йæхи сарæзта хъæдрæбынмæ. Сурынтæ йæ систой æлдары цуа- нонтæ. Цæйбæрц æй фæсырдтаиккой, чи зоны, фæлæ сын сæрджын саг баирвæзт хъæдмæ æмæ уыцы ран йæ фæд æрбайсæфт. Раздæхтысты фæстæмæ, — тæрхъус дæр нæ амардтой. Цæуынц, цæуынц, æмæ æрхуы мæсыг, æрхуы галуаныл æрбафтыдысты. Æрфы- сым кодтой галуаны, æркастысты фадæттæм, фæхъуыстой кæрцы зар- джытæм, фæкастысты йын йæ кафтмæ. Хорз фæминас кодтой, сæ фæл- лад суагътой, арфæ ракодтой фысымтæн æмæ фæстæмæ æрбаздæх- тысты. Уæд цуанонты хистæр бацыд æлдармæ æмæ йын ныхас кæны: — Æлдар, ай бæрц цуаны фæхаттæн, фæлæ ацы хатт цы диссæг- тæ федтон, ахæм диссагæй никуыма ницы федтон, хъусгæ даер никуы фæкодтон. — Ницы амардтат? — фæрсы йæ æлдар. — Иу саджы фæдыл фестæм, тынг дард æй фæсырдтам, фатæй йæ æхстам, нæ бæхтæ байстадысты, æмæ нын фæстагмæ сау хъæдмæ ба- лыгъд. Фæлæ хъуыддаг сæрджын сагыл нæу — бирæ хæттыты аирвæ- зы цуанонæй сырд. Æндæр диссаг федтам мах. — Æмæ уæд уыцы дис кæуыл кæныс, уыЗ цавæр хъуамæ уа? — бафарста æлдар. — Хъæдмæ æввахс, тыгъд быдыры мах федтам æрхуы мæсыг, æр- хуы галуан. Цæрынц галуаны сызгъæрин коцораджын лæг-лæппу, уымæн йе ’фсин дунеты рæсугъд Æрхуы мæсыджы бадæг Бурчызг, лæппуйы хо æвзист бецыкджын чызг — уæларвон рæсугъд, ноджы дæр 234
гадза, бумбули базтыл хуыссы, хо æмæ йæ лæппу хуыдтой се ’схæссæг. Галуаны иу уаты кæрц: йæ риуы — хур, йæ фæсонты — мæй; уыцы кæрц йе ’фцæгготæй заргæ кæны, дыстæй æмдзæгъд, дымджытæй та кафгæ. Ничи йын бафсæддзæн йæ зардмæ хъусынæй, ничи йын баф- сæддзæн йæ кафтмæ кæсынæй. — Райсом бон цæттæ куыд уат балцмæ, афтæ! — дзуры æл- дар. — Фæнды мæ уыцы адæмы басгарын. Æхсæвы æлдар мысын байдыдта йæ усы, зæрдæ йын цæмæйты æвæрдта, уыдон, ома, сызгъæрин коцораджын лæппу æмæ æвзист бе- цыкджын чызг ныййарьгаæй. «Цавæрдæр фыдбылыз сарæзтæуыд ме ’фсинæн аргæ-арын, æз бал- цы куы уыдтæн, уæд, — сагъæсы бацыд æлдар. — Кæд æмæ, цуанон кæй радзырдта, уыдон æцæг разыной, уæд æнæ гуырысхойæ уыдон уы- дзысты мæ фырт æмæ мæ чызг, стæй мæ чындз. Хъуыддаг та æрцыдаид афтæ. Дыууæ хистæр хойы хæлæгæн лæппу æмæ чызджы бамбæхстой, сæ бæсты та мадыл куыдзы къæбылатæ бафтыдтой. Галуаны базтыл кæй дарынц, уый къæбылатæ уыдзысты, æнæмæнг. Цæй, райсом ныл бон кæндзæн, æмæ уæд хъуыддаг йæхи амондзæн». Æлдар æд адæм æрхуы мæсыджы балæууыд дыккаг бон. Хъуыд- дæгтæм йæхи цæстæй куы æркаст, уæд бамбæрста, раст кæй уыдысты йæ хъуыдытæ. Æлдар ссардта йæ хъæбулты. Æмæ дзуры: — Æз дæн уæ фыд, уæ мад та ис нæ хæдзары; цы раны ис æмæ кæй аххосæй æрхаудта уыцы ранмæ, уый мæнæн бæлвырдгонд у, фæ- лæ йæ сымах дæр базондзыстут. Ныр у, æмæ цомут уæ бæстæм,, цы- дæриддæр уын ис ацы ран, уыдон дæр айсут уемæ. Æлдар цы сфæнд кодта, уый сæххæст кодтой йæ зæнæг, йæ чындз. Уайтагъд æлдары галуанты фарсмæ фестад æрхуы мæсыг æд цæр- джытæ. Æмæ радта æлдар дзырд, галдзармæй чызг æмæ лæппуйы мады куыд сисой, æхсыры цады йæ куыд цынайой. Æмæ æнамонд мад фырцинæй фæстæмæ чызг-ус фестади. Дыууæ хомæ дæр æрбасидт æлдар æмæ тæрхоны æрбадт. — Сымах уæ мадызæнæгыл галиуæй рацыдыстут, сымах æй стыр фыдбылызы, стыр хъиамæты баппæрстат, йæ зæнæгæй йæ баиртæстат, сымах тыххæй сидзæрæй рæзыдысты сызгъæрин коцораджын лæппу æмæ æвзист бецыкджын чызг — ме ’нхъæлцаутæ. Ноджы сымах зыл- дыстут, цæмæй мæ бындар байсæфа. Æрмæст йæ амонды руаджы ’фер- вæзт. Уый уын уæ зылынтæ. Цы уын хъæуа, уый та уын æз бакæн- дзынæн. Æмæ дыууæ хойы дыууæ æнæдомд уырсы къæдзилтыл бабæттын кодта, æмæ сæ уыдон быдырты фæластой, се ’стæгдар дæр никуыуал фæзынд. Уыдонæй цы федтат, рын, сонæй дæр æндæр мацы фенут.
0*9*0*5*5*5^ ХÆРАМ ЛÆГ ÆМÆ ЙÆ ЛÆППУ Раджыма-раджы, дын, уыдис мæгуыр лæг æмæ ус. Уыдон уы- дысты æнæзæнæг, фæлæ сын æппынфæстаг иу лæппу райгуыр- ди. Лæппу бон уыдисн рæзти, æхсæв — уылынг, афтæмæй ус курынхъом сси. Лæппуйы мад æррынчын æмæ амарди. Иу рæстæджы лæппу ус курынмæ араст и. Цæуын байдыдта, цæуын бай- дыдта, æмæ йæм дæлвæндагæй калм слæсти. Кæрæдзийæн æгасцæуайтæ загътой, стæй йæ калм бафарста, кæ- дæм цæуыс, зæгъгæ. Уый йын загъта: — Усгур цæуын. Уæд ын калм афтæ: — Мæнæн иу мæгуыраугомау чызг ис, æмæ йæ фен, кæд дæ фæн- ды, уæд. Лæппу ныццыд æмæ чызгмæ куы бакаст, уæд сæццæйæ баззад: чызгæн йæ сызгъæрин сæрыхъуынтæ йæ фадхъултæм æрхæццæ сты, хуртæ æмæ дзы мæйтæ касти. Фæлæ лæппу хъуыдытыл фæци: калмы чызджы ракуырдта, зæгъгæ, мæ чи фехъуса, уый мын цы зæгъдзæн? Фæлæ уæддæр нысангарз ныууагъта. Сæхимæ куы æрбацыд, уæд æй йæ фыд фæрсы: — Ракуырдтай ус? — Калмы чызджы ракуырдтон, хорз чызг у, — загъта лæппу. — Ацу, дæ мад мæрдтæм иу къухдарæн фæхаста, æмæ кæд уый æрхæссай, уæд дæ ус дæхи, кæннод дæ ус мæн. Лæппу ныккатай кодта. Иæ каистæм ныццыди, чызгæн рахабар кодта. Уæд ын чызг загъта: — Ссу уæлæ дзыцца æмæ дадамæ, уыдон дын хæргæфс зыгъуым- мæ сифтындздзысты, зыгъуыммæ йын цæфхæдтæ нысеадздзысты, æмæ дæ уый мæрдты бæстæм фæхæццæ кæндзæн. Лæппу ссыд, æмæ, чызг куыд загъта, афтæ йын хæргæфс сифтыгъ- той, æмæ араст кодта. 236
Цæуын байдыдта, цæуын байдыдта. Кэесы, æмæ иу гал цъæх нæу- уыл куы ныхъхъылдымтæ кæны, уæд диссаг, æмæ цъæх кæрдæг нæ хæры, фæлæ лæджы рихитæ æууилы. — Цæмæн афтæ кæныс, ацы гал? Цъæх- кæрдæг куы нæ хæрыс, уæд лæджы рихитæ цæмæн æууильгс? Уæд ын гал загъта: — Ацу, æмæ кæд мæрдты бæстæй раздæхай, уæд дын æй зæгъ- дзынæн. Дарддæр та араст, æмæ иу лæг æмæ иу усæн сæ уæлæ фысдзарм, сæ быны далысдзарм, æмæ æнцад хуыссынц, сæ дыууæйæн дæр фаг уыдысты сæ хуыссæнтæ. — Цæмæн уыл афтæ хорз æххæссынц? — бафарста лæппу. — Ацу, кæд фæстæмæ раздæхай, уæд дын æй зæгъдзыстæм. Дарддæр та цæуы, æмæ ус æмæ лæтæн сæ уæлæ галдэарм, сæ бы- ны хъугдзарм, афтæмæй кæрæдзийы ратон-батон кæнынц: нæ сыл æх- хæссынц. — Цæмæн афтæ кæнут, ацы лæг æмæ ус, уæ дыууæйы фаг дæр куы сты, уæд? — бафарста та лæппу. — Ацу, кæд фæстæмæ раздæхай, уæд дын æй зæгъдзыстæм. Дарддæр та ацыд, æмæ иу ус сæгътæ дуцы, æмæ йæ къæрта йæ фу- нæ кæлы, уæддæр сæ дуцы æмæ дуцы. — Цæмæн афтæ кæныс, ацы ус? — бафарста лæппу. — Ацу, кæд фæстæмæ ауылты раздæхай, уæд дын æй зæгъдзы- нæн, — дзуапп радта ус. Дарддæр та ацыд, æмæ иу ус теманæй хæхтæ кæрæдзимæ рæхсы. — Цæмæн афтæ кæныс, ацы ус? — бафарста лæппу. — Ацу, кæд фæстæмæ раздæхай, уæд дын æй зæгъдзыстæм. Дарддæр та ацыд, æмæ иу æвзист хæдзары æвзист къæлæтджыныл бадынц зæронд лæгтæ, æвзист лæдзджытæ сæ къухты, алы хæрд, алы нозт сæ разы. — Цæмæн афтæ бадут? — бафарста лæппу. — Ацу, фæстæмæ куы раздæхай, уæд дын æй зæгъдзыстæм. Дарддæр цæуы æмæ бахæццæ, йæ мад кæм уыд, уырдæм. Хæр- гæфсы æрбаста дуармæ, лæппутæ уæлхæдзар хъулæй хъазыдысты, æмæуыдонмæ схызт. Æфстау куры хъул, æмæ йын ничи дæтты. Æп- пынæрæджиау ын иу лæппу иу хъул ратта. Хъазын байдыдта, хъазын байдыдта, æмæ сын сæ хъултæ иууыл- дæр рамбылдта. Лæппутæй иуæн лæгъстæ байдыдта: — Цу, дæ мадæн зæгъ, æмæ дын хъултæ иууылдæр ратдзынæн. Лæппу бацыди æмæ йæ мадæн загъта: — Нана, дæлæ дæм иу лæппу дзуры, хуызæнæй дæ хуызæн у, æнгæсæй — де ’нгæс. 237
— Ацу, уæд мын уæрагсаст фæу, кæд мæм уæлзæххæй мæ иунæг хъæбул не ’рхæццæ! Уæд та йæ дыккаг æрвыст бакодта, æмæ та йæ ус æртысгæнæй ратардта: — Ацу, афтæ-уфтæ фæуай, кæд мæм мæ иунæг лæппу не ’рцыди! Уæд та йæ æртыккаг æрвыст бакодта, æмæ та лæппу загъта: — Уæд ды амæл, нана, йæ конд дæ конды хуызæн у, йæ уынд дæ уынды хуызæн, æмæ дæ тынг æхсызгонæн агуры. Ус æм уæд ракаст, æмæ фырцинæй йæ лæппуйы аныхъуырдта æмæ та йæ сæппæрста. — Кæм уыдтæ, кæ, дæ нывонд фæуон? — Мæ тæригъæд уæд мæ фыды. Ус ракуырдтон, æмæ, дам, кæд, ды дæ къухыл цы къухдарæн рахастай, уый схæссай, уæд мæ ус мæхи, кæннод та уый, — загъта лæппу. — О, дæ фæхъхъау фæуа, кæд ма йын цæй ус курын афон у, уæд! Ахæос æй, дæ нывонд фæуон, — загъта ус æмæ йын къухдара&н радта. Лæппу хæргæфсы цæфхæдтæ растырдæм ныссагъта æмæ рараст и. Бахæццæ æвзист хæдзары бадæг лæгтæм æмæ сæ бафарста: — Цæмæн афтæ бадут? — Мах уæлæуыл уыдыстæм тæрхонгæнджытæ æмæ алы хатт дæр раст тæрхон кодтам, æмæ нын ныр ам мæрдты æгъдауæй ахæм цард ис, — загътой лæгтæ. Уырдыгæй та æрбахæццæ, теманæй хæхтæ чи хуыдта, уыцы усмæ. Уый дæр та бафарста. Ус загъта: — Уæлæуыл мæ лымæнæн лыстсынкæй хуыдтон, мæхи мойæн та рæхсгæ кодтон, æмæ йæ ныр мæрдтырдыгæй фидын. Уый фæстæ лæппу æрбахæццæ сæгътæ дуцæгмæ æмæ та уый дæр бафарста. Сæгътæ дуцæг загъта: — Мах уæлæуыл уыдыстæм дыууæ файнусты, æмæ мыл тых кодта мæ файнуст. Ныр мæрдтырдыгæй мæн фесты, æмæ сæ уый фыдæнæн дуцын. Дарддæр та æрбахæццæ, галдзарм æмæ хъугдзарм кæуыл уыд, уы- донмæ, æмæ сæ бафарста. Уыдон ын загътой: — Мах уæлæуыл дæр кæрæдзи нæ уарзтам æмæ мæрдты дæр. Уый фæстæ æрбахæццæ, фысдзарм æмæ далысдзарм кæуыл уыд, уыдонмæ, æмæ сæ бафарста. Уыдон загътой: — Мах уæлæуыл дæр кæрæдзи бирæ уарзтам æмæ мæрдты дæр. Уый фæстæ бахæццæ галхмæ æмæ йæ бафарста. Гал загъта: — Æз уæлæуыл уыдтæн цæдисфарсы гал, æмæ-иу мын ацы рихи- ты хицау сарæзта уырдыг, стæй-иу йæхи галæн цъæх хос аёвæрдта, мæ- нæн та хъæмпы муртæ, ме ’рагъ мын-иу ныххоста, æмæ йын ныр мæрд- ты æгъдауæй йæ рихитæ æууилын. Лæппу æрбахæццæ йæ фыдмæ æмæ йын къухдарæн фенын кодта. 538
Иæ фыд ын зэгъта: — Нæ, уымæй дæр нæ уыдзæн. Ацу, дыууадæс бонгæны иу бон бакæн, мæнæ сызгъæрин чырвазы* дзаг тауинаг байтау æмæ сæ уыцы бон иу нæмыджы онг æруидз. Кæд æмæ уый дæ бон бауа, уæд дæ ус дæхи, кæннод — мæн. Уæд та лæппу йæ каистæм ацыд æмæ катайгæнгæ рахабар кодта. Чызг ын загъта: — Ацу æмæ дзыцца æмæ дадайæн зæгъ. Уыдон сохъхъыр уæйыг æмæ къуылых уæйыг сифтындздзысты æмæ дыууадæс бонгæны афæл- дахдзысты. Стæй сызгъæрин чырвазы тауинаг нымадæй ахæсс, байтау æй, уый фæстæ, зæххыл цы мæлдзыджытæ ис, уыдонмæ фæсид, æмæ дын сæ æруидздзысты. Æцæгдæр, сохъхъыр уæйыг æмæ къуылых уæйыг аходæн афонмæ дыууадæс бонгæны афæлдæхтой. Лæппу йæ байтыдта æмæ йæ баласта. Фæдзырдта, бæстыл цы мæлдзыджытæ уыд, уыдонмæ. Мæлдзыджытæ æрцыдысты æмæ уайтагъд сызгъæрин чырваз байдзаг кодтой. Лæппу сызгъæрин чырваз йæ фыдмæ бахаста. Фыд нымайын рай- дыдта, нымайын райдыдта, æмæ ныццин кодта, иу нæмыг дзы нæ фаг кæны, зæгъгæ. Уалынмæ къуылых мæлдзыг ныхъхъæр кодта, мæнæ ис уыцы нæмыг æмæ йæ фæхæссын, зæгъгæ. Уæд та фыд загъта: — Нæ, афтæмæй дæр нæ уыдзæн. Ацу æмæ, дæргъмæ уыдисн, уæрхмæ уылынг чи у, ахæм лæг ссар, уæд дæ ус дæхи, кæннод дæ ус — мæн. Лæппу ныккатай кодта æмæ та йæ каистæн рахабар кодта. Уæд ын йæ усаг загъта: — Ацу, дзыцца æмæ дадайæн зæгъ, къуымы сызгъæрин къæлæт- джыныл цы Къоца бады, уый рарвитут. Лæппуйы фыд Къоцайы сбарста æмæ, æцæгдæр, дæргъмæ уыдисн уыд, фæрсмæ та — уылынг. Уæд лæппу Къоцайæн зæгъы: — Ацы Къоца, искуы-ма исчи мæрдты бæстæм ацыд æмæ фæс- тæмæ æрыздæхти? Къоца загъта: — Ничи. — Уæдæ, мæ фыд, дæ уæрджытæй дæлæмæ цавддур фест. Лæг, æцæгдæр, йæ уæрджытæй дæлæмæ цавддур фестад. — Ацы Къоца, исчи ма иу цæдæй дыууадæс бонгæны иу бон ба- кæны, байтауы сæ æмæ сын сæ тауинаг фæстæмæ æруидзы. Къоца та загъта: — Ничи! * Чырваз — стыр чыргъæд, къуымбил æфснайынæн. 239
— Уæдæ, мæ фыд, дæ астæуæй дæлæмæ цавддур фест! Лæг йæ астæуæй дæлæмæ цавддур фестад. Стæй та лæппу афтæ: — Ацы Къоца, искуы ма уый дæр æрцыд, æмæ лæг дæргъмæ уы- дисн уа, фæрсмæ та — уылынг? Къоца та загъта: — Никуы! Уæд лæппу загъта: — Уæдæ, мæ фыд, иууылдæр цавддур фест! Лæг иууылдæр цавддур фестад. Лæппу йæ дзæбугæй ныммур код- та, æлвасæн дуртæ сæ фæарæзта æмæ сæ ныззылдтытæ кодта. Йæхæ- дæг йæ усы æрхаста æмæ абон дæр царды дзæбæхæй цæры æмæ сом дæр. Уыдон æрцыдмæ сымах дæр дзæбæхæй фæцæрут.
<^5*^5*5*5^ ОХОХ ÆМÆ МÆГУЫР ЛÆДЖЫ ФЫРТ Раджыма-раджыма цардысты-уыдысты зæронд лæг æмæ зæ- ронд ус. Стонг аз скодта, адæм хор хъуаг сысты, цы хордтаиккой, уый нал уыди. Лæг æмæ ус дæр тæрсын байдыдтой хор хъуагæй. Иу бон зæронд лæг дзуры йе ’фсинмæ: — Усай, бавдæл, æмæ нæ гоны къуымы цы ссады рыгтæ æрмæр- зай, уыдонæй мын фæндаггаг ракæн: æз цæуын балцы, хонын нæ иу- нæг бындары, — чи зоны, кæд æй исчи бауромид ацы стонг заманы. Хæцæг ыл куы нæ фæуа, уæд æй ауæй кæндзынæн: кæд йæхæдæг дæр аирвæзид, йæ сæр æпасæй бавзаид, стæй ма дзы мах дæр кæд исты фос фениккам. Зæронд ус ссады къæрмæджытæй зæронд лæг æмæ лæппуйæн фæн- даггаг бацæттæ кодта. Уæд лæг йæ хæрæгыл саргъ бавæрдта, фæндаг- гаг ыл æрæфснайдта æмæ балцы араст. Фæцæуынц фыд æмæ фырт балцы. Бирæ фæцыдысты, чысыл фæ- цыдысты, чи зоны, фæлæ иу ран иу обаумæ бахæццæ сты. Æмæ фыд дзуры: — Ацы ран æрынцайæм æмæ нæ фæллад суадзæм, иучысыл исты дæр саходæм. Хæрæг суагътой, æмæ хизыныл фæци. Лæппу æмæ зæронд лæг оба- уыл æрбадтысты. — Ох, ох! — зæгъгæ, фæкодта лæг йæ фæлладæй. Обауæй рацыд иу лæг æмæ сæ фæрсы: — Чи мæм дзуры? Цы уæ хъæуы? — Куы ничи дæм дзырдта, — загъта зæронд лæг. — Æмæ уæдæ æз мæхи дыууæ хъусæй куы фехъуыстон «Охох», зæгъгæ. — Уый æз уыдтæн, — загъта лæп — Обауыл мæхи куы æруагъ- 16 Ирои адæмы аргъæуттæ 241
тон, уæд, фæллад куыд уыдтæн, уымæ гæсгæ ссыди мæ дзыхæй «юх, ох!» — Уæдæ уый зон, æмæ æз хуинын Охох, — загъта лæг. Уыйадыл сын дзырд бацайдагъ. Охох куы бамбæрста бæлццоны хъуыддаг, уæд æм дзуры: — Дæ фырты мæм ныууадз иу аз, — æз æй алы хъуыддагыл, алы хин, алы кæлæныл сахуыр кæндзынæн. Афæдз куы фæуа, уæд мæм-иу фæзын. Æз дæм дæ лæппуйы равдисдзынæн, æмæ ма йæ кæд базонай, уæд дын æртæ хæрæгуаргъы хор, стæй дын хæлар дæ фырт дæр, акæн- иу æй дæ хæдзармæ. Куынæуал æй базокай, уæд дæ фырт мæн куыд бауа, афтæ, стæй хорæй дæр куыд фæуай æнæхай. Мæгуыр лæг сразы, уæдæ цы уыдаид, — æндæр гæнæн дæр ын нæ уыд йæ тыхстæй. Охох ын хæрæгуаргъ хор радта, æмæ йæ хæдзармæ рараст, лæппу та уым баззади. Афæдзæй-афæдзмæ фæцахуыр кодта мæгуыр лæджы фырт обауы бын Охохмæ. Уый афтæ сахуыр, æмæ-иу æй куы бафæндыдаид, уæд фестадаид алы сырд, алы фос, алы маргъ, алы дзаума, иу дзырдæй — алцы дæр. Афæдзы кæрон æрхæццæ, афтæ зæронд ус дзуры: — Лæгай, де ’мгъуыд æрцыди, цæугæ æмæ нæ лæппуйы бабæ- рæг кæн. Зæронд лæг та афардæг йæ хæрæгыл. Обаумæ бахæстæг. Кæсы, æмæ мæнæ иу лæппу къæртаты дон фæхæссы. — Дæ хурæй бафсæдæд дæ дада, — загъта бæлццон. — Мæнмæ та уыйбæрц амонд кæцæй кæсы, æмæ мæ саби иу афæдзмæ дæу хуы- зæн суа! — Дада, æз дæ фырт дæн. А изæр дæм мæ ахуыргæнæг Охох рав- дисдзæн мæн иу мæхи хуызæнимæ. Мах афтæ æмхуызон стæм, æмæ дæ фырты нал базондзынæ. Фæлæ хъынцъым ма кæн: иудзæвгар нæм куы фæкæсай, уæд æз мæ сæр аныхдзынæн æмæ уымæй фæбæрæг уы- дзынæн. Лæппу æмæ лæг фæхицæнтæ сты. Лæппу бахаста хæдзармæ йæ къæртатæ, лæг дæр обауы фарсмæ йæ хæрæг суагъта. Охох фæцинтæ кодта уазæгыл, æхсæвæр ын хорз скодта. Куы ба- хордтой, куы банызтой, уæд Охох радзырдта: — Дæ фырт тынг хорз а-рæхсы: ахæм æмбаргæ, ахæм æнæзивæг адæймаг никуыма сахуыр кодтон, кусын куы райдыдтон, уæдæй ардæм. Мæхæдæг цæйбæрц базыдтон, уыйбæрц базыдта дæ фырт дæр, ахæм сыгъдæг зонды хицау дын разынд, бирæ дынфæцæра! Фæлæ нæ дзырд сæххæст кæнæм. Ныртæккæ дын æй æрлæууын кæндзынæн дæ разы. Уыйадыл бадзырдта: — Лæппутæ, тагъд ардæм! Мæнæ уыцы ран фæрсæй-фæрстæм æрлæуут, уе ’ргом махмæ раттут, афтæмæй. 242
Дыууæ лæппуйы Охох æмæ уазæджы размæ æрбацыдысты æмæ лæууынц цавддурты хуызæн æнцад; дыууæ дæр кæрæдзийы цæрмыс- тыгъд бакодтой. Бирæ фæкаст зæронд лæг дыууæ лæппумæ, фæлæ ни- цы фæразы, нæ зоны йæ фырты. Лæппу уæд йæ сæр аныхта. Уыйадыл уазæг загъта: — Кæд ма исты зонын, уæд мæнæ ацы лæппу уыдзæни мæ фырт. Хорзау нал фæци Охох, фæлæ дзырд радта, æмæ йын гæнæн нал уыди. Охох йæ дзырд йæ цæргæ-цæрæнбонты дæр никуыма афæлывта. Æртæ хæрæджы уаргъы хор рахаста зæронд лæг, йæ хæдзармæ акодта йæ фырты дæр. — Дада, æз афтæ сахуыр дæн Охохмæ, æмæ никуыуал стыхсдзыс- тæм ныронджы хуызæн, — загъта лæппу йæ фыдæн фæндагыл, сæ хæ- дзармæ цæугæйæ. Æгас хæдзар ссардтой фыд æмæ фырт дзагармæй. Чысыл кæм фæ- цинтæ кодтаид мад йæ иунæг хъæбулыл. Цас ацардаиккой уьшы хуызæнæй, уый чи зоны, фæлæ иуахæмы айхъуысти бæстыл, «Агуыры æфсад æрбацæуынц», зæгъгæ. Æмæ уæд лæппу дзуры йæ фыдмæ: — Дада! — Циу, дадайы хур? — Æз дын тохъхъыл фестдзынæн, рауай-бауай сисдзынæн Агуыры æфсæдты раз. Уыдон мæ æлхæндзысты, æмæ-иу мæ дзæбæх аргъыл ауæй кæн. Мæнæн ма тæрс, æз раирвæздзынæн. Агуыры^æфсæдтæ æрбацæуынц, хъæуы сæ разæй узгæ-узгæ цæуы замманай нард тохъхъыл, йæ чъапæ арынгæй стырдæр. Æфсæдты хи- цау зæронд лæгæн тохъхъылы аргъ бафыста. Æфсад хъæугæрон æрынцад. Иукъорд æфсæддоны сæхи æрба- фистæг кодтой æмæ тохъхъылы æргæвдынмæ фесты. Кард ьгн, æвæдза, йæ къубалыл æрбавæрой, афтæ тохъхъыл цыдæр æрбаци. Рохстæй аззадысты æфсæддон адæм — æргæвдджытæ. Ссыдысты зæронды хæ- дзармæ, рацагур-бацагур фæкодтой кæрты, хæдзары къуымты, фæлæ тохъхъыл — нал. Хæдзары зæронд ус æмæ иу лæппу. Иу къорд боны та рацыд, афтæ та лæппу йæ фыдмæ дзуры: — Дада, æз дын бæх фестдзынæн, æмæ-иу мæ уæй кæнынмæ алас. Æрмæст-иу мæ Охохы хуызæн лæгæн ма ауæй кæн. Æмæ бæхæй дæр ахæм бæх нæ фестад мæгуыр лæджы фырт, æмæ йæм адæймаг кæсынæй нæ бафсæстаид. Уæй кæнынмæ аласта мæгуыр лæг бæхы. Адæм сæ цæстытæ æрæвæрдтой бæхыл, æлхæнæг æй сысты алырдыгæй. — Цас кæныс дæ бæх? — фæрсы йæ иу лæг. — Дæ дзыхæй цы зæгъыс, уый дын ратдзынæн, уæддæр æз ацы бæх нал ауадздзынæн. Аргъ загъта бæхы хицау, фæлæ æлхæнæгмæ куы бакаст æдзынæг- дæр, уæд æм Охохы хуызæн фæкаст, æмæ æвиппайды фондз хатты зы- 243
наргъдæрмæ сæргъæвта бæхы аргъ, цæмæй йыл мауал дзырдтаид æмæ йыл фæлтæрæн нал кодтаид, уый тыххæй. Фæлæ æлхæнæг иу ныхас дæр нал скодта, систа бæхы аргъ æмæ йæ радта бæхы хицауæн. Радта бæх, уæдæ цы уыдаид, амал нал уыди. Стæй араст йæ хæдзармæ. Æлхæнæг разынди Охох. Фæласы æлхæд бæхы æмæ дзуры: — Сар мын фæци дæ къона: дæ фыдæн, æвæццæгæн, аивæй дæхи базонын.кодтай, фæлæ мын ныр нал аирвæздзынæ! Æз дын цы хъæуа, уый базонын кæндзынæн, куиты хæринагмæ дæ æртæрдзынæн! Æмæ Охох кусын байдыдта бæхыл. Цæхх ыл уаргъæй фæхаста, фыд куыстæй фæсвæд ницыуал баззад, се ’ппæт дæр ыл фæкодта. Рау- уатмæ æрцыди бæх; йæ царм йе ’стджытыл ныххус, рагъ ын рагъæн нал баззад, барц барщæн, къæдзил къæдзилæн. Æмæ иуахæмы раир- вæзт бæх Охохы хæдзарæй. Бирæ нæ раощди бæхы ралидзынæй, аф- тæ йæ Охох дæр базыдта æмæ йæ фæдыл ныййарц ис. Лидзы æфхæрд бæх, йæ фæдыл Охох æрбацæуы. Куы йæм бахæс- тæг, уæд бæх рувас фестад. Охох йæ фæдыл егарæй агæпп ласта æмæ йæ фæсуры. Суры, суры рувасы æмæ йæм бахæстæг ис. Ныр æм фæлæ- бура, афтæ рувас бæлон фестад æмæ удаистæй фæтæхы. Охох цъиусур фестади æмæ бæлоны уæгъд нал уадзы, йæ разæй йæ скъуымбил кодта. Хуыцау сæ иу хъæумæ бахаста. Бæлон иу гом рудзынгыл хæдзар- мæ батахт æмæ уыцы ран зæхмæ фæткъуыйæ æрхауд. Охох чысыл лæппу фестад æмæ хæдзары дуармæ кæуынтæ байдыдта йæ фæт- къуыйыл. Хæдзары хицау лæппуйы фæрсы: — Цæуыл кæуыс, лæппу? — Мæ фæткъуы мын æри. — Æмæ кæм и дæ фæткъуы? — фæрсы йæ. — Рудзынгæй йæ баппæрстон, — дзуры лæппу. Уæд хæдзары хицау лæппуйы мидæмæ бакодта. — Мæнæ уый у дæ фæткъуы? — О, — загъта Охох. Гъа ныр фæткъуымæ фæлæбура, афтæ фæткъуы судзин фестад. Охох та фестад судзины фæдзæл*. Судзин арты смидæг, фæдзæлы йæ фæдыл баскъæфта, æмæ фæдзæл арты басыгъд. Уыйадыл Охохы къона байхæлди. Судзин артæй рахызти æмæ та, цы уыди, фæстæмæ уый фестади. Æрцыд йæ ныййарджыты хæдзармæ æмæ та райдыдта кусын æмæ фæллой кæнын. Афонмæ дæр ма дзæбæхæй дары йæ ныййарджыты. * Фæдзæл — судзины, æрцындзы бын конд лыстæг æнДах, бæхсныг. Фæ- дзæлыл-иу бафидар кодтой, судзины кæнæ æрцындзы бын чи нæ цыдис, ахæм ставддæр æндах, бæхсныг.
ОарЧ*^**^ АББАИКУЫЦЫКК Раджыма-раджыма иу æлдармæ уыди æхсæз æххуырсты. Уы- донæй иу хуынди Аббайкуыцыкк. Уыцы æххуырсты æлдар дардта æрмæст цуаны цæуынæн, иннæ фондзы та — хæдзары кусынæн. Аббайкуыцыччы æлдар уарзта иннæтæй фылдæр, æмæ сæм уый хардзау касти. Иу бон куы уыд, уæд фондз æххуырсты бацыдысты æл- дармæ æмæ йын загътой: — Кæд Аббайкуыцыкк афтæ хорз у, уæд, уæлæ фæсхох иу уæйыг цæры, æмæ йæм ис иу зонынджын бæх, æмæ ма дын гъеуый æрласæд. Изæры Абайкуыцыкк цуанæй æрцыд, йемæ æрхаста сырды^мард, йæ хуылфыдзауматæ йын фелвæста, физонæг дзы акодта æмæ йæ æл- дары раз авæрдта. Фæлæ нæй, æлдар физонæгмæ не ’вналы. Уæд æй Аббайкуьщыкк фæрсы: — Цы кæныс, цæуьглнæ хæрыс, ме ’лдар? Уый иудзæвгар ныхъхъус и, стæй йын загъта: — Уæлæ фæсхох цаары иу уæйььг. Ис æм зонынджын бæх, æмæ мын гъеуый куы æрласис... Аббайкуыцыкк фæджих ис æмæ загъта: — Уый дæуæн чи загъта, уьшæн дунейы фарн æндæр хорз ма ракæ- нæд. Сбад, бахæр. Уымæн дæр исты амал уыдзæн. Æлдар сбадтис, æмæ иумæ бахордтой. Хæрд куы фесты, уæд Аб- байкуыцыкк сыстади æмæ араст и фæсхохмæ. Цæуы, цæуы æмæ иу æрду хидыл ауади. Бахæццæ уæйыджы хæдзармæ. Бацыди кæртмæ. Кæ- сы, æмæ дуæрттæ æхгæд. Аббайкуыцыкк рахъахъхъæдта скъæты алы- вæрсты æмæ дзы иу чысыл хуынкъ ссардта. Уæд мæнæуы гага феста- ди æмæ уыцы хуынкъæй скъæтмæ батылди, фæстæмæ та лæг фестади æмæ бæхы хъусы дзуры: «Ныр дæ æз ахæм ранмæ куы аласин, æмæ арвы цæсгом кæм уынай, цъæх хос кæм хæрай, сапонæй рыг-æвдылд кæм æййафай, уæд куыд уаид, цымæ?» — Æмæ, уыцы ныхæстæгæнгæ- йæ, бæхы рохыл рахæцыди. 245
Уæд бæх ныхъхъæр кодта: — Фæдис, Аббайкуыцыкк мæ фæласы! Уæйыг йæ хуыссæнæй фæгæпп кодта, скъæтмæ балиуырдта, фæлæ Аббайкуыцыкк мæнæуы гага фестад æмæ бырæтты батылди. Уæйыг рацагур-бацагур акодта æмæ, куы ницы ссардта, уæд фæстæмæ бацыд æмæ æрхуыссыди. — Диссаг у, ды ацы ран фæлмæцгæ дæр куыд нæ кæныс! Æз дæ ахæм ранмæ аласдзынæн, æмæ арвы цæсгом кæм уынай, цъæх хос кæм хæрай, сапонæй рыг-æвдылд кæм æййафай! Бæх та не ’сразы ис, афтæмæй та йын йæ рохтыл рахæцыд Аббай- куыцыкк. — Фæдис, Аббайкуыцыкк мæ фæласы! — зæгъгæ, та ныхъкъæр кодта бæх. Уæйыг дæр та фехъал, рагæпп кодта, разил-базил акодта, фæлæ та скъæты никæй ссардта, — Аббайкуыцыкк мæнæуы нæмыг фестал æмæ бырæтты батылди. Уæд уæйыг райста уисой æмæ дзы бæхы фæрстæ схауын кодта, й&хæдæг бацыд æмæ схуыссыд. Аббайкуыцыкк та бацыди бæхмæ æмæ йын йæ хъусы дзуры: — Гъе ныр куы бакуьгмдтаис, уæд дын уыцы над уыдаид? Ныр дæ æз ахæм ранмæ куы аласин, æмæ арвы цæсгом кæм уынай, цъæх хос кæм хæрай, сапонæй рыг-æвдылд кæм æййафай, уæд дын хуыздæр нæ уаид? Уæд бæх загъта: «Гъе ныр цæуын», — æмæ йын Аббайкуыцыкк йае рохыл рахæцыд æмæ йæ раласта. Хидыл куы ахызтысты, уæд æй бæх йæ фæстаг къахæй нырриуыгъ- та, æмæ хид ныххауди. Аббайкуьгцыкк бæхы æлдары раз балæууын кодта. Фондз æххуырсты уый куы федтой, уæд æлдармæ бацыдысты æмæ йын загътой: — Кæд Аббайкуыцыкк афтæ хорз у, уæд ма дын æххæст æрхæссæд хæдфыцгæ аг дæр æмæ хæдисгæ фыдис дæр. — Хорз, — загъта æлдар. Райсомæй та Аббайкуыцыкк цуаны ацыди æмæ изæры йемæ сырды мард æрхаста, йæ хуылфыдзауматæ йын фелвæста, физонæг дзы акодта æмæ сæ æлдары раз авæрдта. Æлда»р та нæ хæрьк Аббайкуыцыкк æй фæрсы: — Цæуылнæ хæрыс? Æлдар ын загъта: — Уый йæ бæх кæмæн у, уымæ ма ис хæдфьщгæ аг æмæ хæдисгæ фыдис. — Уый дæуæн чи загъта, уымæн æй хуыцау ма ныббарæд. Сбад, бахæр, уыдонæн дæр исты амал уыдзæн. 246
Сбадтысты æмæ та иумæ бахордтой. Аббайкуыцыкк сыстади, араст и æмæ уæйыджы хæдзармæ ссыди. Кæсы, æмæ дуæрттæ мидæгæй æхгæд. Хæдзары алыварс рауай-бауай кæны æмæ дзы иу чысыл зыхъхъыр ссардта. Аббайкуыцыкк мæнæуы гага фестын кодта йæхи æмæ зыхъхъырæй йæхи батылдта, дуæрттæ ба- кодта, аг æмæ фыдис йе ’ккоймæ сæппæрста æмæ сæ æрхаста æл- дармæ. Фыд-зæрдæ æххуырстытæ хæдфыцгæ аг æмæ хæдисгæ фыдис куы федтой, уæд сæ мастæн кæрон нал уыди. Бацыдысты æлдармæ æмæ йын загътой: — Ахæм хæзнаты хицау уæйыгæн ма дын йæхи дæр куы фенын кæнид! Райсомæй Аббайкуыцыкк цуаны ацыди, изæры сырды мард æр- хаста, йæ хуылфыдзауматæ йын фелвæста, физонæг дзы акодта æмæ йæ æлдары раз авæрдта. Æлдар та нæ хæры. Уæд та йæ Аббайкуыцыкк фæрсы: — Цæуылнæ хæрыс, æлдар? Æлдар загъта: — Уый йæ бæх кæмæн у, уыдон йæ аг æмæ йæ фыдис кæмæн сты, уымæн ма йæхи дæр куы фенин! Уæд æи Аббайкуыцыкк бафарста: — Æмæ мæ йæхæдæг нæ бахæрдзæн? Фæлæ сбад, бахæр, уымæн дæр та исты амал уыдзæн. Æлдар бахордта. Аббайкуыцыкк араст æмæ хъæргæнгæ фæцæуы: — Уой, Аббайкуыцыкк амарди! Уæд уæйыг йæ усмæ дзуры: — Цу-ма, акæс, дæлæ чидæр куыд хъæр кæны: Аббайкуыцыкк, дам, амард. Ус уынгмæ рацыд, фæлæ уæйыг уымæ дæр нал фæкаст, афтæмæй йæхæдæг ауад æмæ Аббайкуьщыччы гæдыбæлас калгæ сæййæфта. — Уымæй та цы кæныс? — бафарста йæ уæйыг. Уый йын загъта: — Аббайкуыцыкк амард, æмæ йын мæнæ чырын кæнын. Чырын куы скодта, уæд дзуры уæйыгмæ: — Æрхуысс-ма, цымæ хорз у? Уæйыг æрхуыссыд, фæйнæрдæм ыл ахæцыд æмæ йæ атыдта. — Ахæм чырын уымæн тæссонд у. Фидардæр ын хъæуы, куыд нал дзы раирвæза, — загъта уæйыг, йæхæдæг дынджыр тулдз бæласмæ бацыд, акалдта йæ æмæ дзы чырын скодта. Чырьга куы сцæттæ, уæд ын Аббайуьгцыкк загъта: — Гъе ныр ма дзы æрхуысс, фенæм æй. Уæйыг дзы æрхуыссыд. 247
— Æххæст ма йын йæ сæр дæр фенон, — дзуры Аббайкуыцыкк, æмæ йыл сæр дæр æрæвæрдта, стæй загъта: — Æххæст ма дзы аæгæлтæ дæр куы æркъуырин. — Фен æй, кæддæра фаг фидар уыдзæн, — сразы ис уæйыг. Уæд Аббайкуыцыкк чырыны сæры зæгæлтæ дæр æркъуырдта. Уæйыгæй куынæуал тарсти Аббайкуыцыкк, уæд æй йе ’ккой акодта æмæ йæ æрхаста æлдармæ. Бацыди мидæмæ æмæ дзуры æлдармæ: — Уæйыджы дын æрхастон, ме ’лдар, æмæ райсом куы сьгстай, уæд-иу æй рацагур. Æз та цуаны цæудзынæн. Райсомæй æлдар куы сыстад, уæд къуымты рацагуырдта æмæ чы- рын ссардта. Аббайкуыцыкк дæр цуаны нал ацыди, фæлæ æртæ æддæг- уæлæ хæдзары сæрмæ сбырыд æмæ сæм уырдыгæй касти. Æлдар чырыны сæр сæппæрста, уæйыг уырдыгæй сгæпп кодта æмæ æлдары ахордта, стæй къуымты разылди æмæ иннæ бинонты дæр ахордта^ стæй та фыд-зæрдæ фондз æххуырсты дæр. Аббайкуыцыччы æртæ уæладзыджы сæр куы ауыдта, уæд æм дзуры: — Кæуьглты сбырыдтæ, кæ? , Уый йын загъта: — Зæххыл дурæй кæй ссардтон, уыдон æддæгуæлæ самадтон æмæ уыдоныл. Уæд уæйыг дурæй кæй ардта, уыдон кæрæдзийы уæлæ фæцамадта æмæ æмбисы онг куы схæццæ, уæд æм Аббайкуыцыкк дзуры: — Гъе ныр сгæпп кæн, æмæ дæ æз ацахсдзынæн. Уæйьгг сгæпп кодта, фæдæ æххæст не ’схауд, зæххыл йæ тъæпп фæ- цыди æмæ уым ныппырхи. Аббайкуыцыкк уæладзыгæй æрхызти. Æлдары ис-бон иууылдæр уымæн баззадьгсты, æмæ сыл абон дæр ма цæры æмæ сæ хæры. Ър
<5^**^с>а<45*5*5*^^ СОСЛАН ÆМÆ ХЪÆЗДЫДЖЫ ФЫРТ БÆТ Нарты Сослан хæтæны фæцыди æхсæвæддæйыл. Иу ран иу хо- хыл сæгуыт ауыдта æмæ йæ фехста. Сæгуыт æртылди хохрæ- бынмæ. Изæр дæр баци. Сослан арт скодта, сæгуыт акъæртт кодта æмæ йæхицæн физонджытæ кæны. Физонджытæ куы бахордта, уæд йæхицæн загъта: «Сырды фыд хомæй ничи дæтты, æмæ мыл, миййаг, райсом исчи куы сæмбæла, уæд дзы уый тыххæй дæр хъуамæ сфизонæг кæнон». йæ иу арм ын ралыг кодта æмæ йæ уæхстыл бакодта. Иннæ фыдтыл нымæт æрæмбæрзта, йæхæдæг физонæг артмæ дары. Æрдæг фых куы фæци, уæд фæкаст, æмæ уæлæ сæгуыт фæлидзы. Сослан йæ къухтæ ньщцагъта: — О, диссæгтæ, диссæгтæ! йæ хуылфыдзауматæ йын хæргæ бакод- тон, йæ иу арм та йын физонæг кæнын, йæхæдæг фестад æмæ уæлæ фæлидзы! Сæгуыт æм æрлæууыди æмæ йæм фæстæмæ дзуры: —■ Сослан, мæнмæ диссæгтæ нæй, — кæд дæ диссæгтæ базонын фæнды, уæд Хъæздыджы фырт Бæтмæ фæцу, æмæ дын уый æцæг дис- сæгтæ фæдзурдзæн. Сослан йæхицæн загъта: «Уырдæм куы нæ фæцæуон, уæд нæ ныу- уадздзынæн». Ра-йсом куы сбон и, уæд Сослан æрцыди сæ хæдзармæ, иæхи оцæт- тæ кодта æмæ араст и. Чердæм цыдис, уымæн йæхæдæг дæр ницы зыдта. Цæуын байдыдта, цæуын байдыдта. Бирæ фæцыд, чысыл фæ- цыд, уый ничи зоны, фæлæ мæнæ иу дзæгъæл быдыры бæхрæгъæуттæм бафтыди. Изæр дæр ыл баци. Бацыдис бæхгæстæм æмæ сын салам радта: — Уе ’зæр хорз уæд! — Хорзæй цæрай, хорз бæлццон! — Уæ хорзæхæй, баизæр мын, æмæ мæ ахсæв бавæрут. 249
— Ау, уазæг — хуыцауы уазæг, цæуылнæ дæ бавæрдзыстæм! Бакодтой йæ мидæмæ. Сослан сæ бафарста: — Уæ хорзæхæй, кæй бæхгæстæ стут? Уыдон ын дзуапп радтой: — Мах стæм Хъæздыджы фырт Бæты бæхгæстæ. Сослан сын загъта: — Уæдæ æз дæр уый уазæг дæн, æмæ мын райсом хъуамæ фæн- даг бацамонат. Уыдон ын загътой: — Дæ фыдæхæй фесæфæм, мах дæр ын ницы зонæм, чердыгæй цæры, уымæн. Æрмæст æй бæхтæ куы бахъæуы, уæд нæм æрæрвиты, æмæ йын мах дæр арвитæм. Æхсæвы йæ, сæ къухы цы уыди, уымæй хорз суазæг кодтой. Рай- сом куы сбон и, уæд ын загътой: — Ацу, далæ быдыры астæу сты йæ хъомгæстæ, кæд æй, миййаг, уыдон зонынц, кæм цæры, уый, кæннод мах ницы зонæм. Араст и. Цæуын байдыдта, æмæ та куыд æризæр, афтæ бахæццæ хъомгæстæм. Салам сын радта: — Уе ’зæр хорз уæд! — Хорзæй цæрай, хорз бæлццон! Уæд сын Сослан зæгъы: — Æз дæн Хъæздыджы-фырт Бæты уазæг, æмæ мæ хъуамæ ах- сæв суазæг кæнат. — Ау, уазæг — хуыцауы уазæг! Рахиз дæ бæхæй. Æхсæвы йæ хорз суазæг кодтой, къухы цы уыд, уымæй. Райсом куы сбон и, уæд Сослан загъта: — Хъуамæ мын бацамонат, Бæт чердыгæй цæры, уый. Уыдон ын афтæ: — Мах дæр ык ницы зонæм. Æрмæст ардыгæй куы ацæуай, уæд изæрмæ ныадæудзынæ йæ фиййаэуттазм, æмæ йьга уыдон, æвæццæсгæн, исты зондзысты. Сослан та уырдыгæй ацыди æмæ изæрмæ фиййæуттæм ныххæццæ. Бацыди сæм æмæ сæм дзуры: — Уе ’зæр хорз уæд! — Хорзæй цæрай, хорз бæлццон! — Æз дæн Хъæздыджы-фырт Бæты уазæг, æмæ мæ хъуамæ ах- сæв бавæрат. — Ау, уазæг — хуыцауы уазæг... Мидæмæ йæ бакодтой. Æхсæвы йын бурæ нæл фыс аргæвстой. Райсом куы сбон и, уæд сын загъта: — Гъеныр мын, Хъæздыджы-фырт Бæт чердыгæй цæры, уый баца- монут. — Мах дæр æй нæ зонæм, уазæг, фæлæ нæм æввахс цæрынц йæ 250
уæлыгæстæ, изæрмæ сæм ныххæццæ уыдзынæ. Уыдон æй, æвæццæгæн, зондзысты æмæ дын æй бацамондзысты. Араст и Сослан æмæ та изæрмæ уæлыгæстæм ныххæццæ. Бацыди уæлыгæстæм æмæ сын загъта: — Уе ’зæр хорз уæд! — Хорз цæрай, хорз бæлщцон! — Æз дæн Хъæздыджы-фырт Бæты уазæг, æмæ мæ хъуамæ бавæрат. — Ау, уазæг — хуыцауы уазæг, куыннæ дæ бавæрдзыстæм! Æхсæвы йын кусарт акодтой æмæ йæ хорз суазæг кодтой. Райсом куы сбон и, уæд сын загъта: — Гъеныр æз цæуын, æмæ мын, Хъæздыджы-фырт Бæт кæм цæры, уый хъуамæ бацамонат. Уыдон ын загътой: — Бацамондзыстæм дын <æй, уазæг. — Мемæ мын иу лæппу рарвитыны амал уын нæ уыдзæни, Бæты хæдзар бацамоныны тыххæй? — бафарста Сослан. — Ау, куыннæ уыдзæни! — дзуапп ын радтой уæлыгæстæ. Æмæ уæлыгæстæй иу йемæ фæраст и. Æмбисбонæй чысыл куы аивгъуыдта, уæд бахæццæ сты. Хъæздыджы-фырт Бæт кæри сыгъдæг кæны, афтæмæй йæ баййæф- той. Сослан ын загъта: — Байрйай æмæ дзаг мус у! — Хорз цæр, хорз бæлццон! Сослан ын зæгъы: — Æз дæн де ’уазæг. Хъæздыджы фырт Б^ет ын йæ къухыл ныххæцыд, бæхæй йæ рахи- зын кодта, æрбадын æй кодта æмæ йын загъта: — Ныртæккæ æз дæр равдæлдзынæн, æмæ хæдзармæ ацæу- дзыстæм. Иæ кæри сыгъдæггонд куы фæци, уæд ракодта сыл хæрæг æмæ нæл хæрæг æмæ уыдонæй хор хордонмæ хæссын байдыдта. йæ хор хаст куы фæци, уæд сыл хæрæг æмæ нæл хæрæджы аласта æмæ сæ цъыфдон скъæты, сæ дзыхтæ цармæ, афтæмæй бабаста. Уый фæстæ Бæт Сосланы бакодта хæдзармæ æмæ йын бурæ нæл фыс аргæвста. Æхсæвæр сцæттæ, фынгтæ æрæвæрдтой. Сослан нæ хæры. Хъæздыджы фырт Бæт æй фæрсы: — Цæуылнæ хæрыс, уазæг? — Æз дæм æрцыдтæн иу хъуыддагæй бафæрсынмæ, æмæ мын æй кæд зæгъай, уæд хорз, кæннод нæ бахæрдзынæн, — дзуастп ын радта Сослан. — Ау, æмæ уагæр цавæр хъуыддаг у, æз мæ уазæгæн кæй не ’схъæр кæнон! Бафæрс мæ. 251
Сослан радзырдта: — Æз иу хатт ацыдтæн цуаны æхсæвæдцæйыл æмæ иу хохыл сæ- гуыт амардтон. Сæгуыт хохы рæбынмæ æртылд, æз арт скодтон, йæ хуылфыдзауматæ йын мæхицæн сфизонæг кодтон æмæ сæ бахордтон, стæй мæхинымæр загътон: «Сырды фыд хомæй- нæ фæдæттынц, æмæ мыл райсом, миййаг, исчи куы сæмбæла». Уый тыххæй йын йæ иу арм ралыг кодтон æмæ йæ артмæ физонæг кæнын. Æрдæг фых куы фæци, уæд фæкастæн, æмæ сæгуыт уæлæ зæнгыл фæлидзы. Загътон мæхицæн: «О, диосаг, диссаг! йæ хуылфыдзауматæ йын куы бахордтон, йæ иу арм та йын артмæ куы физонæг кæнын, афтæмæй сæгуыт куы фестад æмæ уæлæ куы фæлидзы!» Сæтуыт мæм æрлæууыд æ>мæ мæм афтæ дзуры: «Мæнмæ диссаг нæй, фæлæ дæ.кæд диосæгтæ базонын фæнды, уæд Хъæздыджы-фырт Бæтмæ фæцу, æмæ дын уьгй диссæгтæ фæдзур- дзæн». Æз мæхицæн загътон: «Хъуамæ фæцæуон æмæ, Хъæздыджы- фырт Бæтмæ цы диссæгтæ ис, уый базонон». Бæт ын загъта: — Бахæр уал æхсæвæр, стæй хæрд куы фæуæм, уæд мæм-иу хъус. Æхсæвæр хæрд куы фесты æмæ фынгтæ куы систой, уæд æм Бæт дзуры: — Гъеныр мæм хъус, уазæг, æз дын мæ диссæгтæ дзурын рай- дайдзынæн. Æмæ Бæт радзырдта: — Ус курын афон мын куы æрцыди, узвд мын мæ фыд ус ракуырд- та. Ус æрхастон, чындзæхсæв мын хорз скодта мæ фыд. Чындзæхсæвы адæм куы ахæлиу сты, уæд уатмæ мæ усмæ бацыдтæн. Мæ дзауматæ раластон. Куыддæр мæ сæр базыл æрæвæрдтон, афтæ дуарæй æрба- хъæр чындæуыди: «Хъæздыджы-фырт Бæтæн, уазджытæ дæм æрцыди, æддæмæ сæм ракæс». Рагæпп ластон дуармæ. Куыддæр дуары къæ- сæрæй ракастæн, афтæ иу лæппу бæхыл бады, хорз сау нымæт йæ уæ- лæ, æмæ мæм нымæтын ехс фелвæста. Нымæтын ехсæй мæ рацавта, æмæ сау къобор гал фестадтæн. Æхоæвы мæ аокъæрдтой æмæ мæ иу къамбецимæ сифтыгътой. Æхсæв-<5онмæ мæ доны былæй дур ласььн байдыдтой, æмæ мыл къамбец кæм фæтых уыдаид! Райсом бон цъæх кæнын куы байдыдта, уæд та мæ нымæтын ехсæй рацавта, æмæ, цы уыдтæн, уый фестадтæн. Мæ куыстмæ ацыдтæн, æмæ та, изæры, æх- сæвæр куы бахордтон, уæд мæ уатмæ бараст дæн. — Куыддæр та мæ дзауматæ раластон æмæ мæ оæр уатыл æруагъ- тон, афтæ та дуарæй æрбахъæр кодтой: «Хъæздыджы-фырт. Бæтæн, дуармæ ракæс, уазджытæ дæм æрцыди». Айдагъ мидæггаг дзауматы рагæпп кодтон, æмæ та мæ ньгмæтын ехсæй рацавта æмæ мæ фестьш кодта сырх ефс бæх. Саргъ мыл сæвæрдтой æмæ мыл стыр хъæумæ ацыдысты. Уым мыл сæвæрдтой дыууадæс цæххы дуры иуырдыгæй, дыууадæс цæххы дуры иннæрдыгæй, аемæ оæ, наэма сбон и, афтæ æрба- 252
хастон хъæумæ. Бон дзир-дзур куы байдыдта, уæд та мæ ньгмæтын ех- оæй рацавта, æмæ та цы уыдтæн, уый фестадтæн. Мæ куыстмæ та ацыдтæн. Изæры та æхсæвæр куы бахордтон, уæд та мæ уатмæ ацыдтæн, мæхицæн загътон, — гъеныр уæддæр дзæбæх бафынæй уыдзынæн. Мæ дзауматæ раластон. Куыддæр мæ уатыл æрхуыссыдтæн, афтæ та дуа- рæй æрба-хъæр чындæуыди: «Хъæздыджы-фырт Бæтæн, æддæмæ ра- кæс, уазджытæ дæм». — Мæ сæрмæ та йæ нал схастон æмæ тя агæпп кодтон дуармæ. Куыддæр мæ сæр дуарæй адардтон, афтæ та мæ нымæтын ехсæй æр- цавта, æмæ гадза фестадтæн. ’ Адзæгъæл дæн, æмæ иу ран иу стыр хъæумæ бафтыдтæн. Иу фыдуæйгæнæджы дуканийы размæ бацыдтæн. Иу лæг æрбацьгди фыд æлхæнынмæ, фыд балхæдта æмæ дуканийы хи- цауæн æвзæр æхца бафыета. Фыдæлхæнæг куыддæриддæр къæсæрæй рацæйхызти, афтæ йын æз йæ дымджытыл ныххæцыдтæн æмæ йæ фæс- тæмæ ласын фыдуæйгæнæгмæ. Фыдуæйгæнæг мыл хъæртæ кæны, су- ры мæ, фæлæ йæ æз нал суагътон, афтæмæй мæ къахæй ацамыдтон, фыдуæйгæнæг æхца кæм цæвæрдта, уырдæм. Фыдуæйгæнæг уайтагъд бамбæрста, æлхæнæг æм æвзæр æхца кæй радта. Иæ фыдызгъæлтæ райста æмæ лæгæн йе ’хца йæ къухы фæтъыста. Фыдуæйгæнæг мæ уый фæстæ йæхимæ баурæдта. Хорз мæм касти æппæтæй дæр, хæринагæй хмæ цух нæ уагъта. Мæ зæрдæ бæргæ адæймаджы зæрдæ уыди, фæлæ мæ хуыз та куыдзы хуыз. — Иуцасдæр рæстæг куы рацыди, уæд, чысылæй чемæ схъомыл дæн, иу ахæм ус æрбацыди дуканимæ, æмæ йæ базыдтон. Тынг ыл ба- цин кодтон æмæ йæ бон-изæрмæ уæгъд нал суагътон, йæ фæдыл рацу- бацу кодтон. Куы баизæр ис, уæд дæр йæ фæдыл ацыдтæн. Бакодта мæ йæ хæдзармæ æмæ мæ тынг хорз барæвдыдта. Ныр æй æз зонын, фæшæ мæ уый цæмæй базыдтаид! Уым баззадтæн. Тынг хорз мæм касти, йæхæдæг цы хордта, мæнæн дæр уый лæвæрдта. Æз дæр æй хорз хъахъхъæдтон, — æхсæвыгон æм цъиу батæхæг дæр æввахс нæ уагъ- тон. Айхъуысти мæ хорзы кой алы хъæуты. Иухатт куы уыд, уæд фосгæстæ мæ фысыммæ æрцыдысты æмæ йын загътой: «Хорз куыдз дæм фехъуыстам, æмæ нын æй ратт. Нæ фосыл бирæгъ сагъуыди, æмæ нын кæд баххуыс кæна, уæд дын исты бафиддзыстæм». Ус сын загъта: «Дæтгæ уын æй ракæндзынæн, фæлæ мын æй ма бафхæрут». Сæхъхъис бæндæн мыл бабастой, сæ бæхтыл сбадтысты æмæ мæ сæ фæдыл фæластой. Куьгддæр бахæццæ стæм, аф- тæ мын сæ къусты æхсæнтæ мæ разы ньгккодтой, сæхæдæг дзæбæх æх- сæвæр бахордтой. Мæн æндæр ницæмæй æрхъуыды кодтой æмæ мæ сæ фосы кæрон кауыл бабастой. — Æмбисæхсæв куы фæци, уæд æрцыди æртындæс бирæгъы. 253
Дæрддзæф æрлæууыдысты æмæ нал уæндынц мадæмæ, фоомæ. Дзурын сæм: «Рацæут, — уæхи дæр хорз фенут, мæн дæр бафсадут». Æрбацыдысты, цæгъдын байдыдтой фосы æмæ сæ се ’рдæджы онг фæкодтой. Сæхи хорз федтой, æз дæр мæхи бафсæстон. — Райсом куы сбон и æмæ фиййæуттæ куы ракастысты, уæд мæм хъилтæ рахастой, нæмын мæ байдыдтой, нæмын мæ байдыдтой, æмæ мæ стæгсæстытæ фæкодтой. Тыхæй-фыдæй ма раирвæзтæн уырдыгæй. — Æрцыдтæн та мæ фысыммæ. Зилын та мæм байдыдта мæ фы- сым. Куы сдзæбæх дæн, уæд та иу изæрырдæм æртæ фиййауы æрба- цыди æмæ загътой мæ фысымæн: «Хорз куыдз дæм фехъуыстам, æмæ нын æй ратт. Нæ фосыл би- рæгътæ фæцагъуыдысты, æмæ нын кæд баххуыс кæна, уæд дын исты бафиддзыстæм». «Нæй, нæй, ницы йæ ратдзынæн. Иу бон дæр ма йæ кæмæндæр радтон, æмæ мын æй фæнадтой, йæ удæгасæй-ма тыххæйты æрхæццæ». Сыджытæй йын ард бахордтой: «Ницы йын кæндзыстæм, кæд нын исты баххуыс кæна, уæд хорз, кæннод дæр дын æй фæстæмæ æркæндзыстæм». Ус сын загъта: «Акæнут æй, æрмæст мын æй æфхæргæ куы бакæнат, уæд уын хорз нæ уыдзæн». — Зæлдаг синаг мын мæ хъуырыл бакодтой, сæ бæхтыл сбадтысты, æмæ мæ сæ иу йæ фæсарц сæвæрдта. Куыддæр бахæццæ стæм, афтæ мын иу дзæбæх уæрыкк æрбаргæвстой, дзæбæх æй бастыгътой æмæ мын æй мæ разы æрæвæрдтой. Мæхи бафсæстон. Фосы кæронмæ мын ахастой галгуыф æмæ мын уым фæлмæн уат бакодтой æмæ мын загъ- той: «Гъеныр дæ хъару æмæ дæхæдæг». Мæхицæн загътон: «Цæй, ныр сæ мæ бар уадзут!» Кæсын байдыдтон, кæсын байдыдтон, æмæ æмби- сæхсæв куы фæци, уæд æрцыди æртындæс бирæгъы. Куы æрбаввахс сты, уæд нал уæндынц мидæмæ, фосмæ. Дзурын сæм: «Æввахс æрбацæут, гормæттæ, сымах дæр уæхи хорз фенут, æмæ мæн дæр хорз бафсадут». Æввахс сæ æрбасайдтон. Куыддæр мæм æрбахæстæг сты, афтæ сæм багæпп кодтон, æргæвдын сæ байдыдтон, æргæвдын сæ байдыдтон, дыууадæсы дзы аргæвстон, æртындæсæм лидзынмæ фæци. Сурын æй байдыдтон—иусуангыл фæцæуыæмæ, куы бафæллад, уæд æрлæууыди, æмæ мæм дзуры фæстæмæ: «Æз дæ зонын, ды куыдз нæ дæ, ды дæ адæймаг — Хъæздыджы фырт Бæт. Ма мæ аргæвд, æмæ дын æз, лæг цæмæй фестай, уыцы хос бацамондзынæн. Дæ ус кæй къухы ис, уымæн йæ мад амард, æмæ йын иннæбон хист кæны. Бацу уырдæм æмæ-иу фынгтæм лæбур, — кæм-иу кæрдзынтæ скъæф, кæм фыдтæ, кæм та-иу басы дæ къæдзил фæтъысс. Нæмдзысты дæ, цæвдзысты дæ, фæлæ-иу ноджы фыддæр фæу. Æппын- 254
фæстаг дæ куы сфæлмæцой, уæд дæм, дæ ус кæй къухы ис, уый нымæ- тын ехс рахæсдзæн æмæ дæ уымæй æрцæвдзæн, æмæ цы уыдтæ, уый фестдзынæ. Уæд дæ хъару æмæ дæхæдæг: нымæтын ехсмæ фæлæбур. Кæд нымæтын ехс дæ къухы бафта, уæд дæ амонд, кæннод дæ хъуыд- даг ноджы фыддæр рауайдзæн». — Бирæгъы ауагътон, мæхæдæг фæстæмæ æрыздæхтæн æмæ бирæгъты мæрдтæ кæрæдзийыл сцагъд кодтон фосы кæрон. — Райсом фосы хицæуттæ куы ракастысты, уæд тынг куыннæ фæцин кодтаиккой. Ракодтой мæ, иу уæрыкк та мын аргæвстой, цæхх ыл ныккодтой æмæ мæ хорз федтой. Сæ фосæй равзæрстой дыууисæдз фысы æмæ сæ радтой усæн, æмæ сæ ус дæр тынг фæбузныг и. Фиййæут- тæ сæхимæ аздæхтысты. — Æз араст дæн, мæ ус кæй къухы уыди, уый хæдзармæ æмæ, æцæгдæр, йæ мад амарди, æмæ йын хист кæны. Фынгтæ æрæвæрдтой, æмæ мын бирæгъ куыд бацамыдта, афтæ байдыдтон: куы фынгæй кæр- дзын аскъæфын, куы фыдызгъæлыл мæхи ныццæвын, куы басы мæ къæдзил фæтьыссын. Надтой мæ, цавтой мæ, фæлæ-иу фыддæр фæдæн. Æппынфæстаг мæ куы сфæлмæцыдысты, уæд, мæ ус кæй къухы уьгди, уый, æцæгдæр, нымæтын ехс рахаста. Нымæтын ехсæй мæ рацавта. æмæ цы уыдтæн, уый фестадтæн. Æз дæр цырд лæууыдтæн, нымæтын ехсмæ фæлæбурдтон æмæ йын дзы йæхи рацавтон, æмæ лæппу сау хæ- рæг фестади. Мæ хæдзармæ бацыдтæн, мæ усы дæр ехсæй рацавтон, æмæ уый та сыл хæрæг фестади. Ды сæ федтай: изæры хор цы сыл хæ- рæг æмæ нæл хæрæгæй хастон, уыдонæй иу мæ ус у, иннæ та йæ лæт. Бон-изæрмæ сæ мæ куьгст фæкæнын, изæры та сæ цъыфдон скъæты, сæ дзыхтæ цармæ, афтæмæй бабæттын, — уымæй исын мæ маст. Райсом куы сбон и, уæд Сослан раарфæ кодта æмæ Нарты хъæумæ æрбафардæг. ^
<^5*^«К45^ ÆРТÆ ÆФСЫМÆРЫ Цардис æртæ æфсымæры. Иу бон ацыдысты хос кæрдынмæ. Сихор афон куы уыди, уæд сæм бацыди Уастырджи зæронд лæджы хуызы æмæ сæм дзуры: — Рæстмæ ут, рæстмæ, фæлæ хæрын афон куы у, уæд хæргæ цæуылнæ кæнут. Уыдон ын загътой: — Æмæ цы бахæрæм, уæлæмæдæр-дæлæмæдæр нæм ис цъæлы кæрдзьгн! — Уæдæ мæнмæ ис хæринаг, марадз, лæппу, уартæ мæ фæсарцæй хордзентæ райс, — загъта зæронд лæг. Кæстæр фæгæпп кодта, зæронд лæджы фæсарцæй хордзентæ ра- хаста æмæ алы хæрд-нозт æрæвæрдта. Хæрынц, уазæджы бæрæчеттæй минас кæнынц хосдзаутæ, ныхас кæнынц. Уæд сæм зæронд лæг дзуры: — Фæнды мæ, кæй уæ цы хорздзинад хъæуы, уый базонын. Хистæр æфсымæр загъта: — Уымæй хуыздæр цы ис, æмæ хур бон стыр мæнæуы кæри фий- йагæй дымгæмæ æппар. Уымæй хуыздæр ницæмæ бæллын. Астæуыккаг æфсымæр загъта: — Мæн та фæнды ацы тыгъд быдыры стыр дзуджы фæдыл зар- гæ-заргæ цæуын. Кæстæр æфсымæр ницы дзуры, æмæ йæ зæронд лæг бафарста: — Дæу та, лæппу, цы хъæуы? — Æмæ гъа, нæ зонын, цы дын зæгъон. Уæртæ фæсхох цæрынц мæ мадырвадæлтæ, æмæ цон уыдон афæрсон. — Марадз, уæртæ мæ бæхыл абад æмæ, тагъддæр куыд æрба- цæуай, афтæ-иу бакæн, — зæгъгæ йын загъта зæронд лæг. Лæппу бæхыл абадти æмæ фæцæуы. Бацыд йæ мадырвадæлтæм, дуар бахоста, æмæ йæм ракасти иу урсрихи зæронд лæг. Лæппу йæ фæрсы: 256
— Дунейыл æппæты хуыздæр цы у, уый базонынмæ уæм ссыдтæн. — Мæ хур, уæлæ мæ хистæрмæ ацу, уый дын зæгъдзæн, — загъта йын зæронд лæг. «Ау, æмæ ма амæй хистæр та цавæр уыдзæн?» — дзуры лæппу йæхинымæр. Ацыди та. Бадзырдта та. Рацыди йæм, бынтон чи ныззокъо ис, ахæм зæронд лæг. Уый дæр та бафарста лæппу, дунейыл æппæты хуыз- дæр цы у, уый мæ базоньш хъæуы, зæгъгæ. Уыцы зæронд лæг та йын эагъта: — Уæлæ мæ хистæрмæ ацу æмæ уый бафæрс. Дисæй амард лæппу: «Ау, æмæ ма цымæ уымæй хистæр лæг искуы уыдзæн?» Фæлæ уæддæр ацыди. Бахоста дуар æмæ йæм ничи ракаст. Дыккаг хатт бахоста, уæддæр та йæм ничи ракаст. Æртыккаг хатт куы бахоста, уæд æм ракасти лæппулæг. — Ай цы диссаг у, — загъта лæппу, — дæ кæстæртæ — зæрæдтæ, дæхæдæг — лæппу? — Цы дæ хъæуы, — зæгъгæ, бафарста лæг дзурæджы. — Дæлæ мын Уастырджи лæвар кæны, æмæ дзы цы райсон, уый тыххæй дæм фæрсæг æрбацыдтæн. — Уæдæ мидæмæ рацу, — загъта лæг. — Нæ, мидæмæ мæ не ’вдæлы, фæлæ мын исты за&гъ, — загъта лæппу. — Рацу мидæмæ! Бацьгд мидæмæ. Уæд лæг йæ усмæ дзуры: — Цу-ма, харбыз рахæсс. Ус бацыди æмæ иу харбыз рахаста. — Цу, æндæр рахæсс! Ацыд ус æмæ та æндæры æфсон фæстæмæ уыцы харбыз рахаста. — Цу, æндæр рахæсс! Ацыдис та æмæ та æндæры æфсон уыцы харбыз рахаста. Ныр æй лæппу уыдта, алы хатт дæр уыцы иу харбыз кæй хаста, уый. — Уыныс, лæппу, хорз сылгоймагæй хуыздæр дунейыл ницы ис. Æз уыдтæн фынæй мæ усы уæрджытыл, æмæ дуар куы æрбахостай, уæд мæ фыццаг хостæн нæ райхъал кодта, дыккаг хостæн дæр мæ нæ райхъал кодта. Æртыккаг хостæн мæ райхъал кодта, æмæ мыл рауади иу урс æрду. Ныр федтай, æз дæр ын харбыз æртæ хатты рахæссын кодтон, æмæ йыл рауади æртæ урсы. Æндæр мах кæрæдзийы зæр- дæхудты никуы бацыдыстæм. Гъемæ афтæ: дунейыл æртæ хорзы ис, æмæ дзы дыууæ ацыдысты чындзы, иннæйы та ахсæв хæссынц, æмæ кæд гæнæн ис, уæд гъеуый дæ къухы цæмæй бафта, уый дзы ракур. Лæппу раздæхт, æрцыд Уастырджийы размæ æмæ йын загъта: 17 Ирон адæмы аргъæуттæ 257
— Дунейыл хорз сылгоймагæй хуыздæр ницы ис, æмæ мын гъе уый... Æфсымæртæй чи цы куырдта, уый сын Уастырджи сæ къухы баф- тын кодта. Иу-цалдæр азы фæстæ Уастырджи æрцыд, лæвæрттæ кæмæн ра- кодта, уыдонмæ. Хистæрмæ бацыд къуылых бæхыл, бызгъуырты ми- дæг æмæ йын загъта: — Мæ бæхæн ма мын иучысыл хор авæр. Уæд лæппу дзуры: — Ам куыдзæй, хæрæгæй чи цæул, уыдонæн мæ хорæй куы фæ- дæттон, уæд ма дзы мæхицæн та цы баззайдзæн?! — Уæдæ ды хоры хицауæн нæ бæззыс, æмæ фыццаг куыд уыдтæ, афтæ та су фæстæмæ! Ацыд, фос кæмæн радта, уымæ æмæ йын загъта: — Бæлццон дæн, æмæ-ма мын куоа-рт акæн! — Ау, æмæ ам куыдзæй-хæрæгæй чи цæуа, се ’ппæтæн кусæртытæ куы кæнон, уæд ма мæ фооæй цы баззайдзæн?! — Уæдæ ды фосы хицауæн нæ бæззыс, æмæ фыццаг куыд уыдтæ, фæстæмæ та афтæ су! Ацыд, ус кæмæн ракуырдта, уымæ. Бацыд æмæ дуар бахоста. Лæг хæдзары нæ уыд, фæлæ йæм ус ракасти, бацинтæ йыл кодта, бакодта йæ мидæмæ æмæ йын кусарт акæнын кодта. Хæринаг куы сцæттæ ис, уæд уазæг кувы. Уыдонæн та уыди лæппу. Куы скуывта, уæд дзуры усмæ: — Сывæллоны-ма сыстын кæн, æмæ мæнæ ацахода. Ус загъта: — Ныр ма йæ ныртæккæ бафынæй кодтон, æмæ сагъуийдзæк. — Нæй йын æнæ сыстгæ, — загъта уазæг. — Уæдæ амарди, дæ рынтæ бахæрон, — загъта ус æнкъардæй. — Тагъд уæдæ æртæ цæххамæсты æмæ æртæ мыдамæсты акæн. Ус тагъд-тагъд æртæ цæххамæсты æмæ æртæ мыдамæсты ракод- та. Уастырджи сæ айста æмæ удхæссæджы фæсте асырдта. Баййæфта йæ æмæ йæм дзуры: — Уæртæ мын уыцы урс уæрыкк ратт! — Ницы дын æй ратдзынæн, — загъта удхæссæг. — Уæд та мын æндæр исты хæринаг ратт. — Æндæр мæм ницы ис. — Уæдæ мæнмæ ис, сбад æмæ хæрæм. Сбадтысты. Уастырджи æрæвæрдта уый раз цæххамæстытæ, йæхи раз та мыдамæстытæ, æмæ хæрынц. Удхæссæг уайтагъд сдойны ис æмæ тыхсын байдыдта. Ныр бæстыл доныцъыртт никуы ис. Уæд уд- хæссæг дзуры: — Дойныйæ мæлын!.. 258
— Дæ урс уæрыкк мын ратт, æмæ дын дон, цас дæ хъæуа, уыйас. Радта удхæссæг æнæбары йæ урс уæрыкк Уастырджийæн. Уый дæр бæстæ дон фестын кодта. Рахаста Уастырджи уæрыкк, кæстæр æфсымæры хæдзармæ æрцыд, æмæ куыддæр дуарæй бакасти, афтæ авдæнæй сывæллоны кæуын ссыди.
к>4«*>в«й<»йр<4Р'0*$*49<?^^ ÆХСАРДЖЫН ЧЫЗГ Цардис иу мæгуыр лæг, æмæ йын уыдис æртæ чызджы. Лæджы æфсадмæ акодтой, æртæ чызджы æмæ сæ мад хæдзары баз- задысты. Мæгуыр лæг æфсады фæцис фондз азы, æмæ æдзухдæр йæ бинонты мысыд, мæт сыл кодта. Уæд сфæнд кодта йæ хæдзармæ фæ- цæуын. Фæлæ йæ паддзах дæс азæй раздæр нæ уæгъд кодта. Мæгуыр лæг загъта: — Мæнæн ис лæппу, ауадз мæ, æмæ йæ мæ бæсты рарвитдзынæн. Паддзах сразы ис æмæ йæ суæгъд кодта. Мæгуыр лæг йæ фæндаг ракодта йæ зонгæ уæйыгыл. Ныхас кæнынц, æмæ мæгуыр лæг уæйы- гæн загъта, паддзахы æфсадмæ мæхи бæсты мæ лæппуйы арвитдзы- нæн, зæгъгæ. Уæйыгæн дæр уыдис æртæ чызджы, æмæ лæгæн загъта, дæ фырты-иу махыл рарвит, æмæ йын æз мæ чызджы ратдзынæн, зæгъ- гæ. Мæгуыр лæг дæр бар-æнæбары сразы ис, уæдæ ма цы загътаид. Хорз фæлæггад кодта уæйыг мæгуыр лæгæн. Райсомæй мæгуыр лæг куы цыдис, уæд уæйыгæн загъта: — Мæ лæппуйы ауылты рарвитдзынæн, æмæ йын-иу фæндаг баца- мон æфсадмæ. Мæгуыр лæг мастгæнгæ цæуы: «Ньгфс бæргæ бавæрдтон паддза- хæн дæр æмæ уæйыгæн дæр, фæлæ мын лæппу кæм ис?» Афтæмæй йæ хæдзармæ æрцьгд. Иæ усы æрæййæфта зæрондæй, йæ чызджыты — хъомылæй. Æхсызгон куыннæ уыдис фыдæн, йæ чызджыты стырæй кæй æрæййæфта, уый, фæлæ йæ циндзинад мастмæ хизын райдыдта. Æн- къардæй бады хæдзары, æмæ йæ йæ бинонтæ фæрсынц: — Цæуыл æнкъард кæныс, дæ дзыхæй дзырд куы нæ хауы?! Лæг сын рахабар кодта, паддзах æмæ уæйыгæн ныфс куыд ба- вæрдта, уый. Уæд ын хистæр чызг загъта: — Мах дын дæ ныфсбавæрдтæ сæххæст кæндзыстæм! Æз дæ бæс- ты æфсады дæр бакусдзынæн, æрмæст мын лæппуйы дарæс æмæ хæ- цæчгæрзтæ ратт, стæй мьш фæндаг бацамон. 260
Фыд ын уæлæдарæс, бæх æмæ хæцæнгæрзтæ ссардта æмæ йын бацамыдта фæндаг. Фæндараст ын загъта æмæ ма иудзæвгар йæ чызги- • мæ ныхасгæнгæ цæуы. Æрхæццæ сты иу хъæдмæ^ æмæ уæд мæгуыр лæг йæ чызгмæ дзуры: — Æз ардьггæй здæхын, фæлæ ды цу, тæрсгæ мацæмæй кæн. Фыд йæхи фæаууон кодта хъæды, æмæ чызг куы адард ис, уæд йæ раз’мæ фæцис æмæ йыл фæхъæр кодта: — Гъе ныр дæр м>а мьгн аирвæздзы-нæ?! Чызг уыцы фæхъæрмæ бауадзыг ис æмæ бæхæй рахаудта. Бацьгдис фыд йæ чызгмæ, фæстæмæ йæ сæ хæдзармæ акодта æмæ æнкъардæй сбадти хæдзары. Уæд æм астæуыккаг чызг дзуры: — Ныр та <мæн бафæлвар, мæ фыд. Мæгуыр лæг сразы ис, сцæттæ йын кодта фæндаггæгтæ, æмæ та дыккаг бон хъæды астæуты араст сты. Мæгуыр лæг та йæ чызгæн фæн- даг бацамыдта æмæ йын загъта: ацу, зæгъгæ, дæхæдæг, æз ардыгæй здæхын. Чызг йæхæдæг араст ис, фыд та йæхи иуварс фæкодта, йæ разæй фæцис æмæ чызгыл фæхъæр кодта: — Гъе ныр ма мын кæдæм аирвæздзынæ?! Чызг фырадæргæй бæхæй æрхаудта. Иæ фыд æм бацыди, систа йæ, фæстæмæ йæ ракодта æмæ та хæдзары мæсты бадт кæны. Уæд æм дзуры кæстæр чызг: — Ныр та мæн бафæлвар, мæ фыд. Фыд та райсоммæ сцæттæ кодта бæх, дзаума æмæ чызгæн хæринаг. Араст та сты, бахæццæ сты уыцы хъæдмæ, æмæ лæг йæ чызгæн загъта: — Ацу дæ фæндагыл, æз ардыгæй здæхын. Чызг араст ис йæ фæндагыл. Фьгд та йæхи фæиуварс кодта, йæ ра- зæй фæцис æмæ тар хъæды чызгыл фæхъæр кодта: — Гъеныр ма мын кæдæм аирвæздзынæ! — Ей, уæртæ лæг, мæ фыды хуызæн мæм фæзьшдтæ, æндæра дын дæ сæр кардæй акъуырдтаин! Мæгуы-р лæг йæ размæ бацыд, йæ чызджы хъуырыл ныттыхст æмæ йын загъта: — Ды æцæг æхсарджын сылгоймаг дæ! Фæндараст фæу! Чызг а’цыд, йæ фыд ын цы фæндаг бацамыдта, ууылты æмæ фыц- цаг баиыдис йæ фыды зонгæ уæйыгмæ. Æрлæууыд уæйыджы дуармæ, бæхбæттæныл йæ бæх æрбаста. Уæйыджы ус æм ракаст: — Чи дæ, цы дæ, махæн нæ бæстæм маргъ æрбатæхын куы нæ уæнды, уæд ды кæцæй æрхаудтæ? Чызг усæн загъта: — Æз дæн уæ зонгæ лæджы лæппу æмæ, куыд мæ фыды уарзон адæм, афтæ (уæм æрбацыдтæн фысыммæ. 261
Ус ыл тьгнг бадин кодта, хæдзармæ йæ бакодта, хорз æй суазæг кодта. Уæйыг цуан-ы уыд, саджы мæрдтæ æрхаста æмæ, лæппуйы куы ба- выдта, уæд ыл уый дæр бацин кодта. Лæппу фестад æмæ саджы мæрдтæ акой кодта. Фынгтæ æрæвæрд- той, æрбадтысты æхсæвæр хæрыныл. Уæйыг акуывта æмæ нуазæн лæлпумæ авæрдта. Лæппу йæ анызта. Уæйыг загъта: — Абонæй фæстæмæ, ацы лæппу, ды уыдзынæ не ’сиахс. Æхсæвæр хæрд куы фесты, уæд уæйыг йæ усæн загъта, цæмæй лæппуйы цур хистæр чызджы схуыссын кодтаад. Схуысоыдысты лæппу æмæ чызг иу ран. Сыстадысты райсом, æмæ уæйыг йæ чызджы фæрсы: — Æрвæссы дыл æви нæ? Чызг загъта: — Нæ дыууæ дæр чъылдымыздæхтæй бафынæй стæм. Уæйыгæн уый хъыг уыд, æмæ йæ усæн загъта: — Ацы лæппу нын нæ чызгыл цæй тыххæй не ’рвæссы? Ус сабыргай зæгъы уæйыгæн: — Мæсты ма кæн æппындæр. Изæры та йын астæуыккаг чызджы схуыссын кæндзыстæм йæ цуры. Схуыссын та кодтой дыккаг æхсæв хистæры кæстæры. Уæйыг та райсомæй фæрсы чызджы: — Æрвæссы дыл æви нæ? Чызг уæйыгæн «нæ» загъта. Уæд уæйыг тынг смæсты æмæ та йæ’ усмæ дзуры: — Ацы лæппу нын нæ чызджы .йæ сæрмæ »нæ хæосы. Æртьжкаг æхсæв уæйыг лæппуйæн загъта: — Додой мын дæ къона кæны, гъеныр ма нын нæ кæстæр чызджы дæр куы нæ бзуарзай, уæд дын æнæ маргæ нæй. Лæппу дæр тæрсгæ-ризгæйæ схуыссыд кæстæр чызджы цур. Æх- сæвы йæ чызг базыдта, уый дæр чызг кæй у, æмæ йæм дзуры: — Ды дæр чызг дæ æмæ æз дæр, фæлæ тæрсгæ ма кæн æппындæр. Уæйыгæн цы зæгъын хъæуы, уый йын зæгъдзынæн. Æрмæст дын рай- сом уæйыг лæвæрттæ кæндзæн, æмæ дзы-иу райс æрмæстдæр бæхты рæгъауæй иууыл фыдхуыздæр æмæ мæллæгдæр бæх, æхсаргæрдтæн сæ тæккæ згæхæрддæр, къухдарæнтæн дæр се ’взæрдæр. Чызг райсомæй сыстад, æмæ та фыд уый дæр фæрсы: — Дæу дæр нæ хæссы йæ сæрмæ, æви куыд у уæ хъуыддаг уыцы лæппуимæ? Чызг йæ фыдæн загъта: — Лæппу æмæ чызг куыд вæййынц, афтæ! Уæйыг даэр бабуц ис. Арвыста адæммæ хонджытæ. Чьшдзæхсæв 262
скодтой æмæ лæппуйæн лæвæрттæ кæнъш райдыдтой. Лæппу дæр бæхтæн систа сæ гæлхæрддæры, кæрдтæн — се ’згæдæры. къухдарæн- тæн се ’взæрдæры. Лæвæрттæ иууылдæр райста æмæ уæйыгмæ дзуры: — Æз ныр нæ акæндзынæн чызджы, уымæн æмæ мæ фыд пад- дзахæн ныхас ныууагъта, æмæ, цалыьшæ уыцы ньгхас сæххæст кæнон, уæдмæ мын бахатыр кæн. Уæйыг лæппуйæн загъта: — Фæндараст фæу, фæлæ фыдбонæн фæуæнт, лæварæн кæй рай- стай, уыдон дæуæн чи бацамыдта, уьгмæн, кæд уыдон мæгуыраудæр не ’сты. Фæлæ сыл маст нæ кæнын, — æгайтма мæ чызджы дæ сæрмæ ба- хастай. Уæйыг йæ усмæ дзуры: — Рахæсс, лæварæн ын цы радтам, уыдон, æмæ йын хайыр уæнт! Лæппу лæвæрттæ райста æмæ йæ фæндагыл араст ис. Быдыры йын бæх загъта: —- Кæд паддзахмæ цæуыс, уæд мæн ам уадз. Æрмæст мын мæнæ мæ барцæй иу хъис ратон, æмæ-иу дæ мæ сæр куы бахъæуа, уæд-му æй зынгыл авæр, æмæ æз уайтагъд дæ цуры февзæрдзынæн. Лæппу, æцæгдæр хъис ратыдта бæхæй æмæ бæх ауагъта быдыры, йæхæдæг бацыд паддзахмæ. Сæмбæлдысты йыл паддзахы æххуырсты- тæ. Уыдон паддзахæн фехъусын кодтой лæппуйъг æрцыды тыххæй. Паддзах сын зæгъы: — Мидæмæ йæ ракæнут, уый бавæринаг у. Æгайтма мæгуыр лæг йæ дзырд сæкхæст кодта. Лæппу кæртмæ бацыди. Паддзахы æртæ чызджы уæладзыгæй ра- кастысты, æмæ кæстæр фæхъæр кодта: — Чи цы федта, уый йæхи! Дыууæ хистæр чызджы ба>худтысты: — Дæхи уæд, махæй дын æй ничи исы, фæлæ мæгуыр лæджы фырты дæ сæрмæ куыд кæссыс? Чызг сьгн загъта: — Алкæмæн дæр йæ амонд хорз уæд. Мæн æндæр хуыэдæр нæ хъæуы. Уæд чызджытæ сæ фьгдмæ баминæвар кодтой, цæмæй адæмы æр- хуыдтаид æмæ сæхицæн мойæгтæ равзæрстаиккой. Æрхуыдта паддзах йæ адæмы æмæ йæ чъгзджытæн загъта: — Рахæссут фæйнæ нуазæны бæгæньгимæ, æмæ уæ чи кæй уарзы, уый раз æй æрæвæрæд. Дыууæ хистæр чызджы кæй бауарзтой, уыдон раз æрæвæрдтой фæйнæ нуазæны. Кæстæр чызг разылд адæмыл, æмæ мæгуьгр лæджы лæппу уым нæй. Чьгзг йæ фыдмæ дзуры: — Дæ адæмæй ма а’м нæй. 263
Паддзах йе ’ххуырстытæн загъта: — Ацæут æмæ, нæ адæмæй ам чи нæ ис, уыдон ракæнут. Æххуырстытæ рацыдысты, æмæ ма авддæ уыдис мæгуыр лæджы лæппу, æмæ йæ бакодтой. Чызг разылд æмæ йæ нуазæн æрæвæрдта мæ- гуыр лæджы лæппуйы раз. Адæм тынг ныххудтысты паддзахы чызг мæгуыр лæппуйæ куыд мой кæны, зæгъгæ. Паддзахы ус куыннæ смæсты уыдаид. Адæм куы ацыдысты куывдæй, уæд ус мæстæй фæрынчын ис æмæ йе ’сиæхстæн загъта: — Мæнæн мæ мæлæт æрцьгд. Æрмæст ма мын ис иу хос, æмæ мын кæд уый уа, уæд хорз, кæшюд мæлы»н: авд хохы æдде ис иу фæткъуы, æмæ уыцы фæткъуыйæ куы бахæрин, уæд фервæзин. Сиæхстæ араст сты уыцы фæткъуы хæссынмæ — дыууæ хистæры иумæ, кæстæр сиахс та хищ.æшей. Мæгуыр лæджы лæппуйы самæ нæ ауагътой, худгæ йыл кодтой. Мæгуыр лæджы лæппу йæ дзыппæй йæ бæхы хъис фелвæста, зын- гыл æй авæрдта, æмæ йæ бæх йæ цуры фестадис. Лæппу бæхыл абадт, фесхуыста йæ. Уайы, уайы, æмæ уыцы фæткъуыйы цурмæ баввахс. Бæх лæппумæ дзуры: — Фæткъуымæ дын æвиппавды бацæуæн нæй, залиаг калм ын хъахъхъæнæг у, æмæ дæ бахæрдзæн. Иæ иувæрсты куы схизæм, уæд-иу мæ ахæм цæф фæкæн, æмæ мæ агъды фарсæй уафсхор куыд фесхъиуа, дæ армытъæпæнæй та чъылбыс. Лæппуйæн бæх куыд бацамыдта, афтæ бакодта æмæ йæ рифтæгтæ байдзаг кодта фæткъуыйæ. Калм æй фæстейæ расырдта, фæлæ лæппу кард фæстæмæ фехста, калмыл сæмбæлди, лыгтæ йæ байдыдта æмæ йæ лыстæг кæрдæнтæ скодта. Лæппу æрæввахс йæ каистæм. Кæоы, æмæ уæртæ йæ хистæр æмсиæхстæ æрбацæуынц. Уыдон лæппуйы нал базыд- той, йæ уæлæ æндæр дарæс кæй скодта, уый тыххæй. Лæппу сæ цыма нæ зоны æмæ сæ æппындæр никуы федта, уыйау сæ фæрсы: — Кæдæм цæут? йе ’мсиæхстæ йын загътой: — Мак цæуæм фæсхохмæ. Уым иу цавæрдæр фæткъуы ис, æмæ нæ нæ каистæ уырдæм рарвыстой, — хос æй хонынц, æмæ дзы хъуамæ æрхæссæм. Лæппу сын загъта: — Уым фæткъуы нал ис, æз æй æртыдтон. Куы уын дзы раттон, уæд мын сымах та цы ратдзыстут? Лæппутæ йæ фæрсынц: — Дæхæдæг нæ цы агурыс? Уый сын загъта: — Уæ фæйнæ хъусы уын ралыг кæндзынæн. 264
Лæппутæн ма цы гæнæн уыд, æмæ сразы сты. Сæ фæйнæ хъусы сын ракодта æмæ сын фæткъуытæй радта. Раздæхтысты лæппутæ. Мæгуыр лæджы лæппу йе ’мсиæхсты ра- зæй ауагъта, йæхæдæг та йæ бæх быдыры суагъта, йæ пысултæ аивта, æндæр æвзæр бæхыл бацыди паддзахы галуанмæ. Лæппутæ фæткъуытæ бахастой. Уый дæр цъус фæстæдæр æд фæт- къуытæ куы бацыди, уæд дыууæ хистæр оиахсы эагътой: — Уый кæцæйдæр хъæддаг фæткъуытæ æрбахаста, уый йедтæмæ мæгуыр лæджы фырт цæй фæткъуы æрбахæсдзæн! Дыккаг бон та ус рарынчын æмæ та йе ’сиæхстæм дзуры: — Мæ мæлæт æрцыд. Денджызы ма иу хуы ис, æмæ мын уымæн йæ хуылфыдзауматæй кæд æрхæссат, уæд хорз, кæннод мын æнæ мæл- гæ нæй. Араст та сты дыууæ хистæр сиахсы иумæ, мæгуыр лæджы фырты та семæ нæ ауагътой. Уый та йæ дзыппæй хъис систа, зынгмæ йæ ба- дардта, æмæ та йæ бæх йæ цуры фестади. Иæ уæлæ ног дарæс, афтæ- мæй та лæппу йæ бæхыл абадт æмæ денджызмæ фæраст и. Бæх та лæппуйæн амоны, уырдæм куыд бацæуын хъæуы, уый. Бæх <ын куыд бацамыдта, афтæ бацыдис æмæ хуыйы амардта, бафснайдта уьгмæй дæр йæ рифтæгты дзаг æмæ рараст фæстæмæ. Фæн- дагыл та йыл фембæлдысты йæ дыууæ æмсиахсы. Нæ та йæ базыдтой, æмæ та сæ бафарста, кæдæм цæут, зæгъгæ. Лæппутæ йын загътой, кæдæм цæуынц, уый. Уæд оын мæгуыр лæджы фырт зæгъы: — Уыцы хуыйы мæнæ æз амардтон, æмæ уын дзы куы раттон, уæд мын цы хорзы бацæудзыстут? Лæппутæ загътой: — Цыдæриддæр нæ курыс, ууыл разы. Лæппу сæм дзуры: — Æрбадарут уе ’рæгътæ, æмæ уын сæ гæрзытæ рауадзон. Уыдон сразы сты, æмæ сын лæппу хуыйы хуылфыдзауматæй радта. Лæппутæ разæй æрцыдысты, мæгуыр лæджы фырт та фæстейæ. Бахордта ус фыдызгъæл æмæ сдзæбæх и, фæлæ та иу-цалдæр боны фæстæ рарынчын æмæ йе ’сиæхстæн загъта: — Агуыры калак-хъæу дур цæмæн фестад, уый мьгн сымахæй исчи куьг нæ рабæрæг кæна, уæд мæнæн æнæ амæлгæ нæй. Сбадтысты сæ бæхтыл дыууæ хистæр æмсиахсы æмæ фæцæуынц. Мæгуыр лæджы фырт дæр йæ бæх йæ цуры фестын кодта, араст ис æмæ уадидæгæн уыцы калакмæ ныххæццæ. Кæсы, æмæ дзы дуртæ йедтæмæ æндæр ницы зыны. Калачы астæумæ бацыд, кæоы та, æмæ дзы иу дуар æддæмæ-мидæмæ кæны. Уæд лæппу сфæнд кодта, уыцы дуары -мидæгæй цы ис, уый базонын. Бæх та йын амоны: 265
— Уырдæм афтæмæй цæугæ нæу, фæлæ дуары цурмæ куы бахæц- цæ уæм, уæд æз дуары фарсыл мæ сæр авæрдзынæн, æмæ-иу мæ ахæм цæф фæкæн, мæ агъды фарсæй уафсхор куыд фесхъиуа, дæ армы- тъæпæнæй — чъылбыс. Лæппу дæр афтæ бакодта, æмæ дуарæй фæмидæг сты, æрмæст ма дуар бæхæн йæ къæдзилы æрдæг акъуырдта. Бацыдис лæппу мидæмæ æмæ дзы федта æрмæстдæр иу лæг, уый æрдæгæй дæлæмæ уыди дур. Лæппу æрбадти лæджы цур, æмæ йæ уæд уыцы лæг фæрсы, цы хуыцау дæ æрбахаста, зæгъгæ, мах кæй фесæфтыстæм, уый æгъгъæд нæу? Лæппу йын радзырдта йæ хъуыддæгтæ, цæй тыххæй æрцыд, уый. Уæд ын лæг дæр рахабар кодта: — Æз ацы калакæн паддзах уыдтæн. Уыдис мын ус — хæйрæ- джыты хæрæфырт. Уый-иу æхсæвыгон цыди фæсхохы уæйгуытæм. Æз æм мæсты кодтон, фæлæ йæ бæстон нæ зыдтон. Ус-иу мæ бæхтыл цы- ди, æмæ сæ тынг смæллæг кодта. Иу бон куы уыд, уæд ме ’ххуырстыты бафарстон: — Цæмæн мæллæг кæнынц мæ бæхтæ? Уыдон мын загътой: — Ахсæв ам лæуу, махæй искæйы дæ бьгаатмæ арвит, æмæ уæд, бæхтæ цæмæн мæллæг кæнынц, уьгй базондзынæ. Æхсæвы мæ пысултæ ме ’ххуырстæн радтон, уый пысултæ та æз скодтон æмæ бæхдоны раз лæууын. Фæоахсæвæр мæ ус æрбацыди æмæ, тагъд бæхтæ амфтындзут,* зæгъгæ, æрбадзьгрдта. Бæхтæ мæхæдæг оифтыгътон, æмæ мæ мæ ус бæхгæс æнхъæлдта. Цæуьгнтæ байдыдтам, цæуынтæ. Уый разæй цыдис, æз фæстейæ, афтæ- мæй уæйгуытæм схæццæ стæм. Бæхтæ æрбастон. Ус хæдзармæ бацыди. Цæл кæнынц. Æз бадын бæхты цур. Рарвыстой мын иу кæрдзын æмæ цыхт. Кæркуасæн афон куы ссис, уæд мæм фæдзырдта, цæуын хъæуы, зæгъгæ. Рацыдьгстæм. Æз мæхи фæразæй кодтон æмæ хæдзармæ æрбацыдтæн. Æххуырсты хæдзарæй рарвыстон, æмæ бæх бабаста. Уалынмæ мæ ус дæр æрхæц- цæ. Уымæн дæр бабаста йæ бæх. Æз мæхи аивæзтон æмæ мæ усмæ дзурьгн: — Ох, дьгсон цы диссаджы фын федтон! Цьгма балцьг цыдыстæм фæсхохы уæйгуытæм. Ды мын цьвма .рарвыстай кæрдзьгн. Æз æй мæ бæхы хордзенты цæвæрдтон. Ус бамбæрста хъуыддаг, ауад бæхдонмæ, рифтæгтæ асгæрста, æмæ * Бæхтæ аифтындзут — ома сæргътæ сыл авæрут. 266
кæрдзын уым. Фæстæмæ æрбацыди хæдзармæ. Æз сыстадтæн, бандо- ныл æрбадтæн, æмæ мæ мæ ус ралгъыста: — Ацы калачы алцыппæт, куыддæриддæр у, афтæмæй дур фестæд. — Æз бандоныл бадтæн æмæ æрдæгæй дæлæмæ дур фестадтæн. Афтæ уыд мæ хъуыддаг. Тагъддæр ацу ардыгæй, науæд сабатæй- сабатмæ ус дон хæссы, æмæ дæ ам куы æрбаййафа, уæд фесæф- дзынæ. Лæппу уырдыгæй рацыд æмæ, дыууæрдæм цы дуар кодта, ууыл та, мвдæмæ цы æгъдауæй бацыдысты, æддæмæ дæр афтæ рацыдысты. Æрмæст м*а бæхæн йæ къæдзилæй цы чысыл мур уыдис, уый дуар ас- къуыдта. Дуарæй куы рахызтысты, уæд уым уыдис суадон, суадоны цур авг. Бæх лæппумæ дзуры: — Ацы авджы хуылфы цъыф ныннæм æмæ оуадоны цур дæхадæн уæрм окъах. Мæн ауадз, æмæ быдыры лæудзынæн. Ус дон хæодзæн пад- дзахæн æмæ авг æхсдзæни, æмæ йæм-иу бахъав: къухдарæн-иу сис æмæ-*иу æй усыл баппар. Ууыл усæн йæ къухтæ андæдздзысты. Ды-иу цырд фæгæлп кæн, кард-иу æм фелвас æмæ-иу ьгн зæгъын кæн: — «Чызг чи у, уый лæппу фестæд!» Каед йæ дзырдæй æгас калак-хъæу дур фестад, уæд ды лæппу куыд нæ фестдзьгнæ? Лæппу суадоны цур уæрм скъахта æмæ æрнымæхсти. Ус, æцæг- дæр, æрбацыд æмæ авг æхсы, афтæмæй ракæс-бакæс кæны æмæ йæхи- мидæг хъуыды кæны: «Къæвда дæр куы нæ уыдис, уæд дзы цъыф чер- дæм ныккалди?» Лæппу усыл къухдарæн баппæрста. Усы къухтæ къухдарæныл ан- дæгъдысты. Лæппу йæм кард фелвæста æмæ йыл фæхъæр кодта: — Тагъд зæгъ: «Ам чызг чи у, уый лæппу фестæд!» Ус уьгцы ныхæстæ куы сдзырдта, уæд чызг, æцæг, лæппу фестад. Æмæ та йæм лæппу дзуры: — Тагъд зæгъ: «Ацы калак раздæр куыд уыд, афтæ фестæд!», кæннод дæ марын. Ус уый загъта, æмæ, æцæгдæр, калак раздæр куыд уыд, афтæ фестади. Лæппу усæн йæ сæр акъуырдта æмæ Калакмæ бацыди. Уым ын лæвæрдтой паддзахы бынат, фæлæ сын уый загъта: — Мæн уæ паддзахы бынгт ницæмæн хъæуы, æз сымахмæ уый тыххæй не ’рцыдтæн. Уæд ын радтой бирæ лæвæрттæ, æмæ афтæмæй рацыдис, цы пад- дзахмæ куыста, уымæ. Калак дур куыд æгъдауæй фестадис, уый йын радзырдта, æмæ стæй йæ ка<исы фæрсы: — Уæдæ, паддзах, де ’сиæхстæй чи куыд сысгуыхт, уый ацы адæ- мæн радзур. Паддзах загъта: — Фьгццаг дыууæ хатты дыууæ хистæры сысгуыхтысты, ныр та ды. 267
Уæд лæппу йæ дзыпмæ цæвнæлдта æмæ сын сæ хъустæ æмæ сæ чъылдымы гæрзытæ систа. Дыууæ хистæр сиахсы мардау фесты. Лæппу загъта: — Ныр æз цæуын мæ хæдзармæ, æмæ мын бар раттут. Паддзах ын бар радта, æмæ лæппу стыр лæвæрттимæ ацыди, пад- дзахы чызджы дæр йемæ ракодта. Æрцыдис уæйыгмæ. Уым æй куы федтой, уæд ыл тынг фæцин кодтой. Уырдыгæй ма уæйыджы чызджы дæр ракодта æмæ йæ бинонтæм æрцыдис. Чындзæхсæвтæ фæкодтой æмæ ма абон дæр цæрынц. ^
<1^1^>^ ХИВÆНДЫ ФÆСМОН Сидзæр лæппу æнахъомæй бафтыдис иу æлдармæ. Иукъорд аз- ты йæм фæкуыста йæ гуыбыныдзагыл. Иу заман æлдар йе, ’ххуырстыты фудры былмæ арвыста кæсаг ахсынмæ, лæппу дæр семæ, афтæмæй. Æххуырстыты сæ иуыл бафæдзæхста æппæты, цæмæй сæм уый йæ цæст дардтаид. Фурды былмæ куы бахæццæ сты æххуырстытæ, уæд сæ хистæр æх- хуырст арвыста фурды былты фæйнæрдæм кæсаг ахсгæ, лæппуйы та йæхи раз баурæдта. Лæппуйы домдта, тых цума йын кодта, нæ йын зыдта йæ рисс. Фылдæр хатт-иу лæппу йæ цæссыгтæ йæ уадултæй нозта уарыны æртæхтау. Иæ къæхтæ ныскъуыдтæ сты, йæ дарæс — бызгъуыр. Лæппу æмæ йе ’мбал фурды æнгуыр баппæрстой тымбыл тыхты- тæй. йæ иу кæрон æнгуырæн сæ къухты, аннæ фурды абадт. Уайтагъд кæсаг æнгуыры бос риуыгъын байдыдта. йæ риуыгъдæй йæ базыдтой, стыр кæсаг кæй у, уый. Рахæцыдысты йыл дыууæйæ, фæлæ сын рала- сын нæ комы. Уалынмæ дымгæ фурды фæйлауæны фесхуыста, æмæ кæ- саг сурыл абадти. Æнгуыр къудзийыл æрбастой, кæсаг сын уромын куыд нæ куымд- та, уымæ гæсгæ, æмæ æххуырст дзуры лæппум’æ: — Ды кæфы цур фæлæуу, æз галтæ æрбакæнон. Æххуырст хъæумæ раивгъуыдта, бацыди æлдары размæ æмæ йын раппæлыд: — Кæф доны уылæны руаджы раппæрстам, ныр æм скъæрын гал- тæ, æмæ йæ сласдзыстæм. Æлдар дæр куыннæ бацин кодтаид. Ныр лæппу кæфмæ дæрддзæфгомау лæууы, хæстæг бацæуын æм нæ уæнды, афтæмæй йæм кæсы. Уалынмæ, дын, кæф лæппумæ адæйма- джы æвзагæй куы сдзурид: — Ауадз мæ, æмæ дын дæ бахъуыды сахат баххуыс кæндзынæн. 269
Лæппу фæджих ис, исдугмæ тæрсæгау дæр фæкодта, стæй йæм дис- саг фæкаст, кæф куыд сдзырдта, зæгъгæ. Бауадис æм хæстæгдæр, æмæ та йæм кæф дзуры: — Ауадз мæ, феххуыс дын уыдзынæн. Лæппу фæразæнгард ис, фæрсы йæ: — Куыд мын феххуыс уыдзынæ? Кæф загъта: — Мæнæ мын ме ’рагъы хъистæй иу ракæн. Куы дæ бахъæуон, уæд-иу хъис аиваз фурды был æмæ йæ доны атъысс, æмæ дæм æз уыр- дæм зындзынæн. Уыцы æгвдауæй кæфы ауагъта, йе ’рагъы хъистæй йын иу ратыд- та, афтæмæй. Доны æрбафæйлыдмæ кæф ныцъцъыллинг ласта æмæ фурды афардæг ис. Лæппу къудзийы рæбын бадгæ баззад, йæ къухты хъисмæ ра- кæс-бакæс кæны æмæ ныджджих ис, йе ’одбалмæ æнхъæлмæ кæсы. Уалынмæ йæм йе ’мбал галтæ æрхæццæ кодта. Лæппу хъис йæ роны афснайдта, фестадис æмæ йе ’мбалмæ дзуры: — Кæф атыдта æмæ алыгъдис. Æххуырст ыл æваст нæмыныл ралæууыд æмæ йыл хъæртæ кæны: — Куыд алыгъдис кæф, цæмæн æй ауагътай? Ды ма æндæр цы гæс уыдтæ? Лæппуйæн йæ фæрстæ надæй ссау сты, афтæмæй куыддæртæй феуæгъд ис йæ фыдгулы къухтæй. Дзæгъæл быдыры лидзын байдыд- та, цæстысыгæй йæ цæстытæ сау мигъау сæхгæдтой, æмæ йæ развæн- даг нал уыны. Лидзы, лидзы, иу быдыр^æ бафтыдис æмæ обауыл ба- хаудта. Фæсабыр ис йæ хæкъуырццæг. Цæстытæ асæрфта, йæ алыварс- мæ акастис, хъæмпы рагъ ауыдта æмæ йæ цурмæ бацыд. Хъæмпырагъæй тонæгау кæны, афтæмæй йæхицæн лыстæн скодта. Хъæмпрæбын, мæгуыр, мæстыйæ батымбыл æмæ уайтагъд афынæй ис. Иуцасдæр куы афынæй кодта, уæд фестъæлфыд йæ тар мидфынæйæ. Фестади, араст ис уырдыгæй æмæ фæцæуы дарддæр. Цас фæцыд, чи зоны, фæлæ та ахæццæ ис иу ранмæ, алæууыд обауыл, акастис дарддæр æмæ йæм æрбазындис иу хъæу. Хъæумæ йæхи сарæзта æмæ йæм бав- вахс. Хъæумæ нæма бахæццæ, афтæ кæсы, æмæ фæндаджы был цæргæс бады, расыгау цуды, йе цæуынæн нал у, йе стæхын нæ фæразы. Бацы- дис æм хæстæгдæр. Диссаг уыд йæ ас: уыгау дынджырцæстджын. Ис- дугмæ дзы лæппу фæтарстис, фæлæ йæм цæргæс дзуры: — Тæрсгæ мæ ма кæн, фæлæ мын исты æххуыс бакæн. Мæ базыр цæф у, стæй сыдæй мæлын. Базылди лæппу цæргæсы базырмæ, æвдадзы хосæй йæ адзæбæх кодта, хæринагæй дæр æй бафсæста. Дзуры йæм цæргæс: — Бузныг дæ хорздзинадæй, ды дæ мæ ирвæзынгæнæг, фæлæ рох 270
нæ уыдзьгнæ мæнæй дæр. Дæ бахъуыды сахат дын æз дæр феххуыс уыдзынæн. йæ бырынкъæй рахиз базырмæ февнæлдта, иу сис дзы рлтыдта, лæппумæ йæ радта: — Уый дын мæ нысангарз. Дæ бахъуыды бон-иу ын йæ кæроныл зынг адар, кæм уай, уым-иу хъæугæронмæ рацу æмæ-иу дуррæбын бабад. Тыхсдзынæ дымгæйæ, фæлмæцдзынæ рыгæй, фæлæ-иу дæ зæр- дыл бадар, уый дæм æз кæй æртæхын уæларвæй. Цæргæс дардыл йæ базыртæ айтыгъта, уæлдæфмæ йæхи систа. Араст ис лæппу дæр хъæуырдæм, хъæугæрæтты сарæзта йæхи. Кæ- рон бæрæг нæ зыны хъæуæн. Иу хæдзармæ бадзырдта æмæ йæхицæн хæринаг ракуырдта. Æрбадтис доны был, афсæста йæхи æмæ та дард- дæр йæ фæндаг дары. Сагъæс йæ зæрдæйæ нæ цух кæны, дзуры йæхи- цæн: «Кæмæ цæуон, кæмæ дзурон, цы уыдзынæн ныр?» Уалъшмæ ба- хæццæ иу мæгуыр хæдза^ы цурмæ. Хъамылæй æмбæрзт цаудгомау агъуыст. Бадзырдта мидæмæ, æмæ йæм зæронд ус рауади. — Де ’хсæв хорз, нана, — сдзырдта йæм лæппу. — Дæ нана дæ хуртæй бафсæдæд, мæ бон, мидвэмæ нæм ращу, — загъта зæронд ус. Бацыдисмидæмæ. Цъуйы цъар цырагъæн судзы артдаæсты. Авæрд- та йын бандон къонайы раз æмæ йын зæгъы: — Æрбад уал, мæ бон. Лæппу æрбадтис, æмæ йын ус хъæдын тæбæгъы сау æмыс йæ разы авæрдта, йæ фарсмæ æрбадтис æмæ йæм дзуры: — Ахæр, мæ бон, ахæр, хуыздæр дæ цæмæй абуц кæнон. Лæппу йын загъта: — Бузныг, мæнæн уый дæр æгъгъæд у. Хæргæ-хæрын æй зæронд ус фæрсы: — Кæцæй цæуыс æмæ кæдæм цæуыс, мæ бон, стæй цæй мæгуыр хуыз дæ? Лæппу йæ хабæрттæ усæн фæдзьгрдта, ус та лæппуйæн, æмæ аф- тæмæй кæрæдзийы базыдтой. Ус иунæг у, лæппу та сидзæр. Лæппу йын афтæ зæгъы: — Абонæй фæстæмæ æз дæуæн хъæбул, ды мæнæн мад. — Цæр, мæ бон, цæр, дæхи фæндиаг, мæнæн та уыцы хорз цы хуыцау дæтты, — загъта ус. Мадау лыстæны банорста лæппуйы. Цас æмæ цас тухæнтæ федта лæппу, мæгуыр, æмæ йæ фæрстæй уынæргъы. Ус æй афарста: — Уæ, мæ бон, цы кæныс, цы? Лæппу йын дзуапп радта: — Фæллад, фæлмæцыд дæн, æндæр куы ницы кæнын. Бабадти зæронд ус лæппуйы нывæрзæн, сагъæс ыл бацайдагъ, йæ хуыссæг фæхаудта: иуæй лæппуйы зæрдæвæрд ныхасыл цин кæны, 271
аннæмæй та йыл дис кæны æмæ йæхицæн фæзæгъы: «Куыд уыдзæнис уый, æмæ мæнæн ахæм лæппу мемæ бацæра, уыцы хорздзинад та мын цы хуыцау дæтты». Афтæмæй усьтл йе ’хсæв æрбабон. Фестадис рæвдзгомау, фев- нæлдта арт кæнынмæ. Сау рæхыс æрбазылдта арты сæрмæ æмæ йыл къæй ацауыгъта. Ацæттæ кодта лæппуйæн хæринаг. Уалынмæ лæппу дæр рабадтис йæ лыстæны, кæсы хæдзары къуымтæм: сахъари къултæ æрдæг сæрстытæ. Лæппу йæ зæрдæйы фидар иыфсæн систа: «Хъуамæ араст уон сау хъæдмæ, агъуыстæн хъæддзаума æрцæттæ кæнон». Радзырдта йæ уынаффæ йæ кæнгæ мадæн. Зæронд ус дæр цы загътаид. Ахордта хæринаг, йæ хызыны фæндаггаг авæрдта æмæ араст и. Хъæдмæ нæма бахæццæ ис, афтæ рувасыл фембæлд. Мæлæгау йæ цып- пæртæ цæгъды, афтæмæй лæппумæ йæ къæдзил къæбылайау тилы. Дисгæнгæ бацыди лæппу йæ цурмæ. — Рувас хæрзæмбæлæг! — зæгъгæ, йæ цуры абадтис. Рувас йæ фароыл рафæлдæхт æмæ лæппуйæн афтæ зæгъы: — Æххормагæй сæфын, дæ хорзæхæй, фервæзын мæ кæ. Лæппу сырдтæн æххуысыл фæлтæрд уыдис. Иæ хызынæй сау æмыс систа, рувасæн дзы бадардта. Рувас уайтагъд афсæсти, йæ фæстæгтыл рабадт æ«мæ лæппумæ бакаст. Р1æ къæдзил-æй æртæ зонды æрдуйы ра- тыдта, лæппумæ сæ радта æмæ йын загъта: — Адон дын дæ бахъуыды сахат таурæгъæн бæздзысты. Ууыл лæппу йæ фæндагыл араст ис, рувас та пыхсбынмæ басенк ласта. Бахæццæ ис лæппу сау хъæдмæ. Байдыдта бæлæстæ калын æмæ хъæддзаума цæттæ кæнын. Алцыппæтæй цы хъуыди агъуыстæн, уый куы ракодта, уæд бæндæн бийынæн мæцъытæ растыгъта. Хъæддзаума ласын байдыдта оау хъæды æрду?мæ. Каэцы гал рахæцыдаид* лæппу куыд тыхджын куыст кодта, афтæ. Йæ ном ма лæппу уыд, фæлæ лæг- æмбал сси. Йæ хъæддзаума æрдузмæ куы рафтауц кодта, уæд рараст ис сау хъæды кæронмæ. Хъæдгæрон хуымгæнды ныхмæ ауыдта хала- гъуд. Бацыдис мидæмæ халагъудмæ. Æрбадтис лыстæныл. Уалынмæ æлдары æххуырст æрбахæццæ ис, дыууадæс цæды галтæ йæ разæй. Гал- тæ халагъуды кæрты абаста, хæринаг сын сæ разы авæрдта æмæ халагъудмæ бацыдис. Лæппуйæн æгасцу загъта, æмæ иумæ æрбад- тысты. Сæ хабæрттæ дзурынц кæрæдзийæн, æмæ йын лæппу афтæ зæгъы: — Хъæддзаума ракодтон, сау хъæды сæ æрдузмæ æрластон. Гъе- ныр сæм хъуамæ ссæуон галтæй æмæ сæ раласон, æмæ мын дæ галтæ авæр. Галты хицау загъта: — Ахсæв кæд ласыс, уæд дын галтæ, райсом дын мæ бон нæ ба- уыдзæн, ме ’лдар мæ бафхæрдзæни. 272
Лæппу галтæ аифтыгъта, сау хъæдмæ ссыд æмæ дыууадæс цæдыл йæ хъæддзаума хатгай ныббаста. Æрласта сæ мæгуыр усы хæдзармæ æмæ йын сæ йæ кæрты æрцамадта. Райсом хъæу кæрæдзийæн диссагæн дзырдтой — уыцы иунæг сау- дарæг усæн уыйбæрц хъæддзаума кæцæй æрцыдис, чи йын æрласта, зæгъгæ. Авд лæгæн цы æнтыстис, уый йæхицæн æнтысти лæппуйæн, афтæ- мæй агъуыстытæ кæныныл æрлæууыдис саударæг усы кæрты. Уайтагъд фæдæттæ сты агъуыстытæ. Кусын æмæ цæрын байдыдта лæппу. Дунейыл диссаджы сæрæн æмæ æфтиагджын разынди. Алыхуызон дзаума æмæ хæзнайæ хæдзар байдзаг кодта. Хæдзар алцыппæтæй куы срæвдз ис, уæд дзы æрцардыс- ты зæронд усимæ, сæ хъамылæй æмбæрзт хæдзар та кæркдонæн баззад. Иу бон лæппу З’агъта зæронд усæн: — Æз хъæумæ цæуын æмгæрттæ зонынмæ. Чи мæ бахынца, æгъ- дау мын чи радта, нана, уыдон-иу ды дæр рæвдау, æз цы æмгæртти- мæ цæрон, уыдон-иу мадау уарз. Æмæ араст ис хъæумæ æмгæрттæ зонынмæ. Йæ хорз æгъдау æмæ йæ уæздан дзыхы дзуаппы фæрцы уый йæхицæн скодта бирæ æм- гæрттæ. Иу бон ссæуы йе ’мгæрттимæ хъæууынджы. Хъæуы астæумæ куы схæццæ сты, уæд кæсы, æмæ уæртæ бæрзонд мæсыг, йæ алфамбылай æфсæн быру, быруйы михтыл лæджы сæртæ конд. Дисы йыл бацыдис лæппу æмæ фæрсы йе ’мбæлтты: — Ай та цы хабар у? Мæсыг ма диосаг нæу, фæлæ быруйы мих- тыл лæджы сæртæ конд цæмæн ис? Æмбæлттæй йын иу дзуапп радта: — Уый диссаг у, фæлæ йыл дис дæр ма бакæн. Уым бады бæсты рæсугъд, арвы айдæны кæсæг. Курæг æм чи бацæуы, уымæн йæ ирæд у хæснаг. Æртæ хатты бамбæхсыны бар ын ратты чызг æмæ йæ куы осары, уæд ын йæ сæр ракæны æмæ йæ кауы михыл æрсадзы. — Æмæ йæ куы нæ ссара, уæд та? — Уæд æй лæппу йæхицæн бинойнагæн ахæодзæн. Изæры куы æрцыдис лæппу, уæд йæ кæнгæ мадæн рахабар кодта бæсты рæсугъды тыххæй æмæ йæ фæрсы: — Нана, дæ фæсдуар дын бæсты рæсутъды куы æрлæууын кæнин чындзæн, кæстæриуæггæнæгæн, уæд куыд уаид? Саударæг ус уыцы ныхасмæ йæ уæрджытæ æрхоста: — Дыууæ боны хур федтон, æмæ мын æй цæмæн талынг кæныс, уæ мæ бон? Ууыл алы домбæйттæй æмæ алы æвзаргæ фæсивæдæй чи нæ схаттис ракурыны æгъдауыл, ахæм куы нал баззад, æмæ куы ни- кæмæн бантысти. Се ’ппæтæн дæр сæ сæртæ ракодта æмæ сæ кауы 18 Ирон адæмы аргъæуттæ 273
михтыл æрсагъта. Уымæн йæ ирæд у хæснаг. Æртæ хатты бамбæхсын кæны йæ курæджы æмæ йæм арвы айдæны акæсы. Æртæ кастæн æй куы ссара, уæд ын йæ сæр а-къуы-ры æмæ .йæ кауы михыл æрсадзы. Æмæ дзы нырма иуы дæр æнæ ссаргæ куы нæма фæцие, уæд ма мын ды уыдонæй арфдæр кæ*м бамбæхсдзынæ? Ныр мын дæу уыцы зондыл чи сардыдта, уый мын.мæ цард халы, æмæ мын мæ хур ма бата- лынг кæн. — Нæ, нана, — зæгъгæ, загъта лæппу. — Æнæ мæн уыцы сæгæй- дзаг къуымы куы цардтæ мæгуырæй, уæд ацы рæсугъд галуанты æмæ бирæ мулкыл цæрын нал бафæраздзынæ? Мæнæн дæр мæ амонд конд у, тæрсгæ ма кæн. Мæ тыхыл мæ зæрдæ куы нæ дарин, уæд не ’сфæнд кодтаин. Фидиссаг мардæй амæлын мæ нæма фæнды. Райсомæй лæппу араст ис бæсты рæсутъдмæ æмæ йæм баминæвар кодта. Бæсты рæсугъд ын йæхимæ рарвыста, цæмæй йæм æмдзых бацæуа æмæ йемæ ба-ныхас кæна. Бацыдис лæппу бæсты рæсугъдмæ. Уыцы иу бакастæн лæппу йæ зæрдæмæ фæцыдис бæсты рæсугъдæн, æмæ йæод дзуры: — Цæмæн дæхи марыс, суинаг гуырд куы дæ? Цæмæн дæхи са- фыс, тынг дзæбæх лæппу куы дæ? Лæппу бæсты рæсугъдæн дзуапп радта: — Æз дæу уыдæттæй нæ фæрсын. Фæлæ æз дæумæ æрбацыдтæн курæг, æмæ мьга дзуапп ратт. Бæсты рæсугъд ын зягъта: — Мæнæн мæ ирæд у хæснаг. Æртæ хатты бамбæкс, æмæ дæ куы ссарон, уæд дын дæ сæр акъуырын кæндзынæн æмæ дын æй дæлæ иннæ сæртимæ михыл æрсадзын кæндзынæн. — Æмæ мæ куы нæ ссарай, уæд та? — Уæд дын æз мæнæ бинойнаг, æмæ мæ дæхицæн ахæсдзынæ. Ууыл се ’хсæн авд лæджы æвдисæнтæ скодтой. Араст ис уырдыгæй лæппу æмбæхоынмæ. Фурды былмæ бацыд. Фурды был æрбадтис, кæфы хъис аивæзта æмæ йæ доны атъыста. Каеф уайтагъд фæйлаугæ æрбахæццæ лæппумæ æмæ йæ фæрсы: — Цы хабар у, цæй сонт фæдисон дæ? Лæппу загъта: —■ Гъеныр, гъе, æмбисонд фæдæн, дæ сæр мæ бахъуыдис. Бахты рæсугъдимæ хæснаг скодтон, бамбæхсын мæ хъæуы. Кæф йæ дзых фæхæлиу кодта æмæ лæппумæ дзуры: — Æрбахиз мæнæ мæ дзыхмæ æмæ тагъд мæ хъæлæсы дæхи ауадз. Лæппу кæфы хъæлæсмæ бахызтис, абырыди дзы суанг йæ гуыбын- мæ. Кæф ныцъцъыллинг ласта, сау денджызы бьшмæ афардæг æмæ уым хъуынайы бабыръгд. 274
Бæсты рæсугъдæн йæ афон куы æрхæцдæ ис, уæд арвы айдæн рай- ста æмæ дзы кæсы. Аннæты-иу куыд æрцагуырдта зæххы цъарыл, аф- тæ уый дæр агуры, æмæ нæй. Дыккаг æвæрдæн уыдта доны хуылф, зæххы хуылф æмæ цæрæгойты хуылф. Дьгккаг æвæрд куы æркодта, уæд æй ссардта. Денджызы бын хъуынаты хуылфы кæфы гуыбьгны бадти лæппу. Бæсты рæсугъд фæдзырдта йе ’вдиеæнтæм: — Диссаг, стыр диссаг! Ацы лæппуйæн кæфтæй дæр æрдхæрдтæ ис! Кæф æй йæ хъуьгры ауагъта æмæ сау денджызы бынмæ афар- дæг, ууыл дæр нæ ныллæууыдис, фæлæ ма хъуыняты бабырыд. Афон куы æрхæццæ ис, уæд кæф доны былмæ рахæццæ кодта лæппуйы. Рахызти лæппу кæфы хъæлæсæй æмæ æрбацыд бæсты рæсугъды размæ. Афарста лæппу, æмæ хъуыддаг куы бамбæрста, уæд рафардæг. Æрцыдис йæ хæдзармæ, фæлæ, кæм уыдис, уый йæ кæнгæ мадæн не ’схъæр кодта* Райсомы та бæсты рæсугъдмæ ссыдис дьгккаг æмбæхст кæнынмæ. Араст и лæппу хъæугæронмæ æмæ бацыдис стьгр дуррæбынмæ. Цæр- гæсы оис йæ бæрцагъудæй сласта, æрцъььккысхонæй зынг ацагъта æмæ йæ оисыл адардта. Уыцы зынгадардмæ быдыры лæгъзы зилгæ дымгæ оыстадис, тыхджын рыгæй боны рухс нал зьгнди. Фæлмæцы лæппу, дуррæбынмæ æнгомдæр бабадт. Цæргæс дурыл куы æрбадти, уæд æм лæппу дуррæбынæй рауад. Цæргæс æм дзуры: — Сфæлмæцыдтæ, æнхъæлдæн, фæлæ дæм æз дæр рæвдз куы æр- хæццæ дæн. Арвы астæу сау мигъы къуымбил, гъе уы-м ис мæ ахстон, æмæ кæд афæстиат дæн, уæддæр мæ аххос нæу. Цæй, уъгдæттæ дæр хорз сты, фæлæ цы у дæ хабар? Лæппу йын загъта: — Хæдзары æрцардтæн, ам хъæуггаг сдæн, сдзырдтон бæсты рæсугъдыл æмæ йæ курьгн. Иæ ирæд у хæснаг. Бамбæхсын мæ хъæуы. Гъеуымæй хуыздæр мæ дæ сæр никуыуал бахъæудзæн. Куы мæ ссара, уæд мын мæ сæр ракæнын кæндзæн. — Уæдæ тæрсгæ ма кæн, — сдзырдта цæргæс, йæхæдæг дурьг сæ- рæй зæхмæ æргæпп кодта æмæ фæсал ратыдта. Иæ къæхтæ къухтау кæрæдзийы саггæмтты атъыста. — Фæсал æрлыстæн кæн гъеныр уы- цы ран æмæ фæлмæн æрбабад, — дзурьг лæппумæ цæргæс, — æцæг мын тæрсгæ ма кæн. Лæппу февнæлдта, цæргæсы къæхты æхсæн фæсал æрлыстæн код- та æмæ дзъг бабадт. Цæргæс йæ базыртæ айтыгъта, уæлдæфы йæхи систа. Уырдыгмæ йьгн цас æнтьгст цæргæсæн, уыйбæрц тагъд ын сæн- тысти уæлæмæ, арвы астæумæ дæр. Уадидæгæн йæ ахстонмæ схæццæ ис æмæ къуырттон каркау йæ ахстоны æрбадти лæппуйыл. Бæсты рæсугъдæн та йæ афон куы æрхæццæ ис, уæд арвы айдæн 275
райста, авд æвдиоæны раз æй фыцдаг æвæрд æркодта, иннæты-иу куыд а.гуырдта, афтæ агуры, фæлæ йæ не ’ссардта. Дзуры æвдисæнтæм: — Зæххыл никуы ис. Æвæрын дыккаг æвæцд^ агурдзьшæн зæххы хуылфы, доны хуылфы æмæ цæрæгойты хуылфы. Агуры, кæоы бæсты рæсугъд, фæлæ йæ нæ ары. Уæд æнкъардгомауæй сдзырдта: — Нæй, нæ та йæ ссардтон, фæлæ æртыккаг æвæрд кæнын, дæл- дзæхæй-уæлдзæхæй, зæххыл цæрæгойæ цыдæриддæр ис, уыдон мæм иууылдæр куыд зыной. Рафæлдæхта арвы айдæн, æмæ та агуры, агуры, фæлæ уæддæр не ’осардта лæппуйы. Æмæ уæд йæ а<рвы айдæн зæххыл «ыццавта, уый дæр нал ис, æмæ мæ ды дæр нал хъæуыс, зæгъгæ. Исдугмæ джихæй аззадысты æвдисæнтæ, стæй уæд сцин кодтой, лæппу хæенаг кæй рамбылдта, ууыл. Хъæумæ фæхабар кодтой, мæгуыр саударæг зæронд усы кæнгæ лæппу бæсты рæсутъды йæхицæ’н рам- былдта, зæгъгæ. Уалынмæ цæргæс лæппуйы æрхæццæ кодта. — Ссардтай мæ? — зæгъгæ, афарста лæппу бæсты рæсутъды. Уæд ын бæсты рæсугъд йæ бæрзæйыл ныттыхсти: — Не ’сеардтон, фæлæ ма дæ уынгæ кæй фæкодтон! Алырдыгæй лæппумæ арфæтæм згъордтой. Афæдзæхста йе ’мгæрт- тæн лæппу, æмæ хонджытæ арвыстой чьшдзæхсæвмæ æрцæуыны тых- хæй. Адæмы æрæмбырдмæ чындзæхсæв дæр сцæттæ ис. Бæсты рæсугъ- ды кæрты базмæлæнтæ нал уыд, уыйбæрц дзыллæтæ æрцыди хуынд адæм æмæ хæддзу адæмæй. Фынгтыл æрбадтысты. Фондз боны бæрц сыл ахицæн сæ бадтьгл, райдыдта æхсæзæм. Цас хордтой, цас нозтой, уыйбæрц сæ фынгтæ дзагæй-дзагдæр кодтой алы хæрд æмæ нозтæй. Бацыдис лæппу мæсыгмæ, бæсты рæсугъды афæдзæхсон, зæгъгæ. Дзуры бæсты рæсугъдмæ: — Адæм хæрын æмæ нуазынæй офæлмæцыдысты. Цæуын хъæуы, æгъгъæд скæнæм. Бæсты рæоугъд æм иицы сдзырдта. Бадынц чызджытæ пылыстæг фынджы алыварс къæлæтджын бан- дæттыл, бæсты рæсугъд сæ астæу, афтæмæй. Бæсты рæсугъды раз ав- джын тæбæгъы буцдæрæн æрæвæрдтой кæфы фыд, фæлæ йæм бæсты рæсугъд не ’вналы. Бацыдис лæппу, бæеты рæсугъдæн йæ фæстæ алæу- уыдис æмæ та сæм дзуры: — Адæм сфæлмæцыдысты хæрд æмæ нозтæй дæр фьшджы уæл- хьус, æгъгъæд скæнæм, ахæрут æмæ цæуын хъæуы. Уыцы ныхаомæ бæсты рæсугъд афтæ куы бакæнид: — Хæрин дзы бæргæ, фæлæ кæд ацы кæфы фыд нæлгæф у. Уыцы ныхасы уæлвæд авджын тæбæгъы кæфы фыд базыр-зыр кодта. Бæсты рæсугъд фæджих ис. Кæфы фыды ныррызт кæфы худын схуыдта æмæ лæппумæ дзуры: 276
— Кæф цæуыл фæхудти, уый мын зæгъ. Лæппу йын уæд афтæ зæгъы: — Ма мæ фæрс уыдæттæй, фæлæ, уæ хорзæхæй, рæвдздæр ахæрут, цæуын хъæуы. Бæсты рæсугъд та загъта: — Нæ, кæф цæуыл фæхудт, уый мын зæгъ, науæд дзы нæ бахæр- дзынæн. Лæппу бæсты рæсугъдмæ ницуал сдзырдта, фæлæ раздæхтис æмæ хъæуы кæронмæ рацыд. Систа, рувас ын цы æртæ зонды æрдуйы радта, уыдон æмæ дзы иу аивæзта. Рувас уайтагъд йæ уæлхъус æрбалæууыд. Радзырдта лæппу рувасæн, йæ хабар куыд уыдис, уый, стæй йын загъта: — Гъеныр мæ дæ сæр бахъуыди: цы дзуапп радтон бæсты рæсугъ- дæн? Рувас ын уæд зæгъы: — Æмæ ууыл та цы тыхсыс? Æз дæм æртæ зонды æрдуйы куы радтон мæ къæдзилæй, хъуыды ма йæ кæныс? Уыдон сты дæ абоны ба- хъуыдæн. Гъеныр ацу æмæ та бæсты рæсугъдæн бахæр, зæгъгæ, зæгъ. Куы нæ бакоммæ кæса, уæд ын æртæ фæсмойнаджы таурæгъы æрхæс- дзынæ. Кæд уыдонæй дæр нæ бакоммæ кæса, уæд дæхæдæг куыд зонай, афтæ кæн. Бедыди лæппу чызджыты бадтмæ. Дзуры та бæсты рæсугъдмæ: — Цæй, хæрыс æви нæма? Бæсты рæсугъд та йын загъта: — Нæ, кæф цæуыл фæхудт, уый мын зæгъ. Уыцы ныхасыл лæппу таур-æгъ кæнын байдыдта: — Иу -ран цардис æртæ æфсымæры. Сфæлмæцыдысты мæгуыр цар- дæй æмæ ацыдысты исты бакусынмæ. Иу ран ныллæууыдысты куысты æмæ æртæ теуауаргъы æхца бакуыстой. Ра-цæйцыдысты сæ хæдзармæ, æмæ сыл æфцæгыл баталынг. Бæласы рæбын æрæхсæвиуат кодтой. Дыууæ хистæры уайтагъд афынæй сты. Кяэстæр æфсымæр теуауæргътæ куыд хъахъхъæдта, афтæ бæласмæ фемдзаст. Бæлас зæрдыл лæууьгн кодта адæймаджы уæнгты конд. Лæппу йæм бацыдис æмæ йæ акалдта, адæймаджы уæнгты кондыл æй самадта, фæстæмæ йæ бæласы бын- дзæфхадыл банцой кодта, йæхæдæг бафынæй ис. Иу заман куы уыдис, уæд райхъал ис лæппуйæн йæ хистæр æфсымæр. Фæтарсти æмæ йæхи- нымæр дзуры: «Цымæ ацы бирæ æхоныфтæ чи самадта, уый нын не ’хца нæ адавта?» Фестадис æмæ теуауæргътæ асгæрста. Теуауæргътæ уыдысты æнæхъæн. Уæд кæсы, æмæ мæнæ адæйма- джы уæнгты кондыл амад хъæд. Бацыдис йæ цурмæ æмæ йыл адæйма- джы ныв скодта. Æрхуыесыдис æмæ та уый дæр бафынæй. Уый куы ба- фынæй ис, уæд та уый хистæр райхъал ис. Уый дæр æхсныфтæ куы ауыдта, уæд фæтарсти æмæ теуауæргътæ абæрæг кодта. Теуауæргътæ 277
æнæхъæн сты, уый куы федта, уæд æрбаздæхтис, æхсныфтæ кæм уыдыс- ты, уырдæм, уæдæ адон цæй æхсныфтæ уой, зæгъгæ. Æркастис æмæ уыцы калд бæласæй чызджы ныв конд. Лæппу дзы уд бауагъта, æмæ чызг йæ цуры рабадтяс. Уалынмæ æрбабон ис, æмæ иннæ дыууæ æфсымæры дæр райхъал сты. Æрбалæууыдысты йæ цуры æмæ йын радтой чи хæлаф, чи хæдон, чи та дзабыртæ. Чызг кæй хъуамæ бауа, зæгъгæ, тæрхон кæнынц, æмæ сын фæстагмæ хылмæ рауади. Кæстæр загъта: «Уый бæлас уыд, æмæ йæ æз акалдтон æмæ йæ адæймаджы уæнгтыл дæр æз æрцамадтон, æмæ мæн у». Уый хистæр загъта: «Дæуæн къодах уыдис, адæймаджы цыв дзы æз скодтон, æмæ мæн у». Се ’ппæты хистæр загъта иннæ дыу- уæйæн: «Дæуæн дæр къодах уыд, дæуæн дæр къодах уыд; уд дзы æз бауагътон, æмæ мæн у». Афтæ хъаугъа кæнынц æртæ æфсымæры, нæ фидауынц, æмæ æп- пынфæстаг сæ хъаст сауджынмæ бахастой. Сауджынæн сæ хабар куы радзырдтой, уæд сын загъта: «Уый уæ иуы дæр нæу æмæ уе ’ннæйы дæр, чызг мæн хъуамæ уа, сы.мах та уæхн фæйнæрдæм айсут». Афтæ- мæй сын сæ чызджы байста. Цалынмæ сауджыны цур лæууыдысты, уæдмæ сын сæ теуауæргътæ чидæр адавта. Æмæ уыдон сæ чыаджы байстыл æмæ теуауæргъты фесæфтыл куыд фæфæсмонгонд сты, афтæ фæсмонгонд фæуыдзынæ — мауал мæ бафæрс дарддæр. Бæсты рæсугъд уæддæр загъта: — Нæ, кæф цæуыл фæхудт, уый мын зæгъ. Уыцы дæргъвæтин ныхасмæ адæм сæ цуры æмбырд кæнын бай- дыдтой. Лæппу байдыдта дьгккаг таурæгъ хæссын: — Иу ран уыди, — загъта лæппу, — цуанон, æмæ йæм уьгдис куыдз. Иу къуылдымты-иу цуанон цыдис, иннæ къуылдымты куьгдз, афтæмæй-иу куыдз сырдæй кæй ссардта, уыдон цуанонмæ тардта, æмæ сæ цуанон мардта. Иу заманы цуанон лæппу тынг сдойны ис> Сау хъæ- ды æрдузы ауыдта сау суадон; тьгндатæ йæм бауадис. Сау суадоны уæлхъус «аназон» куыд загъта, афтæ куыдз йæ уæле дон стæрыныл фæцис. Цуанон ыл фæхъæр кодта: — Дæ бындар фæуай, дæ дойны мæнмæ цы æрхастай!» Уæлдæр та бацыдис, аназон, зæгъгæ. Куыдз та йæ уæле доны ба- гæпп кодта; тынгдæр æм фæмæсты ис цуанон куыдзмæ, фæлæ та уæд- дæр куыдзы уæлемæ бацыдис дон нуазынмæ. Аназон, з-æгъгæ, куыд загъта, афтæ та куыдз ногæй йæ уæлемæ бауадис æмæ доны багæпп кодта, дон сызмæста. Лæппу йæ маст нал баурæдта, топп йе ’фцæгæй фелвæста æмæ йæ куыдзыл ньщцавта. Куыдз фæмард ис. Уьщы мæсты- йæ лæппу йæ куыдзы фæмардыл фæджих. Стæ-ма, ацы дон уæлдæр фе- нон, мæ куыдз мæ цымæ нуазын цæуыннæ уагъта, зæгъгæ, ма иучысыл уæлдæр бауади, кæсы донмæ, æмæ дзы калмы мард. Лæппу уыцы до- нæй куы банозтаид, уæд амардаид, уый куыдз зыдта. æмæ йæ нæ уагъ- 278
та нуазын. Уыцы цуанон лæппу йæ куыдзы амардыл куыд фæфæс- монгонд ис, афтæ фæсмонгонд фæуыдзььнæ, — ма мæ бафæрс дард- дæр, — загъта лæппу бæсты рæсугъдæн. Бæсты рæсугъд та уæддæр загъта: — Нæ, кæф цæуыл фæхудтис, уый мын зæгъ. Адæмыл йæ цæст ахаста лæппу æмæ загъта: — Хъусут æртыккаг фæсмойнаджы таурæгъмæ. Æмæ æртыккаг зонды æрдуйы зондæй лæппу дзурын байдыдта: — Иу ран цардис куырм ус æмæ лæг. Уыдонмæ уыдис кæркхæс- сæг уари æмæ сын ялырдыгæй хаста алы халсар æмæ хойраджы дзæ- бæх, æххормйг сæ нæ уагъта. Иу бон куы уыд, уæд та уари атахт æмæ йе ’моæр мæргътььл сæмбæлди. Афарстой сæ кæрæдзийы, куыдтæ цæ- рыс, зæгъгæ. Фарст куырм лæг æмæ усы уаримæ куы æрхæццæ, ды та куыд цæрыс, зæгъгæ, уæд сын уый загъта: «Æз дæн тынг тыхст раны æвæрд, тьшг мæгуыр. Ис мын дыууæ даринаджы: куырм лæг æмæ ус. Уыдонæн æз куы ницы æрхæосон, уæд æххормяг уыдзысты, сыдæй мæл- гæ сын у». Уыцы ныхасмæ йын йе ’мбæлттæ афтæ зæгъынц: «Ау, æмæ уыдонæн хос нæ зоныс?». Фæджих ис уари æмæ сæ афарста: «Ау, æмæ сын (цы хос ис æмæ кæм ис? Уый мæ куы уа>ид, уæд ма мæн уымæй хуыздæр цы хъæуы!» Ие ’мбæлттæ йын радзырдтой: «Сау айнæджы дагъы нæууы уæзæгыл фæткъуы бæлас. Уый у цæсты рухсы дыргъ. Гъеуымæй сын æрхæсс фæйнæ фæткъуыйы, æндæр дæхи цæуыл тухæнæй марыс. Куыддæр сæ бахæрой, афтæ сæ цæстæй ра- кæсдзысты». «Хорз уыл æрцæуæд, мæнæн уый чи бацамыдта», зæгъгæ сын раарфæ кодтл уари, йæхæдæг ныппæррæст ласта æмæ сау айнæ- джы астæу цæсты рухсы дыргъыл абадт. Уыцы фæткъуы бæласмæ маргъ æрбатæхьгнæй дарддæр къахæй бащæуæн нæ уыдис. Кæрдæджы æртахау сæ хуры тыитæ хъазыдысты, ахæм диссаджы дыргъ задис уы- цы бæласыл. Уари дзы иу ратыдта æмæ йæ дарддæр рахаста. Атахт æмæ та ноджы дыккаг хатт дæр æртыдта, стæй уæд йæ фыццаг фæт- къуы абæрæг кодта, æмæ уым куы уыдис, уæд стахти уæлæмæ æмæ атахти йæ хæдзармæ. Фæткъуы уæлвæйнæг авæрдта æмæ иннæмæ ра- тахт. Зæронд лæг æм дзуры: «Уари, мæ хур, уый ды дæ?». Уарийæн дæр ма тæхгæ-тæхын йæ уынæр æрбайхъуыст, «о», зæгъгæ. Зæронд лæг ма сдзырдта: «Цæй удхарæй мæлыс, кæдмæ нæ хæс- дзынæ!» Стæй уæд йæ усмæ дзурьг: — Марадз-ма, уари цы æрбахаста? Цалынмæ уари æддæ уыдис, уæдмæ куырм ус æмæ лæджы царæй калм æрбабырыди сæ артдзæсты сæрмæ. Калмыл фæздæг куы ссыди, уæд сæлхынцъытæ ис, рахаудта. Арты сæрмæ ауыгъд уыд тæвд къæй, калм æрхауд æмæ ныммарди. Калмы мард къæйыл ныууазал. Ус къæй- 279
мæ бацыд æмæ калмы мардыл фæхæст. «Æнæрай скæн дæ уарийæ дæр æмæ дæхицæй дæр, — загъта, — мæнæ дын иу бырæг цыдæр æрбахас- та». Зæронд лæг загъта: «Фæлæуу, æз уымæн йæ къубал куы нæ сто- нон, стæй мын-иу уæд бырæджы фыдтæ-йедтæ хæссæд». Уалынмæ та уари фæткъуыимæ æрбатахт æмæ уый дæр уæлвæйнæг иннæ фæткъуы- йы фарсмæ æрæвæрдта, йæхæдæг йæ фыццаг ахуырмæ гæсгæ зæронд лæджы уæрагыл абадт. Зæронд лæг ын йæ бæрзæй дауы, афтæмæй йын дзуры: «Цæй мæгуыр æмæ тæригъæддаг дæ, кæдмæ нæ хæсдзынæ!». Стæй къухтæ къубал куы осардтой, уæд ын йæ къубал стыдта, йæхæ- дæг усмæ дзуры: «Марадз-ма, ныр та цы æрбахаста». Куырм ус уæлвæйнæгыл йæ къухтæ рахафта. Дыууæ фæткъуыйы райста æмæ дзы иу зæронд лæгæн радта, иннæ та йæхæдæг ахордта. Куы сæ бахордтой, уæд сæ дыууæ дæр сæ цæстæй ракастыеты. Уый фæс- тæ ма фæсмонæй мардысты, фæлæ ма йæ куыд райгас кодтаиккой сæ ирвæзынгæнæг уарийы? Уыдон хуызæн фæсмонгонд фæуыдзынæ ды дæр, мауал мæ бафæрс, кæннод. Уæддæр та бæсты рæсугъд загъта: — Нæ, кæф цæуыл фæхудт, уый мын зæгъ. Уæд лæппу адæммæ дзуры: — Хъусут, æз уын, кæф цæуыл фæхудт, уый зæгъон: бæсты рæ- сугъд мын нæлгæфæй тæрсы, афтæмæй йæ сынтæджы рахиз къахы бын дуар йæ мæсыгмæ, æмæ йын уыцы ран лæджы хай æмбæхст ис дæли- монтæй. Уыимæ æхсæв-бонмæ лæг æмæ усы хъазт фæкæны, бон та мын арвы айдæны кæсы. Афтæмæй мын нæлгæфæй тæрсы. Ракодтой сынтæг иуварс æмæ дæлимоны уырдыгæй сластой. — Кæф гъеууыл фæхудт, — загъта лæппу. — Стыр ныхас хъæд- быны дæр нæ фидауы. Дæлимоны дыууæ цæфы ныккодта æмæ йæ амардта. Уый фæстæ бæсты рæсугъды уырсы къæдзилыл ныббаста æмæ загъта: — Фесæф, æнаккаг, адæмы тæригъæдæй, гъеуый дын дæ тæрхон! Уырсы ныцъцъыччытæ кодта, æмæ æнæдомд уырс бæсты рæсугъды аскъæфта тыгъдбыдыры, зæвæтдзæгъдæнæй хойгæ, æмæ ныппырх ис. Иæ исбон та йын йæхицæн аласта æмæ йæ кæнгæ мадимæ цæрынтæ байдыдта. ^
0^с*5^К^ ЦУАНОН ÆМÆ ИУДЗÆСТЫГ УÆИЫГ Иу цуанон æд бинонтæ най кодта æрæгвæззæджы, хъæдгæрон. Иæ найгæнинаг фæуыныл уыди, афтæ цуанон айста фат, æр- дын æмæ хъæдмæ бацыд. Разылди иудзæвгар, кæсы, æмæ уар- тæ иу сæгуыт хизы. Лæг æм бахъуызыд æхстбæрцмæ, ныхъхъа- выди йæм. Фехста фат, æмæ сæгуыт фæуæлгоммæ. Цуанон арт скодта, сæгуыты фыдæй уæхстытæ байдзаг кодта æмæ сæ арты фарсмæ æрсагъ- та, сæгуытæн йæ иннæ хай та бæласы цонгыл æрцауыгъта. Уалынмæ физонджытæ бурбурид сысты арты фарсмæ. Цуанон æр- бадт æмæ, ныр хæрын байдайа, афтæ сæгуыты мард зæххыл—гуыпп,— æмæ уартæ фæлидзы. Лæг джихæй баззад, кæм ма бахордтаид физо- нæг дæр — уæхстытæ цыдæр фесты. — Ай цавæр диссаг уа? Хъуамæ йæ сбæрæг кæнон! — ахъуыды кодта цуанон æмæ цæуынтæ оиста сырды тугвæдыл. Бирæ фæцыд, чысыл фæцыд, чи йæ зоны, фæлæ сæгуыты фæд ахызти хъæдæй æмæ иу хъæумæ æрæфтыд. Уалынмæ æризæр и. «Сырдæй ницыуал, фæлæ искуы куы бафысым кæнин, — дзуры цуанон. — Фæстæмæ нал фæцæудзынæн: иуæй æнафон у, иннæмæй фæллад дæн». Æгас хъæуыл æрзылд. Бадзуры иу хæдзармæ, бахъæр кæны ин- нæмæ, — æддæмæ зынæг нæй. Бакæсыкæртытæм, хæдзæрттæм, — æмæ æдзæрæг. «Хаст хъæу у, æвæццæгæн, — загъта цуанон, — æнхъæлдæн, æмæ фыдæнхъæл кæнын фысымæй». Уæддæр йæ зилын нæ уадзы. Фæстагмæ бацыд иу кæртмæ; бахъæр кодта. Хæдзарæй уазæджы хъæрмæ рацыд иу чызг, чысыл фæчиуы йæ синæй. — Мидæмæ, уазæг, фысым дын уыдзыстæм, дæ фæллад нæм суадз. — Уæ лæгтæй хæдзары ничи ис? — бафарста цуанон. 281
— Мæ фыды зæронд къонайы фарсмæ хуыссы, æддæмæ рацæуьь нæн нæу. Мидæмæ, фендзынæ йæ, æхсызгон ын уыдзæн. Цуанон бацыди мидæмæ. Кæсы, æмæ хæдзары, къонайы фарсмæ, хуыссы лæджы суангварс*. — Уазæг, æгас цу! — дзуры суангварс. — Æрбад, æфсæрмы ма кæн. Чызг, ды та бавдæл, æмæ нын æхсæвæрæн исты амал скæн. Æмæ цуанон æрбадти зæронды фарсмæ. — Уазæг, хабарæй дæ фæрсын ма бахъæуæд, — дзуры лæджы суангварс. — Кæцæй цæуыс? Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста а бæс- тæм? Цуанон радзырдта, най куыд кодта, стæй цуаны куыд ацыди хæс- тæг хъæдмæ, уыцы ран сæгуыт куыд амардта, физонджытæ дзы куыд кодта, стæй æвиппайды сæгуыты мард бæласы цонгæй куыд рахауд æмæ лидзæг куыд фæци. — Рахастон ын йæ тугвæд, — дзырдта цуанон, — æмæ æрбафтыд- тæн ацы хъæумæ. Ай бæрц цуан фæкодтон, чысыл нæ фæмардтон алы сырды мыггаг дæр, фæлæ ахæм диссаг никуыма федтон! — Куы ма ацæрай, уæд ма бирæ диссæгтæ фендзынæ, ■— загъта лæджы суангварс. Уалынмæ чызг æхсæвæр ацæттæ кодта, фынг дыууæ лæджы раз æрæвæрдта. Бахордтой, банозтой, æмæ та чызг бафснайдта фынг. — Уазæгæн хуыссæнуат, — загъта зæронд, — уазæгдоны йын бауат кæн. — Дада, æмæ уазæгдоны иунæгæй куыд хуысдзæн, фæлтау ын дæ фарсмæ æруат кæндзынæн: даргъ у фæззыгон æхсæв; хъуыссæг- хъæлдзæг куы кæнат, миййаг, уæд кæрæдзийæн уæ хъæстытæ уæ мæс- тытæ кæндзыстут, — загъта чызг. — Уый дæр хорз у, — сразы зæронд. Чызг уазæгæн уат æркодта хæдзары, суангварс лæджы цур, схуыс- сын æй кодта, йæхæдæг йæхи æндæр ранмæ айста. Хуыссынц уазæг æмæ зæронд, уæдæ цы уыдаид, фæлæ хуыссæг кæм ис! Уæд цуанон дзуры суангварсмæ: — Бафæрсын аипп ма уæд, дыууæ хъуыддагæй дæ бафæроынмæ хъавын. — Бафæрсын аипп нæу, — загъта зæронд. — Фæлæ мæ цы хъуыд- дæгтæй фæрсынмæ хъавыс, дæ зæрдæ цæимæты дзуры? — Уæ хъæубæстыл æрзвддтæн, — загъта цуанон, — хæдзæрттæ, кæртытæ — рæвдз, ифтонг, фæлæ дзы кæдæмдæриддæр нæ бадзырд- тон, — змæлæг дзы нæ разынд. Диссаг мæм фæкасти уыцы хъуыдцаг. Дыккагæй, бахатыр мын кæн, дис кæнын, стыр дис, дæуæн дæхиуыл: * Суангварс — ома лæджы æрдæг, йæ иу фарс. 282
дæ зонд дæхимæ, дæ ныхас, дæ дзуапп — иннæ ахæм, кæй загъдæуы, фæлæ дæ суангварс дæ уæлæ нæй! Цавæр æнамонд хъуыддаг сæм- бæлд уæ хъæубæстыл, стæй цы фыдбылыз æрцыди дæуæн дæхиуыл? — Ныхас йæ сæрæй куы нæ ракæнай, уæд ын бамбарæн нæй, — загъта суангварс зæронд. — Бирæ адæм царди нæ хъæуы. Ныккæнæн- тæ нæ уыди сæ исæн. Мæнæн мæхицæн уыди авд фырты æмæ, — хуыцау дæ æфсарм кæнæд, — авд чындзы; хъæуæмбис хæдзар уыди мæ хæдзар. Нæ цард йæ тæккæ цырыныл куы сси, уæд ма уый æнхъæл чи уыди, æмæ иæ хъæу, нæ цæргæ хъæу, хасты фæуа, æз мæ авд фыр- тæй, мæ авд чындзæй афтидæй баззайон, мæхæдæг цард барæгæй ацы хуызæнтæм æрцæуон! Фæлæ ды цы федтай æмæ цы уыныс, уыдон ныл иууылдæр æрцыдысты: хъæу хъæууат фæци, æз лæгуат! — Цы азарæй æрцыдыстут уæддæр уыцы ранмæ? — фæрсы цуа- нон суангварс зæронды. — Мæ авд фыртимæ хæтынмæ араст стæм иæ хæдзарæй. Цæуын- тæ байдыдтам, цæуынтæ. Бирæ фæцыдыстæм, чысыл, чи ма йæ хъуы- ды кæны, фæлæ иу тыгъд быдырмæ бафтыдыстæм. Хур касти цъæх ар- вæй, зæрдæ рухс кодта дунейы уындæй. Мах нæ цыды кой кæнæм. Хур акъули. Дзæвгар ма уыдаид йæ аныгуылынмæ, афтæ ныл æвиппайды цъæх мигъ ныббадти. Мигъ та ахæм мигъ, æмæ дуне батар. Нал уыд- там нæ развæндаг, нал зыдтам, кæдæм цæуæм. Бирæ фæтухи кодтам уьщы хуызы бæхæй, лæгæй. Хурныгуылæн афон мигъ йæхи систа. Кæ- сæм, æмæ нæ размæ хох, хохы та — лæгæт. Нæхи баластам лæгæты дуармæ, уæдæ цы уыдаид, кæд дзы, миййаг, нæхи бахъарм кæниккам, зæгъгæ. Уалынмæ кæсæм, æмæ лæгæтмæ йæ фосы дзуг æрыскъæры иу- дзæстыг уæйыг. — Æгас цæут, уазджытæ! — дзуры иудзæстыг уæйыг. — Фысым бакæнут! — Дæ фос бирæ! Фысым агурæг стæм мах дæр, — загътон æз. Иудзæстыг уæйыг лæгæты дуарæй иу дынджыр къæдзæх дур райста æмæ мидæмæ баскъæрдта йæ фосы дзуг, мах дæр сæ фæдыл æд бæхтæ бацыдыстæм лæгæтмæ. Фос бафснайдта уæйыг, нæ бæхтæ афс- найдтам мах дæр. Уæйыг арт бандзæрста лæгæты, мах дæр арты фарс- мæ нæхи бахъарм кодтам, стæй уæйыг фосы дзугмæ бацыд, сæ раз- дзог нæл сæгъы сын раласта æмæ нын æй æхсæвæрæн аргæвста. Аг фыцы уæларт. Хабæрттæ дзурæм нæ кæрæдзийæн. Уалынмæ фыдтæ сфыхтысты. Райста аг æмæ фынг æрцарæзта. — Уазджытæ, æфсæрмы ма кæнут, фæлæ уæ курын, стæг ма фæ- хъæн кæнут æмæ сæ мæнæ фæсдæлтъур æвæрут, — загъта иудзæстыг уæйыг. Мах дæр афтæ бакодтам, уæдæ цы уыдаид. Бахуыссыдыстæм лæгæты къуымы. Райсомæй рабадтыстæм, æмæ уæйыг дзуры: 283
— Уазджытæ, æз тæрын мæ фосы къорд хизынмæ, сымах цæуын куы сфæнд кæнат, уæд — фæедараст, кæшод т,а уын — фысьим. Æмæ аскъæрдта йæ фосы дзуг, ма сæ байрайа, йæхæдæг лæгæты дуарыл къæдзæх дур æрбафæлдæхта. — Ауай-ма, дуар бакæн! Цы ныл æй «æрбахгæдта, цъынд æхгæд æй ныккæна! — дзурын кæстæр лæппумæ. Кæстæр лæппу ацыд, фæцар- хайдта, фæлæ йын дур змæльин дæр нæ бакуымдта^ Араст дыккаг æфсы- мæр — дыууæйæн дæр нæ бакуымдта. Фæстагмæ æвзарын байдыд- там нæ тых аст лæгæй, фæлæ йын байгом кæнынæн ницы бафæ- рæзтам. Мысты зæрдæ къæппæджы куыд вæййы, афтæ уыди мах зæрдæ дæр уæйыджы лæгæты. Дæ балгъитæг уый бавзарæд, мах цы бавзæр- стам уыцы бон. Æризæр, афтæ уæйыг æртардта йæ фооы дзуг, дуар бакодта, æр- баокъæрдта сæ лæгæтмæ, дзуры нæм: — Нæма ацыдыстут, сæрæй! Хъыппæй-сыппæй ницы сдзырдтам уæйыгмæ. — Уазджытæ, æхсæвæрæн нæ исты амал хъæуы, — дзуры уæйыг. — Фосы дзуг дæумæ, хæдзар — дæ хæдзар. Мах цæй æхсæвæрыл бадоминаг дæ? — загътон æз. — Аст бæхы уæм сæ цармыдзæгтæ куы ис, авд фырты дын иннæ ахæм, — уыдон æхсæвæрæн куыннæ бæззынц, — дзуры иудзæстыг уæ- йыг. Уыйадыл иу бæх æрбаласта æмæ йæ сæргæвста, стæй фæсдуар мæнæн мæ фырттимæ стыр уæрм скъахын кодта. Бахордтам нæ бæхы, уæдæ цы уыдаид. Бæхы стджытæ, бæхы царм уæрммæ ныккалдта. Уыцы æхсæвæй фæстæмæ дæ хæраммæ бæллæгыл дæр уыцы бонтæ макуы скæнæд, мæныл цы бонтæ ауади уæйыджы лæгæты! Аст бæхы æмæ мын мæ авд фырты бахордта уæйыг мæ цæст уынгæйæ. Фæстаг- мæ та мæм дзуры хынджылæггæнгæйæ: — Уазæг, ам ма дæ, сæрæй! Уæхстыл мæ бакодта, уæхст арты фарсмæ æрсагъта, йæхæдæг æр- хуыссыд æмæ уайтагъд йæ хуыр-хуыр ссыди. Лæгæты дуар та гомæй аззади. Æз тых-амæлттæй раирвæзтæн лæгæтæй, мæ суангварс афизо- нæг, афтæмæй, æмæ уыцы хуызæнæй сирвæзтæн нæ хæдзармæ. Уыдон дын мæхи æмæ мæ хæдзары хъуыддæгтæ. Уæдæ хъæубæсты хъуыддаг дæр афтæ: бацарæфтыд нæ кодта иудзæстыг уæйыг, змæлæг нæ нал ныууагъта, аныхъуырдта æгас хъæубæсты æд фос. Гъе уый дын нæ ха- бæрттæ. Зæрдæ кæмæй схъæлдзæг уа, ахæм хабæрттæ не ’сты. — Цы уа, уый уæд! — загъта цуанон. — Нæй мын иудзæстыг уæ- йыджы æнæ бацагургæ. Кæнæ уый — кæнæ æз! — Фæлтау дæ фæрныг хæдзар куы ба>цагурис, — загъта суангварс рыст адæйимаг, — кæннод ды дæр йæ амæттаг кæныс. 284
— Райсом мын æдзæугæ нæй, — загъта цуанон. — Æз мæ царды сæр нал райсдзынæн! Иудзæстыг уæйыг бацагъуыйæд æмæ адæмы сихсийын кæнæд, — уый нæ уыдзæн! Æхсæвы баулæфыд цуанон уазæгуаты. Райсомæй йын чызг фæн- даггаг ацæттæ кодта, — хæссынæн рог, хæрынæн адджын. Хæрзбон загъта цуанон суангварс зæрондæн æм,æ йæ чызгæн. Æрдын йе ’фцæ- джы æрæфтыдта, фæттæ, фæндаггаг райста æмæ араст балцы — иу- дзæстыг уæйыджы агурæг. Цас фæцыдаад, чи зоны, фæлæ иу фæосихор тар цъæх мигъ æрæх- гæдта арв, æрæмбæрзта зæхх. Уæд цуанон фат фелвæста æмæ йæ цъæх мигъыл суагъта. Æхст, æмæ цъæх мигъ фезмæлыди, къуыбылæйттæ кæ- нын байдыдта, ранæй-рæтты арвыцъæх фæзынд. Мигъæй æрдзыр- дæуыд: — Иу хатт-ма! Иу хатт-ма! — Нæ, — загъта цуанон, — æз Уациллайау иуæхстон дæн. Мигъ айста йæхи, хур ракаст, бæстæ ныррухс. Арвы кæрæттæ фæ- зындысты. Цуанон кæсы, эемæ иу фмййау йæ фосы къорд æрбатæры. Хæстæгдæр æм куы æрбацыд, уæд æй базыдта: уый разынди иудзæстыг уæйыг, йæ иу синæй иучысыл чиуы. — Æгас цу, уазæг! — дзуры уæйыг. — Дæ фос бирæ уæд, фиййау! — Фысым дын уыдзынæн, уазæг! — Уæдæ ма æз дæр изæрыгон кæдæм фæцæуинаг дæн, — загъта цуанон, æмæ æрфысым кодта иудзæстыг уæйыджы лæгæты. Æхсæвæрæн уæйыг йæ нæл сæгъ раласта æмæ йæ сæргæвста. Хæ- рын афон уæйыг ф>ынг æрцарæзта æмæ цуанонмæ дзуры: — Уазæг, стæг ма фæхъæн кæн! Бахордтой, уæдæ цы уыдаид. Хæрды фæстæ уæйыг стджытæ рам- бырд кодта, уæнг уæнгыл æвæрын байдыдта æмæ сæгъы стæгдар уа- дидæгæн арæвдз. Уæд уæйыг тæрхæгæй райста ньгмæтын ехс, æрцавта дзы сæгъы стæгдар, «Цыкы, боцъо!» зæгъгæ, фæкодта, æмæ нæл сæгъ, къæрцц-къæрцгæнгæ, дзуджы астæу скуыси. Æхсæвы бахуыссыдысты. Райсомæй уæйыг сæударæй дзуры цуа- нонмæ: — Куы раст кæнай миййаг, уазæг, уæд-иу фæндараст! Намæ дын — фысым. Уыйадыл фосы дзуг лæгæтæй ауагъта æмæ йын къæйдур йæ ба« цæуæныл æрфæлдæхта. «Бæрæг дæм уыдзæн ныр, цуанон! — загъта цуанон йæхинымæр,— иудзæстыг уæйыг мæныл дæр сфæнд кодта». Цанæбары ма бафынæй уыдаид цуанон: сыстади, арт бакодта, стæй лæгæты дуармæ бацыд, къæдзæх дурмæ бавнæлдта æмæ йæ иу- варс фехста. Базылд йæ бæхмæ, раласта йæ æддæмæ, сахсæн ыл сæ- 285
вæрдта æ<мæ йæ хизынмæ ауагъта. Бон-изæрмæ фæбадти, фенхъæлмæ касти. Уалынмæ иудзæстыг уæйыг дæр æд фосы дзуг фæзынди. — Ам ма куы дæ? — загъта уæйыг. — Мæ фæллад цæмæй суадзон, уый тыххæй ма баурæдтон мæхи, мæ бæх дæр иучысыл баулæфа, æгæр мын бафæлмæцыд дард фæн- дагыл. Иудзæстыг уæйыг бафснайдта йæ фосы дзуг, цуанон дæр базылд йæ бæхмæ. — Уазæг, æхсæвæрæн нæ амал хъæуы! — загъта уæйыг. — Фосы дзуг дæумæ, фыеым ды, æз дын кæцæй æрхæссон æх- сæвæйраг? — дзуры цуанон. — Нард бæхы фыд дæр уыйбæрц æнад нæу, — загъта уæйыг. — Уæдæ! Мæ бæх дæуæн бахæрын кæндзынæн, стæй мæхæдæг фистæгæй куыд ахырхон! — дзуры цуанон. — Ды мын æй нæ бахæрын кæндзынæ, фæлæ дзычæз мæхæдæг хорз фендзынæн мæхи! — загъта уæйыг æмæ араст уазæджы бæхмæ. Цуанон уæйыджы размæ алæууыд. Кæрæдздаы тæрттыл ныффидар сты. Хæцынтæ байдыдтой, хæцынтæ, æмæ иудзæстыг уæйыг цуаноны бын фæци. — Тагъд, мæ авд æфсымæры мын æд бæхтæ ракæн, кæннод дын, фысау, дæ къубал лыг кæнын! — дзуры цуанон. — Дæлæ фæсдуар уæрм, — ныххиз уырдæм, калын сын байдай уæлбылмæ се ’стæгдар. Æз, уæнг уæнгыл æвæргæ, афтæмæй сæ нымæ- тын ехсæй цæвдзынæн, æмæ иууылдæр райгас уыдзысты, загъта уæйыг. — Уæдæ, уæдæ! Æз уæрммæ куы ныххизон, уæд мæ ды уыцы ран цæрдудæй куыд баныгæнай сыджыты бын: ныххиз дæхæдæг, кальгн байдай стæгдар æмæ сæ æз мæхæдæг æгас кæндзынæн. Иудзæстыг уæйыгæн ма цы гæнæн уыд! Ныххызт фæсдуар уæрм- мæ! Калын байдыдта уырдыгæй стæгдартæ. Цуанон уæнг уæнгыл æвæ- ры, нымæтын ехсæй сæ цæвы, æмæ авд хатты хуыздæр фестынц. Нал суагътой иудзæстыг уæйыджы уæрмæй: цæрдудæй йæ баны- гæдтой уыцы ран. Æхсæвиуат бакодтой лæгæты. Райсомæй раджы фо- сы дзуг раскъæрдтой сæ разæй, рахастой нымæтын ехс æмæ рафардæг сты. Фæз циу, уымæй иууылдæр стæгдар. Уыдон уыдысты, уæйыг кæй фæхордта, уыцы адæмы æмæ фосы стæгдартæ. Нуанон æмæ авд æфсымæры февнæлдтой кусынмæ: уæнг уæнгыл æвæрдтой æмæ сæ нымæтын ехсæй цавтой. Уыцы хуызæнæй дзæвгар бакуыстой цуанон æмæ авд æфсымæры. Къах кæм æрæвæрдтаис, уый нал баззади фæзы, уыйбæрц адæм æмæ фос райгас и цуаноны руаджы. Араст сты дзыллæтæ цуаноны фæстæ. Куы баввахс сты æдзæрæг хъæумæ, уæд цуанон баурæдта дзыллæйы æмæ сæм дзуры: — Ныр баздæхут, æмæ уæ алчи бацагурæд йæ фæрныг хæдзар. 286
— Нæ, — загътой дзыллæ, — ныр мах дæуæй нал фæхицæн уы- дзыстæм. Бирæ фæдзырдтой, фæуынаффæтæ кодтой, фæлæ сын уавддæр цуа- нон загъта: — Æз сымах тыххæй фæцыдтæн сохъхъыр уæйыгмæ. Адæмы тых- хæй стох кодтон йемæ, фервæзын уæ кодтон, æмæ ныр фæрнджынæй цæрут уæ бинонтимæ. Уыдон дæр уæлдай ницыуал загътой. Алчи сæ йæ хæдзармæ фæцыд. Цуаион æмæ авд æфсымæры суанг- варсы хæдзары балæууыдысты, уæдæ цы уыдаид! Зæронды нымæтын ехсæй æрцавтой, æмæ саджы хуызæн сæрæгас фестад. Арвыста хицау йæ авд чьшдзы цæгæттæм, æмæ чындзытæ уайтагъд фæзындысты сæ райгуырæн хæдзæрттæй сæ цæрыны хæдзæрттæм. Хæдзары хицау стыр циндзинад сарæзта цуанон æмæ йæ авд фыртæн. Алцыппæт лæвар код- та цуанонæн, фæлæ цуанон ницы бакуымдта. — Мæн мæ фосы дзугæй фæстæмæ ницы хъæуы, — загъта цуанон æмæ афардæг йæ хæдзармæ. Уый æрцыдмæ дзæбæхæй, амондимæ фæцæрæнт, ацы аргъаумæ чи байхъуса, уыдон. ^4«У
0,**^ ЦÆХДЖЫН ХОЙРАДЖЫ АРГЪ Царди мæгуыр лæг, æмæ йын уыдис иунæг фырт. Иу бон мæгуыр лæг йæ фыртмæ фæдзырдта æмæ йын аф- тæ зæгъы: — Цалынмæ ма удæгас дæн, уæдмæ фæцу мæ рагон хæ- лармæ æмæ дзы мæ хæс дæр æрхæсс. Дæ фæндаг дард уыдзæн, æмæ дын фæдзæхсын, фæндагыл уа, бынаты уа, уæддæр кæрдзын иунæгæй макуы бахæр. Сцæттæ кодтой лæппуйæн фæндаггаг, æмæ ацыд балцы, уæдæ цы уыдаид. Цас фæцыдис, чи йæ зоны, фæлæ бахæццæ иу суадонмæ. Суадоны цур бады иу зæронд лæг, хæринаг æм ницы ис, афтæмæй, æмæ йæ фæллад уадзы. Мæгуыр лæджы фырт систа йæ фæндаггаг æмæ зæронд лæгмæ дзуры: — Барвæсс, зæронд лæг, мæ хус къæбæрыл, цæхджын хойраг адæ- мæн иумæ у. Зæронд лæг арфæ ракодта лæппуйæн, æмæ аходæн бахордтой. Цæуынтæ райдыдтой иумæ æмæ изæры бахæццæ сты, лæппу цы хъæу- мæ цыд, уырдæм. Зæронд лæг хъæугæрон фæдæлдзæх, лæппу йæ фы- сымтæм иунæгæй бацыд. Хорз суазæг кодтой лæппуйы йæ фыды хæлæрттæ. Радтой йын хæ- сы æхца, скодтой йын хорз фæндаггæгтæ, æмæ та дыккаг бон лæппу йæ фыды хæдзармæ рараст. Иу дзæвгар куы рауади хъæуæй, уæд та кæсы, æмæ уæртæ зæронд лæг фæцæуы. — Аипп ма уæд, ме ’мбæлццон, фæлæ кæй фæхицæн дæ, уый мын хъыг уыди. Мæ фысым нæ дыууæйы дæр суазæг кодтаид. — Афтæ у, лæппу, фæлæ æз дæр дæ фысыммæ уыдтæн. — Ау, уæдæ дæ æз куыннæ федтон? — Лæг нæ дæн æз, — загъта зæронд, — удхæссæг дæн æз, æмæ дæ фысымы уд исынмæ уыдтæн. Ныронг дæр æм æрцыдаин, фæлæ йын ха- 288
тыр уыдис: афтæ-иу куывта, хуыцау, хæсджынæй мæ ма амар, зæгъгæ. Лæппу фæхъыг кодта йæ фысымы зианыл, фæлæ ма дзьг цы рауа- даид. Аходæн афон куы æрцыди, уæд та кæрдзын иумæ бахордтой, æмæ уæд лæппу фæрсы: — Уæдæ мын мæ уд хæссынмæ та кæд æрцæудзынæ? — Лæппу, хуыздæр уаид, уымæй мæ куы нæ фæрсис, уæд. Дæзæр- дæ йемæ дзурдзæн, æмæ дьгн зын уыдзæнис. — Кæм фембæлдыстæм, уым уæлдай нал у, зæгъ мын æй. — Уæдæ ус куы ракурай æмæ йæ куы æрхæссай, уæд куыддæрид- дæр ног чындзы сæрызæдыл бафæдзæхсой, афтæ дын дæ уд хæссынмæ æрцæудзынæн. Лæппуйæн йæ ускурæн афон æрцыди, фæлæ ма кæм куымдта ус курын. Хæстæгæй, хицонæй йæм æрхатыдысты, æмæ йык гæнæн куы нал уыд, уæд сразы. Удхæссæг ын цы загъта, уый зæгъын та йæ сæр- мæ нæ хаста. Æрхаста ус, уæдæ цы уыдаид. Ног чындзы сæрызæдыл куыддæрид- дæр бафæдзæхстой, афтæ удхæссæг лæппуйы уæлхъус февзæрди. — Æххæст ма мæ фыдимæ аныхас кæнон, — зæгъгæ, лæппу бар ракуырдта удхæссæгæй æмæ йæ фыдмæ бацыд. Радзырдта йын, удхæс- сæг æм кæй æрцыд, уый. — Æнхъæлдæн, лæппу, цы дын фæдзæхстон, уый дæ зæрдыл нæ бадардтай, — загъта фыд. — Мæ хуыцау — ме ’вдисæн, дыууæ хатты фембæлдтæн ацы зæ- ронд лæгыл, æмæ дыууæ хатты дæр иумæ бахордтам кæрдзын. — Уæдæ йæм бацу æмæ йын зæгъ: «Цæхджын хойрагæн ницы аргъ кæныс?» Лæппу бацыд æмæ удхæссæгæн загъта, йæ фыд ын куыд баца- мыдта, афтæ. Удхæссæг уымæн дзуапп раттын нæ бафæрæзта æмæ фæ- цыд мæрдты бæстæм Барастырмæ æмæйæтæрхоны лæгтæм. Иннабо- нæй-иннабонмæ фæтæрхон кодтой уым æмæ нæ бафæрæзтой цæхджын хойрагæн аргъ скæнын, уыйбæрц зынаргъ сæм фæкаст цæхджын хой- раг. Уыйадыл ног усджын удæгасæй баззади. ^ 19 Ирон адæмы аргъæуттæ
(^«к^О*?*^^*^ УАРИЙЫ КÆСТÆР ФЫРТ Æ„æЗЖ„*г Лет *мæ æ„*зæ„Жг ус уЫд„. Зæ„*г сы„ куь, „ цыди, уæд иу бон Уари, — афтæ хуыдтой лæджы, — загъта: — Цæй æмæ ме ’мбæлттимæ ацæуон хæтынмæ, — цуан дæр фæкæндзыстæм, мæ эæрдæйы рис дæр фæкъад- дæр уыдзæн, мæхи куы аирхæфсон, уæд. Уыйадыл йе ’мгæрттæй дыууадæсмæ басидт æмæ сын загъта: — Иу æмæ дыууæ хатты, миййаг, нæ уыдыстæм хæтæны иумæ. Æрфæндыд мæ уемæ абалц кæнын. Æмæ уæхи барæвдз кæнут. Се ’мбалы ныхæстыл æмгæрттæ дыууæ нал загътой. Æртындæсæй араст сты хæтынмæ. Æмбисбонмæ фæцыдысты. Скодта сыл иттæг æнтæф бон. Сау быдыры зæхх хуры тæвдæй скъуыд- тæ кодта. Дойныйæ тыхсынц, фæлæдонæн йæкой дæр нæй. Фæстагмæ хъæдрæбынмæ бахæццæ сты. Æрынцадысты уыцы ран æмæфæнды ба- дынц. Уари загъта: — Сæфæм дойныйæ! Баздæхæм æмæ ацы ран фæйнæ мæскъыл ацæуæм дон агурæг. Нæ дзырд сиу кæнæм: дон нæ раздæр чи ссара, уый-иу цæхситт кæнæд, æмæ йæм æрæмбырд уыдзыстæм. Араст сты. Уари иу мæскъыл фæцæуы, æмæ иу ран иу тæрс бæласы бынæй сау суадон кæлы. Лæг бацин кодта, систа йæ худ, æрбадт йæзо- ныгыл, дон банызта, стæй цæхситт кодта йæ тых йæ бонæй, йе ’мбæлт- тæ йæм цæмæй æрцыдаиккой, уый тыххæй. Уарийы æхситтмæ тæрс бæлас фæфæлдæхт æмæ уырдыгæй æвдсæ- рон уæйыг рагæпп ласта. — Чи куыдз, чи хæрæг? Мæ бæласы фарсмæ чи æхситт кæны, мæ- нæй дзы сыбыртт скæнын куы ничи уæнды, уæд? — Хуыцау мæ ралгъыста, — загъта Уари, — зæронды бонмæ мын зæнæг нæрацыд, æмæ дыууадæсбарæгимæ рацыдтæн мæхи аирхæф- сынмæ, кæд мæ зæрдæйы рис фæкъаддæр уаид, зæгъгæ. Æмæ дойныйæ 290
куыд тыхстыстæм, уымæ гæсгæ фæпырх стæм дон агурæг. Æз дон ссардтон æмæ ме ’мбæлттæм цæхситт кодтон дон нуазынмæ. Уый дын мæ хабар. Уæйыг æм дзуры: — Мауал хъыг кæн уæдæ. Аздæх дæ хæдзармæ — дæ ныццыдмæ дын уыдзæн æртæ хорзы, — фæлæ дзы иу мæн куыд уа, афтæ. — Мæнæн ма зæнæг рацæуæд, уый йедтæмæ хæрзтæ се ’ппæт дæр дæу фæуæнт. Уæйыг та фæстæмæ бæласы бынмæ байста йæхи, æмæ йыл бæлас куыд лæууыд, афтæ фестад. Се ’мбалы æхситтмæ иннæтæ дæр æрбамбырд сты, дон банозтой уыдон дæр. Æмæ сæм Уари дзуры: — Цомут фæстæмæ нæхимæ: æгъгъæд фод хæтынæн. Раздæхтысты, уæдæ цы уыдаид! Уарийы ныццыдмæ йæ усæн æртæ лæппуйы райгуырд. Цæуылнæ бацин кодтаид лæг! Куывд окодта, адæмы æрхуыдта, æмæ иннабсшæй-иннабонмæ фæминас кодтой, фæхъазыдысты, фæзары- дысты. Иу къорд азы рацыд, æмæ лæппутæ фæхъомыл сты. Иу бон, дын, Уари æрбасидт хистæр лæппумæ æмæ йын дзуры: — Гъе уыцы ран мын хæс фидинаг ис, лæппу, æм.æ йæ бафиддзы- нæ, æви нæ бафиддзынæ? — Æмæ дын кæд хæс фидинаг ис, уæд æй дæхæдæг бафид, уый йедтæмæ йæ æз дæ бæсты цæмæн хъуамæ бафидон? Æрбасидт астæуыккагмæ, фæлæ уый дæр загъта хистæры дзуапп. Уæд лæг арвыста йæ кæстæр лæппумæ. Æрбахастой йæ, уæдæ цы! Фæлæ ма уыди æнахъом, æнæмбаргæ саби, æмæ йæ фæрсгæ дæр куыд бакодтаид! — Æндæр гæнæн мын нæй, æмæ уæйыгæн ацы сывæллоны арви- тон, — ахъуыды кодта Уари. Дыккаг бон Уари æрбасидт йæ дыууадæс æмбалмæ, иуахæмы хæтынмæ кæимæ ацыди йæхи аирхæфсыны тыххæй, уыдонмæ, æмæ сын загъта: — Мæнæ ацы лæппуйы ахæссут, хæтæны ацæугæйæ дон кæм ба- нозтам, уыцы бæласы бынмæ, æмæ иу ныхъхъæр кæнут: «Уæйыг, мæнæ дын Уари дæ хæс æрбарвыста». Æмæ-иу лæппуйы уым ныууадзут, уæ- хæдæг та рацæут фæстæмæ. Лæппуйы бæласы бынмæ скодтой, ныхъхъæр кодтой уæйыгмæ: «Мæнæ дын Уари дæ хæс æрбарвыста», сæхæдæг раздæхтысты фæс- тæмæ. Бæлас фæфæлдæхт, æвдсæрон уæйыг дзы рагæпп ласта æмæ лæп- пуйы мидæмæ бахаста. Уæйыг уыцы сывæллоны сырды магъзæй схаста. 291
Цал азы ращыди, чи зоны. Лæппу слæг и. Уæ йæ кондæн, уæ йæ уындæн æмбал нæ уыди, иннæ ахæм йæ хъару! Уæйыг лæппуйы афтæ уарзта, æмæ йыл æрхъæцмæ нæ хъæцыди. Фæлæ лæппу рæзыд æмæ рæзыд, уæйыг та зæронд кодта. Уæд иу ахæмы уæйыг дзырд æрхаста: — Мæ цæргæ-цæрæнбонты фæбæллыдтæн мæ хæзна ме ’знагæй фæстæмæ байсынмæ. Æмæ мæ къухы нæ бафтыд. Афтæмæй амæлон, уый мæ нæ фæнды. — Æмæ уагæр цавæр хæзна у, стæй дын æй чи байста, уый чи у?— загъта лæппу. — Дард дыууæ хохы фырыты хæст кæм кæнынц, — райдыдта дзу- рын зæронд уæйыг, — уым царди ме ’знаг уæйыг, уый мын байста мæ хæзна, йæхæдæг амард ныр. Базæронд дæн, ныфс мæ нал ис, æндæр æм зæрондæй дæр фæцыдаин. — Баба, æмæ йæм æз дæ бæсты фæцæудзынæн, чи зоны, æмæ мæ къухы бафта уыцы хъуыддаг бакæнын, уæдæ ма мæ оырды магъзæй цæмæн фæхастай ацал-ауал азы? — Саби ма дæ, исты дыл куы æрцæуа миййаг, мæ уарзон хъæбул. — Баба, нырæй хуыздæр хъару мæм нал æрцæудзæн: фæндаг мын ратт, ауадз мæ, намæ мын мæ цард ад нал фæкæндзæн. Нæ разы кодта уæйыг. Фæлæ фæстагмæ фæндаг радта лæппуйæн, йæ бар ын йæхи ауагъта. — Фод дæ фæндон, бантысæд дьш, мæнæн цы нæ бантьют, уый,— дзуры зæронд уæйыг. — Мæнæ дын авд дæгъæлы. Дыууæ хохы фыры- ты хæст кæм кæнынц, уый фæстæ комы ис иу галуан, галуаны авд уаты, авд дæр гуыдыртæй æхгæд. Баздæх æмæ-иу ацы дæгъæлæй кæнгæ ба- цу авд дуары: цы дуар-иу байгом кæнай, уый та-иу ахгæн дæ фæстæ. Дуæрттæ куы бакæнай, — дзырдта дарддæр зæронд уæйыг, — уæд уæтты фендзынæ бирæ адæм: чи дæ йæ фырт хондзæн, чи йе ’фсымæр, чи йæ хæлар, йæ хæстæг; фыд, хорз макæмæ сдзур мидæмæ цæугæйæ дæр, æддæмæ цæугæйæ дæр. Æвдæм уатмæ куы бацæуай, уæд бамбар- дзынæ дæ балцы ныса<н: уым ис мæ хæзна, æмæ-иу æй рахæсс. Араст лæппу уæйыджы хæдзарæй, уæдæ цы уыдаид. Дыууæ хохы фырыты хæст кæм кодтой, уырдыгæй баирвæзт сæрæгасæй; галуан дæр ссардта. Уæйыджы ныстуан æххæстгæнгæйæ, бацыд æвдæм уатмæ. Уа- ты — цырагъдарæн, дыууадæсыссæдзкъухджын цырагъдарæн. Арвы стъалытау æрттывтой йæ къухтæ. Райста уæйыджы хъан диссаджы хæзна æмæ рацæуы фæстæмæ, дуæрттæ æхгæнгæ йæ фæдыл. Никæмæ ницы дзуры дунейы адæмæй. Уæд æм кæройнаг уаты иу чызг дæтты ноджы цырагъдарæн, дæл- вæд-уæлвæд нæ фæцадаид иннæ цырагъдарæнæй, æмæ дзуры: — Лæппу, æххæст-ма мæнæ ацы цырагъдарæн дæр ахæсс, хайыр дьга уæнт дыууæ дæр, — махæн дзы пайда нал ис. 292
Лæппу йæм куыд февнæлдта чызджы цырагъдарæнмæ, афтæ га- луан дæр, адæм дæр, дыууадæсыссæдзкъухджын цырагъдарæн дæр фæ- цыдæр сты. Лæппу иунæгæй аззад. Кзесы, æмæ иуырдæм дæр фæндаг нал; дыууæ хохы, фырыты хæст чи кодта, уыдон сæ хæстæй банцадысты æмæ фæндаг сæхгæдтой. — Мæ хъуыддаг иуыл хæрзтæй нал у, — дзуры æлдары фырт, — фæлæ мæхи кæмæн сбуц кæнон, хъæстытæ кæнын кæмæн райдайон, ахæмæй дæр ацы ран ничи ис; ардыгæй аирвæзынæн исты амал ссарын хъæуы. Уалынмæ фæкаст, æмæ хæхбæсты дæттæ алырдыгæй иу ранмæ кæ- лынц æмæ уым зæххы бын сæфынц. «Адон, æвæццæгæн, хæхты бын нæ баззайдзысты, искæуылты сын фæыдаг уыдзæн быдырмæ, — хъуыдытæ кæны æлдары фырт. — Хъуа- мæ донвæды мæнæн дæр фæндаг æрцæуа. Фæлæ куыд?» Ахъуыды кодта лæппу. Ахъуыды кодта æмæ æвиппайды фæрасг и хохы фахсмæ: уым ауыдта рæгъаугæсты сæ рæгъæуттимæ. Рæгъаугæс- тæ иу къамбец æрбакодтой æмæ йæ æргæвдынмæ хъавыдысты. — Уæ бон хорз! — загъта сын лæппу. — Æгас нæм цу, уазæг, — дзуапп радтой рæгъаутæстæ. — Афтæ æмæ афтæ, — загъта лæппу, — ардæм æруадтæн балцы, æмæ мыы фæндаг нал ис. Курын уæ, уæ къамбец æргæвдут, фæлæ йæ акæнут мæхæлыстыгъд, лалымыстыгъд, мæн цæвæрут уыцы цармы æмæ мæ доны цæппарут. — Хорз, — сразы сты рæгъаугæстæ. — Фæндаггонæн баххуыс кæ- нын махæн нæ хæс у. Дыууæ рæгъаугæсы сæ къамбец аргæвстой, мæхæлыстыгъд, лалы- мыстыгъд æй бакодтой. Уый фæстæ лæппу лалымы бацыди, лалымы хъуыр æнгом бабастой æмæ йæ доны баппæрстой. Фондз боны æмæ фондз æхсæвы хохы бын дон-дон лалымы хуыл- фы фæленк кодта Уарийы кæстæр фырт, зæронд уæйыджы хъан. Стæй дон йæ цыдæй куы фæсабырдæр, уæд баздæхт æмæ кардæй лалым фæцагайдта, — лæппумæ рухс æрбакаст, фæлæ быдырмæ бын- тон нæма рахызт. Иу бон æмæ ма иу æхсæв куы фæцыди, уæд лалым тынгдæр фæцагайдта. Кæсы, æмæ быдырмæ рахæццæ. Хур æрцæй- ныгуылди, афтæ лалым доны былмæ баздæхта æмæ рахызти сурмæ. Былгæрон фæндаг-фæндаг фæцæуы, æмæ йыл кæсагахсджытæ амбæл- дысты: сæ хызтæ, сæ кæфтæ уæрдæтты æфснайдтой. — Уæ фæндаг раст æмæ бирæ ахсат! — Дæ хъуыддаг раст, — дзурынц æм кæсагахсджытæ. — Уазæг, афтæмæй дæ нæ ауадздзыстæм: дæ амондыл ма нæ хызтæ доны æппа- рæм, фæстаг æппæрст. 293
Баппæрстой, уæдæ цы уыдаид, æмæ иу кæф раластой: йæ дæргъ дыууадæс æрмæрины, æртæ æрмæрины та йæ уæрх. — Дæ амонд хорз фод, уазæг! Мæнæ дын аныгъ, схон, цæхх, ай та дын кæф, æмæ-иу базил дæхимæ. Арфæ сын ракодта Уарийы фырт, æмæ кæфахсджытæ араст кодтой сæ хæдзæрттæм. Лæппу доны был æрбынат кодта: арт бандзæрста æмæ кæфы гуы- быныл цыргъ кард æрсæрфта. Кæфы гуыбын адзæнгæл ласта, хуылфы дзауматæ калы æмæ... Уæу, мæнæ диссæгтæ! Кæфы гуыбыны кæд ра- зынд йæ дыууадæсыссæдзкъухджын цырагъдарæн! Цæуылнæ бацин кодтаид Уарийы фырт, зæронд уæйыджы хъан! Афизонæг кодта кæфæй, æрбадт хæрыныл, фæлæ къæбæр нæй. «Ныр ма иу чысыл къæбæр, уæд хорз та куыннæ уаид», — дзуры лæлпу йæхинымæр. Æмæ рауын-бауын кæны цырагъдарæн, стæй йæ зæххыл куыд æрцæйæвæрдта, афтæ йын æнæбары æрхауд зæхмæ... Æрхауд, уæдæ цы уыдаид, æмæ уыйадыл йæ разы фестад хæдтулгæ фынг æд хæрд, æд нозт. Лæппу куыннæ ныддистæ кодтаид! Адон раздæр куын- нæ зыдтон, зæгъгæ, дис кæны, фæлæ уæддæр бахордта, банозта, æмæ та фынг цыдæр æрбаци. Уый фæстæ лæппу систа цырагъдарæн æмæ фæцæуы. Талынггæ- рæтты бахæццæ иу хъæумæ. Хъæугæрон сидзæргæс усы мæгуыр хæ- дзары æрынцад фысыммæ. Сидзæргæс ус бакатай кодта, уæдæ мæ уа- зæджы цæмæй фæхынцон, зæгъгæ. Иунæгæй фæуагъта уазæджы, йæхæдæг сыхæгтæм ауади, кæд йæ уазæгæн исты хæринаг ацамал кæнид, зæгъгæ. Лæппу бамбæрста сидзæргæсы сагъæс. Дыууадæсыссæдзкъухджын цырагъдарæн зæххыл æрхоста æмæ загъта: «Цыппар æддæгуæлæ хæ- дзар фестæд сидзæргæсы кæрты». Ус дæр уалынмæ æрбаздæхт сæ сыхæгтæй; йæ кæрт нал базыдта æмæ ног хæдзары рæзты фæцæйцыди дарддæр. Зæронд уæйыджы хъан æм ног хæдзарæй радзырдта: — Раздæх, хорз ус, ацы хæдзар дæ хæдзар куы у, мæнæ уый та — йæ кулдуар. Бацыди ус йæ ног арæзт хæдзармæ, æмæ куыннæ ныццинтæ код- таид! Бирæ арфæтæ фæкодта йæ уазæгæн æмæ æхсæвæры тыххæй зи- лæнтæ кæны. Уæд лæппу дыууадæсыссæдзкъухджьш цырагъдарæн зæххыл æрцавта, æмæ уазæг æмæ усы раз æд хæрд, æд нозт фынг фес- тади. Бахордтой, банозтой. Æмæ та фынг йæхи афснайдта. Хуыссын афон уазæг дзуры æфсинмæ: — Æз цыппæрæм уæладзыгмæ ссæудзынæн æмæ уым æрынцай- дзъшæн, ды та ам. Æмбисæхсæв зæронд уæйыджы хъан райхъал æмæ сагъæстыл 294
фæци. Уалынмæ, дын, бæстæ æвиппайды ныррухс æмæ уадидæгæн фæстæмæ баталынг, стъалытæ та сæрттывтой арвыл. Райсомæй уазæг фæрсы сидзæргæсы: — Цавæр æмбисонд уа: дысон бæстæ фæрухс, стæй та баталынг? — Уый æлдары чызг райхъал йæ фынæйæ æмæ, æвæццæгæн, йæхи аивæзтытæ кодта йæ хуыссæнуатыл, — загъта ус. — Æмæ йын фенынæн амал не ’рцæуид? — Æлдар æй æддæмæ нæ уадзы, никæмæ йæ æвдисы. Сагъæсыл сси Уарийы фырт: уыцы чызджы куы нæ фена, уæд гæ- нæн нæй. Фæлæ йæ уынгæ дæр цы амалæй фæчындæуа: арвыл æмбæлд æлдары мæсыг, йæ тæккæ цъуппыл та — чызджы уат. Дыккаг æхсæв, фæсахсæвæр, æлдары хъæу тарф фынæй куы баци, уæд лæппу йæ цырагъдарæн зæххыл æрцавта æмæ хæдзарæй æлдары мæсыджы сæрмæ фестад хæрзаив хид, æндон æфсæйнагæй арæзт. Лæппу ссыди æлдары чызгмæ, бакаст æм рудзынгæй æмæ ныддис кодта: «Ай хуызæн рæсугъд чызг никуыма федтон, стæй, æвæццæгæн æмæ, уынгæ дæр нæ фаакæмдзынæн». Лæппу фæстæмæ раздæхт, æрдавта цырагъдарæн, æмæ хид цыдæр æрбаци. Цас адард зæронд уæйыджы хъан, Уарийы фырт, сидзæргæсы хæ- дзары, чи зоны, фæлæ, дын, иу бон афтæ зæгъы: — Уæдæ ма уыцы чызгæй рæсугъддæр чызг уыдзæн? — Рæсугъд чызг у, цы дзы загъдæуа, — сразы сидзæргæс ус. Иу чысыл фæстæдæр та лæппу загъта: — Æгас дунейыл дæр нæ разьшдзæн уыцы чызгæй рæсугъддæр æмæ хæрзконддæр. Сидзæргæс ус ын зæгъы: — Цы дзы загъдæуа: уæ йæ зонд, уæ йæ хъару, йе ’гъдау; бынтон æмбисонд йæ уынд, йæ аив. Фæлæ, нанайы стæн, хъыг дæм ма фæкæ- сæд, — хæрамы тыххæй йæ нæ зæгъын: рæсугъдæй-рæсугълдæртæй фылдæр цы ис дунейыл, аивæй-аивдæртæй фылдæр! — Нæ, нæ разындзæн уымæй рæсугъддæр! — загъта лæппу. — Бахатыр кæн, мæ уазæг, хъæбулы ад кæмæй базыдтон, иудыу- уæ боны цард-бон кæй руаджы федтон, — фæлæ бирæ нæма рацардтæ, бирæ нæма фехъуыстай. Мæныйас куы рацæрай, уæд ма фендзынæ рæсугъдæй-рæсугъддæртæ. — Уæдæ ма мын дзы иу зæгъ, кæд æцæгæй дæр федтай, уæд. — Куы нæ мæ дзурын кæнис, — кæннод дæ бирæ фыдæбæттæ бав- зарын хъæудзæн, —- загъта сидзæргæс. — Мæ зæрдæ æхсайдзæн, куы нæ мын æй зæгъай, уæд, — баййард- та йæ лæппу. — Уæдæ рæсугъд зæгъ, æмæ дын уæларв Куырдалæгоны чызг 295
рæсугъд чызг: арв йæ къабæзтæ кæм ауагъта, уым йæхицæй рæсугъд- дæр никæй хоньшц, уæвгæ дæр нæма уыди, — загъта сидзæргæс. Хуыссæг нал æрцахста лæппуйы уыцы æхсæв. Райсомæй барæвдз кодта йæхи æмæ араст уæларв Куырдалæгонмæ. Бирæ фæцыд, чысыл фæцыд, чи зоны, фæлæ иу ахæмы уæларвмæ дæр сæфтыд. Мæгуыр дарæс йæ уæлæ æрбакодта æмæ Куырдалæгоны куырдадзы рæзты хъæргæнгæ фæцæуы: —Сисамайæг чи баххуырса? Быгъдуанæй исын сис амаинаг. Куырдалæгон йæ куырды куыст фæуагъта^ рацыд сисамайæджы размæ æмæ дзуры: — Сис амаинаг дын мæнмæ: мыздыл бафидаудзыстæм. — Цы мын ратдзынæ, уый рагацау куы зонин. — Æртæ бонмæ мын мæ систæ куы самайай, уæд дын ратдзынæн, дæхи дзыхæй цы зæгъай, уый. — Куы нæ самайон, уæд та? — бафарста лæппу. — Уæд дæ куыст сæфт, — загъта Куырдалæгон. — Разы дæ? — Дæн! Æцæг, >нæ ныхас йæ бынаты куыд уа, афтæ. Æмæ бафидыдтой. Куырдалæгон æрцæттæ кодта дур, чъыр, з»мис, цы æмбæлы, уыдон иууылдæр. Лæппу бавнæлдта куыстмæ. Иу чысыл акуыста, афтæ хур йæхи æруагъта хæхты фæстæ. Баизæр. Куырдалæ^он ныууагъта куырдадз æмæ;араст йæ галуаитæм. Лæппу та æхсæвы оиста дыууадæсыссæдз- къухджын цырагъдарæн, æрцавта йæ зæххыл, æмæ сис æрдæгамад фæци. Райсомæй Куырдалæгон æркаст æххуырсты куыстмæ: уый хуызæн аив, уый хуызæн бæлвырд куыст нæма фенди, стæй афтæ бантысгæ дæр нæма æрцыди. Цæуылнæ раппæлыдаид Куырдалæгон „йе ’фсин æмæ йæ рæсугъд чызгæн сисамайæджы куыстæй! Æфсин хорз минас сцæттæ кодта, сис- амайæджы бахуыдта æмæ йæ хорз федта. Уарийы кæстæр фырт Куырдалæгоны чызджы куы федта, уæд дзы æлдары чызг бынтондæр æрбайрох и, уымæн æмæ Куырдалæгоны чыз- джы хуызæн рæсугъд хъуамæ æцæг мауал уыдаид æндæр. Дыккаг æхсæв дæр та Уарийы фырт æрцавта цырагъдарæн, æмæ сисы бирæ нал бахъуыд фæуынмæ. Райсомæй та йæ Куырдалæгон бай- йæфта кусгæ. — Диссагæй дзы ницы ис, — загъта сисамайæг дисгæнæг Куыр- далæгонæн. — Мæнæн цалынмæ мæ куыстаг кæронмæ ахæощæ уа, уа- льгнмæ æнцой нæ зонын, фæлмæцын дæр — афтæ, уыимæ мын æхсæв фылдæр æнтысы. Хуыздæр минас сцæттæ кодта Куырдалæгоны ус сæ кусæгæн дык- каг бон. Æрбахуыдтой йæ, хорз æй федтой. 296
Æртыккаг бон райсом ра^жы Уарийы кæстæр фырт, зæронд уæйы- джы хъан, амад фæци Куырдалæгоны сис. Ныддис кодта Куырдалæгон, ныддис кодта йæ ус дæр. Иæ чызг дæр куьгннæ ныддис кодтаид! — Мæ мызд мын, Куырдалæгон, — загъта лæппу. — Дæхæдæг дæ мызд зæгъ дæхи дзыхæй: афтæ куы уыди нæ дзырд. — Бахатыр кæн, Куырдалæгон, фæлæ демæ бахæстæг кæнинаг дæн. Цы бамбарын хъуыди Куырдалæгонæн дæр æмæ йæ бинонтæн дæр! Стæй йын кæм уыди гæнæн — сисамайæджы ныхасыл не ’сразы кæнынæн! Стыр чындзæхсæв окодта Куырдалæгон йæ чызг æмæ йæ сиахсæн. Ралæвар сын кодта йæ æртæ хæзнайы: æрчъитæ, султъы æмæ кæрц. Æрчъитæм уыди ахæм миниуæг: дæ къæхтыл сæ æрбакæн, æмæ дæ кæм фæнда, уыцы ран фестдзынæ. Æрчъиаджы султъыйыл цыдæриддæр сæвæрын бафæразай, æнæхъæн хъæу дæр, — арвы кæронмæ сæ фæ- хæсдзæн. Кæрц та йæ æфцæгготæй заргæ кодта, йæ дьгстæй æмдзæгъд, фæдджитæй та кафгæ. Хæрзбон загътой кæрæдзийæн. Уарийы кæстæр фырт, зæронд уæйыджы хъан, æмæ Куырдалæгоны рæсугъд чызг æрчъиаджы султъы- йыл æрбадтысты, æрчъитæ, кæрц, цырагъдарæн семæ райстой æмæ араст сты зæхмæ, сидзæргæсы цыппаруæладзыг хæдзармæ. Уым дæр, сидзæргæсы хæдзары, куыннæ скодтаиккой чындзæхсæв! Уарийы кæстæр фырт цыппаруæладзыг хæдзары ныууагъта мæ- гуыр усы — сидзæргæсы йæ сывæллæттимæ, йæхæдæг Куырдалæгоны чызгимæ бахæццæ йе ’схæссæг зæронд уæйыджы хæдзармæ, æмæ уым цæргæйæ баззад йæ рæсугъд усимæ. Иæ чындзæхсæвы уæле фæрсæй-фæрстæм бадтысты зæронд Уари æмæ зæронд уæйыг.
Кэ^с**^**^^ ÆНÆПАИДА Раджыма-раджы цардис æмæ уыдис мæгуыр лæг æмæ мæгуыр ус. Уыдонæн зæнæг нæ цардис фондз азæй уæлæмæ. Райгуыр- дис-иу сын лæппу, фондз азы-иу фæцардис æмæ та-иу амарди. Иу бон куы уыдис, уæд ус лæгæн загъта: — Ацу æмæ къулыбадæг усы бафæрс, чи зоны нын исты хос ба- цамона. Лæг дæр райсомæй сыстади æмæ къулыбадæг усы фæрсьшмæ ацыд. Бацыди къулыбадæг усмæ, уæдæ цы уыдаид, æмæ йын зæгъы: — Зæнæг нын нæ цæры æппындæр, фондз азы нын ацæры æмæ амæлы. Исты хос нын скæн. Къулыбадæг ус æм байхъуыста æмæ йын загъта: — Мæнæ дын æртæ фæткъуыйы, иу дзы ды бахæр, дыууæ та дæ ус, æмæ уын лæппу райгуырдзæн. Иæ ном ын-иу схон «Æнæпайда». Лæг дæр раздæхти, рахаста æртæ фæткъуыйы, æмæ дзы дыууæ йæ ус бахордта, иу та йæхæдæг. Ус басывæрджын, æмæ йын афæдзы бон- мæ лæппу райгуырди, æмæ йæ схуыдтой «Æнæпайда». Лæппу æхсæв уыдисн рæзти, бон та уылынг, афтæмæй йыл фондз азы куы сæххæст ис, уæд иу бон дуармæ рацыд æмæ цыдæр фæци. Лæг æмæ ус бирæ фæцагуырдтой сæ лæппуйы, фæлæ йæ нал ссардтой. Уæд лæг смæсты æмæ загъта: «Уый мах нæ уыд, Æнæпайда хуындис æмæ æнæпайда фæци». Æнæпайда та уæд фæцæйцыди хъæдырдæм æмæ куыддæр хъæд- гæронмæ схæццæ, афтæ йыл арс амбæлдис æмæ йæ йæхиц<&л акодта. Арс лæппуйы хъомыл кодта йæ лæппынтимæ. Лæппуйæн йæ буар арсы буары хуызæн схъуынджын ис. Иу цалдæр азы фæстæ Æнæпайдайы фыд æмæ йæ сыхæгтæ хъæд- мæ суг кæнынмæ ацыдысты. Ссыдысты хъæдмæ æмæ суг кæнынц. Уæд сæ Æнæпайда ауыдта, æмæ хъæдтæ кæрæдзиуыл ныххойы. Лæгтæ фæтарстысты æмæ йæм лæгъстæгæнгæ дзурынц: 298
— Цы дын кодтам, суг кæнын нæ цæуылнæ уадзыс? Дæ хорзæхæй, ма .нæ хъыгдар. Уæд сæм Æнæпайда бацыдис æмæ сæ бафарста: — Кæцæй æрцыдыстут, кæнæ кæцон стут? Лæгтæ æмдзыхæй загътой: — Дæлæ мæличчы калакæй. Æнæпайда сæ афарста: — Æмæ уæд Хъараманы нæ зонут? — йæ фыдæй афтæ. Уæд Хъараман размæ рахызт æмæ загъта: — Æз дæн Хъараман. Уæд æм Æнæпайда дзуры: — Æз дæн дæ фырт Æнæпайда. Хъараман æм бауади, йе ’фцæгыл ын атыхстис, ньжкуыдта æмæ йын загъта: — О мæ фырт, æз дæу тыххæй мæхи куы мардтон! Хъуамæ мемæ рацæуай нæ хæдзармæ. Æнæпайда йын зæгъы: — йæ, дæ бон ныккалай, мæ фыд! Æз бон æртæ галы хæрын, æмæ дæм, мæн цæмæй фæдарай, уыйбæрц фæллой кæцæй уыдзæн? Хъараман æй уæддæр нал ныууагъта æмæ йæ сæхимæ æркодта. Иæ лæппуйы ма удæгасæй кæй ссардта, уый тыххæй стыр куывдтæ фæкодтой. Æнæпайда дæр семæ цæрын райдыдта. Иу мæйы фæстæ сæм Æнæпайдайæн хæринаг нал уыдис, æмæ йæ мад æмæ йæ фыд æрæн- къард сты. Уæд Æнæпайда дзуры: — Нæ дын загътон, мæ фыд, мæ дарын дæ бон нæ бауыдзæн, зæгъгæ? Ныр æндæр гæнæн нал ис, фæцу æмæ мæличчыты паддзахæн зæгъ, мæ фырт дæм, зæгъ, æрвиты, мæй мын дæс туманы фид сыгъдæг сызгъæрин æхца, стæй алы бон дæр æртæ галы хæрынæн, æмæ дæ цы- дæриддæр бафæнда, уый дын-иу æххæст кæндзынæн, афтæмæй дæм, зæгъ, æртæ азы бакусдзынæн. Паддзах сразы ис æмæ Æнæпайдамæ арвыста, цæмæй йæм кусын- мæ бацыдаид. Æнæпайда хæрзбон загъта йæ мад æмæ йæ фыдæн æмæ араст ис паддзахмæ. Паддзах æй бауазæг кодта. Лæппу райдыдта паддзахмæ цæрын. Дыууæ азы йæм куы ацард, уæд ыл паддзах хæринагæй нал æххæссыд, æмæ йæхинымæр хъуыды кæны: «Нæ мæм кусинаг ис, нæ мын пайда у, æмæ мын афтæмæй мæ фæллой бахордта. Цæй, æмæ йæ искуыдæм тых кæнынмæ арвитон, æмæ йæ кæд исчи амарид, кæп- нод мæ бынтон смæгуыр кæндзæн. Ацыди фæрсæг къулыбадæг усмæ æмæ йæм дзуры: — Æнæпайдайы куыд амарон, уьгй мын бацамон. Къулыбадæг ус ын афтæ: — Ацу æмæ йьш зæгъ: «Авд хохы фæстæ ис сызгъæрин фæткъуы 299
бæлас, æмæ мын æй æрхæсс». Уыцы бæлас хъахъхъæнынц æвдсæрон уæйгуытæ дыууæйæ. Уыдон æй æнæмæнг амардзысты. Паддзах рацыдис æмæ Æнæпайдайæн загъта: — Авд хохы фæстæ ис сызгъæрин фæткъуы бæлас, æмæ мьш æй æрхæсс! Æнæпайда уæлдай ницыуал сдзырдта æмæ араст и. Цæуын бай- дыдта, цæуын байдыдта æмæ, авд хохæй куы ахызтис, уæд фæткъуыйы цурмæ бахæццæ. Уæйгуытæ йæ куы ауыдтой, уæд æм сæхи рауагътой. Æнæпайда дыууæйы дæр фæцæфтæ кодта, стæй сæ бæласыл абаста, æмæ æртæ къахдзæфæн паддзахы галуаны раз фестади æд уæйгуытæ æмæ æд фæткъуы бæлас. Æнæпайда галуанмæ бакодта уæйгуыты, фа- раст галы аргæвдын кодта, æмæ фæйнæ æртæ галы куы ахордтой, уæд сæ фæстæмæ хъæдмæ расырдта. Уæд та паддзах катæйттæ кæнын райдыдта æмæ та бацыд къулы- бадæг усмæ æмæ йын зæгъы: — Арвыстон æй, æмæ мæм фæткъуы бæлас æд уæйгуытæ æрхæц- цæ кодта. Къулыбадæг ус та загъта: — Ацу æмæ йын зæгъ, аст хохы æдде ис иу сызгъæрин карк æд цъиутæ, æмæ мьш æй æрхæсс. Уый хъахъхъæны фарастсæрон уæйыг. Уымæн тыхгæмæг тых нæ ары, æмæ йæ уый æнæмæнг амардзæн. Паддзах раздæхти æмæ Æнæпайдамæ дзуры: — Ацу, аст хохæн æдде ис сызгъæрин карк æд цъиутæ, æмæ мын æй куыд æрхæссай, афтæ! Уæд ын Æнæпайда зæгъы: — Æри мьш цылпар путы зæгæлтæ, стыр дзæккор æмæ фæйнæ- джытæ. Паддзах дæр ьш сæ сцæттæ кæнын кодта. Æнæпайда сæ йе ’ккой- мæ баппæрста æмæ араст ис. Бахæццæ аст хохы сæрмæ æмæ уьшы: сызгъæрин карк æд цъиутæ хизы, сæ дæле бады фарастсæрон уæйыг. Æнæпайда æриста йæ уæргътæ æмæ чырын аразыныл фæцис. Уæйыг æй ауыдта, хæстæг æм бацыдис æмæ йæ фæрсы: — Цæмæн дæ хъæуы уыцы чырын? Æнæпайда йын загъта: — Ныртæккæ зæй рацæудзæн æмæ тыхджынты фæцæгъддзæн. Æз йæ мидæг ныббырдзьшæн, зæй мæ сæрты ахиздзæн, фæлæ мæнæн ницы ракæндзæн. Уæд ын уæйыг лæгъстæ кæнын систа: — Мæн дзы нывæр, æз дæуæй тыхджындæр дæн. Уæд Æнæпайда дæр уæйыджы нывæрдта чырыны æмæ йын йæ сæр зæгæлтæй фидар ныххуыдта. Чырын, дын, йе ’тской акодта, карчы æд цъиутæ йе ’тары ныппæрста æмæ араст ис. Æрхаста сæ паддзахы 300
галуанмæ. Чырынæй уæйыджы систа, æртæ галы йын аргæвста, хорз æй федта, стæй та уый дæр расырдта. Паддзах та катай фестад æмæ та къулыбадæг усмæ фæцæуы. Ньгццыди къулыбадæг усмæ, Æнæпайдайы митæ та йын радзырдта æм^æ йын зæгъы: — Уымæн мæлæт ницæмæй ис, æмæ мын мæ фæллой бахордта! Уæд та къулыбадæг ус загъта: — Ацу, æмæ дæм цыдæриддæр фосæй, хъомæй ис, уыдон ыя йæ раэæй скæн æмæ йын зæгъ: «Аскъæр сæ æмæ сæ иу дæр куыд нæ фæ- хъæуа, афтæмæй сæ Тутыры быдыры фæхиз». Паддзах раздæхт, æмæ йын къулыбадæг ус куыд бацамыдта, Æнæ- гтайдайæн афтæ загъта. Уæд Æнæпайда афтæ: — Фосæй, хъомæй, иууылдæр мын сæ мæ размæ æрбатымбыл кæнут! Уайтагъд ын сæ йæ разы амбырд кодтой. Аскъæрдта сæ æмæ сæ хизы Тутыры быдырты. Уæд æй Тутыр йæ фидары сæрæй ауыдта æмæ йыл фæхъæр кодта: — Уый кæй куыдз, кæй хæрæг дæ? Ам мæ тæссæй мæлдзыг зæххыл бырын куы нæ уæнды, дъиу та уæлæрвты тæхьш, уæд ды дæ ныфс куыд бахастай! Уæд æм Æнæпа.йда дзуры: — Уырдыгæй мыл ма хъæртæ кæн! Кавд дæ бон исты у, уæд дæ- лæмæ æрхиз, æмæ нæ тыхтæ бавзарæм. Тутыр фырмæстæй ссыгъдæмæ йæм фидары сæрæй йæхи рауагъта. Кæрæдзийыл сæхи ныццавтой, рахæц^бахæц байдыдтой, къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ сиу кодтой. Хæцынц, хæцыно* æмæ йæ Æнæпайда фæстагмæ йæ быны æркодта. Тутыр æм, лæгъстæгæнгæйæ, дзуры: — Маргæ мæ ма акæн, уый йедтæмæ дæ цы фæнда, уый дьш сараз- дзынæн. Уæд ын Æлæпайда загъта: — Дæуæй мæ -ницы хъæуы, æрмæст мын уыцы хæрзиуæг бакæн, æмæ адæймаг цас хæры, уыйас йедтæмæ куыд нæуал хæрон. Тутыр та йæм дзуры: — Зæххæй мьш ард бахæр, кæй мæ нал амардзынæ, ууыл. Æнæпайда ард бахордта. Уæд æй Тутыр гуыххæл адæймаг фестын кодта. Æнæатайда йæ фос, йæ хъом йæ равæй ракодта æ)мæ ра«раст ис. Паддзах, Æнæпайда æрбацæуы, уый куы фехъуыста, уæд ын йе ’рба- цыдмæ æртæ галы аргæвста. Уалынмæ Æнæпайда дæр æрбакæццæ ис, бадыд галуанмæ, æмæ йын йæ размæ æртæ галы марды æрхÆстой. Уæд сыл Æнæпайда фæхъæр кодта: — Уыдонæй цы кæнын, æрмæст мьга æртæ физонæджы афыцут, æндæр мæ ницы хъæуы! 301
Ацæттæ йын кодтой æртæ физонæджы. Паддзах базыдта, Тутыр Æнæпайдайы гуыххæл кæй фестын кодта, æмæ цинæй марди, ауадзын- мæ дæр æй нал хъавыд. Фæлæ уалынмæ æртымкаг аз дæр сæххæст ис, æмæ Æнæпайда паддзахæн загъта: — Æри мьш ме ’ртæ азы мызд, дæ ныхас ма фæсай! Паддзах ма йæ урæдта, фæлæ Æнæпайда .нал ныллæууыди. Æртæ аэæн æм цы мызд цыдис, уый сыгъдæг сызгъæрин æхщайæ рахаста æмæ сæхимæ афардæг: сарæзта стыр галуантæ, фæллæйттæ фæкодта, æхца- тæ та йæ мад æмæ йæ фыдмæ радта æмæ сын загъта: — Ай уын æхца. Уæдæ уæм фæллæйттæ дæр фаг ис. Æз цæуын мæ амонды фæдыл. Уæ зæрдæ-иу мæм ма æхсайæд. Сæ къухтæ сын райста, хæрзбон сын загъта æмæ афардæг. Цæуын райдыдта, цæуын райдыдта æмæ цъус фæцыди, бирæ фæцыд, уый ничи зоны, фæлæ йыл уалынмæ амбæлдис æртæ æмхуызон лæппуйы. Кæ- рæдзийæн салам радтой, æмæ сæ Æнæпайда фæрсы: — Кæдæм цæут, кæнæ уæ кæмæ цы миниуæг ис? Уæд хистæр зæгъы: — Мах стæм æртæ æфсымæры. Паддзахы фыдмитæй нæ бон нал у, æмæ ралыгъдыстæм, кæд иокуы цард ссариккам. Мæнмæ ис ахæм миниуæг: адæймаджы лыстæг кæрдæнтæ куы скæнай, æмæ йæ быдыры куы ныххæлиу кæнай, уæд æй фæстæмæ æрæмбырд кæндзынæн æмæ, куьгд уыдис, афтæ йæ кæрæдзиуыл сæвæрдзынæн. Астæуыккаг æфсы- мæрмæ та ис ахæм .миниуæг: йæ уадындзæй куы ныууаса, уæд йæ уаст- мæ сырдтæ æмæ мæргътæ æртымбыл вæййынц. К’æстæр æфсымæрмæ та ис ахæм миниуæг: адæймаджы мардыл йæ къухсæрфæн куы асæр- фы, уæд, цы уыдис, уьшæй авд ахæмы хуыздæр фесты. — Уæдæ мьш æмбалæн бæздзыотут, — загъта сын Æнæпайда. Æ.мæ уыцы ран кæрæдзийæ æфсымæр загътой. Цæуьштæ байдыдтой, цæуынтæ, æмæ бахæццæ сты гуымирты пад- дзахмæ. Гуымирты паддзахæн уыдис рæоугъд чызг, æмæ йæ хистæр æфсымæр бауарзта. Паддзах дæр сразы ис, чындзæхсæвтæ фæкодтой. Куы цыдысты, уæд хистæр æфсымæр йæ ка.истæ^м ныллæууыд, æмæ йын Æгнæпайда зæгъы: — Гъа, мæнæ дьш мæ цирхъ, æмæ йæ къуымы бавæр. Кæд, мий- каг, иокуы рахауа, уæд-иу æй зон, мæ хъуыддаг хорз кæй нæу, æмæ-иу мæм агурæг фæцу. Араст кодтой дыууæ æфсымæры æм’æ Æнæпайда, æмæ та бахæц- цæ сты уæйгуыты паддзахмæ. Уæйгуыты паддзахæн уыдис рæсугъд чызг. Астæуыккаг лæппу йæ бауарзта. Чындзæхсæвтæ та фæкодтой. Астæуыккаг æфсымæр йæ кайыстæм ныллæууыд, æмæ йæм Æнæпайда дзуры: — Мах цæуæм дарддæр, фæлæ дын мæнæ мæ хъама, къулыл æй 302
сауындз; куы рахауа, уæд-иу зон, мæ хъуыддаг хорз кæй нæу, æмæ мæм-иу агурæг фæцу. Хæрзбон загътой, æмæта Æнæпайда æмæ кæстæр æфсымæр араст кодтой æмæ бахæццæ сты мæличчыты паддзахмæ. Уымæн дæр уыдис рæсугъд чызг, æмæ йæ кæстæр æфсымæр бауарзта. Чындзæхсæвтæ фæ- кодтой, æмæ кæстæр æфсымæр уым баззад. Уæд æм Æнæпайда дзуры: — Æз уæ алкæмæн дæр йæ амонд ссардтон, ныр та цæуын мæхи амонд агурæг. Мæнæ дын ме ’рдын. Къулыл æй сауындз, æмæ, миййаг, куы æрхауа, уæд-иу æй зон, мæ хъуыддаг хорз кæй нæу, æмæ-иу мæм агурæг фæцу. Хæрзбонтæ загътой, æмæ та Æнæпайда дарддæр араст. Цæуын байдыдта, цæуын байдыдта æмæ бахæццæ ис фæндаджы кæрон иу халагъудмæ. Цардис дзы иу зæронд ус. Æнæпайда йæм бахъæр кодта: — Уазæг нæ уадзут, хæдзаронтæ? Ус æм рауади æмæ йын зæгъы: — Уазæг куыд нæ уадзæм, мидæмæ рахиз, кæд ныл барвæсдзынæ, уæд. Æнæпайда мидæмæ бахызтис. Ус æхсæвæр ацæттæ кодта. Иумæ -æхсæвæр бахордтой. Ус уат бакодта, æмæ Æнæпайда æрулæфыд. Рай- сомырдæм райхъал ис. Уалынмæ къултæ ферттывтой, æмæÆнæпайда бафарста усы: — Уый та циу? Уый цæй рухс у? Уæд ын ус дзуаппп радта: — Ам иу рæсугъд чызг ис. Райсом раджы йе’фсымæримæ рацæуы, æмæ йæ цæсгомы рухсæй бæстæ ныррухс вæййы. Æнæпайда йын зæгъы: — Æз дæр уый куы агурын! Æнæпайда фæгæпп кодта, йæ хъама фелвæста æмæчызгмæфæ- цæуы. Чызджы æфсымæр Æнæпайдайыл йæхи ныццавта. Хæцын рай- дыдтой, æмæ чызджы æфсымæр фæмард и. Чызг Æнæпайдамæ кастис, бауарзта йæ æмæ йын загъта: — Мæ амонд мæ дæуæн загъта! Ссыдысты галуанмæ, чындзæхсæвтæ фæкодтой къуырийæ- къуыримæ. Уый дын гуымы паддзах куы фехъуыста, уæд йæ адæммæ фæ- дзырдта æмæ сын афтæ зæгъы: — Æнæпайдайы усы мын чи æркæна, уымæн мæ паддзахы æрдæг дæттын. Уæд иу къулыбадæг ус йæ размæ рахызтис æмæ йын зæгъы: — Дæ паддзахад мæ нæ хъæуы, æрмæст мæ дæ хæрдзтæй суæгъд кæн, æмæ дын æй æз æркæндзынæн. Паддзах сразы ис. Уæд та йæм къулыбадæг ус дзуры: — Æри мын иу авг арахъхъ æмæ стыр кард. 303
Паддзах æм арахъхъ æмæ стыр кард раттын кодта. Къулыбадæг ус арахъхъыл фынæйгæнæн хос ныккодта, йæ уæлæ скъуыдтæ пысул- тæ акодта æмæ рараст ис. Бахæццæ ис Æнæпайдайы галуаны размæ æмæ уым улæфын æфсон æрбадтис. Æнæпайда йæ куы ауыдта, уæд, мæгуыртæн тæригъæдгæнаг уыд, æмæ йæ сæхимæ бакодта. Хорз æх- сæвæр ын скодтой, бауат ын кодтой, æмæ æрулæфыдысты. Райсом сыс- тадысты, аходæн æрæвæрдтой. К/ьулыбадæг ус йæ арахъхъ систа æмæ дзы Æнæпайдайæн баназын кодта æмæ лæппу уайтагъд афынæй. Къу- лыбадæг ус кард фелвæста æмæ йæ къуыхтæ кæнын райдыдта. йæ сæр ын ралыг кодта æмæ йын йæ магъз доны баппæрста, иннæ хæйттæ та быдыры ныххæлиу кодта. Чызджы йемæ ракодта æмæ йæ гуымы паддзахы къухмæ радта. Гуымы паддзах дæр куыннæ бацин кодтаид. Уæд æм чызг дзуры: — Хуыцау мæ, æвæццæгæн, дæуæн загъта, фæлæ мæм æртæ азы, æртæ мæйы, æртæ къуырийы æмæ æртæ боны æввахс дæр ма æрбацу, стæй уæд чындзæхсæв скæндзыстæм. Паддзах сразы ис. Уæд хъама, цнрхъ æмæ æрдын къултæй рахаудысты. Æртæ æфсы- мæры базыдтой, се ’фсымæры хъуыддаг æвзæр кæй у, уый, æмæ йæм агурæг рацыдысты. Бацыдысты, Æнæпайда кæм цардис, уырдæм, фæ- лæ дзы ничиуал ис, нæ йæус, нæ йæхæдæг. Дарддæр цæуын байдыд- той, иу быдырмæ бахæццæ сты æмæ уым ссардтой Æнæпайдайы уæнг- тæ. Хистæр лæппу сæ æртымбыл кодта, куыд уыдысты, афтæ сæ æрæвæрдта, фæлæ сæры магъз уым нæй. Уæд астæуыккаг лæппу йæ уадындзæй ныууасыди, сырдтæ, мæргътæ, доны цæрджытæ иууылдæр æрæмбырд сты, æмæ сæ лæппу фæрсы: — Иууылдæр ам стут? Уæд иу кæсаг фæхъæр кодта: — Дæлæ ма дзы иу кæсаг доны хуыссы. — Æмæ цæуылнæ рацыдис? — йæ гуыбын рыстис, — цыдæр бахордта, æмæ уымæ гæсгæ нæ ракуымдта. Лæппу йæм арвыста. Æрбакодтой йæ, акъæртт æй кодтой æмæ йын магъз йæ гуыбынæй систой. Æнæпайдайы сæры йæ бакодгой. Кæстæр лæппу йæ къухсæрфæн систа, асæрфта йыл æй, æмæ Æнæпай- да цы уыд, авд ахæмы хуыздæр фестадис. Лæппу йæхи аивæзтытæ код- та æмæ афтæ зæгъы: — Ох, ох, цас фæфынæй кодтон! Хистæр æфсымæр ын загъта: — Мах дын куы нæ уыдаиккам, уæд æнусон фынæйæ баззадаис! Уæд сын Æнæпайда загъта: — Æмæ уæ мæхицæн æфсымæртæ дæр уымæн скодтон. Ацæут ныр уæхимæ, æз та цæуын мæ амонды фæдыл. 304
Фæарфæтæ сын кодта, стæй йæ фæндагыл араст ис. Цъус фæцы- дис, бирæ фæцыди, чи йæ зоны. Кæсы, æмæ уæртæ иу хуыгæс ныккафы æмæ ныззары. Æнæпайда йæм хæстæг бацыдис æмæ йæ бафарста: — Цæуыл хъал дæ, хуыгæс? Хуыгæс ьш афтæ: — Абон гуымы паддзах чындзæхсæв кæны, æмæ та хуыты къæ- дзилтæ хæрдзынæн. Уæд Æнæпайда дзуры хуыгæсмæ: — Мæнæ мæ пьгсултæ снæн æмæ чындзæхсæвмæ бацу, æз та дæ пысултæ скæндзынæн, æмæ дæ бæсты хуытæ аокъæрдзынæн. Хуыгæсы ма æндæр хуыздæр цы хъуыдис, æмæ оæ пысултæ баив- той. Изæры Æнæпайда æрбаскъæрдта хуытæ æмæ чындзæхсæвмæ бацыди. Алчи даар ыл схъæртæ кæны: — Мæнæ хуыты къудитæ æруидз æмæ фесæф ардыгæй! Уæд Æнæпайда хуыгæсмæ фæдзырдта, йæ пысултæ йын раласта, йæхи пысултæ акодта, æмæ йæ сызгъæрин коцора цæхæртæ акалдта. Адæм джихæй кæсынц. Æнæпайда паддзахы къухыл фæхæцыдис, ра- дыввытт æй кодта фынгæй, йæ цæсгомьгл ьгн бату кодта æмæ йæ адæ- мы >раз куыдзы мард «ыккодта. Къулыбадæг усы та фынгæй сыстын кодта æмæ йæ адæмы раз фарста. Ус дæр ма йæхи рæстытæ кодта, мæ аххос нæ уыди, æлдары æфхæрдæй тарстæн æмæ уый тыххæй афтæ ба- кодтон, зæгъгæ. Æнæпайда къулыбадæг усы бабæттын кодта емылыкк бæхы къæ- дзилыл, æмæ бæхы ныдздзæхстытæ кодтой. Бæх къулыбадæг усы ас- къæфта, дуртыл æмæ йæ бындзæфхæдтыл фæхоста, æмæ усæй гæбаз дæр нал баззад. Чызг Æнæпайдайы базыдта, æмæ кæрæдзиуыл ныттыхстысты. Æнæпайда æртæ æфсымæрмæ арвыста, йæ мад æмæ йæ фыды дæр скодта, æмæ къуырийæ-къуыримæ чындзæхоæвтæ фæкодтой. Уыдон æрцыдмæ хорз æмæ дзæбæхæй фæцæрут. У*^ 20 Ирон адæмы ргъаеуттæ
*49*^5*4Э*^9*^ КÆСТÆР ÆФСЫМÆР Цардысты æмæ уыдысты ус æмæ лæг. Уыдис сын æртæ лæппуйы. Зæхх сын фаг нæ уыдис, фæллой иннæ ахæм, æмæ мæгуыр цард кодтой. Уæд æртæ лæппуйы, æртæ æфсымæры, сфæнд кодтой бал- цы фæцæуын цардагур. Хæринаг сцæттæ кодтой сæхицæн æмæ араст сты фæндагыл. Цæуынтæ байдыдтой, цæуынтæ байдыдтой. Бирæ фæ- цыдысты, æви чысыл, уæддæр дын, иу хъæдмæ бахæццæ сты. Уыцы ран уыд æртæ фæндаджы. Дыууæ фæндаджы дзы уыди «ацу æмæ æр- цу»-йы фæндæгтæ, æртыккаг та уыдис «ацу æмæ мауал æрцу»-йы фæндаг. Тæрхон кæнын байдыдтой æфсьгмæртæ æмæ ныллæууыдысты ахæм хъуыдыйыл: дыууæ хистæр æфсымæры хъуамæ ацæуой «ацу æмæ æр- иу»-йы фæндагыл, кæстæр æфсымæр та хъуамæ ацæуа «ацу æмæ мауал æрцу»-йы фæндагыл. Æртæ æфсымæры сæ хæрынкъатæ систой, стыр дойнаг дурьг бын сæ бакодтой æмæ загътой: — Раздæр ардæм чи æрцæуа, уый иннæтæм æнхъæлмæ кæсæд. Æфсымæртæ кæрæдзийæн хæрзбон загътой, æмæ сæ алчидæр йаэхи фæндагыл ацыд. Кæстæр æфсымæр хъæдьг иу дзæвгар куьг бауадис, уæд фæндаг æр- байсæфт, æмæ лæппу бафтыди иу талынг ранмæ. Дарддæр ын ацæуæн нал уыди пыхсы, дзæгъæл хъæды. Уæд, дын, æм сусæгæй иу бирæгъ касти, æмæ йын йæ тыхстдзинад куьг федта, уæд æм æввахс бацыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Ацы лæппу, ме ’ккой сбад, æмæ дæ хъæды кæронмæ ахæссон. Лæппу йын афтæ бакодта: — Бирæгъ, хæрынвæнд мæ скодтай æмæ ма мæ де ’ккой та кæдæм хæссыс? Бирæгъ ард бахордта, нæ дæ бахæрдзынæн, зæгъгæ. Лæппуйæн 306
а^ндæр гæнæн нал уыд, йе ’ккой сбадти, æмæ йæ бирæгъ аокъæфта тар хъæды. Бирæгъ фæндæгтæ хорз зыдта æмæ уадидæгæн тар хъæдæй агæпп ласта, иу ран фæзы æрынцад æмæ лæппуйæн загъта: — Гъеньгр ахиз ме ’ккойæ. Лæппу рахызти æмæ бирæгъæн арфæ ракодта. Бирæгъ лæппуйы фæрсы: — Ныр кæдæм цæуыс? Лæппу загъта: — Æз цæуын цардагур. Бирæгъ ын зæ!гъы: — Уæдæ ды афтæмæй цард не ’ссардзынæ; æххæст дын баххуыс кæнон. Бирæгъ лæппуйыл скодта ахæм дарæс, цæмæй йæ мачи уыдтаид, æмæ аагъта: — Ацу ныр æмæ пащдзахмæ ныххæццæ уыдзынæ. Уымæ ис сызгъæ- рин цъиу æмæ сызгъæрин къалати. Паддзахы галуаны алыварс ис хъахъхъæнджытæ, уыдон дæ нæ уындзысты. Ды бацу æмæ сызгъæрин цъиу рахæсс. Къалати м& фæцагай. Лæппу араст æмæ ныццыди паддзахы галуанмæ. Галуаны алы- варс хъахъхъæнджытæ лæууынц, фæлæ лæппуйы ничи уыны. Лæппу схызти, паддзах кæм хуыссыд, уырдæм æмæ сызгъæрин цъиу райста. Цъиу йæ къухы куы бафтыд, уæд йæхицæн загъта: «Сызгъæрин цъи- уæй æнæ къалати цы кæнын?» Фæлæ куыддæр къалатимæ бавнæлдта, афтæ дзæнгæрæг ныццагъта, лæппуйы базыдтой æмæ йæ æрца*хстой. Паддзахмæ йæ бакодтой, æмæ йын паддзах афтæ зæгъы: — Зонын, хъаруджын лæппу кæй дæ, уый. Иу хъуыддаг дын бахæс кæндзынæн, æмæ йæ кæд сæххæст кæнай, уæд мæ сызгъæрин цъиу æмæ къалати дæу фæуæнт. — Цьшæ цы уыдзæни? — фæрсы йæ лæппу. Паддзах загъта: — Мæ сыхаг паддзахмæ ис сызгъæрин бæх, уый мын мæ къухы бафтын кæ. Лæппу рацыди, æмæ йæм бирæгъ æнхъæлмæ цы фæзы касти. уыр- дæм æнкъардæй бацыд. Бирæгъ хабар базыдта æмæ йын афтæ ба- кодта: — Нæ дын дзьфдтон, къалати ма фæцагай, зæгъгæ! Лæппу бирæгъæн радзырдта паддзахы ныхæстæ. Бирæгъ лæппуйы йе ’ккой акодта, æмæ авд æфцæгæй ахызтысты. Иу ран та фæзы æрын- цадысты, æмæ бирæгъ зæгъы: — Гъеныр ацæудзынæ паддзахы галуанмæ. Дæ алыварс хъахъ- хъæнджытæ лæудзысты, æмæ сæ ды уындзынæ, уыдон дæу нæ уындзыс- ты. Бацу æмæ скъæтæй сызгъæрин бæх ралас, æндæр мацæмæ февнал. Лæппу ныццыди паддзахы галуанмæ. йæ алыварс хъахъхъæн- 307
джытæ лæууынц, — уый сæ уыны, уыдон æй нæ уынынц. Бацыд окъæт- мæ æмæ сызгъæрин бæхы хъуамæ рапаса, фæлæ афтæ акъуыды код- та: «Ацы сызгъæрин бæх куы аласон æнæ саргъ æмæ* æнæ идонæй, уæд нæ фидаудзæн», æмæ йын афтæмæй йæ саргъ райста. Уайтагъд дзæн- гæрæг ныззыланг .кодта, паддзахад æгасæй дæр йæ къахыл слæууыд, бæхы фæстæмæ баластой, лæппуйы æрцахсгой. Паддзахæн хабар фе- хъусын кодтой. Паддзах йæхинымæр загъта: «Ардæм мæнмæ йæ ныфс чи æрбахас- та, уый стырдæр хъуыддаг дæр сараздзæн. Иокуы нын кæд сбæззВД». Лæппумæ фæсидти æмæ йын афтæ зæгъы: — Ды хъаруджьш лæппу дæ, æмæ дæ марпæ нæ кæнын, фæлæ авд хохы фæстæ иу паддзах цæры. Уымæн ис рæсугъд чызг, хуртæ æмæ мæйтæ у йæ бакаст. Уый мын раскъæф, æмæ дын мæ сыэгъ’æрин бæх æд саргъ ратдзьшæн. Лæппу рацыди æмæ та бирæгъмæ æнкъардæй ссыди. Бирæгъ хъуыддаг бамбæрста æмæ йын бабустæ кодта: — Мæ ’яæригъæд фæхæсс! Бæхæй дарддæр мацæмæ февнал, зæгъ- гæ дын куы загътон. Цæй, цы ма дын загъта? — Цы куы зæгъай, уæд авд хохы фæстæ паддзахæн ис рæсугъд чызга Кæд, дам, мын уый раскъæфай, уæд, дам, дын мæ бæх æд саргъ ратдзьшæн. — Цом, уæдæ, — æмæ та лæппуйы йе ’ккой акодта æмæ йæ фес- къæфы. Цæстыфæныкъуылдмæ ныххæццæ сты уыцы паддзахы бæс- тæм. Бирæгъ æрлæууыди дæрддзæф æмæ лæппуйæн загъта: — Гъеныр ды’ ам лæуу, æз мæхæдæг цæуын æмæ дын паддзахы чызджьг раскъæфон. Лæппу баззади уьгм. Бирæгъ ныццыди паддзахы цæхæрадонмæ æмæ мида&мæ æмбонды хыунчъытæй кæсы: паддзахы чызг цъæх нæууыл дыууæрдæм рацу- бацу кæны, йæ дæлæрмттыл йын йе ’ххуырст чызджытæ хæцынц, афтæ- мæй, — лæггад ьгн кæнынц. Бирæгъ тæрхъус фестади æмæ æмбонды сæрты багæпп кодта. Чызджытæ тæрхъусы куы федтой, уæд кæрæдзи- йы феуæгъд кодтой æмæ тæрхъусы рлсур-басур систой. Паддзахы чызг дæр тæрхъусы фæстæ срог и. Чызг йе ’ххуырстытæй куы фæхицæн, уæд тæрхъус фæстæмæ би- рæгъ фестади, паддзахы чызджы йе ’ккой акодта æмæ æмбонды сæрты рагæпп ласта. Æххуырст чызджытæ сæрдиаг кодтой чызджы фæстæ, фæлæ бирæгъ уæдмæ лæппуйы цурмæ бахæццæ. Бирæгъ та йæхи чызг фестьш кодта, паддзахы чызджы фарсмæ алæууыди, æмæ лæппумæ дзуры: — Гъеныр нæ цы хицæндзинад ис? — Ницы хицæндзинад уæ ис, æмхуызон рæоугъд стут, — загъта лæппу. — Чи уæ кæцы у, уый дæр нал зонын. 308
— Цом уæдæ ныр мемæ, паддзахмæ, æмæ сызгъæрин бæх ракæ- нæм. Æз, ома, паддзахы чызг дæн, æмæ-иу мæ уым ныууадз, фæлæ мьгн тæрслæ ма кæн, зындзынæн дæм. Чызджы уым ныууагътой, сæхæдæг ацыдысты æмæ бацыдысты сызгъæрин бæхы хицау паддзахы дуармæ. Паддзах чызджы куы федта, уæд лæппуйы фырцинæй аныхъуырынмæ хъавыди. Радта йьгн йæ сыз- гъæрин бæх æд саргъ, æд идон, бирæ лæвæрттимæ, æмæ лæппу рафар- дæг ис æцæг чызджы цурмæ. Паддзахы галуаны иннæ чызгæн хицæн уат бакодтой, баулæфа, зæгъгæ, æмæ йæ иунæлæй ныууагътой: æмбисæхсæвмæ уым фæци, стæй иууылдæр куы бахуьгссыдысты, уæд бирæгъ фестади æмæ лæппу æмæ чызгмæ æрыздæхт. Ныр лæппуйы къухы сты паддзахы чызг æмæ сыз- гъæрин бæх. Лæппу чызджы бæхыл абадын кодта, йæхæдæг — бирæгъыл, аф- тæмæй фæцæуынц. Сызгъæрин цъиу цы паддзахмæ уыд, уымæ æрхæц- цæ сты æмæ та иу ран фæзы улæфььнц. Бирæгъ сызгъæрин бæх феста- ди, бæхы цур слæууьгд æмæ лæппумæ дзурьг: — Гъеныр нæ цы кицæндзинад ис? — Ницы æппындæр, чи уæ кæцы у, уый дæр нал зонын. — Уæдæ цом ныр сызгъæрин цъиуы хицау паддзахмæ. Лæппу паддзахмæ сызгъæрин бæх куы баласта, уæд æй фырцинæй фæцæйхордта. Адæм æрæмбырд сты сызгъæрин бæх уынынмæ. Пад- дзах куывд скодта лæппуйы цытæн. Лæппуйæн радта сызгъæрин цъиу æд къалати, стæй ноджы бирæ æндæр лæвæрттæ, афтæмæй лæппу ра- цыди паддзахы чызг æмæ йæ сызгъæрин бæхмæ. Бирæгъ æмбисæхсæвмæ паддзахы скъæты фæци бæхы хуызы, стæй фæстæмæ бирæгъ фестади æмæ æрцьгди, лæппу йæм кæм æихъæлмæ каст, уырдæм. Ныр чызг æмæ лæппу сызгъæрин бæхыл сбадтысты, сыз- гъæрин цъиу æд къалати сæ къухы, бирæгъ оæ фарсмæ згъоры, афтæ- мæй æрцыдысты, бирæгъ лæппуйыл фъщцаг кæм сæмбæлди, уырдæм. Бирæгъ загъта: — Гъеныр хорзыл амбæлут, мæнæн амæй дарддæр цæуæн нæй. Лæппу æрæнкъард ис. Бирæгъы хуыдта йæ бæстæм, ахæм хорз- дзинæдтæ йын кæй ракодта, уый тыххæй, фæлæ бирæгъ кæм сразы уы- даид. Кæрæдзийæн хæрзбон загътой æмæ фæхицæнтæ стьг. Лæппу, йе ’фсымæртæй кæм ахицæн ис, уыцы фæндагмæ æрбахæц- цæ. Йæ бæхæй рахызти, дур офæлдæхта, æмæ мæнæ æртæ хæрьгнкъайы лæууьгац, дыууæ дзы сызгæ сты, афтæмæй. Чьгзгæн хабар бамбарьш кодта æмæ йæ уым ныууагъта, йæхæдæг сызгъæрин бæхыл абадти а&мæ йе '(фсьгмæрты агурæг фæраст. «Ацу æмæ æрцу»-йы фæндæгтæй иуьгл ацыд æмæ бахæццæ иу пад- дзахадмæ. Кæсы, æмæ уæртæ иу лæг доны был тъæнгтæ æхсы. Фæр- сы йæ: 309
— Кæм кусыс, дæ цард цæмæй у? Уый йын афтæ: — Паддзахмæ кусын тъæнгтæхсæгæй; цасдæриддæр мæ хъæуы, уыйас хæрын. Лæппу йæ базыдта, уый йе ’фсымæр кæй у, æмæ йын загъта: — Цом æмæ мæнмæ кус, дæ цард хуыздæр >ыдзæни. йæ фæсарц æй абадын кодта, араст и иннæ фæндагыл, æмæ бахæццæ сты æндæр паддзахадмæ. Кæсынц, æмæ уæртæ иу лæг стыр арынджы кæрдзын кæны æмæ йæ хид йæ къæхты бы-нæй кæлы. — Кæм кусьгс, дæ цард цæмæй у? — фæрсы йæ лæппу. — Паддзахæн кæрдзынгæнæгæй кусын; цасдæриддæр мæ хъæуы, уыйас хæрын æмæ хæрын. — Махимæ цом, дæ цард фæхуыздæр уыдзæн, — загъта кæстæр æфсымæр, æмæ та уый дæр сразы ис. Дыууæ хистæр æфсымæры нæдæр сæ кæрæдзийы базыдтой, нæдæр сæ кæстæр æфсымæры, фæлæ сæ кæстæр базыдта. Ракодта сæ йæ усы цурмæ, хæрынкъатæ систа, йе ’фсымæртæм сæ радта æмæ сын, æз уе ’фсымæр дæн, зæгъгæ, йæхи бацамыдта. Æфсымæртæ кæрæдзиуыл ныттыхсынц, фæцин кодтой сæ чындзыл дæр. 'Сбадтысты бæхтыл æмæ фæиэпуынц сæхимæ. Дыууæ хистæр æфсымæрмæ æгад æркасти, сæ кæстæр æфсымæр кæй фесгуыхти æмæ сæ хæдза.рмæ ахæм фæллæйттимæ кæй цæуы. Сæхи мидæг тæрхæттæ кæнынц: «Адæм ныл худдзысты. Ай бæсты нæ мæлæт хуыздæр у уæддæр, æмæ фæлтау исты æрхъуыды кæнæм». Тыгъд быдыры цыдысты æмæ сдойны сты, фæлæ дон никуы зыны. Кæстæр æфсымæр сæрæн уыд, иу ран йæ хъус ныддардта зæххы хуынкъ- мæ, æмæ дзы доны сæх-сæх цæуы. йæ астæуыл бæндæн абаста, йæ къухы дурын, æмæ йе ’фсымæртæм дзуры: — Бæндæныл хæцут, афтæмæй мæ дæлæмæ ауадзут, æмæ æз дон сисон. Дыууæ хистæрæн фадат фæци сæ фæнд сæххæст кæнынæн. Сæ кæс- тæр æфсымæры дæллоз куы ауагътой, уæд бæндæныл кард февæрд- той, æмæ лæппу дæлзæхмæ ныххаудта. Сæхæдæг фæцæуьгнц сæхимæ. Чызджы тыххæй кæрæдзи тонын баадыдтой, «нæ — мæе у», «нæ — мæн у», зæгъгæ, афтæмæй ныххæццæ сты сæ хæдзармæ. Чындзмæ бартхъирæ« кодтой, мяцы зæгъ, кæннод дæ амардзыстæм, зæгъгæ. Кæс- тæр æфсымæры тыххæй сæ куы фарстой, уæд загътой: — Æвзæр уыди æмæ кæмдæр ныммард. Кæстæр æфсымæр дæлзæхмæ куы ныххауд, уæд цæуьгн байдыдта æмæ бацыдис иу хъæумæ. Уым, кæронæй царди къулыбадæг ус, æмæ йæм æрфысым кодта. Къулыбадæг ус бадис кодта, уынгты цæуын дæр куы-д уæндыс, зæгъгæ. — Æмæ цы тас у? — бафарста лæппу. 310
Къулыбадæг ус ын загъта: — Кæфхъуындар доны ныббадти, дæ нывонд фæуон, æмæ æддæмæ ракæсын никæй уадзы. Нæ паддзах дæр ын ницы фæразы, æмæ адæм дойныйæ цагъды кæнынц. — Цом мемæ, мæ мады хай, æмæ дæхицæн дон æрхæссай, — загъ- та лæппу æмæ араст и донмæ, кæфхъуындармæ. Къулыбадæг ус йемæ цæуын нæ ауæндыд. — Чи куыдз, чи хæрæг, мæ донимæ дæ цы хъуыддаг ис! Иу ахæрд ваг мын куы нæ дæ, уæд дæ ныфс куыд хæссыс? Аздæх фæстæмæ, дьш, зæгъын! — хъæртæ йыл кæны кæфхъуындар. — Кæфойдзых, æввахс мæм æрбацу, æмæ нæ тых бавзарæм, — загъта лæппу. Кæфхъуындар æрбауагъта йæхи, лæппуйы хъуамæ ахордтаид, фæлæ йыя уый цирхъæй йæ астæу ныццавтя, æмæ дыууæ дихы фæци. Къулыбадæг усæн лæппу дыууæ стыр къæртайы дзаг дон ба- хаста. Айхъуысти æнæхъæн хъæуыл, кæфхъуындары иу лæппу амард- та, зæгъгæ, æмæ адæм цин кодтой. Паддзахмæ хæрзæггурæ-ггаг цыдыс- ты, фæлæ уый нæ уырныдта, æмæ уæд загъта: — Уæдæ ма уæртæ Къоборы æмæ Гæрæмы ауадзут донмæ, æмæ кæд донæй бафсæдой, уæд мæ бауьгрндзæни, кæфхъуындар мард у, уый. Къоборы æмæ Гæрæмы ауагътой донмæ. Нуазынтæ байдыдтой, нуазьштæ байдыдтой, æмæ дыууæ галы дæр фырнуæзтæй тъæппытæ фæхаудтой. Уæд паддаахы бауырныдта кæфхъуындары мæлæт. Р1е ’хкуырстытæм адзьгрдта: — Кæфхъуындары чи амардта, уыцы лæппуйы мæм тагъд ардæм æркæнут! Къулыбадæг усы хæдзары ссардтой лæппуйы æмæ йæ паддзахмæ бакодтой. Паддзах куывд скодта лæппуйы цытæн æмæ йын афтæ зæгъы: — Мæ чызджытæй дæ зæрдæмæ кæцы фæцæуа, уый дын дæттын усæн, стæй мæ паддзахады æрдæг дæр дæу фæуæд. — Дæ паддзахдзинад уæлахиз уæд, дæ чызджыты амонд дæр хорз уæд, фæлæ дæ æз æндæр цыдæр курьш: уæлзæхх цæрьшц мæ м»ад æмæ мæ фыд, æмæ мын уырдæм фæндаг бацамон. Уæд паддзах лæппуйæн загъта: — Ардыгæй ацæудзынæ æмæ ныххæццæ уыдзынæ иу тыгъд быдыр- мæ. Уым ис иу стыр бæлас. Цæры йыл цæргæс, уый уæлзæхмæ фæтæ- хы æмæ дæ схæсдзæни. Лæппуйæн йемæ радта бæндæн, зæгæлтæ æмæ дзæбуг. Ацыди лæппу, цæуынтæ байдыдта æмæ ныххæццæ ис уыцы бæласы бынмæ. Скаст уæлæмæ, æмæ бæласы цъуппыл хæдзар арæзт, — ахæм стыр бæ- лас уыди. Лæппу бæласы зæнджы зæгæлтæ къуырын байдыдта æмæ йыл уæлæмæ сбырыди. Схызт йæ цъуппмæ æмæ хæдзары дуарæй ба- .яи
касти." Кæсы, æмæ цæргæсы лæппьгнтæ къуымы баныгъуылдысты æмæ сæ цæссыг калынц. — Ма кæут, ма, мæ хуртæ, — дзуры сæм лæппу. — Ницы уы« кæн- дзьшæн. — Куыд нæ кæуæм, нæ мад уæлзæхмæ атæхы, мах ам ныууадзы, æмæ ;нæ залиаг калм иугай-дыгай хæры, Мах дæу дæр залиаг калм æнхъæлдтам. Лæппу сæ барæвдыдта æмæ сæ фæрсы: — Æмæ уæ мад кæд æрцæудзæн? — Нæ мад тагъд æрцæудзæн, — загътой цæрлæсы лæппынтæ æм- хуызонæй. Уалынмæ бæлас æнкъуысын райдыдта. — Уььй цæмæн æнкъуысы? — бафарста лæппу. — Уый уьгй тыххæй æнкъуысы, æмæ та нæм залиаг калм сбыры хæрынмæ, — загътой цæргæсы лæппынтæ æмæ та окуыдтой. — Ма кæут, мæ бар æй уадзут, — загъта лæппу, йæхæдæг фæс- дуар бамбæхсти. Цæргæсы лæппынтæн бафæдзæхста: залиаг калмæн- иу афтæ зæгъут: «Кæд нæ хæрыс, уæд нæм ардæм æрбащу æмæ нæ ам бахæр». Залиаг калм дуарæй йæ сæр æрбадардта æмæ цæргæсы лæппын- тæм дзуры: — Дыууæйæ рацæут æмæ уæ бахæрон. — Кæд нæ хæрыс, уæд нæм ардæм æрбацу — уырдæм та ма дæм цæмæн цæуæм? — æмдзьгхæй загътой цæргæсы лæппынтæ. Залиаг калм фæмæсты æмæ хæдзармæ фæбыры. Лæппу фæсдуар æмбæхст уыд, кардæй йьгн йæ сæр æрриуыгъта, æмæ сæр зæхмæ ас- хъиудта. Цæргæсы лæппынтæ фырцинæй фæцæйхордтой лæппуйы. Уалынмæ та хæдзар змæльш байдыдта. — Уьгй та цæмæн афтæ у? — фаэрсы сæ лæппу. — Уый та нæ мад æртæхы, æмæ йæ базырты дымгæйæ нæ хæдзар ризы. Гъеныр бамбаахс, кæннод дæ ахæрдзæн, — æмæ лæппуйы къуту- йы бьга бакодтой. Мад йæ лæппынты удæгасæй куы æрæййæфта, уæд ныццин кодта æмæ сæ фæрсы: — Цы хуыцау уьга баххуыс кодта? — Нæ ирвæзынгæнæджы дын феньгн кæниккам, — загътой лæп- пынтæ, — фæлæ йæ, миййаг, куы ахæрай. — Искуы ма афтæ дæр æрцыди! — дзуры сæм сæ мад. Цæргæсы лæппынтæ къутуйы бынæй ракодтой лæппуйы æмæ загътой: — Мæгаæ нæ гъе ай фервæзын кодта, залиат калмы амардта. Цæргæс фьгрцинæй лæппуйы авд ныхъуырды акодта æмæ йæ авд æппæрсты скодта. 312
— Цы хорздзинад курыс мæнæй? — фæрсы йæ^цæргæс. — Уæлзæхх цæрынц мæ мад æмæ мæ фыд, æмæ мæ уырдæм фæхæсс. — Уый зын хъуыддаг у, фæлæ мын мæ лæппынты фервæзын код- тай, æмæ дæ схæсдзынæн. Ацу, æмæ мын фæндаггаг дыууадæс къам- бецы марды сцæттæ кæн. Лæппу баэласæй æрхызти, цæуын байдыдта æмæ паддзахмæ ныц- цыДи. Радзырдта йын, фæндаггагæн æй цы хъæуы, уый, æмæ йын сæ паддзах сцæттæ кодта. Паддзахы æххуырстытæ нын сæ уьщы бæласы бынмæ бахааццæ кодтой. Хорздзинад никуы сæфы, — лæппуйæн хорз балæггад кодтой. Цæргæсæн йæ тæхьгны рæстæг æрцыди. Дыууадæскъамбецы мар- ды йе ’ккой бавæрдта, лæппуйы та йæ базьгры бын бавæрдта æмæ йын з^агъта: — Куы-иу фæхъуахъхъ кæнон, уæд-иу мын мæ дзыхы иу къамбе- цы мард акæн. Цæргæс стахти, æмæбæстæ ныррызти, сызмæлыди: тæхын байдыд- та уæлзæхмæ. Цæргæс фæхъуахъхъ кæны, æмæ йыи лæппу къамбецы мард йæ дзыхы атъыссы. Кьамбецтæ йын хæрд фесты. Цæртæс та но- джыдæр схъуахъхъ кодта. Лæппу ма цы акодтаид, уымæн ницыуал зьщта æмæ уæд йæ зæнджы хæцъæфтæ кардæй сльиг кодта æмæ сæ цæргæсы дзыхы атъыста. Цæргæс сæ нæ аныхъуырдта, фæлæ сæ йе ’взаджы бын бакодта. Уалынмæ уæлзæхмæ схæццæ сты. Цæргæс æр- бадти, фæлæ лæппу рахизьгн нæ фæразы, йæ зæнджы хæцъæфтæ ныхъ- хъæбæр сты. Цæргæс æй фæрсы, цæуылнæ хизыс, зæгъгæ, афтæмæй йæ мид- былты бахудьг. Цæргæс йе ’взаджы бынæй лæппуйы зæнджы хæцъæфтæ раппæр- ста, йæ уæлæ йьгн сæ авæрдта, зæлдаг хæцъил сыл асæрфта, æ*мæ дæп- пу |цы уыд, авд ахæмы хуыздæр фестади. — Гъеныр бæласмæ бæндæнæй дæхи бабæтт, — загъта цæргæс, — кæннод дæ мæ дымгæ фæхæсдзæн. Лæппу бæндæнæй бæлаомæ йæхи бабаста. Кæрæдзийæн хæрзбон загътой, æмæ цæргæс стахти. Иæ дымгæйæ бæстæ сызмæлыди. Лæппу цæуьгн байдыдта æмæ йæ хæдзармæ ныххæццæ. Уæдмæ йæ мад æмæ йæ фьгд тььнг базæронд сты. Ие ’фсьимæрты хьглгæнгæ ныййæфта, «чындз мæн у», «нæ, чьгндз мæн у», кодтой. Кæстæр æфсьимæр йæ мад æмæ йæ фьгдæн льгстæггай радзырдта йæ хабæрттæ; æмæ мад аэмæ фыд дыууæ хистæр лæппуйæн загътой: — Ацаэут æмæ уæхи фесафут. Кæстæр æфсымæр сæм барæй йæхи æрлæгъз кодта. Иемæ сæ хъæд- мæ акодта, уьгм стыр бæрз бæлас уьгди, æртасын æй кодта æмæ йæ дьгууæ æфсымæрмæ дзуры: 313
— Ацы къалиутыл мьгн хæцут, уисæйттæ ракæнæм, — æмæ сын сæ къухтæ бæндæнтæй бабаста къалиутæм, кæннод, дам, мæ фæсай- дзыстут, иухатт мæ куыд фæсайдтат, афтæ. Лæппу бæлас феуæгъд код- та, æмæ йæ дыууæ хистæр æфсымæры бæласы цъуппмæ стахтысты æмæ уыцы ран ауыгъдæй баззадысты. Чызг, сызгъæрин бæх æмæ сызгъæрин цъиу æд къалати лæппуйæн йæхи баисты, афтæмæй йæ мад æмæ йæ фыдимæ цæрын байдыдта. Уыдон æрцыдмæ хорзæй цæрут. ^’
О^сК^Ж^Х^ АРЧУМАН Цардис æмæ уыдис мæгуыр лæг. Уымæн уыд æртæ лæппуйы, æмæ сæ кæстæр хуындис Арчуман. Сæ фыд сын загъта: — Нæ хъæуы рæгъæуттæ нын фæтардæуыд. Фосæй махæн ницы ис, тæргæ дæр нын ницы ачындæуыд, фæлæ адæммæ фæкæсын хъæуы, кæннод худинаг у. Уæд Арчуман загъта: — Æз сæм анæудзынæн агурæг! ■— æмæ араст ис. Цæуы, цæуы æмæ йыл оаудалынг мигъ ныббадти. Уæд загъта: «Хуыцæутты хуыцау, нæ хъæуы фос нын чердæм фескъæрдæуыди, уьщырдыгæй мæм хуры тьш æрбауадз». Уæд æм æвиппайды рухс æрбазынди сау уæйыджы бæстырды- гæй. Цæуьгнтæ та байдыдта æмæ сау уæйыджы бæстæм фæхæццæ ис. Уым хуымгæнджыты бафарста: — Уæ хорзæхæй, сау уæйыг кæм цæры, уый мын бацамонут! Ацамыдтой йын сау уæйыджы хæдэар. Сау уæйыджы ус дуармæ бадти. Лæппу йын «дæ бон хорз» загъта, стæй йæм бахатыд: — Фæндаггон дæн^ æмæ мын кæрдзын бахæрьш кæ. Ус ын афтæ: — Кæд дæ бон бауыдзæн кусарт акæнын, уæд уæртæ скъæт тæ- лæттаг хъомæй йе ’дзаг, æртæаздзыд уæныг дзы ракæн æмæ мæнæп дæр бахæрын кæн æмæ дæхæдæг дæр бахæр. Ус ын уæныг иунæгæй аргæвдын æнхъæл нæ уыдис, фæлæ лæппу скъæтмæ бауад, сæ хъæуы хъомты куы ауыдта, уæд мæстæй уæныгæн йæ сæрыл фæхæцыди, йæ иу къухæй йæ æрбадавта, йæ дзыппæй кард фелвæста æмæ загъта кардæн: — Ацы тæккæ сахатыл физонæг куыд акæнай! 315
Кард æвиппайды уæныджы æрбаргæвста. Аходæн ацæттæ ис. Ус, лæппумæ кæсгæйæ, джихæй аззадис. Лæппу йæ кард йæ дзьшпы ны- вæрдта æмæ уомæ дзуры: — Æз дарддæр цæуын, фæлæ сау уæйыг кæуъглты æрцæудзæн, уый мын бацамон. Ус ын загъта: — Стыр доныл хизын дæ хъæудзæн, фæлæ-иу сау хидыл ма ахиз, уæйыг цæудзæн ууылты. Зонын дæ, ды мæ мойы кæй агурыс, фæлæ йæ куы амарай, уæд-иу мæн дæр дзæгъæл ма ныууадз, мæн дæр-иу демæ акæн. Лæппу араст >æмæ сау хиды хъусы бамбæхсти. Уæйыг æрцæуы æмæ æрьюкъæры, хъæуы фосæй м,а чи уыд, уьгдон. Р1æ дымгæ бæстæ хæссы. Лæппу йыл уыцы мæстыйæ фæхъæр кодта: — Хæрæг, æгъгъæд дын нæма у нæ фосьг рæгъæуттæ скъæрын? Уæйыг лæппуйыл йæхи ньщцавта. Лæппу йæ дзьшпæй кард фел- вæста, аппæрста йæ аэахмæ æмæ йьга з»агъта: — Лыстæг льггтæ мьш æй акæн. Кард уæйыджы лыгтæ байдыдта аамæ йæ хиды хъусыл суджы цагъд скодта. Хъомтыл рахъæр кодта лæппу æмæ сæ уæйьгджы хæдзар- мæ æрбаскъæрдта. Усæн зæгъы: — Адон дæр уал бавæр. Æз дарддæр цæуьш. Лæппу та араст сæ хъæуы баахы рæгъау агурæг. Мигъ та йьгл æр- бадтис, æмæ та загътл: — Нæ хъæуы бæхты рæгъау ньш чердæм феокъæрдæувд, уыцыр- дыгæй мæм рухс куы æрбагсæсид. Сырх уæйыджы бæстæй та йæм рухс æрбамасти. Бацыди ушйыджы хæдзармæ. Уæйыджы ус ын загъта: — Фæндаггон! Æххормаг уыдзынæ, æмæ уæртæ кæрты казйдæр бæхтæ, фьщцагсæргъаг дзы радахс æмæ дæхицæн хæринаг акæн. Лæппу байраг рацахста, кард та йæ ацæттæ кодта, æмæ лæппу йæхи хорз куы федта, уæд усæн загъта: — Æз цæуын, фæлæ уæйыг кæуылты æрцæудэæн, уый мын ба- цамон. Ус ын загъта: — Сырх хидыл м«а ахиз, æндæр уымæн æрцæуæн никæуылты ис. Лæппу та сырх хидьг хъусы бабадт. Уæйыг, хъæуы бæхты рæгъа- уæй мæ чи уыд, уьгдон æртæры, йæ дымгæ бæстæ хæссы. Уæйыг лæппу- йы ауыдта: — Чи дæ, цы бадыс мæ размæ? Лæппу уæйыгыл йæхи ньгццавта. Хæцынтæ байдыдтой, æмæ лæппу уæйыджы зæххыл ныццавта. Кард та йæ къухæй аппæрста æмæ та йын загъта: — Уæнггай мьгн æй скæн. 316
Кард та уæйыджы хиды хъусы сцагъд кодта уæнг уæнджы сæрыл. Лæппу бæхтæ æрбаскъæрдта сырх уæйыджы усмæ æмæ сæ уымæ ныу- уагъта. Ус ын загъта: — Базыдтон дæ, мæ бан, фæлæ-иу мæн дæр дзæгъæл ма ныууадз. Лæппу та ацыд, сæ хъæуы фысы дзуг чердæм фескъæрдæуыд, уы- цырдæм. Æмæ та йæм рухс æрбазьгнд урс уæйыджы бæстæй. Лæппу та фæхæщ^æ уæйыджы хзæдзармæ. Бацьгд, усæн салам загъта, стæй йæ фæрсы/уæйыг кæм ис, уымæй. Ус ын загъта: — Цавæрдæр хъæуы фосæй ма цы баззад, уыдон скъæрынмæ ацьгд, фæлæ уæртæ фосæй иу фысæй дæжицæн аходæн акæн. Лæппу аходæн бахордта. Æмæ йæм уæйыджы ус дзуры: — Дæ кард мьгн ратт, æмæ мæ цы курьгс, уый дьш ратдзынæн. Лæлпу загъта: — Урс уæйыг кæуылты æрцæудзæн, уый мын бацамон, æмæ фæс- тæмæ куы æрыздæхон, уæд дын æй ратдзынæн. Ус загъта: — Доны сæрты урс хид ис, æмæ-иу ууылты ма ацу, кæннод дæ ба- хæрдзæн. Лæппу та урс хиды хъусы бамбæхсти. Уæйыг фос стæры. Лæппу уæйыгыл йæхи ныццавта. Кард та йæ байдыдта къуыхтæ кæнын æмæ йæ суджы цагъд скодта. Лæппу фос раскъæрдта æмæ уæиыджы усмæ дзурьг: — Цæугæ ныр! Ус йæ фæрдыг йемæ рахаста. Лæппу йæхиньгмæр хъуьгды кæны: «Устытæй иу мæ хистæр æфсымæрæн ратдзьгнæн, иннæ — астæуыкка- гæн, урс уæйыджы усы та мæхицæн ныууадздзьгнæн». Рараст сты, сьгрх уæйыджы усмæ æрбацыдьгсты, уый дæр семæ акодтой. Уый рахаст-а йæ зæлдаг кæлмæрзæн. Сау уæйьгджы усмæ бацьгдысты. Ус сæ куы ауыдта, уæд та уый дæр йæхи ацæттæ кодта æмæ йæ кæсæн йемæ ахаста. Рацыдысты иумæ. Æрæввахс сты лæппуйы хæдзармæ. Уьщы рæстæджы Арчуманы фьгд йæ дыууæ лæппуйæн дзырдта: — Фæцæут, æнæсæрæнтæ, уе ’фсьгмæры уæддæр бацагурут! Араст сæ кодта тыхмитæй. Æфсьгмæртæ уæйгуыты устыты куы ауыдтой, уæд фæтарстысты. Арчуман сæм дзурьг: — Тæрслæ ма кæнут, æз сæ сымахæн æркодтон. Ныццин кодтой кæрæдзиуыл Арчуман æмæ йе ’фсымæртæ. Фос раскъæрдтой. Арчуман фæндагыл загъта йе ’фсымæртæн: — Цырд хъахъхъæнут, æз фæлмæцыд дæн æмæ, миййаг, куы афьгнæй уон. Лæппу, æцæг, афьшæй ис. Æфсымæртæ сæхимидæг дзурынц: «Нæ фыдмæ аимæ куы ныццæ- уæм, уæд нæ кад нал уьгдзæн». Æмæ офæнд кодтой се ’фсымæры ам^а- 317
рын. Иæ кард ьпн сластой æмæ йьгн йæ уæрджытæ уымæй ахауьш код- той. Аппæрстой <йæ фæсвæндаг. Лæппу куы райхъал, уæд лæсын байдыдта хъæды. Каесы, æмæ уæртæ лæг куырмæй бæлæсты æнцæйтты рацу-бацу кæны. — Цы дæ, цы ми} кæныс? Лæг ын загъта: — Абьгрджытæ мьгн мæ цæстытæ скъахтой, æмæ чердæм фæцæ- уон, уый нал зонын. Арчумл’нæн йæхимæ æвæрд уыдысты фæрдыг, кæлмæрзæн æмæ кæсæн, фæлæ доимæ фæцæуын йæ бон нæ уыд, æнæ дон та уыдон æх- хуыс ницы кодтой. Арчуман куырм лæгæн &агъта: — Доны цурмæ мæ бахæос, фæндаг дын æз амондзынæн, æмæ дæ ныртæккæ ракæсьгн кæндзынæн. Куырм лæг дæр æй доны бьглмæ бахаста. Арчуман фæрдыг доны цæппæрста. Фæрдыджы донæй йæ уæрджъиыл дæр æркалдта æмæ куырм лæджы цæстытыл дæр. Зæлдаг кæлмæрзæнæй йæ уæрджытæ аоæрфта æмæ, куыд уыд, афтæ фестадис. Куырмæн дæр йæ цæстытæ асæрфта, æмæ уый дæр йæ цæстытæй ракаст. Арчумлн æрцыд йæ хæдзармæ, æмæ йый йæ фыд загъта: — Кæм хъеллау кодтай ныры онг? Лæппутæ æрыскъæрдтой фос дæр æмæ уæйгуыты устыты дæр æркодтой. Лæппу йæ фыды бафарста: — Цы дын загътой дæ фырттæ? — Зæгъынц, Арчуманы, дам, нæ федтам. Уæд Арчуман йе ’фсымæртæм дзуры: — Цомут æмæ суг ракæнæм. Арчуман хъæды бæласы сæрмæ схызт, йæ цъуппæй йæ рафаста, зæхмæ йæ æртасын кодта æмæ йе ’фсьимæртæн зæгъы: — Уæ цæнгтæ дзы акæнут, æмæ йæ аскъуынæм. Лæппутæ сæ цæнгтæ бæласы фазты куы акодтой, уæд Арчуман бæ- лас суагъта. Бæлас сæ бæрзонд систа, æмæ лæппутæ ауыгъдæй баз- задысты. Арчуман хæдзармæ æрцыд æмæ йæ фыдæн дзурын райдыдта йæ хабæрттæ. Уæйгуыты устытæ дæр загътой: — Мах ацы лæппу ракодта. Фæндагыл ныл фембæлдысты дæ дыууæ лæппуйы. Арчуман сæ раздæхта. Уыдон ын йæ уæрджытæ фы- нæйæ алыг кодтой æмæ йæ уым аппæрстой. Фыд уæддæр йæ лæппуты мысыд æмæ цæнкъард и, стæй уæйгуыты устытæн загъта: — Уæ хорзæхæй, сымах зæгъут Арчуманæн, æмæ кæд лæппуты райгас кæнид. Арчуман йæ фыдæн фæтæригъæд кодта. Ацыдис, бæласæй сæ æри-
ста, зæлдаг кæлмæрзæнæй сæ асæрфта — сæ буар схæцыди. Фæрды- джы донæй сæ цæхсадта, æмæ сæ цæстытæй ракастысты. Кæсæны сæ акæсын кодта, æмæ, цы уыдысты, уымæй авд ахæмы хуыздæр феста- дысты. Сæ фыдмийыл басастысты, афтæмæй абон дæр цæрынц æмæ сом дæр. ^
КЭ^**^*^*^ МÆГУЫР ЛÆДЖЫ ФЫРТ ÆМÆ ÆЛДАРЫ ЧЫЗГ Цардис æртæ æфсымæры. Иу дзы уыдис æвзæрдæр, æмæ-иу æй родгæс арвыстой, иннæ дыууæ æфсымæры та-иу сахармæ уæй- мæ ластой фæткъуытæ, джитъритæ æмæ æндæртæ. Иухатт куы уыдис, уæд дыууæ æфсымæры æвзæры арвы- стой донмæ. Æвзæр къæрта доны куы фæтъыста, уæд дзы донимæ кæ- саг фелвæста. Кæсаг загъта: — Ауадз мæ, æмæ-иу цыдæриддæр зæгъай, уый дъгн-иу дæ цуры фестьгн кæндзьгнæн! Лæппу кæсаджы ауагъта æмæ загъта: — Кæоаг, кæсаг, уæдæ къæртатæ хæдзармæ ацæуæнт! Къæртатæ дæр, дын, кæс æмæ уæртæ фæцæуьгнц, сæ дон дæр сæ мидæг, афтæмæй. Дыууæ æфсымæры устытæ йæ бафарстой: — Куыд æрбацыдысты къæртатæ? — Дзæбæх! — зæгъгæ, загъта лæппу. Изæры иннæ дыууæ æфсымæры куы æрцыдысты, уæд сын оæ усты- тæ къæртаты хабар дзырдтой, фæ.7гæ уыдон сæ устытыл схъæртæ код- той, уый уæртæ æвзæр куьг у, уæд нæ куьгд сайут, зæгъгæ. Дыккаг бон та дыууæ æфсымæры æвзæрæн загътой: — Уæртæ бæх дзоныгъы сифтындз æмæ хъæдмæ ацу сугмæ. Лæппу бæх дзоныгъы сифтыгъта æмæ рараст ис. Куыддæр уьшгмæ ахæццæ, афтæ бæх феуæгъд кодта, стæй феуæгъд кодта рæтæнæгъдтæ дæр, фæстæмæ та дзоныгъмæ схызти æмæ загъта: — Кæсаг, кæсаг, уæдæ дзоныгъ хъæды куьгд балæууа! Дзоныгъ уайтагъд хъæды балæууыд. Уым адæм дынджыр бæлæс- тæ калынц, æмæ лæппу загъта: — Кæсаг, кæсаг, уæдæ уьщы хъæдтæ мæ дзоныгъы куыд фестой бастæй æмæ фæстæмæ куыд ацæуон нæхимæ! Сугтæ дзоньвгъы фестадысты, æмæ лæппу рараст ис сæхимæ.
Уæд æй йе ’фсымæрты устытæ фæрсывд, цæмæй æрластай суг, зæгъгæ. Лæппу сьгн, цы уæ хъуъгддаг ис, зæгъгæ, фæкодта. Изæры та дыууæ æфсымæры куы æрцыдысты, уæд та сьин сæ усты- тæ дзырдтой, лæппу суг куыд æрласта, уый хабар, æмæ та æфеымæр- тæ еæ устыты тынг бафхæрдтой, хынджылæггяг уын стæм, миййаг, æви ньгн цытæ дзурут, зæгъгæ. Æртьгккаг бон та йæ арвыстой фæззылæвд хъахъхъæньгнмæ. Лæп- пу кæрдзыны цыппæрæмхай йæ роны бакодпа, къуьыых бæхыл сбад- тис æмæ рараст и фæззыгæндмæ. Кæсы, æмæ дзы цыдæр хизы. Уæд лæппу загъта: — Кæсаг, кæсаг, уæдæ уым æмцад куыд лæууа! Фæцæуы йæм. Фьщцаг æй род хуыдта, фæлæ йæм куы бахæстæг, уæд разынди бæх, æмæ йæ галиу фындзыкуыекъæй цæхæр калдис, йæ рахиз фын- дзыхуынкъæй та сызгъæрин. Бæх загъта: — Лæппу, ауадз мæ, æмæ-иу дæ мæ сæр куы хъæуа, уæд-иу мæм идон батил, æмæ дэем зындзынæн. — Хорз! — загъта лæппу, бæхы суагъта, æмæ уый дæр афардæг. Уьш фæстæ, æлдар йæ кæстæр чызджы лæвæрдта моймæ æмæ фе- хъусьш кодта: — Дыууæ уæладзыджы саерæй мын мæ чьгзджы къухдарæн чи аскъæфа, уымæн æй дæттын! Æвзæр лæппу, æз дæр ацæуон, зæгъгæ йе ’фсымæрты фæрсы, æмæ йыл уыдон схъæртæ кодтой: — Каедæм цæуьгс, æвзæр! Аокъæфдзынæ йæ ды, мæлæты лæг! Ацу æмæ уæртæ фæззыгæнд хъахъхъæн! Æвзæр лæппу та æвзæр бæхыл сбадт, кæрдзыны æрдæг ракуырдта æмæ фæззыгæнд хъахъхъæнынмæ ацыд. Уым йæ идон батылдта, æмæ бæх уайтагъд йæ уæлхъус æрбалæууыд. Лæппуйы йæ галиу хъусы бабырын кодта, йæ рахиз хъусæй та йæ æддæмæ рабырын кодта. Лæппу уæд ахæм рæсугъд фестад, ахæм, æмæ йæм лæг кæ- сынæй не ’фсæсти. Лæппу бæхыл сбадтис, æмæ йын бæх загъта: — Хъусыс, куыддæр агъуысты цурмæ бахæццæ уаем, афтæ-иу мын, мæ агъды фарсæй султъы куыд схауа, дæ къухæй та чъепс, ахæм цæф фæкæн! Араст сты æмæ куыддæр агъуысты цурмæ бахæццæ сты, афтæ лæппу бæхæн ахæм гæрах нылласта, æмæ йæ къухæй чъепс схаудта, бæхы агъды фарсæй та султъы. Бæх уыцы иу сæррæтт сласта, æмæ лæппу къухдарæн раскъæфта. Ныр æй æвзæр чи хуыдта, уыдон кæро- нæй лæууынц, æмæ сын ехсæй фæйнæ цæфы фæкодта, стæй быдырмæ атахт æмæ йæ бæх суагъта, йæхæдæг та фæстæмæ æвзæр бæхыл сбадт æмæ йæ хæдзармæ рараст. 21 Ирон адæмы аргъæуттæ 321
Къухдарæн цы къухыл конд уыд, уььй оау хæцъилæй бабаста, æмæ, сæ хæдзармæ куы æрбацыд, уæд æй фæрсынц: — Дæ къух та цы кодта, æвзæр? — Цы кодта, уæртæ уым фæкалдтæн, æмæ йæ тихалæг атыдта. — Æри-ма, æмæ дьгн æй дзæбæх хæцъилæй бабæттæм. — Нæ, нæ йæ хъæуы, хорз баст у! Уалынмæ æлдар адæмы æрæмбырд кодта æмæ загъта: — Къухдарæн кæмæ ис, уый мæ чызджы ахæссæд! Адæм кæрæдзимæ ракæс-бакæс кæнынц. Æвзæр лæппу дæр кæро- нæй слæууыд. Агурынц къухдарæн, агурывд, æмæ йæ æппын никæмæ уынынц. Стæй уæд иу лæг загъта: — Дæлæ-ма уьгмæ дæр фенут, кæд уьгмæ ис, уæд та? Йæ къухы баст ьгн райхæлдтой, æмæ къухдарæны рухсæй бæстæ ныррухс. Афтæмæй æвзæр лæппу æлдарьг кæстæр чызджы рахаста. Æлдарьг хистæр дьгууæ чьгзджы мæстæй мардтай кæстæры, дæуæн дæ лæг родгæсæн дæр нæ бæззьг, зæгъгæ, æмæ-иу чызг куьгдта. Уæд, дьгн, æлдар иуахæмы йе ’сиæхсты æвзарьг, кæддæра сæ хуыз- дæр, сæрæндæр чи у, зæгъгæ. Æмæ йæ дьгууæ сиахсæн йæ рæ- гъауæй æвзаргæ бæхтæ радта, æвзæр лæппуйæн та къуылых бæх, æмæ загъта: — Цамут хæстмæ! Æлдар æмæ йæ дьгууæ сиахсьг разæй афардæг сты, æвзæр фæсте- ’йы баззадис. Дьгууæ хистæр сиахсьг куьг фæаууон стьг, уæд кæстæр сиахс — æвзæр /гæппу æлдарьг бæх суагъта, йæ идон батылдта, æмæ диссаджы бæх уым æрбалæууыдис. Лæппу бæхæн йæ палиу хъусьг ба- бырыд, йæ рахиз хъусæй ра’быръгд, æмæ та ахæм лæппу фестад, ахæм, æмæ йæм лæг кæсынæй нæ бафсæстаид. Бæхыл абадт, æвзæр бæх уым ныууагъта æмæ иннæты фæдьгл араст. Куы сæ баййæфта, уæд сæ фæр- сы, кæдæм цæут, зæгъгæ. Уыдон ьгн эагътой: — Хæстмæ! — Уæдæ æз дæр съшахимæ цæуьгн. — Кæд дæ фæндьг, уæд рацу, — загъта йьгн æлдар, фæлæ нæ иу æмбал фæсте баззад, æмæ йæ æппьгн никуы федтай? — Уый нырма кæд æрхæццæ уьгдзæн! — зæгъгæ сын дзуапп рад- та лæппу. Уалынмæ ныххæццæ сты хæсты быдырмæ æмæ уьщьг лæппу йæ къух кардæй фæлыг кодта, йæхæдааг æлдармæ бау»адис æмæ йæм дзуры: — Æри-ма, мæ къух цæмæй абæттон, гхæм хæцъил дæм никуы ис? Æлдар къухтыкæлмæрзæн фелвæста æмæ йьгн йæ къух абаста. Хæст куьг ахицæн, уæд сæхимæ рараст стьг, æмæ лæппу разæй фæ- цæуьг. йе ’взæр бæх кæм фæуагъта, уым йæ бæхæй рахьгзт, æвзæр бæ- 322
хьгл сбадт, æмæ, цыма хæстаæ цæуы, уыйау фæстæмæ раздæхт. Æлдар æмæ йæ дыууæ сиахсы ссæуынц æмæ йæм хъæр кæнынц: — Кæдæм-ма цæуыс, æвзæр, шдæх фæстæмæ! Ссыдысты сæхимæ, æмæ æлдар бинонтæн дзуры: — йех-мардзæ! Иу сахъхъ лæппу немæ уыдис, æмæ ма уый фея! Иæ къух алыг кодта, æмæ йъга мæ къухты кæлм-æрзæнæй йæ къух абастон. Уæд æвзæр сиахс афтæ зæгъы: — Уый æз уыдтæн, æз! Æлдар загъта: — Дæумæ та ахæм бæх æмæ дзауматæ, стæй ахæм хъару кæцæй æрцæудзæн?! Æвзæр йæ дзыппæй къухтьжæлмæрзæн фелвæста æмæ та æлдар- мæ дзуры: — Мæнæ ай дæ кæлмæрзæн нæу? Æлдар хорзау нал фæцис. Лæппу йын зап>та: — Фæндагыл кæй фарстай, не ’мбал цы фæцис, зæгъгæ, уый æз уыдтæн, стæй йæ къух кæмæн алыг, уый дæр æз уыдтæн. Æлдар ьш загъта: — Уæдæ кæд ды уыдтæ, уæд æз зæххы æкца æрæвæрдзынæн, æм<æ ма йæ уæлбæхæй сис. Æлдар зæххы æхца ’æрæвæрдта, лæппу баахыл абадт, ’æрбацагайдта, уæлбæхæй зæхмæ февнæлдта æмæ æхца фелвæста. Уæд æлдар загъта: — Абонæй фæстæмæ ды мæ сиахс, иннæтæ цыфæнды фæуæнт!
К$^с*^р*^$^ КУЫРЫСМÆДЗОГ ÆМÆ МÆГУЫР ЛÆДЖЫ ФЫРТ Раджыма-раджы царди лæг æмæ ус. Цот сын нæ уыд, æмæ цоты бæсты дардтой кæрчытæ. Сæ кæрчытыл сын цæргæс сагъуыд æмæ сæ иугай-дыгай хаста. Ус смæсты ис æмæ йæ лæгæн загъта: — О гормон, цотæн дæр нын уъгдон куы сты æмæ фосæн дæр, уæд уьгцы цæргæс фæтæрсьгн кæньгнæн нæ дæ? Иубон та цæргæс куы æртахтис, уæд æй лæг марынмæ хъавыд, æмæ йæм фат куы фæдардта, уæд æм цæргæс дзуры: — Ма мæ амар, дæ дзæбæх дын нæ ферох кæндзынæн. Дыккаг бон дæр та æртахт, æмæ та йæм лæг фат æмæ æрдьгн фæ- дардта. Цæргæс та йæм дзуры: — Ма мæ амар. Лæг та йæ ныууатъта. Афтæ æртыккаг бон дæр. Стæй йæм цæргæс цынпæрæм бон æртахт æмæ йын афтæ зæгъы: — Цæй, ныр æрбабад мæ базыртыл, æмæ цом! Лæг цæргæсы базыртыл сбадт, æмæ атахтьгсты. Цæргæс æй иу айнæджы еæрмæ схаста æмæ йын афтæ: — Ныр дæ æз аод уадзын! Л«аэг загъта: — Ам мæ куы ныууадзай, уæд цы фæуыдзьгнæн? Ардыгæй куы ахауон, уæд мьш халон ме ’стæг дæр куы нал ссардзæн. Цæргæс загъта: — Ды мæм фат куы фæдардтай, уæд мæнæн дæр афтæ хъыг уыди! Цом ныр дарддæр. Систа йæ æмæ та йæ бирæгъты æрдонджы цур æрæвæрдта. Æмæ та йын з»агъта: — Гъе ныр дæ ам уадзын. Лæг та йьгн афтæ: — Æмæ мæ адон нæ бахæрдзысты?
Цæргæс загъта: — Ды мæм фат куы фæдардтай дьжкаг хатт, уæд мæнæн дæр аф- тæ хъыг уыдис! — Дарддæр та цом, — зæгъгæ, йæ ахаста цæргæс, цъæх айнæ- джы сæр æй æрæвæрдта æмæ йын загъта: — Гъе ныр ам лæуу. Лæг та йæм дзуры: — Ныр ам мæ къах куы фæбыра, уæд цы фæуыдзьшæн? —• Ды мæм фатæй æртыккаг хатт куы ныхъхъавыдтæ, уæд мæнæн дæр афтæ хъыг уьгд, — загъта цæргæс. — Фæлæ, цæй ныр мауал тæрс. Цæргæс та лæджы систа, ахаста йæ æмæ йæ йæ хистæр хойы хæ- дзары цур æрæвæрдта. йæ хо сæм рауад, мидæмæ, зæгъгæ. Цæргæс ьгн афтæ: — Кæд дæ ехс æвдæлы, уæд нъпн æй авæр. Уымæ та уыд ахæм ехс, æмæ дзы зæхх æркъуыр, уæд, дæ дзыхæй цыдæриддæр загътаис, уый-иу дæ цуры фестадаид. Иæ хо йын загъта: — Æмæ ма мæхæдæг та цæмæй цæрон? Уырдыгæй рацыдысты æмæ та йе ’ннæ хойы хæдзары цурмæ бацы- дысты. Уый дæр сæм дзуры: — Радæут æмæ исты бахæрут. Цæргæс загъта: — Хæргæ ницы кæнæм, фæлæ дæм къухдарæн амонынц, æмæ нын æй ратт. Хо загъта: — Æмæ ма мæхэвдæг та цæмæй цæрдзынæн? Уырдьггæй дæр та рацыдысты æмæ йе ’ртыккаг хомæ куы бацыдыс- ты, уæд сæ уый хорз федта æмæ сын радта йæ сæрбæттæн. Уый ахæм сæрбæттæн уыд, æмæ дзы-иу, цот чи нæ кодта, .ахæм ус йæ сæр куы ба- бастаид, уæд ьгн-иу цот рацыди. Уырдыгæй цæргæс лæджы рахаста, сæхи доны был æй æрæвæрдта æмæ йьш загъта: — Хъæумæ куыддæр бацæуай, афтæ йæ дæ ус йæ сæрыл бабæт- тæд, æмæ йын лæппу райгуырдзæн. Цæргæс лæджы доны был ныууагъта. Лæджы уым хуыссæг æр- цахста, æмæ афынæй. Уыцы рæстæджы, дын, донæй куырысмæдзог ра- уад æмæ йын йæ сæрбæттæн адавта. Лæг куы райхъал, уæд ма сæр- бæттæн агуырдта, фæлæ йæ кæм ссардтаид! Лæг æрдиаг кæнын бай- дыдта, æмæ йæм уæд куырысмæдзог дзуры донæй: — Хорз лæг, цы а1гурыс? — Сæрбæттæн мæм уыд æмæ мын кæмдæр ахауд. Куырьюмæдзог загъта: 325
— Уый дын мæнмæ ис, æмæ дын æй куы радтон, уæд дын лæппу райгуырдзæн. Гъемæ йæ кæд йæ афæдзы бонмæ æрхæсдзынæ, уæд дын дæ сæрбæттæн фæстæмæ дæттын. Лæг загъта, æрхæсдзынæн, зæгъгæ, æмæ йын куырысмæдзог сæр- бæттæн радта. Лæг сæхимæ куы бацыд, уæд сæрбæттæн йæ усмæ радта, ус æй йæ сæрыл бабаста, æмæ сын лæппу райгуырди. Лæг ыл мæт кодта, ус та йыл цинæй марди. Бонтæ дæр цыдысты, уæдæ цы уьгдаид. Уæд сæм иу æхсæв куырысмæдзог бадзырдта. Лæг рауад æмæ йын загъта: — Иæ афæдз куы нæма у. Лæг фæстæмæ куы бацыд, уæд æй ус нал уагъта: — Цы дæ кодта уыцы лæг? Лæг ьгн æй не ’схъæр кодта. Дыккаг æхоæв дæр та сæм куьгрыомæдзог бадзырдта. Лæг æм рауад æмæ та йын загъта: — Райсом дын æй фæхæссын. Нæ та йæ ныххаста, æмæ та сæм куырьгсмæдзог æртыккаг æхсæв дæр бадзырдта. Лæг та ноджыдæр загъта: — Райсом дын æй фæхæссын. Уатмæ куы бацыд лæг, уæд æй ус вал уагъта: — Цы дæ кодта? Лæг ын хабар радзырдта, æмæ ус йæхи кæуынæй мардта. Райсом лæг йæ усæн афтæ зæгъы: — Лæппу нын афтæмæй нæ бакомдзæн, чъиритæ куы нæ скæнæм æмæ йæ, куывды цæуæм, зæгъгæ, куы нæ фæсайæм, уæд. Ус чъиритæ скодта, æмæ йæ афтæмæй доны былмæ расайдтой. Ныццыдысты æмæ уым скуывтой. Стæй лæг лæппуйæн афтæ: — Ды ам лæуу, æз уæлæ уым дон аназон. Лæг уæлæмæ ссыд. Куырысмæдзог лæппуйы аскъæфта, мæгуыр лæг та кæугæ сæ хæдзармæ ссыди. Куырысмæдзог æмæ лæппу доны бын куы фæцæйцыдысты, уæд ын, йæ фыдимæ хæлар чи уыд, иу ахæм загъта: — Кæмæ цæуыс, уьгмæн ис дыууадæс чызджы, æмæ дын зæгъ- дзæн: чызджытæй дæ кæцымæ фæнды, уымæ бацу, зæгъгæ, æмæ-иу кæройнагмæ бараст у. Лæппу æмæ куырысмæдзог куы ныххæццæ сты, уæд лæппуйы ба- кодта чызджытæм æмæ йьш афтæ зæгъы: — Кæцымæ дæ фæнды, уымæ бацу. Лæппу кæройнаг уатмæ бацыд. Æмæ йын чызг загъта: — Ацу æмæ дæхи цæхс, стæй дадамæ бацу æмæ йын афтæ зæгъ: 326
«Де ’зæр хорз уæд, дада, фæлæ мын райсом цы куыст ис, уый куы зонин!» Лæппу йæхи цæхсадта, куырысмæдзогмæ бацыд æмæ йын загъта: — Де ’зæр хорз уæд, дада, фæлæ мын райсом цы куыст ис, уый куы зонин! Лæг ын загъта: — Райсом дьга фурдыл æфсæйнаг хид кæнинаг ис. Лæппу мæтгæнгæ рацыд. — Ныр куы ницы зоньш, уæд ын цы бакæндзынæн? Чызг ъгн загъта: — Ууыл та цы мæт кæныс! Мæнæ ехсæй зæхх æркъуыр, æмæ дзы хид фестдзæн, стæй йыл къухдарæн атул, фалæрдæм ыл ауай, æмæ хид æфоæйнаг фестдзæн! Лæппу райсом раджы сыстад, доны былмæ а:цыд, ехсæй доны был æркъуырдта, æмæ дзы хид фестади. Стæй йыл къухдарæн атылдта, фалæрдæм ыл ауад, æмæ хид æфсæйнаг фестади. Дыккаг изæр дæр та лæппу бацыд лæгмæ æмæ йын загъта: — Де ’зæр хорз уа, дада, фæлæ мын райсом цы куыст ис, уый куы зонин! Лæг та йьгн афтæ: — Райсом дын дыууадæс æмæ æртиссæдз дæсæтины хуым кæ- нинаг ис, изæрмæ сæ хор фæстæмæ къутуйы конд куыд æрцæуа, афтæ! Лæппу бацыдис кæройнаг уатмæ æмæ та мæт кæны. Чызг ьш загъта: — Цы йыл мæт кæныс! Райсом ехс ахæсс, зæкх дзы æркъуыр, æмæ дæ куыд фæнда, афтæ дын изæрмæ куьистгонд фæуыдзысты. Лæппу райсом ехс ахаста, зæхх дзы æркъуырдта, æмæ дыууадæс æмæ æртиссæдз дæсæтины хуымтæ уайтагъд конд æрцыдысты, ацæттæ сты, æмæ ног хор изæрмæ къутуйы конд фæци. Æртыккаг изæр дæр та лæппу бацыди хæдзармæ æмæ заогъта куы- рысмæдзогæн: — Де ’зæр хорз уа, дада, фæлæ мын райсом цы куыст ис, уый куы зонин! Уæд ын лæг афтæ: — Райсом дын дыууадæс бæхæй дæхицæн бæх æвзаринаг ис. Чызг та йьгн загъта: — Уыдон м.ах стæм, — дыууадæс хойы. Ды-иу дæ фæдджийы дзаг дуртæ бахæсс æмæ-иу сæ бæхтыл иугай-иугай цæв. Æз æнцад лæудзы- нæн, æмæ-иу зæгъ: «Уæртæ æнцад чи лæууы, уый мæ куы уаид!» Райсом бон бæхтæ быруйы цур лæууыдысты. Лæппу фæдджийы дзаг дуртæ бахаста æмæ сæ бæктыл цæвын байдыдта. Иу дзы æнцад лæууыд, иннæтæ ралидз-балидз кодтой. Уæд лæппу загъта: 327
— Уæртæ æнцад чи лæууы, уый мæ куы уаид! Лæг ъш загъта: — Дæу фæуæд. Цыппæрæм изæр та лæппу бацыди куьгрысмæдзогмæ, æмæ иын лæг афтæ: — Райсом дьгн доны был дыууадæс хъазæй дæхицæн хъаз æвзари- наг ис. Уатмæ куы рацыд, уæд та йын сæ чызг бацамъгдта. Райсом дыууадæс хъазы доны был лæууынц, æмæ та лæппу загъта: — Уæртæ æнцад чи лæууы, уый мæ куы уаид! Лæг та йын загъта: — Акæн æй. Фæндзæм изæр дæр та лæппу бацыд фæрсынмæ, æмæ йъш куырыс- мæдзог загъта: — Райсом дын дыууадæс бæлонæй дæхицæн бæлон æвзаринаг ис. Уатмæ та куы рацыд, уæд ьш чызг баадмыдта. Райсом дыууадæс бæлоны фæцæйтахтысты, æмæ лæппу з-агъта: — Уæлæ фæстейы чи баззад, уый мæ куы уаид! Лæг та йын æй радта. Æхсæзæм изæр дæр та лæппу бацыди куырьгсмæдзогмæ, æмæ йын лæг загъта: — Райсом дын ницыуал куыст ис, абанайы уæхи цьшайут. Чызг æмæ лæппу абаиамæ куы бацьгдысты, уæд сыл лæг дуæрттæ сæхгæдта. Чьгзт абанайы къуымы æртæ туйы ныккодта æмæ загъта: — Мæ бæсты æртæ дзырдьг куыд окæнат, афтæ. Уæд, дьш, абанайы къуымы рудзьгаг фестад, æмæ чызг æмæ лæппу уырдьп^æй алыгъдьгсты. Лæг æртæ хатты бадзырдта, «шæма фестут?», зæгъгæ, æмæ-иу æм ту радзырдта: «Нæма». Лæг дуар байгом кодта, æмæ ма дзы цæй чызг æмæ цæй лæппу! Æрдидапæнгæ рацыд æмæ йæ усмæ бадзьгрдта: — Мæ чызг мæхицæй кæшæнпæнæгдæр разынд: алыгъдысты мæ чызг æмæ лæппу. Ус ын загъта: — Тагъд уайгæ сæ фæдыл! Лæг уайын байдыдта. Уæд чызг лæппуйæн афтæ: — Акæс фæстæмæ, æмæ комы сау къуымбилы хуъгзæн æрцæуы, зæгъгæ, уæд уый зон, æмæ нæ фыд у. Лæппу аясаст æмæ загъта: — Æрцæуы! 328
Чызг къудзи фестад, лæппу та цъиу æмæ къудзийыл гæппытæ кæны. Лæг фæрсы цъиуы: — Цъиу, ам дæлæмæ чызг æмæ лæппу лидзгæ нæ федтай? Цъиу ын загъта: — Ам цалдæр азы дæн æмæ æппын ницы ахæм федтон. Лæг сæхимæ аздæхт, æмæ йæ йæ ус фæрсы: — Ницы ссардтай? Лæг загъта: — Иу ран къудзийыл федтон цъиу, бафарстон æй, æмæ мын загъ- та, ницы федтон, зæгъгæ. Ус ыл фæхъæр кодта: — Ацу тагъд, — уыдон дæ чызг æмæ дæ лæппу уыдысты! Лæг та сæ фæдыл рацыд, суры сæ. Чызг лæппумæ дзуры: — Акæс, æмæ кæд, миййаг, дымгæ рацæуы, уæд уый зон, æмæ нæ фьтд у. Лæппу ракаст æ»мæ афтæ: — Ахæм дымгæ рацæуы, æмæ диссаг. Чызг зæронд аргъуан фестади, лæппу та зæронд сауджын, æ»мæ аргъауы. Лæг æрхæццæ æмæ йæ фæрсы: — Ам чызг æмæ лæппу лидзгæ нæ федтай? — Ацы рая цалдæр азы дæн æмæ ницы федтон. Лæг та фæстæмæ аздæхт, æмæ йæ йæ ус фæрсы: — Ницы ссардтай? — Иу ран зæронд сауджын федтон, бафарстон æй, æмæ мын загъ- та, ницы федтон, зæгъгæ. Уæд ын ус загъта: — Сауджын лæппу уыд, аргъуа<н та дæ чызг. Æз мæхæдæг куы нæ ауайуон, уæд ды ницы бакæндзынæ. Ус рауад сæ фæдыл, æмæ чызг дзуры лæппумæ: — Акæс-.м<а, æмæ кæд, миййаг, комы цæргæсы хуыэæн рацæуы, уæд уый нæ мад у. Лæппу акаст æмæ загъта: — Рацæуы. Чызг денджыз фестад, лæппу та хъаз, æмæ денджызъг ленк кæнын оиста. Ус æрхæццæ æмæ вагъта: — Æз ныртæккæ дæу куы нæ аяыхъуырон! — Æмæ дон нуазын байдыдта. Иугыццыл ма дзы куы уыд, уæд ус «ытътъæпп кодта æмæ фехæлди. Чызг æмæ лæппу ацыдысты æмæ, сæ хъеэугæронмæ куьг бахæццæ сты, уæд уым æрлæууыдысты, æмæ чызг загъта лæппуйæн: 329
— Дæ мад æмæ дæ фыд базæронд сты; ацу æмæ сæ ардæм æркæн. Лæппу ацыд æмæ сæ æркодта. Чызг сæ ехсæй æркъуырдта, æмæ, фыццаг куыд æрыгон уыдысты, афтæ фестадысты. Уый фæстæ бацыдысты иумæ сæ хæдзармæ æмæ ма абон >дæр цæрьгнц æмæ хæрынц. У»^
К*,^**^^^ ЦУАНОНЫ ФЫРТ ÆМÆ ÆВДСÆРОН УÆИЫГ Царди æмæ уыди цуанон. Уымæн райгуырдис лæппу. Буц схас- та цуанон йæ лæппуйы. Рæзынтæ байдыдта цуаноны лæппу, рæзынтæ. Куы ба- хъомыл, уæд йæ зæрдæ тынг айста цуан, æмæ цуанон дæр ахæм не ’сси, æмæ йæ фыдæй дæсныдæр: тæхгæ-тæхын маргъы цæст нæ ивгъуыдта; æнæхъæн къуыритæ-иу цуанæй не ’рбацыд йæ хæ- дзармæ. Иуахæмы цуаны уæвгæйæ, цуаноны фы-рт бафтьгди æвзæр фæн- дагыл. Хæринагæй схъуаг æмæ тыхсын бавдыдта. Фæстæмæ сæ хæ- дзармæ аздæхид, фæлæ афтæ бафæллад, æмæ дзы ныфс нал уыди. Уæд иу къуылдымыл æрбадт æмæ йæ фæллад уадзы. Уалынмæ кæсы, æмæ къуылдымыл сырд æрбацæуы. Фехста йæ, уæдæ цы уыдаед, <æмæ сырд комы абадт. Цуаноны фырт æм ныббырыд, бакой йæ кодта, физонæгæй йæхи хорз федта, æмæ мæскъыл дарддæр араст и. Мæсчъы фæндаг æй иу цæхæрадонмæ бахаста. Ам хъуамæ исчи разъшдзæн, зæгъгæ, цуананы фырт бахъæлдзæг. Æгас бон фæцыди цæхæрадоны, дыккаг бон дæр та цæуы æмæ сихæрттæм бахæццæ иу стыр бæласмæ. Бæласы бын сыгъдæг марзт бандæттæ. Æрбадт цуаноны фырт бæласы бын æмæ йæ фæллад уадзы. Уа- лынмæ фæкаст, æмæ мæнæ иу ус æрбацæуы: йæ иу ссыр—уæларвы, ан- нæ ссыр—дæларвы. Ус лæппуйы куы федта, уæд йæ цæсгом фæрухс, æмæ дзуры: — Уæлæ мын мæ кæстæр фыртæн фшонæггаг! Хъыг фæкастысты усы ныхæстæ цуаноны фы-ртмæ æмæ йæм сны- хæстæ кодта. Ус фæстæмæ аздæхт, æртхъирæнгæнгæ. Лæппу йæ бьшаты бады æмæ кæсы, кæддæра дарддæр хъуыддаг цæмæ атыхсид, зæгъгæ. Уьгцы усæн уыди авд уæйыг фырты, уæйыг мой, æмæ уыдысты цуаны. Изæрæй сæ хæдзармæ куы æрцыдысты, уæд мад цуаноны фыр- тыл йæ кæстæр лæппуйы ацардыдта. Уæйыг араст æ-мæ цуаноныл 331
йæхи нывдавта. Хъæбьгсæй-хъæбысмæ фесты, æмæ йæ цуанон бæласы саггомы ацавта. Уæйыг æрæгмæ куы зынди, уæд æм йæ хистæр æфсьгмæр рацыд. Цуаноны фырт уый куы ауыдта, уæд бæлас æртасын кодта, уæйы- джы рацахста, бæласы цонгыл æй абаста æмæ бæлас фæстæмæ суагъ- та. Уæйыг бæласы сæрæй ракаст. Радыгай фæцыдысты æфсымæртæ цуанонмæ, æмæ дзы иу дæр нал баздæхт сæ хæдзармæ. Фæстагмæ, фыдæбоны цуанонмæ рацыди уæй- гуыты фыд йæхæдæг йæ хистæр фыртимæ. Зæронд уæйыг уазæджы ахастмæ куы æркаст, уæд бамбæрста, тыхы фæндагыл кæй нæ сарæхсдзысты цуанонимæ, æмæ уыйадыл фыд æмæ фырт лæгъстæмæ фесты. Бирæ бартæ фæуагътой уыдон алцыппæтæй дæр цуанонæн, — фосæй, хорæй, зæххæй, хæзнайæ, цæмæй уæйгуыты суæгъд кодтаид, уый тыкхæй. Сæ лæгъстæмæ цуанон йæхи бæрзонддæр систа. Уæд æм зæронд уæйыг дзуры: — Ис мын авд фырты æмæ иунæг чызг, мæ иунæг чызгæн цы аргъ кæньгн, уый нæ кæньш мæ авд фыртæн; ратдзынæн дын æй, цæйнæфæл- тау мæ фырттæ æгадæй фесæфой. Цуанон сразы зæронд уæйыджы дзырдыл æмæ суагъта æхсæз уæйыджы. Уый фæстæ уазæджы ахуыдтой сæ хæдзармæ. Цуаноны фырты зæрдæмæ тынг бацыди уæйыджы чызг, фæлæ æфсымæрты нæ фæндыди, сæ иунæг хо фæцæуа, чи зоны, цавæр хауыллæмæ*! Уый фаадыл авд уæйыджы баздæхтысты, æмæ карз дзурын байдыдтой ирæдыл. — Уæ ирæд мын зæгъут! — дзуры сæм цуанон фæстагмæ. — Нæ ирæд бирæ нæу, — загътой авд уæйыджы. — Ис нæм иу куыси, дæс æмæ ссæдз къæртайы кæм цæуы, ахæм. Уыцы куыси дза- гæй, æнæ иу æртах а/калгæ, не ’нгуз бæласы сæрмæ чи схæсса, уымæн нæ иунæг хойы ратщзыстæм. — Рахæссут уæ куыси, — загъта цуаноны фырт, — æз мæ амонд бавзарон. Ныссьггъдæг кодтой бæласы бын, куыси байдзаг кодтой бæгæны- йæ, радтой йæ цуанонмæ. Цуанон бæласы оæрмæ фæхизы, куысийæ иу æртах æркалди. Цуаноны фырт йæ цæппузыр ратыдта æмæ йæ бæласы бьшмæ æрæппæрста. — Рахиз, ракиз, æркалди дзы! — ньщцин кодтой уæйгуытæ. — Цæуыл хъæр кæнут, хъæрæу уæйгуытæ! Уый мæ цæппузыр æр- хауди, — загъта цуанон. Æрхызти фæстæмæ, уæдæ цы уыдаид, æмæ цæппузыр бæласы бынæй систа. * Хауыллæ — дзæгъæлхæтæг, дзæгъæлдзу. 332
Уæйгуытæ хъуыды кæнын байдыдтой, цуанонæй куыд æгъдауæй фæхицæн уыдаиккой, ууыл. Фæхъуыды кодтой, фæхъуыды кодтой æмæ та йын радзырдтой сæ дыккаг ирæд. — Нæ фарсмæ фыдæй нырмæ цæры иу хуы. Уый йæ зæххыл маргъ атæхын дæр нæ уадзы; æдас дзы не ’стæм нæхæдæг дæр. Уый нын чи басæтта, уымæн мах ратдзыеиæм нæ иунæг хойы. Сомбон цæ- уæм цуаны, æмæ дæ кæд фæнды, уæд рацу немæ, — мах дьш æй баца- мондзыстæм. Райсомæй цуаноны фырт араст авд уæйыджимæ цуаны. Авд æф- сымæры фæндæй цуанон йæхи оарæзта фыдбылызы сырдмæ. Цуаноны фырт куыддæр, хуы бардарæг цы зæхмæ уыди, уьщы ранмæ бацыди, афтæ йыл хуы уьщы иу скъæрд ракодта йæхи. Цуанон йæ нымæт фелвæста, бæласы æВДой йæ æрæвæрдта, йæхæ- дæг æндæр бæласы фæстæ амбæхст. Хуы нымæт одавта, æмæ йе ’ссыр- тæ бæласы баф.ардæг сты. Хуы ныффидар ис. Цуанон хъæддаг хуымæ бауад, æмæ йьпн йæ къæдзилыл ныххæцыд. Хуы-иу йæ къæдзил стылдта, æмæ-иу цуаноны фырт дæр къæдзилимæ сцырен. Уалынмæ, дын, гæлдæрджын уæйгуылæ цуанонмæ æрбафæдис кодтой æмæ йæм дзурынц: — Цы арх-айыс, цы? — Мæнæ фырцинæй кафын, уæ фыдызнаджы уын йæ къæдзилæй æрцахстон. Сырды уьщы ра.н сæргæвстой, суæнгтæ йæ кодтой, аст дихы йæ ба- кодтой, æмхуывон дихтæ. ЦуаноБ хæйттæ банымадта æмæ сæ фæрсы: — Æстæймаг хай та ма уæд кæмæн бакодтат? — Дæуæн, — загътой уæйгуытæ. — Хорз æгъдау дæттут уæ уазæгæн! — заогъта цуанон: — цæттæ фæллой ма уын уæ хæдзармæ дæр куы хæссин! Æмæ уыйадыл æстæм хай аннæ авд хайыл айуæрста, стæй ма йæ- хæдæг дæр хистæр уæйыджы æккой бабадт. Цаиæбæрæджы бацыдавд цуаноны фырты хъуыддаг авд уæйы- джы зæрдæмæ! Фæлæ йæм цу æмæ ды бауæнд! Æрцыдысты сæ хæдзармæ, сырды м^ард æрхастой. Чысыл цин нæ бакодта сæ зæронд фыд се ’знаджы мардыл. Бамбæрста сæ уазæджы лæджыхъæд æмæ йьгн йæ иунæг чьгзджы радта. Дыккаг райсом та авд уæйыджы цуаны цæуынмæ хъавыдысты æмæ цуаноны фыртмæ дзурььнц: — Хуыцауы ара&зтæй не ’сиахс бадæ, нæ иунæг хо дæ хай фæци, æвæццæгæн æмæ дæ хæдзар агурын дæр сфæнд кæндзьгаæ. Æ’мæ нæ иунæг хо дæ хæдзармæ кæй цæудзæн, уъгм мах фшнды!, цæмæй исты лæвæрттæ ахæссай махæй. Мæнæ дын авд дæгъæлы нæ мæсыджы авд дуарæй. Нæ хæанатæ сты. уыцы раи. Баздæх, æмæ-иу æхсæз дуары 333
байгом кæн, æмæ-иу æхсæз дуары æксæз дæгъæлæй фæстæмæ сæхгæн. Фæлæ дьш фæдзæхсæм — æвдæм дуар ма бакæна-й: фесафдзынæ дæхи дæр æмæ мах дæр. Уьгйадыл уæйгуытæ цуаны ацыдысты. Лæппу гом кæньгн байдыдта дуæрттæ, æвзары йæхицæн алы хорз дзаума, алы зынаргъ хæзна. Бай- гом кодта æхсæз дæгъæлæй æхсæз дуары — æхсæз уаты равзæрста йæхицæн, хуыздæрæн дзы йæ зæрдæмæ цы дзауматæ бацыди, уыдон. Фæлæ мæнæ фæстаг дуар, æвдæм дуар! «Цымæ дзы цы уа а.цы дуары фæстæ, æвдæм уаггы? Æхсæз уатæй уæлдай м,а дзы уагæр ца- вæр хæз’натæ разындзæн? Цæмæ гæсгæ нæ уадзынц цымæ гам кæнын æвдæм дуар?» — хъуыды кæны цуаноны фырт. «Бакæнин æй æмæ, куыд дзырдтой, афтæ дзы мæ сæр куы басудза, ст.æй дзы исты фыдбылызы куы бафтой мæ хæстæджытæ? Ма йæ бай- гом кæнон, æмæ йæм мæ зæрдæ уьгцы æхсайдæй куы æхсайы». Нал баурæдта цуанон йæхи æмæ æвдæм дæргъæлæй мæсыджы æв- дæм дуар байгом кодта. Бацыд уатмæ, кæсы æмæ дзы мæнæ иу æвд- сæрон уæйыг, æфсæн рæхыстæй баст. Цуаноны фырт ын фæтæригъæд кадта æмæ йæм дзуры: — Мæгуырæг, цæй зын ра-ны фæдæ, цæ! — Æмæ мыл кæд уыйбæрц риссыс, — загъта æвдсæрон уæйыг,— уæд-ма мыл иу доны къæрта æрбакал. Цуанон доны къæрта æрбахаста уатмæ æмæ йæ æвдсæрон уæйы- гыл басæоооæтт кодта. Æвдсæрон уæйыг æфсæн рæхыстæ апьгрх кодта, цуаноны фыртмæ фæлæбурдта æмæ йæ уæлхæдзар ацавта, фæлæ йæ маргæ нал акодта. Уый фæстæ авд уæйыджы хомæ базгъордта, йæ уатæй йæ рахаста æмæ йæ кæдæм аскъæфта, чи зоны. Изæрæй авд уæйыджы æрбаздæхтысты цуаиæй, бардиаг кодтой, фæлæ сьш æрдиагæй дæр цы рауадаид! Цуаноны фырт нымæтын ехс айста æмæ, йæ куырд чызджы фæдьгл куыд раст ходта, афтæ дзуры: — Кæд æмæ дзæбæх, сæрæгас уон, уæд мæ ардæм хъæуы афæдзы бонмæ. Цæуын байдыдта, цæуьгн байдыдта цуаноны фырт æмæ бахæццæ иу обаумæ. Обауы цур лæууы иу лæг: æрдæгæй уæлæмæ адæймаг, æр- дæгæй дæлæмæ та — дур. Лæппу ныддис кодта диосагыш æмæ йæ фæрсы: — Цæмæн афтæ фæдæ? — Æвдсæрон уæйыг ус куыд рацæйскъæфта, афтæ тьгхджын дым- гæ скодта, уьгцы дымгæйы фæдджи мыл сæмбæлди æмæ мын батых кодта. Цуаноны фырт нымæтьгн ехсæй æркъуырдта лæджы, æмæ лæг, цы 334
уыди, уымæй авд хатты хуыздаер фестади. Стæй йæм цуананы фырт дзуры: — Æвдсæрон уæйыджы агурæг рацыдтæн æз, — æмæ та араст дарддæр, лæджы дæр ахуыдта йемæ. Бирæ фæцыдысты, чысыл фæцыдысты, чи зоны, фæлæ бахæццæ сты иу къæдзæхы рæбьшмæ. Каесьшц, æмæ та уыцы ран дæр иу лæг: астæ- уæй уæлæмæ — удæгас адæймаг, астæуæй дæлæмæ та — дур. Фæрсынц æп: — Цы кодтай, |цы дыл æрцыд? — Æвдсæрон уæйыг ус куыд рацæйхаста, афтæ тымыгъ скодта, æз тымььгъы фæдæн, æмæ мыл ахæм ми æрцыди. Лæппу та уый дæр нымæтын ехсæй æрцавта æмæ лæг, цы уыд, уы- мæй авд хатты хуыздæр фестад. Уый фæстæ цуаноны фырт зæгъы: — Æвдоæрон уæйыджы фæдыл зилын æз. — Уæдæ дын æз йæ цæрæнбынат бацамондзынæн, — загъта дьгккаг лæг, æмæ уыйэдыл æртæйæ ацыдысты æвдоæрон уæйыджы хæ- дзар агурæг. Цæуынц, цæуынц æмæ та иу къæдзæхы рæбьшмæ бахæццæ сты. Кæеьищ, æмæ дзы стыр къæй. — Рафæлдахын хъæуы ацы къæй: уый бын етс уæйыджы хæ- дзар, — загъта дыккаг лæг. Цуаноны фырты дыууæ æмбалы схæцыдысты къæйыл, фæлæ сын змæлын дæр нæ бакуьгмдта. Уæд ыл цуаноны фырт йæхæдæг схæцыд æмæ йæ сæппæрста. Къæй сæппæрста, уæдæ цы уыдаид, æмæ уæйы- джы хæдзармæ дыууæ лæгæй иуы ауагъта. — Судзьш! — фæхъæр кодта лæг, æмæ йæ фæстæмæ сластой. Ауагътой дзы дыккаджы, уый дæр та, судзьш, зæгъгæ, фæхъæр кодта, æм-æ йæ фæстæмæ сластой. Уæд сьш цуаноны фырт зæгъы: — Мæн дзы ауадзут, æмæ, æвæдза, «судзын» загътон, уæд-иу мæ арфдæр ауадзут. Ноджы ма уын фæдзæхсьш: ацы ра« мæм æнхъæлмæ кæсут. Цуаноны ауагътой, уæдæ цы уыдаид. «Судзын», зæгъгæ-иу куы сдзырдта, уæд-иу æй дæлдæр аскъæрд- той. Цæмæйдæрты ныххæццæ цуаноны фырт æвдсæрон уæйыджы хæ- дзармæ. Уыцы ран ссардта йæ усы. Дыууæ адæймаджы ныццин кодтой кæрæдзийыл. Уыцы сахат та ус æнхъæлмæ каст уæйыджы æрбаздæхынмæ æмæ цуаноны бамбæхста. — Усай, хæххон дзиглойы смаг дæ цæуы, — загъта уæйыг, куы æр- бацьпди, уæд. Ус дын кæм басаставд: — Адæнгæл мын уа дæ хуылф! — загъта уый. — Цæуæнты ды цæуыс, хæтæнты ды хæтыс, хæххон дзиглойы смаг та мæнæй цæуы? 335
Уæйыг бафæлдæхт йæ хуыссæнуаты æмæ тарф бафьшæй æнæхъæн къуыри. Цуаноны фырт рацыд æмбæхстуатæй, æмæ усимæ байдыдтой фæнд аразын, цæмæй сæ хæдзармæ амрвæзой, уый тыххæй. Цуаноны фырт загъта: — Уæйыджы р.айхъалмæ æввахс-иу кæуынæй мауал ауæрд дæхи- уыл, æмæ дæ куы фæрса, цæуыл кæуыс, зæгъгæ, уæд ын-иу зæгъ: «Цуаны куы ацæуыс, уæд ацы ран иунæгæй баззайын æмæ æнкъард кæнын. Дæ уд кæм ис, уый мын куы бацамонис, уæд-иу де ’рбацæуын- мæ уыимæ мæхи ирхæфотн». Куыд баныхас кодтой, афтæ бакодта ус, бафарста уæйыджы. — Гъæй, æдылы фæуай! — загъта уæйыг. — Æмæ дæ уæд мæ уды сæр та цæмæн бахъуыд? Уæртæ дын цæджындзы мидæг мæ уд. Цуаны араст и æвдсæран уæйыг, цуаноны фырт та усимæ баззад. Ус ын рафæзмыдта уæйыджы ныхас. — Нæ дын æй схъæр кодта, — загъта лæппу. — Фæлæ афтæ бакæн: ныр æрбацæудзæн хæдзармæ, зæгъгæ, уæд-иу дъг кафын бай- дай цæджындзы алыварс. Цæмæн афтæ кæныс, зæгъгæ, дæ куы ба- фæрса, уæд ын-иу ды зæгъ: «Мæхи ирхæфсын дæ удимæ». Уæд дын, йæ уд цы ран ис, уый нал басусæг кæндзæн. Æвдсæрон уæйыг иу афоны æрбацыди сæ хæдзармæ. Кæсы, æмæ йæ ус цæджындзы алфамбылай кафынæй нал æнцайы. — Усай, уый цы ми кæныс? — фæрсы йæ æвдсæрон уæйыг. — Мæнæ дæ удимæ хъазын, — загъта ус. — Гъæй, æрра суай, æрра, кæд мæ уд цæджындзы мидæг нæй! Ус скуыдта, стæй та йæ фæрсы: — Ау, уæдæ кæм ис? — Дæлæ цады мидæг хуы, уый хуылфы сæгуыт, сæгуыты хуылфы тæрхъус, тæрхъусы хуылфы лагъз, лагъзы æртæ зæрватыччы. Уыдонæй иу мæ ныфс у, иннæ мæ тых, æртыккаг та мæ уд. Уæйыджы дзырдтæ ус цуаноны фыртæн рафæзмыдта. Уый ба- хъæлдзæг æмæ йьвн афтæ: — Ныр дын раст загъта! Æз цæуын уыцы хуы агурæг. — Æмæ араст. Цæуынтæ систа цуаноны фырт, цæуынтæ, æмæ хуымæ ныххæццæ ис. Хуы æмæ цуаноны фырт кæрæдзимæ фесты. Хæцынтæ баадыдтой. Бирæ фæхæцыдаиккой, чысыл фæхæцыдаиккой, чи зоны, фæлæ хуы састы бынаты баззад. Хуы мард фæци. Айгæрста йæ æмæ, сæгуыт куыд фæцæйлыгъди, афтæ йæ йæ фæстаг къахæй рацахста. Цуанон фæныфсджывдæр ис, уæдæ мын тæрхъус дæр нæ аирвæз- дзæе, зæгъгæ. Сæгуыты гуыбынæй райста тæрхъус, тæрхъусы гуыбынæй— лагъз, лагъз бафснайдта йæ роны æмæ æвдсæрон уæйыджы хæдзармæ араст и. 336
Тарф фынæй уыди æвдсæрон уæйыг. Цуанон лагъз райста, систа дзы иу зæрваггыК’К — уæйыджы ныфс — æмæ йын йæ къубал стыдта. Æвдсæрон уæйыг йæ тарф фынæйæ райхъал æмæ цуа-ноны фырты бæргæ ауыдта, фæлæ нал арæхст: йæ ныфс асасти. Цуаноны фырт лагъзæй дыккаг зæрватыкк систа — æвдсæрон уæ- йыджы тьгх, æмæ та уымæн дæр йæ къубал стыдта. Уæйыгæн йæ тык дæр асасти. — У! Мæ уд мын ма аскъуын, æмæ мæ хæдзары хæзнатæ иууыл- дæр дæу фæуæнт, — дзуры æвдсæрон уæйыг. Кæм байхъуыстаид цуа,ноны фырт йе ’знапмæ! Р-айста æртыккаг зæрватыкк уæйыджы удимæ æмæ та уый къубал дæр сыскъуыдта. Æвдсæрон уæйыг ныммардис, уæдæ цы уыдаид. Цуаноны фырт йæ усы ракодта, æвдсæрон уæйыджы хæзнатæ дæр рахаста, афтæмæй уырдыгæй рараст сты. Цæуьинц, цæуынц æмæ бахæццæ сты зæххы бынæй схизæнмæ. Схизæмы сæм уæлбыл лæууынц цуаноны дыууæ æмбалы. Ус дзуры цуаяоны фыртмæ: — Схиз^ разæй, хæзнатæ дæр сис, стæй мæн дæр сæргъæвдзынæ, науæд дыл дæ дыууæ æмбалы са-йдæй куы ра^цæуой. — Уый нæ уыдзæн, — загъта цуаноны фырт æмæ сæргъæвта йæ усы æд хæзнатæ. Ус æмæ хæзнатæ бафтыдысты дыууæ лæджы къухы, уæдæ цы уыдаид, фæлæ сæ хæрзгæнæджы нал сæргъæвтой, мæнгардæй йыл ра- иыдысты. «Сагъæс æмæ хъынцъьгмæй мьбн ницыуал рауайдзæн, — загъта цуаноны фырт йæхицæн, — исты фæрæз самал хъæуы». Араст фæстæмæ æмæ бацыди æвдсæрон уæйыджы хæдзармæ. Æрзылд хæдзары къуымты. Каесы, æмæ фæсдуар дыууæ фыры баст. Уæд æм иу фыр дзуры: — Æрбазгъор æмæ, кæд мæ рахиз сыкъайыл фæхæст уай, уæд дæ уæлзæхмæ сæппардзынæн, кæд æмæ мæ галиу сыкъайыл фæхæст уай, уæд та дæ дæлзæхмæ фехсдзынæн. Цуаноны фырт базгъордта æмæ фыры галиу сыкъайыл фæхæст, æмæ йæ фыр æвиппайды дæлзæххы балæууьш кодта. Дæлзæхх арв æмæ зæхх куы кæрæдзийы хостой, куы та-иу раирд сты, æмæ-иу хурты хурзæрин атылд зæххыл. Цуанон цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ, æмæ бахæццæ иу мæсыгмæ. Хъусы, æмæ мæсыгæй куы худын цæуы, куы кæуын. «Ай та цавæр æгъуыстуайы худæг уа», загъта йæхинымæр цуано- ны фырт æмæ бараст и мæсыгмæ. Мæсыджы кæсы, æмæ дзы иу рæ- сугъд чызг. Уый лæппуйы куы федта, уæд бадис кодта. — Цы хуыцау дæ сæрра кодта, — загъта чызг, — дæхи цæуыл сафыс, æз кæй сæфын, уый æгъгъæд нæу? 22 Ирон адæмы аргъæуттæ 337
— Дæу хуьгзæн, зæды уавæрæн чызг кæм сæфы, уым мæ хуызæи ницæйаг адæймаг дæр куы фесæфа, уæд бирæ зиан нæ уыдзæн, — загъ- та цуаноны фырт. Уый фæстæ фæрсын байдыдта чызджы: — Ай цавæр диосаг у: куы хур ныккæсы, куы та уарьгн байдайы? — Уый та уымæн у, æмæ уæлзæхх мæ мады зæрдыл куы æрбалæу- уьш, уæд кæуын’ байдайы йæ чызджы æнамонддзинадыл, æмæ уый адыл рауары ацы ран; фæлæ дзы куы æрбайрох вæййьш, уæд та баху- ды, æмæ уый адыл ацы ран хур ракæсы. — Æмæ уæд уьий та цæмæн афтæ у? — Цæмæн у, куы зæгъай, уæд мах залиаг калмæн алы аз дæр хъалон фидæм, — загъта чызг. — Нæ мадæн уьгди авд чыэджы, æртæ дзы бахордта залиаг калм. Ныр та мæ рад у. Курын дæ, æмæ дæхи бамбæхс: тагъд æй ардæм хъæуы. — Нæ, æз ардыгæй нæ фæлидздзынæн, — дзуры цуаноны фырт,— куы фæзына, уæд-иу æй мæ бар уадз: ды-иу æнцад лæуу, мацы-иу сдзур. Уалынмæ сьгстади тыхджын дымгæ. — Залиаг калм æрбацæуы! — загъта чьгзг. — Уый йæ ды-мгæ у. Мæсыгмæ куы æрбахæстæг ис залиаг калм, уæд æрбадзырдта: — Чызгай, цы фæдæ? Чызг æм ницы сдзырдта. Калм æрбахъæр кодта дыккаг хатт, æмæ мæсыг йæ бындзарæй банкъуьгсыд. Уæд æм цуаноны фырт фæцарæхст, мæсыгæй расæрæтт ласта, залиаг калмы лыстæг кæрдæнтæ скодта æмæ дзы цæндтæ самадта. Чысыл фæстæдæр мæсыгмæ фæзындысты чызджы æртæ хойы, аалиаг калмы мардæй федтой æмæ тынг бацин кодтой. Ссыдысты мæ- сыгмæ æмæ уым сæ хойы цардæгасæй баййæфтой, цуаноны фыртимæ бадгæ. Уый уæлвæд та хъуамæ фæзьгндаид чызджыты мад сæхицæй, уæл- зæххæй. Цыппар хойы цуаноны фырты сæ мадæй бамбæхстой. Уый уымæн, æмæ йæ æнæ бæрæг равзаргæйæ ахордтаид. Æртахти сæ мад цæргæсы хуызы. Бамбæрста цавæрдæр тæф. — Чызджытæ цæрой, æнахуыр тæф цæуы хæдзарæй! Чызджытæ ницы сæргом кодтой мадæн, фæлæ сын йæ кæстæр хойæ куы басомы кодта, уæд ын хъуыддаг радзырдтой. Чызджытæ сæ мадыл æрæууæндыдысты, æмæ цуаноны фырт æм- бæхстуатæй рацыди цæргæсы размæ. Чызджыты мад фырцинæй цуаноны фырты куы аныхъуыры, куы та йæ фæстæмæ сæппары. — Дæ хорздзинад дын цæмæй бафидон, уымæн дын ницы хос зо- нын. Æмæ æнцон бафидæн дæр нæу: дæу руаджы мæ цыппар чызджы 338
фервæзтысты залиаг калмы азарæй. Фæлæ дæ уæддæр курын — ма фефсæрмы у — зæгъ мын, цы хорз дын ракæнон? — Арфæйаг фæу дæ цыппар чызджимæ! Мæн ницы хъæуы фосæй, хæзнайæ, — загъта лæппу. — Фæлæ дьш кæд амал ис, уæд, уæлзæхх цæмæй сæмбæлон, уымæн мьгн исты фæрæз сараз. — Дæу уæлзæхх фæкæнын куыд æнцон у, афтæ æнцон-иу куы уаиккой зындæр кæнæн хъуыддæгтæ, — загъта чызджыты мад — цæр- гæс. — Хъуыдцаджы зьшæй ис æрмæст фондз къамбецы ссарын фæн- даггагæн. Цуаноны фырт фондз къамбецы æрбатардта фæросаг хъæутæй. Ар- гæвстой къамбецтæ. Цæргæс сæ лалымьгстыгъд бакодта, фондз къам- бецдзарм лалымы донæй байдзаг кодта æмæ сæ æд фыдтæ йæхиуыл бавæрдта. — Лæппу, тæхæм уæлзæкмæ, фæлæ дын фæдзæхоын: мæ хъæр цал хатты хъусай, уал хатты мьвн фыды хай æппар мæ хъæлæсы, стæй мын- иу доны къæрта а&æр. Араст сты уæлзæхмæ. Цырд лæууы цуаноны фырт: цæргæс куы фæхъæр кæны, уæд ьгн йæ дзьгхы фыды хай баппары, стæй йын дзы æнæхъæн къæрта дон аскъæры. Зилгæ-зилгæ фæтæхынц уæлзæхмæ. Бирæ сæ нал хъæуы, фæлæ сæм хæринаг дæр нал ис. Фæстаг хъæр фæкодта цæргæс. Цуаноны фьгрт йæ зæнджы хæ- цъæфтæ æрбалыг кодта æмæ сæ цæргæсы дзыхы ацавта, йæхæдæг йæ зæнгтæ фидар æрбабаста, сæ туг цæмæй нæ рацæуа, уый тыххæй. Цæргæс цуаноны зæнджы хæцъæфтæ базыдта, йæ дæлæвзаг сæ ба- кодта, афтæмæй уæлзæхх иу ран йæхи æруагъта. Уыцы ран арфæтæ фæкодтой кæрæдзийæн, стæй уæд сæ иу иннæ- мæ хаты: — Ды раздæр араст у! — Нæ, ды раздæр араст у дæ фæндагыл. Раздæр араст ис цуаноны фырт, æмæ чиугæ фæцæуы. Цæргæс æй бафарста: — Цы кодтай, чиугæ куы цæуыс? — Хæринагæй схъуаг стæм, æз мæ зæнгты хæцъæфтæ фæлыг код- тон æмæ сæ дæуæн бахæрьш кодтон, — загъта цуаноны фырт. Цæргæс ын сæ йæ дæлæвзагæй фелвæста, зæнгтыл сæ авæрдта, æмæ зæнгтæ цы уыдысты, уымæй авд хатты хуыздæр фестадксты. Уыйадыл сæ алчидæр араст йæ фæндагыл: цæргæс — дæлзæхмæ, йæ чызджыты уæлзæхмæ схæссынмæ, цуаноны фырт т.а — сæ хæ- дзармæ. Цæуынтæ байдыдта цуаноны фырт, уæдæ цы уыдаид. Цæуы, цæуы, æмæ, цавд дуртæ лæгтæ цы ран фестын кодта, уырдæм бафтыд. Иу хъæуыл дзы йæ фæндаг акодта. Каесы, æмæ иу хæдзары чындзæхсæв. Иæ размæ разгъордтой æмæ йæ æмбырдмæ бахуыдтой. 339
Уавæгæн æгасцуайтæ кæньшд æмбырды адæм. Уалынмæ йæм, цы дыууæ лæджы фервæзын кодта, уыдон дæр фæзындысты; сæ иуæн сак- каг кодтой цуананы фырты усы æмæ уьгй тыххæй сарæзтай чындзæх- сæв. Нæ базыдтай дыууæ лæджы цуаноны фьгрты ■— сæ ирвæзынгæнæ- джы. Нуазæн радтой уазæгмæ. Уазæг нуазæн райста æмæ æмбырды адæмæн дыууæ лæджы хæрам хъуыддаг радзырдта, банозта нуазæн, стæй кувы: — Хуьщæутты хуыцау, мæхи хуьщау! Кæд æмæ рает не ’сты мæ ныхæстæ æмæ сымах рæстæй рацыдыетут мæныл, æз та уыл галиуæй, уæд мæнæ а(цы фят хæрдмæ дыууæйæ фæцæуæд, фæстæмæ иуæй æрыз- дæхæд æмæ мæ сæры ныесæдзæд. Намæ кæд мæ ныхæетæ раст сты æмæ мыл сымах сайдæй рацыдыстут мæ дзæбæхдзинадмæ, уæд уæ мæ рæстад фыдæй фенæд, æмæ адщ фат хæрдмæ иуæй фæцæуæд, фæстæмæ дыууæйæ æрыздæхæд æмæ уын уæ сæрты ныссæдзæд! Цуаноны фырт фат фехста хæрдмæ, фат уæлæмæ иуæй ссьгд, дæ- лæмæ дыууæйæ, æмæ, цуаноны фыртыл гадзырахатæй чи рацыд, уыцы дыууæ лæджы фæмард сты. Цуаноны фырт йæ усы ракодта, хæзнатæ дæр рахаста, афтæмæй йæ каистæм æрцыдысты. Уыдон сыл фæцинтæ кодтой, ноджыдæр ма сьш бирæ лæвæрттæ ракодтай. Йæ ус æмæ йæ хæзеатимæ лæппу йæ хæ- дзармæ æрфардæг. Цæрынтæ систой, хæрынтæ байдыдтой, и! Уыдонæй цы нæ федтат, рьш, сонæй дæр æндæр мацы фенут. х^
ХЪ^сх^к^сх^ ХУР ÆМÆ МÆЙЫ ÆРДХОРДЫ ФЫРТ Иу лæгæн уыди фырт. Фыртæн æрцыди ус курын афон. Фыд æм басидтæмæ йын загъта: — Лæппу, æз ацы зæронд бадæн, дунетыл фæхаттæн, фæ- лæ дæу аккаг чызг никуы зонын. Мæй æмæ Хур ме ’рдхæрдтæ сты, уыдон æхсæв дæр цæуынц, бон дæр цæуынц, æмæ сæ бабæрæг кæн — уыдон искуы зондзысты. Лæппу чи у, уый райсомæй бæх æрбаласын кодта, саргъ ьм сæ- вæрдта æмæ араст и. Бон-изæрмæ фæцыдис. Изæры, хур ма иучысыл уыди, афтæ бахæццæ хъæугæронмæ. Кæсы, æмæ ихыл æхсæз лæппуйы хъулæй хъазынц. Йæ бæх ньщцæфтæ кодта æмæ сæм бахæащæ. Дзуры сæм: — Бахатыр кæнут, фæлæ ам Хуры хæдзар кæм ис? Уыдонæй æртæ лæппуйы уыди Хуры лæппутæ, æртæ лæппуйы та Мæйы лæппутæ. Æмæ Хуры æртæ лæппуйы загътой: — Мах стæм Хуры лæппутæ, — Хуры хæдзарæй цы кæныс? Уый сын загъта: — Хур æмæ Мæй мæ фыды æрдхæрдтæ сты, æмæ ахсæв уыдонмæ цæуьгн фьюьшмæ. Уазæджы Хуры лæппутæ дæр сæхимæ кодтой, Мæйы лæппутæ дæр æй сæкимæ кодтой. Уазæг Хуры хæдзармæ ацыд. Уым бафысым кодта. Хур Ы(н æхсæвы кусарт акодта, алы хæрд, алы нозт ын æрæвæрдта йæ разы. Лæппу нæ хæры. Лæппу куы нæ хордта, уæд æй Хур бафарста: — Цæуылнæ æвналыс фынгмæ? Æмæ лæппу загъта: — Иу æхсæв мæм мæ фыд æрбасидт æмæ мын загъта: «Лæппу, ныр дын ус курын афон у, æмæ дæу аккаг никуы зонын дунейыл. Фæ- лæ Мæй æмæ Хур ме ^рдхæрдтæ сты, бабæрæг сæ кæн, уыдон æхсæв дæр цæуынц æмæ бон дæр, æмæ чызг зондзысты». Хур загъта: 341
— Æз хæтын бон æмæ иу ран зоньгн: быдыры астæу ис иу æрхуы хмæсыг, уы-м бады иу залиаг æхсин, уый дын аккаг уыдзæн. Бахордтой, баминас кодтой æхсæвы Хуримæ. Куы сбон ис, уæд та йæ’хурхорз федта. Уый фæстæ лæппу йæ бæхыл саргъ сæвæрдта, хæрз- бон загъта Хурæн æмæ араст, Хур ы« куыд бацамыдта, афтæ. Цæуы, цæуы лæппу æ’мæ, сау быдыры цæуьшæй куы схъыг ис, уæд æм бæх дзуры: — Лæппу, æппьш ницы уыныс? Лæппу загъта: — Далæ мæм бьщыры астæуæй зьшы иу сау бæласы æадæрг, æн- дæр «и!цы уынын. Бæх загъта: — Уæдæ мæ тынгдæр цæв: уый мæсыг у, æмæ дæ æз ныртæккæ йæ фарсмæ авæрдзынæн. Лæппу бæхы ныцъцъыччытæ кодта, æмæ мæсыгмæ баввахс и. Хур дæр бирæ нал уыди, — æрцæйныгуылди. Æмæ та йæм бæх одзырдта: — Ньгр махæн афтæмæй бацæуæн нæй мæсыджы размæ. Фæлæ ра- хиз, мæн хизынмæ ауадз, дæхæдæг ахсæв-бонмæ уæрм скъах. Райсом- иу дзы сбад. Æрхуы мæсыджы раз ис æхсьгры цад. Æхсин алы бон дæр фæцæуы уырдæм æртæ хатты йæхи найьшмæ: аходæнтыл, оихорыл æмæ изæрæй. Кæс æм, æмæ йæ кæд афтæмæй фенис. Æнæуы-й йын фе- нæн нæй. Æлдары фырт уæрм скъахта, сæумæ райсом дзы ныххызт æмæ хт^ахъхъæны. Аходæн афон куы сси, уæд, æхсин чи уьгди, уый бæлоны хуызы æртахти æхсыры цадмæ. Æхсыры цадмæ куы æртахти, уæд йæ п»акъуы акалдта æмæ залиаг æхсин фестад, цады ацъьгбар-цъыбур код- та æмæ та фæстæмæ бæлоны хуьгзæн фестад, афтæмæй фæстæмæ æр- хуы мæсыгмæ стакт. Фæса(ходæи бæх фæрсы лæппуйы: — Гъы, исты федтай? Уьгй ’эагъта: — Диосæгтæ! Йæхицæй рæсугъддæр дунетыл никуы ис, къухы куы бафтид, уæд! Бæх ын загъта: — Мæ саргъ мыл сæвæр, обад мыл, иу-дыууæ бонгæны дæргъы мæ атæр фæстæмæ æмæ мьгн ахæм цæфтæ ныккæн, ахæм, дæ армы тъæ- пæнтæй чъепсытæ куыд фæхауа, мæ а»гъды фæрстæй та уæфсæгтæ, æ-мæ дæ æз уæд мæсыджы сæр авæрдзьшæн. Бæх ын куыд бацамыдта, лæппу дæр афтæ бакодта: дыууæ бон- гæны дæргъы фæстæмæ атардта бæхы æмæ йæ уьгцы ран ньщъцъьгччы- тæ кодта. Бæх æй мæсыджы сæр авæрдта. Уæд æм бæх дзуры: 342
— Æрхуы мæсыджы рæсутъд гъеныр хуысдзæн сьштæджы, йæ сызгъæрин хилтæ алырдæм ауадздзæн; ньщцу-иу уатмæ, сусæгæй-иу бахъуыз æмæ йын йæ сызгъæрин дзыккутæ фидар бабæтт сынтæджы къухтæм. Дæхæдæг-иу раздæх фæстæмæ æмæ-му æм бахъæр кæн: «Гъей, чызгай, цæй фынæй бадæ, цæ!» Чызг райхъал уыдзæн, æ>мæ йын сыстæн куы нæ уа, уæд дын лæгъс- тæ кæндзæн, фæлæ-иу ын йæ дзыккутæ ма сыхал, цалынмæ дьш йе ’дзард хойæ расомы кæна, уалынмæ. Лæппу йæм æрцыд æмæ чызджы сызгъæрин дзыккутæ фидар ныб- баста сьгнтæджы къухтæм. Чызг куы райхъал, æмæ йын уæлæмæ сыстæн куынæуал уыдис, уæд расомы кодта йе ’дзард хойæ æмæ загъта: — Æз дæу дæн, хуыцау мæ дæуæн радта, суадз мæ! Лæппу райхæлдта сызгъæрин хилтæ сынтæгæй. Цæрынтæ байдыдтой уьщы ран. Иу къорд бонтæ куы рацыди, уæд лæппу загъта: — Æз иу чысыл цуаны куы ,нæ ахæтон, уæд нæ уыдзæн, бадынæй схъыг дæн. Чызг ын загъта: — Цы хуьщау дыл рахатти, кæд цуан кæныс, уæд дын æз сырдтæ бирæ дæр осардзынæн. Æмæ чызг йæ дзыппæй къухмæрзæн систа, мæсыджы фарсыл æй айтыдта, æмæ мæсыджы алыварс уайтагъд алы саджы рæсугъд, алы сæгуыты рæсугъд æмæ æндæр сырдтæ фестади. — Лæгай, кæд цуа.н кæныс, уæд дын мæнæ уыдон сырдтæ. Лæппу йын ^афтæ: — Гъæ, дæ хуыздæрау фæуай, æмæ ныр ам <нæхи сырдтæ цæгъ- дон! Уый нæ уыдзæн, æз хъуамæ иучысыл ахæтон æддæ. Æ’мæ усы куы стыксын кодта, уæд ын уьш загъта: — Хуыцау дын æй ма ныббарæд, дæхи дæр сафыс æмæ мæн дæр сафыс гъеныр. Лæдзæг ын æрбахæссьш кодта, йæ сызгъæрин хилтæй иу æрду лæ- дзæгыл стыхта, радта йæ лæппумæ æмæ йын загъта: — А’цы лæдзæг ахæсс демæ, фæлæ йæ ма феоаф: уæд фесæфтай мæн .дæр æмæ дæхи дæр. Æмæ лæппу æд лæдзæг, æд хæцæнгæрзтæ аащд цуангæнгæ. Цуан кæиы æмæ, куы никуы ни’цы осардта, уæд иу сау хохы сæрмæ сæфтыд изæрырдæм. Сау хохы сæрмæ куы схæодæ, уæд кæсы, æмæ иу саг æрбацæуы. Лæппу сагмæ куыд фæхъавыд, афтæ лæдзæг йæ къу- хæй æрхауд æмæ дæлæ комы абадт. Лæппу оаджы дæр нал а.мардта, сар-æрдиаг байдыдта æмæ фæс- тæмæ уьщы æрдиаггæнгæ æрыздæхт æрхуы мæсыгмæ. Ус æй фæрсы: — Исты амардтай? 343
— Мæхи да^р амардтон æмæ дæу дæр, — загъта лæг. — Мæ лæ- дзæг, салмæ куыд хъавыдтæн, афтæ мæ къухæй аирвæзт, сау хохы сæ- рæй аохъиудта æмæ иу ран комы банцади. — Хуьщау дын æй ма ньгббарæд, цы ма дьш^кæнон, фесæфтай нæ дыууæйы дæр. Уымæн йæ дъгккаг бон ногъайы адæм цуангæнгæ хаттысты быдыр- ты, цуаигæнгæ комы бафардæг сты, æмæ сыл уьгцы ран æризæр, афтæ уыцы лæдзæг ссардтой. Ныццин кодтой цуанæттæ. — Ацы лæдзæг не ’лдарæн куы бахæюсæм, уавд цы фæнды сырды мардыл дæр афтæ нæ бащин кæндзæн, ацы лæдзæгъгл куыд баци-н кæна. Æлдар куыннæ бацин кодтаад лæдзæгыл, æмæ загъта: — Уой, кæмæ бæллыдтæн, уый мæнæ мæ къухы куы бафтыд! Иу къорд боны рацыд, афтæ æлдар йаахи бацæттæ кодта æрхуы мæсьгджы рæсугъды хæосынмæ. Дунейы адæм акодта йæ фæдыл уæр- дæтты æмæ бæхтыл. Æрхуы мæсыгмæ хæстæг кæньгн куыд байдыдта, афтæ лæппу мæсыджы сæрæй ракаст æмæ уайтагъд фæстæмæ баздæхт уатмæ. — Усай, ахæм къæвда æрбацæуы, ахæм, æмæ бæстыл уый хуывæн къæвда нæма æрцыдавд. Мæсыджы рæсугъд загъта: — Уый къæвда наэу, фæлæ ногъайы æлдар æрбацæуы æд æфсæд- тæ мæн хæссьгнмæ. Иу къорд хатты ма мьгл бавзæрста ай агъоммæ дæр, фæлæ никуъг бафтьгдтæн йæ къухы. Ны.р дæр ма тæрс, — хуы- цауы куы фæнда, уæд йæ фæндæй (ницы рауайдзæн: — Æмæ дæм уæдæ цы фæнд ис? — бафарста йæ лæппу. — Мæ къулыл ис хæднæргæ топп æмæ хæдкæрдгæ кард, уыдон сьш >сæ размæ куы æрæппарæм, уæд, хорз æфоад цы бакæмой, уый сæхуыдтæг бакæндзысты. Фæлæ ды та цы аразыс, цы хъавыс? Лæппу загъта: — Æз сьгн мæ бæх сæ размæ куы аскъæрон, уæд, йæ саргъы гоп- пæй размæ цал æрдуйы ис, уыйбæрц армаццагæй ныссæрфдзæн æлда- ры æфсадæй, йæ саргъы гоппæй фæстæмæ цал æрдуйы ис, уыйбæрц та дзы йæ фæстæгтæй ныццæгъддзæни. Ногъайы æлдары æфсæдтæ уьщы æмгуыппæй æрхуы мæсыджы •алыварс æрынцадысты. Æрхуы мæсыджы æхсин сæм раппæрста йæ хæднæргæ топп æмæ йæ хæдкæрдгæ кард; лæппу та сæм раокъæрдта йæ бæх. Цæгъдын бай- дыдтой æфсæдты, æмæ дзы бирæйы ньщцагътой, чи ма дзы аирвæзт æл- даримæ, уыдон сæхимæ алыгъдысты. Бирæ рацыд, чысыл рацыд, чи зоны, фæлæ иуахæмы уыцы æлдар- мæ фæзьгнди къулыбадæг ус æмæ йæм дзуры: — Æлдар, æлдар, дæ фарн, дæ фарн, де ’зæды стæн! Æрхуы мæ- 344
сыгмæ хæссынмæ кæмæ бацыдтæ æмæ уыйбæрц адæм кæуыл байсæф- тай, уый дын фæндæй, æнæ хæстæй дæ къухы куы бафтьш кæнин, уæд мын цы хорз фæуис? — Гъæ, дæ рьштæ дьга куы бахæрин, нана, æмæ мын уый мæ къу- хы 1куы бафтын кæнис! Æз дæ уæд мад окæнин мæхицæн. — Уæдæ ма мын хæдтулгæ уæрдон баифтындз, æмæ æз уым баба- дон. Дзырд дын дæттын, мæсыджы рæсугъд æнæ къæрцц, æнæ хъистæй дæу бауыдзæн. Къулыбадæг ус хæдтулгæ уæрдоны бабадт, дыууадæс барæджы йæ фæдыл, æлдар йæ фарсмæ, афтæмæй æрхуы мæсыджы раз, æхсыры ца- ды был ма феста, ма! Æрхызт ус уыцы ран, дыууадæс барæджы фæс- тæмæ раздæхтысты ногъайы æлдаримæ. Бады къулыбадæг ус æхсыры цады был. Иу бон лæтшу æксыры цадмæ баласта йæ бæх. Ус æм дзуры: — Лæппу, уæ мæсыджы уæхицæй фæстæмæ фæкæсæг нæй: уæлæ- мæ дæр ды, дæлæмæ дæр æхсин. Хорз уаид, мæн уæкимæ куы бауа- дзиккат, — æз бæхмæ дæр зилин, стæй уьгн кæстæриуæг кæнин æхси- нимæ: дон уын хæссин, уæ уæттæ уьш æфонаин, æмæ мæхæдæг дæр сымах руаджы цæрин. Лæппу ссыд мæсыгмæ æмæ дзуры æхсинæн: — Æхсыры цады раз бады иу зæронд ус. Хорз уаид, мæсыгмæ йæ куы æрбауадзиккам, уæд, истæмæн ньш оакъаз уаид, — бæхæн-иу дон авæрид, нæ мæсыг ньш-иу афснаид. — Дæ хуыцау дыл куы рахатт, сæрæй! Нæ бæкæн дон дарын нæ хъæуы, йæхæдæг дæр нуаздзæн, нæ уæттæ авгæй сыгъдæгдæр. Уæдæ фынг у, æмæ нæм йæхæдæг йæхи адыл разилы æд хæрд, æд нозт æмæ та фæстæмæ афснайы йæхи хæрды фæстæ. Мах искæй æххуыс ницаз- мæн хъæуы, стæй зæронд ус дæр цавæр у, чи зоны? — Тæригъæд у зæронд ус, — загъта лæппу, — нæй йъш æнæ æр- бакæнгæ, уадз æмæ истытæ змæла, æмæ йæхи дæр хæсса. Æрбахуыдтой къулыбадæг усы мæсыгмæ. Цас ацардаиккой, чи зоны, афтæ иу аходæн афон æхсин йæхи æхсыры цадмæ æруагъта бæ- лоны хуызы найынмæ. Лæппу бады æмæ рæхцы, хуыссæг æй ахсы. — Æруай-ма, лæппу, дæ сæр æруадз мæ уæрагыл, æмæ афынæй уай. Лæппу къулыбадæг усы уæрагыл йæ сæр куыд æрæвæрдта, афтæ тарф фынæй баци. Лæппуйæн йæ сæрыастæу сызгъæрин коцора уыди, æмæ ус болат хæсгард фелвæста йæ фæсронæй, лæппуйы сæры астæуæй сызгъæрин коцора ралыг кодта æмæ йæ цадмæ фехста. Уыцы ра«н коцо- ра иу зæронд хæфс аныхъуырдта. Лæппуйæн йæ мæлæт уымæй уыди, æмæ уайиагъд йæ уд систа. Къулыбадæг ус фестад æмæ зилæнтæ кæны мæсыджы, йæхи æфс- найæг акодта. 345
Уальгнмæ æхсин фæзынд æхсыры цадæй. Бады æхсин. Иу дзæвгар абадт, æмæ лæппу нæ хъал кæны. Уæд æм бацыд хæстæгдæр æмæ йæ байдыдта хъал кæнын. — Цавæр хуыст дын у, сыст уæлæмæ! Лæппу нæ хъал кæны. Æхсин æй рауигъ-бауигъ байдыдта, фæлæ ма мард удгоймаг цы сызмæлыдаид! Æхсин æрдиаг-оар кæнын байдыдта, йæ сызгъæрин хил бьшдзыг- гай тоны; кæуы, æмæ йæ цæссыг зæххыл налхъуыт-налмас цæппузыр абузы. Къулыбадæг ус дæр хъыггæнæг скодта йæхи. Стæй дыууæ боны фæстæ ногъайы æлдармæ бафардæг. — Æлдар, æлдар, дæ фарн, дæ фарн, де ’зæды стæн! Æз мæ хæс сæххæст кодтон. Лæппуйы сызгъæрин коцора мæ болат хæсгардæй алвыдтон, æмæ дзы тас нал у, мардæй лæууы мæсыджы астæу. Цæугæ, æмæ, ацал-ауал азы кæмæ бæллыдтæ, уый рахæсс: цæттæ дьгн у. Ногъайы æлда’рæн ма цы рахæссын хъуыди æнкъард æхсины! Æрхуы мæсыджы лæппу иунæгæй баззад мардæй. Иæ бæх йæ барæджы хабар куы бамбæрста, уæд ногъайы хъæуы раз æрынцад æмæ æддæмæ цæуæг нал уагъта: нæдæр донмæ, нæдæр сугмæ. Хъæуы алфа*мбылай зылди æмæ фаджысæй быру самадта. Афæдз рацыд, афтæ Хур æмæ Мæй дис кæнынц лæппуйыл. — Кæм фесæфт не ’рдхорды фььрт, куы никæцæйуал зыны? Цом æмæ йæ басгарæм. Æрхуы мæсылмæ ссыдьгсты æмæ лæппуйы мардæй баййæфтой уыцы ран. Сагъæсыл сысты, — цæмæй амард, уый нæ иртасынц. Уæд баздæхтысты æмæ адæмы æрæмбырд кодтой, кæд æй исчи базонид, зæгъгæ. Дзыллæтæ æрæмбырд сты,' фæлæ лæппу цæмæй амард, уымæн ничи н.ицы базыдта. Уæд Мæй æмæ Хур ньгхас кæньшц: — Дшбеттыртæ сты лæппуйьг м-адырвадæлтæ, уыдонæн ма фе- хъусын кæнæм, кæд ын исты зониккой. Донбеттыртæ æрбацыдысты мардмæ, æркастысты йæм, æмæ сыз- гъæрин коцора лæппуйы сæрьгл нал. — Нæ хæрæфыртæн знаг йæ сызгъæрин коцора алвыдта, уымæй амард уе ’рдхорды лæппу,—загътой Хур æмæ Мæйæн Донбеттыртæ.— Бацагурьгн æй хъæуы, кæд ма йын исты амал æрцæуид райпасæн. Дзырд радтой Донбеттыртæ до.ны цæрджытæн. Уыдон уайтагъд æрæмбьгрд сты. Фæрсыиц сæ Донбеттырттæ сызгъæрин коцорайæ, фæлæ дæтты цæрджытæй ничи ницы зыдта хъуыддагæн. Фæстагмæ ма загътой: — Иу ран ма иу цады ба’ды иу зæроид хæфс, змæлынхъом чи нал у, ахæм, æмæ ма «æд уый исты зоны, æндæрчмахæй ничи федта сьгз- гыæрюн коцора. 346
Донбеттыртæ вагътой: — Тагъд, уыцы хæфс ам куыд сæмбæла, афтæ! Æрбакодтой зæронд хæфсы хъуакъхъ-хъуахъгæнгæ. Фæрсынц æй: — Исты федтай æви нæ федтай? — Сызгъæрин коцорайæн иу бон æхсыры цады йæ тъæпп фæцы- ди, — дзуры зæронд хæфс, — æз æй рацахстон æмæ йæ мæ комы къу- лы бакодтон. Мæнæ ис. Донбеттьгртæ, Хур æмæ Мæй сызгъæрин коцора ахастой æмæ йæ лæппуйы сæрыл аныхæстой. Лæппу райгас, цы уыдис, уымæй авд хат- ты хуыздæр фестад, æмæ загъта: — Ох, ох! Цæй бирæ фæхуыосыдтæн. Хур æмæ Мæй лæппуйæн йæ хабар бамбарьгн кодтой. Лæппу баздæхт æмæ мæсыгæй райста хæднæргæ топп æмæ хæд- кæрдгæ кард, араст ногъайы æлдары хъæумæ. Æризæр, афтæ хъæу- гæронмæ æрхæццæ æмæ суадоны был æрбадт. Уалынмæ, дын, кæсы, æмæ хъæуæй заргæ рацæуы иу чызг, гогон йæ цонгыл, афтæмæй. Суадонмæ куы æрбахæццæ, уæд æй лæппу фæрсы: — Чьгзгай, уьщы зард цæуыл кæныс? Уагæр цавæр циндзинад фе- хъуъгстай? — Цæуылнæ зарон! — загъта чызг. — Не ’лдар æрхуы мæсыджы æхсины æрхаста, фæлæ йæм æнæхъæн афæдз йæхи нæма равдыста. А изæр æм æрбацæудзæн æлдар. Æз та дон кæндзынæн чындзы къухтыл, æмæ мьгн исты лæвар ракæндзæн. Æлдары фырт йе ’нгуылдзæй сызгъæрин къухдарæн рафтыдта, хъуывгъаны йæ цæппæрста æмæ загъта: — Чызгай, æхсины къухтыл дон куы кæнай, уæд-иу хъуывгъан æваст фæкъул кæн, æмæ дьгн уæд хуыздæр лæвар ракæндзæн. Æризæр, уæдæ цы уыдаид. Æхоин йæ къухтæ æхсьшмæ бавнæлдта. Чызг æвиппайды хъуывгъан фæкъул кодта, сызгъæрин къухдарæн æр- хауд æмæ æхсины æнгуылдзыл абадт. Æхсинæн цы базонын хъуыди йæ къухдарæн! — Ацы къухдарæн дын кæм уыди? — бафарста чызджы. — Суадоны был иу уазæг лæппу бадти, æмæ йæ хъуывгъаны цæп- пæрста, — загъта чызг. Ногъайы æлдар чындзæхсæв скодта. Дунейы дзыллæ æрæмбырд сты, — нуазынц, хæрыиц. Æх€ин чызгмæ басидт æмæ йын дзуры: — Уайгæ, уыцы уазæджы æрбахон чындзæхсæвмæ. Æрбахуыдтой уазæджы, æрбадын æй кодтой. Хæрынц, нуазынц, зарьгнц. Уæд æлда.р байдыдта дзурын: — Мæ адæмы тьшг батыхсын кодта фыдæбоны бæх. Уый мын чи æрцахсид, уымæн стыр хорз ракæнин. Адæмæй йæм ничи бахаста йæ ныфс. Лæппу загъта: 347
— Мæн ницы хъæуы, æз дын æй дзырдæй æрцахсдзынæн, æмæ-иу мын ратт иу бар: нуазæн барвитыны бар де ’хсинмæ. — Нуазæнтæ æрвитьины бар иууылдæр дæу фод, æрмæст мын уы- цы бæхы æрцахс, — загъта æлдар. Лæппумæ дзьглар радтой. Уый ацыд хъæугæронмæ. Бæхæи лæппу- йы (цы базоньш хъуыди. Фырщгаæй йæ фæстæгтыл алæууыд, йæ раз- зæгтæ лæппуйы уæхсчытыл авæрдта. «Амардта йæ», загътой адæм, уый куы федтой, уæд. Лæппу бæхыл дзылар сæвæрдта æмæ йæ фæласы. Бæх æм дзуры: — Ацу уал куывдмæ, дæхи дзы хорз фен, стæй-иу сæ мæ бар уадз. Бæхбæттæныл бæх бафтыдта, йæхæдæг та куывды æрбадт; кæсы, æмæ, къулыбадæг ус уæле бады. — Мæ нуазæн мьш, — загъта лæппу. — Нуазæнтæ дæу фонт иууылдæр, — дзуры æлдар. Лæппу нуазæны фарсыл афыста: — Цы фæдæ, мæ дунейы рухс, æз дьш ш дæн! Чындз æм афыста: — Ма тæрс, мæ иунæг, æшдар мæм нæма æрбацыд. Фæлæ фер- вæзьшæн амал ссарын ’хъæуы! Æмбырд райхæлди. Лæппу сæм бæхы суа^гыиа, стæй сæм хæднæр- гæ топп æмæ хаедкæрдгæ кард аппæрста. Цагъд фесты æлдары æф- сад æд æлдар. Баззади ма дзы къулььбадæг ус. Уый бамбæхсти, йæхи- уыл къуту æрфæлдæхта. Бæк загъта лæппуйæн: — Уæртæ-ма къуту сфæлдах, кæд ма уым дæр исчи бамбæхстис. Лæппу къутуйыл схæцыд æмæ йæ иуырдæм фехста. Къулыбадæг ус фыртæссæй сагъдауæй баззад йæ бынаты. Бæх æй бынтон пырх ныккодта йæ сæфтджытæй. Лæппу æмæ æхсин цинтæ, мондæгтæ фæкодтой кæрæдзийыл. Уый фæстæ æлдары исбон рафснайдтой æмæ æркуы мæсыгмæ офардæг сты. Ньгр дæр ма цæрыад æмæ хæрьвнц. ЪУ
^^«к^ж^ СЫЗГЪÆРИН КОЦОРАДЖЫН ЛÆППУ Уыдис иу æнæзæнæг лæг — æлдар. Скъахта йæ хъæубæстæн цъай, æмæ цъайы доны алы къуыри йæ удыбæстæйы тыххæй уагъта сæдæ чыргъæды мыд, цæмæй адæм дон адджынæн нуа- зой, уый тыххæй. Лæг иу бон, цъайы дон адджын у æви нæ, уьгй бæрæггæнæг ра(цы- ди, афтæмæй донæй æртæ бæлоны стæхгае федта. Загъта: мæргътæ йæ чъизи кæнынц, бахъахъхъæнын æй хъæуы. Афтæмæй цъайы цур йæхи- цæн халагъуд скодта æмæ йæ хъахъхъæнын байдыдта. Иу бон та кæсы, æмæ та æртæ бæлоны æрбатахтысты, лæг сæ фехста æмæ дзы иу бæло- нæн йæ базыры кæрон ахауьгн кодта. Бæлæттæ атахтысты, фæлæ цæф бæлон тæхын дзæбæх нал фæразы. Абады æмæ та стæкы, афтæмæй уæддæр иннæ бæлæттимæ денджызы былмæ ныттахти. Лæг кæсы, æ<мæ æртæ бæлоны дæр денджызы ньгххььзтысты æ^мæ доны бын фæцæуынц. Лæг дæр сæ фæдьгл доны ныххызтис. Цæуы, цæуы æмæ сæ фæдыл иу хæдзармæ бацыдис. Кæсы, æмæ дыууæ чызджы æртьпккаг чызджы уæл- хъус кæуынц æмæ йын мæрддзæгтæ хуийынц. Лæг сæм дзуры. — Цы кæнут, цæуыл кæут? Дыууæ чызджы йьгн загътой: — Иу æлдар йæ удыбæстæйы тьгххæй цъай скодта æмæ-иу ыл мыд ауагъта. Мак-иу уыцы цъаймæ дон нуазьшмæ атахтыстæм, æмæ нæ лæг топпæй фехста. Нæ хойы цонг -ньгн нæмьггæй ахауын кодта, цонг уьгм баззадис, æмæ ньгр нæ хо мæлы. Лæг йæ дзыппæй систа сисы кæран æмæ сын загъта, мæиæ дзы ацы сисы кæрон федтон, æндæр дзы цонджы хуызæнæй ницы федтон, зæгъгæ. Оисы кæрон фенгæйæ, чьгзджытæ бадая кодтой æмæ лæгæн эагътой, гъе ай у, гъе, нæ хойы цонг, зæгъгæ. Баныхæстой йын йæ цонг, ньшæтьш ехсæй йьвн æй рацæфтæ кодтой, æмæ чызг куыд уыдис, афтæ фестадис. 349
Чызджытæ лæгэем загътой, мах гъеныр æртæ хойæ дæр дæу стæм, æмæ дæ куыд фæнды, яфтæ нæ дæхицæн дар. Лæг чызджыты бафарста, кæмæ уæ цы миниуæг ис,'зæгъгæ. Хистæр хо загъта: — Æз сæдæ лæгæн армы тъæпæны йас хъуьгмацæй се ’гасæн дæр сæ фæлыст бахуийдзьшæн. Астæуыкиаг хо з<агъта: — Æз уырзы дзаг ссадæй сæдæ лæджы фаг хæринаг скæндзынæн. Кæетæр хо загъта: — Мæнмæ ахæм хъаруйæ ницы ис, фæлæ мæнæй равзæрдзæнис сызгъæрин коцораджын лæппу æмæ сызгъæрин хилджын чызг. Лæг еæ æртæйæ дæр рахуыдта. Рацыдис бонтæ, мæйтæ, æмæ кæстæр хо басывæрджын и. Лæг уы- цы хабар куы базыдта, уæд кæстæр хомæ хуыздæр цæстæй кæсын байдыдта, æмæ йæм дыууæ хистæр хойы хæлæг кодтой. Кæстæрæн ныр тагъд райгуырдзæн сывæллон, зæгъгæ, афтæ лæг афæдз балцы ацыди. Йæ цæуыны агъоммæ йын кæстæр ус æмбарын кодта, мæ дыууæ хойы мæм хæлæг кæнынц, мæсты сты æмæ мьгн исты фыдбылыз араздзысты, зæгъгæ. Нæ йæ уагъта балцы цæуын дæр. Лæг æй сабыртæ кæны, мæ бæх зонынджын бæх у, тасы сахат-иу дзæн- гæрæг ньщцæгъд, бæх æй фехъуодзæн, æмæ уæд фæстæмæ ряздæхдзы- нæн, зæгъгæ. Фæлæ иннæ дыууæ хойы хъуыддаг бамбæрстой, бæхæн йæ дыууæ хъусы сасм ауагътой, æмæ лæг афтæмæй араст и. Каэстæр ус-иу тыхсты сахат дзæнгæрæг бæргæ бацагъта, фæлæ ма бæх цы фехъуыстаид? Уалынмæ йьш райгуырдис чызг æмæ лæппу. Дыууæ хойы йæм сæ нæ равдыстой, фæлæ йыр уыцы бон ныззайгæ гаццайы дыууæ къæбысы йæ фарсмæ цæвæрдтой. Лæппу æмæ чызгæн та æрбахастой иу боц- къагонд, уым сæ фидар сæхгæдтой æмæ сæ денджызы баппæрстой. Уыцы рæстæг иу æндæр лæг Азæмæт-æлдармæ бацыдæуыди æмæ йын загъдæуыди, дон чызг æмæ лæппу фæласы, æмæ хыздарджытæм куьгд аиæуа. Азамат-æлдарæн йæ хыздарджытæ уыдысты доны был, æмæ сæм ацыдис. Хыздарджытæ дзаг уæрдæттæ бабастой æмæ гъеныр араст уой, афтæ сæм Азæмæт-æлдар бахæццæ. Хыздарджытæ загътой, ацы фæстаг æппæрст ма кæнæм хыз дæ амондæн, зæгъгæ. Хыз баппæрстой æмæ кæсæгты бæсты фæхæст сты гъе уыцы боцкъайыл, æмæ Азæмæт- æлдар сывæллæтты йæхимæ ахаста. Сывæллæтты фыд йæ балцæй æрцыди, дыууæ хойы йæм равдыс- той, нæл æмæ сыл къæбысы, мæнæ дæ ус ахæм сызгъæрин коцораджын лæппу æмæ сызгъæринхил чызг ныййардта, зæгъгæ. Лæг гал къупри- стыгъд бакæныя кодта, ус æмæ дыууæ къæбысы дзы фидар бахуийын кодта, афтæмæй къупри æддейы дуары раз цæвæрын кодта, адæм ыл 350
сæ къæхтæ куыд сæрфой, афтæ. Къæбыстæ усы дардтой, цалынмæ йæм æхсыр уыди, уæдмæ, стæй усмæ æхсыр куынæуал уыди, уæд ын къæбыстæ йæ фыд хæрын байдыдтой. Афтæмæй ус хъизæмары мар- дæй ныммарди, æмæ йын йæ мой йæ мард æртæ фæндаджы астæу аппæрста. Уьщы рæстæг Азæмæт-æлдар марди, æмæ чызг æмæ лæппуйæн бафæдзæхста: æз мæрдтæм цæуын, æмæ мын мæ ис, мæ бон адæмæн бэдйуарут, стæй дьгууæйæ мæ бæхыл сбадут æмæ бæх йæхи бар ауадзут. Кэем ныллæууа, гъе уььм æй аргæвдут, йæ раззаг хуылфыдзауматæ йын рафтаут, лæдзæгыл сæ бакæнут æмæ, хур куы скæса, уымæй йæ аныгуьглынмæ уæ бьгнатмæ куыд æрхæццæ уат, афтæ æрзилут. Азæмæт амардис, чызг æмæ лæппуйæн куьгд бафæдзæхста, афтæ йьш йæ бынтæ адæмæн байуæрстой, бæхыл абадтысты, араст сты, æмæ бæх кæм ныллæууыд, уьгм æй аргæвстой. Стæй уæд хурыскæсæнæй йæ анытуылынмæ дынджыр зæххы тъæпæныл æрзылдысты. Æхсæвы сыл къæвда æрцыд, æмæ бæхы хуылфмæ ба’цыдысты. Райсомæй куы ракастысты, уæд дис кæнынц: кæуьглты æрзылдыс- ты, уьш алыварс быру фестад, йæ астæуæй та галуантæ æд алы минас. Ноджы дзы хорз хъæд æмæ алы сырд, æмæ лæппу алыбон дæр сырд- тимæ хъæлдзæгæй хъазыдис. Иу бон куы уыд, уæд сæм æлдары цуанонтæ дыууадæс лæгæй æрæфтыдысты, æппын æнæ иу сырд амаргæйæ. Лæппу сæ бахуыдта, хорз сæ федта, æмæ цуанонтæ куы цьгдысты, уæд сьгн лæппу сæ æлда- рæн семæ арвыста иу сæгуыт. Цуаиæттæ сæгуыт æлдарæн радтой æмæ лæппуйæ феппæлыдысты, йæ царды хабæрттæ йын æлдарæн фæдзырд- той. Иннæ хатт дæр та дыууадæс цуаноны, цуаны уæвгæйæ, лæппумæ бафтыдысты. Лæппу та сæ хорз федта, иу саг та сын се ’лдарæн хуы- нæн -арвыста. Цуанæттæ хуын радтой æмæ та лæппуйæ тынг феппæлы- дысты æлдарæн. Æртыккаг хатт æлдар йæ цуанонтимæ йæхæдæг дæр ацыдис цуа- ны, тынгдæр — лæппуйы базоныны тыххæй. Лæппумæ йæ бакодтой, лæппу сæ хорз суазæг кодта. Æлдаримæ кæрæдзийы зæрдæмæ фæцы- дысты æмæ æрдхорд æфсымæртæ скодтой. Æлдар йæ хæдзармæ куы æрцыд, уæд лæппу æмæ чызгæй йæ бинонтæн феппæлыдис. Æлдары устыты цы бамбарын хъуыд, уыдон кæй уыдысты, доны кæй баппæрстой, уьщы чызг æмæ лæппу! Баздæхтысты æмæ иу къулыбадæг усæн бирæ æхца ныббастой, цæ- мæй сын уыцы лæппу æмæ чызджы исты мадзалæй фесæфтаид. Къулыбадæг ус лæппуйы хæдзармæ ссыд, æвзаджы хатт æруагъта, лæппуйы хойæн йæхицæй мад акодта. Иу бон куы уыд, уæд чызгæн дзуры: — Де ’фсымæры куы фæндид æмæ дын йæ цæст исты куы уарзид, 351
уæд фæсхохы ис иу фæткъуыбæлас, йæ иу фарс згъæлгæ кæны, йæ ин- нæ фарс та дидинæг, æ»мæ ды<н уæд уыцы бæлас æрхæссид. Чызг лæппуйы нал уагъта, уьщы бæлас мын æрхæсс, зæтыгæ. Лæппу куы раст кодта, уæд ын йæ бæх загъта, уæдæ, сыадзæй дзæггор скæн, уымæн æмæ уьщы бæласæн йæ хъахъкъæнæг залиаг калм у, æмæ йын мæлæт æндæр ницæмæй ис, зæгъгæ. Лæппу бæхмæ байхъуыста, сындзæй дзæггор скодта æмæ араст ис. Калмы фынæйæ баййæфтой, бæх æмæ лæппу бæлас стыдтой æмæ уайтагъд фæстæмæ фæраст сты. Уалыимæ калм сыкъал и, фæсте сæ расырдта æмæ сæ куы æрæййæфта, уæд лæппу дзæггорæй калмы сæр ныццабта æмæ йæ амардта, афтæмæй бæлас сæхимæ æрфар- дæг кодта. Æлдармæ фехъуыстис йе ’рдхорд йæ хойæн ахæм бæлас æрхаста, уый. Уæд, дын, дыууæ усы къулыбадæг усмæ слæбурдтой æмæ йемæ загъд кæньшц, мах дæ лæппуйы фесæфт куырдтам, ды та йын цæрыны хостæ куы хæссьш кæныс, зæгъгæ. (Къулыбадæг ус сын дзуры: «фæлæуут, тагъд ма кæнут, фесафдзы- нæн уын æй». Къулыбадæг ус та хо æмæ æфсььмæрмæ бацыд, йæхи сыл цингæнæг окодта, æмæ та лæппуйæн зæгъы: денджызы ис иу сызгъæрин бабыз, йæ дзыхæй заргæ кæны, йæ базыртæй æмдзæгъд, йæ къæхтæй та каф- гæ, æмæ уый куы æрхæссис, уæд дын дæ хойы хъæлдзæг дарид. Иæ хо дæр та йæ иал уагъта, ацу æмæ мын æй æрхæсс, зæгъгæ. Лæппу ацыдис. Фæндагыл та йæм йæ бæх дзуры: — Скув, цæмæй, цæстæн йе ’скастæй йæ фæныкъуылдмæ цас и, уыйбæрц рæстæгмæ денджыз фæхуыскъ уа. Лæппу афтæ бакодта, æмæ куыддæр сызгъæрин бабызмæ бахæццæ, афтæ денджыз фæхуыокъ. Базырджын калм уæлейæ йæхи фехста, хуыокъ денджызы бын дуртыл йæ тъæпп фæцыд, æмæ фаамард, æмæ та лæппу бабыз дæр рафардæг кодта. Хъуыддаг та æлдары бинонтæм сыхъуьгст. Æлдар фæцин кодта, устытæн та мæст уыдис. Къулыбадæг усмæ слæбурдтой æмæ та загъд кæнынц. К’ьулыбадæг ус дыууæ усы басабьгр кодта, йæхæдæг та чызгмæ ссыд æмæ йьгн загъта: — Каед дын де ’фсымæры цæст хорз уарзы, уæд йæхицæн Хæ- рам Хъазийы чызджы ракурæд, æмæ дыууæйæ иумæ хъæлдзæг цард кæнат. Чызг та къулыбадæг усы ардыдæй йæ æфсымæры нал уагъта: — Ацу, — загъта, — æмæ Хæрам Хъазийы чызджы дæхицæн усæн ракур æмæ йæ æрхæсс. Лæппу араст и, уæдæ цы уыдаид. Иу дзæвгар куы фæцыд, уæд йæ бæх загъта: 352
— Кæд чызджы хæргæйæ баййафæм, уæд хорз, кæннод дæ цавд- дур фестын кæндзæн. Лæппу чызгмæ бацыд. Бахæццæ йæм ис, Хæрам Хъазийы чызг комдзаг йæ дзыхы куы акодта æмæ йæ куы аныхъуырдта, уый фæстæ, æмæ йæ чызг цавддур фестын кодта. Лæппу амард æмæ мæрдтæм бацыд. Азæмæт-æлдар, мæрдты Барастырæн йе ’фсьимæр уæвгæйæ, лæппу- йы куы федта, уæд Барастырæн балæгъстæ кодта, цæмæй йын йæ æрд- хорды мæрдты бæстæй ауагътаид. Барастыр æй ауагъта. Азæмæт-æл- дар Хæрам Хъазийы йæ къуб’алæй æрцауыгъта, æмæ уæд Хæрам Хъази йæ чызджы фæрсы, миййаг, иокæй цавддур фестын кодтай, зæгъгæ. Чызг ын эагъта: — Фестьш кодтон. Хæрам Хъази уæд Азæмæт-æлда.рмæ дзуры, æрдхорд уыдыстæм, æмæ, кæд ды дæ, уæд мын мæ къæхтæ зæхмæ æруадз, зæгъгæ. Азæмæт-æлдар ын йæ къæхтæ зæхмæ æруагъта, æмæ уæд Хæрам Хъази йæ чызгæн загъта, уыцы лæппуйы фæстæмæ райгас кæн, зæгъ- гæ. Чызг æй райгас кодта, æмæ уæд лæппу чызджы йæхицæн рахаста. Чызг та ахæм чызг уыдис, æмæ, сæдæ азы размæ цы æрцыд æмæ сæдæ эзы фæстæ цы æрцæудзæн, жппæт гъе уыдон зыдта. Лæппуйы æр’цыд æлдармæ байхьуыст æмæ та йыл фæцин кодта. Фæлæ йæ устытæн та хъыг уыд, æмæ къулыбадæг усмæ слæбурдтой, тынг *æй бафхæрдтой, æмæ сьш гъе уæд къулыбадæг ус загъта: — Мæ бон ын ницы у. Æз зынæй цы зыдтон, уьгдон ьш иууылдæр бавзарьгн кодтон, фæлæ сæ лæппу сæххæст кодта. Гъе уæд ыл устытæ сæхæдæг сфæнд кодтой. Сæ мойæн загътой, цæмæй лж’ппуйы йæхимæ æрбахуыдтаид. Сихор сцæттæ кодтой, лæппу- мæ хонæг арвьгстой. Лæппу куы цыдис, уæд ын Хæрам Хъазийы чькзг бафæдзæхста, куыдзы демæ акæн, æмæ дæм аходæггаг куы дæдтой, уæд æй куыдзмæ бадар, зæгъгæ. Куы окуывтой, уæд нуазæн лæппумæ авæрдтой а’цаходьгнмæ. Лæппу нуа;зæн куыдзмæ бадардта, æмæ куыдзæн йæ дыууæ цæсты ра- лиуырдтой. Уæд лæппу куыдзы фелвæста, йæ бæхыл абадт æмæ уыр- дыгæй ныххоста. Æлдар æй бæхыл расырдта æмæ йæ куы баййæфта, уæд æй баф^арста, дæ куыдзы марды тыххæй цæмæн ралыгъдтæ, зæгъгæ. Лæппуйы ус, Хæрам Хъазийы чызг, оæдæ азы мидæг цы æрцыди, гъе уый зонæг, сæ размæ рахæвдæ ио æмæ æлдарæн загъта: — Бахатыр мын кæ, æлдар, мæнæн дæумæ дзурын бæргæ не ’мбæл- дис, фæлæ мын æнæсдзургæ дæр нæй. Дæ устытæ ацы лæппуйы марг цæхдонæй маргæ кодтой, фæлæ фыдбьмыз куыдзыл æрцыд. Ныр дын 23 Ирон адæмы аргъæуттæ 353
æз æргом ныхæстæ зæгъон: адон дæ чызг æмæ дæ лæппу сты, æз та дæн дæ чындз. Адон сты, галдзарм къуприйы къæбыстимæ цы усы бахуи- йын кодтай, уыцы усы фырт æмæ чызг. Дæ дыууæ усы сын бирæ хин- тæ фæарæзтой, фæлæ ниды сæ бон бади. Ныр ацу, æмæ ды усы ама- рьш кодтай, уымæн йе ’стæгдар æрбахæсс. Стæгдар æрбахастой, Хæрам Хъазийы чызг æлдары усы райхъал кодта æмæ йæ фæстæмæ ног фестын кодта. Æлдарæн хъуыддæгтæ куы сбæрæг сты, уæд баздæхт æмæ йæ дыу- уæ усы бæхы дьвмджытыл бабæттын кодта, сындзы сæ ауагъта, æмæ устытæ хъизæмары мардæй ныммардысты. ^
<2^ж^ж*^^ КЪУЛЫБАДÆДЖЫ ФЫРТ ÆМÆ МÆЛИЧЧЫ ФЫРТ Нъулыбадæджы фырт æмæ мæличчы фырт ацыдысты авд уæ- йыджы хомæ курæг. Мæличчы фырт æй кургæ кодта, къулыба- дæджы фырт та йемæ æмбалæн цыди. Фæхæццæ сты æмбис быдырмæ. Уæд сыл хуры цæст тар кæнын байдыдта. Къулььбадæджы фьгрт мæличчы фыртмæ дзуры: — Афтæмæй мя фæцæуæм. Минæвар .арвитæм разæй, кæннод сæ æдзæттæйæ куы ныййафæм, уæд худинаг уьгдзæн. Уæд ьш мæличчы фырт зæгъы: — Кæй фервитæм, ам æнæзмæлæг бьгдыр куы у, уæд? — Нæ фæттæ фехсæм, мæличчы фырт, уьгдон сæм сæхæдæг бæрæг кæндзьистьг. Мæличчы фырт къулыбадæджы фыртмæ дзуры: — Уæдæ уал ды фехс, ды хистæр дæ. — Нæй, мааличчы фырт, ды уал фехс, ды сиахс дæ, æмæ дъга де ’хсты хъæр базоной. Мæличчы фырт фехста, æмæ фат арвæй зæххы æксæн, зыр-зыр- гæнгæ, тæхын байдыдта. Авд æфсымæры уæлкъæсæр йæ дзæхст фæцыд, æмæ астæуыккаг аххæрæг фæмур ис. Авд æфсымæры сæхимидæг ба- рызтысты æмæ дзурььнц: — Оххай-гъе, не ’сæфт æрцыд — тыхгæнæг нæм æрцæуы. Уæд къульгбадæджы фырт гæххæтт афыста æмæ йæ йæ фаты фын- дзыл аныхæста. Гæххæттыл афтæ фыст уыди: «Тæрсгæ ма фæкæнут, авд æфсьшæры, — уæ хохМæ уын курæг фæцæуæм». Афтæмæй къулы- бадæджы фырт нынтъыхта йæ фат. Фат йæхи систа, арвæй мигъы æх- сæн, цæхæр калгæ, тæхын байдыдта, авд уæйыджы уæлкъæсæр сæм- бæлди æмæ уæлкъæсæр барæмыгъта. Рæбинаг аххæрæг фæмур кодта æмæ рæбынæй сисьг ньюсагъд. Хæдзар æмдзеллау, æмæнкъуыст ны’к- кодта, æмæ авд æфсымæры бауадзыгтæ сты мæтæй. Сæ кæстæр æфсы- мæр фаты фындзмæ фæкомхоммæ. Уый гæкхæтты зьгдта, афарста гæх- хæтт æмæ оцин кодта: 355
— Тæрсгæ ма фæкæнут, ме ’фсьшæртæ: мæличчы фырт æмæ нын къулыбадæджы фырт æрцæуьшц нæ хо-мæ курæг æмæ сæ фæттæ ми- нæвар рарвыстой. Уæд уæйгуытæ бахъæлдзæг сты æмæ сæхи рацæттæ кодтой. Уальшмæ лæппутæ ныххæццæ сты. Бацин сыл кодтой, хæдзармæ сæ баокъæфтой, рабадын сæ кодтой уæле æмæ сæ фæрсынц: — Нæ хорз уазджытæ, æнæ хъуьгддаг нæм не 'рцыда>иккат, цы хур цы къæвда уæ æрхаста? Къулбадæджы фырт дзуры: — Мæнæ уын мæличчы фырт уæ хойы куры, кæд ныл æрвæс- сут, уæд. — Гъей, ,нæ хорз уазджытæ, нæ хойы уын кæй дæттын хъæуы, кæд ньгл уæхæдæг æрвæссут, уæд. Байдыдтой сæ æхсæв-бонм1æ хьшцын. Куы сбон и, уæд авд æфсымæры дзурынц къулыбадæджы фыртмæ: — Мах цуаны цæуæм, æмæ ды дæр немæ рацу, нæ хо æмæ не ’сиахс та хæдзары лæууæнт. Цæуьшы къа’хыл ныллæууыдысты æмæ сæ хомæ радтой авд дуары дæгъæлтæ. — Уьш дын авд дуары дæгъæлтæ, — авд дуарьг-иу бакæ. Æстæм дуар ма бакæи, мах дæр ма фесаф æмæ дæхи дæр. Афтæмæй хохмæ цуаиы афардæг сты. Чызг уæттæ гом кæньш байдыдта, æмæ сæ мæличчы фырт зилы, зилы, сæ хорздзинæдтæ сы:н бæрæг кæны. Чызгмæ дзуры: — Æстæм дуар дæр бакæн, уый дæр фенон, кæддæра уым та цы и. — Æстæм дуарæн бакæнæн нæй, — никæд бонты æрцыд уый конд. Мæличчы фырт ын лæгъстæ кæнын байдыдта: — Бакæ« æй, æмæ дзы цы хабар ис, уый фенон. Фæлæгъстæ кодта æмбисбоны онг. Куы нæ йын бакоммæ касти, уæд йæ бæхыл саргъ авæрдта æмæ цæуыны «ъахьгл ныллæууыд. Дзу- ры чыэлмæ: — Ды мæнæн никуы ницы къух ратдзынæ, авд æфсьшæры хо! Уый бæрц хатыр дæр мын нæ кæньгс, æмæ дуар бакæнай, цæмæй æз, дуары мидæгæй цы ис, уый фенон. Нал мæ фендзьшæ, нал дæ фендзынæн, фæ- лæ ме ’мбал изæры куы æрцæуа, уæд-иу ын зæгъ, æмæ мæ раййафа. Чызг ныккуыдта, йæ разы цæппузырау æнхъизы йæ цæстысыг, аамæ мæличчы фыртмæ дзуры: — Уæдæ дым фыдæбон фæуæд. Уьш цы и, уый дьгн зæгъгæ дæр кæвдзьшæн. Мæимæ курæг æрцыди Оау хохы Сау уæйыг, æмæ йыл ме ’фсьшæртæ хуыцауы зондæй фæтых сты. Бабастой йæ уым авд мидæг- гомы æфоæн рæхыстæй. Ныр дуар куы базыхъкъыр кæнон æз, уæд 356
мын ауындзæн мæ цæсгомы рухс. Нытътъæпп кæндзæн йе ’фсæн рæ- хыстæ, расæррæтт ласдзæн, дæу ныхъуыргæ акæндзæни, мæн скъæфгæ. Нал та йæ уадзы мæличчы фырт: — Базыхъхъыр-мй кæн дуар чысьгл, æмæ йæ фенон. Нал уыди гæнæн чызгæн, — дуар чысыл фæзыхъхъыр кодта. Уæйыг ын йæ цæсгомы рухс куы ауыдта, уæд йе ’фюæн рæхыстæ рарæмытъта. Расæррæтт кодта æддæмæ, чызджы йе ’ккой акодта, æмæ мæличчы фыртмæ дзуры: — Абон-дæргъы дæм хъусын, æмæ ацы чызг дæу руаджы мæ къухы бафтыд. Аныхъуырин дæ бæргæ, фæлæ дын уый тыххæй хатыр фæуæд. Уæйыг чызджы йæ хæдзармæ афярдæг кодта. Мæличчы фырт суанг изæрмæ йæ сæр фæхоста. Уалынмæ изæры къулыбадæджы фырт æмæ авд æфсымæры æрцыдысты. Бякастысты мæличчы фыртмæ, уый æнкъардæй лæууы, æмæ йæм дзурьшц: — Цы кодтай, мæличчы фырт, æнкъардæй цы бадыс? — Цы ма кæнон, — уæ хойы уьш Сау хохы уæйыг аскъæфта. Катай кæиьгнц авд уæйыджы, цы м-а бакæнæм, зæгъгæ. Уæд сæм къулыбадæджы фырт дзуры: — Æз хъуамæ мæ сæр уый фæдыл фесафон, æмдæр мын гæнæн нæй. А мæличчы фырты уын уадзын уемæ. Кæд æмæ афæдзы бонмæ не ’рцæуон, уæд æгас нал дæн, уый зонут æмæ-иу æй уæ хойы тугмæ аргæвдут. Йæ фат æмæ йе ’рдьш йе ’фцæджы бафтыдта къулыбадæджы фырт æмæ скуывта: «Уæ, ме ’офæлдисæг хуыщау, æнамоад фæядагыл мæ ма ауадз». Араст уырдыгæй æмæ цæуьштæ бавдыдта. Мæнæ иу ран иу лæг фурды был дæлгоммæ ныххуьгссыд. Фурд ныжуыпп кæны æмæ хуьгцаумæ ныхъхъæр кæны: — Дойны, дойны мьгн у! Уæд æм къулыбадæджы фырт бахæццæ æмæ йæм дзуры: — Уæ, дæ бом ныккалай, мæнæ лæг, — мæнæн доны къус баиазын дæр куы нæ у мæ бон. Ды фурд куы ныххуыпп кæныс æмæ ма ноджы хуыцаумæ куы ныхъхъæр кæныс, «дойныйæ мæлын», зæгъгæ. — О, йæ бон уый ныккала, — къулыбадæджы фырт жмæ мæличчы фырт æрцыдысты авд уæйджы хомæ курæг, æмæ сын æй Сау хохы Сау уæйыг фескъæфы далæ. — Уыныс æй? — Уьгнын æй. Уæд ын къулыбадæджы фырт загъта: — Уæдæ ма йын мæ фат йæ комкоммæ сараз, æмæ йæ æз фехсон. Фат ын йæ комкоммæ сарæзта, æмæ йæ къулыбадæджы фырт фех- ста. Уæйыгæн йæ рахиз агъд йæ бындзарæй атæхын кодта. 357
— Цы фæци, нæ йыл аныдзæвд æппьгн? — Гъе, дæ бинонтæ амæла, къулыбадæджы фырт, йæ рахиз агъд ын йæ бындзарыл ахауын кодта. — Уæдæ цы фæци чызг, нæ йæ аппæрста? — Кæцæй йæ аппæрста! Иæ иу къахæй афтæ фезгъоры, æмæ йæ æппындæр цæст нал уыны. Араст ис фурдхуыппгæнæг дæр йемæ. Байдыдтой уырдыгæй цæуын, æмæ мæнæ иу ран иу лæг уæлгоммæ ныххуыссыд, фатæй хуы- цауырдæм схъав-схъав кæны. Уæд æй къулыбадæджы фырт фæрсы. — Байрйай, мæнæ хорз лæг! Цы ми кæныс, дæ хорзæхæй, цæмæ хъавььс? — Цæмæ хъавьш, цæ, хуыцауы цъиу Дурадзин ратæх-батæх кæ- ны, æмæ гъеуый æхсын, æмæ мын мигъы хуылфы амбæхсы. Уæд æм къулыбадæджы фырт дзуры: — Уæ, дæ бон ныккалай, æз мæ развæндаг дæр нæ уынын, ды та хуыцауы цъиу æхсыс. — Иæ бон уый ныккала, мæличчы фырт æмæ къулыбадæджы фырт авд æфсььмæры хомæ курæг æрцыдысты, æ#мæ сын æй Сау хохы Сау уæйыг фескъæфы. — Æмæ йæ нал уьгньгс æппын? — Нал æй уыньш, афардæг дæлзæхмæ. — Уæдæ мах гъеуый фæдыл куы сæфæм. Араст кодта семæ хуьщауы цъиутæ æхсæг дæр. Æртæ æмбалы баисты æмæ дарддæр фæцæуынц. Мæнæ иу ран иу лæг бæстæ æмæ хæхтæ йе ’ккой æрбахæссы. Къулыбадæджы фырт æм куы бахæццæ, уæд æм дзуры: — Дæ бон ныккалай, мæнæ лæг, æз мæ фат æмæ ме ’рдьгн хæссын дæр куы нæ фæразьш, уæд ды хæхтæ æмæ бæстæ куыд фæхæссыс? — Иæ бон уый ныккала, къулыбадæджы фырт æмæ мæличчы фырт авд æфсьшæры хомæ æрцыдысты курæг, æмæ сьш æй Сау хохы Сау уæйыг фескъæфы. — Уæдæ мах уый фæдыл куы сафæм нæхи. Уый дæр та йæ бæстæ æмæ хæхтæ аппæрста æмæ къулыбадæджы фыртимæ аздæхти. Цыппар æмбалæй цæуьш байдыдтой. Ахæццæ сты бьгдыры астæумæ. • - Уæйыг дæлзæхмæ афардæг, æмæ йæ хуынкъыл стыр къæй ныф- фæлдæхта. Æрлæууъгдысты къæйы сæр. Нæй сьгн фæндаг, дæлзæхмæ кæуылты ныххйзой, уьгй. Къулыбадæджы фырт, хæхтæ чи фæцæйхаста, уымæ дзуры: — Марадз-ма, хæхтæ куы фæцæйхастай, уæд уыцы къæй иучысыл нæ фæзыхъхъыр кæндзынæ? 358
Æрывнæлдта йæм хохфæлдахæг æмæ -йæ змæлын дæр нæ фæкодта. Уæд иннæмæ дзуры: — Марадз-ма, фурд куы хуыпп кодтай, уæд уыцы къæй нæ фæ- зыкъхъыр кæндзынæ æппьш? Æрывнæлдта йæм уый дæр — æппындæр æй змæлын дæр нæ фæ- кодта. Уæд иннæмæ дзуры: — Марадз-ма, хуыцауы цъиу Дурадзины куы æхстай, уыцы къæй иу чысыл базыхъхъыр кæн. Уый дæр та йæ нæ сызмæлын кодта. Уальшмæ йæм къулыбадæджы фырт йæхæдæг æрывнæлдта æмæ йæ быдыры куыройы цалхау ныззылдта. Уæд дæлзæххæй арт ныццавта, æмæ бæстæ сау фæздæг уадзы. — Гъеныр ма амæн та цы бакæнæм? Ацы арты мидæг кæуылты ныббырæм? Хохфæлдахæг загъта: — Мæн æфсæн рæхыстæй бабæттут æмæ мæ дæлæмæ ауадзут. «Судзын, судзын» куы ныкъхъæр кæнон, уæд-иу мæ фæстæмæ сласут. Бабастой йæ æфсæн рæхысæй æмæ йæ ауагътой. «Судзын, судзын», зæгъгæ, ныхъхъæр кодта æмæ йæ фæстæмæ сластой. Хуьщауы цъиу чи æхста, уьгй дæр та бабастой æмæ йæ ауагътой даэлæмæ. «Судзын, судзын», зæгъгæ, ныхъхъæр ласта, æмæ та уый дæр сластой. Фурд чи хуыпп кодта, уый дæр та бабастой æмæ йæ дæлæмæ ауагътой. «Судзын, судзын», зæгъгæ, ныхъхъæр кодта, æмæ та уый дæр сластой фæстæмæ. Уæд сæм къулыбадæджы фырт дзуры: — Уæдæ сымахæй ничи ницы бакæндзæн, фæлæ мын мæхи ба- бæттут æмæ мæ ауадзут. «Судзьш, судзьш» куы ныхъхъæр кæнон, уæд- иу мæ авд ахæмы ауадзут дæлзæхмæ. Ноджыдæр та куы ныхъхъæр кæнон «судзын, судзын», — авд ахæмы та-иу мæ ауадзут дæлзæхмæ. «Басыгъдтæн», зæгъгæ, уæм куы охъæр кæнон, уæд мæ-иу бынтондæр феуæгъд кæнут. Ауагътой йæ. «Судзын, судзын», зæгъгæ, ныхъхъæр кодта, æмæ йæ авд ахæмы ауагътой дæлзæхмæ. Ныхъхъæр кодта «басыгътæн», æмæ йæ бынтондæр феуæгъд кодтой. Къулыбадæджы фырт уæйыджы цæхæры сæмбæлди. Æрдæг арыдтытæй рагæпп ласта æмæ ракæс-бакæс кæны хæдзары къуымтæм. Уæйыг пылыстæг сынтæгыл хуьгосы, æмæ чызг йæ нывæрзæн бады. Ставд цæссыгæй кæуы, æмæ цæссыг йæ разы цæппузырау æнхъизы. Чызг къулыбадæджы фырты куы федта, уæд æм дзуры: — Хъаймæт дыл ныккæна, æз кæй сæфын, уый æгъгъæд нæу, ды та ма цæуыл сафыс дæхи? Уæд æй къулыбадæджы фырт фæрсы: 359
— Ацы уæйыджы хабар куыд у? Куыд æй амарон, уьгмæн ниды зоныс æппын? — Уымæн амæлæт ни.цы æгъдауæй ис, фæлæ йын иу абонæй иннæ абонмæ сыкъал кæмæн нæй. Ныр йе ’ртæ æмбалы уæле æфсæн рæхысыл хæцьшц, æмæ рæхыс ауыгъдæй лæууы. Къулыбадæджы фьгрт чызгмæ дзуры: — Бабæтт рæхысыл дæхи, æмæ дæ уæлæмæ сласой. Чызг ын загъта: — Ды уал бабæтт дæхи æмæ схиз уæлæмæ. — Нæ, æз дæу тыххæй куы сæфын, уæд дæу фæсте ныууадзон? Къулыбадæджы фырты фæнд ацыди, чызджы бабаста, æмæ йæ уæллæгтæ рæхысæй сластой. Чызджы куы федтой, уæд къулыбадæджы фырпмæ рæхыс фæстæ- мæ нал ауагътой. Ацыдысты æртæйæ, къæй æрбахастой æмæ йьгл æй ныффæлдæхтой. Къулыбадæджы фыртæн йæ фат æмæ йе ’рдын дæр уæшзæхх баз- задысты. Фæстæмæ йьгн фæндаг никæуылтыуал ис, æмæ хъуыды кæны йæхинымæр уæйыджы хæдзары: «Ныр уæйыг куы сыкъал уа, уæд мæ аргæвддзæн». Уалынмæ хъусы, æмæ къуымæй хъæрзын цæуы. Бацыди æмæ йæм ныккаст, æмæ уæрмы иу ус хуыссы. йæ иу ссыр дæларв, йе ’ннæ ссыр уæларв. Къульгбадæджы фырт æм дауры: — Тагъд, додой мын дæ къона, уæйыджы цы æгъдауæй амарон, уый 1мын зæгъ. Уæд ын уьщы ус загъта: — Æз ацы уæйыджы мад дæн, æмæ мæм смæсты æмæ мæ ам уæр- мы ныппæрста. Ардæм мын къæбæртæ æрба-ппары. Фæлæ дæлæ нæ дуармæ дыууадæс ивазны цагъд суг. Уыдон æрбахæсс æмæ йын сæ йæ риуыл бандзар, æмæ саусыгъд бакæндзæн. Дыууадæс ивазны цагъд^ суг æрбахаста æмæ сæ уæйыгæн йæ ри- уыл бандзæрста. Уæйыг. басыгъди. Лæппу фæстæмæ усмæ баздæхти: — Тагъд, æнæтуг æргæвст дæ акæндзынæн, уæлзæкмæ мын фæн- даг ссар, кæннод! — Уæлзæхмæ дæуæн фæндаг ссарын фæзын и. Кæд дæ амондыл дæ зæрдæ исты дарьгс, уæд дæлæ фæсдуар сау фьгр æмæ урс фыр баст. Уæлæ рæбынмæ бацу æмæ уырдыгæй разгъор цъывдæй. Кæд дæ амонд уа, уæд урс фыры сыкъайыл фæхæст уыдзьшæ, æмæ дæ авд ахæмы фехсдзæн уæлзæхмæ. Кæд де ’намонд уа, — сау фыры сыкъайыл фæ- хæст уыдзынæ, æмæ дæ авд ахæмы фехсдзæн дæлзæхмæ, æмæ Дон- беттырты хай бауыдзынæ. Къулыбадæджы фырт къуымæй цъындæгнмьгндæгæй разгъордта. 360
Ие ’тамонд куыннæ уыд: сау фыры сьжъайыл фæхæст и, æмæ йæ авд ахæмы нынтъыхта дæлзæхмæ. Лæг Донбеттырты хай баци. Фæцæуы Данбеттырты калачы уыигты, бафтььдис къулыбадæг ус- мæ. Сцин ыл кодтой зæрдæйæ къулыбадæг ус æмæ йе ’ртæ чызджы: — Мæнæ диосæгтæ! Кæцæй æрхаудтæ а Дсшбеттырты калакмæ, уæлзæххон лæг? Ус йæ хистæр чызлмæ дзуры: — Марадз, кæрдзьш ьгн рацæттæ кæн. Бауади чызг, дзуллаг осад арынджы алуæрста æмæйыл йæ цæсснг калы. Уæд æм къулыбадæджы фырт дзуры: — Цы кæньис, уьщы чызг? Ус ын загъта: — Нæ доны кæфхъуыидар бады, æмæ нын дон нæй, æмæ кæрдзын- тæ цæссыгыл кæнæм. — Уæдæ ма дурынтæ æриут. Æз дон схæссон æмæ, цавæр кæф- хъуывдар у, уый дæр фенон. Уæд æм ус дзуры: — Ма ацу, дæ нывонд фæуон: аныхъуырдзæн дæ. — Аныхъуыра мæ, æви нæ, уый бæрæг уьгдзæн. Дурынтæ мæм æри тагъд. Ахаста дурынтæ æмæ ныххæццæ донмæ. Кæфхъуьшдар æй куы федта, уæд æм дзуры: — Гъе, лæппу, стыр æнахуыр уазæг дæ, æмæ дьпн уьгй хатыр фæ- уæд, æндæра дæ ныртæккæ аныхъуырин. Ахæсс ны.р дон, фæлæ мауал æрыздæх фæстæмæ, кæинод дæ нал ауадздзынæн. Р<ахаста дон. Скæньгн кодта йæхицæн кæрдзын æмæ бахордта. Дьгккаг ха|Тт та дурынтимæ донмæ фæцæуы. Кæфхъуындар æм йæ дзых фæхæлиу кодта æмæ йæ а’ныхъуырдта. Кæфхъуьгадары хуылфы уьий йæ дзыппæй хæрынкъа фелвæста æмæ йын йæ хуылфыдзауматæ кæрдын бавдыдта. Кæфхъуывдар тымбылтæ кæны æмæ йæм дзуры: — Маргæ мæ ма кæн, сомдзынæн дæ. — Куыдз, æмæ мæ исчи дæ омдзæг хона? Æз, кæуылты акизон, ахæм фæндаг ссардзынæн. Амардта уыцы раи кæфхъуындары. Йæ рахиз тæн ын ракъæртт кодта æмæ уырдыгæй рахызтис. Ссыди фæстæмæ æмæ къулыбадæг ус- мæ дзуры: — Хæюсут ныр дон. Уе ’энаджы уын амардтон. — Уæ, йæ бон ныккала, кæд уый ничи амардзæн! Уæдæ ма сау гал æмæ урс галы ауадзут. Ауагътой сау гал æмæ урс галы: сæ иу доны ахауд тъæппытæ, иинæ чысыл уæлдæр. 361
Айхъуысти калакыл, уæлзæххон лæг кæфхъуындары амардта, зæгъгæ. Ныххæлæф кодтой калачы адæм æ.мæ байдыдтой дон хæссын. Уэвд калачы паддзах къулыбадæджы фыртмæ фæсидти æмæ йын загъта: — Мæ паддзахад, мæ калакыстон дæ къухы лæвæрд фæуæнт абонæй фæстæмæ. Къулыбадæджы фырт ъш афтæ: — Мæн дæ паддз-ахад нæ хъæуы, фæлæ кæд дæ бон у, уæд мын уæлзæхмæ фæндаг осар. — Дæуæн уæлзæкмæ фæндаг ссарын тынг фæзын и. Хохы сау цæргæс цæры, æмæ уый къуыри иу хатт тæхы уæлзæхмæ. Кæд дæ уый схæсса, уый йедтæмæ дæуæн уæлзæхмæ фæндаг ничи ссардзæн. Араст кодта къулыбадæджы фырт æмæ ссыди хохмæ, цæргæсы хæ- дзармæ. Байхъуыста къæсæрæй, æмæ иу чызг заргæ кæны, иннæ худ- гæ, аннæ кæугæ. Бахъæр кодта .мидæмæ: — Уазæг нæ уадзут, хæдзаронтæ? Рауадысты йæм æртæ чызджы, æмæ йыл бацин кодтой: — Уазæг — хуыцауы уазæг. Баскъæфтой йæ хæдзармæ, æрбадын æй кодтой, æмæ сæ фæрсы: — Уæ хорзæхæй, уæ иу заргæ куы кодта, иннæ худгæ, аннæ кæу- гæ, уæд уы-й цы диссаг уыдзæн? — Уый цы диссаг у, цы, — мах стæм цæргæсы чызджытæ, æмæ хохы залиаг калмæн стæм хъалон лæвæрд. Мæнæ, кæугæ чи кæны, уы- мæ æрбырдзаэн изæры æмæ йæ бахæрдзæн. Худгæ чи кæны, уымæн ма ис сомизæрмæ цæрæнбон, æмæ цин кæны, заргæ чи кæны, уымæн та м<а иннæбокмæ цæрæнбон, æмæ уый тыххæй зары. — Уæдæ мын тæрсгæ ма кæнут, ныр уын æз исты хос кæндзынæн. йæ цирхъ фæрсыссад скодта æмæ залиаг калммæ ба-мбæхсти фæс- дуар. Бон изæр кæнын байдыдта, уæд калм дæр рабырыд хохæй. Хæхтæ æмæ бæстæ йемæ рахæссы сыггай. Æрбырыди цæргæсы хæдзармæ. Ба- хъæр кодта чызджытæм: — Ме ’зæры хъалон чи у, уый æддæмæ ракшæд. Расæррæтт æм ласта къулыбадæджы фырт æмæ йæ хæфтытæ самадта. Амардта йæ уыцы ран æмæ йæ сау хохы сæрæй акалдта. Чыз- джытæ йæ фырцинæй аныхъуырынц æмæ йæ сæ хъæлæсæй сæппарынц. Уальгнмæ цæргæс дæр уæлзæкхæй рараст и. Ахæм къæвда æрцыди, æмæ бæстæ лæсæнтæй сафы. Лæппу чызджыты фæрсы: — Ай цавæр къæвда у? Ныртæикæ дæр ма хур куы уыд. — Уый цавæр къæвда у, цæ, — нæ мад уæлзæххæй рараст кодта æмæ, «мæ чызджытæй та иу хæрд у», зæгъгæ, ныккуыдта, æмæ уый цæстысыг у. 362
Уальшмæ ахæм хур æрцыди, æмæ бæстæ цъæх арт уадзы. — Уый та цавæр хур у? Ныртæккæ дæр ма къæвда куы уыд? — Цавæр къæвда у, цæ, — нæ мад, йæ чызджытæ æртæ даер оæрæгас сты, уый базыдта, æмæ бахудти. Уалынмæ ахæм дымтпæ рацыд, æмæ бæстæ йæ разæй хаста. — Ай та цавæр дымгæ у, ныртæккæ дæр ма æнцад куы уыд? — Цавæр дымгæ у, цæ, — нæ мад æрæввахс, æмæ уый йæ базыр- ты дымгæ у. Бамбæхс, кæннод дын фырцинæй исты знаггад ракæн- дзæн, миййаг. Цæргæс æрбадти. Бараст ис мидæмæ æмæ йæ чызджыты фæрсы: — Куыд фервæзтыстут? Нæ уæм æрлæсыди калм? — Нæ нæм æрлæсыд ацы хатт. —■ Уымæн æнæ æрлæсгæ нæ уыди, фæлæ уæ аллоны смаг цæуы. — Махæй цæй аллоны смаг цæуы, уæлзæххы ды куы разил-базил кæиыс, уæд? — Нæ, мæ чызджытæ, цыдæр æмбæхст уæм и, æмæ мын æй куыд фенын кæнат, афтæ. — Уæдæ нæм иу уæлзæххон лæг æрцыдис æмæ ньш не ’знаджы уый лмардта. — Ракæнут æй, æмæ йæ æз дæр фенон. Æрбакодтой йæ æмæ йæ фырцинæй авд хатты аныхъуырдта æмæ йæ авд хатты сæппæрста. — Гъе, лæппу, мæнмæ хæрзиуæгæй ницы и, фæлæ ацы æртæ чыз- джы акæ дæхицæн, кæй дзабыр ласæгæн, кæй та гæрзтæхсæгæн. — Дæ чызджытæ амондимæ цæ,рæнт, фæлæ мын кæд дæ бон у, уæд мьвн фæндаг осар уæлзæхмæ. — Æз дьгн уæлзæхмæ фæндаг бæргæ ссарин, фæлæ мæ фæндаггаг бирæ хъæуы: æртæ фондзьиссæдз путы дзул æмæ фараст галы марды. Раздæхти .лæппу уырдыгæй æмæ калачы паддзахмæ æрцыд. Кала- кæ(й цæргæсы дуармæ ласьгн байдыдтой, фæндаггагæн æй цы хъуыд, уый. Райсом куы сбон и, уæд цæргæс быдыры æрбадти, æмæ йæ базыр- тæ фæйнæрдæм байты.гъта. — Байдайут амайын мæ дыууæ базыры æхсæн, хæринагæн мæ цы хъæуы, уый. Байдыдтой амайьш æмæ самадтой фондзыссæдз путы дзул æмæ фараст галы марды. Цæрлæс лæппумæ дзуры: — Сбад ныр мæ дыууæ базыры æхсæн! Æз зилгæ-зилгæ уæлæмæ тæхдзьшæн, алы зылдæн дæр-иу фæхъуахъхъ кæндзынæн, æмæ та мын- иу галы агъд æмæ ссæдз дзулы мæ дзыхы атъыс. Цырд мæм лæуу: иу зылдæн дæр куы фæхъуаг уон, уæд дæ раппардзынæн, æмæ фесæф- дзынæ. 363
Къулыбадæджы фырт цæргæсæн йæ дыууæ базы-ры æхсæн сбадти, æмæ цæргæс систа йæхи. Байдыдта зилын æмæ уæлзæхмæ тæхын. Алы зылдæн дæр фæ- хъуахъхъ кæ>ны, æмæ йын къулыбадæджы фырт галы агъд æмæ ссæдз дзулы йæ дзыхы ’атъыссы. Цæргæсы ма иу зылд куы хъуыди уæлзæхмæ, уæд лæппумæ хæри- наг нал уыд. Лæппу фæуьшгæджы: «Уæдæ мæ ныр фæстæмæ æппар- дзæн». Иæ агъды фыдтæ æмæ йæ цонджы фыдтæ æрбалыг кодта æмæ йьш сæ йæ дзыхы атъыста. Цæргæс сæ базыдта, йæ дæлæвзаг сæ бам- бæхста æмæ афтæмæй уæлзæхмæ стахти. Схæццæ уæлзæхмæ æмæ йæ уым æрæвæрдта. Иæхæдæг æм дзуры: — Ацу, дæ нывонд фæуон, ньир. Рараст кодта лæппу, фæлæ йæ агъды фыдтæ йæ уæлæ нал сты, æмæ къæдз-къæдзы цæуы. Уæд æм цæргæс дзуры: — Къулыбадæджы фырт, къæдз-къæдзы цæмæн цæуыс, цæ? — Мæ уæрджытæ бадьшæй фæрыстысты, æмæ сæ рæстмæ цæуæн нал ис. — Раздæх-ма фæстæмæ: фенон дæ. Æ’рбаздæхти йæм фæстæмæ. Æрысгæрста йæ, æмæ йæ агъды фыд- тæ æмæ йæ цонджы фыдтæ йæ уæлæ нал сты. — Адон дьгн цы бахордта? — Цы кæнон? Куы сзылдтæ, уæд мæм хæринаг нал уыд, æмæ мæ куы аппарай, уымæй фæтарстæн. Æрбалыг сæ кодтон æмæ дын сæ дæ дзыхы атъыстон. Цæргæс æй дæлгоммæ æрхуыссын кодта, йæ дæлæвзагæй фыдтæ фелвæста æмæ сæ цæфтыл авæрдта. Зæлдаг къухтæсæрфæнæй сæ ра- сæрфта, æмæ, цы уыд, уымæй авд ахæмы хуыздæр фестади. Рарасткод- та къулыбадæджы фырт уырдыгæй. Цæуы, цæуы, æмæ мæнæ иу ран хуыгæс фондзыссæдз хуыйы хизы, зары æмæ зæххыл нал хæцы. Къулыбадæджы фырт æм дзуры: — Куыд хъал дæ, ацы хуыгæс, хуыгæсы йедтæмæ куы ницы дæ? — Гъе, дæ бон ньжкалай, куьшмæ уон хъал: хохфæлдахæг, фурд- хуыпгæншег æмæ хуьщауы цъиу æхсæг, уыдон авд æфсымæры хойы æр- хастой кæцæйдæр, æмæ сын æй кала.чы паддзах байста: изæры чын- дзæхсæв кæны æмæ ацы фондзыссæдз хуыйы æргæвды, æмæ сæ къуди- тæ мæн! уыдзысты. Уæд къулыбадæджы фырт хуыгæсаан загъта: — Уæдæ мæнæ мæ сызгъæрин дарæс ды скæн. Дæ хуыгæсы да/рæс æри мæнæн. Ды ацу уæ калакмæ, æмæ дæ мæ дарæсмæ гæсгæ пад- дзæхтæ æрбадын кæндзысты уæле. Хуытæ æз фæхшдзынæ’н, стæй сæ изæры баскъæрдзьгнæн. Хуыгæс загъта: — Хуытæ дын афтæмæй скъæрын нæ бакомдзысты. Стыр доны 364
сæрты дæ ахизькн хъæуы хидыл, æмæ уыцы хиды кæрон æрлæудзысты рæгъ-рæгъы. Алы хуы дæр йæ къуди ныхъхъил кæндзæн, æмæ йын хъуамæ апъа кæнай, кæннод сын ахизæн нæй фалæмæ. — Мæ бар сæ уащз: æз сын апъатæ кæндзынæн, фæлæ ды дæ цæуьшы куыст кæн. Хуыгæс калаяшæ бафардæг, къулыбадæджы фырт баззади уым. Изæрырдæм куы фæци, уæд хуытыл фæхъæр кодта æмæ сæ рас- къæрдта. Хиды кæронмæ куы æрхæццæ сты хуытæ, уæд рæнхъ æр- лæууыдысты æмæ фалæмæ нал комынц. Къулыбадæджы фырт сæм кард фелвæста æмæ сыл карддзæгатæй хæфтытæ ралæууыд. Ракалдысты хидæй ацы фарамæ, уæдæ цы уыдаид, æмæ та сæ ракжъæры. Паддзахæн йæхицæн дæр уыд дыууæ чызджы. Йæ гоаддзахыстаны адæм хъуамæ иууылдæр æрæмбырд уыдаиикой уыцы æхсæв. йæ дыу- уæ чызгмæ дэуры: — Схизут ны.р уæ дыууæ дæр æрхуы мæсыджы сæрмæ æмæ уыр- дыгæй кæсут мæ адæммæ: хуыздæр чи уа, уыдонæй уæхицæн мойæгтæ равзарут. Æрхуы мæсыджы сæрмæ схызтысты дыууæ чьгзджы æмæ уырды- гæй кæсынц, фæйнæрдæм фæлгæсынц. Къулыбадæджы фырт дæр æрбатæры хуытæ: хуытимæ тухæнгæн- гæйæ йæ худ фæкъул и иуырдæм, æмæ йæ сызгъæрин сæры хил цæхæр- тæ акалдта. Уæд æм паддзахы хистæр чызг фæкомкоммæ æмæ йæ хомæ дзуры: — Чи цы федта, йæхи уæд! — Уагæры цы федтай? Дæлæ хуыгæсы федтай, æмæ дæу фæуæд. Æрæмбырд сты па|Ддзахы адæм чьгндзæхсæвмæ. Паддзах йæ хис- гæр чыэгмæ сгуы æмæ нуазæн радта: — Ацу гъеныр, æмæ дæ кæцы лæппуйæ фæнды мой скæнын, уымæ ащы сгуы æмæ нуазæн ратт! Чызг сгуы æмæ нуазæн райста, адæмыл разьглд, баздæхти йæ фыд- мæ æмæ йæм дзуры: — Дæ адæмæй ам æппындæр куы ничи ис, уæд сгуы æмæ нуазæн кæмæ »раттон? Уæд паддзах йæ адæмы фæрсы: — Исчи ма уæ, ми’йй’аг, æддæ ис? — Адæм иууылдæр ам сты, æрмæст ма дæлæ хуыгæс й;æ хæдзары бады, æндæр. — Ацæут, ракæнут уый дæр, æмæ мæнæ йæ къæщзилтæ æрæмбырд кæна! Ньщцыдысты йæ»м, окодтой хуыгæсы дæр æмæ йæ æрбадын код- той æппæты дæлейæ. 365
Паддзахы чызг сгуы æмæ нуазæн ахаста, комкоммæ хуыгæсхмæ ба- цыд, радта йæм сæ æмæ йæ уæрагыл æрбадти. Паддзахыстоны адæм схор-хор кодтой: — Мæнæ диссаг, паддэахы чызг хуыгæсæй мой скодта. Паддзах йæ чызгимæ хыл кæны: — Мæ адæмæй хуыгæоæй хуыздæр никæй ссардтай?! — Цы кæныс, мæ фыд, мæн уымæн фæнды, æмæ уьгмæй мой кæньгн! Ныр авд æфсымæры хо паддзахы дæле бады, къулыбадæджы фырты базыдта æмæ йæ мидбылты худы. Къулыбадæджы фыртæн йæ фат æмæ йе ’рдын уыдысты къулыя ауыгъд. Райстой сæ æмæ сыл дис кæнынц: «Адон цы лæппу дардта, уый дæр зæххон гуырд уыди?!» Рæгъыл сæ рауагътой æмæ сæ кæрæ- дзийы къухæй исынц, æз дæр сæ фенон, зæгъгæ. Раввахс сты, хуыгæсы дарæс кæуыл уыд, уымæ дæр, æмæ фынгыл бадджытæм бадзырдта: — Æрисут-ма сæ, гормæттæ, æз дæр сæ фенон. Уæд æм дзурынц: — Æ, куьгдз, сыст æмæ фесæф ардыгæй! Дæ хуыты къæдзилтæ æмбырд кæн дæ усимæ, æндæр дæ 'Цы хъæуы! Нæ йæм сæ радтой. Ахастой сæ фæстæмæ æмæ сæ къулыл оауыгъ- той. Рауагътой та сæ ноджыдæр. Рахæццæ та сты хуыгæомæ, æмæ та сæм дзуры: — Æриоут-’ма сæ, гормæттæ, æз дæр сæ фенон. Цæмæй сын тæрсут?! — Раттут-ма йæм сæ, æмæ сæ фена, кæддæра сын цы кæнынмæ «хъавы. Иæ фат æмæ йе ’рдьгн йæ къухы куы бафтыдысты, уæд фæсагр- рæтт ласта æмæ авд æфсымæры хомæ дэуры: — Ардæм-ма рахиз, чызг, ныр ды! Хуыгæомæ дæр фæдзьгрдта: — Хуыгæс, ардæм-ма рацу æмæ мын мæ дарæс ралас! Рагæпп кодта хуыгæс, йæ сызгъæрин дарæс ын авæрдта, æмæ сæ лæппу йæ уæлæ акодта. Паддзахæн йæхи чызг дæр йæ цуры лæууы. Фат æмæ æрдын скъыбар-къыбур кодта, æмæ дзуры йе ’знæгтæм: — Сыстут уæлæмæ! Уыдон сыстадьгсты, æмæ сæ фæттæй тъæнджытæ байдыдта, амард- та сæ, йæхæдæг дыууæ чызджы ракодта æмæ авд æфсьгмæры хæдзар- мæ рафардæг ие. Уæдмæ йæ афæдзы бон дæр æрхæццæ. Авд æфсымæры хæдз^ры къæсæрæй бакастис. Кæсы, æмæ мæлич- чы фырты фынгыл радаргъ кодтой æмæ йæ ныртæккæ хъуамæ аргæвдой. 366
Уæд сыл къулыбадæджы фырт фæхъæр кодта: — Гъæ, бьгнбауинæгтæ, мæ хатырæй ма йæ иу къуыри уæддæр фæуагътаиккат! Мæличчы фырт йæ едзалæй фервæзт. Æхсæв-бонмæ сьгл авд æфсымæры фæцин кодтой. Дыккаг æхсæв куыннæ фæчындзæхсæвтæ кодтаиккой. Уый фæстæ Мæличчы фырт æмæ къулыбадæджы фырт сæ бæстæм рафардæг сты. Авд æфсымæры хойы мæличчы фырт рахаста, паддзахы чызджы та къулыбадавджы фырт. Афардæг сты сæ бæстæм, æмæ абон дæр цæрынц æмæ соод дæр. Ч&
К*^в*^«*^^ ХÆЛЫН БАРÆГ Царди æмæ уыди иу хъæздыг æлдар, æмæ йын зæнæг нæ цыди. Æлдарыл сагъæс стыхджын: «Кæмæн баззайдзысты мæ бирæ зæхх, мæ бирæ адæм. Уæдæ мæхи амарин цыргъагæй, æмæ худинаг у. Уæдæ нæ амарин, æмæ мын сагъæс мæ зæрдæ куы бахордта». Иу бон куы уыд, уæд æлдар йæхиуыл дуæрттæ сæхгæдта æмæ нал зьшы æддæмæ, мидæмæ дæр никæйуал уадзы йæхимæ. Æлдар офæнд кодта йæхи æххормагæй амарьгн. Иæ адæм сæхи хатæг скодтой æлдармæ, æлдары ус дæр лæгъстæ кæны, цæмæй æлдар афтæ ма æркæса йæхимæ, æвзæр зæрдæ ма рай- са. Фæлæ æлдар нæ тасы, хойраг нал исы йæ дзыхмæ, дон нал нуазы. Æхсин æнцад нал кæны, йæ сæры хицауы сæраппонд цæ бьгн нал хъарм кæны, катайыл сои. Куы нæ æмæ куы нæ касти æлдар коммæ, уæд æхсин арвыета уымæн йе ’рдхорд æлдармæ. Уый уайтагъддæр фæзынд хъæлæкк, фæлæ уымæн дæр ницы ком дæтты. Уавд æм æрдхорд æлдар дэуры: — Ме ’рдхорд, уьщы мард м,а акæн дæхи, — мьптагмæйы худинаг кæныс; кæд æмæ дын дæхи æнæ маргæ нал ис, кавд нæ рух«с дунейыл цæрьшæн «ницыуал бакæндзынæ, уæд баздæх æмæ лæджы мардæй -амæл, æлдары мардæй, хъазуатæй искуы хæсты быдыры. Мæ зæрдæхъыджы никуы бацыдтæ ныронг, ныр дæр мæ ныфс ис, æмæ нæ бацæудзынæ. Цом, дæ адæмы ракæн, æз дæр æд адæм, æмæ иокуыты рахæтæм. Аф- тæ дæр фæвæййы, чи зоны, æмæ искуы фæмард уай хæцгæ-хæцын. Æлдар йæ уазæджы коммæ бакаст. Дыууæ æрдхорд æлдары æд •адæм стæры афардæг сты. Цæуыиц, цæуыни;, æмæ иу быдырмæ баф- тыдысты. Хур сыл ньжкасти быдыры. Сæ сæрæн нал уыдысты æнæ до- нæй. Æмæ дыууæ æлдармæ ныхас æрцыд: — Фæпырх уæм ацы ран æмæ дон ращагурæм. Дон чи ссара, уый- иу топп фехсæд. Ахæлиу сты барджытæ, уæдæ цы уыдаид. Æнæзæнæг æлдар фæ- 368
цæуы, æмæ иу ран иу хъа’мылы цæст, стæй дзы хæрисы къудзи. Къу- дзийы бынæй згъоры хъуыр-хъуыргæнгæ рæсугъд оуадон. Æлдар бæ- хæй дæр нæма æрхызт, афтæ топп фехста, цæмæй адæм æрæмбырд уой дон нуазынмæ. Топп бæргæ фехста, фæлæ хорзау нал фæци æлдар. Топпы æхсты хæд фæдыл уайтагъд оуадоны раз фæзынд иу лæг; лæг суадоны дур цæппæрста, æмæ оуадон баоур и. — У-у, дæ хорзæхæй, цы бакодтай, æнæ донæй сæфæм бирæ адæм! — Æ/мæ ардæм куыд æрбафтыдыстут дæхæдæг дæр, дæ адæм дæр? Æлдар ын радзырдта йæ хъуыддаг. Уæд æм лæг дзуры: — Æз дæн Хæльгн Барæг, æмæ дæки мауал мар, фæлæ дзырд ба- кæнæм. Æртæ азмæ дын æртæ фырты райгуырид, иу мын дзы куы радтас, уæд. — Мæнæн ма зæнæг куы рацæуид, æмæ æртæ дæр дæу куы уаиккой! — Æртæ .мæ ницæмæн хъæуынц, фæлæ^иу дæ ма байрох уæд нæ дзьгрд; иу ахæмы дæм зывдзынæн. Уый адыл Хæлын Барæг суадонæй дур систа, æмæ та суадон ныц- цавта. Адæм алырдыгæй æмбырдтæ кæньинц, Хæлын Барæг цьгдæр æр- баци. Дыууæ æлдары æмæ сæ адæм хъамылы цæсты, хæрис къудзийы аууон сæ улæфт суагътой, дон банозтой. Уæд æнæзæнæг æлдар дзуры: — Ме ’рдхорд, аздæхæм фæстæмæ, фæрныг адæмæй.дæр алчи йæ хæдзар бацагурæд, — мæнмæ мæхи марыны фæнд нал ис. Хатыр дæ курын, зындзинады кæй бацьгдтæ мæн тыххæй. Арфæ дын кæньш дæхи- цæн дæр, дæ адæмæн дæр. Фæстæмæ сæ хæдзæрттæм аздæхтьгсты, уæдæ цы уыдаид. Æнæзæнæг æлдарæн æртæ азмæ æртæ фырты райгуырди. Цæрын- тæ байдыдтой, бахъомылтæ сты. Æлдары ныфс бащыди йæ зæнæгæй. Хъалæй та афтæ хъал сси, æмæ м.аргъ атæхын дæр нал уагъта йæ сæр- ты, йæ рæзты та —ащæуæг. Бирæ рацыдаид, чьюыл, чи у йæ зонæг, фæлæ иу ахæмы Хæлын Барæг фæзынд æлдары хъæумæ. Адæм бадынц ныхасы. — Уæ бон хорз! — Уазæг, æгас цу. — Исчи мьгн уæ хицон куы фæуид æлдары хæдзармæ. Фæлæ чи бауæндыдаид, калмы дзыхы йæ къух чи кæны! Ныхасы адæм, хистæрæй, кæстæрæй, уьщы ракæс-ба«æс фæкодтой кæрæдзимæ, фæлæ ничи хаста йæ ныфс уазæджимæ æлдары хæдзармæ хицонæн бащæуынмæ, — марынæй тарсти алчи дæр. Æмæ уæд æппьшфæстаг иу лæппу загъта: — Æлдар мæ уьгйнæфæлтау физонæг куы скæна, уæддæр мын 24 Ирон адæмы аргъæуттæ 369
уазавджимæ хицонæн æнæ бацæутæ «æй. Уый та куыд, æмæ æгас хъæуы сæ уазæгæн тæосæй иу хицон м<а разына! Лæппу бадзырдта æлдяры хæдзармæ. — Чи куыдз, Ч’И хæрæг æрбяуæндыд сонт-монты æлдары хæдзар- мæ афтæ æрбадзурьгн? Аргæвдут æй! Æлдары адæи рауадысты, фæлæ сæм лæппу фæцарæхст: — Тагъд ма бакæнут, æз уын никæдæм ялидздзынæн, фæлæ уал аелдарæн хъуыддаг бамбарын кæнут: зæгъут ьгн, уазæг дæ агуры, уа- зæг, Хæльга Барæг. Æлдар Хæлын Барæджы кой куы айхъуыста, уæд рарвыста, — лæппуйы дæр æмæ уазæджы дæр мидæмæ куыд бахоной. Стыр лæвæрттæ ражодта æлдар лæппуйæн. — Стыр бузныг дæ фæдæн, лæппу, дæ царды сæр кæй нæ райстай, æгъдау бæрзонддæр кæй скодтай, уазæджы кæй æрбакуыдтай йæ фы- сьшмæ. Рох мæ нæ уыдзæе дæ хъуыддаг. Æлдар уазæджы фырцинæй урс галтæ, урс уæрыччытау, аргæвста. Иннабонæй-иннабонмæ куывды фæбадт Хæлын Барæг æлдары хæ- дзары. Къуыри аивгъуыдта, афтæ Хæлын Барæг дзуры æлдарæн: — Иттæг хорз мæ сбуц кодтай, хуыздæр нал æмбæлы, афтæ. Фæ- лæ дьш æй цæмæн бамбæксон мæ цыды сæр! Кæрдзьгн хæрынмæ, ми- <нас кæньшмæ не ’рцыдтæн æз дæумæ. Фæлæ ма хъуыды кæндзьшæ, хæрис къудзийы раз, суадоны был куыд баныхас кодтам, уый; ныр сæххæст кæн дæ дзырд, ратт мын мæхион. — Рох мæ нæу мæ дзырд, æртæ фьгрты мын ис, æмæ дьш æртæйы дæр нæ бавгъау кæндзынæн. — Бахатыр кæн, дзырд мын кæй уыдтæ, уый мын ратт, дарддæр дæ ницæуыл дохмын, аннæтæ дын хайыр уæнт. Хъазæн лæгъзы сæхи ирхæфстой æлдары æртæ фырты. Хистæрмæ æрбасидьш кодта æлдар. Æлдары фыртæн хъуыддаг куы обæрæг, уæд фырт дзуры: — Уыйнæфæлтау уæ æгас биномтæй куы хæссид уазæг, ацы р.аи уæ æргæвдгæ куы кæнид, уæддæр къахдзæф нæ акæнин дæ уазæджимæ. Æрбаоидти дьжкаг фыртмæ, — уый дæр та йын хистæры дзуапп радта. Хъазæн лæгъзæй æрбасидти кæстæр фыртмæ. — Æппын мæ цыдæриддæр кæнай, æз дæ бар — хуьщау мæ дæуæн радта, æмæ мæ цы кæныс, уый мæ кæн, æз дын алырдæм дæр цæттæ. Фæлæ дæ æрмæст иу хъуыддаг курын: барæг куыд вæййы, æцæг ба- рæг, афтæ одæ сараз, оифтонг мæ кæн. Цæуылнæ сарæзтаид æлдар йæ хæрзæгъдау фырты! Арвуацилла- йы хуызæн тæмæнтæ калдта — уæ йæхæдæг, уæ йæ бæх æд фæлыст. Куы раст кодтой Хæльга Барæг æмæ æлдары кæстæр фырт, уæд лæппу асидт йæ дыууæ хистæр æфсымæрмæ æмæ сьга дзуры: 370
— Мæ хистæртæ, æз (цæуын, фæлæ цы æрцæудвæн, уый чи бязон- дзæн: хъуамæ сæрæга’сæй æрыздæхон мæ мад, \мæ фыды хæдзармæ, на- мæ иокуы байсæфон. Æ!мæ уæ, чи зоны, куы бафæнда, къуыддаг бам- барьш, — æгас дæн, ^мард дæн, уæд-иу афæдзы бон туас ряйсæд хистæр æмæ йæ йæ армы тъæпæиы ныззилæд: кæд дзы æхсыр схъара, уæд уын æгас дæн, кæд дзы туг схъара, уæд — мард. Хæрзбон загъта Хæлын Барæг æлдарæн, æлдары бинонтæн æмæ араст æлдары кæстæр фыртимæ. Цæуьгнтæ байдыдтой, цæуынтæ. Бирæ фæцыдыюты, чьгсыл, чи во- ны, фæлæ иу ран лæппу дзуры: — Хæлын Барæг, хæрьгн мæ «æй сфæнд кодтай, уьгй зонын, æмæ ма дæ ’курын иу хатьгр: асцы ран мæ (бахæр, >ме ’стæгдар мæ фыды бæс- тæм хæстæгдæр куыд уа, афтæ. — Лæппу, ма тæрс, стæй тагъд <ма кæн — бантæ бирæ сты, ирвæз- гæ дæр мын нæ акæндзынæ. Æмæ та уыйадыл цæуын байдыдтой сæ фæндагыл. Фæстагмæ хохрæбьгнмæ бахæодæ сты. Хохрæбын лæгæт. Æрхызтысты оæ бæхтæй, бафснайдтой сæ. Бацыдысты лæгæтмæ. — Ай дын мæ хæдз’ар, лæппу, — дзуры Хæлын Барæг. — Æрбад æмæ уал дæ улæфт суадз. Æз дæр дæм иуахæмы зындзьгнæн. Уыцы ныхæсты фæстæ Хæлын Барæг рацыд лæгæтæй, лæппуиу- нæгæй æрызад. Лæппу иæсы æмæ лæгæты бæрæг астæу агуат, аг- уаты стыр цæджджинаг; лæпæты къуымты сæры кæхцæй кæритæ. Æваст дзы иу сæры кæхц ратылд, лæппуйы раз æрлæууы æмæ дзуры: — Хорз ранмæ не ’рбафтыдтæ, лæппу, дæ адзалы фæндагыл ра- цыдтæ. Уыныс сæры кæхцытæ — уыдон иууылдæр уыдысты дæ хуызæн лæппутæ, æмæ сæ Хæлын Барæг бахордта. Дæ сæры кæвды дæр тй тагъд уырдæм хъæуы, фæлæ исты ам&л скæн фервæзьшæн. — Æмæ цы амал окæнон? — Мæ фæндмæ куы байхъусис, уæд фервæзис. • — Дзырд дьш дæттьш, цыдæриддæр >мьгн зæгъай, бакæндзы- нæн æй. — Уæдæ афтæ. Хæлын Барæг ацыди цуаны. Æхсæвæрмæ уый æр- хæсдзæн сау хъæдæй сæрджын саджы мард æд къала бæлас. Саджы мярд дын .кæндзæн дæ бар, фæлæ-иу ды -ма баком. Цуайнаджы йæ куы бафтауа, уæд æрбаддзæн лæгæты, ра-йсдзæн дыууæтæнон хъиофæн- дыр — хуыйы сæр, æмæ дæ кафын кæндзæн цæджджинаджы был- тыл. Ма-иу баком: цæджджинагмæ дæ фесхойдзæн, æмæ уым сфьщ- дзынæ. Уый фæстæ фыдтæ сисдзæн, саджы фыдтæ ахæсдзæн, фæлæ дын дæ фыд бахæрдзæн, дæ сæры кæхц дын махмæ фехсдзæн. Уыцы ран аннæ сæры къуылдыхтыл йæ дзыгъал-мыгъул ссæудзæн. Уьщы дзырдты фæстæ сæры кæхц батылд къуыммæ. 371
Æризæр. Хæлын Б.арæг саджы ;мард æрбахæссы йе ’ккой, æд къа- ла бæлас ’йæ фæдыл ласы. — Лæппу, .алæггад кæи, æз мæ фæллад суадзон. — Хæлын Барæг, æз нæма ярæхсын, дæхæдæг уал а изæр бакус, æмæ дæм куы бакæсон, уæд уьий фæстæ мæ бар уадз, дæ къух бакæнын дæ ницæмæуал бауадздзынæн. Цæджджинаг донæй байдзаг кодта Хæлын Барæг, саджы м<ард дзы бафтыдта, къала бæласæй бæгæны æхсидæн арт бандзæрста аджы бьш. Уалынмæ цæджджинаг райын байдыдта. Хæлын Барæг райста лæгæты къулæй хъисын фæндыр -æмæ æрцагъта хъисæрдынæй, йæхæдæг дзу- ры лæппумæ: — Мæ уазæджы ха,й, баздæх æмæ мын цæджджинаджы былтæм фæгæпп кæн æмæ йыл æртæ зылды æркæн, дæ арæхст, дæ цырддзинад мын равдис. — Зæрдиагæй ракафин, фæлæ æз никуыма ракафыдтæн æхсидгæ цæджджинаджы былтыл, уынгæ даер иикуьша фæкодтон. Ацы æхсæв уал дæхæдæг ракаф, уый фæстæ мæ бар уадз: æз дын кафдзынæн æ-мæ кафдзынæн. — Æмæ 1мын фæндырæй та чи ацæгъддзæн? <— загъта Хæлын Барæг. — Фæндырæй иу чысылтæ зонын, æмæ дьвд ацæгъддзынæн. Уый адыл лæппу фæндыр райста йæхимæ, баздыхта фæндыры къæбæлтæ æмæ дзы æрдьшæй æрцагъта. Хæлын Б’арæг цуайнаджы былмæ фæгæпп кодта, иу зылд æркодта æхсидгæ цæджджинаджы былтыл, дыккаг зылд куыд кодта, афтæ йæ фæсонтæ разылдта æлдары фыримæ. Лæппу фестад æмæ Хæлын Барæ- джы цуайнагмæ басхуыста. Бæргæ м-а хъавыди Хæлын Барæг уæлæмæ сгæпп !кæньгнмæ, фæлæ йæ лæппу нал суагъта цæджджинагæй. Æхсæвæр сфыхт. Æлдары |фырт саджы фыдтæ .ахицæн кодта Хæ- лын Барæджы фыдтæй. Саджы фыдтæй бахордта, Хæльш Б^арæджы фыдтæ акалдта. Æхсæвиуат бакодта лæгæты æлдары фырт. Райсомы йæм оæры кæхц лæгæты къуымæй ратылд æмæ та дзуры: — Фыдбылызæй фервæзтæ, де ’знагыл фæтьих дæ. Дæ а;монд дæ хæосы нырма. Фæлæ ’ма дын æз иу хъуыддаг амонын. Уæртæ уыцы дуар бакæн, уый фæстæ ис æхсыры цад, æхсыры цады фæстæ æвзист цад, уый фæстæ сызгъæрин цад. Баздæх æмæ æд бæх бацу уыцы дуа- рыл æмæ æртæ цады дæр иыннай дæхи дæр, дæ бæхы дæр. Кæй дын зæгъьгн, уый куы бакæнай, уæд сызгъæрин фестдзынæ. Стæй искуы амондыл 1куы фæхæст уай, фадаты 1куы бафтай, — уæд-иу мах дæр ацы ран 1ма байрох кæн. Уый фæстæ та сæры кæхц батылд къуыммæ. Æлдары фырт æд бæх цынадта йæхи, фьщцаджыдæр, æхсыры ца- 372
ды, стæй æвзист цады, уый фæстæ сызгъæрин цады, æмæ сызгъæри- нау сæрттывта йæхæдæг дæр æмæ йæ бæх дæр. Рацыд лæгæтæй. Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ æмæ æлдары хъæу- мæ бафтыд. Æрфысым кодта къулыбадæг усмæ. Æхсæвы уыцы ран фæци. Райсомæй хъусы, æмае хъæу циу, уымæй иууылдæр змæлæг сси. — Цавæр хабар у? — бафарста уазæг зæронд усы. — Æлдары чызг <абон мой æвзардзæн йæхицæн, æмæ дзыллæтæ æлдары кæртмæ æмбырд кæнынц; чызджы зæрдæмæ чи бацæуа адæ- мæй, уый рæхицæн сæры хицауæн саккаг кæндзæн. Æлдары фырт рацыд йæ фысьгмы дуармæ. Куыд уыдаид, чи зоны, фæлæ йæ мойæвзарæг чызг федта мæсыджы сæрæй. Федта йæ, æмæ цæмæ гæсгæ нæ бацыдаид йæ зæрдæмæ: арвы уациллайау уыцы æрттывд кодта. Æрæмбырд сты адæм, æрбадтысты фынгтыл, хæрынц, нуазынц. Уалынмæ æлдары чызг, йæ иу къухы сгуы, аннæйы нуазæн, афтæмæй рацæуы дзыллæйы æхсæн, алырдæм фæлгæсгæ. Уыцы каст фæкодта, фæлæ баздæхт фæстæмæ йæ фыд, йæ -мады размæ; нуазæн æмæ сгуы фынгыл ныццавта æмæ дзуры: — Адæм <ам куы нæ сты. Æлдар ’йæ хонджыты фæрсы: — Исчи ма уьш баззад æнæ хуьгндæй? — Ничи, не ’лдары хай, маргъ змæлæг дæр никуал баззад, адæм иууыл ам сты. Ис ма, æцæг, къулыбадæг уомæ иу уазæг, æмæ йæ мах уыйбæрц зæрдиагæй дæр нæ! агуырдтам, тыхст ыл нæ уыдзæн æхсин- чызг дæр. — Уайгæут æмæ йæ æрбахонут, ам куыд сæмбæла, афтæ, —дзырд радта æлдар. Хонджытæ æрбахуыдтой къулыбадæг усы хæдзарæй уазæджы, æрбадын æй кодтой, куыд зонут, <ахæм ран, æгад ран. Дыккаг хатт райста æхсин-чызг сгуы æмæ нуазæн, æмбырды адæ- мыл та æрзылд æмæ хай æд нуазæн уыцы уазæджы къухы скодта. Куыннæ ба-цин кодтаид æлдар. Чындзæхсæв оарæзта, урс галтæ дзы, урс уæрыччытау, аргæвстой. Нозт, алы хойраг. Иуæй-иу адæмы зæрдæмæ нæ бацыд чызг æмæ æлдары хъуыддаг, дзырдтой: «Къулыбадæг усы уаэæгмæ ацььд æлдары чызг! Æвæццæгæн, æндæр хуыздæр аккаг нæ уыд!» Бирæ .ацардаиккой, чысыл ацардаиккой ус æмæ лæгæй, чи зоны, фæлæ иу ахæмы сиахс дзуры: — Цуан рагæй нал акодтон, æмæ иу чысыл куы ахæтин, кæд исты сырдыл фæхæст уаин. — Фыд хъуаг куы нæ стæм, уæд каадæм цæуыс? — дзуры æлдар. — Æдзæугæ мын хос нæй, — æнкъард кæнын иу ран бадынæй, æгуыстæй, мæхи мæ аирхæфсын хъæуы иучысыл. 373
— Цæут, уæдæ, нæ лæппуимæ, æрмæст уæ ма байрох уæд: цуан кæнут Сау хохы, Урс кохмæ ма бацæуат: исты фыдбылызы бафт- дзыстут. Цуан кæнынц сиахс æмæ кайыс Сау хохы. Æгас бон изæрмæ ра- хæт-бахæт фæкодтой, фæлæ тæрхъус дæр нæ федтой. — Æппын цыдæриддæр уа, Урс хохмæ .мын æнæ бацæугæ нæй, — афтидæй ацæуинаг нæ дæн æз ардыгæй. Цом æмæ дзы цуан ракæ- нæм, — зæгъы æлдары сиахс. — Æз мæ фыды «ыхасы сæрты нæ ахиздзынæн; фæндараст, æз цæуьш нæ хæдзармæ, — загъта æлдары фырт. Уыйадыл дыууæ цуаноны фæхицæнтæ сты. Æлдары сиахс Урс хохмæ бацыд, уæдæ цы уыдаид. Фæцæуы Урс хохы, æмæ мæнæ йæ размæ иу урс хъуаз фæци. Лæппу йæ фехста, хъуазы мехъхъ фæцыд, æмæ фæлидзы уæртæ. Цуанон йæ фæдыл фæци. Кæсы, æмæ урс саджы фæдыл ног тугвæд. «Фæцæф и, — загъта цуанон йæхицæн, — «ыууадзæн мын æй нал ис арвы кæрон дæр». Цуанон уайы цæф сырды фæд-фæд. Уайынц, уайьшц цуанон æ>мæ хъуаз, фæуадысты æгас æхсæв. Цуанон-иу куы æрьшцад йæ фæллад уадзынмæ, уæд-иу цæф хъуаз дæр кæрдæгыл æрхуыссыд. Дыккаг бон изæрмæ дæр фезгъордтой. Æризæр, афтæ иу обаумæ балæццæ сты. Цæф хъуаз, туджы фæд гæнгæ, обауы дуар фегом кодта æмæ мидæгæй фæци. Æлдары фырт дæр -ай-уый нал, фæлæ йæ фæдыл обауы бын балæууыд. Балæууыд, уæдæ цы уыдаид, фæлæ дуарæй бахизгæйæ джихтыл фæци. Уый хуызæн диссаг никуыма федта æлдары фырт. Уат стыр уат, йæ къултæ сыгъдæг айдæн, йæ цар дæр афтæ. Уаты — къæлæтджын бадæнтæ. Иу рага дзы æрбадт, æмæ, ды-н, мæнæ къулæй йæ размæ тас æмæ хъуывгъан разылдысты, ноджы хисæрфæн кæлмæрзæн. Цæхсадта йæхи, æмæ та уальшмæ кæлмæрзæн, хъуывгъан æмæ тас азылдтой сæхи æмæ цыдæр æрбаисты. Бады æмæ æнхъæлмæ кæсы æлдары фырт, кæддæра цы уаид, зæгъгæ. Уальшмæ айдæн къултæй иуы дуар байгом и. Дуарæй æрбахызт иу чызг. Æлдары фырт æй куы федта, уæд ма йæ чысыл бахъуыд бауа- дзыгмæ, афтæ рæсугъд, афтæ хæрзконд, хæрзаив уыдис уыцы чызг. — Уазæг, æгас цу! Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста? — фæрсы чызг. — Урс хохы хъуаз фæцæф кодтон æмæ йæ тугвæдыл ардæм æр- бафтыдтæн, — дзуапп радта лæппу. — Хорз фæцæф и дæ фехстæй. Уый дæр хорз, фæлæ уал æрбадæм, исты бахæрæм, уый фæстæ бон цæуы, æмæ фарн хæссы — кæд тас нæ уаид дæ сырдæн дæр. 374
Æруагътой сæхи къæлæтджыныл, уæдæ цы уыдаид, æмæ цæсты фæныкъуылдмæ сæ размæ разылд тымбыл фынг, алы хæрд, алы нозт йæ уæлæ. Куыннæ бахордтамккой, куыннæ банызтаиккой. Хæрд фесты, афтæ та фы1нг азылд æмæ цыдæр æрбаци. — Уазæг, цæй æмæ ныр фæсхæрд, фæснозт къамæй ахъазæм, рæс- тæг цьгбыр кæнæм, — дзуры чызг. — Ахъазæм, — загъта лæппу дæр. — Куы мæ амбулай къамæй, уæд уый зон, æмæ дæ хъул сах абадт — хуьщау мæ дæуæн сныв кодта. Намæ, æвæдза, æмбылды фæ- дæ, уæд уый зон, æмæ æнамонды къак æрбавæрдтай айдæнкъул уат- мæ тугвæдыл: цавддур дæ фестын кæндзынæн мæ нымæтын ехсæй; кæ- сыс, дæлæ уьщы дурты хуызæн, — уыдон дæр иууылдæр дæу хуызæн лæппутæ уыдысты. Æлдары фырт бакаст чызгмæ æмæ дзуры: — Мæ амонд бавзарон æз дæр, — хъазын домæ; цы абада, уый абадæд! •Байдыдтой къамæй хъазын, уæдæ цы уыдаад. Хъазынц, хъазынц, аэмæ æлдары фырт æмбылды бынаты бяззад. Чызг фелвæста нымæтын ехс æмæ йæ цавддур фестын кодта. — Уый уал дзы дæуæн, æлдары фырт! Лæппуйы кайыс — æлдар, йæ куырд ус, æлдары адæм сау дарын байдыдтой, сиахс Урс хохæй куы нал æрыздæхт, уæд. Бонтæ цыдысты, мæйтæ ивгъуыдтой; афæдзы бон дæр ралæууыд. Куы нæуал зывди æлдарьг кæстæр фырт, уæд хæдзары бинонтæ сагъæ- сы бацыдысты. Æфсьвмæрты хистæр райста туас, йæ а.рмы тъæпæны йæ ацавта, æмæ дзы уайтагъд туг схъардта. — Ме ’фсымæр кæмдæр (байсæфт, — сдзырдта лæппу. — Æз цæуын йæ агурæг, кæд ма йьш иокуы йæ м.ард уæддæр соарин. Барæвдз кодта йæхи балцмæ. Араст йæ хæдзарæй. Цæуынтæ бай- дыдта, цæуынтæ, йе ’фсымæры фæд бæрæг дардта: æкснарцъы æрзади йæ фæд-фæд. Бирæ фæцыд, чысыл фæцыд, хуъщау йæ зонæг, фæлæ йæ æхснарцъыйы таг æмраст Хæльин Б^рæджы лæгæтмæ бахаста. Æрынцад лæгæты, афтæ йæм сæры кæщ ратылд æмæ дзуры: — Цы дын загътон, уый цæуылнæ сæххæст кодтай — дæ хуызы ма куы дæ? — Бахатыр кæн, байрох мæсты, радзур мын сæ ноджыдæр. — Уæртæ уыцы дуары фæстæ æртæ цады: æхсыры цад, æвзист цад æмæ сызгъæрин цад, уырдæм бацу æмæ дзы дæхи æд бæх цьгнай — сьгзгъæринæй сæрттивдзынæ дæхæдæг дæр, дæ бæх дæр. Æлдары хистæр фырт цьшадта йæхи дæр, йæ бæхы дæр, амыад ын куыд уыди, афтæ, æмæ сызгъæринау сæрттывта æд бæх. 375
Цæуы, цæуы, æхснарцъы йын фæндаг аманы. Уальшмæ æлдары хъæумæ баввахс. Адæмæй йæ чи федта, уыдон æлдармæ дардмæ хæр- зæггурæггæгтæ згъордтой: — Æлдар, æлдар, де ’зæд, де ’зæд, дæ фарны стаон! Дæ сиахс фæ- зьлнд æмæ дæм æрбацæуы, сызгъæринæй уыцы æрттывд кæны. Урс галтæ, урс уæрыччытау, æргæвды æлдар; оæ саударын цинмæ раивтой. Бон изæрмæ сæ хъазт æ<мæ сæ зарынæй нæ банцадысты. Æризæр, уæдæ цы уыдаид. Æлдары чызг хуыссæн æркодта уаты. Уымæй афтæ, æмæ йæ сæры хвдау фæзывди: æлдары фырттæй чи кæцы уыди, уый ничи равзæр- стаид. Лæппу хъуыддагмæ куы æркаст, уæд бамбæрста, йæ разы йæ чындз каай уыди, уый. Баздæхт æмæ ньгмæт зæххы æрытыдта, йæ ны- вæрзæн саргъ бакодта æмæ æрхуыссыди уыцы ран. — Æнæхъæн а/фæдз дæм æнхъæлмæ куы фæкастæн, мæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты, уæд дæ куыссæны цæуылнæ схуыссыс, зæххы цæмæн батылдтæ? — Ахсæв мын <нæй маахи хуыссæнмæ æруадзæн, исты фыдбылызы бафтдзæн мæ оæр дæр æмæ дæу сæр дæр. Чызг æхсæв бонмæ йæ хуыссæны кæуынæй нæ банцад. Лæппу райсомæй раджы йæ бæхыл сбадт æмæ та <цæуынтæ бай- дыдта æхснæрщъыйы фæдыл. Бахæццæ обаумæ, æрхызт йæ бæхæй, бацыд айдæнкъул уатмæ. Цæхсадта йæхи, афтæ йæм хæдзары хицау чызг рацыд. Иæ уьгндæй уа- зæджы сæр разылд, гуыпп-гуыпп кæнын байдыдта йæ зæрдæ. Æгасцæуайтæ загъта чьгзг уазæгæн. Æрбадтысты. Сæ размæ та ра- зылд æртæкъакыг фынг æд хæрд, æд нозт. Куы бахордтой, куы баноз- той, уæд та чызг дзуры: — Къамæй ’ахъазæм. Байдыдтой хъазын. Чызг æй амбылдта. Уазæг та нымæтыи ехсы цæфæй цавд-дур фестад йе ’фсьшæры раз. Афæдз та ацыди. Астæуыккаг æфсымæр туас ныззылдта йæ армы тъæпæны. Туг схъардта армы тъæпæнæй. — Байсæфтысты мæ мадызæнæг кæмдæр æщæгæлон бæсты, — загъ- та æлдары фырт. — Фырсагъæсæй, фырмæтæй мæ мад æмæ мæ фыд бартхутæг уыдзысты. Кæнæ уыдонæй «иу хабар ма баодбарон, кæнæ бынтон æз дæр уыдонау <ма байсæфон — æндæр амал нæй. Зæрдæтæ бавæрдта йæ зæронд иыййарджытæн æмæ та араст уый дæр балцы йе '.фсымæрты агурæг. Цæуы, цæуы, æхснарцъы йын фæндаг амоны. Хæлын Барæджы лæгæты та уымæн дæр сæры къуылдых афтæ: — Дис мæм кæсы, — кæй дын загътон, уый не ’ххæст кæныс æр- тыикаг х.атт. 376
— Бахатыр кæн, зæрдылдараг нæ дæн, байрах мæ сты дæ ны- хæстæ. — Фæстаг хатт дын зæгъьш: дæхи цынай æд бæх уæртæ уыцы дуа- ры фæстæ æртæ цады, æмæ сызгъæринæй рацæудзьшæ æд бæх. Æмæ дын фæдзæхсын ноджы: афтæ нæ вæййы, миййаг искуы дæ бон; куы фæ- хуыздæр уа, уæд-иу мах дæр ацы ран м<а ферох кæн. Фæлæ уый дæр зон, æмæ дьин цыппæрæм хатт ницыуал бацамондзынæн: хуыцауæй мæм дзырд нæй. Фæндараст у. Æлдары фырт æртæ цады йæхи цынадта æд бæх æмæ сызгъæри- нау сæрттывта. Араст кодта дарддæр, æхшарцъы йын фæндаг амоны. Цæуы, цæуы, æмæ та уый дæр æлдары хъæумæ баввахс æхснарцъымæ гæсгæ. Фехъусын та кодтой æлдарæн. Стыр куывд та окæны æлдар. Æризæр, афтæ та æлдары чызг уазæгæн хуыссæн бакодта йæхи уа- ты. Æлдары фырт бамбæрста йæ чындзы хабар, сласта йе ’хсаргард æмæ 1Йæ чындзæй йæхи æхсæн æрæвæрдта. — Куыддæр .мыл дæ буар æрбаныдзæва, афтæ дын мæнæй пайда нал мс — амæлдзынæн, — зæгъы лæппу чызгæн. Чызг та бирæ цæссыг фæкалдта йæ хуыосæны. Бон цъæх кæны, афтæ лæппу араст и балцы. Бахæццæ обаумæ. Кæсы æмæ æхснарцъы дарддæр нал зайы, ацы ран фесæфт. «Ме ’фсымæртыл цы æрцыди, уый сыл ацы ра« æрцыди, — загъта лæппу. — Цы уа, уый уæд, фæстæмæ здæхæн нал ис!» Æрхызт йæ бæхæй, бæхбæттæныл æй бабаста. Бацыд айдæнкъул- джьгн уатмæ. Тас æмæ хъуывгъан февзæрдысты. Цæхсадта йæхи. Уа- льшмæ та фыдæбоны рæсугъд рацыд. Æрбадтысты æмæ та бæрæг фынг оæ разы фестад. Хæрды фæстæ та байдайынц къамæй хъазын. Хъа- зынц, хъазынц, æмæ рæсугъд чызг фембылд и. — Хуыцауы «алат, уымæй дын нæ уыдзæн! Тагъд, мæ дыууæ æф- сымæры мын, на-мæ дæ <марын1 — зæгъы лæппу. — Тас нæу дæ дыууæ æфсьшæрæн дæр. Мæнæ дын нымæтын ехс, æрцæв сæ уымæй, æмæ куыд уыдысты, афтæ фестдзысты. Лæппу райста ехс, æрцавта дзы цавддуртæ, æмæ йæ дыууæ æф- сымæры цард-барæгæй йæ разы фестадысты. Чысыл нæ фæцинтæ кодтой æфсымæртæ. Уый фæстæ нымæтын ех- сæй байдыдтой кусын. Цавд-дуртæ иууылдæр адæм фестадысты. Уæд æртæ æфсымæры дзурынц: — Хæдзар уæ кæмæн ис, йæ хæстæг, йе ’ввахсы уæ чи хъуыды кæны, уыдон сæ хæдзæрттæ фæрнæй агурæнт, аннæтæ нæ фæдыл ра- цæуæнт, м«ах сын цæрæнвадæттæ ссардзыстæм. Чызджы хæзна рахастой, рахастой чызгæн йæхи дæр æмæ рацы- дысты æлдары хъæумæ. Æлдармæ фæхабар кодтой йæ адæм: — Æлдар, æлдар, де ’зæд, де ’зæд, дæ фарны стæн, нæ хъæумæ æфсад æрбацæуы, зæхх сæ нæ уромы, уыйбæрц æфсад. 377
Æлдар æмæ йæ адæм катайыл сьгсты, лидзытшæ рахъавынц сæ къæуæй, фæлæ ма кæдæм лидзой лидзгæ дæр? Æфсæдты раззаг хай хъæугæронмæ куы æрбахæццæ сты. Уалынмæ, дын, кæсьшц, æмæ дзыл- лæйы разæй æрбацæуынц æртæ барæджы, æртæ дæр сызгъæрииау æрт- тивьгнц. Æлдармæ та фæхабар кодтой: — Тæссагæй дзы ницы ис: утæппæт дзыллæты разæй æрбадæуы де ’оиахс дыууæ йæхи æмхуызонимæ. Æлдар суазæг кодта дзыллæйы, бацин сыл кодта. Æризæр, афтæ æлдары чызджы уаты хуыосыди йæ сæры хицау, æлдары фырт. Дызæрдыг кæны йе ’фоиныл, кæд, миййаог, ивддзаджы иу хуьюсæнуатмæ æрцыди йе ’фсымæртимæ. Иæ хуьгсты кой кæны, æмæ йæм ус æввахс нæ цæуы. — Цæуылнæ æруадзыс дæхи! — дзуры йæм лæппу. — Уæдæ мьш цы кæнай, — дыууæ афæдзы мæм дыууæ хатты фæ- зындтæ æмæ фыццаг хатт дæ нымæтыл схуьгссыдтæ, шæ хатт дæ кард æрæвæрдтай не ’хсæн, ныр мæм хæстæг мауал цу. — Уыдон мæ дыууæ æфсымæры уыдысты, дæ тиутæ. Æмæ йын уьгй фæдьгл æлдары фырт йæ хъуыддæгтæ радзырдта. Райсомæй æлдары æртæ фырты, дыууæ усы æмæ адæм сæ фæндаг ракодтой Хæлын Барæджы лæгæтыл. Уьщы ран ньшæтьш ексæй райгас кодтой, стæпдарæй цы ссардтой, уьгдон иууылдæр. Змæлæг сси лæгæты алфамбылай. Уьгдон æппæт, кæддæр Хæлын Барæг кæй бахордта, уы- цы адæм уыдысты. Дыууæ дихы фесты, стæгдартæй цы адæм равзæрд, уыдон. Иæ хæ- дзар ма кæмæн лæууыд йæ зæрдыл, уыдон ацыдысты сæхимæ, аннæтæ араст сты æлдары æртæ фыртимæ. Иу -афон æрхæццæ сты æлдары æртæ фырты сæхæдзармæ. Дзылт лæйæн цæрæн бьгнæттæ ба-цамыдтой. Сæ мады зæронд æмæ сæ фьгды зæронды нымæтын ехсæй æрцавтой, æмæ чызг-ус æмæ ног хъуынтæ уадзæг лæппу фестадысты. Æлдар урс галтæ урс уæрыччытау ньищаагъдьгн кодта, чындзæхсæв сарæзта. Дзыллæ иннабонæй-иннабонмæ минас фæкодтой, фæхъазы- дысты.
к?^***^**^^ САРТЫ ФЫРТ Сартæн йæ фыццаг усæй райгуырдис дыууæ фырты, дыккагæй та иу фырт. Иуахæмы фыццаг усы фырттæ æрбацыдысты сæ фыдмæ æмæ йын загътой: ■— Дада, мах фæнды балцы ахæтын. — Æмæ цы кæны, — загъта Сарт. — Рæгъаумæ ацæут, бæхтæ дзы равзарут уæхицæн. Дыууæ æфсымæры бæхтæ равзæрстой, уæдæ цы уыдамд, æмæ бал- цы афардæг сты. Цæуьштæ систой, цæуьштæ. Бирæ фæцыдьюты, чьгсьгл фæцыдысты* чи йæ зоны. Бафтыдысты иу суадонмæ; уый та уыди ахæм суадон, æмæ йæм згъæлыд алы дыргъы мыггаг, ноджы дзы адæймаг нуазынæй не ’фсæст. Фæстæмæ раздæхтысты фыццаг усы фырттæ æмæ дзурынц сæ фы- дæн: — Дада, ахæм суадон дьгн осардтам, ахæм, æмæ дзы адæймаг нуазынæй нæ бафоæддзæн, стæй йæм алы дыргъы мыггаг згъæлы. — Уый мььн сымах арын «æ хъæуы, — загъта Сарт, — уый мæ зы- мæгон дыргъбæласдон уыди, фæлæ ма уагæры мæ сæрдыгон дыргъбæ- ласдонмæ куы бахæццæ уыдаиккат! Иу къорд азы фæстæ рахъомыл кæстæр æфсымæр, Сартæи йæ дык- каг усæй гуырд. Фæхъомыл, уæдæ куыд уыдаид, — æмæ та иуахæмы уый дæр бащыд Сартмæ æмæ дзуры: — Дада, фæнды мæ, балцы куы ахæтин! — Чи æмбæлы, ахæм хъуыддаг у, — загъта зæронд Сарт. — Рæгъаумæ фæцу æмæ дзы равзар, цыхуызæн дæ хъæуы, ахæм бæх. Лæппу сæ хæдзарæй айста идон æмæ рæгъаумæ араст. Иæхицæн бæх |фæ*цагуырдта, фæлæ ’бæхтæй иу дæр йæ зæрдæмæ нæ бацыд æмæ æрбаздæхти фæста&мæ. 379.
— Дада, >нæ рæгъаумæ фæцыдтæн, уьщы рауын-бауын фæкодтон нæ бæхты, æмæ дзы мæ аккаг бæх нæ разынд, — уыцы бæхтæй бæхыл дын æз къæсæрæй дуармæ дæр нæ ацæудзынæн, балцы нæ, фæлæ. — Сæрæй мын мæхи бæх ягурыс, лæппу? Цы кæны, — уый дæр бæззы. Цæугæ, дæлæ скъæты мидæг фаджысы йæ дыууæ хъусмæ афар- дæг и мæ саргъыбæх. Чи зоны, уый дæ зæрдæмæ фæцæуа. Лæппу скъæтæй бæх раласта, хорз æй цынадта, саргъ ыл сæвæрд- та æмæ, Сарты размæ бацæугæйæ, загъта: — Дада, уæдæ хæцæнгæрзтæй де ’вæрæнты æппын куыд ницы ра- зындзæн! — Хæцæнгæрзтæ дæр мæм цæуылнæ уыди! Ацы сахат дæр ма дæ- лæ уазæгдоны .къултыл дзедзыкка кæнынц. Ацу æмæ сæ райс. Лæппу Сарты хæцæнгæрзтæй æрбацарæзта йæхи æмæ дзуры: — Хæрзбон, дада! — Фæндараст, — загъта Сарт. — Фæлæ дæ бæхыл та куыд сбад- дзынæ, бадын ^куы нæ уадзы йæхиуыл. — Куыд ыл-иу сбадтæ, уæдæ, дæхæдæг? — бафарста йæ лæппу. — Уымæй мæ куы бафæрсай, уæд дьгн æз радзурдзынæн: æз-иу æй куы ныггæрæхтæ кодтон, уæд-иу мæ армытъæпæнæй чъепс фес- хъиудта, бæхы агъды фарсæй та —мæгуыр лæгæн дыууæ æрчъихор. Стæй-иу æм фæстæрдыгæй багæпп кодтон æмæ-иу саргъы гоппыл фæ- хæст дæн. Авд зылды-иу æркодтон мæсыджы алыварс, уый фæстæ иу афардæг дæн, арвау нæргæ, калмау æхситгæнлæ. Лæппу дæр йæ фьдды бафæзмыдта, йæ фыды бæхы æрцавта, æмæ лæппуйы армытъæпæнæй чъепс фесхъиудта, бæхы агъды фароæй та— мæгуыр лæгæн дыууæ æрчъихор. Уьгцы иу сæррæттæй бадт бафæрæзта бæхыл, авд хатты æрзылд мæсыджы алыварс, стæй арвау нæргæ, кал- мау къуыззштæнгæ, афардæг балцы. Бирæ фæцыдаид, чысыл фæцыдаид, чи йæ зоны, фаапæ Сарты фырт бакæццæ иу мæсыгмæ. Алырдæм сьгзгъæринау æрттывта мæсыг, йæ цъупп арвыл æмбæлд. Мæсыджы *раз лæппу æрхызт йæ бæхæй; саргъ йæ нывæрзæн бакодта, нььмæт йæ уæлæ, афтæмæй æрфыиæй мæсыджы рæбын. Райсом куы райхъа^т, уæд æм мæсыгæй ракаст иу зæронд лæг. — Дæ райсом хорз уа, дада! — дзуры йæм Сарты фырт. — Дæ дада дын бафсæдæд дæ хурæй, — за^гъта зæронд лæг. — Дада, абонæй фæстæмæ ды — мæ фыд, æз та — дæ фырт, — дзуры та лæппу. — Уæдæ мидæмæ рацу, — загъта зæранд. Цæрынтæ байдыдта лæппу мæсыджы. Бирæ дзы фæцарди, чысыл дзы фæцарди, чи зоны, фæлæ иу бон йæ кæнгæ фыдмæ дзуры: — Дада, дæ мæсыджы сæрæй куы акæсин. 380
— Æмæ кæд схæццæ уыдзынæ мæсыджы сæрмæ? Æнæхъæн <афæдзмæ дæр æм не ’схиздзынæ! — Дада, уый сæрæй куы нæ ракæсон, уæд æндæр амал нæ уы- дзæн! — Хорз уæдæ, кæд æм уыйбæрц бæллыс, уæд, — æмæ лæппуйæн хæрьшæн адджын, хæссьгнæн рог, ахæм хæринæгтæ афæдзваг срæвдз кодта. Сарты фырт райспа йæ фæндаггаг æмæ араст мæсыджы сæрмæ. Иудзæвгар куы суади, уæд хæринæгтæ аппæрста æмæ уадидæгæн мæ- сыджы цъуппыл фестади. Мæсыджы сæр фестад Сарты фырт, уæдæ цы уыдаид, æмæ фæлгæ- сынтæ байдыдта алырдæм. Каесы, æмæ цыппар мæсыджы æрбахъазыд лæппуйы цæстытыл: иу дзы — сызгъæрин мæсыг, аннæ — урс, æртык- каг — сырх, цыппæрæм — сау мæсыг. Сызгъæрин мæсыджы алфамбылай быру лæджы сæртæй, — быру ма иу сæр хъуаг. Сарты фырт фæстæмæ æрыздæхт мæсыджы сæрæй, уæдæ цы уы- даид: мæсыджы сæр дæр бирæ цы фæстиат кодтаид! — Нæ дын дзырдтон, мæсыджы сæрмæ не ’схæццæ уыдзынæ, зæгъгæ! — загъта лæппуйæн йæ кæнгæ фыд. — Дада, ды «хæццæ» зæгъыс, фæлæ æз мæсыджы сæр дæр уыд- тæн, стæй ма фæстæмæ дæр æрыздæхтæн, — загъта Сарты фырт. — Бауыр’нинаг ныхас нæу дæ нцхас, лæппу, — загъта зæронд. — Куыд хъуа-мæ сфæрæзтаис мæсыгæн йæ сæрмæ? Фæшæ дæ дзуаппы æцæлдзинад сбæлвырд кæнын афтæ зын хъуыддаг нæу мæнæн, — уæдæ ;ма ацы зæронд цæмæн бадæн! Зæгъ-ма мын уæдæ, кæд дæхицæй не ’ппæлыс, уæд, — мæсыджы сæрæй акастæ? — Акастæн, дада! — Уаадæ дзы исты федтаис, — дзуры зæронд. — Федтон! — загъта лæппу. — Æмæ дзы уыцы цъусдуг цы федтаис? — Цы федтаисæй мæ куы бафæрсай, уæд дьгн уымæн дзуапп рат- дзынæн, — загъта Сарты фырт. — Дзургæ, æз дæумæ хъусьш, — загъта зæронд. — Мæсыджы сæрæй а,рвы цыпп-ар «къабазыл мæ цæст куы ахас- тон, уæд мæм æрбазынди цыппар мæсыджы: иу дзы сызгъæрин, ан- нæ — урс, иннæ — сырх, фæстаг та — сау мæсыг. Сызгъæрин мæсы- джы алыварс быру лæджы оæртæй, æрмæст ма у иу сæр хъуаг. Цавæр мæсыг у, дада, уыцы мæсыг? — Дада дæ нывонд фæуæд! Уый у дыууадæс æфсымæры мæсыг. Уыдонæн ис хо — дунейы рæсугъд, дунейы фадауц. Алы бæстæй алы сгуыхт адæм цæуьшц дунеты рæсугъдмæ курæг; ныхас æрцæуы кур- джыты æмæ дыууадæс æфсымæры астæу; бафвдауынц, фæлæ сæ фи- 381
дыд ницæуыл баззайы: ирæдыл фехæлы сæ дзырд, æмæ усгурæн йæ сæр ралыг кæнынц. — Мæ фыд Сартæн нæ райгуьирдтæн, æз дæр æм курæг куы нæ бавзарон, — загъта лæппу. — Дзæгъæл фæнд окодтай, — дзуры зæронд. — Сæ быру ма сæр хъуаг у <æмæ сæххæст уыдзæн де ’намонд сæрæй. — Цыдæриддæр уа, уæддæр мын (мæ амонд æнæ бавзаргæ нæй, — загъта лæппу. — Кæд дьбн нал ис æдзæугæ, — дзуры зæранд, — уæд фæндараст! Æ’рмæст сæм куы бахæцдæ уай, уæд-иу бадзур сæ мад æмæ сæ фыды номæй: «Уæ, Хъæхæр! Уæ, Хъæхæрман! Æз уæ хистæртæй дæр цыппа- ры уазæг, уæ кæстæртæй дæр цыппары уазæг!» Стæй м»а дæ кæд исты амонд уа, уæд дæ удæгасæй .ауадздзысты. Сарты фьгрт араст сызгъæрин мæсылмæ. Бирæ зынтæ бавзæрста фæндагыл, фæлæ уаеддæр вæ ныууагъта йæ цыд, æмæ иу изæр бахæццæ дыууадæс æфсымæры мæсыгмæ. Æрхызт æмæ дзуры ми- дæмæ: — Уæ, Хъæхæр! Уæ, Хъæхæрман! Æз цыппары уазæг уæ хистæр- тæй, стæй уæ кæстæртæй дæр цыппары уазæг. Хъæхæр æмæ Хъæхæрман рауадысты уазæджы дзурынмæ, бахуыд- той йæ ’мидæмæ æмæ йæ фæрсынц: — Уазæг, цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста а бæстæм? Сарты сахъ фырт бамбарын кодта дыууæ зæроедæн йæ цыды сæр. — Чызджы æфсьмæртæ дыууадæсæй дæр сты цуаны; багæдзæ сæм кæн: тагъд сæ ардæм хъæуы. Æмæ кæд ирæдыл бафидауат, уæд ахæс- дзыиæ чызджы, кæннод дын дæ сæр ралыг кæндзьгсты. Бады сызгъæрин мæсыджы Сарты фьирт, уæдæ цы уыдаид. Хъæ- хæр æмæ йæ Хъæхæрман ныхæстыл дарынц. Уалынмæ дыууадæс æф- сымæры дæр æрбацыдысты цуанæй. — Хæстæгæн уæ агурын мæхицæн, — дзуры Сарты фырт дыууа- дæс æфсымæрмæ. — Аккаг мын скæнут уæ иунæг хойы. — Кæд «ын ирæд бафидын бафæразай, уæд разы стæм, — хайыр дын уæд нæ иунæг хо, — загъта æфсьгмæрты хистæр. — Зæгъут мын уæ ирæд! — дзуры Са.рты фьгрт. — Чи зоны, æмæ йын кæд исты фæрæз ссарин. — Ай дьгн нæ ирæд: нæ дыууадæс æфсы-мæрæй йлкæмæн дæр хъуа- мæ бафидай оæдæ сæдæ алы маргъы мыггагæй; сæдæ сæдæ алы фосы мыггагæй; сæдæ сæдæ алы сырды мыггагæй. Æвæдза, уыдон бафидын нæ бафæрæзтай, уæд дын ралыг кæидзьгстæм дæ сæр æмæ дзы сæххæст кæндзыстæм нæ быру — иу сæр хъуаг ма у. — Разы дæн ирæдыл, — загъта Сарты фырт, — фæлæ мьгн бон æмгъуыд •раттут. Бон æмгъуыд ьгн радтой æфсымæртæ, уæдæ цы уьгдаид. 382
Сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй Сарты хъæбатыр фырт фæстæмæ æрцыди йæ фысыммæ. Радзырдта зæрондæн йæ фидыды хъуыддаг. — Мæ уазæджы хай, сырд æмæ дæ маргъыл нæ бауадздзынæн стыхсьгн: цас бахъæуа, уыйас дын осардзынæн, фæ^лæ дын фос не ’ссар- дзынæн, — загъта зæронд. — Арфæгонд у, мæ фыды хай; мæнæн мæ зындæр ссарæн сырд æмæ маргъ уыдысты. Фосыл дзурын дæр нæ хъæуы: нæ ирæдæн цы ба- хъæуа фосæй, уый зынгæ дæр нæ фæкæндзæн мæ фыды рæгъæуттыл. Лæппу фæцыди сæх1И бæстæм, равзæрста фос ирæдæн Сарты рæгъæуттæй æмæ сæ раскъæрдта йæ кæнгæ фыдмæ. — Мæ уазæджы хай, дæ хъуыддаг, æвæццæгæн, барæвдз уы- дзæн, — загъта йын зæронд. — Мæнæ дын <адон дыууæ уадындзы. Ахæос сæ быдырмæ; быдыры жггæу сæ уасын байдай, æмæ дæм алыр- дыгæй алыхуызон сырд æмæ м*аргъ зындзысты дæ размæ. Уьщы ран-иу, дæ ирæдæн дæ цæйбæрц хъæуы, уыйбæрц фæкъорд кæн сырдтæй, мæргътæй æмæ сæ-иу дæ кайыстæм балæууын кæн. Сарты фырт зæрондæй райста дыууæ уадындзы. Уасын байдыдта быдыры астæу, æмæ азмæлæнтæ нал уыди лæппуйы алфамбылай, уый- бæрц æрæмбырд уадындзты хъæрмæ маргъ æмæ сырд. Фосæй, маргъæй, сырдæй Сарты фырт, щас æмбæлди, уьгйас балæу- уын кодта дыууадæс æфсымæры галуанты. — Ай уын уæ ирæд, — загъта Сарты фырт, æмæ та изæрæй ссыди й.æ фысыммæ, зæронд лæгмæ. Уæд æм райсом æрбайхъуыст: — Персы паддзах дын батых кодта дæ кайыстæн — сæ рæгъау сын фæтæры! Уыцы рæвдзæй Сарты фырт тæргæ бæхæй фæцæуы фæдисы. Уай- гæ-уайын сызгъæрин мæсыджы рæзты цыд фæци æмæ ауыдта дыууа- дæс æфсьшæры хойы, йæ куырд чызджы, æмæ йæм дзуры: — Мæ фæстæмæ æрбацæуынмæ мын зæлдаг ехс куы нæ сбийай,' уæд мын додой дæ къона, — мæнæ дæ ады сæртыл байуардзынæн. Уайынтæ байдыдта Оарты фырт, уайынтæ. Бирæ фæуад, чысыл фæ- уад тæргæ бæхæй, чи йæ зоны, фæлæ Персы æфсæдты баййæфта. Уы- дон дыууадæс дихæй дыууадæс раны æрынцадысты, дыууадæс арты бандзæрстой æмæ зарынæй нал æнцайынц. Æгад йæ сæрмæ не ’рхæсдзæн Сарты сахъ фырт! Дыууадæс раны дыууадæс арты бандзæрста уый дæр. Дыууадæс физонæджы уæхсты дыууадæс арты фарсмæ æрсадзы æмæ куы сæ иу- мæ бауайы, куы сæ аннæмæ, афтæмæй сыл радæй зилы, йæ цæст сæм дары, бур-буридæй сæ фыцы. Уæд Персы паддзах дзуры: — Марадзут-ма! Цавæр адæм сты, уый бæрæг æрбахæссут: хæ- цæг сты, æви фæндаггон? 383
Æфсадæй иу араст Сарты фырты бынатмæ, æркаст уымæн йæ хъуыддапмæ, систа йын, цыдæриддæр кодта, уьгдон хуыз æмæ баздæхт паддзахмæ. — Паддзæхты паддзах, — вагъта æфсæддон, — ахæм диссаджы лæг йикуьша федтон! Дыууадæс р.аны дыууадæс арты бандзæрста, дыууадæс физонæджы сарæзта æмæ се ’ппæтмæ дæр арæхсы. Фæлæ дзы тæосагæй ницы ис: зыбыты иунæг у. — Ацу æм,æ йæ æрбакон ардæм, — загъта п-аддзæхты паддзах. Паддзахæй æрвыст æфсæддон бацыди фæдисанмæ, Сарты фыртмæ, æмæ йæм дзуры: — Паддзæхты паддзах мæ рарвыста дæумæ: ардæм хæстæг æрын- цад .æд æфсæдтæ æмæ дæ хоны йæхимæ. — Æз дæн фæндаггон адæймаг, — загъта Сарты фырт, æмæ мын кæд дæ паддзах исты аргъ скæндзæн — йæ фосыкондæй мын кæд æм- бæлæггаг бахай кæндзæн, уæд æм бацæудзынæн. Æфсæддон бахаста Сарты фырты ныхæстæ Персы паддзахмæ. — Ацу æмæ йæ ракæн! — загъта паддзæкты паддзах. Æ|фсæддонæн Сарты фырт радта ахæм дзуапп: — Кæд мьгн дæ паддзах йæ фосьгконды æмбис ратдзæн, уæд æм фæцæудзынæн. — Паддзæхты паддзах, дæ фосæн йæ æмбис куры фæндаггон, — радзьгрдта та æфсæддон. — Цæугæ æрбахон æй, — бафæдзæхста паддзах, кæй та арвыста, уьгмæн. — Кæд мын дæ паддзах йæ фосыконд ратдзæн иууылдæр, уæд хорз, кæннод æм райсом мæхæдæг зындзьгнæн. Паддзæхты паддзак нал арвыста фæндаггонмæ, фæлæ йаам касти æнхъæлмæ боны цъæхтыл. Сарты хъæбатыр фырт райсомæй фæрсы йæ бæхы: — Цæй-ма, мæ фыды бæх, дæ сæр мæ бахъуыдис, схæцынмæ хъа- вын Персы паддзахы æфсæдтимæ, æмæ мын цæмæй зæрдæ бавæ- ринаг дæ? — Цыппар дихы фæкæндзынæн æз Персы æфсæдты — загъта бæх, — æмæ дзы иу хай ныццæгъддзьшæн зæвæтæй. — Ды та, мæ фыды хъыримаг? — Æртæ цьшпæрæмхайæ æз дæр мæ бар кæнын иу хай, — дзуры хъыримаг. — Мæ дамбаца, ды та мьгн цы зæгъинаг дæ? — Æз дæр дын æфсады цыпгтæрæм хай кæнын ме *вджид, иу лæ- джы хуызæн сæ фендзьгнæн, — загъта дамбаца. — Хорз фæуæд, дзуры лæппу, — æфсæдтæй æртæ цыппæрæмхайы цагъд æрцæудзысты мæ бæх, мæ хъыримаг топп, мæ дамбацайы руа- 384
джы, фæлæ ма æфсæдтæй базз-айдзæн уæддæр иу цыппæрæмхай, уы- мæн та ма уæд цы сараздзынæн? — Ау, æмæ дæ æз байрох дæн? — дзуры йæм æхсаргард. Сарты фырт æдæрсгæ сбадти йæ фыды сау бæхыл. Бараст и уьгцы ифтонгæй Персы æфсæдтæм, дæрддзæфæй сæм дзуры: — Паддзæхты паддзах, мæ фос мын дæттынмæ хъавыс æви нæ? — Нæ кæсут хæххон дзигломæ! Куыд уæндыс мемæ, паддзæхты паддзахимæ, ахæм дзыкæй дзурын? — бамæсты Персы паддзах. — Фыдбылыз скæнын мæ чæ фæнды, æнцад-æнцойæ бафида- уæм, кæннод уын хуыздæр нæ фæуыдзæн, ницы пайда фæкæндзыстут,— загъта Сарты фырт. — Æз кæмæй фæтæрсон, тасы фæндагыл мæ конд фосæй хай кæ- мæн саккаг кæнон, ахæм адæймаг зæххыл нæй, — загъта Персы пад- дзах. — Уыди, æцæг иу лæг — Сарт, мæнæн-иу чи батых кодта. Фæлæ уый ныр ныххæррæгъ, уымæй тас нал у. Зæнæг ьгн рацыд йæ фьщцаг усæй, æмæ уыдон ницæйаг сты, дыккаг усæй йьгн цы лæппу райгуырди, уьшæн та нырма йæ хъуымыз йæ донгæмттæй кæлы. — Уæдæ уыдæттæй дæхицæн зæрдæ ма бавæр! Æз дæв Сарты фырт, дæуæн-иу тых чи кодта, уый фырт, гуы-ргæ та йын ракодтон, мæ мад мæ фыдыстæн, йæ дыккаг усæй, æмæ бæрæг уыдзæн, кæддæра нæ фос чи кæмæй фæкæнид! Хæстыл ныллæууыди Сарты фырт Персы паддзакы æфсæдтимæ. Хæцынтæ байдыдтой, хæцьгнтæ. Хорз сархайдтой уыцы бон Сарты бæх æмæ йæ хæцæнгæрзтæ Сарты фырты къухы. Мæрдтæй нал уыди азмæлæнтæ. Персы фæоивæд мæрдтæм ба- цыдысты Сарты фырты къухæй. Персы паддзахæн та ралыг кодта йæ дыууæ цонджы, бабаста йын сæ йæ бæхы саргъыл. Рахъæр кодта бæх рæгъæуттыл æмæ сæ æрбалæууын кодта сызгъæрин мæсыджы раз. Хæс- тæг нæ бацыд Сарты фырт йæ кайысты хæдзармæ. Дунейы рæсугъд касти уыцы афон сызгъæрин мæсыгæй, æмæ Пер- сы паддзахы цæнгтæ ауыгъдæй куы федта, ноджы куы федта сæ бæх- рæгъау, уæд бадзырдта йе ’фсьимæртæм: — Мæнæ уын уе ’сиахс уæ бæхрæгъау раздæхта. Дыууадæс æфськмæры бауырныдта сæ хойы дзырд, уæдæ цы уы- даид! Уыдон федтой сæхи цæстытæй Персы паддзакы цæнгтæ æмæ сæ рæгъау дæр. Арвыстой хонæг Сарты фыотмæ: — Рацу æмæ нæм бафысым кæн, дæ бинойнаджы дæр ахæсс, — къуылымпыйагæй дзы ницыуал ис хъуыддаджы, ирæд дæр фыст фæци. — Нæ, уый Сарты фыртæн сæрмæ бахæссинаг хъуыддаг нæу! Æз ардьггæй уагъд ус куы нæ хæссьш. Нæ бæсты мæнæн ис хæшар, æмгар æмæ хæстæджытæ. Уыдон зæрдæмæ мын цы хъуыддаг нæ бацæуа, æф- сæрмы цы хъуыддагæй фæуон, худинаг цы хъуыддагæй фæуон мæхæ- 25 Ирон адæмы аргъæуттæ 38^
дæг дæр, мæ хæдзар, мæ мыггаг, нæ хъæубæстæ — æз ахæм хъуыддаг нæ сараздзынæн. Дунейы рæсугъды æфсымæртæ ма цы загътаиккой! Сарты фырт сæ хæдзарæй рараст чындзхæосæг хъæубæсты æвзар- гæ фæсивæдимæ. Чындзæхсæв цæуылнæ скодтаиккой, æгъдау цæуылнæ раттаиккой уазджытæн дыууадæс æфсымæры сæ сызгъæрин мæсыджы. Чындзхæсджытæ рахастой дунейы рæсугъды. Фæндагыл Сарты фырт хæрзбон загъта, арфæ ракодта йæ кæнгæ фыдæн, æмæ уыйадыл араст сты Сарты хæдзармæ. Бирæ фыдæбæтты фæстæ æрхæццæ сты сæхимæ. Сарт бьгнтон ног фестад, йæ фырты фенгæйæ. Цæрынтæ байдыдта Сарты фырт дунейы рæсугъдимæ. Бирæ фæ- цардаиккой, чысыл фæщардаиккой, чи зоны! Бахæлæг кодтой дыууæ хистæр æфсымæры сæ кæстæр æфсымæрмæ, хардзау сæм æркасти. Уæд иу бон дзурынц сæ кæстæр æфсымæрмæ: — Цом æмæ балцы ахæтæм. Сарты кæстæр фырт сразы æмæ дунейы рæсугъды йæ цæгатмæ арвыста. Æфсымæртæ байдыдтой балцмæ еæхи рæвдз кæнын. Куы ба- рæвдз сты, уæд иу бон сбадтысты сæ бæхтыл æмæ араст сты Сарты хъал фырттæ балцы. Цæуынц, цæуынц æмæ иукъорд мæйы фæстæ бафтыдысты иу тар хъæдмæ. Дыууæ хистæр æфсымæры бафæлмæцыдысты, дарддæр цæуы- 1нæн нал уыдысты. Кæстæр сын уыцы ран халагъуд ацарæзта, сырдтæ сьш амардта. Сæхимæ базылдысты, сæ фæллад су.агътой. Са-рты кæс- тæр фырт йæ хистæр æфсьгмæрты уыцы ран фæуагъта, йæхæдæг араст и дарддæр. Бирæ фæцыд, чысыл фæцыд, мах нæхи уымæн тæрхонгæнæг не ’скæндзыстæм, фæлæ бахæццæ иу урс мæсыгмæ: мæсыг мигъ бон хуры хуызæн рухс дардта. Уалынмæ уьщы цæугæ-цæуын кæсы, æмæ иу уæл- хæдзар «у ус æлвисы. Ус дæр ауыдта барæджы, уæдæ цы уыдаид! Æрæппæрста æлхуи æмæ дзуры Сарты фыртмæ: — Сæппар ма мын ме ’лхуи, æмæ дæ мæхицæн мой скæнон! — Æмæ дæхи мой та уæд кæм ис? Æз уый агурæг куы раохыд- тæн, — загъта барæг. — Мæ мойæ та цы кæныс? — дзуры ус. — Уый дын ракæндзæн дæ дыууæ цонджы, дæ саргъыл дын сæ уыцы хуызæнæй арвитдзæн дæ мадмæ. — Æркæси’наг хъуыддаг у уый, — дзуры лæппу. — Раст у, ай-гъай! Фæлæ йæм кæсгæ кæнай, нæ кæнай, уæддæр дын уый бацамондзæн. Сарты фырт фæмæсты, фелвæста æлхуи, уыцы иу æхст æй фæкод- та æмæ дзы усы æфсæры къæдз сдавта. 386
— Дæ туг фæкалай, гъе, кæд цæй зыввытт фæластан, — загъ- та ус. Сарты фьгрт араст уырдыгæй æмæ бахæццæ сырх мæсыгмæ. Каесы æмæ уым дæр иу ус æлвисьг. — Барæг, ме ’лхуи мын сæппар, æмæ дæ мæхицæн мой скæнон. — Æмæ дæхи мой кæм ис, æз уьгй куы агурьгн? — Мæ мойы кой куы нæ кæнис, кæннод дын дæ фæрстæ ныммур кæндзæн. — Уый дæр фенд зоны, — загъта Сартьг фьгрт. Уыйадыл фæлæ- бурдта æлхуимæ, фехста йæ, æмæ дзы усы дæндæгтæй дыууадæс баз- гъæлди. — Дæ бур рандз фæкалинаг, мæлæты цæлхъхъытæ нæ кæныс! Араст та уырдыгæй дæр Сарты фьгрт æмæ бацьгди сау мæсыгмæ. Каасы æмæ уæлхæдзар уым дæр ус æлвисы, æмæ барæджы куы ауыдта, уæд æм хъæр кæны: — Дæлæ ма мьш ме ’лхуи сис, æмæ дæ æз мæхицæн мой скæнон. — Æмæ уæд дæхи мой щы дæлдзæх æрбаци, æз уый агурæг куы рараст дæн нæ хæдзарæй? — Дæ хæдзар сарæзтай, кæд мæ мойы агурæг дæ, уæд. Куыддæр дыл йæ цæст æрхæца, афтæ дын дæ рæсугъд хæрзконд бæрзæй асæт- дзæн. — Чи нæ кæй бæрзæй асæтдзæн, уый лæппутæ фендзысты, — загъта Сарты фырт æмæ ацьгди дарддæр. Цæуынтæ байдыдта, цæуьгнтæ æмæ бахæццæ иу хидыхъуомæ. Хиды бын æрбаста йæ бæх æмæ байдыдта æнхъæлмæ кæсын. Æрæхсæв. Æхсæв дæр ахæм нæ уыд, ахæм, æмæ цæсты къух куы фæцавтаис, уæд нæ фæзындаид. Уальшмæ æвиппайды мæйдар æхсæв ныррухс и бонау, æмæ урс хмæсыджы уæйыг мæнæ æрбэдæуы. Хидыхъусмæ куы æрбаввакс уæйыг, уæд <йæ бæх ныххуыррытт ласьг. — Дæ бындар. ф^æуай, кæд цæмæй тæрсыс! Иунæг знаг нын уьгди Сарт, æмæ базæронд; йæ фьгццаг усьг фырттæ ницæйаг сты, дыкк-аг усæй гуьгрд та йьга ньпрма æнахъом у. — Мæнæ дын Сартьг æнахъом фырт, мæ фьгдьг стæн! — загъта лæгшу. Æмæ уыйадыл хидьг бьшæй ратæпп кодта æмæ урс уæйыджи- мæ хъæбысæй хъæбьюмæ фестьг. Цæйбæрц ахæцыдаиккой, чи зоньг, фæлæ Сарты фырт урс уæйы- джьг æрбырста æмæ йьгн альгг кодта йæ авд сæрьг. Дыккаг æхсæв Сарты фьгрт амардта сьгрх мæсьпджы цæрæг уæйы- джьг, æртыккаг æхсæв та сау мæсыджы цæрæг уæйыджы. Йæ разæй рахъæр кодта Сартьг фырт æртæ уæйыджы бæхтыл, ра- цыди æртæ мæсыгыл æмæ уырдыгæй ракодта уæйгуыты æртæ идæдз усы. 387
Цæуынтæ байдыдта фæстæмæ, уæдæ цы уыдаид, æмæ иу къорд мæйы фæстæ æрбахæццæ йæ дыууæ хистæр æфсымæрмæ. Бацин кодтой æфсьгмæртæ кæрæдзиуыл, уæдæ цы уыдаад. Кæс- тæр баздæхт æмæ æртæ идæдзæй хистæр æфсымæрæн ралæвар кодта сау мæсыджы цæрæг сау уæйыджы усы, астæуыккагæн — сырх мæсы- джы бадæг сырх уæйыджы усы, урс уæйыджы усы та ныууагъта йæхи номыл. Хуыздæр нал хъуыд, афтæ цæрынтæ байдыдтой Сарты æртæ фыр- ты сау хъæды астæу æд устытæ. Кæстæр æфсымæр цуан кæнгæ, æмæ сæ сырды фыдæй хаста. Фыдбылыз сæ зæрды сæвзæрди хистæр дыууæ æфсымæрæн. — Цы саразæм йæ фесафынæн? — загъта хистæр æфсызмæр. — Лæгæй-лæгмæ йын ницы бафæраздзыстæм: амардзæн нæ. Фæлæ афтæ бакæнæм. Саджы мард æрхæсдзæн а изæр. Æмæ сырдщ марды уæнгтæ кæнынмæ куы бавнала, уæд нæ кæстæр æфсымæры кард нæ къухы цæ- мæй бафта, ууыл хъæудзæн бацархайын: иу цыргъаг дæр ын нæ лыг кæны йæ буар, йæхи кард куы нæ уа, уæд. Æфсон-иу окæн: «Мæ кард хæлд у», зæгъгæ. Мæнæн та мæ карды фындз саст разындзæн. Уæд нæм йæ кард ратдзæн. Саджы мард æрхаста Сарты кæстæр фырт. Хистæр æфсымæртæ февнæлдтой æмæ саджы царм астыгътой. Æвæдза йæ уæнгтæ кæнын- мæ бавнæлдтой, афтæ хистæр дзуры: — Мæ карды фындз саст у, — амæй ницы бакæндзынæн. — Мæ кардæн та йæ ком фехæлд, уæрдонвæндаджы хуызæн оси, саджы фыд нæ, фæлæ нас дæр нæ алыг кæндзæн. — Гъа, мæнæ мæ кардæй бацархайут, — загъта кæстæр æфсымæр. Дыууæ хистæры баздæхтысты æ’мæ сæ кæстæрæн йæхн кардæй йæ зæнгтæ -алыг кодтой. — Хуыцаумæ уын æбуалгъ ми фæкæсæд! — фæхъæр ласта Сарты фырт. — Уæдæ мын мæ хæрзтæ цæмæй бафыстаиккат! Стæй дзуры йæ усмæ: — Цæугæ Хъæхæр æмæ Хъæхæрманы хæдзармæ; уым ис не ’фсин, æмæ иумæ дзыназут. Æз ардылæй фæцæуинаг нал дæн. Бирæ нал фæ- хъизæмар кæндзынæн, бирæгътæ мæ уæддæр хæрдзысты. Сау хъæды æнæ къæхтæй баззади Сарты кæстæр фырт, хистæр дыууæ æфсымæры афардæг сты сæ хæдз.армæ æмæ сæ фыдæн радзырд- той, дæ кæстæр фырт фæндагыл амард, зæгъгæ. Уæд йæ урс зачъетæм баздæхт Сарт æмæ оæ ныттыдта, къобола лæдзæг райста æмæ дзы йæ зæронд сæр фæхоста. Сау хъæды астæу мæгуыры бонтæ халагъуды æрвиты Сарты фырт. Цæуынæн нал у, — цуаны нал цæуы, фæлæ йæм Сырдтæ сæхуыдтæг цæуынц, æмæ уыдон руаджы ирвæзы йæ уд. Уæд иу бон кæсы, æмæ иу лæг æрцэеуы, бæлæстыл йæхи хойгæ. 388
— Уый та цы дæ, цавæр дæ? — дзуры йæм Сарты фырт. — Куырм лæг дæн, — загъта. — Сæрæндæр фæдæн ме ’фсымæр- тæй, æмæ мын мæ цæстытæ скъахтой. Уæд ын Сарты фырт дæр ракодта йæ хъаст, йæ маст, æмæ бацар- дысты иумæ. Цæдисæмбæлттæ скодтой æмæ сæхи дарын байдыдтой фæндæй: æнæкъæхтæ-иу сбадти куырмыл, æмæ афтæмæй цыдысты цуаны. Иу къорд боны фæстæ та Сарты фырт кæсы, æмæ иу лæг саг ра- суры, йæ рагъмæ йьш багæпп ласы æмæ йæм дæндагæй фæлæбуры., — Æмæ уæд ды та цавæр дæ? — хъæр æм кæны Сарты фырт хала- гъудæй. Уый йæм дзуры фæстæмæ: — Æз та æнæцæнгтæ лæг. Сæрæндæр уыдтæн ме ’фсымæртæй, æмæ ’мьш уьгй тыххæй мæ цæнгтæ ракодтой. — Уæдæ ды дæр мæ хуызæн æнамонд! Рацу ардæм æмæ иумæ æрвитæм нæ бонтæ, — загъта Сарты фырт. Уырдыгæй фæстæмæ æртæ уæнгхъуагæн сæ цард зына-нæзына фæрæвдздæр; Сарты фырт-иу куы куырмыл, куы æнæцонгыл сбадт, æмæ-иу уьщы хуызæнæй радыгай цуан кодтой. Иу бон, дын, куырм дæр æмæ æнæцонг дæр нал разы кодтой бы- наты баззайыныл: тæрсгæ кодтой цæмæйдæр. Æмæ уæд Сарты фырт бынаты баззад. Куырм æнæцонгыл сбадт, æмæ цуаны афардæг сты. Бадынтæ байдыдта Сарты фырт арты фарсмæ, уæдæ цы уыдаид. Фыдтæ аджы дзаг бафтыдта, æмæ фыцынц уæларт, — уæдæ цы ба- хæрай дыууæ цуаноны, куы æрбаздæхой, уæд! Сихормæ æввахс уыдаид. Сарты фырт кæоы, æмæ зæххы бынæй иу ус фæзынди; фьщгæ агмæ баласта йæхи æмæ фыдтæм февналы. — Цы кæныс, цавæр дæ? — дзуры йæм Сарты фырт. — Гормон, æз мæнæ æрдæгмард адæймаг, уæлæмæ сыстынæн куы нæ дæн. Уæртæ дын фыд, æмæ дæхицæн физонæг скæн, кæд афтæ сæххормаг дæ, уæд! — Уымæй фылдæр куы нæ дзурис, — загъта ус. — Уый зон, æмæ æз тыкгæнæг дæн, æмæ дæ аджы фыдтæ дæр мæн куы сты æмæ дæхæ- дæг дæр мæн куы дæ. — Уæдæ æз та ахуыр куы дæн тыхтæнджытæн афтæ кæнын, — загъта Сарты фырт æмæ усы рацахста æмæ йæ бæласыл сауыгъта йæ деыккутæй. Куы æризæр, уæд цуанонтæ æрцыдысты. Сарты фырт сæм дзуры: —■ Уæртæ уьш уый та уæ хæйрæджы хай — нæ халагъуды лæууын кæмæй нæ уæндыдыстут, уый. Куырм æмæ йыл æнæцонг сæхи уыцы иу цæф нылластой æмæ йæ жъабæзтæ кæнынмæ куыд хъавыдысты, афтæ сæм ус сдзырдта: — Маргæ мæ ма акæнут, æмæ уын æз феххуыс уыдзынæн. Куы 389
■мæ суадзат, уæд уæ æз сдзæбæх кæвдзынæн, уæ мад уæ цыма ныййард- та, уьшау. Усы суагътой, уæдæ цы уыдаид! Уæд ус загъта: — Мæнæ радыгай гæпп кæнут мæ дзыхмæ, æмæ уæ чи цы хъуаг у, уьгмæй сæххæст уыдзæн, фæстæмæ æнæ аиппæй рацæудзæн. Куырм багæпп ласта уоы дзыхы æмæ фæстæмæ цæстджынæй ра- хуызт. Æнæцæнгтæ дæр уый уæлвæд афтæ бакодта, æмæ уый дæр цонг- джьбн сси. — Хъусут, — загъта Сарты фырт, — мæн куы .аныхъуыра, уæд мæ нал раппардз’æн фæстæмæ. Æмæ-иу æй уæд акъæртт кæнут. Усы хъæлæсы багæпп ласта, фæлæ йæ ус фæстæмæ нал æппары аамæ нал. Дыууæ лæджы йæм фæлæбурдтой, айгæрстой усы хуылф æмæ дзы цардæгасæй райстой Сарты фырты. Уæд усы сæр йæ гуырæй фæхицæн æмæ халагъуды фæсдуар дæлдзæхмæ ныттылди. — Æппьш ацы усы сæр кæдæм афардæг, уый куы нæ сбæрæг кæ- нон, уæд нæ ныууадздзынæн, — загъта Сарты фырт. — Мæнæ уын бæн- дæн, ауадзут мæ дæлдзæхмæ, æмæ бæндæн куы нал æххæсса, уæд-иу æй фæлыг кæнут. Ауагътой дæлдзæхмæ Сарты фырты æмæ бæндæн куы нал æххæст, уæд æй алыг кодтой. Лæппу дæшдзæх иу уæлхæдзары сæрмæ ныххауд- та. Хъусы, æмæ хæдзарæй кæуын цæуы. Сарты фырт бацыд мидæмæ æмæ дзы æртæ чызджы баййæфта иæугæйæ. — Цæуыл кæут? — дзуры сæм. — Нæ мад, — зæгъынц, — уæлдзæхæй æрцыди æмæ нæ искæй хйердзæни. — Уый та куыд? — ныддис кодта Сарты фырт. — Мах бирæ хотæ уыдыстæм. Æмæ уæлдзæхæй куы æрыздæхы, уæд «æ иугай хæры, — загътой чызджытæ. — Æмæ уæм уæд цæвæнгарзæй ницы ис? — бафарста сæ лæппу. — Иу дуарæхгæнæн къозола нæм ис. Сарты фырт райста дуарæхгæнæн къозола, бадыд усмæ æмæ йын йæ сæр ныкъупп кодта. Цотхор ус бауадзыг. Уæд Сарты фырт схъæр кодта уæлдзæхмæ æмæ йæм бæндæн рауагътой. Сарты фырт баздæхт, аэмæ æртæ чызгæй разæй схизын кодта хистæры, уый фæстæ астæуык- каджы, кæстæр баззад сæ фæстæ. Уьгй уыди хотæн сæ рæсугъддæр. — Ды схиз разæй, — дзуры чызг Сарты фыртмæ, — кæннод дæ фæсайдзьгсты. — Ау, уый та куыд? Уый мæ чи фехъуса, уый та мьгн цы зæгъ- дзæн? Кæстæр чызджы куыд фæцæйластой, афтæ дзуры лæппумæ: — Чи зоны, миййаг дæ куы ныууадзой, уæд хæдзары фæсдуар 390
фьгр, «ьгцдаев ыл-иу дæхи æмæ кæд йæ рахиз сьжъайыл фæхæцай, уæд дæ уæлдзæхмæ фехсдзæн, кæд æмæ галиу сыкъайыл фæхæст уай, уæд та дæ фехсдзæн «авд дæлдзæхмæ. Чызджы куы слястой дыууæ æмбалы, уæд фæндаг сæхгæдтой ду- рæй, къæйæ. Лæппу хъуыддаг куы бамбæрста, уæд базгъордта хæдзары фæс- дуадомæ; фæлæбурдта фырмæ æмæ йьгн йæ галиу сыкъайыл фæхæст: Сарты фырты авд дæлдзæхмæ фехста фыр. Авд дæлдзæхы лæппу æрхаудта иу бæласы раз. Кæсы, æмæ бæла- сы саикомы — хæдзар: хæдзары бады æртæ чызджы. Чызджытæ куы кæугæ кодтой, куы та худгæ. — Цæуыл ’кæут? — бафарста сæ лæппу. — Ныртæккæ нæ залиаг калм хæргæ кæндзæн, — загътой чыз- джытæ. — Кæуылты æрбацæудзæн калм? Чызджытæ бацамыдтой фæндаг. Залиаг калм куыд æрбацæйцыди, афтæ йæм Сарты фырт алæбурд- та, æхсаргардæй йæ окæрдæнтæ кодта æмæ дзьг обæуттæ самадта. Уый фæстæ чызджытимæ сбадт æмæ ныхас кæнынц. Дзурынц, уæ- дæ цы уыдаид. Уалынмæ тынг дымгæ ракодта, ахæм дымгæ, æмæ бæ- лазстæ æд уидæгтæ фæлдæхта. — Уый та цавæр дьгмлæ уа? — бафарста Сарты фырт. — Уый нæ мад уæларв Куырдалæгонмæ уыди кæрц кæрдынмæ, ныр фæстæмæ æртæхы: уымæн йæ базырты фæйлауын у. Уый фæстæ ньгккалдта ахæм уарьш, æмæ бæетæ ласта. — Æмæ уæм уæд уаргæ та афтæ фæкæны? — бафарста лæппу. — Æгас æнхъæл нал у нæ мад йæ чызджытæн æмæ ныл кæуы. Уый нæ мады цæссыгæй култæ-култæ кæны бæстæ. Стæй та ахæм хур ныккаст, ахæм, æмæ цæгæр сæр тъæппытæ хаудта. — Ау, æмæ уæм хур афтæ фæкæсы? — Уый хур нæу, нæ ирвæзынгæнæг! Нæ мад бамбæрста, мах æнæ зиамæй кæй баззадыстæм, æмæ ныл цин кæны: уый нæ мады цин у. Тагъд æй ардæм хъæуы. Фæлæ дын иу хъуыддаг з^æогъдзыстæм: нæ мад дæ уыцы хуызæнæй ацы ран куы æрбаййафа, уæд дæ фырцинæй ахæр- дзæн. Фæлæ уал дæ мах иокуы бафæсвæд кæяæм, цалынмæ нæ мад йæхи уагъгл æруа, уальшмæ. Æ/мæ Сарты фырты ба^фæсвæд кодтой. Сæ мад æрбахæццæ æмæ чызджыты фæрсы: — Чи уæ фервæзын кодта калмæй? — Нæ ирваэзы’нгæнæджы равдисдзыстæм, фæлæ уал ньгн де ’нæ- ном хойæ басомы кæн, куыд ын ницы зиан скæндзынæ, уьгй тыххæй. Мад басомы кодта, æмæ йæм чызджьгтæ лæппуйы равдыстой. 391
Цинтæ байдыдта мад Оарты фыртыл, зæххыл дæр æй нал уагъта. Цæрьгн систой лæппу, мад æмæ æртæ чызджы, уæдæ цы уыдаид. Цас фæцардаиккой уыцы ран, чи зоны, фæлæ та иу ахæмы Сарты фырт уырдыгæй дæр дæлдзæхмæ цæфтыд. Дæлдзæх хъæуы, куыд вæййы, аф- тæ — хæдзæрттæ, бæстыхæйттæ дзы. Лæппу къулыбадæг уоы хæдзары фысьгммæ ныллæууыди. Къулы- бадæг ус арьгнг уæлгоммæ æрфæлдæхта, сасир къулæй райста, ссад балуæрста, стæй иучысыл алæууыд æмæ ныссагъæс кодта: — Ныр цы чындæуа? — Цæмæй зæгъыс, цы сагъæс кæныс? — Куыд вдæ сагъæс кæнон? Кæфхъуындар нын нæ доныл æрбадт æмæ нын дзы хæосын нал уадзы. — Æри-ма дæ къæртатæ, æз, дон кæм уа, уырдыгæй йæ æрбахæс- дзынæн. Къæртатæ айста, донмæ ацыд æмæ дон систа. — Уый дын дæ уазæджы хатыр, — загъта Кэефхъуындар. — Къорд хатыртæ нæм уыдзæн, — дзуры йæм лæппу. Уыйадыл къæртатæ донæй сæ тæккæ дзаг, афтæмæй сæ къулыбадæг усы хæдза- ры балæууын кодта. Каафхъуындар не ’суæндыд Сарты фыртæн тызмæг ныкас зæгъьгн: тæрсгæ дзы кодта. Къулыбадæг ус та æнгуырстаны дзагæй донæй хуынтæ æршггын байдыдта йæ хъæубæстæн. Дыккаг хатт дæр та схаста дон Сарты фырт. Уæд иу бон кæсы, æмæ къулыбадæг ус рудэгуытæ æхгæнын систа. — Цы ми кæныс? — бафарста йæ лæппу. — Уæртæ ма иунæг чызг баззад не ’лдарæн, æмæ та уый дæр хъалонæн фæласы Кæфхъуьгндарæн. — Стæ, мæн ауадз! — фæхъæр ласта лæппу æмæ уьщы иу гæпп ра- кодта хæдзарæй. Æлдары бæхдæрæджы иуварс аппæрста æмæ уый бæсты сбадт уæрдоны. Чызг æмæ Сарты фырт бамæцдæ сты донмæ. Лæппу дзуры Кэефхъуындармæ: — Рацу æмæ дæ хъалон айс! — Уьгм æй æрæвæр, — дзуры Кæфхъуындар. — Ард дæ къонайы! Рацу, кæниодæ чызг мæ фæдыл цæуы фæс- тæмæ, — дзуры йæм Сарты фырт. Уæд Кæфхъуындар йæ сæр радардта æмæ йын æй лæппу æхсар- гардæй атæхын кодта. — Чи дæ? — бафарста чызг Сарты фырты. — Мæгуыр лæг дæн мæхицæн, — дзуры лæппу. Чызг фæцæрдæг æмæ Сарты фырты къухдарæнæй ныццавта, лæп- пуйы ныхыл дамгъæ абадт. 392
— Уьщы дамгъæйæ дæ уæддæр базовдзьшæн! — загъта æлдары чызг æмæ йæ фьгдмæ хæрзæггурæггаг фæци. Æлдар фидиуæг ныхъхъæр кæнын кодта: — Каэфхъуыадары одарæджы æлдар агуры. Æмбырдтæ самадтой æлдары кæртмæ, алчи дæр фаакæны: — Æз амардтон Кæфхъуындары. Фæлæ сæм æлдары чызг бакæсы, æмæ сьгн дамгъæ куы нæ фены сæ иыхыл, уæд сæ багæды кæны. Æппьшфæстаг æрбакодтой æлдармæ Сарты фы-рты, æмæ йæ чызг йæ да’мгъæйæ базыдта. — Мæнæ дын, баба, уый та æцæгæй дæр мæ ирвæзынгæнæг. Æлдар сбуц кодта Сарты фырты, фæрсы йæ: — Зæгъ-ма мын, цы хорз дын ракæнон? Дæ дзыхæй цæйбæрц ра- курай, уыйбæрц дын балæвар кæндзывæн — хъæутæ, фосрæгъæуттæ, сыгъдæг сызгъæринтæ. — Æлда-р, хæлар дын уæнт дæ хæзнатæ, — загъта Сарты фырт.— Мæн фосæй ницы хъæуы: æз дæн фæндагагурæг уæлдзæхмæ, æмæ кæд дæ фадат у, уæд дæ курын, æмæ уæлдзæхы цæмæй сæмбæлон, уымæн мын баххуыс кæ. Æлдар арвыста алырдæм фæрсæг, уæлдзæхмæ фæндаг чи базон- дзæн, ахæм адæймаг цæмæй ссардтаиккой, уьгй тыххæй. Æлдармæ æртахт ус-цæргæс, Сарты фырт йæ чызджыты кæмæн фервæзьш (кодта, уый. Æмæ загъта: — Ацы уазæджы дзæбæхтæ ис мæныл дæр, æлдар, æмæ йæ æз уæлдзæхмæ схæццæ кæндзынæн. Æрмæст афтæ бакæнæм, æмæ уды фæллой мæнæй куыд уа, фæндаджы хардз та дæуæй. — Æмæ дæ хардзæн та цас бахъæудзæн? — Стдæс галы, стдæс тъæпæнæджы бæгæны, стæй ал-ы галы уæн- гæн дæр дзулы чъири. Æлдар ацæттæ кодта фæндаггаг. Ус-’цæргæс маирæмбон æртахт йе ’ртæ чызджимæ æлдары хæ- дзармæ. — Ме ’рагъмæ мын æрбатулут бæгæныйы лальгмтæ, са^майут мыл хæринагæй-æндæрæй се ’ппæт дæр, — загъта цæргæс. Самадтой цæргæсыл хæрд, нозт фæндаглаг. Сарты фырт хæрзбон загъта æлдары чьгзлæн дæр æмæ цæргæсы æртæ чызгæн дæр, аамæ схызт цæргæсы рагъмæ. 'Цæргæс атахтæлдары хъаауæй, уæдæцы уыдаид. Тæкы, тæхы, æмæ- иу цæргæсы хъæр куы фæцьгдис, уæд ьга-иу Сарты фьгрт æнæхъæн дзул, галы уæнг æмæ бæгæныйы кæхц бакалдта йæ дзыхы. Зилпæ-зилгæ фæтæхы ус-цæргæс уæлдзæхмæ. Сарты фырты зæрдæ фæрухс: бирæ сæ нал хъæуы уæлзæхмæ. Уальшмæ хæринагæй схъуаг сты. Цæргæс фæ- хъæр ласта. Сарты фырт æрбальи^ кодта йæ зæнджы хæцъæфтæ æмæ 393
сæ цæргæсы хъæлæсы авæрдта. Цæргæсæн сæ цы базоньш хъуыди! Йе ’взаджы бьга бавæрдта Сарты фырты зæнджы хæцъæфтæ. Уæлдзæхмæ схæццæ сты. Сарты фырт æрхызти зæхмæ. Цæргæс æм дзуры: — Цæугæ ныр уæ хæдзармæ, фæндараст фæу! — Æз уал фæлæудзынæн, — загъта Сарты фырт. — Дæуæн æм- бæлы разæй ащæуьга. — Æмæ ма уæд ды куыд ацæудзынæ? — загъта ус-цæргæс. — Дæ зæнджы хæцъæфтæ дæ уæлæ куынæуал сты! Уьгйадыл ус-цæргæс зæнджы хæцъæфтæ æрæвяердта сæ бынæтты, айсæрста сæ йæ базыры сисæй, æмæ, Сарты фырты зæнгтæ куьгд уы- дысты, уьмæй авд ахæмы хуыздæр фестадысты. Кæрæдзийæн хæрзбон загътой цæргæс æмæ Сарты фырт, æмæ сæ алчи дæр йæ фæндагыл араст. Сарты фырт бирæ фæцыд, чысьгл фæцьгд, уььй чи зоны, фæлæ, æп- пынфæстаг, бахæадæ йæ хæдзармæ. Сарт бынтондæр базæронд. Афæдзы кæнд кодта йæ уарзон кæс- тæр фыртæн. Лæппу хæстæгдæр бацыд, нуазæн райста йæ къухмæ. — Мæрдджьштæй мæм исчи куы рацæуид, уæд ын арфæ ракæ- нин, — дзуры сæм. Бæлвдоны раз!мæ æрбадыдысты уымæн йæ дьгууæ хистæр æф- сьимæры. Уæд бæлццон дзурьг: — Байхъусут 1мæм, мæнæ хорз адæм! Мæнæ уын адон мæ дыууæ хистæр æфсымæры. Æз сьга æрхастон устытæ, хинæй сыл никуы рацыд- тæн, фæлæ мын уыдон фььдызнаджы ми бакодтой мæ дзæбæктæм: баз- дæхтысты æмæ мын мæ зæнгтæ алыг «одтой. Ньгр сыл ^кæд æз хинæй ра- зылдтæн, уæд мæ хуьщау цавддур фестьга кæнæд, кæд уыдон мæныл рацыдысты хинæй, уæд уыдон фестæнт цавддуртæ! Уыйадыл дыууæ æфсьпмæры абон дæр м=а цавддуртæй кæмдæр лæууьгнц. Сарт куы бамбæрста, йæ уарзон фырт мард кæй нæ разынди, уый, уæд фырцинæй фæстæмæ лæппулæг фестад; хъыт цинæй раивта, юæнд — куывдæй, æмæ ма афонмæ дæр цæры æмæ хæрьг йæ уарзон бинонты астæу æнæмастæй.
кэ^***^**^*^^ МÆЛИКК ÆМÆ ЦУАНОН ЛÆГ Иу мæликкæн хорз цуанон уыд. Бирæ бонтæ фæцуан кодта цуа- нон мæличчы къухы. Иу бон æм мæликк дзуры: — Ахсæв мæм æнахуыр уазджытæ æрцæуинаг сты, æмæ уыдон дисæн кæй фæхæссой, хъуамæ ахæм сырд амарай. Карк куы ныууасыд, уæд цуанон йæ фат æмæ йе ’рдын бафтыдта йе ’фцæджы æмæ ссыди сау хъæдмæ. Бон-изæрмæ цуан фæкодта, фæ- лæ уыцы бон йе ’намонд уыд цуананæн, æмæ ницы ссардта. Рараст кодта изæры сау хъæды мидæг, кæсы, æмæ иу стыр цæргæс бæласы уæлæ бады. Уæд æм цуанон дзуры: — Додой мьгн дæ хæдзар фæци, уæлæ цæргæс, æз абондæргъы цуан кæнын æмæ ницы ссардтон æппындæр, ныр дæу уæддæр мардзы- нæн! Цæргæс æм фæстæмæ æрдзырдта: — Гъей, мæличчы хорз цуанон, ды мæн куы амарай, уæд уьшæй ницы сараздзынæ, фæлæ дын æз зонд æмæ фæнд бацамондзынæн. Араст кæн ацы сау хъæды мидæг. Сау хъæды кæронмæ куы фæхæццæ уай, уæд уым ис æхсыры цад, æмæ уыцы ран дæхицæн тар халагъуд сараз. Райсом уæларвæй ратæхдзæн æртæ бæлоны. Æхсыры цады цур абад- дзысты æмæ фестдзысты чызджытæ. Æхсы-ры сæхи найдзысты, æмæ сæм ды тальгнг халагъудæй кæс. Æппæты фæстæ чи раласа йæ пысул- тæ, уымæн сæ бамбæхс. Уыдон хи над куы фæуой, уæд дыууæ хойы сæ пысултæ акæндзысты сæ уæлæ æмæ та бæлæттæ фестдзысты, сфардæг уыдзысты уæларвмæ. Сæ каэстæр хо йæ пьгсултæ агурдзæн. Куы никуы сæ ара, уæд дæм дзурдзæн: «Кæд мын лæг бамбæхста мæ пысултæ, уæд æз дæ чызг, ды — мæ фыд». Мацы йæм сдзур. Уый та зæгъдзæн: «Кæд ус дæ—ды мæ мад, æз—дæ чызг». Уæддæр-иу æм мацы сдзур. Уый фæстæ дæм сдзурдзæн: «Кæд лæппу дæ, уæд мæ хуыцау дæуæн загъта». 395
Æмæ-иу чызгæн йæ пысултæ ратт. Уæд уьшæн уæларвмæ тæхæн нал ис, æмæ дæуæн базаайдзæн. Стæй . дьш уый йæхæдæг амондзæн царды фæндтæ. Уыцы хъуыддагъгл æй баифтыгъта цæргæс. Араст кодта цуанон сау хъæды мидæг. Сау хъæды кæронмæ куы бахæццæ, уæд уьщы ран, æцæгдæр, уыдис æхсыры цад. Цады бьгл сарæзта сау халагъуд, уым сбадти æмæ кæсы. Хур куы æрбакасти, уæд уæларвæй ратахти æртæ бæлоны. Абад- тьзсты æхсыры цады цур, фестадьгсты чызджытæ. Чызджытæм кæсы цуанон, æмæ сæ пысултæ ласьгнц. Æппæты фæстæ чи раласта йæ пысултæ, уымæн сæ бамбæхста. Чызджытæ сæхи над куы фестьг, уæд алчи йæ пысултæ кæны. Дыууæ хойы оæ пысултæ конд куы фесты, уæд бæлæттæ феста- дысты æмæ уæларвмæ сфардæг сты. Кæстæр хо йæ пысултæ агуры æмæ сæ нал ары. Базьгдта йæ бон, уæларвмæ йьш фæндаг нал и, уый. Кæугæйæ хъæр кæны: — Чи мын бамбæхста мæ пысултæ, уый куь^ нæ зонын, — кæд лæг дæ, уæд æз дæ чызг, ды мæ фьгд, æмæ м<ьш сæ р>атт! Фæлæ цуанон ницы дзуры. Уæд та чызг загъта: — Кæд ус дæ, — æз дæ чызг, дьг мæ мад, æмæ мьпн сæ ратт. Ницы йæм дзуры уæддæр. Чызг та загъта: — Кæд лæопу дæ, уæд — ды мæ мой, æз — дæ ус. Уæд æм рахаста йæ пысултæ лæппу. Бафарста йæ чызг: — Кæмæй дæ, кæнæ дæ царлы хабар куыд у? Лæттпу загъта: — Æз дæн мæличчы цуанон, æмæ уьгмæн цуан кæнын, æндæр мын никуы ницы ис зæххыл. Чызг ын загъта: — Уæдæ мæ хуьщау дæуæн загъта, æмæ цæуæм иумæ. Рараст кодтой æмæ фæцæуынц сау хъæды мидæг. Мæличчы зæхмæ «уы æрбаввахс сты, уæд æй чызг баурæдта æмæ йæм дзуры: — Гъе ныр æз бæлон фестдзынæн, ды мæ дæ дзылпы цæвæр, дæ мæликмæ бацу æмæ йын зæгъ: «Æз дын цалдæр азы лæггад кæнын, цуаны цæуьгн æмæ дæм æнæ сырды мæрдтæ никуы æрцыдтæн. Ныр æр- тæ боны цуаны фæцыдтæн æмæ цъиутæхæг дæр нал осардтон: æвæц- цæгæн, ме ’намонд æрцьгд, æмæ демæ цæрьшæн нал бæззын, гъемæ дæ заэххыл хæдзар кæм саразон, уый мьш ратт». Уæд дым уый зæгъдзæн: «Ацу, æмæ дæ кæм фæнды, уым дæхицæн хæдзар сараз». Чызг бæлон фестад, æмæ йæ цуанон йæ дзыппы цæвæрдта. 396
Рараст кодта цуанон, мæличчы размæ бацыди æмæ йæм дзуры: — Нæ хуыцау не ’вдисæн, цалдæр азы дæ къухы цуан кæпын æмæ дæм афтидкъухæй никуы æрцыдтæн. Ныр, æвæощæгæн, ме ’намонд æрцыд, æмæ мын сырдтæй хай нал и. Бирæ дын фæлæггад кодтон, æмæ мын ныр, дæ зæххыл «мæхицæн хæдзар кæм æрæвæрон, уый бьгнат ратт. Уæд æм мæликк смæсты æмæ загъта: — Ацу, нал мæ хъæуыс, æмæ дæ кæмдæриддæр фæнды, уым цæр. Рацыди цуанон уырдыгæй. Быдырмæ куы рахæццæ, уæд бæлон йæ дзыппæй стакти æмæ чызг фестади. — Цы дьгн загъта дæ мæликк? — Цæугæ ардыгæй æмæ, дам, цæр, кæм дæ фæнды, уьгм. Уæд чызг быдыры йæ зæвæтæй зæхх æркъуырдта, æмæ дзы сыз- гъæрин æмæ æвзистæй арæзт авдæддæгуæлæ хæдзар февзæрд. Мæличчы адæм байдыдтой уымæ цæуьш фæрсынмæ æмæ зонд амонынмæ. Уæд мæлйккмæ хъыг æркасти, хуьгмæтæджы цуанон лæгæн ахæм диссаджы хорз хæдзар кæй ис, уьш. Йæ тæрхоны лæгтæм басидти æмæ сæм дзуры: — Ахæм тæрхон скæнут сьгмах, æмæ уьгцы цуанонæн йæ ус дæр мæ къухы куыд бафта æмæ йæ бæстыхæйттæ дæр мæнæн куыд баззайой. Уыдон тæрхон байдыдтой, хъуыдытæ кæньшц, стæй уæд цуанонмæ басидтысты æмæ йыи зæгъынц: — Фæцу арвы кæронмæ, уым ис арс, æфсæйнаг рæхыстæй бастæй, æмæ кæд уый æркæнай, уæд дæ агъуыстытæ дæр дæхи, дæ ус дæр дæхи, кæннод дын хъуамæ мæликкæн баззайой, дæхæдæг та хъуамæ сыстай æмæ дæ сæр фесафай. Цуанон раздæхти фæстæмæ, оæ хæдзармæ кæугæ бацыд, æмæ йæ йæ ус фæрсы: — Цы кодтай? — Мæликк дæ исьгавæнд скодта. Мæнæн ахæм тæрхон скодта: хъуамæ фæцæуон арвы кæронмæ. Арвы кæрон ис арс, æф^сæйнаг рæхыс- тæй баст, æмæ йæ хъуамæ æркæнон. Уæд æм чызг радта хисæрфæн æмæ сьизгъæрин порти æмæ йын загъта: — Ацы сызгъæрин порти зæхмæ аппар, ацы хисæрфæн та демæ ахæос. Порти тулдзæн йæхи æгъдауæй, æмæ йæ фæстæ цу. Цы агъуысты бын æрынцайа, уьщы ран-иу йæ цуры æрбад, стæй дæм уæд цæуæг уы- дзæн. Араст ис лæппу. Хисæрфæн йæ къухы хæссы, афтæмæй портийы фæдыл цæуы. Порти иу стыр агъуысты дуармæ батылдис. Лæппу йæ цуры æрбадти, хисæрфæн дæр йæ къухты, афтæмæй. 397
Уым цардис чызгæн йæ хистæр хо. Рауади йæм уыцы чызджы сы- вæллон, æгасцуайтæ йын акодта, йæхæдæг фæстæмæ фездæхт æмæ йæ мадмæ дзуры: — Дæлæ нæ дуармæ иу уазæг, æмæ кæд йæ къухты ис дæ кæстæр хойы хисæрфæн. Уæд æм ус йæхæдæг рахызт, йæ цуры æрбадти æмæ йыл цин кæны, байдыдта йæ хабæрттæй фæрсын. Цуанон ын фæдзырдта йæ хъуыддæг- тæ. Æхсæв æй куьгннæ бауазæг кодтаиккой! Райсом куы сбон и, уæд æм ус дзуры: — Ацу ацы портийы фæдыл. Арвы кæронмæ куы баввахс уай, уæд дарддæр цæуыны фæнд мауал скæн. Портийы-иу йæхи бар ауадз, æмæ уый йæхæдæг тулдзæн, ды-иу уым сбад. Уый сахаты æрдæпмæ ных- хæццæ уыдзæн арвы кæронмæ. Басмуддзæн æм арс, стæй йæхи суæгъд кæндзæн æмæ портийы фæдыл рацæудзæн. Дæхæдæг дæр-иу размæ цæуыны куыст кæн. Араст и цуанон портийы фæдыл. Арвы кæронмæ куы баввахс, уæд ыл арсы тæф сæмбæлди. Ауагъта цуанон портийы, йæхæдæг уым сбадти. Порти ныххæццæ арвы кæронмæ. Æрысмыстытæ кодта арс порти- мæ, стæй уæд йæхи суæгъд кодта æмæ уырдыгæй йæ фæдыл рараст. Цуанон дæр арсы тæфæй куьгннæ уьгнгæг кæны, æмæ размæ згъорыныл нæ яуæрды. Арсы тæф ’мæличчы калакыл куы сæмбæлди, уæд дзы паддзахы адæм уынгæг кæнын байдыдтой, æмæ хмæликмæ барвыстой: — Арвит æм фæстæмæ тагъд, уыцы арсы куыд акæна æмæ йæ фæстæмæ куыд бабæтта, афтæ. Цуанонмæ лæг арвыстой. Цуанон та сызгъæрян порти зæхмæ ап- пæрста. Порти йæхæдæг размæ тулы, æмæ арс йæ фæдыл цæуы, аф- тæмæй 1арвы кæронмæ ахæццæ. Уым арс йæхи бабаста. Порти фæстæмæ куы раздæхт, уæд æй цуа’нон йæ дзыппы цæвæрд- та æмæ фæетæмæ йæ усмæ æрцыд. Байдьгдтой та мæличчы тæрхоны лæгтæ тæрхон кæньгн, уæдæ ма цуаноны фесафынæн цы хос окæнæм, зæгъгæ. Баоидтысты дыккаг хатт цуанонмæ æмæ йын загътой: — Фæцу, кæдæм, — нæ зонæм. Уырдыгæй æркæн, адæм кæй нæ уьшой, ахæм. Кæд æркæнай ахæм, уæд дæ бæстыхæйттæ дæр дæхи, дæ ус дæр дæхи. Кæд не ’ркæнай, уæд дæ ус æмæ дæ агъуьгстытæ мæлмч- чы бауыдзысты. Дæхæдæг та хъуамæ дæ сæр фесафай. Цуанон фæстæмæ сæхимæ кæугæ баздæкти. йæус æй фæрсы: — Цы дын стæрхон кодтой? — Хъуамæ фæцæуон æмæ æркæнон, адæм кæй нæ уыной, ахæм. Æмæ зæкхыл адæм кæй нæ уыной, уый цы уыдзæн? Чызг та йæм сызгъæрин порти радардта: 398
— Иæ фæдыл ацу! Лæппу байдыдта сызгъæрин портийы фæдыл цæуын. Порти батылди стыр галуаны бынмæ. Лæппу йæ усы хисæрфæн систа æмæ дзы йæ къухтæ сæрфы. йæ усы иннæ хо йæм рауади æмæ йыл бацин кодта, мидæмæ йæ бахуыдта, фæрсы йæ, кæдæм цæуыс, зæгъгæ. Цуанон ьш радзырдта йæ хабар æмæ йын загъта: — Кæд дае къухы ис, уæд мын æй ратт. Уæд чызг дзуры: — Æз дæн сырдты хицау. Æрсидти сырдтæм. Байдьгдта сæ фæрсын: — Адæм кæй нæ уыной, — ахæм кæмæ разыадзæн?! — Махæй ахæм никæмæ и, фæлæ хохы мидæг цæры къуылых ру- вас; кæд уа, уæд æрмæст уымæ. Æрсидтысты къуылых рувасмæ, æмæ сьгн уый з-агъта: — Мæнмæ ис Рочкæ*, æмæ мæ уый дары, уый йедтæмæ æз куоы- нæн æмæ цæуьгнæн нæ дæн. Уæд æм чызг дзуры: — Цуаионæн æй куыд раттай, афтæ. Рувас катайгæнгæ араст ис_мæгуыр лæджы разæй. Бацыдысты рувасы лæгæтмæ, хохмæ. Рувас уььм цуаноны æрбадьш кодта æмæ дзуры: — Рочкæ, нæ къухтьгл нын дон æркæн æмæ нын хæрд, нозт æр- хæсс. Сæ къухтæ цæхоадтой, æмæ сæ цуры дзаг фынг фестад, фæлæ сын сæ къухтыл дон чи æркодта æмæ сын кæрдзын чи æрæвæрдта, уый нæ уынынц. Уæд рувас дзуры: — Рочкæ, — ды мæн нал дæ, фæлæ ацы цуаноны фæстæ цу. Рараст и цуанон. Рæстæгæй-рæстæгмæ сдзуры: — Рочкæ, кæм дæ? — Мæнæ дæн, ма тæрс. Иу ран хидгæс хиды кæрон бады, æмæ йæм цуанон дзуры: — Байрйай, хидгæс! — Хуыцауы хорзæх! Сбад, æмæ кæрдзын бахæрæм. Æрбадти уыцы ран цуаион æмæ дзуры: — Рочкæ, нæ къухтыл ньш дон æркæ æмæ нын хæрд æмæ нозт æрæвæр! Дон сын сæ къухтыл æркодта, хæрд, нозт сæ разы авæрдта, фæлæ йæ уынгæ нæ кæнынц. Уæд æм хидгæс дзуры: Р о ч к æ — аргъæутты: уынæн кæмæн нæй, ахæм сырды мыггаг. 399
— Фенын (мын <кæн дæ Рочкæйы. — Кæд æй ды уыныс, уæд æз дæр. Хидгæс бацыд, къулæй дыууадæстæнон фæндыр райста. Бауæгъд ьгн кодта йæ иу хъис. Æрцджьгн æфсæдтæ цæуын байдыдтой фæндыры хуылфæй. Быдыртæ байдзаг сты æфсæдтæй, нал цæуынц зæххыл. Хид- гæс фæндыры хъие фæстæмæ баздыхта æмæ æфсæдтæ йæ хуьглфмæ ба/калдыеты. Хидгæс цуа’нонмæ дзуры: — Ацы фæндырмæ цы миниуæг ис, уъгй дæхи цæстæй федтай. Гъе уый æз дæуæн ратдзынæн, дæ Рочкæ та мæн фæуæд. Авд паддзахады куы сæфой, уæд дæ бон у уыдон фервæзын кæнын. Цуанон загъта: — Рочкæиы дын ницæй тыххæй ратдзьгнæн, — уымæй зынаргъдæр зæххьгл 1ницы ис. Рочкæ йæм оусæгæй дзуры: — Райс фæндыр, ма тæрс. Æз уæддæр дæу дæн. Уый мæ цæстæй нæ уыны, бæтгæ мæ нæ ба’кæндзæн. Æз дæ уæддæр аййафдзынæн. Цуанон райста фæндыр, Рочкæйы уьгм ныууагъта. Рочкæ йæ фæн- дагыл ныййæфта, фæндыр дæр йæхи баци. Фæцæуынц уырдыгæй, æмæ иу зæронд лæг обауы сæр бады. Зæ- ронд лæг æм дзуры: — Дæ фæндаг раст, мæгуыр лæг! — Хуыцауы хорзæх, — загъта цуанон æмæ йæ цуры æрбадти. Рочкæ та сын хæрд, нозт æрхаста. Уæд зæронд лæг 1сæ разы хус лæдзæг аппæрста. Лæдзæг æфсæйнаджы обау фестад. Обау ратул-батул кодта йæки гъæдæй æмæ хæхты йæ быны мур кодта. — Ацы лæдзæг дьбн ратдзынæн, æмæ дæ Рочкæ та мæнæн, — загъ- та зæронд лæг. Баивтой сæ, æмæ цуаион дарддæр араст и, ф-æлæ та йæ Рочкæ фæн- дагыл ныййæфта. Цуанон мæличчы бæстæм куы ныххæццæ, уæд фæндыры гуыбынæй мæличчы калакыл æфоæдтæ ауагъта, стæй та лæдзæг аппæрста, æмæ сæ (бынтон гæныстон фæкодта. Цуанонæн йæ ус дæр, йæ агъуыстытæ дæр æмæ Рочкæ дæр йæхи- цæн баззадысты. ^
Кэ^ск^с*^ АЗЫРЫМЫ ЦУАНОН Азырымы бæсты царди æмæ уыдис иу цуанон. Уыцы цуанонæн хуыцауæй лæвæрд уыд, æмæ-иу цуанæй йæ зæронд мад æмæ фыдмæ æнæ сырды мард никуы æрыздæхт. Афтæмæй йæ ный- йарджыты сырды фыдæй хаста. Фæлæ иухатт куы уыд, уæд дын Азырымы цуанон бон-изæрмæ фæхатт æмæ ницæуыл сæмбæлд. Изæрырдæм иу бæрзонд хохмæ схызт, алырдæм фæфæлгæсыд, фæлæ йæ цæст никуы ницæуыл æрхæцыд. Сагъæсты аныгъуылд мæгуыр цуанон, уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй раздæхт хохæй. Уалынмæ дын хохы айнæгыл сызгъæрин сис ауыдта. Систа йæ, æмæ йын хуыцау йæ дзыхы ахæм ныхас бафтыдта: ацы сис паддзахæн хæсдзынæн. Цæуынтæ байдыдта, цæуынтæ, æмæ Стамбул- мæ бахæццæ. Уым, паддзахы хæлар æмæ хæстæг чи уыд, иу ахæм лæг- мæ бацыд æмæ йын радзырдта, цуаны куыд фæхатти, куыд ницæуыл сæмбæлд, фæстагмæ сьгзгъæрин сис куыд ссардта æмæ уыцы сис ныр паддзахæн кæй æрбахаста, уыдæттæ. — Ие, мæ хур, — загъта паддзахы хæлар лæг, — паддзахы уæр- доны ма бад, зын дын уыдзæн. Фæлтау ацы сис мæнæн ратт, æмæ дын æз та мин сомы ратдзынæн. — Нæ, — загъта цуанон, — паддзахы ном кæмæй ссардтон, уый дын ницæй тыххæй ратдзынæн. Райсомæй раджы цуанон паддзахмæ бацыд æмæ йын сызгъæрин сис ралæвар кодта. Паддзах дæр ын арфæтæ фæкодта æмæ йын загъта: — Дæ лæвар дын нæ ферох кæндзынæн. Цуанон паддзалмæ куы бацыд, уæд паддзахы хæлары йæ ус æф- хæры: — Байсæфай, сызгъæрин сис райсын чи нæ бафæрæзта! Ды афн- цер нæ, фæлæ салдат уæвыны аккаг уыдтæ. Ныр ацу, æмæ паддзахæн афтæ зæгъ: «Хорз лæвар дын рачынди, фæлæ ма дын ацы сис æрхæссæг æххæст сыагъæрин маргъ дæр ссарæд. Сызгъæрин маргъ паддзахы хæ- 26 Ирон адæмы аргъæуттæ 401
дзары хорз офидауид, фæлæ иунæг сис паддзахæн лæвары номыл рав- диоынæн нæ бæззы». Афицер фæцыд, æмæ йын ус куыд бадамыдта, афтæ бакодта. Пад- дзах дæр, æцæг, афицер мын хорз куы зæгъы, зæгъгæ, Азырымы цуа- нонмæ арвыста. Цуанон дæр, паддзах мын лæвæрттæ кæны, зæгъгæ, цингæнгæ æрбахæццæ паддзахмæ æмæ йæм дзуры: — Цы мæ кæныс, паддзах? Мæнæ дæн. Паддзах та йын афтæ зæгъы: — Дæ лæварæй бузныг, фæлæ, ацы сис цы маргъыл æрзад, уый дæр дæ къухы бафтдзæн, аемæ мын æй ссар! — Ницы мадзалæй дын æй ссардзынæн, цытджын паддзах! Уыцы хатт кæнын хæтæнты мæ сабийæ нырмæ, фæлæ ахæм маргъыл иæ цæст никуы æрхæцыд. — Æнæ ссаргæ йын нæй, науæд дьгн дæ сæр ракæндзынæн! Ныккатай кодта Азырымы цуанон æмæ рацыд сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй. Дардæй бахъæр кодта йæ фыд æмæ йæ мадмæ: — Æз мæ сæры сæфтмæ цæуын, æмæ-иу уæхи, куыд уæ бон уа, афтæ дарут, абонæй фæстæмæ уын мæнæй фырт нал ис! Ныккуыдтой, ныййах кодтой мæгуыр зæрæдтæ, фæлæ сæм оæ фырт — Азырымы цуанон фæстæмæ дæр нал фæкаст, араст и сызгъæ- рин маргъ агурынмæ. Цас фæцыдаид, чи зоны. Уæд дын комы дымæджы иу быдырмæ рафтыд. Кæсы, æмæ быдыры дард иу хæдзар. — Уæддæр сæфт æмæ сæфт: цон далæ уьвцы хæдзармæ, — загъта цуанон æмæ йæм йæ ных сарæзта. Ныххæццæ ис, бадзырдта хæдзармæ. Уым царди æртæ чызджы сæ зæронд мад æмæ фыдимæ. Дыууæ хистæр чызджы йыл ныццин кодтой: — Мæнæ нæ сиахс æрцыд, нæ сиахс! Кæстæр чызг та йæхи бамбæхста. Дисты бацыд Азырымы цуанон. Æхсæвы йæ хорз куыд нæ суазæг кодтаиккой! Боныцъæхтыл цуаны куы раст кодта, уæд ын зæронд лæг æмæ зæронд ус афтæ зæгъынц: — Нæ дыууæ хистæр чызджы дæр куырдуаты сты, кæстæр та дæ- уæн лæвæрд у, хуыцау æй дæуæн саккаг кодта, æмæ йæ демæ ахон! Сагъæсты бацыд Азырымы цуанон. Бирæ фæхъуыды-фæгуызавæ- йы фæстæ сразы йæ усы хæссыныл. Галуæрдон ын баифтыгътой, алы хорздзинадæй йæ байдзаг кодтой, æмæ рараст сæхимæ, Азырымы бæс- тæм. Чызг æмæ лæппу уæрдоны фæрсæй-фæрстæм бадынц, галдæрæг та разæй æй-цобе кæны, афтæмæй сæ фæндаг дарынц. Цас фæцыдаиккой, хуыцау дæсны, фæлæ иуахæмы Азырымы цуанон йæ къæхты бынæй ныуулæфыд. — Бауром-ма! — сдзырдта чызг галдæрæгмæ. Уый дæр галтæ æрурæдта. Уæд чызг дзуры йæ сæры хицаумæ: 402
— Кæд дæ зæрдæмæ исты хæссыс æмæ мæ æвæндонæй хоныс дæ хæдзармæ, уæд æй æз мæхицæн аккаг нæ кæнын, æмæ ацы сахат куыд фæхицæн уæм, афтæ! — Дæу тыххæй бæргæ ницæуыл гуырьгсхо кæнын, — загъта Азы- рьшы цуанон, — фæлæ иу хъуыддагыл мæ зæрдæ уынгæг кæны. Мæ- нæн мæ зæронд мад æмæ фыды йедтæмæ æндæр хæстæг нæй. Æз цуа- нон дæн, æмæ сæ сырды фыдæй хастон. Иу хатт куы уыд, уæд та цуа- ны ацыдтæн æмæ ницæуыл сæмбæлдтæн. Æрæджиау иу сызгъæрин сис ссардтон. Хуьщау мын, паддзахæн æй ахæссон, зæгъгæ, мæ зæрдæйы ахæм фыдбылызы хъуыды бауагъта. Æмæ йæ паддзахæн ахастон уьщы сис. Ныр паддзак яфтæ з-æгъы: «Кæнæ ацы сис цьпмаргъыл æрзад, уый осар, кæнæ дын дæ сæр къуьгрпæ кæнын». Афтæмæй æз дæу нæ хæдзар- мæ куы бакæнон, уьщы маргъ куы нæ ссарон æмæ мын паддзах мæ сæр куы акъуыра, уæд ды куыдтæ уыдзынæ мæ зæронд мад æмæ фыдимæ! Уьгмæй тæрсын, æндæр мын ды æгæр æвгъау куы дæ! — Уæдæ тыхсгæ ма кæн: уыцы сис дын дæ размæ æз æрæппæрс- тон. Мæ фыд пахуымпар у, æмæ Уасты.рджиимæ цуагны уыдысты. Фед- той дæ хæтæнты, сæ зæрдæмæ фæцыдтæ, мæн дын саккаг кодтой, æмæ дын уыдоны фæццæй дæлимоны карчы сис дæ размæ æрæппæрстон. Уæдæй нырмæ æз æнхъæлмæ кæсын дæ фæзындмæ. Карк та ныртæккæ дæр уæртæ нæхимæ æнда-рæны ис, æ^мæ йæ рахæсдзынæн. Уымæй зын- дæр къуыддаг хуыцау ма раттæд! Куыннæ фæцин кодтаад Азырымы цуанон — маргъ йæ къухы баф- тыд! Араст та кодта дарддæр æмæ йæ бинойнаджимæ сæ хæдзармæ æр- дыд. Фæцин кодтой йæ зæронд мад æмæ фыд дæр. Дьгккаг бон Азырымы цуанон сæударæй фæцагайдта паддзахмæ. Бахæадæ Стамбулмæ æмæ та йæ зонгæ афицермæ æрфысььм кодта. — Гъы, дæ къухы исты бафтыд? — зæгъгæ йæ фæрсы афицер. — Хуыцауæй бузныг, осардтон æй уыцы сыгъзæрин карчы, — загъ- та Азырьгмы цуанон. — Уæдæ йæ мæнæн ратт: æртæ мин сомы дын ратдзынæн сызгъæ- рин æхцайæ. — Нæ, паддзахы ном кæмæй ссардтон, уымæн паддзахмæ æнæ ба- хæсгæ нæй. Уæд афицермæ йæ ус загъд кодта: — Гъе-уæууæй, мæ сæры хицау, иу лæг афæливын æмæ фесафын чи нæ фæразы! Дæуæн салдат уæвын æмбæлд. Ацу æмæ паддзахæн зæгъ: «Уыцы хъуыддаг кæмæн бантыст, уымæн ма йæ бон æндæр ис- тытæ дæр суыдзæн. Уæрппы бæрзондæн йæ дыккаг бæрзонддæр цъуп- пыл ис сызгъæрин суадон, æмæ дын уымæй цылыхъхъы дзаг куы æр- хæссид, уæд лæппулæг фестис. Афицер бацыд паддзахмæ, æмæ йын йæ ус куыд бацамыдта, афтæ радзырдта. Паддзахы цинæн кæрон нал уыд, уæдæ кæд ахæм мадзал 403
ис, уæд уымæй тьшгдæр куы ницæмæ бæллын, зæгъгæ. Æмæ Азырымы цуанонмæ арвыста. Цуанан дæр цингæнгæ паддзахы галуаны балæу- уыд, ныр мын паддзах исты лæвар кæндзæн, зæгъгæ. — Дæ лæвæрттæ дьш нæ ферох кодтон, фæлæ уьщы маргъ ссарын чи бафæрæзта, уымæн йæ бон суыдзæн Уæрппы бæрзондмæ схизын æмæ мын уырдыгæй йæ бæрзонддæр цъуппæй сыгъзæрин суадонæй цы- лыхъхъы дзаг æрхæосын. — Мæ бон дын не ’суыдзæн уый бакæнын. Мæгуыр лæг дæн, гал мæм нæй, бæх дæр — афтæ, Уæрппы бæрзондмæ цы амалæй бахæцдæ уыдзынæн æз? Иæ сæрмæ схизæн та æппывдæр куы^нæ ис, йæ сæрты маргъ атæхын куы нæ фæразы! — Æнæ ссаргæ йын нæй, науæщ дьш дæ сæр ракæндзынæн! Ныдздзынæзта Азырымы цуанон, рараст ис йæ хæдзармæ. Сæ бæс- тыкаймæ куы бахæццæ, уæд дардæй ныхъхъæр кодта йæ мад æмæ йæ фыдмæ: — Æз цæуын мæ сæры сæфтмæ, мауал мæм æнхъæлмæ кæсут, уы- цы сабийы дæр йæ фыды хæдзармæ арвитут. Ныккуыдтой, ныдздзьшæзтой зæронд мад æмæ фыд. Иæ ус та йæм рарвыста: — Ахсæв ма ам куы фæуис, кæд ма нын, майдыма, райсоммæ хуы- цау исты хуыздæр уынаффæ нæ зæрды æрæфтауид. Сразы ис Азырымы цуанон йæ усы ныхасыл, æрбацыд йæ хæдзар- мæ. Бæдæйнаг ус дæр хъæубæсты чызджы рæсугъд æмæ лæппуйы дзæ- бæх нал ныууагъта, æрæмбырд сæ кодта æмæ æмбисонды хъазт сарæз- та. Раст бонивайæнты йæ фæлмæн уаты афынæй Азырымы цуанон. Цас афьшæй кодта, хуыцау дæсны, фæлæ йæ иу афон ус сыхъал кодта æмæ йæ фæрсы: — Гъы, цы фæнд æрæфтыд дæ зæрды? — Ницы, мæ сæр фесафыны йедтæмæ. — Уæдæ афтæ нæ, фæлæ ацу паддзахмæ, тæрсгæ дзы ма кæн æмæ йын афтæ зæгъ: «Мæгуыр лæг дæн æмæ, Уæрппы бæрзондмæ цæмæй схизон, ахæмæй мæнмæ ницы ис. Ныр дæу уыцы хъуыддагыл чи ар- дауы, уыцы лæгхмæ дæ лæвæрдтæй æхгæд æвæрæнтæ ис, йæхицæн сзын кæнæд, æмæ Хъара-денджыз æмæ Ахъ-денджызы астæу еким-æлдар, уымæ сау аласа, æмæ уыцы сау аласайы балхæнæд. Уæд æз дæр мæ уды хъиамæт нæ бавгъау кæндзынæн». Азырымы цуанон ацыд паддзахмæ, радзырдта йын, куыд хъуыдис, афтæ. — Уый чи æмбæлы, ахæм хъуыддаг куы у, — зæгъгæ, загъта пад- дзах. — Ды дæ удæй арт кæм цæгъдыс, уым уый дæр хъуамæ йæ мул- кæй бахардз кæна. Паддзах æрбакæнын кодта афицеры æмæ йын загъта, Азырымы цуанонæн еким-æлдары сау аласайы куыд ссара, афтæ. 404
Азырьгмы цуанон йæ хæдаармæ æрбафардæг. Паддзахы афицер та еким-æлдары сау аласайы фæдыл зилын байдыдта. Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ фæстагмæ тыхтæ амæлттæй йæ къухы бафтыд. Æрбярвыста йæ Азырымы цуанонмæ. Азырымы цуанон дæр аласайыл абадт, æрцъыччытæ йæ ласта æмæ Уæрппы бæрзонды бын омидæг. Уьгм бæкæн æртæ цæфы фæкодта, æмæ бæх цъæх айнæг ихыл маргъау стахт. Хохы сæр цуанон æрфистæг, сыз- гъæрин суадонæй къупри байдзаг кодта æмæ йæ йæ фæсарц абаста. Уый фæстæ аласайыл абадт æмæ та йын æртæ цæфы фæкодта. Аласа дæр йæхи Уæрппы иннæ фарсмæ фехста æмæ сау айнæгыл, гутон цъыф бон сыджыт дыууæрдæм куыд фæкалы, афтæ фæдгæнгæ æрцыд. Цуа- нон сæхимæ бацыдис, суадоны донæй цылыхъхъ байдзаг кодта æмæ паддзахмæ араст. Æрфысым та кодта йæ зонгæ афицермæ. — Исты дæ къухы бафтыд? — фæрсы йæ афицер. — Хуыцауæй бузныг, — загъта Азырьгмы цуанон, — цы агуырд- тон, ууыл фæхæст дæн. — Уæдæ дын паддзах ,ницы хорз фæуыдзæн: мæнæн æй æри, æмæ дын милуан сомьг. — Нæ, — зæгъы цуанон, — паддзахы номыл кæй фæцагуы-рдтон, уьгй дьш ницæй тыххæй ратдзынæн. Æмæ ацыд паддзахмæ. Паддзах айста суадоны дон, йæхи дзы цы- надта æмæ лæппу фестади. Раарфæ кодта цуанонæн, дæ лæвар дын ни- куы ферох юæндзьгнæн, зæгъгæ. Афицеры ус уьгй куы базыдта, уæд йæ лæгæн лфтæ зæгъы: — Ды салдат йедтæмæ ницы аккаг уыдтæ, æндæр сызгъæрин суа- доны дон райсын куьшнæ бафæрæзтай! Ныр ацу паддзахмæ æмæ йын эæгъ: «Гъей-джиди, уьщы лæппуйæ ма дæ ныр усæн дæхи хуызæн ном- дзыд — Хуры чызг куы уаид, уæд паддзæхты æхоæн дæуæн æмбал кæм уаид. Æмæ дьгн дæ хæрзгæнæг — Азырьгмы цуанон уый куыд нæ сараз- дзæн! Йæ фыдсылы коммæ бакаст афицер, паддзахæн уыцы ныхас вагъта. Паддзахы зæрдæ фексавдта æмæ та арвыста Азырымы цуанонмæ. Уьгй дæр æрбахæццæ Стамбулмæ, паддзахы хæдзармæ. — Дæ лæвæрдтæй бузнььг, слæппу мæ кодтай, фæлæ ма мьгн Хуры æртæ чызгæн сæ кæстæры æрхæсс усæн. — Уый мæ бон не ’суыдзæн, цытджын паддзах! Кæцæй æрхæссон æз Хуры чызджы!.. — Æнæ ’ссаргæ йын нæй, науæд дын дæ сæр акъуырдзьгнæн. Уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй æрцыд йæ хæдзармæ Азырымы цуа- нон, къæлæтджын бандоныл йæхи мæсты æппæрст æркодта. Баадон дæр фæркгай ныппырх. 405
— Цы кæныс, цæуыл хъынцъьш кæныс, мæ лæджы хай? — фæрсы йæ ус. — Цы ма кæнон фыддæр: паддзах Хуры кæстæр чызджы усæн агу- ры, æмæ мæ къухы кæцæй бафтдзæн? Мæ сæр фесафьшæй дарддæр мæнæн ницыуал хос и. — Ахсæв уал схуысс, кæд райсоммæ хуьщау исты хорз фæяд æруа- дзид. Æрбон та ис уыцы æхсæв дæр. Райсомæй ус фæрсы Азырымы цуа- ноны: — Гъы, цы фæнд окодтай? — Ницы, мæ сæр фесафынæй дарддæр. — Уæдæ бавдæл, æмæ ацу паддзахмæ, æмæ йын зæгъ: «Мæгуыр лæг дæн æмæ Хуры хæдзармæ цæуыл аиæуон? Дæу чи ардауы, уьщы афицермæ дæ лæвæрттæй æнæнымæц бирæ æхца ис, æмæ мын, дыууа- дæс хатæны кæм уа, ахæм нау саразæд, уыдонæй алы хатæны дæр дыууадæс чызджы æмæ дыууадæс лæппуйы куыд уа, афтæ, стæй хæ- ринаг æмæ нуазинагæй куыд нæ схъуаг уой, уыйас хæлц семæ нывæ- рæд, — уæд хуыцауы цы фæнда, уый уыдзæн». Азырымы цуанон дæр, йæ ус ын куыд бацамыдта, афтæ бакодта. — Чи ’мбæлы, ахæм хъуыддаг зæгъыс, — загъта паддзах æмæ йæ афицерæн саразын кодта нау. Йæ фæстаг муртæ дæр ма йыл бахордта паддзахы фæсдзæуин. Азырьшы цуанон иауы сбадтис æмæ ленк кæнын байдыдта фурды. Цас фæцыдаид, чи зоны, фæлæ иуахæмы фурды кæронмæ бахæццæ æмæ йæ нау æрурæдта. Райсомæй Хур араст и йæ балцы. Азырымы цуанон былмæ рахызт йе ’мбæяттимæ, æмæ уым — гъæй-дæ-гъа! — кафынтæ байдьщтой, симынтæ. Хуры чызджытæ сæм дардæй кæсынц, фæлæ хæстæг нæ цæуынц. Афтæ аивгъуыдта фыццаг бон. Дыккаг бон дæр Хуры чызджытæ хъазтмæ æввахс не ’рбацыдысты. Фæлæ æртьж- каг бон сæхи нал баурæдтой æмæ бацыдысты хъазтмæ. Азырымы цуа- нон сын сæ раз хæрд æмæ нозтæй байдзаг кодта. Адæм бадынц, цæл кæнынц. Азырьшы цуанон Хуры кæстæр чызгмæ нуазæнтæ сарæзта. Фæрасыг ис Хуры кæстæр чызг, уæдæ цы уыдаид, ахаудис фынджы уæлхъус. Йæ хотæ фæтарстысты æмæ лидзынмæ фесты. Азырымы цуа- нон йæ адæмы науы бакалдта æмæ Хуры кæстæр чызгимæ Стамбулмæ рафардæг. Паддзах дæр ьгн балæвар кодта еким-æлдары алаоайы, æмæ ма йе- мæ бирæ исбон. Абон дæр ма Азырымы цуанон фæрныгæй цæры. Афи- цер та мæгуырæй фесæфт. Паддзæхты Сахы Сæры фьгрттæ дæр уымæн фæхонынц.
0*2*49*0^ ХЪÆДЫН БÆЛОН Зæрингуырд æмæ хъæдæй дæсны — зырнæй зилæг фæбыцæу сты: алчидæр сæ стыдта йæ куыст. Хъæдæй дæсны загъта: — Мæ куыст дæ куыстæй бирæ пайдадæр у дзыллæйæн, ноджы ды дæ куысты уыйбæрц нæ арæхсыс, æз куыд арæхсын мæ куысты. — Уый раст нæу, — загъта зæрингуьгрд. — Дæ куыст дæуæн ставд куыст у, стæй, цы дзаума саразай, уый уыйас бæллиццаг дзаума дæр нæ вæййы: хæзнайы цæстæй йæм ничи акæсдзæн. Мæ куыст мæнæн лыстæг куыст у. Мæ хъуыддаг мæнæн хъæдимæ нæу, — хъæдæй арæх- дæр, хъæдæй фылдæр, уьгмæй æгаддæр дунейьгл хъуамæ мацы уа. Æз æдзух архайын зынаргъ згъæртимæ, æвзист æмæ сызгъæринимæ; уы- донæй цы дзаума скæнай, уый <цы ран нæ фендзынæ, ахæм нæй. — Чи зоны, æмæ зынаргъæй зынаргъ уьгдзьгсты, ды цы дзауматæ окæнай, уыдон, фæлæ дуне æнæ сызгъæрин æмæ æвзистæй бафæраз- дзысты фæцæрын, æнæ хъæд та сын фæцæрæн нæй, — загъта хъæдæй дæсны. Нал фидыдтой дыууæ дæсньгйы æмæ сæ бьгцæу паддзахы онг ба- цыди. — Равзар ньгн, паддзах, ды нæ хъуыддаг, зæгъ ньгн — чи нæ у пай- дадæр, чи нæ у дæоныдæр, — загътой быцæугæнджытæ. — Хуыздæр дзаумй уæ чи сараза, уый дæсньгдæр, уый амбылдта,— радзырдта паддзах. Сæ хæдзæрттæм фæцыдысты хъæдæй дæсны æмæ зæрингуырд. Хъуыды кæнын сæ байдыдта алчидæр. Нæ бацауæрстой сæ зондыл, сæ къухтыл, чысыл нæ фæкуыстой! Зæрингуырд баздæхти, æмæ скодта æхцадон. Уый уыди ахæм æхца- дон, æмæ йæ иу фарсыл царди стыр хъæу, аннæ фарс та сæрвæт, æмæ дзы хызти хъом, æнæхъæн рæгъау. Хъæдæй дæсны скодта бæлон. Уый 407
хуымæтæджы бæлон нæ уыди: æвæдза, абадтæ йыл æмæ йын йæ хъан- дзал фездæхтай, уæд дæ, цæстыфæныкъуылдмæ, кæмдæриддæр дæ фæндыдаид, уым балæууын кодтаид. Æрхастой сæ паддзахмæ, уæдæ цы уъвдаид. Паддзах сæм бирæ фæ- каст, рауын-бауын сæ фæкодта, стæй байдыдта хъуыды кæнын. Бирæ фæхъуыды кодта <æмæ фæстагмæ загъта: — Хорз дзаума цæуылнæ у ацы æхцадон, йæ иу фарсыл цæргæ хъæу кæмæн æрынцад, аннæ фарсыл та — æнæхъæн рæгъау кæмæнхи- зы. Фæлæ ацы бæлонмæ цы миниуæг разынд, уый бирæ зынаргъдæр æмæ диссагдæр у æхцадоны миниуджытæй. Хъæдын бæлоныл абад, æмæ дæ, кæдæм бафæнда, уырдæм ахæссæд! Æз ахæм диссаг уынгæ дæр, хъус- гæ дæр нæма фæкодтон. Хъæдæй дæсны амбылдта. Паддзахы лæппу фехъуыста бæлоны миниуджытæ, æмæ йæ ба- фæндыд бæлонæй ахъазын. Уый адыл абадти бæлоныл, фæзылдта йын йæ хъандзал, æмæ лæппу æвиплайды фæаууон ис. Фæаууон ис, уæдæ цы уыдаид. Паддзах фæтарст йæ фыртæн. Æрцахсьгн кодта хъæдæй дæсныйы æмæ йæ ахæстонмæ батардта. Зæрингуырд араст йæ хæдзармæ. Уæд хъæдæй дæсны фæрсы паддзахы: — Паддзах бирæ фæцæра, .ахæстоны мæ цæмæн бакодтай, мæ оæ- рæн куы вицы зонын? — Дæ бæлон мьш мæ фырты кæдæмдæр фæхаста. Тæрсын, кæд мын æй искуы амардта. Æмæ цальшмæ æгас разыиа æмæ фæстæмæ раздæха, уалынмæ ахæстоны бад. Цанæбæрæджы барухс уыдаид лхæсты зæрдæ уъицы ныхæстæй, ахæстоны цардæй! Паддзахы фырт бæлоныл атахти æндæр паддзахадмæ æмæ уыцы ран хъæды астæу æрынцади. Уьщы хъæдмæ цуаны ра»цыди сæ паддзахы фырт, сæмбæлди уазæгыл хъæды астæу, бафарстой сæ кæрæдзийы æмæ æрдхорд æфсымæртæ скодтой. — Мæ хæлар, мах бæсты кæм сæмбаелдыстæм, уъкм мæ уазæг дæ, æмæ цом, æз дæ -мæ фыды хæдзармæ фæкæнон, нæ бинонтæн дæ базо- ньш кæнон. Паддзахы хæдзары бацин кодтой уазæгыл, сбуц æй кодтой. Дык- каг бон райсомæй дыууæ лæппуйы фæцыдысты цуаны æмæ дыууæ. къуырийы бæрц хæдзармæ не ’рцыдысты, цуан фæкодтой хъæды. Стæй бæлоньгл сбадтысты æмæ араст сты сæ хæдзармæ. Æрхæццæ сты пад- дзахы галуантæм, мæсыджы рæзты фæцæйцыдысты, æмæ уазæг лæппу фемдзаст и иу чызджимæ, мæсыджы сæр стъалыйау чи æрттывта, уыимæ. — Ме ’рдхорд, уый та цы ферттывта мæсыджы сæр? — бафарста уазæг. — Ау! Æмæ кæд ныры онг уый нæ базыдтай, уæд ма мын цæй 408
æрдхорд дæ? Уый уæлæ мæ хо, æвæццæгæн, йе ’хсæнтæ р<акалдта, æмæ уыдон ферттывтой. Уазæг лæппу уæд дзуры: — Æгæр бирæ бафæсшат дæн а бæсты, — агурдзысты мæ нæхи- мæ, сагъæс мыл кæндзысты: кæдæм рацыдтæн, уый нæ базыдтой. Хæрз- бон уал у, ме ’рдхорд, æз цæуын нæ хæдзармæ. — Фæндараст, ,мæ уазæг, — загъта йын паддзахы фырт, æмæ уый- адьвл кæрæдзийæ фæхицæн сты. Лæппу хъæдын бæлоныл сбадт, фез- дьгхта йын йæ хъандзал æмæ фæстæмæ хъæдмæ батахт. Бон-изæрмæ уьщы ран бафæстиат, стæй сбадт йæ бæлоныл æмæ атахти паддзахы галуантæм. Атахт, уæдæ цы уыдаид, æмæ мæсыджы рудзынгыл чызг- мæ бацыд. Паддзахы фырт æмæ паддзахы чызг бацьгдысты кæрæдзийы зæр- дæмæ, балымæн сты. Æхсæв-бонмæ мæсыджы баззади лæппу. Райсо- мæй Бонвæрнон хурыскæсæны куыд фæзынд, афтæ лæппу абадт бæло- ныл, рудзынгыл ратахт æмæ та хъæды йæхи бафæсвæд кодта. Уырдыгæй фæстæмæ паддзахы фырт фæцагъуыд бæрæг мæсыгмæ æмæ хъæлдзæгæй æрвьвста алы æхсæв дæр паддзахы чызджимæ. Цæй бæрц фæцььдавд лæппу бæрæг мæсыгмæ, чи зоны, фæлæ иу афоны чыз- джы фæсдзæу<интæ æмæ цæлгæнджытæ ныхас æрæфтыдтой: — Ахæм диссаг ма уыдзæн! Хуыцау, ды базон, кæд нæ паддзахы чызг искуы уыйбæрц бахордта, æмæ йæ тæбæгъыл фæзына; цыма-иу æм æппьшдæр нæ бавнæлдта, афтæ уыди йæ хæрд. Фæлæ ныр æрæгæй ардæм тæбæгъты фынгисæггаг нæ, фæлæ æвзагыл цы адарай, уый дæр нал аззайы, — загъта иу. — Æцæг, æцæг, æнахуыр хæрд кæньга байдыдта не ’хшн, бафсис ын нал ис, — загъта дыикаг. — Ам цыдæр ис, дзæгъæл-хуымæтæджы нæ уыдзæн. Фæлæ кæд йæ хæрд фæфылдæр, уæддæр йæ хуыз уæлдай нæ фæци, — загъта æр- тьпккяг. — Уæдæ цавæр диссаг уа, уый куыд сæргом нæндзыстæм? — Уымæй æнцондæр æппындæр ницы ис! Цомут дæлæ къулыба- дæг уамæ. Ацыдысты къульгбадæг уамæ, радзырдтай йьш се ’хсины хабар, фæрсьгац æй: — Цавæр æмбисонды диссаг у нæ паддзахы чыэджы дисоаг? Ма ньгн æй басусæг кæ, æргом нын æй зæгъ. — Ниды уьгн æй басусæг кæндзынæн. Диссагæй хъуыддаджы мис- халы бæрц дæр нæй, — загъта къулыбадæг ус. — Чызг йæ хагё- раздæр хордта йæхæдæг, ньгр та йæ хæрын байдыдта æмбалимæ, æмæ йын уый тыххæй нал фаг кæны. Фæсдзæуинтæ сдис кодтой: — Æмбалимæ? 409
— Уьтй та куыд? — Æмæ йæ уæдæ мах куыд нæ базыдтам? — Уьвмæн æз ницы занын, — загъта къулыбадæг ус, — фæлæ уе ’хсинмæ алы æхсæв дæр лæг кæй цæуы, уьгй гуырьюхойаг нæу. йе ’обæрæг уæ кæд фæнды, уæд уын уьшæн дæр фæнд оюæндзьшæБ. — Фæнды та дын цавæр ныхас у! Мах хъуамæ дзуапп раттæм уый сæрьгл нæ паддзахæн. Истьг йыл куы æрцæуа, уæд нын паддзах арфæ нæ ’ракæндзæн! — Уæдæ баздæхут, æмæ йæм алы æхсæв чи цæуы, уьпмæ бабадут; куы йæм бабадат, уæд фендзыстут, иу лæппу йæм хъæдын бæлоныл кæй æртæхы. Базонут, кæцы рудзынгыл баззайы хъæдьга бæлон. Уый куы базонат, уæд рудзынгыл æнæдон сасм ныккæнут. Бæлон рудзын- гыл ньшныхæсдзæни, æмæ лæппуйæн райсомæй атæхьгн йæ бон нал бауыдзæн. Æхсины цæлгæнджытæн къулыбадæг ус куыд загъта, афтæ бакодтой. Сæударæй та лæппу, цæуьгн афон мьш у, зæгъпæ, байста йæхи хъæдьш бæлонмæ, фæлæ йын бæлсш оисын нал бакуьимдта: æнæдон сасмæй рудзынгыл ныххæцыди. Лæппу мæсыджы баззад, уæдæ цы уыдаид! Æхоииы чызджытæ бафæдис кодтой паддзахмæ. — Нæ паддзах, уæлæ дын мæсыджы лæг æрцахстам дæ чыз- джимæ! — Лæг зæгъут? Мæ чызджммæ? — загъта паддзах. — Тагъд сæ рамæнут ардæм, æз сьгн цы хъæуа, уьгй бакæндзынæн. Хорзау нал фесты æхоин æмæ паддаахы фырт, фæлæ ма сын цы амал уыд! Уайтагъд сæ паддзахы .раз балæууын кодтой. Паддзах æрбаоидын кодта фидиуæгмæ аамæ йын дзу.рьг: — Цæутæ æмæ ныхъхъæр кæн_хъæуб»æстыл: фатæй æхсьш чи зоны, уыдон иууылдæр хъазæн лæгъзмæ æрæмбьирд уæнт! Фидиуæджы хъæрмæ гæсгæ хъаэæн лæгъзмæ æрæмбырди бирæ адæм. Паддзах чызг æмæ лæппуйы уьгрдæм адæмы размæ акæнын код- та, цæмæй сьгн тæрхон скодтаиккой, уый тьгхх^æй. Чызг æмæ лæппу æрлæууыдысты адæмы раз. Æрбадтысты тæрхоны, паддзах сæ астæу, афтæмæй. Сæ дзьгрд кæ- рæдзийыл нæ бадт, сæ зонд фæсаджилтæ ис. Иутæ дзырдтой: — Мах сæм хæра’мæй, зыльшæй ницы арæм — сывæллæттæ æв- залытæ хæрынæй фылдæр цы кæнынц, фæлæ уыйбæрц хъару кæмæ разынди, ахæм хæзна бæлон кæй къухы бафтыд, уый ньш искуы исчер- дыгæй сахъаз уыдзæн: уый амарьгн зиан у нæ бæстæн. Аннæтæ дзырдтой: 410
— Æгъдау фесæфтой, бæстæ фæхудинаг кодтой, сæ мадæлты цæс- гом, нæ паддзахы ном фæчъизи кодтой, стæй сæрæвæрæн фæуыдзæн аннæ фæсивæдæн дæр, æмæ дунейы арæзт хæлдмæ цæуы. Амарын сæ хъæуы! Нал фидауынц æмæ нал дзыллæ. Уæд паддзахы фырт бæлоныл фæхæст æмæ, адæм кæрæдзимæ куыд фесты, афтæ бæлоныл абадт, чызджы дæр йæ дæларм айста æмæ хъа- зæн лæгъзæй атахт. Адæм сæ фæдыл юæогæйæ баззадысты. Лæппу æд чызг сæ хæдзары балæууыд цæстыфæньжъуылдмæ. Чы- сыл нæ фæцин кодта паддэах: уьгй уыди, æмæ æгас хæдзар ссардта йæ фырт, аннæмæй йын чындз дæр æрбахаста, хуртæ æмæ дзы мæйтæ кас- тысты, ахæм рæсугъд чындз. Хъæдæй дæсньшы ахæстонæй рауагъта паддзах. Чьшдздзон дарæстæ бахуыдтой ног чындзæн. Хорз чьгадзæхсæв скодтой æмæ дзы иннабонæй-иннабонмæ фæминас кодтой сæ хъæу- бæстæ. Уый фæстæ цæрын байдыдтой лæппу æмæ чызг паддзахы хæдзары. Иу къорд азмæ сьгн зæнæг дæр ращыди — æртæ лæппуйы. — Уæдæ мæ кайысты дæр куы басгарин, — загъта паддзахы фырт. Æмæ байдыдтой хуын аразын. Æстдæс! къамбецы цы аластаиккой, уьгй нозт рауагътой, иу ахæм та хæрд сцæттæ кодтой. Сцæттæ кодтой, уæдæ цы уыдаид, æмæ сæ арвыстой чындзы цæгат — паддзахы хæдзар- мæ. Сиакс бæлоныл а<бадт хуындзауты разæй, йæ кайысты хæдзармæ æртахт æмæ дзы зилæнтæ оиста, оиахсы эилæнтæ. Бинонтæ дисы бацы- дьгсты. Уалынмæ хуындзаутæ дæр æрбазы-ндысты. Уæд паддзах фидиуæг арвыста фехъусьгн кæнынмæ: «Хуьгн æрбахастой паддзахæн йæ кайьгстæ, хъæубæстæй цæуын- хъом чи у, уый цæугæ æркæнæд, цæуын йæ бон кæмæн нæу, уьгй та хæсгæ æркæнæнт æмбырдмæ». Фæсвæд ничиуал баззад хъæубæстæй — цы уыдысты, уымæй æр- æмбырд сты паддзахы хæдзары. Бадынц, хæрынц, нуазынц. Сиахс уьгди уырдыглæууæг; æмбырды иуырдытæй кæрон бадынц фондз лæджы, æмæ уыдонæн нозт дæтты. Куы анозтой, куы ахордтой, уæд уьщы фондз лæджы дзурьш байдыдтой, сиахсы кой æрæфтыдтой. Сиахс сын уьгрдыгъгстæг уыди, уьгй нæ зыдтой. — Æвæдза, æнæ диссаг нæу. Айбæрц хæрд, айбæрц нозт оцæттæ кæнын чи бафæрæзта, уыйбæрц ис-боны хицау чи у, уымæн аккаг нæ уыди нæ паддзахы чызджы ахæссын: рог адæй’маг уыди; цы уын æй æмбæхсон, мæнæн уыди мæ хæзгул, — загъта къордæй иу. Уьвй фæдъгл стауын байдыдтой аннæтæ дæр сæхи; сæ ныхæстæм гæсгæ, паддзахы чызг уыдонæн дæр сæ хæзгул уыди. Сиахс сæм дары йæ хъус. Койгонд куы фесты, уæд сæ сиахс фæрсы: 411
— Уанцон нæу! Æмæ уæдæ уæ фондзæн дæр уæ хæзгул уыди, зæгъут? — Афтæ, ай-гъай! — æмдзыхæй загътой къорд фондзæй дæр. — Æцæг зæгъут? — фæрсы та сæ сиахс. — Æ(цæг зæгъæм! — Цæй уæдæ афтæ ма фæуæд, фæлæ хæснæгтæ окæнæм: кæй фыд- гой кæнут, уый мæнæн у мæ бинойнаг, евмæ басгарут мæ хæдзар. Æмæ дзы сымах куыд дзурут, уьщы æгъдауæй уæ кæд иокæй суазæг кæна, уæд ацы хъазæн лæгъзы, сурыл æз хъуамæ наутæ аадеуын кæнон, юæд æмæ уæ никæй суазæг кæна, уæд та хъуамæ сьвмах афтæ саразат, æмæ ацы хъазæн лæгъзы наутæ дыууæрдæм куыд цæуой. Цы ма загътаиккой æппæлой лæппутæ! Бæхьгл сбадти сæ хистæр æмæ ара.стис лæппуйы уомæ. Куы бахæвдæ паддзахы хæдзармæ, уæд йæ бæх æрцæфтæ кодта, чындзы рудзьгнджы бынты бахъазыд йæ бæ- «ыл æмæ йæм дзуры: — Гъæйтт, цы фæдæ, мæ сыхаг? Чызг æм радзырдта: — Мидæмæ, м^идæмæ. Тепсыр, фысьш дын уыдзыстæм. Æргæпп кодта Тепоыр йæ бæхæй æмæ хæдза.рмæ бацыд. Æризæр, афтæ йын æхоæвæр окодтой, хорз æй суазæг кодтой. Стæй йьгн фæсахсæвæр хуыссæн бакодтой. Уазæг æрбадти хуысоæныл, йæ къах адаргъ кодта чындз!мæ. Чындз уазæг лæппуйæн раласта йæ иу къахы фадыва^рц. Адаргъ кодта аннæ къах дæр. Уæд чындз уазæджы фæхъил кодта фæстæмæ æмæ уьгцы хуызæнæй оусæг уæрмы стæлфыди. Чындз ыл дуар æрæхгæдта. Ахæм ’мм бакодта чындз аннæ цыппарæн дæр. Ныр фондзæй дæр уьщы сусæг уæрмы дауынщ. æппæлой лæппутæ. Хорз сæм бæргæ нал касти сæ хъуыддаг, фæлæ ма сьгн хуыздæр амал кæ>м уыди, быхсъшæй дарддæр! Уалыкшæ лæг дæр бæлоныл æрбатахти. — Мæ уазджытæ цы фесты, цы сæ фæкодтай? Дæумæ сæ нуы рар- выстон? — загъта лæппу. — Ма фæтæрс, ницы сын у, стæй дард дæр не ’сты. Лæг мидæмæ бацыди, бандоньгл æрбадт æмæ та фæрсы йæ биной- наджы: — Уæдæ кæм сты нæ уазджытæ? — Дæлæ сусæг уæрмы кæрæдзийæн сæ хъаст, оæ маст мæньшц, чи сæ кæм сысгуыхт, цæмæйты сысгуыхт, уыдон кой кæнынц. Лæг суоæг уæрмы дуар сыгом кодта æмæ дзуры йæ ахст уазджы- тæм: —• Æмбылд стут æви нæ? — Æ’мбылд стæм, — загътой уазджытæ. Суоæг уæрмæй схызтысты уазджытæ, уæдæ цы уьгдаид! Фысьгм сæ 412
хорз федта, стæй сын сæ зæрдыл æрлæууьгн кодта сæ дзырд: йæ кайыс- ты зæххыл, хъазæн лæгъзы наутæ куыд атæрой дыууæрдæм. Хуыздæр а’мал сын нæ уыди: сиахс ращыд семæ йæ кайыстæм, æмæ уьщы ран хъазæн лæгъзы нау æнæбары дыууæрдæм ратæр-батæр фæ- кодтой. Падцзахы фыртæн йе ’ртæ лæппуйы байрæзыдысты, сæ сæрæн фес- ты. Иу бон куы уыди, уæд баздæхтысты æртæ æфоымæры, сæ фыдмæ аамæ йæм дзурынц: — Уæ, баба! Нæ цæрæн бынат нæ зæрдæмæ уыйас нæ цæуы. Мах фæнды, цæмæй ныууадзæм нæ зæронд цæрæн бынат æмæ искуы хуыз- дæр ран бацагурæм, нæ цард хъæлдзæгдæрæй, æнцондæрæй кæм арви- тæм, ахæм. Фыд уæлдай нал загъта фыртты фæндыл. Бамбырд кодтой сæ ис, сæ бон, срæвдз кодтой æппæтæй дæр сæхи, дзырд радтой сæ кусджытæн, уыдон дæр сæхи куыд баифтонг кæной лидзыимæ. Æмгъуыды бон араст сты бынат агурæг, сæ хъавдæй дæюны дæр семæ. Цæуьштæ байдыдтой, цæуынтæ; бафтыдьгсты иу рæсугъд бæстæм: нæ уыди йæ хъæдæн æмбал, кæрон нæ уыд сæрвæттæ æмæ хуымзæх- хæн, йæ дæттæ нуазынæн хæлар, уыимæ-йæ бæсты хъæд дæр хорз: зæр- дæ дзы рухс кодта, уæнгтæ — рог. — Ацы ран æрбынат кæнæм, — загъта æфсьшæртæн сæ хистæр.— Амæй хуыздæр бынат, æгас дунетыл куы фæвилæм, уæддæр никуы ссар- дзыстæм. — Æрбынат кæнæм, — загътой дыууæ кæстæр æфсымæры дæр. Уæд хистæр æфсьгмæр райста иу тæбæтъ æмæ йæ фехста. Тæбæгъ кæуылты æрзылди, уьщы ран фестади стыр галуантæ. Дььккаг æфсымæр дæр фехст-а стылдæр зиллаккыш йæ тæбæгъ: стылдæр галуан фестади уыцы зиллаккыл дæр. Фехста ноджыдæр стьглдæр тъæпæныл йæ тæбæгъ кæстæр æфсы- мæр дæр. Æцæг æмбисонддæр уыцы зиллаккыл фестади хорз галуан- тæ, стæй æртæуæладзыджы хæдзар. Æрцардысты æртæ æфсымæры уьщы бæстыл, уæдæ цы уыдаид. Цæрынтæ байдыдтой, цæрынтæ. Нымæц нал уыди сæ фосæн, ныккæ- нæнтæ нал уыди сæ хорæн. Тынг сцæрæг сты сæ кусæг адæмимæ. Цæй- бæрц ацардаиккой, чи зоны, фæлæ иу бон кæстæр æфсьимæр хурварсмæ бады. Уалын-мæ сæ рæзты рацæуы иу зæронд лæг, цæуæнты чи фæцыд, хæтæнты чи фæхатт, ахæм. Зæронд æрлæууыди æмæ кæсынтыл фæци галуантæм, агъуысты- тæм æмæ дис кæны: — Мæ цæргæ-цæрæнбонты чьгсыл нæ фæхаттæн, чысыл нæ фед- тон, фæлæ адоны хуызæн галуантæ, хæдза^рттæ нæма федтон. Уæдæ ма 413
адæймаг тынгдæр цæуыл бадис кæндзæн! Уæ сæ ас, уæ сæ аив — æрд- хæрæн сты, æрдхæрæн! Ныр ма агъуыстыты сæр нæртон фæндыр куы цæгъдид æмæ бул-бул куы зарид, стæй сæ цагъдмæ сызгъæрин хъаз куы кафид, иууыл диссаг уæд уаиккой. Уыйадыш зæронд йæ фæндагыл араст. Кæстæр æфсымæр фехъуыс- та зæронды ныхæстæ, бацыди хæдзармæ æмæ сæ йæ фыдæн рафæз- -мыдта. Уæд фыд загъта: — Уыдонæн æнæ ссаргæ нæй! Æртæ æфсымæры араст сты фæндыр, бул-бул æмæ сызгъæрин хъаз агурæг. Цæуьгн байдыдтой æфсьшæртæ, æмæ бахæццæ сты хохы рæбын æр- тæ комы дьшæгмæ, æмæ уьщы ран ныллæууыдысты: тæрхон кодтой, чи кæцы фæндагыл ацæуа, ууыл. — Ацы кæмттæй галиу ком абырджыты ком у, — загъта хистæр æфсымæр, — астæуыккаг ком — ацу æмæ ма æрцуйы ком, æртьжкаг та — ацу æмæ æрцуйы ком у. — Баздæхæм æмæ хæлттæ сæппарæм, æмæ кæмæн цы ком схауа йæ хал, ууылты араст уæд. — Ацу æмæ ма æрцуйы фæндагыл æз цæуын æнæ халæй, — загъ- та кæстæр æфсьшæр. Хистæр сразы ис рахив комыл, астæуыккаг та — галиуыл. Куы раст кодтой сæ фæндæгтыл, уæд дзырд радтой сæ кæрæ- дэийæн: — Чи зоны, фæстæмæ нæ исчи куы раздæха, уæд аннæты ацы кæмтты агурæд. Алчидæр сæ цæуьштæ самадта йæ фæндагъгл. Кæстæр æфсьшæр иу стыр къæдзæхы рæбьшмæ бакæццæ, æмæ уы- цы ран йæ бæх ныллæууыди, нал ын цæуы размæ. Лæппу йæ бæхимæ куыд архайдта, афтæ йыл дыууæ лæджы æрбафтыди. — Дæ фæндаг раст, лæппу! — Уæ хъуыддаг раст! — Ницы дæм (ис хæринагæй? Сыдæй мæлæм, — дзурынц æм дыу>^æ бæлццоны — Уæ хъал мыл куы нæ каликкат, æз адæргæй цы ракæнон, уы- мæн мæхæдæг дæр куы ницыуал зонын, — загъта лæппу. — Дæ разы ма ньин дæ бæх аргæвд. Лæппу февнæлдта æмæ йæ бæхы æрбаргæвста. Дыууæ лæджы æв- налгæ дæр нæ бакодтой бæхы фыдмæ, фæлæ бафарстой лæппуйы: — Кæдæ-м дарыс дæ фæндаг? — Фæндыр-уадындз, бул-бул æмæ сызгъæрин хъаз атурæг хæ- тьгн, — загъта лæппу. — Цальгнмæ уыдоныл фæхæст уон, уалынмæ >мæ адрды сæр нал райсдзынæн. — Уыдонмæ дын фæндаг бацамондзыстæм, — загътой бæлццæт- 414
тæ.—Ацы фæндагыл æмраст цæуын куы байдайай, уæд дæ бахæсдзæн иу донмæ. Уыцы дон ахæм маст у, ахæм, æмæ дзы аназæнтæ нæй. Фæ- лæ-.иу ды баздæх, æмæ иу дзы раппæл, — йе ’ххуысы хай дын бакæн- дзæн дон. Дарддæр сæмбæлдзынæ рæсугъд фæткъуы бæласыл, фæлæ йыл фыд туаг фæткъуытæ. Бахæр-иу ын йæ фæткъуытæй. Уьгй фæстæ амбæлдзынæ æфсæндзых бирæгътыл, бахæццæ уыдзымæ æфсæздзых хъæрццыгъамæ, стæй залиаг калмы мвдмæ, фæсташæ та — иу фидары дуармæ. Ахæсс-иу демæ æфсæндзых бирæгътæн цæхджын фæхсын, æфсæндзых хъæрццыгъайæн та—хоры голлаг, залиаг калмы мадæн-иу баппар йæ уæхсчытыл глеси сыф, æфсæц дуары зилæнтæ-иу байсæрд царвæй; дуар байгом уыдзæн, æмæ уæд сызгъæрин хъаз дæ бар баззай- дзæн. Лæппу суадоны анадта йæхи, ахордта туаг фæткъуы бæласæй; стæй йьш дыууæ бæлвдоны цы бафæдзæхстой, уыдон сæххæст кодта сæ сæ- рæй бьгнмæ. Хъаз лæппуйы бар баæад, уæдæ ды уыда-ид, æмæ йæ фи- дарæй рахаста. Цæуынтæ байдыдта æмæ йæ фæндаг ракодта фæндыр-уадындз æмæ бул-булыл. Райста уыдон дæр, уæдæ куыд уыдаид, æмæ æрхæщцæ камы дьшæгмæ, амбæлд йе ’фсымæртыл. Уьщы ранæй æртæ æфсьмæры æртæ хæзнаимæ фæцæуынц сæ хæдзармæ. Залиаг калм фæндыр-уадын- дзы цагъд, стæй бул-булы зæланг куы нал хъуыста, уæд фæдисы раащд йæ хæзнаты фæстæ. Цæугæ бæргæ ракодта, фæлæ йæ хъуыддаг хорз нал адыд: доны бацæугæйæ фæмард и. Æртæ æфсымæры æрхастой æртæ хæзнайы, сæвæрдтой сæ галуан- ты сæрыл, сæ фыд сæм куыд бæллыд, уымæ гæсгæ. Фæндыр-уадьгндз æмæ бул-бул цæгъдынц ныр дæр ма, сызгъæрин хъаз та сæ цагъдмæ æнæ банцайгæйæ кафы. Уыдонæй цы нæ федтат, рьга, сонæй дæр æндæр мацы фенут. ^
КЬ^рС*^^^ ХЪАРАМАН-ПАДДЗАХ Уыди Хъараман-паддзах. Иу бон дзырд радта йæ адæмæн: «Хæ- тæны цæуын, æмæ бæхæвзæрст æмæ лæгæвзæрстæй мемæ куыд рацæуат, афтæ!» Æрæмбырд сты паддзахы адæм. Цæуын байдыдтой æмæ ссыдысты Сау хохмæ. Уым æрынцадысты. Кæсæнцæст систа Хъараман-паддзах æмæ йæ бæсты кæрæттæм кæсьг. Стæй загъта: — Мæ бæсты кæрон ис Сау хъæд, хъæды ис цъæх æрдуз, æмæуым ахæм лæппу хуыссы: йæ донгæмттæй йæ хъуьшыз кæлы, афтæмæй йæ цæстытæ галы къæлæттыйæстæ, æмæ йæ бынатæй цъæх арт, цъæх фæз- дæг уадзы. Мæ адæмæй мын уьвй мæ къухы чи бафтын кæна, уымæн йæ амæлæты бонмæ фæвдаг уыдзæн мæ хæзнатæм. Уæд иу лæппу йæ разы балæууыд æмæ загъта: — Дыууадæс æмбалы мын рарвит мемæ, дыууадæс теуайыл хъи- сæн мырмыраг, æрдуйæн хъуытаз æрцауындз, æмæ дъгн æй æз дæ къу- хы бафтын кæндзьшæн. Араст кодтой æртындæс æмбалæй дыууадæс теуаимæ. Ныххæццæ сты бæсты кæронмæ. Базмæлын кодтой дыууадæс теуайы. Уарийы ахст, цæргæсы цъæхахст фæкодтой. Уыцы диссаджы лæппуйæн уыдис дыууадæс домбайы хъахъхъæ- нæг. Домбæйттæ уьщы хъæрæй фæтарстысты æмæ хъæдмæ фæлыгъ- дысты. Лæппу иунæгæй баззади. Æртындæс æмбалæй схæц-схæц кæнынц лæппуйыш æмæ йæ нæ фæ- разынц теуайы рагъмæ. Уæд теуайы æрхуыссын кодтой æмæ лæппуйы теуайы рагъмæ батылдтон. Æрхастой йæ Хъараман-паддзахмæ. Хъараман-паддзахы усæн дæр уыдис авдæны лæппу. Дыууæ лæп- пуйы хъомыл байдыдтой иумæ. Ие ’ссаргæ лæппуйыл Хъарам-ан-пад- дзах сæвæрдта ном Астан, йæхи лæппуйыл — Хъарабогълы. 416
Дыууæ лæппуйы схъомыл сты, байдыдтой цуан кæнын дæр. Тых- гæнæг тых нал ары Астанæн. Уæд иу бон загъта Астан: — Ме ’фсымæр Хъарабогълы, байдайæм радыгай цуан кæнын. Нæ иу дæр-иу бинонтæн æрхæсдзæн æхсæвæрваг æмæ иннæ дæр. Байдыдтой радыгай цуан кæнын. Иу бон цуаны ацыд Астан. Хъараман-паддзах дзуры йæ усмæ: — Мæ калакмæ цæуын æз. Мæ уаты дæгъæлтæ дæумæ уадзын: Авд уаты дæгъæлтæ фæнды бафснай, фæнды ма бафснай, фæлæ æстæм уатмæ мæ фырттæй куыд ничи бахиза, афтæ. Уым цы ис, уый дæхæдæг зоньгс. Паддзах ацыди йæ калакмæ. Йæ ус бафынæй. Иæ фырт Хъарабогълы йæхиньгмæр загъта: «Мæ фыды уæттæ куы фенин абон». Уæттыл зилын байдыдта, æмæ уæтты дуæрттæ æхгæд. Уæтты дæгъæлтæ фьинæй мады дзыппы агуры. йæ мады дзыппæй оиста авд уаты дæгъæлтæ. Авд уаты дуæрттæ радыгай кæнын байдыдта. Алы хорздзинæдтæй се ’дзаг уыдысты уыцы авд уаты. Æстæм уаты дæгъæл нæй йæ къухы. Лæтшу катай кæнын байдыдта: «Ох-ха:й, ацы æстæм уаты дæгъæл кæм æфснайд у?» Иæ мады дæларм хуыдæй ссардта æстæм уаты дæгъæл. Бакодта æстæм уат: йе сæфт æмæ йе ’намонд куыннæ уыд! Аракæс-бакæс кодта уаты, — æмæ уаты къульгл чызджы ныв, æндæр дзы ницы ис. Чызджы ныв куы федта, уæд загъта: — Тæхуды, ды мæн куы уыдаис! Фæлæ мын ныр амæлынæй дард- дæр æндæр хос нал ис. Дæгъæлтæ цæвæрдта, йæхæдæг кæуын байдыдта. Иæ бон куы- нæуал уыди кæуынæй, уæд ацыд йæ бынатмæ æмæ схуыосыди. Уалын- мæ &æ мад дæр сыхъал. Бацыд æмæ йæ фæрсы: — Цы кодтай, лæппу? Уый загъта: — Фæрсгæ мæ мауал кæн, -мæ мад, æз дæн адзалы къахыл лæуд. Уалынмæ ссыди йæ фыд Хъараман-паддзах, æмæ йæм йæ ус дзуры: — Нæ фырт рынчын у. Хъараман-паддзах йæ фыртмæ бацыд æмæ йæ фæрсы: — Цы кодтай, лæппу, æз дæ абон дзæбæхæй куы ныууагътон? Уый загъта: — Фæрсгæ мæ мауал кæн, дада, мæлæтæй дарддæр мын æндæр хос нал ис. 27 Ирон адæмы аргъæуттæ 417
Уæд йæ фыд Хъараман-паддзах къулыбадæг усмæ бацыд фæрсын- мæ æмæ йæм дзуры: — Мæ фырт рынчын у. Цæмæй рынчын у, уый мын зæгъ, æмæ, адзалы бонмæ цæмæй фæцæрай, уыйбæрц мулк дын ратдзынæн. Къулыбадæг ус ьгн загъта: — Дæ фырт рынчын нæу, фæлæ де ’ссаргæ лæппу Астанимæ цуан кодта, æмæ йе ’мдых æмæ йе ’марæхст нæ уыд. Уæд æй Астан хохы сæр фæнадта, æмæ лæппу мæт айста йæ зæрдæмæ. Хъараман-паддзах мæстæйдзагæй раздæхтис. Изæры Астан цуанæй æрцыди, саджы мæрдтæ æрхаста. Хæдзармæ бацыд, æмæ йæ мад æмæ йæ фыд бадынц æнкъардæй, кæуынц. Уый сæ фæрсы: — Цæуыл æнкъа.рд стут, мæ мад æмæ мæ фыд? Уыдон æм дзурынц: — Де ’фсымæр Хъарабогълы мæлы. Уый загъта: — Æмæ йæ æз абон дзæбæхæй куы ныууагътон, уæд ыл цы æрцыди? Хъараман-паддзах ын афтæ: — Де ’мдых æмæ де ’марæхст нæ уыд, æмæ йæ фæнадтай кæмдæр. Ныккуыдта Астан æмæ загъта: — Хуьщау æмæ сыджыт ме ’вдисæн фæуæнт. кæд æй æз искуы мæ разæй цæуын дæр ауагътон. Мæ цард дæр мæ ницæмæн хъæуы, дæ лæппу цы кæны, уый куы нæ рабæрæг кæнон, уæд. Уыцы æхсæв йæ уаты схуыссыд æххормагæй. Райсомæй карк куыддæр ныууасыд, афтæ Астан фестад йæ уа- тæй, йе ’фсымæр Хъарабогълымæ бауад æмæ йын загъта: — Сыст, дæ цуаны рад у, æмæ куыд ацæуай, афтæ! Хъарабогълы йæм дзуры: — Хуыцау мын дæ хорзæх раттæд! Æз адзалы къахыл лæуд дæн, цуаны цæуынмæ мæ нал æвдæлы. Астан ын ноджы зæгъы: — Æддæмæ ракæс, æмæ дын рынчыны туг ис æви нæ, уый фенон. Хъарабогшы уæлæмæ куы нæ стадис, уæд æм бауад, йæ къабазыл ын фæхæцыд, æддæмæ йæ радыввытт ласта æмæ йæм дзуры: — Ды рынчьш дæр нæ дæ, æмæ иу дæр. Фат æмæ йын æрдын йе ’фцæджы баппæрста, йæ разæй йæ кæнын байдыдта, æмæ схæвдæ сты Сау хохы сæрмæ. Уым æм кард фелвæста æмæ йын загъта: — Тагъд, цы кæныс, уый мын зæгъ, кæннод дæ ныкъкъуыхтæ кæн- дзынæн. Хъарабогълы мæлæтæй куы старст, уæд ын радзырдта: — Маргæ мæ ма акæн. Мæ фыд Хъараман-паддзахы æстæм уаты 418
федтон чызджы ныв. Уый цалынмæ мæ къухы бафта, уалынмæ дын мæ- нæй æфсымæр нал ис. Æфсымæртæ фæстæмæ куы æрыздæхтысты, уæд Астан Хъяраман паддзахæн радзырдта Хъарабогълыйы маст. Хъараман-паддзах йæ уæрджытæ ныццавта æмæ йæ усмæ дзуры: — Фæдзæхсгæ дыи куы бакодтон, уыцы чызджы ныв лæппутæй куыд ничи фена, афтæ! ’ Астан загъта: — Мæ фыд, мæпæй дæр зæгъыс? Уьщы чызг мæнмæ дæр фæкæс- дзæн диссаг? Рахæссут-ма, æмæ йæ фенон. Рахастой йæм æй, æмæ чызджы цæсгомы рухсæй бæстæ ныррухс и. Астан æм æркæстытæ кодта, зæрдæйæ ныккуыдта æмæ дзурьг: — Мæнæ чызг, ды кæм цæрыс, Астан уырдæм куы нæ фæцæуа, уæд йæ мæлæт тагъд уыдзæн. Ныв батыхта æмæ йæ йæ дзьшпы цæвæрдта. Уый уыди арвы кæрон цæрæг æстдæс уæйыджы хо. Уæд йæ фыдмæ дзуры Астан: — Дæ паддзахадæн дæр æмæ æндæр паддзæхтæн дæр фехъусын кæн, æмæ сæм æфоæйнаджы мыггаг кæмдæриддæр ис, — цæфхады зæ- гæлы онг,—æрæмбырд оæ кæнæнт æмæ сæ быдырмæ æрбаласæнт. Æз уыцы æфсæйнæгтæй мæхицæн лæдзæг скæнон уæйгуытимæ схæцынæн. Æмæнкъуыст скодтой паддзахы адæм. Æфсæйнаг кæмдæриддæр ардтой, хастой сæ быдырмæ æмæ сæ уым æмбырд кодтой. Бирæ æфсæй- наг æрхастой æндæр бæстæтæй дæр. Афтæ бирæ æр-аембырд кодтой æф- сæйнаг, æмæ йæ уæзæй зæхх сæнкъуысьгд. Астан бавнæлдта утæппæт æ(фсæйнæгтæ æхоидынмæ. Уæд афтæ сæнтæф ис, æмæ дæттæ сысьш бай- дыдтой. Адæм æлæ донæй стыхстысты. Хъараман-паддзахмæ йæ адæм æрвитын байдыдтой: — Дæ паддзахад ма цы уыдзæн, дойньгйæ сæфдзысты дæ адæм! — Чьгндз дæр мæ нал хъæуы, мæ фырттæ дæр мæ нал хъæуынц: адоэм сæфдзысты æнæ донæй, æмæ ма мæ уæд чи дардзæн? — загъта Хъараман-паддзах. Астан æм дзуры: — Мæн æппындæр дæ ладдзахады мæт нæй! Æз аразын мæхи фæндаг. Ньгр дзырд ратт, æмæ дæ къухы куырд æмæ куынцдымæг цы ис, уыдон куыд æрæмбырд уой. Куьгрдтæ æмæ куы-нцдымджытæ куы æрæмбырд сты, уæд сын Астан загъта: — Ныр гуымирты* рæстæг у, тыхы рæстæг. Æз балцы цæуын, æмæ, мæ къухы кæй ахæосон, ахæм лæдзæг мын саразут -атæппæт а^фсæн- нæгтæй. Ныккатай кодтой куырдтæ æмæ загътой: * Гуымиртæ — аргъæутты: цавæрдæр уæйгуыты мыггаг. 419
— Æхсидгæ йæ бакæндзыстæм, фæлæ йæ фæлдахын нæ бон нæ бауыдзæн. — Фадар цæлхытæ скæнут, æмæ уын æй уыдон уæлæ мæхæдæг æрæвæрдзынæн, — загъта сын Астан. Уый фæстæ йыл радымдтой авд ком’æй авд æвдиуы, æмæ бæстæ судзын байдыдта. Æфсæйнаджы æхсидæн артæй паддзахы адæм су- дзынц хъæугай æмæ сыхгай. Адæм дыккаг хатт барвыетой Хъараман-паддзахмæ: — Б,асыгъдысты дæ адæмы хуыздæрты хæдзæрттæ æмæ адæм сæ- хæдæг дæр. Дзырд ратт, æмæ дымгæ мауал дыма. Хъарамян-паддзах та Аетанмæ дзуры: — Нал мæ хъæуы чындз. Ныууадзут уьщы зынг. Сæфы мæ пад- дзахад. — Мæн æппындæр паддзахады м-æт нæй, — загъта та лæппу. Скодтой йьш æфсæйнаг лæдзæг, сæрвыстой йæм: — Астан, дæ лæдзæг сцæттæ ис, æмæ йæм рацу. Ньщцыди Астан, лæдзæг систа æмæ йæ уæлæмæ сæппары, рацахсы йæ куы иу къухæй, куы иннæмжй; лæдзæджы уæз кæд уыди æхсæз милуан путы! Астан рахаста лæдзæг, æмæ йе ’осыдмæ паддзахы кæртытæ бай- дзаг сты æраджьгн адæмæй. Æрбаластой хæцæнгæрзтæ дæр. Уæд йæ фыдмæ дзуры: — Хъараман-паддзах, адон цавæр адæм сты, цæмæ сæ æрæмбырд кодтай? Уый йын загъта: — Чызджы фæдьгл куы цæуьге æмæ тьгхы раастæг куьг у, уæд дæ æфсадьг къорд нæ хъæуы? Астан æм дзурьг: — Æмæ адон бьгндзытæй æдасдæр куьг стьг! Æз хæсты куьг бацæ- уон, уæд адон хъахъхъæнон æви хæцгæ кæнон? Аздак сæ: адон мæнæн фыдбьклыз йедтæмæ æххуыс нæ фæуыдзысты! Аздæхтысты æфсæдтæ фæстæмæ, Астан йæхæдæг иунæгæй араст и. — Æз цæуьгн мæ адзальг фæндагыл, — загъта, — фæлæ уыцы чызг кæд мæ къухы бафтинаг у, уæд тагъд æрыздæхдзьгнæн. Хъараман-паддзах æм дзурьг: — Уæд, ус кæмæн курьгс, уьгй дæр нæ уадзыс демæ? Астан загъта: — Уый дæр мьгн фыдбьгльгз йедтæмæ ницьг æххуыс фæуьгдзæн. Уæд та йьгн Хъарама-н-паддзах зæгъы: — Ацу, уæдæ, фæндараст! Æвæвдæгæн ус дæхицæн курьгс. Астан загъта: — Ох-хай, цæй рæдьгд кæньгн. Хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йае зондæй бафæрс: рарвит Хъарабогълыйы, æмæ цом иумæ. 420
^Рараст кодтой иумæ Хъарабогълы æмæ Астан. Дыууæ æфсым’æры цæуынц, цæуынц. Бафтыдысты æнæдон быдырмæ, æмæ_сыл хуры цæст тар кæнын байдыдта, Хъарабогълы дойныйæ мæлы. Бафтыдысты стыр фидары цурмæ. Йæ хуылфæй доны хъæр бæргæ цæуы, фæлæ йæм дуар никæуылты ис. Хъарабогълы Астанмæ дзуры: — Дойныйæ мæ бон нал у цæуын, æмæ ацы фидары хуылфæй до- ны хъæр бæргæ цæуы, фæлæ йæм дуар нæй. — Ды-иу мын дон ссар, уый йедтæмæ йæ.м фæндаг мæхæдæг скæн- дзьгнæн! — загъта Астан. Фидармæ хæстæг бацыд æмæ йæм хъусы: æцæгдæр дзы даны хъæр цæуы. Астан йæ лæдзæджы чъилæй къул бас- хуыста, æмæ фидары фарс фегом. Мидæмæ бацыдысты1, суадоны цур æрбадтысты æмæ дон баньгзтой. Фвдары хуылфы уыди сызгъæрин галуантæ æмæ хæдзæрттæ. Астан йæ лæдзæг йæ -нывæрзæн æрæвæрдта æмæ галуаньг цур афынæй. Уьщы галуаны цард авд уæйыджы, сæ авд дæр уыдысты тыхгæнæг. Уæйтуытæ уыдысты хохы, цуаны, сæ хо æмæ сæ мад та — хæдзары. Астан хуыссы, Хъарабогълы та галуаны рацу-бацу кæны. Уæйгуыты хо æддæмæ ракаст. Куы федта æфсымæрты, уæд фæс- тæмæ фездæкт æмæ йæ мадмæ дзуры: — Федтон диссаг, нæ цæхæраданмæ кæщæйдæр æрцыди дыууæ хæххон цъиуы. Мад ын загъта: — Оххай, тыхгæнæг ма уæнт. Фестад, уæдæртт æмæ æлхуи райста æмæ дуармæ разгъордта. Йæ уæдæртт аппæрста былæй æмæ дзуры: — Уæ, дæлæ хæххон цъиу, мæ уæдæртт ’ма мын сæппар. Хъарабогълы йæм бацыд æмæ йыл схæстытæ кодта. Ус ын базыдта йæ тых, æлхуийы бырьшкъæй йæм цæвнæлдта, йæ дыууæ уæны æхсæн ын æй æртъыста, систа иæ йæхимæ æмæ йæ къуту- йы бынмæ баппæрста, изæры мæ авд лæппуйы куы æрцæуой, уæд сын хъæрмхуыпваг уыдзæни, зæгъгæ. Уальгнмæ авд уæйыджы æрцыдысты хохæй, æмæ сæм сæ мад дзуры: — Абон нæ цæхæрадонмæ дыууæ хæххон цъиуы æрцыди, сæ иу дæлæ суадоны цур амард, иннæ та мæнæ къутуйы бын и; суадо- ны цур чи ис, уый дæр схæссут, æмæ уын сæ дыууæ æхсæвæрваг уыдзысты. Уæйгуытæн сæ иутæ æртытæ кæньгнмæ фесты, иннæтæ та уæхстытæ кæнынмæ. Æртæ кæстæр уæйыджы азгъордтой Астанмæ, æркæстытæ йæм кодтой æмæ йын йæ лæдзæг йæ нывæрзæны куы федтой, уæд сæ зæр- 421
дæтæ бауазал сты: «Оххай, — загътой, — кæд ацы лæппу ахæм лæ- дзæг æрхаста, уæд нæ мыггагыскъуыд кæндзæн». Нæ йæ бауæ’ндыдыстьг райхъал кæнын, фæстæмæ баздæхтысты æмæ се ’фсымæртæм дзурынц: — Удæгас у, мард нæу, фæлæ йæ нывæрзæн æфсæйнаг лæдзæг, æмæ йæ уæзæй сыджыты ныллæсти. Уыдон сæм дзурынц: — Куитæ, райхъал кæнын дæр æм нæ бауæндыдыстут! Азгъордтой хистæртæ сæхæдæг, æмæ Астаны скъуырдтытæ код- той сæ къæхтæй. Астан фехъал æмæ сæм дзуры: — Цы стут? Уыдон загътой: — Мах стæм уæйгуытæ, фæлæ ды цы дæ? Уый акæстытæ кодта, æмæ йе ’фсьпмæр уым нал. «Оххай! Ме ’фсымæры мын бахордтой, сæрæй?» Фæсæррæтт кодта æмæ уæйгуыты хæдзармæ згъорыныл фæци. Уæйгуыты мад та хæдзарæй æддæмæ рацæйуад, æмæ йæм Астан дзуры: — Ме ’фсымæр цы фæци? Зæгъ мын æй тагъд! Ус дзуры: — Де ’фсымæрæй ма цы кæныс, дæхи дæр дын хæргæ куы кæ- нæм, уæд? Хъарабогълы къутуйы бынæй радзырдта: — Мæнæ дæн, бæргæ, фæлæ мæ æргæвдгæ кæндзысты. — Æтт! Тæрсгæ ма кæн, æз дьин æгас куы уон, уæд! — фæкодта Астан, бауад æмæ Хъарабогълыйы къутуйы бынæй радавта æ»мæ йæм дзуры: — Исты дын кодтой, миййаг? — Сæ мад мын йе ’лхуийы бырынкъ мæ дыууæ уæны æхсæн æр- тъыста æмæ мæ йæхимæ афтæмæй систа. Уæйгуыты мадмæ базгъордта уæд Аста>н, тымбыл къухæй йæ ныц- цавта, æмæ сау фæньж фестад. Стæй йæ лæдзæгмæ фæци, фелвæста йæ æмæ авд уæйыгмæ дзуры: — Рæгъæй-ма æрлæуут, æз уын зонд бацамонон! Уæйгуытæ рæгъ æрлæууыдысты, — уыдон зæрдæйæ, зонд сын амо- ны. Уый сыл йæ лæдзæг фехста, æмæ авдæй дæр уым фæмард сты. Байдыдтой уырдыгæй цæуын Астан æмæ Хъарабогълы. Бафты- дысты та æнæдон быдььрмæ, æмæ сыл хуры цæст тар кæнын байдыдта, Хъарабогълы та дойныйæ суынгæг. Уалынмæ бахæццæ сты иу галуаны цурмæ. Уырдыгæй дæр доны хъæр цæуы. Хъарабогълы йæ алыварс зи- лы, æмæ йæм дуар никæуылты ис, æмæ уаед дзуры Астанмæ: — Дойныйæ мæлын. Ацы галуаны дон ис, фæлæ йæм дуар нæ арьгн. 422
Астан та лæдзæджы чъилæй галуаны сис ныццавта, æмæ галуаны фарс фегом и. Æфсымæртæ га^луаны хуылфмæ бахызтысты: сыгъдæг сызгъæри- нæй конд уыдис уьгцы галуан, нарæг фьгнгтæ йæ мидæг, сæ рухсæй цæстытæ тартæ кодтой, галуаны цъиузмæлæг нæ уыди. Хъарабогълы дзуры Астанмæ: — Не ’сæфт æрцæудзæн ам, ай хуымæтæджы лæджы кæй нæу, уый зоньгн хъæуы. Астан кæеæнцæст оиста æмæ арвы кæрæттæм кæсы: ху.рыскæ- сæнырдыгæй фæзынди сау мигъы къуымбил æмæ рацæуы арвыл. Уæд Астан дзуры Хъарабогълымæ: — Ме ’фсымæр, ацы галуалæн йæ хвдау у Араби, уæларвы уыдис хæтæны æмæ ныр æрцæуы. Хъарабогълы загъта: — Кæд афтæ у, уæд ардытæй лидзьгн хъæуы. Астан ын загъта: — Мæнæн лидзæн нæй, æз хъуамæ ахæцон йемæ, фæлæ тагъд дыууадæс ивазны уæрм скъах дæхицæн æмæ уыцы ран ныггæпп кæн. Хъарабогълы йæ арцы бььрынкъæй зæхх сфæйлау-сфæйлау кæны. Астан æм худгæйæ кæсы æмæ йæм дзурьг: — Цы ми кæныс, цы? — Мæнæ мæхицæн ингæн къахын цæрдудæй! Астан лæдзæджы чъил зæххыл æрæвæрдта, æркæщыд ыл, фæстæ- мæ йæ сласта æмæ йæм дзуры: — Ныггæпп дзы кæн тагъд! Хъарабогълы уæрмы алыварс зилы æмæ йæм бынмæ кæсы, ныхъ- хъав-ныхъхъав æм кæны. Астан та йæм дзуры: — Ныггæпп дзы кæн, цæмæ ма йæм кæсыс! Уый йын зæгъьг: — Ам куы ныггæпп кæнон, уæд кæнæ мæ бæрзæй сæтдзæн, кæнæ мæ астæу. Астан æй йæ лæдзæджы чъилыл уæрмы ауагъта. йæхæдæг йæ лæ- дзæг йæ синтæм сæвæрдта æмæ галуаны хуылфы рацу-бацу кæ«ы. Уалынмæ Араби зæхмæ æрæввахс æмæ Астанмæ дзуры: — Чи куыдз, чи хæрæг дæ уый? Цы разил-базил кæныс ам, цыма дæ фыдьт цæхæрадон у, уыйау? Уый йæм дзуры: — Куыдз дæр дæхæдæг æ’мæ хæрæг дæр! Кæд алидзид, зæгъгæ, æвæццæгæн, бæрзондæй дæр уымæн дзурыс? Араби йыл йæхи æр^юкъæрдта. Ньщцавтой кæрæдзийыл сæхи æмæ байдыдтой хæцын. Астан æй зæххыл ныкхуырста. Араби йæ бьгны цæ- хæры тыфыл акалдта æмæ сызгъæршгдзыкку чызг фестади. 423
Уæд æй лæппу феуæгъд кодта, фæстæдæр алæууыд æмæ йæм дзуры: — Цы зæды хай дæ, баххуыс кæн, æнæзонгæйæ мьвд фæдæ бььрст. Уый йæм дзуры: — Æз зæд дæр <нæ дæн æмæ дзуар дæр. Æз дæн хуьщауы хæрæ- фырт, æмæ хуьгцауæй ахæм дзырд ис: чи мыл фæтых уа, уьгй йедтæмæ мын мой скæнæн никæмæй ис. Ныр мæ ды абырстай æмæ мыл кæд æр- вæосыс, уæд мæ хуьщау дæуæн загъта, æмæ мæ, дæ хæдзар кæм ис, уьгрдæм фæкæн. Астан ын зæгъы: — Æз дæу аккаг нæ дæн, фæлæ -мемæ ис ме ’фсьгмæр, усгур. Уый хæцынтæ-йедтæ йæ сæрмæ нæ хæюсы. Уæртæ сызгъæрин къæлæтджы- «ьгл бады, æмæ йæ æрбакæнон. Кæрæдзимæ бакæсут, æмæ каёд кæрæ- дзийы зæрдæмæ фæцæуат, уæд уый дæуæн лæг, ды уымæн ус, æз та дæуæн — тиу. — Ацу æмæ йæ ракæн, уæдæ. Астан рацыд, йе ’фсымæры уæрмæй систа æмæ йæ чызджы цурмæ бакодта. Бакасти Хъарабогълы чызгмæ æмæ Астанæн загъта: — Цы чызджы фæдыл цæуæм, уый наэу. Уæд араст кодтой уырдыгæй дарддæр, æмæ сæм чызг дзуры: — Фæлæуут-ма, кæдæм цæут? Чи стут, уый мын уæддæр зæгъут! — Мах стæм Хъараман-паддзахы фырттæ. Нæ фыды уаты ис чыз- джы ныв, æмæ уый фæстæ цæуæм. Уьгцы чызг хъуамæ нæ къухы бафта, æндæр гæнæн нæй. Уæд чызг ставд цæстысыгæй ныккуыдта æмæ дзуры: — Мæгуыр уæ яыййарджыты бон, сымах цы мад, цы фыды цурæй ргфаст стут æмæ фæстæмæ кæмæ нал фæцæудзыстут. Аста’н æй фæрсы: — Цæмæн афтæ зæгъыс, мæ хойы хай? — Уыцы чьгзг ис арвы кæрон æмæ у æстдæс уæйыджы хо. Хуыцау адæмтæй куы сфæлдыста мыггаг, уæд уыцы æстдæс уæйыгæн афтæ загъта: «Сымахæн тыхгæнæг тых ма ссарæд». Уыдон стьг хуьщауæй ар- фæгонд, æмæ сын ис цыппар хойы. Хистæр хо у Сау хохы æвдсæрон Сау уæйыджы ус. Иннæ у Урс хохы Урс уæйыджы ус. Каэстæр хо у Сырх хохы Сырх уæйыджы ус. Ис ма сын се ’ппæты кæстæр хо, кæмæ Цæут, уый. Уыдон сты тыхгæнæг, æмæ уæ бахæрдзысты, фæлæ фæстæмæ аз- дæхут. Кæд уæ мæныл исчи г^рвæссы, уæд æз цæуын уемæ. Æфсымæр- тыл куы фæтых уат, сиæхстыл куы фæтых уат, уæддæр уьщы цыппар хойы сты хингæнæг, æмæ уæ хохмæ басайдзысты, æмæ уыл уым хохы дуæрттæ сæхгæндзысты. Ставд цæссыгæй кæуы чызг, æмæ йæ цæосыг йæ разы цæппузырæй æнхъизы. Уæд æм Астан дзуры: 424
— Æз мæ фыды цурæй уыцы ныфсæй нæ рацыдтæн, æмæ, æнæ мæ фæндон сæкхæстгæнгæйæ, фæстæмæ аздæхон. Цæуьшы къахыл куы ныллæууыдысты, уæд чызг йæ амонæн къу- хæй рафтыдта сызгъæрин къухдарæн æмæ йæм æй радта: — Уыцы къухдарæн дæ къухыл бакæ: гъеныр дæм цы тых ис, иу ахæм тых ма дæм æрцæудзæн. Лæппу хæрынкъа систа æмæ йæ чызгмæ радта: — Уыцы хæрынкъа къуырийæ-къуыримæ дæ армытъæпæны зил. Кæд дæ армытъæпæнæй æхсыр цæуа, уæд уый зон, — æз удæгас дæн; кæд дæ армытъæпæнæй туг схъара, уæд уый зон, — удæгас нал дæн, æмæниу мой ’скæн. Араст кодтой уырдыгæй. Бафтыдысты стыр æнæдон быдырмæ. Уььм сыл хуры цæст тар кæнын байдыдта. Бахæццæ сты фидар амад галуа- ны цурмæ, æмæ та Хъарабогълы дойныйæ суынгæг ис. Уый уыдис æстдæс уæйыджы галуан. Хъарабогълы дзуры: —■ Дойныйæ мæлын, ацы галуаны хуылфæй та доны хъæр цæуы, фæлæ та йæм дуар бæрæг нæй. Астан йæ лæдзæджы чъилæй ныццавта галуаны сис, æмæ сис м.и- дæмæ бакалди. Бахызтысты галуанмæ æмæ дзы рацу-бацу кæнынц. Уæд æстдæс уæйыджы хо рацыди дуармæ, æмæ йæ цæсгомы рух- сæй бæстæ ныррухс и. Хъарабогълы йæ федта æмæ дзуры: — Астан, цы чызджы фæдыл цæуæм, уьщы чызг уæлæ уый у, фæ- лæ дæ ныр тыхы сæр бахъуыди! Чызг фæстæмæ фездæхт æмæ йæ мадмæ дзуры: — Тыхгæнджытæ нæм æрбацыд, нæ фидæрттæ нын ныппырх кодтой. Ус фестад, йæхи ныццавта уæдæртт æмæ æлхуийыл. Раппæрста уæ- дæртт былæй æмæ сæм дзуры: — Уæ, хæххон цъиутæ, гъе уыцы уæдæртт ма мæм сæппарæд исчи. Уæд æм Хъарабогълы фезгъоры æмæ йæм Астан дзуры: — Фæлæуу, мæн æм ауадз, ды йæ не ’офæраздзынæ. Кэед дæудæр мæ хуывæн æнхъæликкой. Уæдæртмæ базгъордта, йæхæдæг уамæ дзуры: — Фæлæуу, мæ мады хай, æз дæм æй сæппардзынæн. Уæдæрттыл фæхæцыд æмæ йæ фехста усыл: æгæр мæсты æхст ын фæци, æмæ усы февгъуыдта, фæлæ галуантæ ныппырх кодта. Уæд ус, æцæг тыхгæнджытæ сты, уый базыдта, æмæ ма «хæххон цъиу» хæйрæг срæдийæд! Ф,æлæ оæм дзуры: — Уæ фæхъхъау æрбауон, мæ дзæбæх уазджытæ! Æз дæн æстдæс уæйыджы мад. Мæ лæппутæ сты хохьг, цуаны. Уæртæ мæ цæхæрадоны ис фæткъуы, æмæ дзы æрцæгъдут æмæ дзы ахæрут. Астан ын загъта: 425
— Кæд мын æртæ æхсты бар дæттыс, уæд дзы бакæрдзынæн, кæн- нод нæ. Ус та йæм дзуры: — Амæй изæрмæ дæр дзы цæтъд! Аст-ан баахыд æмæ йæ йæ лæдзæгæй иу æхет фæкодта: фæткъуыйы срæмыгъта астæуæй уæлæмæ, фæлæ дзы зæхмæ сыфтæр дæр не ’рхауд. Дыккаг æхст æй фæкодта: йæ бындзæфхадæй ма чьюыл аззад, уæддæр дзы ницы æрхауд зæхмæ. Æртыккаг æхстæн æй æд уидæгтæ орæмыгъ- та бынтон, уæддæр дзы ни’цы æрхауд бьгнмæ, нæдæр фæткъуы, нæдæр сыфтæ)р. Уæд æм Астан кæсы æмæ дзуры: — Уæ, ды кæй фæткъуы дæ, уыдон мад æмæ фыд афтæ-уфтæ фæ- уой! Цæгъдгæ дæ куы кæньш, æм,æ дæ уырдыгмæ куы ницы хауы! Фæткъуыйы цæнгтæ хохы сæрыл æрьгнцадьгсты æмæ зыр-зыр кæ- нынц. Æстдæс уæйыджы сæм кæсынц, æмæ катайыл сысты, сæ кæрæ- дзимæ дзурынц: — Оххай, тыхджын тыхгæнæг нæм æрцыд, кæсут-ма нæ фæткъуы- йы цæнгтæм. Уæд хæхтæ ныххостой кæрæдзи’йыл, æмæ бæстæ æрвнæрæгау бай- дьгдта. Уæйгуытæ уырдытæй сæхи раппæрстой. Æстдæс уæйыджы мадмæ дзуры Астан: — Бæстæ куы нынкъуьгсти, хорз ус, уæд уый циу? — Уьгй ме ’стдæс фырты æрцæуьгац, хæхтæ кæрæдзийыл хойынц, æмæ уыдон гыбар-гыбур у. Астан та йæм дзуры: — Ау, æмæ уьщы куитæ къæдзæхтыл цы кафынц, исты сæгътæ сты, миййаг? Уæд сæ мад йæ рустæ тонгæ сæ размæ згъорын байдыдта. Бахæц- цæ сæм æмæ сæм дзуры: — Не ’сæфт æрцыди, æмæ уæ «хæххон цъиу», зæгъгæ, мачи срæдийæд. Уæд æй йæ фырттæ фæрсынц: — Цал сты тыхгæнджытæ, кæнæ сæ тых циу? — Дыууæ йедтæмæ не ’сты, фæлæ нæ бьгны сæфт кæндзысты. Æстдæс уæйыджы згъорын байдыдтой размæ æмæ сæ галуанмæ æрхавдцæ сты. Астан сæ раэмæ лæууы йæ лæдзæшмæ. Уæд уæйгуытæ фæхъæр кодтой: — Æгас цæут, уазджытæ! Астан сæм дзуры: — Куитæ, цы мыл хъæр кæнут, исты мæ уæ фыды цæхæрадоны куы нæ ссардтат! Æстдæс уæйыджы семæ æрхастой æд къала бæлас æмæ саджы мæрдтæ, æмæ дзурынц лæппутæм: 426
— Уазджытæ, куоæрттæ акой кæндзыстут æви арт кæнут? Астан сын загъта: — Куитæ, æмæ уæм мæ фыд æртгæнæг æрцыд искуы? Арт уæ- хæдæг скæнут, кусæрттæ мæ бар уадзут! Саджы мæрдтæ сæ кæрты рæдзæгъдтæй лæууынц. Астан дзуры уæйгуытæм: — Адон йедтæмæ уæм кусæрттаг ницы ис? Адонæй цы аргæв- дон æз? — Гъе уыдон саджы мæрдтæ сты, æмæ уыдонæй уæлдай махмæ кусæрттаг нæй, — дзуапп ын радтой уæйгуытæ. — Уæдæ арт скæнут, — уыдон æз цъиуты хуызæн аскъуыдтæ кæн- дзьгаæн. Астан сагæн йæ къубал бауыгард кæны, æмæ царм иуырдæм акауы, фыд — иннæрдæм: уæнггай сæ акъуыхтæ иæны къухæй æмæ сæ цæдджинаджы калы. Уæйгуытæ йæм кæсынц æмæ катай байдыдтой: «Оххай, бынтон сæфт кæндзыстæм, хæрдзæни_нæ ай». Уæд сæм Астан дзуры: — Куитæ, кæсгæ мæм цы кæнут! Арт кæнгæут, — æз кусæрттæ куы кой кæньш! Цæдджинæгтæ бауæларт кодтой, хæдзары æрбадтысты рæгъæй. Æппæты уæле æртæ хистæры, уьгдон дæле Астан æмæ Хъара- богълы. Кæстæр уæйыг, цырагъæвæрæг, дзуры: — Уазджытæ, æнæ хъуыддаг не ’рцыдаиккат, сымах, уый нын цы зонын хъæуы. Астан ын загъта: — Хуыздæр фæу, дæумæ лæджы туг хæццæ кæны. Мах æрцыдыс- тæм уæ хомæ курæг. ^æд æ^м цырагъæвæрæг фæстæмæ дзуры: — Мах уын нæ хойы афтæмæй нæ ратдзыстæм. — Уæдæ куыд? — Кæд ахсæв не ’мхæрд æмæ не ’мнозт уæ бон бауыдзæн, уæд уын æй ратдзыстæм, кæннод нæ. — Куитæ, æмæ сьимах уæ цæрæнбонты фæллой иу хæрд кæнут, æмæ æз дæр афтæ дæн?! Æз хæрдæй нæ архайын, æз архайын тыхæй. Кæд уæ хойы бархийæ дæттат, уæд хорз, кæннод тыхæй дæр фендзыс- тæм, æмæ кæуьгл цы сæ^мбæла, уый йын хæлар уæд. Уыцы афон чызг кæмдæр бамбæхсти. Хъарабогълы дзуры: — Астан, сæ чызг кæм ис, æрбакæнын-ма йæ кæн. Бакæсон æ\м, кæд нæ къухы бафтдзæн, уæд. Астан уæйгуытæн загъта: 427
— Уæ хо кæм ис? Ракæнут æй тагъд, кæннод уæ быны сæфт кæньш. Уæйгуытæн гæнæн нал уыд, æмæ йæм кæстæртæ ацыдысты. Æрба- кодтой чызджы, æмæ хæдзары къуымтæ йæ рухсæй ныррухс сты. Астан æй йæ тæккæ раз æрбадын кодта æмæ йе ’фсымæрмæ дзуры: — Ды йæм дзæбæх кæс. Уалынмæ æхсæвæр дæр сцæттæ. Ацыдысты фараст уæйыджы, окъахтой æнæхъæн быркуы сæн, хæдзармæ йæ æрбахастой æмæ йæ арт- дзæсты фарсмæ æрæвæрдтой. Астан сæ фæрсьг: — Цы ’рбахастат, уый та циу? Уæйгуытæ йын дзуапп радтой: —> Уый у сæны быркуы. Астан сын загъта: — Æмæ йæ фенъшмæ æрбахастат! — фестад æм æмæ йæ иу къу- сау ахуьшп кодта. Иæхæдæг быркуы къуыммæ баппæрста æмæ сæм дзуры: «Нæ бæззы уæ сæн, стæй æниу рæгъытæ ацы куьюийæ кæн- дзыстæм?!» Уæйгуытæ сæхимидæг æрдиаг байдыдтой: «Оххай, не ’сæфт æр- щ,ыд». Ацыдысты æстдæсæй æмæ скъахтой авд мусуаты быркуы, æмæ «æ уæлæмæ кæуылты сисой, уымæн ницы зонынц, йæ алыварс катай кæнынц. Астан æнхъæлмæ кæсынæй куы бафæллад, уæд сæм ацыди æмæ сæм дзуры: — Уæ, куитæ, уым æй ма бануазут, мæнæн дæр ма дзы фæуадзут. Уæд ын уæйгуытæ загътой: — Дæ фыдæхæй фесæфæм, — нуазгæ ницы кæнæм, фæлæ йæ уæ- лæмæ сисын нæ фæразæм. — Ау, куьшнæ йæ фæразут æстдæс уæйыгæй, тыхгæнæг куы хонут уæхи! — йæхæдæг ын йæ дьгууæ хъусыл фæхæцыд æмæ йæ къæдзæхæй стыдта. Æрбахаста йæ æмæ йæ хæдзары æрæвæрдта. Уæд бæстон æр- бадтысты. Байдыдтой хæрын, нуазьш. Астан сæм дзу^ры: — О, куитæ, æрхæссут уазæджы куыои! Æз æрдæбон быркуы уый тыххæй ахуыпп кодтон, æмæ уæ кæстæр афтæ загъта: не ’мхæрд æмæ не ’мнозт кæд уæ бон бауыдзæн, уæд уьш нæ хойы ратдзыстæм, кæн- нод <нæ. Рахастой сын уазæджы нуазæнтæ, фæхордтой, фæнозтой æмбис- жхсæвмæ. Æмбисæхсæв уæйгуытæ сæ устытæм дзурынц: —• Уазджытæн уæттæ бакæнут. Уæттæ кæньга байдыдтой сызгъæрин уæладзгуыты. Астан сæм дзуры: 428
— Куыд уæттæ кæнут, куы? — Куыд уæттæ кæнæм, куы, — уæ быны дари гобæттæ, уæ уæлæ дари хъæццултæ. — Æз ууыл нæ дзурын, æз нæхимæ дæр фæнычы фарсмæ фæхуыссын, фæлæ уæ хо æмæ ме ’фсымæрæн иу ран цæуылнæ уат кæнут? Уæйгуытæн ма цы гæнæн уыд, сæ сæртæ банкъуыстой æмæ сын иу ран бауат кодтой. Ие ’фсымæрмæ дзуры Астан: — Куы дæ æргæвда, куы дæ мара, миййаг, ахсæв уыцы чызг, уæд ын-иу зæгъ: «Сардаудзынæн дыл не ’фсымæр Астаны». Уæд дын чызг йæхæдæг лæгъстæ кæнын байдайдзæн. Схуыосыдысты иу ран чызг æмæ лæппу, фæлæ йæм чъизг æмгæрон нæ цæуы. Хъарабогълы йæм дзуры: — Ма кæ, кæннод дæ не ’фсьшæрыл сардаудзынæн, æмæ уæ быны сæфт фæкæндзæн. Уæд ьгн чызг загъта: — Ардаугæ мæ ма скæн, уый йедтæмæ дæ цы фæнды, уый кæн. Бон дæр æрбарухс. Сыстадьпсты се ’ппæт дæр, цæхсадтой сæхи. Аходæн бахордтой. Цæуынц хохмæ цуаны. Æстдæс уæйыджы акодтой Астаиы самæ. Астан йæ лæдзæг уæй- гуыты галуаны ферох кодта. Байдыдтой цæуын Сау хохы сæрмæ. Уæйгуытæн сæ хо уыди Сау хохы æвдсæрон Сау уæйыджы ус. Бахæццæ сты Сау хохы бынмæ. Иу фæндаг дзы уыдис «фæцу æмæ ма æрцуйы» фæндаг. Уæйгуытæ Астаны бафтыдтой «фæцу æмæ ма æрцуйы» фæндагыш. «Ме сæфты фæндагыл фæцæуьш», — ахъуыды кодта Астаи, фæлæ «нæ цæуын» зæгъын йæ сæрмæ кæм æрхастаид. Байдыдта Сау хохы сæрмæ цæуын. Хохæн йæ фидармæ куы бав- вахс, уæд йæ разы фестад сызгъæрин саг. Уый уыд æстдæс уæйыджы хо, æмæ йæ разы хины сырд фестади. Астан æй сурын байдыдта, фæлæ йæ æхстбæрцмæ не *ййафы. Хохы фидармæ куы бахæццæ, уæд æм саг йæхæдæг æрлæууыд æмæ йæм дзуры: — Фехс мæ ныр, æвваксмæ мæм мауал цу! Астан æй фехста, æмæ саг фæцæф и. Астаныл уьш хох æрбахгæдта æмæ йын феэмæлæн ничердæмуал уыд. Ахæстытæ кодта хохыл йе ’уæхсчытæй, æмæ хох лыстæг окъуыдтæ ныйис, фæлæ йæ стонын нæ бафæрæзта. Хохы фидары лæугæйæ баззад. Æмæ фььрмæстæй йæ къухы фыдтæ æхсьшы: «Æ, мæгуыр ме ’фсымæр, уьщы куитæ кæй æргæвддзысты!» Сау хохы Сау уæйыг царди. Астан хъусы хохæй мидæмæ, æмæ дзы бинонты хъæлæба цæуы, æстдæс уæйыджы хо хæдзары къуьшты рауай- бауай кæны, æмæ йæм йе ’фсин дзуры: 429
— Цы кæныс, чындз, цæуыл катай кæныс? 'Уый йын дзуапп радта: — Æз ницы кæнын, фæлæ иу лæппуйы æрбасайдтон, æмæ мæ фехста, цæф дæр фæдæн, фæлæ йыл хохы дуæрттæ сæхгæдтон. Мæгуыр йæ ныййарæджы бон, уый кæмæн уыд æмæ кæмæн «ал уыдзæн. Мæ зæрдæ йыл суртæ кæны: фесæфынæн æвгъау у. Уæд æм йе ’фсин дзуры: — Æнæнцой фæуæд, де ’фсьшæртæм дын тыхгæнæг чи æрцыд, уый у. — Зоньга æй, бæргæ, фæлæ йьгл мæ зæрдæ риссы. Уæд чызг дзуры Астанмæ хохæй æддæмæ: — О, уы-цы лæппу, кæд ма уым дæ^ уæд дæ хуьщауæй уьщы амонд куы уаид, æмæ дæ галиу къухæй куы авналис фæстæмæ, æфсæн дзæккоры хъæдыл куы фæхæст уаис, куы дзы ныццæфтæ кæнис хох, хох йæ быныл лыстæг згъæлæнтæ куы ныууаид æмæ уырдыгæй куы аирвæзис! Астан уьщы ныхас куы фехъуыста, уæд «О осуыцау, æгады сæфт мæ ма фæкæн!», зæгъгæ, сдзырдта. Æфсæн дзæккор йæ къухы февзæрди. Хох дзы ньгццæфтæ кодта, æмæ йæ быны фаркгай ныцци. Йæхæдæг згъорын байдыдта уырдыгæй. Иæ рæстæг дæр æрæввахс кæны. Ие ’фсымæры йын хъуамæ аргæвдой уæйгуытæ, радаргъ æй код- той фынгыл æмæ йын йæ хурхмæ кард ныддардтой. Уæд къуылых уæ- йыг йæхи хурхмæ кард мыддары: — Бафæдзæхста йæ мæнæн æртæ бонмæ, æмæ йæ уæдмæ æргæв- дын нæ бауадздзынæн. Искуьщæй куы фæзына, уæд нæ уæнггай нык- кæндзæн. Астан æввахс кæнын байдыдта. Йæ æртæ боны дæр сæххæст сты. «Мæ ныццыдмæ мын ме ’фсымæры æргæвддзысты», зæгъгæ, мæт кæны, риссы йæ зæрдæ. Фæцæуы сау хъæды æхсæн, стыр тæрс бæлас æд уидæгтæ срæмыгъ- та, йæ сæр ын фæмур кодта æмæ йæ фехста. Тзарс бæлас æстдæс уæйы- джы галуаныл сæмбæлд æмæ йæ æрдæ-гæй уæлæмæ ныппырх кодта. Уæд къуылых уæйыг сцин кодта: — Гъе, мæ хуртæ, йе ’фсымæры йын куы аргæЕстаиккат, уæд бы- ны сæфт нæ кодтам? Æрбадавтой чызг æмæ лæппуйы æмæ сæ æрбадын кодтой уæле. Цин сыл кæнынц, рæвдауынц сæ. Уалынмæ Астан дæр æрхæццæ. — Хуыздæр фæут, цæй хорз сыл цин кæнут! Астан æрбадти сæ уæле æмæ фæрсы йе ’фсымæры: — Кæд дæ истæмæй хъыгдардтой, миййаг? Хъарабогълы загъта: 430
— Куы ацыдтæ, уæдæй нырмæ нæ æппындæр уæлæмæ стын не ’суагътой. Байдыдтой æхсæв-бонмæ хæрын æмæ нуазын. Райсом куы сбон и, уæд та æстдæс уæйыджы хохмæ цуанвæнд скодтой. — Куы рацæуис, Астаи, немæ. — Цæуын, — загъта Астан æмæ къуылых уæйыгмæ дзуры: — До- дой мын дæ къона фæци, æз цæуын æхсæз мæйы цуаны. Ацы чызг æмæ лæппуйы кæрæдзийæ куы фæхицæн кæнат, уæд уæ быны сæфт фæ- гсæндзынæн. Араст кодтой. Астан йæ лæдзæг айста йемæ. Цыдысты Урс хохы бынмæ. Се ’ннæ хо уыд Урс хохы Урс уæйы- джы ус. Уьш дæр иу фæндаг ацыд «фæцу æмæ ма æрцуйы» фæн- дагыл. Уæйгуытæ Астаны бафтыдтой «фæцу æмæ ма æрцуйы» фæндагыл. Астан йæ лæдзæг йæ синтæм сæвæрдта æмæ байдьгдта Урс хохыл цæуын. Схæццæ хохы сæрмæ. Æ-рбадти хохы сæр, кæсы фæйнæрдæм, æмæ æппыадæр никуы ницы ис. Уалынмæ быдыры февзæрди æстдæс- сион саг. Æрба.цæуы æмæ йæ дыууæ сыкъайы æхсæн æрбахæссы хæх- тæ æмæ бæстæ. Саг æм æввахс цæуын бяйдыдта. Астан йæ лæдзæджы сæрыл ных- хæцыд, æмæ йæм куы æрбахæцдæ, уæд æй фехста лæдзæгæй. Сагæн йæ сæр ныппырх æмæ афæлдæхт; уый уыди æстдæс уæйыджы хо. Цæмæй зыдта Асташ, уый саг нæ, фæлæ уæйгуыты хо у, уый! Астан сагæн йæ фæстаг къæхтыл ныххæцыд æмæ йæ ласьгн байдыдта. Нылласта йæ йе ’фсымæрты хæдзармæ. Саджы мард кæрты фæуагъта, йæхæдæг æст- дæс уæйыджы хæдзары омидæг æмæ сæм дзуры: — Акæсут-ма, куитæ, дæлæ цы стыр саг амардтон! Æстдæс уæйыджы зонывд, сæ хойы сын кæй амардта, уый, фæлæ цы сæ бон уыд! Уæд сæм Астан дзуры: — Афьщут æй тагъд æмæ йæ бахæрут. Райсомæй та уæйгуытæ цуа«ы цæуьгны къахыл ныллæууыдысты. Астан та къуылык уæйыгмæ дзуры: — Додой ’мын дæ къона фæци, æз цæуьш афæдз цуаны. Ацы лæп- пумæ уæ исчи схуыст ныхас куы скæна, уæд уæ сау бьшыцагъд фæ- кæндзынæн. Иæ лæдзæг систа, æмæ цуаны араст и. Байдыдтой цæуьрн Астан æмæ уæйгуытæ. Бахæвдæ сты Сырх хохы бынмæ. Иу фæндаг ацыди «фæцу æмæ ма æрцуйы» фæндагыл. Астан араст уыцы фæндагыл. Цас фæцыд, чи зоны, фæлæ æппынфæстаг схæц- цæ Сырх хохы сæрмæ, æмæ уым æрбадта. Кæсæнцæст систа æмæ кæсы арвы кæрæттæм. Иу ран фестади туджы быдььр: уый уыди а&стдæс уæ- йыджы хо, æмæ йæхи фестын кодта туджы быды»р. 431
Астан дис байдыдта: «Оххай, а<й цавæр æмбисонд у?» Араст и туджы быдырмæ. Ныххæццæ быдыры кæронмæ. Туджы мидæг бакъахдзæф кодта, æмæ уæраджы чъиритæй дæлæмæ цавддур фестади. Дыккаг къахдзæф бакодта, æмæ астæуæй дæлæмæ фестади цавддур. Æртыккаг къахдзæфæн дæлæрмттæй дæлæмæ цавддур феста- ди. Лæугæйæ баззади æмæ кæуын байдыдта. Уьщы рæстæг иннæ чызг, хæрынкъа кæмæ радта, уый йæ ар;мы- тъæпæны ныззылдта хæрынкъа, æмæ дзы иуырдыгæй туг фæзынд, ин- нæрдыгæй æхсыр. Уæд чызг загъта: «Оххай, амæн йæ <иу æрдæг æгас куы у, йæ иннæ æрдæг — мард». Астан уæлхъæдæй афынæй, æмæ йæм фыны æрбадзырдæуыд: — О Астан, сæфыс, фæлæ дæ размæ æрæвнал, æмæ фæхæст уы- дзынæ сызгъæрин портийьм. Фехс æй. Ацы быдыры туджы цады астæу ис туджы цæджындз, уый слæууьгди зæххæй уæларвмæ дæ тæригъæ- дæй. Сызгъæрин порти уыцы туджы цæджындзыл куы сæмбæлид, уæд быдыр, цы уыд, уый фестид. Астан порти систа, фехста йæ, æмæ туджы цæджындзыл сæмбæлд. Туджы быдыр стыр хъæу фестад. Астан фервæзти, цы уыд, уый фестад. Барасти Астан стыр хъæумæ æмæ бафтыд иу къулыбадæг усмæ. Цин ыл кæны къулыбадæг ус, ,мæнæ нæм цы æнахуыр уазæг æрцыд, зæгъгæ. Астан æй фæрсы: — Кæй у ацы стььр хъæу? Цы хорз у, ныры йедтæмæ дзы никуы уыдтæн! Къулыбадæг ус ын загъта: — Ацы стыр хъæуы паддзахы ус уыди æстдæс уæйыджы хо, æмæ йын йæ бæстæ туджы быдыр фестын кодта, паддзахы та — цавддур. Уæд ын Астан загъта: — Дæ хорзæхæй, фенын мын æй кæн паддзахы усы. — Æз йæ размæ нæ бауæндцзынæн цæуын, фæлæ дæлæ аргъуаны раз йæ ’мой цавддурæй лæууы, æмæ цом уырдæм. Уым-иу бад. Хур куыддæр æрбакæса, афтæ ус, быдыры æхсыры цад ис, æмæ уырдæм цæудзæн йæхи найынмæ. Ус куы ныххæццæ уа уырдæм, уæд нымæтын ехс сисдзæн æмæ дзы ныццæвдзæн йæ мойы æмæ зæгъдзæн: «Цы уыд- тæ, уььмæй лæуу». Æмæ йæ уæд фендзынæ. Астан ныццыди æмæ дуры цур æрбадт. Уалынмæ хур æрбакаст. Мæнæ, дын, ус дæр æрцæуы. Цырты цурмæ куы ныххæццæ, уæд æй ны- мæтын ехсæй æрцавта æ’мæ загъта*,. — Цы уыдтæ, уымæй лæуу. Астан айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ уæйгуыты хойæн нымæтын ехс йæ къухтæй ратыдта. Уый фæстæ дзы, бафæлварыны тыххæй цырт æрцавта æмæ загъта: 432
— Цы уыдтæ, уый фест. Цырт дæр паддзах уыд, æмæ паддзах фестади. Аивæзтытæ кодта паддзах йæхи æмæ афтæ зæгъы: — Оххай, куыд бафынæй дæн. Уæд æм Астан дзуры: — Ды фынæй аæ уыдтæ, фæлæ дæ мæнæ дæ ус цавддур фестын кодта. Æз ын йæ нымæтын ехс мæхицæн райстон, фæлæ йын йæхицæн та цы бакæнон? Паддзах ын зæгъы: — Æз дæ мад, дæ фыды уазæг, удæгасæй йæ мауал ауадз! Кæн- нод йе ’фсьшæртæн фехъусын кæндзæн, æмæ дæ амардзысты. Мæн дæр фесафдзысты. Астан уæйгуыты хойы ньгмæтын ехоæй æрцавта æмæ загъта: — Гæбæр куыдз фест! Æ’мæ ус гæбæр куыдз фестад. Астанæн йæ афæдз дæр æрхæццæ. Згъорын байдыдта иæ лæдзæги- мæ æмæ сагъæс кæны: «Охха-й, ме ’фсымæры ма удæгасæй кæнæ ный- йафдзьшæн, кæнæ нæ». Уæд æмбисвæндагæй йæ лæдзæг фехста. Лæдзæг мигъæй æврагъы æнсæнты тæхын байдыдта, æстдæс уæйыджы галуаныл йæ фæртт фæ- цыд, æмæ йæ æрдæгæй уæлæмæ ахаста. Уæйгуытæ æмризæджы барыз- тысты: «Оххай, не ’знаг амарди куы æнхъæлдтам, æмæ та нæм куы æр- цæуы». Æрбадавтой чызг æмæ лæппуйы, абадын сæ кодтой уæле æмæ сыл цин кæнынц. Уалынмæ Астан дæр ныххæццæ. Бакасти къæсæрæй æмæ сæм дзуры: — Хорз сыл цин кæнут! Æрбадти сæ уæле æмæ Хъарабогълымæ дзуры: — Ме ’фсымæр, кæд дæ истæмæй бахъыгдардтой ацы куитæ, миййаг? — Зæххыл бадын дæр мæ не ’руагътой, ды куы ацыдтæ, уæдæй ардæм. Уæйгуытæм дзуры Астан: — Искуы ма уын исты ис? Райсом м.а цуаны цæуæм? Уыдон ын загътой: — Фесæфтай нæ, цæуæн дæр нын нал ис, цæрæн дæр. Цуаны дæр ма цы цæуæм? — Уæдæ чындзæхсæвтæ кæнгæут тагъд, — мах цæутæ кæнæм! Иннабонæй-иннабонмæ чыадзæхсæвтæ фæкодтой. Æфсымæртæ сæхимæ куы раст кодтой, уæд Астан уæйгуытæн аф- тæ еæгъы: 28 Ирон адæмы аргъæуттæ 433
— Рабадут рæгъæй, æмæ уьгн æз зонд бацамонон. Уæйгуытæ рæгъæй рабадтысты, — æндæр сæ бон ницыуал уыд. Уæд Астан уæйгуытыл нымæтын ехсæй ралæууыд æмæ оæ цавддуртæ фестын кодта. Хъарабогъльг, дын, æрæнкъард. Астан æй фæрсы: — Цы кæныс, ме ’фсымæр, цæмæн æрæнкъард дæ, ус дын дзæбæх куы хæосын? — Хорз ка-истæ мын уыдис, — загъта Хъарабогълы, — æмæ мын сæ бьпнтон фесæфтай. — Ма кæ, уыдон дæ лм æнæ мæн ку.ы ссарой, уæд дьш дæ туг дой- ныйæн баназдзысты. Хъарабогълы ницьгуал сдзырдта. Рахастой æстдæс уæйыджы хойы æмæ сæхимæ араст сты. Уæларвæй сæм цы чызг æртахти, уый та Аст-ан рахаста йæхицæн, æмæ сæ фыд Хъараман-паддзахмæ æд устытæ æрфардæг сты. Чындзæксæвтæ скодтой æ^чæ сæхицæн дзæбæх цардысты. ъ?
СÆРГÆНДТÆ Цæрæгойты аргъæуттæ Зæронд бирæгъ 9 Рувас æмæ уæрцц 11 Теуа йе ’нæзондæй куыд фесæфт 13 Къоблийы сæгъты аргъау 15 Дзæргъ æмæ бирæгъ 20 Мыст йæ фыртæн усгур 22 Сыст æмæ æхсæнкъ 28 Мæгуыр лæг æмæ калм 30 Сидзæр лæппу 34 Æвзистсыкъа саг 37 Фæныкгуыз Алыбег 42 Чъерттымхан 53 Кæркгæс æмæ паддзах 57 Цардыуаджы аргъæуттæ Зонд æмæ амонд 63 Сайæджы сайд 67 Гæдыйы къах цыбыр у 68 Раст лæг æмæ зылын лæг 71 Æрраби æмæ Зондаби 74 Фæныкгуыз 78 Хурыскæсæны æлдар æмæ Хурныгуылæны æлдар 82 Æртæ æфсымæры æмæ сохъхъыр уæйыг 89 Мæгуыр лæг æмæ хæйрæг 94 Хъæстытæ мæгуыр лæгыл 96 Мæгуыр лæг æмæ уæйыг 99 Лæппу æмæ чызг куыд бафидыдтой 102 Зджыды рæсугъд 107 Дыууæ æфсымæры 112 Мæгуыр ус æмæ лæг 114 Фыдыус æмæ дыууæ æфсымæры 119 Зондджын усгур 121 Мæгуыр лæджы фырт æмæ кæрæф æлдар 124 Æлдары чызг кæнæ дыууæ æрдхорд æлдары 127 Андурзахъ 136 Коса сауджын 143 Мачъидон Алыксан . 150 Диссаджы аргъæуттæ Æртæ æхсинæджы 159 Арсы фырт 168 Фаззæттæ . . 171 Æрæджиау æмæ йæ авд æфсымæры 179 Æртæ æфсымæры иунæг хо . . . . 194 Арвы айдæн 202 Диссаджы рон 207 435
Уыдисн-рихи уылынг лæг 213 Æрхуы мæсыджы бадæг Бурчызг 224 Хæрам лæг æмæ йæ лæппу 236 Охох æмæ мæгуыр лæджы фырт 241 Аббайкуыцыкк 245 Сослан æмæ Хъæздыджы фырт Бæт 249 Æртæ æфсымæры 256 Æхсарджын чызг 260 Хивæнды фæсмон 269 Цуанон æмæ иудзæстыг уæйыг 281 Цæхджын хойраджы аргъ 288 Уарийы кæстæр фырт 290 Æнæпайда 298 Кæстæр æфсымæр 306 Арчуман 315 Мæгуыр лæджы фырт æмæ æлдары чызг 320 Куырысмæдзог æмæ мæгуыр лæджы фырт 324 Цуаноны фырт æмæ æвдсæрон уæйыг 331 Хур æмæ мæйы æрдхорды фырт 341 Сызгъæрин коцораджын лæппу 349 Къулыбадæджы фырт æмæ мæличчы фырт 355 Хæлын барæг • . . 368 Сарты фырт 379 Мæллик æмæ цуанон лæг 395 Азырымы цуанон 401 Хъæдын бæлон 407 Хъараман-паддзах 416 ОСЕТИНСКИЕ НАРОДНЫЕ СКАЗКИ Редактор Н. М. Доев Суперобложка, иллюстрации художника В. Г. Глушкова. Обложка и заставки художника В. В. Лермонтова. Титул, шмуцтитулы и заставки к разделам худож- ника У. К. Канукова Технический редактор Е. У. Датриева Корректоры М. Б. Савкуева, В. Т. Дзодзикова Сдано в набор 23-1Х-1959 г. Полписано к печ. 2-1М960 г. Формат бумаги УОхЭг1/^ Печат. листов 31,88+1.02 вкл. Учетно-изд. листов 2^,26+0,87 вкл. Зак. № 3530. Изд. № 150. Тираж 5000. ЕИ 00245. Цена 12 р. 90 к. Северо-Осетинское книжное издательство, г» Орджоникидзе, пр. Сталина, 11. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.