Text
                    ЕУ


81. 3 (кор) К66 КÆЛÆНЫ СУАДОН. Корейаг адæмон аргъæуттæ. Рауагъдад «Ирыстон», 1987 аз. Ирон æвзагмæ сæ раивта Къæбысты Зауыр 4803020000 М 622 (06)—87 ф Издательство «Ирыстон», 1987
ЦЫППАР ФÆНДОНЫ! Раджы-ма раджы Пхенандойы цард иу лæг. Уымæн уыдис цыппар фырты. Иухатт зæронд лæг фæдзырдта йæ фырттæм æмæ сын афтæ зæгъы: — Мæ хъустыл æрцыд, цыма зæххы цъарыл бирæ диссæгтæ ис. Азилут-ма, уæ хъус адарут, æцæгæй раст дзурынц адæм? Хæдзармæ æрыз- дæхдзыстут æртæ азы фæстæ. Лæппутæ фьгдæн сæ сæртæй ныллæг акуывтой æмæ фæцыдысты фæйнæрдæм: иу дзы цæгаты- рдæм ацыд, иннæ — хуссарырдæм, æртыккаг — скæсæнырдæм, цыппæрæм та—ныгуылæнырдæм. Бирæ фæцыдысты æви цъус, уымæн та чи цы зоны, фæлæ иуахæмы æфсымæртæ æрыздæхтыс- ты сæ райгуырæн уæзæгмæ. Фыд сæ райдыдта фæрсын, æцæгæлон бæстæты цы федтой, цæуыл дзы сахуыр сты, уыдæттæй. Хисдæр æфсымæр размæ ралæууыд æмæ аф- тæ зæгъы: — Цæгаты ис диссаджы адæм: адæймаджы цæстæй хызт цы у, уый дæр уынынц, сæ бон алцы 5
райсын дæр у. Æртæ азы фæцардтæн уыцы адæ- мимæ æмæ цыдæриддæр зонынц, уыдон æз дæр базыдтон. Фыдмæ бацыд дыккаг æфсымæр: — Хуссары дæр диссаджы адæм цæры: иу мин лийы1 дæрддзæгмæ змисы мур уынынц. Ныртæк- кæ мæнæн дæр мæ бон у, цы мæ бафæнда, уый суынын. Æртыккаг æфсымæр йæ мидбылты бахудт, йæ сæрæй ныллæг акуывта йæ фыдæн æмæ афтæ зæгъы: — Æз та скæсæны цардтæн, милмæ æхсын мæ сахуыр кодтой æнæфæивгъуыйгæйæ, æндæр дзы ницы диссаг федтон. — Æз дæр ницы диссаг федтон, — зæгъы кæс- дæр æфсымæр, — сахуыр мæ кодтой фæсасын- кæй цы-фæнды дæр афтæ лыстæг бахуыйын, æмæ дзы æндахы хал нæ разындзæн. Уыцы арæхстдзи- надимæ æрыздæхтæн мæ хæдзармæ. Байхъуыста фыд йæ фырттæм æмæ сфæид кодта: хъуамæ сæ бафæлвара. Иæ дыккаг фырт- мæ фæсидт йæхимæ æмæ йын афтæ зæгъы: —Ардыгæй сæдæ лийы æддæдæр ис къæдзæх, уыцы къæдзæхы сæр ис бæлас. Цы æмбæхст ис уыцы бæласы къалиуты ’хсæн? Дарддзæст лæппу акаст æмæ загъта: — Уыцы бæласыл ис цъиуы ахстон, ахстоны мидæг та ис æртæ айчы. — Райс-ма æйчыты, — загъта фыд хисдæр фыртæн. Авнæлдта хисдæр фырт æмæ уысммæ йæ ар- мы февзæрдысты æртæ айчы. Фыд бакаст æртыккаг фыртмæ: — Ныр та дæ рад у, мæ фырт. Фехс æйчыты Ли — дæргъбарæн, 0,4 километры бæрц. 6
афтæ, цæмæй дзы алчи дæр фæдих уа æмбисыл. Æртыккаг фырт райста фат æмæ æрдын, ныхъ- хъавыд æйчытæм, фехста сæ æмæ уыцы иу фатæй æртæ айчы дæр фæдихтæ кодта æмбисыл. Уыцы рæстæгмæ кæсдæр фырт цæттæ лæууыд — йæ къухы уыд судзин æмæ фæдзæл, хъуамæ цъæл æйчыты бахуыдтаид. Бахуыдта кæсдæр лæппу æйчыты цъæрттæ. Фыд сæ райста. Ракæс-бакæс сæм кæны, фæлæ дзы судзины сынк не ссардта. йæ мидбылты æхсызгонæй бахудт зæронд лæг. — Бæдæйнаг, мæ фырттæ, — зæгъы сын рай- гондæй. — Бирæ диссæгтæ базыдтат, бирæ цæ- уылдæрты сахуыр стут. Ныр мæлæтæй дæр нал тæрсын: нал фесæфдзыстут царды. Сæ сæртæй ныллæг акуывтой лæппутæ зæрон- дæн æмæ хæдзарæй рацыдысты — хъуамæ феной адæмы æмæ адæмæн сæхи дæр равдисой: чысыл рæстæг куынæ у, мыййаг, æртæ азы. Тигъмæ куы бахæццæ сты, уæд кæсынц æмæ уынынц: къулыл гæххæтт ныхæст. Фыст дзы уыд: «Фесæфтысты ваны1 стыр хæзнатæ — нæ бæстæйы сæрыстыр- дзинад. Уыцы хæзнатæ чи ссара, уымæн йæ бон у, цыдæриддæр æй бафæнда, уый радомын — йæ фæндон ын сæххæст кæндзæн стыр ван». Æфсымæртæ бакастысты га^ххæтт, стæй аз- дæхтысты хæдзармæ æмæ æппæт дæр сæ фыдæн радзырдтой. Уый сæм байхъуыста, æмæ сын аф- тæ зæгъы: — Ссарут хæзнаты, мæ фырттæ. Уыдон ваны, мыййаг, не сты, нæ бæстæйы, нæ адæмы сты. Дыккаг æфсымæр алырдæмты райдыдта фæл- гæсын. Цæгатырдæм акаст — ницы дзы федта, ныгуылæнырдæм акаст — уым дæр ницы, скæсæ- нырдыгæй дæр, уæдæ, ницы ис, фæлæ хуссары, 1 Ван — паддзах, æлдар. 7
Корейайæ мин лийы æддæдæр иу сакъадахы суыдта æнæнымæц хæзнатæ, Хæзнатæ æмбæхст сты бæрзонд къæдзæхы хуыдфы, уьщы къæдзæ- хы та хъахъхъæны залиаг калм. — Цæй, мæ фырт, райс хæзнаты, — зæгъы зæ- ронд лæг йæ хисдæр фыртæн. Иæ сæр банкъуыста хисдæр æфсымæр æмæ афтæ зæгъы: — Иунæгæй мæ бон сисын нæу хæзнаты — тынг уæззау сты. Æвæццæгæн, не ’гасы дæр бахъæудзæн уырдæм ацæуын. Стыр бæлæгъ сарæзтой æфсымæртæ æмæ аленк кодтой дард сакъадахмæ. Цалынмæ ленк кодтой, уæдмæ дыккаг æфсымæр йæ хъус дардта залиаг калммæ, ахуыр ын кодта йæ миниуджытæ. Сакъадахмæ куы бахæццæ сты, уæд сæ дыккаг æфсымæр райдыдта фæдзæхсын: — Залиаг калм цалдæргай бонты нæдæр хæр- гæ исты кæны, нæдæр дон нуазы, къæдзæлы цур хуыссы æмæ хъахъхъæны хæзнаты. Æрмæст дæс боны иухатт ацæуы, цæмæй денджызы йæхи ныи- найа. Райсом, тæккæдæр, ахæм бон у. Мах бан- хъæлмæ кæсдзыстæм, æмæ нын фадат куы фæуа, уæд радавдзыстæм хæзнаты. Æфсымæртæ сæ бæлæгъ раластой сакъадах- мæ, сæхæдæг бамбæхстысты æмæ райдыдтой æн- хъæлмæ кæсын. Уалынмæ дын калм ныххызт ден- джызмæ, æфсымæртæ бахъуызыдысты къæдзæх- мæ, райстой хæзнаты, сæвæрдтой сæ бæлæгъыл æмæ араст сты фæстæмæ. Æрбаздæхт залиаг калм къæдзæхмæ, кæсы, фæлæ хæзнатæ уым нал сты. Иæ цæст ахаста денджызыл æмæ дзы дард ран суыдта бæлæгъ, бæлæгъы хуылфы та — цыппар æфсымæры. Ныр- ры^ыд калм йæ зæрдæуынгæггæнæг хъæлæсæй æмæ фæстейæ асырдта лæппуты. Æфсымæртæ ауыдтой калмы. 8
— Фервæзын нæ кæн, — зæгъынц æртыккаг æфсымæрæн. Систа æртыккаг æфсымæр æрдын, æрдынбос æрбалвæста йæ тых, йæ бонæй æмæ фат ныссагъд залиаг калмæн йæ тæккæ зæрдæйы. Ныррыхыд калм, йæ тыхджын къæдзцлæй ма иу цæО нык- кодта доны уæлцъар, стæй фæдæлдон. Уыцы рæстæджы арв ныннæрыд, сыстадысты денджы- зы стыр уылæнтæ. Уылæн ныццавта бæлæгъы. æмæ дзы атыдта иу фæйнæг. Бæлæгъ дæлдон кæ- нын байдыдта. Кæсдæр æфсымæр хъæр кæны: — Тæрсгæ ма кæнут, ме ’фсымæртæ, ныртæккæ* æз ампъуздзынæн нæ бæлæгъы. Райдыдта бæлæгъ æмпъузын, æфсымæртæ та йыи æххуыс кæнынц: чи фæйнæгыл хæцы, чи та судзины бын фæдзæл кæны. Кæсдæр æфсымæр афтæ æнгом бахуыдта бæ- лæгъы зыхъхъыр æмæ кæм уыд, уый зынгæ дæр нал кодта. Æрбаздæхтысты æфсымæртæ сæ райгуырæн уæзæгмæ. Рахызтысты денджызы былмæ, уым та сæм æнхъæлмæ кастысты адæм, хъæр кæнынц: «мансе»1. Æфсымæртæ ванмæ радтой хæзнатæ, уый сын загъта: — Æнæнымæц хæзнатæ кæй фервæзын кодтат, уый тыххæй уыи æз сæххæст кæндзынæн цахæм- фæнды фæндон дæр. Ванæн йæ сæрæй акуывта хисдæр æфсымæр æмæ афтæ зæгъы: — Зæхкусджытæн зæхх куы раттис, уымæй хуыздæр мæнмæ ницы фæндон ис. Уый фæстæ йæ сæрæй акуывта дыккаг æфсы- мæр æмæ афтæ зæгъы: — Алы зæхкусæгæн дæр ног уæлæдарæс куы 1 Мансе — арфæйы дзырд. 9
раттис, уымæй дарддæр мæнмæ ницы фæндон ис, Æртыккаг æфсымæр рахызт размæ æмæ дзы ракуырдта, цæмæй ахæстæттæй ссæрибар кæна, йæ хæстæ кæй нæ бафыста, уый тыххæй дзы чи бады, уыцьт зæхкусджыты, цыппæрæм та йæм ба- хатыд, цæмæй тæрхондоны баурома, рæсттæрхон чи кæна, ахæм тæрхонгæнджытæ. Цы гæнæн ис, ван сын хъуамæ сæххæст код- таид сæ фæндæттæ. Кгърон нал уыд адæмы цинæн, уыдон арфæтæ кодтой лæппутæн. Æфсымæртæ та сын загътой: — Махæн нæ хъæуы арфæтæ кæнын, фæлæ нæ фыдæн: зонд нын уый бацамыдта, хорз хъуыд- дæгтæ аразыныл нæ уый сагъуындыдта.
СТАЙ ХУРМАЙÆ КУЫД ФÆТАРСТ Иуахæмы дын хæхты зылд иу æххормаг стай. Тынг мæсты уыд стай: æгас боны дæргъы йын иу тæрхъус æрцахсын дæр нæ бантыст. Уæдмæ бон дæр баизæр ис, хур аныгуылд, æрталынг, уæддæр ма стай зылдис хæхты, агуырдта исты ахæринаг. Æппынфæстаг сфæнд кодта хъæумæ бацæуын. «Чизоны дзы истæуыл фæхæст уон», — хъуыды кæны. Бацыд хъæумæ, кæсы æмæ уыны иу мæгуыр- гъуыз къæс. Бацыд хæстæг къæсмæ, мидæгæй дзы хъуысы сывæллоны кæуын. Мад æй сабыр кæны, авдæны зарджытæ йын кæны: — Ало-лотæ, цы-цытæ, афынæй кæн, афынæй... Стæй йæ былтæ астæрдта: «Нæй мын æй æнæ- бахæргæ». Сывæллон уæддæр нæ фынæй кæны, кæуы æмæ кæуы. Уæд æй мад райдыдта тæрсын кæнын: — Банцай, науæд хъæддаг куыдз æрбацæу- дзæн æмæ дæ ахæсдзæн. Не ’нцайы сывæллон уæддæр. Мад смæсты ис. — Банцай ныртæккæ. Банцай, науæд дæ хъыхъхъаг стай бахæрдзæн æмæ уæд базондзы- 11
нæ, куыд кæуын хъæуы, уый! Кæс-ма, кæс, уæр- тæ фæсхæдзар лæууы! Стай тынг фæдис кодта: куыд æй базыдта уы- цы ус? Сывæллон уæддæр кæуы æмæ кæуы. Уæд æй мад йæ хъæбысы æрбатыхта æмæ йын рæвдаугæ хъæлæсæй афтæ зæгъы: — Ма ку, хъæбул, æз дын хурма ратдзынæн. Сывæллон банцад йæ кæуынæй, стай та лæу- уы æмæ хъуыды кæны: «Чи у уыцы хурма, цы- мæ? Куы никуы йын фехъуыстон йæ кой. Æвæц- цæгæн, мæнæй тæссагдæр сырд у: йæ коймæ сы- вæллон куыд фæсабыр ис». Стай фæтарст хурмайæ æмæ хæхтырдæм йæ- хи айста. Уæдæй фæстæмæ хъæумæ хæстæг бацæуын нал уæнды.
КÆЛÆНЫ ЦЪЫЛЫНÆГ Раджы-ма раджы иу хъæуы нардис иу лæппу, йæ ном хуындис Чхон Дон. Нывкæнын бирæ уарзта уыцы Чхон Дон, фæ- лæ иу æнамонддзинад уый уыдис æмæ йын нæ уыд цъылынæг1. Цъылынæг цæмæй балхæдтаид, уый æхца дæр ын нæ уыд. Чхон Дон дæр ныв кодта, йæ къухы-иу цы фæ- цис, уымæй. Ацыдис-иу хъæдмæ, систа-иу бæла- сы цъары гæппæл, ссардта-иу цыргъ дур, бæла- сы цъар-иу дзы райдыдта къахын: ныв кодта бæ- лæстæ æмæ хæхтæ. Науæд та-иу доны былмæ ацыд, къæцæлæй-йу змисыл хæххытæ кодта — рæсугъд нывтæ-иу ын рауадысты. Сыхæгтæ-иу кастысты нывтæм: удæгас цыма сты, уыйау-иу дидинджытæ змисыл дидинæг æф- тыдтой, бæлæстæ рæзтысты. — Ныр, зæгъгæ, Чхойг Донæн иъылынæг бал- | Раджы заманы Корейайы нæ уыд ручкæтæ æмæ ка- рандастæ, фыстой æмæ ныв кодтой цъылынæгæй. 13
хæн, — дзырдтой-иу сыхæгтæ, — фæлæ кæм ссар- дæуа æхца цъылынæг æлхæнынæн? Нæ хъæу бынтон гæвзыкк у, æрхуы суари дæр дзы никæмæ разындзæн. Чхон Донæн цъылынæгыл хъуыды йæ фæсо- нæрхæджы дæр нæй. Къæцæлæй ныв кæны зми- сыл, уымæл зæххыл æмæ сæ адæмæи æвдисы. Уадз феной, сæ алфæмбылайы цы рæсугъддзинад ис, уый, науæд сæумæрайсомæй изæры талынг- тæм кусгæ фæкæнынц æмæ никуы фенынц нæдæр бæрзонд хæхтæ, нæдæр тæлтæг цæугæдæттæ. Иухатт Чхон Дон змисыл ныффыста егъау ныв: бæрзонд фæцыдысты хæхтæ, хæхтыл зайы хъо- мысджын бæлæстæ, иу бæласы фæстæйæ та дзы стай йæ сæр радардта. Адæм æгас боны дæргъы цыдысты доны был- мæ, кастысты уыцы нывмæ, изæры та йæм уы- нынмæ сæ сыхаг, фæсхохы цæрæг адæмы дæр æр- хуыдтой. Фæкастысты адæм уыцы диссаджы нывмæ, стæп ацыдысты сæ хæдзæрттæм. Чхон Дон йæхæ- дæг та нырма дæр лæууыд доиы был æмæ каст нывмæ. «Райсом куы ’рцæуон ардæм, уæд налдæр хæх- тæ, налдæр бæлæстæ, налдæр стай уыдзæнис ам: ацы ныв æгасæй дæр змисы бын фæуыдзæн»,— хъуыды кæиы лæппу. Иæ зæрдæ ныууæззау ис уыцы æнкъард хъуы- дытæй, фæлæ иы йæ бои уыд? Ацыд хæдзармæ æмæ схуыссыд. Фыны йæм иу урсхил зæроид лæг æрбацыд æмæ йын афтæ зæгъы: «Ма маст кæн, Чхон Дои, дæ ныв змисы бын кæй фæцис, уый тыххæй. Нырæй фæстæмæ дæ къæцæлæй ныв кæнын нал бахъæудзæн. Æз дын кæл’æиы цъылынæг ратдзынæн æмæ уымæй ныв кæндзынæ». 14
Афтæ загъта зæронд лæг æмæ Чхон Донмæ радта цъылынæг. Чхон Дон тынг бацин кодта: «Стыр бузныг, дада!» Фæлæ зæронд лæгæн йæ кой дæр нал фæзынд,. цыма уым æппындæр никуы уыд. «Дада, дада!» —фæхъæр кодта Чхон Дон æмæ фехъал ис. Арф ныуулæфыд Чхон Дон: «Уæдæ уый фын уыд, нæ?» Иннæрдæм азылд, хъуамæ ма иучы- сыл афынæй кодтаид, фæлæ йæ фарсы цыдæр ныхсæгау фæкодта. Кæсы Чхон Дон æмæ йæ цæстытыл не ’ууæнды: йæ фарсмæ цæхæртæ калы цъылынæг. Систа йæ. Кæсы йæм, кæд уыдис сыгъдæг сыгъзæринæй конд. Чхон Дон æрхъæцмæ нал лæууыд: тагъддæр куы сбон уаид. Райсомы куыддæр хур скаст, аф- тæ фестад æмæ хохмæ сфардæг ис. Ам бæласы цъарæй иу гæппæл растыгъта æмæ райдыдта цъиу ныв кæнын. Куыддæр ма дзы фæстаг сис аныв кодта, афтæ цъиу йæ базыртæ ныццагъта, стахт иывæй æмæ арвы цъæхмæ сфардæг ис. Чхон Дон тынг фæдис кодта: «Æцæг, кæлæны цъылыиæг куы у ай!» Ныр та доны былмæ алыгъд Чхон Дон. Систа егъау дур æмæ йыл скодта кæсаджы ныв. — Цæй-ма, мæ кæсаг, аленк кæн, — дзуры йæм лæппу. Кæсаг фестъæлфыд нывæй, фæцъелф ласта дурæй æмæ доны йæ цæлхъ фæцыд. Уæдæй фæстæмæ Чхон Дон райдыдта сыгъзæ- рин цъылыиæгæй ныв кæиын. Чи йын цы зæгъы, уый та йын сиыв кæиы. Иæ нывтæ та сты кæлæн æмæ уайтагъд райгас вæййынц. Исчи йын зæгъ- дзæн, галы ныв мын скæн, зæгъгæ. Чхон Дон скæндзæн дынджыр галы ныв æмæ уый удæгас фестдзæн; сывæллæттæ йæм бахатынц, цæмæй 15
■<сын хъулон цъиутæ нынныв кæна. Скæндзæн сын Чхон Дон хъулон цъиуты нывтæ. Адæм иууылдæр цин кæнынц, арфæтæ йын кæ- нынц. Разы дзы нæу æрмæст бонджын Пак: ныр- мæ уый йæхæдæг иунæгæй цард хъæздыг, ныр та адæм æмткæй ницыуал цух æййафынц. «Ай хъуыддаг нæу, — хъуыды кæны Пак,— Чхон Донæн йæ цЪылынæг байсын хъæуы.» Иухатт хъæуы адæм иууылдæр быдыры куыс- ты куы уыдысты, уæд Пак сбадт йæ бæхты тæккæ хуыздæрыл æмæ ацыд Чхон Донмæ. Хæдзары размæ бацыд æмæ хъæр кæны: — Æддæмæ ракæс, Чхон Дон! Ардæм æрис дæ цъылынæг, æз мæхæдæг хъуамæ кæнон нывтæ. Фæтарсти Чхон Дон: цы кæндзæнис, Пак ын :йæ цъылынæг куы байса, уæд? Адæм та ногæй ^смæгуыр уыдзысты. Фæлæбурдта цъылынæгмæ.- — Фервæзъш мæ кæн, цъылынæг! Уайтагъд аныв кодта Чхон Дон хæстифтонг æфсургъ, абадт ыл æмæ Пакыл фембæлынмæ- ацыд. Бæх йæ цæфхæдтæй хойы зæхх, йæ хъæлæ- сæй арты цæхæр фæйлауы, йæ хъустæй кæлы фæздæг. Фæтарст Пак, фæзылдта йæ дугъоны æмæ йæ ехсæй райдыдта нæмын. Бæх йæ фæс- тæгтыл фæлæууыд, зæлланг хъæлæсæй ныууа- <сыд æмæ Пакы фехста йе рагъæй, йæхæдæг хæх- тырдæм алыгъд. Пак уынæргъы, здыхсы, фæлæ сыстын йæ бон нæу. Чхон Дон ныххудт йæ хъæлæсы дзаг. — Кæйдæр фæллой куыд исгæ у тыхæй, уый зондзынæ нырæй фæстæмæ. Ме ’рцыдмæ адæм- мæ зул цæстæй дæр куыд никуыуал бакæсай, аф- тæ бакæй, æз татъд зындзынæн! Афтæ загъта, йæхæдæг бæхы фесхуыста æмæ уадау атахт. Цыдис Чхон Дон æртæ боны æмæ æртæ æхсæ- вы, æппынфæстаг бахæццæ Сеулмæ, Корейы ван .16
кæм цард, уырдæм. Æрхызт бæхæй æмæ цæуы Сеулы уынгты, кæсы, адæм куыд цæрынд, уымæ. Цыдис-цыдис, кастис-кастис æмæ федта — æвзæр цæрынц хуымæтæджы адæм: алчи дæр сыл йæ тых æвзары, æфхæры сæ, уыдонæн та нæй, кæмæ бахъаст кæной,.ахæм. Райдыдта Чхон Дон мæгу.ыр адæмы чибитæм1 цæуын. Кæмæ бацæуы, уымæн та сныв кæны пы- рындз æмзе уæлæдарæс. Уайтагъд æгас горæты цæрджытæ базыдтой кæлæны цъылынæджы ха- бар. Хъуыддаг бахæццæ лс стыр ванмæ дæр æмæ тыиг рамæсты ис: куыд уæнды кæйдæр къæбæда лæппу кæлæны цъылынæг дарын! Бафæдзæхста йæ лæггадгæнджытæн, цæмæй ссарой уыцы налаты æмæ йæм æй æрбакæной. Райдыдтой лæггадгæнджытæ горæты зилын, ба- цæуынц чибитæм дæр. Бацæуынц чибимæ æмæ .сгарынц къуымты: ис дзы пырындз æмæ уæлæда- рæс — уый нысан кæны: ам уыдис Чхон Дон. Фæзылдысты æппæт хæдзæрттыл — алыран дæр пырындзæй йедзаг голлæгтæ, ног уæлæда- рæс. Чизоны, горæтæй бынтондæр афардæг ис? Уалынмæ бахæццæ сты горæты кæронмæ. Ам лæууыд хæрз къаинæг, хæлддзаг, æркæлынæв- вонг чи уыд, ахæм чиби. Бацыдысты мидæмæ, фæлæ ам нæдæр пырындз уыд æмæ нæдæр ног уæлæдарæс. Лæггадгæнджытæ бамбæхстысты æмæ æнхъæлмæ кæсынц Чхон Донмæ. Хур аныгуылд, арвыл стъалытæ фæзынд, фæ- лæ Чхон Дон нæ зыны. Уалындоæ фæцыд къæхты уыиæр æмæ чибимæ æрбахызт^иу лæппу, йæ.къу- хы сыгъзæрин цъылынæг. — Уе ’хсæв хорз, зæрдæхæлар адæм, —дзуры 1 Чиби — корей^г-^æядац.
лæппу. — Æз уæм æрбацыдтæн, цæмæй уын бах- хуыс кæнон. Æфсин йæ къухтæ стылдта лæппуйыл: — Тагъддæр лидзгæ кæи, хъæбул, ам æвзæр^ адæм ис æмбæхст. Фæзылд Чхон Дон дуарæрдæм, хъуамæ кæрт- мæ алыгъдаид, фæлæ ваны лæггадгæнджытæ ра- гæппытæ ластой се ’мбæхсæнæй, ацахстой Чхон Доны, байстой йын йæ сыгъзæрин цъылынæг, йæ- хи йын бæндæнтæй фидар сбастой æмæ йæ ваны галуанмæ акодтой. Æркодтой йæ галуанмæ, æхсæвы йæ талынг иыккæнды баппæрстой, райсомы та йæ ванмæ ба- кодтой. Бады Корейы ван къæлæтджыныл, зæлдаг^ къухсæрфæнæй йæ цæсгомы хид сур кæны. — Уый ды дæ, уæдæ, уыцы æнаккаг лæппу! — зæгъы йын ван. — Цæй-ма, исты аныв кæн. Райхæлдтой Чхон Донæн йæ къухтæ, радтой йæм сыгъзæрин цъылынæг æмæ æнхъæлмæ кæ- сыиц, цы кæидзæнис, уымæ. Райста Чхон Дон йæ цъылынæг, дыууæ хатты йæ æрзылдта æмæ астæрдыл фестад иу стыр хæфс. Хæфс — гæпп-гæпп, гæпп-гæпп æмæ ком- коммæ багæпп кодта, ван кæм бадт, уыцы къæ- лæтджынмæ. — Уæуу! — нырдиаг кодта ван æмæ къæлæт-| джыимæ сгæпп кодта. — Цæвут æй, цæвут æй! Лæггадгæиджытæ сæхи аппæрстой хæфс ах- сыимæ. Лидзынц, хъæр кæиынц, кæрæдзийы сæр- ты хауынц. Æппынфæстаг æй тыхамæлттæй æр- цахстой. Чхон Дои та иуварс лæууы æмæ йæ мидбылты худы. Уыцы саби сыл кæн худы, уый куы федта ван, уæд смæсты ис æмæ бардзырд радта, цæмæй йæ талынг ныккæиды ныппарой. Æпцахстой лæггадгæнджытæ Чхон Доны, æф- сæн рæхыстæй йæ сбастой æмæ йæ талынг нык- 18
кæнды ныппæрстой. Сæхæдæг ванмæ ацыдысты æмæ æрæвнæлдтой сыгъзæрин цъылынæгæй ныв- тæ кæнынмæ. Архайынц, фæлæ сын дзы ницы цæ- уы. Куыдз сныв кæнынц æмæ сын гæдыйы хуы- зæи рауайы, се стай вæййы дынджыр тæрхъусы хуызæи. Æгæрыстæмæй пырындзы голлаг сныв кæиын дæр нæу сæ бон. Уæд стыр ван йæхæдæг рахызт къæлæтджы- нæй, райста цъылынæг: — Кæсут-ма, ныв кæнын куыд хъæуы, уымæ! Афтæ загъта æмæ æрæвнæлдта сыгъзæрины къæртт ныв кæнынмæ. Архайы, иыв кæны æмæ йын дзы рауад дынджыр дур. Дур батылд ком- коммæ ваны къæхты бынмæ. Ван агæпп ласта иу- варс, фæлæ дур атылд, йæхи скъуырдта ваны късТ’лæтджыиыл æмæ йæ лыстæг мур ныккодта. Тынг смæсты ис ван, лæггадгæиджытæн загъ- та, цæмæй аппарой дур, йæхæдæг æрæвнæлдта бæлас ныв кæнынмæ. Нынныв кодта бæласы къæдз зæпг — бæласы зæнг фестад хъæстæ калм. Ныссыф-сыф кодта калм æмæ ванырдæм абы- рыд. Ван хатæны къуымты рагæпп-багæпп систа. — Æрцахсут æй, æрцахсут æй, амарут æй! — хъæр кæны. Лæггадгæнджытæ ныр та калмы фæдыл баф- тыдысты, тыхæй йæ æрцахстой. Вал бамбæрста: пæ йæм хъусьт цъылынæг. Но- гæй та йæ бахъуыд Чхои Донмæ фæдзурын. Лæггадгæнджытæ æрбакодтой Чхон Доны. — Аскъуыддзаг кæн, Чхон Дон: кæиæ иыв кæмдзынæ, куыд æмбæлы, афтæ, науæд та дын дæ сæр акъуырын кæндзынæи. Рæвдздæр ахъуы- ды кæн, — зæгъы йыи ван. Цы^гæиæн ис? Сразы ис Чхон Дон. ^ Райхæлдтой йын йæ рæхысты баст, радтой иæм сыгъзæрин цъылынæг, йæ фæсчъылдыммæ та иын баурæдтой гарзджын хъахъхъæнæг. Уый 19
хъуамæ фат суадза Чхон Доныл, куыддæр ваны; фæндоныл дыууæ зæгъа, афтæ. Ван йæ фæскъæбут аныхта, ахъуыды кодта æмæ афтæ зæгъы: — Цад сныв кæн, Чхон Дон. Æрзылдта Чхон Дон цъылынæгæй иу хатт, дыууæ хатты æмæ залы астæу фестад æрвгъуыз цад. Ван бацин кодта. — Ныр та дзы рæсугъд нау сныв кæн. Æрзылдта та Чхои Дон цъылынæг æмæ цады уылæнтыл аленк кодта рæсугъд нау. Бахызт ван наумæ æмæ ленчытæ систа цады, йæхицæн зарджытæ кæны. Иудзæвгар фæленчы- тæ кодта, стæй афтæ зæгъы: — Науыл ленк кæнын цас диссаг у, уылæнтæ дзы куынæ уа, уæд? Сараз мын уылæнтæ! Доныл йæ цъылынæг асæрфта Чхон Дон æмæ, цады сæрты атылдысты уылæнтæ: цыллахъ-мыл- лахъ, цыллахъ-мыллахъ. Науы узынц уылæнтæ æмæ ван ции кæны. — Ноджыдæр-ма, — хъæр кæны ван.—Стыр- дæр уылæнтæ дзы сараз. Æруагъта та Чхон Дон йæ цъылынæг доныл æмæ дзы атылд раздæрæй стырдæр, бæрзонддæр уылæнтæ: цыллахъ-мыллахъ, цыллахъ-мыллахъ. Фæлæ уый дæр цъус фæкаст ванмæ. — Ноджы бæрзонддæр уылæнтæ сараз, — хъæр кæны. — Сараз стырдæр уылæнтæ, науæд дын дæ сæр акъуырын кæндзынæн! Æрзылдта Чхон Дон цъылынæг йæ тых, йæ бо- нæй æмæ сыстадысты дынджыр уылæнтæ, уыдон уайтагъд фæфæлдæхтой науы æмæ ван фæдæл- доя: ис. ,20
Лæггадгæнджытæ сæхи баппæрстой донмæ ваны фервæзын кæныны тыххæй, фæлæ сæхæдæг дæр фæдæлдон сты. Чхон Дон та сныв кодта урс хъырихъупп, сбадт йе рагъыл æмæ атахт æндæр горæттæ æмæ хъæутæм мæгуыр адæмæн баххуыс кæнынмæ.
зондджын лæппу Раджы-ма раджы Сеулы цард иу мæгуыр ахуыргæнæг. Уыцы ахуыргæнæгæн уыд иу ахуыргæнинаг, йæ ном хуынд Ким. Алыбон дæр- иу ахуыргæнæг æрбацыд Киммæ æмæ йын амыдта, йæхæдæг цы зыдта, уыдон. Ким æмæ йæ ахуыргæнæг кæрæдзи тынг бирæ уарзтой. Уый хыгъд Кимы мад нæ уарзта ахуыргæнæджы æмæ йын рæстмæ хæринаг дæр никуы лæвæрдта — æдзух ын хæрын кодта кас. Иухатт Ким фæрсы йæ мады: — Гыцци, ахуыргæнæгæн касы йеттæмæ цæ- уылиæ исты хæрын кæныс? Мад ын афтæ зæгъы: — Æмæ йын уæдæ æндæр цы бахæрын кæ- нон? Ахуыр лæг дæр ма куы уаид, фæлæ хуымæ- тæджы ахуыргæиæггонд цыдæр! Хъыг уыдысты лæппуйæн мады ныхæстæ æмæ сфæнд кодта, хъуамæ йын фенын кæна, йæ ахуыргæнæг стыр куырыхон зонды хиыау кæй у æмæ æппæт дæр кæй зоны, уый. Æхсæвы сусæ- гæй хæринаггæнæнмæ бацыд, цыдæриддæр дзы агтæ уыд, ахаста сæ æмæ сæ доны былыл змисы баныгæдта. 22
райсомы мад бацыд хæринаггæнæнмæ — иу- иæг аг дæр дзы нæй. Рауай-бауай кæны къуым- ты, агуры агты. Агуры, фæлæ сæ нæ ары. Ким йæ ахуыргæнæгæн афтæ зæгъы: — Агтæ сты доны был змисы ныгæд æмæ дæ мæ мад куы фæрса, уæд-иу ын сæ бацамон. Мад æцæгæй бацыдис ахуыргæнæгмæ: — Мæ лæппу иууыл дæуæй æппæлы, стыр зон- ды хицау, дам, у. Кæд афтæ у, уæд мын, чизоны, ссарай, дысон хæринаггæнæнæй чи фесæфт, уы- цы агты. Ахуыргæнæг йæ зачъе адаудта, цыма тынг ныхъхъуыды кодта, ахæм хуыз равдыста, стæй афтæ зæгъы: — Агурын дæр сæ нæ хъæуы: доны был змисы ныгæд сты. Азгъордта Кимы мад доны былмæ, райдыдта змис змæнтын. Ссардта йæ агтæ. Фелвæста сæ йæ къухтæм æмæ сæ йæ риумæ нылхъывта, цыма сын искæмæй байсынæй тарст, афтæмæй атын- дзыдта хæдзармæ. Изæры Кимы мад уынгмæ рашыд æмæ йæ сы- хæгтæн дзырдта зондджын ахуыргæнæджы тых- хæй. — Дунейыл уый цынæ зоны, ахæм нæй, алцы дæр ссардзæн. Иу къæрных дæр уымæй нæ аир- вæздзæн! Сыхæгтæ хъусынц ацы ныхæстæм æмæ дис кæнынц: ау, ахæм зондджын адæймæгтæ дæр вæййы? Рæхджы уыцы куырыхои лæджы кой айхъуыст сыхыл, стæй та — æгас горæтыл. Хабар байхъуыст стыр ванмæ дæр. Тынг фæ- дис кодта ван: æппæт зондджын лæгты зоны, фæ- лæ дзы ахæмы кой никуы фехъуыста. Иæ лæггад- гæиджытæн бахæс кодта, цæмæй йæ æрбахоной галуанмæ. Фэетарст ахуыргæнæг: «Мæнæй цæй зондджын 23
л-æг ис, — хъуыдьг кæны* йæхииым-æры. — Цы хъуамæ зæгъон ванæн?» Фæлæ йæ цы бон уыд: ваны ныхасыл дыууæ зæгъæн нæй. Æрцыдис ахуыргæнæг ваны галуанмæ, йæ сæ- рæй акуывта ванæн. Уый йын афтæ зæГъы: — Зыны дыл, стыр зондджын лæг кæй дæ, уый: дæ къахы айст уæздан æмæ рог, куырыхон лæ- I ыл куыд æмбæлы, ахæм, дæ цæстыты арф хъуы- дыйы фæд зыны. Мæгуыр ахуыргæнæгæн та фыртæсæй йæ бон иу дзырд скæнын дæр нал у, йгæ цæстытæ байгом кæнын дæр нал уæнды, йæ бон нæу ванмæ ком- коммæ бакæсын. Ван дæр ницыуал дзуры, æн- хъæлмæ кæсы дзуапмæ, фæлæ ахуыргæнæгæн йæ дзыхæй сыбыртт нæ хауы, уæд ын ван афта^ зæгъы: — Нæ сыхаг, Арвы Фыртæн адавтой йе ’ргъæу чырын. Китайаг зондджын лæгтæ ба’сгæрстой Дæларв бæстæты, фæлæ ннцы ссардтой. Арвы Фырт мæм бахатыд, цæмæй Китаймæ арвитон мæ куырыхон лæгты тæккæ зондджындæры. Ацу ды Дæларвы бæстæмæ, бацагур æргъæу чырыи, куы- нæ йæ ссарай, уæд бардзырд ратдзынæн, цæмæй дьгн дæ сæр акъуырой. Нынкъард ис мæгуыр ахуыргæнæг. Æрбацыд Киммæ æмæ йын афтæ зæгъы: — Хуыцауы дзæгъæлы ахынджылæг кодтам дæ мадæй, Ким. Ныр, æвæццæгæн, мæн бахъæудзæн мæ сæрæн хæрзбон зæгъын. Æппæт дæр радзырдта Кимæн. Лæппу хъуы- дыт’ы ацыд: «Ау, мæн тыххæй хъуамæ фесæфа мæ ахуыргæнæг? Баххуыс ын хъæуы». — Цæй, æз дæр демæ ацæуон, — зæгъы лæп- пу. — Чизоны иеты æрымысæм. Бадзырдтой афтæ. Лæппу загъта йæ фыдæн, зæгъгæ мæ фæнды Дæларв бæстæ фенын æмæ мæ 24
ауадз. Уый дæр сразы ие: ауагъта йæ ахуыргæ- нæгйм’æ. Æрцыдысты ахуырга*н&г æмæ Ким Китаймæ. Кæсынц, фæзуатмæ æрæмбырд бæстæппæт адæм: алкæй дæр фæндыд корейаг зондджын лæгмæ бакæсын. Размæ ралайууыд паддзахы уынаффæ- гæнæг æмæ ахуыргæнæг бамбарын кодта пад- дзахы бардзырд—фынддæс бонмæ хъуамæ сса- ра æргъæу чырын. Ахуыргæнæг йæ сæрæй ныл- лæг акуывта, зæгъгæ ницы кодта. Уæд æй пад- дзахы уынаффæгæиæг акодта иу хъæздыг хæ- дзармæ. — Цыдæрйддæр дæ хъæуа, уый-иу мын зæгъ. Алцы дæр дын уыдзæнис цæттæ. Иу хатт ма йæ сæрæй акуывта ахуыр^æнæг æмæ афтæ зæгъы: — МеМæ ис мæ уарзон ахуыргæнинаг, йæ ном Ким хуыйньг, зæгъ-ма сЫн, дæ хорзæхæй, цæмæй йæ мæ и-урмæ æрбауадзой. Уый у мæ фыццаг æх- хуысгæнæг. Рацыд паддзахы уынаффæгæнæг æддæмæ, Ким; лæууыд кулдуары Цур æмæ, йæ алыварс чи æрæмбырд, уыцы адæмæн дзырдта Корейы ха- бæрттæ. — Мемæ-ма рацу, Ким, — загъта йын паддза- хы уынаффæгæнæг. Ким фæтарстис, мæгуыр, фæлæ ш бакоммæ- кастаид, уый дæр нæ бауæндыд. Ацыд паддзахьг уынаффæгæнæджы фæдыл, уый йæ комкоммæ ахуыргæнæгмæ бакодта. Сбадтысты ахуыргæнæг æмæ Ким кæрæдзийы иыхмæ, хъуыды кæнынц, æргъæу чырын куыд ссарой, ууыл. Бирæ фæхъуы- ды кодтой, фæлæ ницы æрымысыдысты. Бæстæ кæуылты дынджыр у, кæм дзы хъуамæ ссарай æргъæу чырын? Хъæмпы мидæг ма судзин кæд чи ссар’дта! Цы уа, уый уæд, — афтæ аскъуыддзаг кодтой 25,
æмæ райдыдтой минас кæнын. Минас кæнынц æх- сæвæй, бонæй, афтæмæй сыл аивгъуыдта дæс бо- .ны. Иуæндæсæм бон ахуыргæнæг æмæ Ким сæхи цæттæ кæнын байдыдтой мæлæтмæ. Æргъæу чырын чи адавта, уыцы къæрныхтæ та сæхицæн бынат нал арынц, мæгуыр: тæрсынц ^фæсденджызаг зондджын лæгæй. Æндæр дзырд нал ис æгас горæты, алкæй дæр фидарæй уырны, -æргъæу чырын кæй разындзæн, уый. Æипынфæстаг, къæрныхты бафæндыд уыцы зондджын лæгмæ искæцæй бакæсын. Иу мæйдар æхсæв сусæгæй бахъуызыдысты, Ким æмæ ахуыргæнæг кæм цардысты, уыцы хæдзары цур- мæ æмæ фæрссагæй кæсынц мидæмæ. Ким æддейæ уынæр куы фехъуыста, уæд старст. — Ахуыргæнæг, уæ ахуыргæнæг, уый чи сы- бар-сыбур кæны æддейæ? — фæрсы Ким. — Тæрсгæ ма кæн, Ким, — зæгъы йын ахуыр- гæнæг. — Уый къæвда æмæ дымгæ сыбар-сыбур кæнынц. Къæрныхтæ хæлиудзыхæй аззадысты, уыдо- нæн сæ нæмттæ хуындысты Къæвда æмæ Дымгæ. Фæрссаджы бын æрбадтысты къæрныхтæ æмæ хъуыды кæнынц, цы саразой, ууыл. — Цæй, Къæвда, бацæуæм зондджын лæгмæ, — дзуры йын Дымгæ. — Уый уæддæр æппæт дæр зоны. Кæсыс, йæ хæдзары цурмæ нæма æрбахæц- цæ стæм, афтæмæй нын уый нæ нæмттæ дæр ба- зыдта. — Бацæуæм, — сразы ис Къæвда дæр. — Уый чи фæсайдзæн! Зæгъдзыстæм ын, æргъæу чырын кæм æмбæхст ис, уый æмæ дзы хатыр ракурдзыс- тæм. Райсом куы ’рбабон, уæд къæрныхтæ бацы- дысты ахуыргæнæгмæ, йæ разы сæ уæрджытыл 26
#рхаудтой æмæ сæ ныхтæ райдыдтой астæрдыл хойын: — Ныббар нын, стыр зондджын лæг! Мах дын радзурдзыстæм, æргъæу чырын кæм æмбæхст ис, уый. Ахуыргæнæджы бирæ нал бахъуыд, фырци- нæй куы сгæппытæ кæна, уымæ, фæлæ йæхи фæу- рæдта æмæ тызмæгæй афтæ зæгъы: — Ах, æнаккаг абырджытæ! Уæ сæртæ акъуы- ринаг бæргæ сты ахæм хъуыддæгты тыххæй, фæ- лæ уын ацы хатт барст уæд. Дзурут тагъддæр, цы фæкодтат æргъæу чырын? Къæрныхтæ бацамыдтой, æргъæу чырын цы цады ныппæрстой, уый æмæ сæ ахуыргæнæг дæр ауагъта сæ фæндагыл. Дыккаг бон ахуыргæнæг æрбацыд галуанмæ, паддзахæн йæ сæрæй акуывта æмæ афтæ зæгъы: — Де ’ргъæу чырын кæм ис, уый зонын, Арвы Фырт. Æрæмбырд кæн бирæ адæм æмæ сын ца- ды дон равгæнын кæн. Уыцы цады бын ис дæ чы- рын. Æрæмбырд кодта паддзах йæ дæлбар адæмы. Райдыдтой цады дон æвдæлон кæнын. Куыстой дзы иу бон, куыстой дыккаг бон дæр æмæ цад бын- тондæр равдæлон кодтой. Паддзах ныккаст æмæ æцæгæй йæ æргъæу чырын уым разынд. Фæлæ- бурдта паддзах чырынмæ æмæ ныййарц ис йæ галуанмæ. Бацыд æмæ арф бамбæхста йæ чырын. Ахуыргæнæг æмæ Ким дæр куыннæ фæцин код- той, æргъæу чырын кæй разынд, уый тыххæй. «Ныр тагъд нæ хæдзæрттæм афардæг уыдзыс- тгъм,» — хъуыды кæнынц. Уыдон бæргæ афтæ хъуыды кодтой, фæлæ ХъУЬ1ддæгтæ афтæ нæ рауадысты. Æргъæу чы- Рьшы Дæларв бæстæйы куырыхон лæгтæ нæ, фæ- 27
лæ Райсомы сатæджы бæстæйы1 зондджын лæг кæй ссардта, уый хъыг уыд паддзахæн æмæ сфæнд кодта: хъуамæ йæ бабын кæна. Р1æхимæ- фæсидт ахуыргæнæгмæ æмæ йын афтæ зæгъы: — Иугæр афтæ зондджын лæг дæ, иугæр алцы- дæр дæ бон у, уæд мын арвæй æрхæсс хуры цæст. Хæстæгмæ йæ хъуамæ фенон. Фынддæс боны æм-; гъуыд дын дæттын, уæдмæ йæ куынæ æрхæссай^; уæд дын дæ сæр акъуырдзынæн. Нынкъард ис ахуыргæнæг. Хабар радзырдта Кимæн æмæ уыйг дæр ныккуыдта. Кæуынц дыу- уæйæ, афтæмæй сæхи цæттæ кæнынц мæлæтмæ. Æмæ маст куыннæ хъуамæ кодтаиккой? Кæм ис зæххыл ахæм лæг, арвæй хуры цæст чи æрхæсса?!' Бирæ фæкуыдтой, цъус фæкуыдтой, уый чи: зоны, фæлæ иурæстæджы Кпм афтæ зæгъы: — Цымæ кæуынæй цы рахæсдзыстæм, ахуыр- гæиæг? Фæлтау уал нæ зæрдæты дзæбæхæн фæ- цæрæм, стæй амæлын дæр зын нæ уыдзæн. Ахуыргæнæджы зæрдæмæ фæцыдысты Кимы ныхæстæ æмæ та ногæй куывд скъобор кодтой. Цынпæрдæс боны цæл-минас кодтой, стæй фынд- дæсæм бон Ким æрымысыд хинæйдзаг фæнд. Ра- дзырдта йæ йæ ахуыргæнæгæн. Уый бацин кодта: æмæ афтæ зæгъы: — Бæдæйнаг, Ким! Мах сын лæппуты ми ба- кæндзыстæм! Ахуыргæнæг паддзахмæ бацыд æмæ йын загъ- та: — Ссар мын, Арвы Фырт, сæдæ лийы дæргъæн асин æмæ дын уæд æрисдзынæн арвæй хур. Æрæмбырд кодта паддзах йæ дæлбар адæмы æмæ сын саразын кодта сæдæ лийы дæргъæн 1 Райсомы сатæджы бæстæ — афтæ хонынц Корейы» 28
•асин. Бахастои йæ фæзуатмæ,, «галуаны къулыл 1?-си бахъил кодтой. Ахуыргæнæг бацыд асины цу,рмæ, йæ цæст ахаста, стыр диссагмæ кæсынмæ чи æрæмбырд, уыцы адæмыл, стæй райдыдта асиныл хæрдмæ лизын. Бырыд, бырыд хæрдмæ, стæй иурæстæджы бынмæ æркаст æмæ ныхъхъæр кодта йæ хъæлæ- сы дзаг: — Ей, Ким, цæмæн лæууыс уым? Ныртæккæ хуры хъуамæ æрисон. Уый æгас горæты басудз- дзæн, фæлæ уырдыгæй дæхи айс! — Ой-ой-ой, — нырдиаг кодта Ким æмæ ный- йарц ис уырдыгæй. Уый фæдыл афсæрстой го- рæты адæм. Хъæр-хъæлæбайæ байдзаг горæт. Фæтарст паддзах дæр: «Дæларв бæстæйы зондджын лæгтæ æргъæу чырын не ссардтой, уый йæ ссардта. Мыййаг, æцæг, хуры дæр куы æриса арвæй, уæд цы кæндзыстæм?» — афтæ ахъуыды кодта æмæ ныхъхъæр ласта йæ хъæлæ- сы дзаг: — О, зондджын лæг, æз мæ хъуыды фæивтон. Нæ хъæуы хуры арвæй æрисын, нал мæ фæнды хæстæгмæ йæ фенын, уадз æмæ йæхицæн лæууæд арвыл! — Нæй, мæ хур, —дзуапп ын дæтты уæлейæ ахуыргæнæг. — Ды мын хуры исын кодтай æмæ дын хæлар уæд! Загъта æмæ дарддæр райдыдта хæрдмæ бы- рын. — Нæ хъæуы, зондджын лæг, — уæддæр хъæр кæны паддзах. — Ма ’рис хуры. Цыдæриддæр мæ æрдомай, иууылдæр дын сæ ратдзынæн, æрмæст ^рхиз фæстæмæ. 29
— Хорз, фæуæд де ’рдыгонау, — загъта ахуыр- гæнæг æмæ æрхызт бынмæ. Паддзах зынаргъ лæвæрттæ бакодта ахуыр- гæнæгæн. Ахуыргæнæг æмæ Ким сæ хæдзæрт- тæм æрфардæг сты. Уæдæй фæстæмæ сæ хæлардзинад ноджы фæ- фидардæр ис.
ÆГЪДАУДЖЫН ФЫРТ Раджы-ма раджы Скæсæйнаг денджызы был цард иу къаннæг хъæу. Уыцы хъæуы цард иу зæ- ронд ус. Зæронд усмæ нæдæр сыгъзæрии уыд, нæдæр æвзист, уыдис ын æрмæстдæр иунæг лæп- пу — Ван Дон. Æрвылрайсом дæр-иу алкæмæй раздæр сыс- тадис Ваи Дон æмæ-иу бавнæлдта йæ куысты- тæм: æркарста-иу хъæз æмæ дзы быдта чыр- гъæдтæ. Уыцы чыргъæдтæ уæй кодта Ван Дон æмæ йæ мадæн æлхæдта, цыдæриддæр йæ зæр- дæ агуырдта, уый. Ван Доп уыдис æгас хъæуы иууыл хæрзкснд- дæр, иууыл тыхджындæр æмæ иууыл зондджын- дæр. Уый тыххæй йæ хъæуы цæрджытæ иууыл- лæр уарзтой. Иухатт æрцыд æнамонд хабар: фæрынчыи чс Ван Докæн йæ мад. Бонизæрмæ хуыссыд йæ сынтæджы. Вам Дон та æппыиæдзух бадт йæ нуры æмæ йæ фарста: — Иицы бахæрын дæм цæуы, гыцци? 31
— Нæ, мæ хъæбул, ницы мæ хъæуы, — дзырд- *та мад хъæрзгæйæ. Хъæуы цæрджытæ иууылдæр зыдтой, Ван Донæн йæ мад рынчын кæй у, уый. Тæригъæд ын кодтой, бæргæ, фæлæ йын гбаххуыс ницы сæ бон уыд. Фæцис сæрд, æрбалæууыд уазал фæззæг, фæ- лæ Ван Доны мад уæддæр нæ фæсæрæндæр ис. Иухатт та Ван Дон бадтйс йæ мады сынтæджы раз. Æддейæ ниудта уад, денджыз уынæргъыд- та. Иурæстæджы мад арф ныуулæфыд æмæ аф- тæ зæгъы: — Ныр иу ногахст кæсаджы фыдæй ахæрын .æвзæр нæ уаид. Мадæн йæ дзыхæй уыцы дзырдтæ æххæст нæ- ма схаудысты, афтæ Ван Дон хыз райста æмæ рацыд хæдзарæй. Æрцыд денджызы былмæ. Деи- джызы стыр уылæнтæ мæстыгъуызæй тулынц æддæмæ-мидæмæ, фæлæ сæ нæ фæтарст хъæба- тыр Ван Дон: сбадт бæлæгъы æмæ аленк кодта уылæнты иыхмæ. Уад ноджы карздæрæй сыстад, уылæнтæ ноджы бæрзонддæр схæцыдысты сæ- хиуыл. «Фæдæлдон дæ кæндзынæн!»—рыхы денджыз, фæлæ Ван Дон мæлæтæй нæ тæрсы. Куыннæ хъуамæ сæххæст кæна йæ мады бæл- лиц? Æппынфæстаг Ван Дон æрцахста иу кæсаг, рацыд хæдзармæ, сарæзта дзы бас. Иæ мадæн бахæрын кодта хъарм хæринаг æмæ йын бæрæг фенгæсдæр ис. — Ноджы ма дæ цы хъæуы, гыцци? — фæрсы та йæ Ван Дон. Мад йæ мидбылты бахудтис æмæ афтæ зæгъы: — Атъамитæ мæ бæргæ хъæуы, хъæбул, фæ- лæ ацафон кæм ссардзынæ? Рæхджы зымæг куы ралæудзæнис. Лæппу арф ныхъхъуыды кодта. Иæ зæрдыл 32
æрбалæууыд: йæ мад атъами бирæ уарзта æмæ- иу ын алыхатт дæр базарæй æрбахаста Ван Дон. Ныр дæр ацыд базармæ, фæлæ ма йыл уæйгæн- джытæ худæгæй дæр мардысты, цафон атъами, дам, у, мæнæ, дам, зымæг нæ уæлкъæсæр куы ис. Уый дæр, мæгуыр, афтид армæй æрбаздæхт. Бон-изæрмæ фæбадт йæ мады сынтæджы раз, æхсæвы дæр бадгæйæ арæдзæ-мæдзæ кодта æмæ йæм фыны æгъдауæй æрбацыд зæдæнгæс фея. Иæ мидбылты йæм фæлмæн бахудт æмæ афтæ зæгъы: «Уынын, Ван Дон, дæ мады куыд бирæ уар- зыс, уый. Ды дæ æгъдауджын лæппу. Æртон, сæдæаздзыд бæласыл чи зайы, уыцы урс атъами. Ратт æй дæ мадæн. Уый йæ бахæрдзæн æмæ адзæбæх уыдзæн.» «Æмæ кæм ссарон уыцы атъами?» — фæрсы йæ Ван Дон. Фея ницыуал загъта, йæхи систа арвмæ æмæ урс мигъау айсæфт. Куы райхъал Ван Дон, уæд йæ мадæн ра- дзырдта, фыны цы федта, уый, стæй лæдзæг райста йæ къухмæ æмæ араст урс атъами агу- рæг. Бирæ фæцыд, цъус фæцыд, уый чи зоны, фæ- лæ йын иуран йæ фæндаг æрæхгæдтой бæрзонд хæхтæ. Ван Дон райдыдта хохы фахсыл хæрд- мæ цæуын, фæлæ йын йæ цæсгом цæвы тых- дымгæ, уары мит, бæстæ нытталынг. Цæсты къух фæкæнæн дæр нæй. Иурæстæджы Ван Доны хъустыл ауад тæссаг уынæр. Кæсы æмæ къæдзæхæй йæ размæ æргæпп ласта стай. Ван Дон ма тыхæй фæцарæхст иу- варс агæпп кæнынмæ. Стайæн йæ сæрæй уæздан акуывта, уый та уæддæр мæстыйæ рыхы. Ы-ры-рон, ы-ры-рон! Чи куыдз, чи хæрæг ^æ, куыд бауæндыдтæ ды мæ бæстыл дæ къах
æрæвæрын? Ам хицау æз кæй дæн, уый нæ зо- ныс? Ван Дон ын уæддæр уæздан дзуапп дæтты: — Цæмæн мыл рыхыс, уæздан стай? Æз агу- рын, сæдæаздзыд бæласыл чи зайы, уыцы урс атъами. Мæ мад рынчын у æмæ йын уыцы атъа- мийæ дарддæр ницы хос ис. Ноджы тынгдæр ныррыхыд стай, йæ цæсты- тæ мæсты æрттывд фæкодтой. Иæ раззаг дзæм- бытыл æрбадæгау кодта æмæ уыцыиу æхст фæ- кодта йæхи лæппумæ, фæлæ уый фæцарæхст: лæдзæг ын цæхгæрмæ йæ дзыхы фæцавта. Уый ма бæргæ ныуунæргъыдта, тылдта йæ сæр, фæ- лæ йын дзы иицыуал рауад. Уæд æм Ван Дон дзуры: — Куыд у, хорз стай, хъыг ма дардзынæ адæ- мы? Стай йæ сæр æнкъусы: нал, дам, хъыгдардзы- нæн адæмы æмæ, дам, мын ныббар, дæ хорзæ- хæй. — Цæй, ацыхатт дын барст уæд, фæлæ йæ дæ зæрдыл бадар, — рафтыдта лæппу йæ лæдзæг стайы дзыхæй. Фæлæ стай куыддæр фæсæрибар ис, афтæ та ногæй йæхи ныццавта Ван Доныл. Уый дæр нæ фæтыхст: лæдзæг ын йæ хъæлæсы фæцавта. Стай та райдыдта цъæхахст кæнын, фæлæ йыл ацы- хатт нал баууæндыд Ван Дон: бацыд æм æмæ йын афтæ зæгъы: — Де рагъ ма мæм æрбадар, хорз стай. Хо- хы сæрты мæ кæд ахæссай, уæд дæ ссæрибар кæндзынæн лæдзæгæй, куынæ мæ ахæссай, уæд- иу хъаст кæн дæхицæй. Цы гæнæн ма уыд стайæн дæр: бадардта йæм йе. рагъ, Ваи Дон дзæбæх æрбадт стайы рагъыл, йæ хъустыл ын æрхæцыд æмæ стай фатау атахт хохы сæрты. 34
Ван Дон йæ алфæмбылайы йæ цæст рæстмæ дæр нæма ахаста, афтæ бæрзонд къæдзæхтæ фæстейæ аззадысты, стай та уад дæлвæзты. Ныр Ван Доны стайы сæр ницæмæнуал хъуыд, ауагъта йæ йæ фæндагыл, йæхæдæг дард- дæр ацыд. Цыдис Вал Дон, цыдис æмæ æрбахæццæ ис иу хъæумæ. Бадзырдта, фыццаг кæмæ бахæццæ, уыцы чибимæ. Куы йæм ракастысты бинонтæ, уæд сæ бафарста: — Зæгъут-ма, хорз адæм, кæм ис, йæ уæлæ урс атъами кæмæн зайы, уыцы сæдæазыккон бæлас? Фысымтæ йын радтой ахæм дзуапп: — Адæймаджы цард цыбыр у, мæ хур. Кæцæй хъуамæ зонæм мах, сæдæазыккон бæлас кæм зайы, уый? Уырдæм дын фæндаг бацамондзæн æрмæстдæр, сæдæ азы кæуыл цæуы, ахæм зæронд лæг. Бацыд Ван Дон æндæр чибимæ, йæ сæрæй ныллæг акуывта зæронд усæн æмæ йын загъта: — Зæгъ-ма мын, нана, кæм зайы урс атъами? Зæронд ус ын ахæм дзуапп радта: — Æмæ зымæг дæр атъамитæ зайы, мæ хъæ- бул? Ахæм диссæгты тыххæй мах куы никуы ницы фехъуыстам. Ван Дои хъæуæй ацыд дарддæр. Фæндагыл ыл фембæлд, сæдæ азы кæуыл цыд, ахæм лæг. Ван Дон æм бацыд, йæ сæрæй йын мыллæг акуывта æмæ йæ бафарста: — Дæ бон хорз уа, дада. Чердæм дарыс дæ фæндаг? Никуы фембæлдтæ, мыййаг, сæдæ азык- коц бæласыл чи зайы, уыцы урс атъамийыл? Зæронд лæг ахъуыды кодта æмæ афтæ зæгъы: — Зæххыл цъус нæй, мæ хур, сæдæ азы чи фæ- чард, ахæм адæймæгтæ. Бæлæстæ дæр афтæ. Цу Дарддæр ныгуылæны ’рдæм. Бирæ бонтæ æмæ 36
æхсæвтæ куы фæцæуай, уæд бахæццæ уыдзынæ иу бæстæмæ. Уыцы бæстæйы цæрымц æрмæстдæр зæрдæхæлар адæм. Уым бæрзонд хæхтыл зи- лынц уаз хъырихъуппытæ, зæххыл хилынц куырыхон уартхæфсытæ, уым зайы сæдæаздзыд бæлæстæ. Уыцы бæлæстыл зайы хæрздæф дидин- джытæ æмæ æвдадзы хос дыргътæ. Уым бацагур, мæ хур, дæ урс атъами. Чизоны йыл фæхæст уай. Æрмæст дæ зæрдыл дар: уыцы бæстæмæ бацæ- уыны фадат ис æрмæстдæр хæларзæрдæ æмæ хъæбатыр адæймæгтæн, сыгъдæг зæрдæ æмæ йæм хорз хъуыдытимæ чи цæуа, ахæмтæн. Афтæ загъта зæронд лæг æмæ йæ кой дæр нал фæзынд. Ван Дон та дарддæр ацыд. Фæцис зымæг, ралæууыд уалдзæг, Ван Дон та уæддæр цæуы æмæ цæуы. Быдырты сзадис цъæх кæрдæг æмæ зæрдæйыл æхцондзинад æфтауы:— «Æрхуысс, баулæф, Ван Дои». Зарынц хæх- тыл зæллангхъæлæс мæргътæ:—«Æрлæу, байхъус нын нæ зарджытæм, Ван Дон». Фæлæ мæ улæфы Ван Дон цъæх кæрдæгыл, нæ хъусы зæлланг- хъæлæс мæргъты зарджытæм: уый цæуы размæ, æрмæстдæр размæ. Цас фæцыдис, уый чи зоны, фæлæ бахæццæ ныгуылæны тæккæ кæронмæ. Уым цæуы дын- джыр цæугæдон, доны фале та бæрзонд фæцыд хох. Ван Дон бацин кодта: хъуамæ йын ацы хохы кой кодтаид сæдæаздзыд зæронд лæг. Лæууы Ван Дон æмæ хъуыды кæны: куыд ахиза доны сæрты. Акаст фæйнæрдæм: никуы дæр бæлæгъ, никуы дæр чемæ. Уæд Ван Дон йæ комусинтæ1 раласта, бафснайдта сæ уым дзæбæх ран, йæхæдæг доны бахызт. Куыддæр донмæ бахызт Ван Дон, афтæ арв ферттывта æмæ донæй йæ сæр сдардта кæф- 1 Комусинтæ — корейаг националон къахыдарæс. 36
хъуындар — цæугæдоны тызмæг ладдзах. Фæ- тарст Ван Дон, фæлæ фæстæмæ алæууын йæ сæрмæ нæ бахаста æмæ иннæ фарсмæ аленк код- та. Иæ цæнгтæ бæргæ тилы Ван Дон, фæлæ йын размæ не ’нтысы. Кæфхъуындар йæ къæдзилæй цæвы дон æмæ сыстынц тыхджын уылæнтæ. Лæппу куынæ саст, уæд ыл кæфхъуыидар фæхъæр кодта арвы нæрды хуызæн хъæлæсæй: — Цæмæн æрцыдтæ ардæм? Куыд дæ ныфс бахастай æнæ бар ракургæйæ мæ донмæ æрба- хизын? Ногæй та ныффæйлыдта йæ къæдзилæй дон, Ван Доны кæронмæ раппæрста, йæхæдæг доны бын амбæхст. Хуыссы Ван Дон доны былыл, сыстын йæ бон нæу. Фæлæ йæ рынчын мад йæ зæрдыл куы ’рба- лæууыд, уæд та ногæй бахызт донмæ. «Цæйнæ- фæлтау афтид армæй æрыздæхон мæ хæдзармæ, фæлтау мын амæлын хуыздæр у», — афтæ хъуы- ды кæны Ван Дон. Куыддæр доны йæ къах æрæвæрдта Ван Дон, афтæ арв æрбахгæдтой тар мигътæ, нырттывта арв, иыннæрыд æндон хъæлæсæй æмæ донæй сæ сæртæ сдардтой фараст тыхджын кæфхъуында- ры. Сæ къæдзилтæй æмцæф ныккодтой дон æмæ сыстадысты уылæнтæ. Ван Дон ма йæ цæнгтæ бæргæ тылдта, фæлæ донæй рахизын нал уыд йæ бон. Уæд æй бæрзонд систа уылæн æмæ йæ рап- пæрста доны былмæ, фæлæ та уый ногæй бахызт донмæ. Ногæй та тохы бацыд тыхджын кæф- хъуындартимæ, фæлæ та йæ æртыккаг хатт дæр раппæрстой уылæнтæ доны былмæ. Бынтон ныллæмæгъ ис Ван Дон. Цудтытæгæн- гæ слæууыд йæ къæхтыл. Цыппæрæм хатт хъуа- мæ бахызтаид донмæ, фæлæ уæдмæ мигътæ сæхи- УЫл фæйнæрдæм ахæцыдысты. Разынд хуры 37
цæст æмæ арвы авдхуызон æрдыныл фæзынд зæ- дæнгæс фея. Уый рахызт арвы æрдынæй, бацыд Ван Донмæ, йæ къухыл ын ныххæцыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Ахæм фыдфæлварæнтæ дыи кæй сарæзтам, уый тыххæй ма фæхъыг у, Ван Дон. Ван Дон бакаст феямæ æмæ федта: кæд уы- дис, фыны йæм чи æрбацыд, уыцы рæсугъд чызг. Фея арвы æрдыныл сæвæрдта Ван Доны æмæ йæ ахаста цъæх хохмæ. Уыцы хох та уыд хъулон гауызæй æмбæрзты хуызæн: цы хуызæн дидин- джытæ йыл нæ зад, ахæм нал уыд. Цæуы Ван Дон, фæйнæрдæм йæ цæст хæссы. Йæ алывæрсты суадæттæ згъорынц, æхсæрдзæн- тæ зарынц, æрдузты уаз хъырихъуппытæ зилынц, цады былтыл хилынц куырыхон уартхæфсытæ. Дзуры йæм рæсугъд фея. — Уыныс уæртæ уыцы æрвгъуыз цад? Дæхи дзы ныннай æмæ иог уæлæдарæс скæн. Афтæ загъта фея æмæ йæм радта зæлдаг уæ- лæдарæс, уардийы дидинджытæй уæфт дзабыр- тæ. Ван Дон йæ сæр банкъуыста: — Нæ мæ æвдæлы мæхи найынмæ, рæсугъд фея. Мæнмæ мæ рынчын мад æнхъæлмæ кæсы: Нæ мæ хъæуынц зæлдаг уæлæдарæс æмæ уарди- йы дидинджытæй уæфт дзабыртæ дæр. Мæн хъæ- уы урс атъами. Уæд ын фея йæ къухыл ныххæцыд æмæ йæ иу дынджыр бæласмæ бакодта. Ван Дон скаст бæ- ласмæ æмæ уыны: бæласыл кæд задис тток1. — Ардæм мæ цæмæн æрбакодтай? — фæрсы феяйы. — Тток нæ бахæрдзынæн, цалынмæ урс атъами ссарон, уæдмæ. 1 Тток — корейаг дзул. 38
Цыма æвзист хъуытаз ныззæлланг кодта, ахæм хъæлæсæй ныххудт фея æмæ афтæ зæгъы: — Дзæбæхдæр-ма скæс, Ван Дон. Уый у, сæ- дæаздзыд бæласыл чи зайы, уыцы урс атъами. Ван Дон бæласыл сбырыд, æртыдта урс атъа- ми, фея та йæм радта, растдæр фыны кæй федта, ахæм чыргъæд. — Айс ацы чыргъæд, — дзуры йæм, — уым ис хосгæнæн кæрдæджытæ, саджы сыкъа. Ахæсс сæ æмæ дзы адæмæн саф сæ низтæ. Ныр та мын зæгъ, мæнæй ма дæ ноджы цы хъæуы, уый. Цы- фæнды бæллиц дæр дын сæххæст кæндзынæн. Ван Дон йæ сæрæй ныллæг акуывта хæларзæр- дæ феяйæн, ахъуыды кодта æмæ афтæ зæгъы: — Афтæ сараз, цæмæй адæмæн иууылдæр фæндаг уа цъæх хохмæ, цæмæй доны ма уа кæф- хъуындартæ. Фея йæ æрмттæ кæрæдзийыл æрхоста æмæ фурдæй схызтысты фараст кæфхъуындары. — Нырæйфæстæмæ сымах цæрдзыстут Уæ- ларв бæстæйы, — афтæ сын загъта фея æмæ уы- дон дæр афардæг сты уæларвмæ. Фея æрцахста уый фæстæ зондджын уарт- хæфсы: — Фаг дын у, уартхæфс, дæуæн дæр цады уæгъдидонæй ленчытæ кæнын. Нырæйфæстæмæ цæрдзынæ цæугæдоны æмæ адæмы ласдзынæ цъæх хохмæ. Афтæ загъта æмæ уартхæфсы цæугæдонмæ фехста, йæхæдæг Ван Донмæ бакаст, арф ныу- улæфыд æмæ афтæ зæгъы: — Зын мын у, Ван Дон, дæуæй фæхицæн уæ- вын, фæлæ æндæр гæнæн нæй, дæуæн цæуын афон у дæ хæдзармæ. Ван Донмæ æрбакодта уаз хъырихъуппы, Ван Дон сбадт хъырихъуппы чъылдымыл, уый йæ ра- 39
хаста бæрзонд хохы сæрты æмæ æрбадт Ван До- ны чибийы тæккæ раз. Бахордта Ван Доны мад урс атъами æмæ уай- тагъд фервæзт иæ низæй. Цъæх хох та нырма дæр ис йæ бынаты, адæм æй хонынц низтæн хосгæнæг хох, йæ разы — цæу- гæдон, йæ былыл бады зондджын уартхæфс, цæ- мæй адæмы ласа кæлæны хохмæ.
ИУ ЛÆППУ ПАДДЗАХЫ КУЫД РАМБЫЛДТА Кæцыдæр бæстæйы, кæцыдæр паддзахады цардис æмæ уыдис карз æмæ чъынды паддзах. Йæ галуаны ныккæндты сыгъзæрины æиæхъæн рæдзæгъдтæ уыдис, фæлæ йæм уый дæр чысыл каст. Фæндыд æй, ноджы йын фылдæр куы уаид, уый æмæ сфæнд кодта йæ сыхаг паддзахæн хæст расидын. Сфæнд кодта æмæ йæм арвыста тынг тызмæг фыстæг: «Фæнды мæ дæ ныхмæ схæцын, фæлæ уал дын раздæр дæттын æртæ хæслæвæр- ды, кæд сæ базонай, уæд нал хæцдзынæн демæ, кæд сæ нæ базонай, уæд-иу хъаст кæн дæхицæй». Фæтарстис чысыл бæстæйы паддзах: — «Ныр цы чындæуа?» — хъуыды кæны. Бирæ фæхъуыды кодта, фæлæ ницы æрымысыд æмæ стыр бæстæ- йы паддзахмæ ныффыста ахæм фыстæг: «Разы дæн дæ хæслæвæрдтæ базоныныл. Рар- вит сæ.» Карз паддзах æрæмбырд кодта, йæ бæстæйы иыдæриддæр зондджын лæгтæ уыд, уыдон æмæ ^ын афтæ зæгъы: — Æртæ базон-базоны æрымысут, æрмæст ахæмтæ, æмæ сæ æппындæр куыд ничи базона. 41
Куынæ æрымысат, уæд уын уæ сæртæ акъуыр- дзымæи. Хъуыды кодтой зондджын лæгтæ æртæ боны, æмæ æртæ æхсæвы. Ахæм хæслæвæрдтæ æрымы- сыдысты æмæ сæ паддзах йæхæдæг дæр нæ ба- зыдта. Тынг бацин кодта чъынды паддзах æмæ уайтагъд арвыста минæвар. Къаннæг бæстæйы паддзах рацыд минæвары размæ. Кæсы æмæ уыны: стыр бæстæйы паддзахы минæвар йæ фæдыл идадзæй ласы дыууæ ефс бæ- хы. Ефсытæ та кæрæдзийы æнгæс сты раст доны дыууæ æртахау. Минæвар йæ сæрæй акуывта пад- дзахæн æмæ йæм радта йæхи паддзахы фыстæг. Уым фыст уыд: «Ацы бæхтæм æвналгæ ма фæкæн, афтæмæй базон, кæцы дзы у иннæйы мад?» Æрсидт паддзах йæ зондджын лæгтæм. Уыдон зилынц бæхты алыварс, кæсынц сæм алырдыгæй, фæлæ сæ цы домдæуы, уый базонын сæ бон нæу. Изæры зондджын лæгты тæккæ зæронддæр йæ хæдзармæ æрбацыд. Иу къуымы сбадт æмæ хъуыдыты адзæгъæл ис. Уæд æм йæ ус бацыд æмæ йæ бафарста: — Цæуыл хъуыды кæныс афтæ зæрдиагæй? —Куыннæ хъуыды кæнон? — зæгъы зондджын лæг. — Абон нын ахæм зын базонинаг раттой, æмæ нæ йæ бон никæмæн бацис уый райхалын. Мах та уый куынæ базонæм, уæд стыр бæстæйьг паддзах хъуамæ нæ ныхмæ схæца. Зондджын лæджы ус йæ мидбылты бахудт: — Афонмæ мын æй цæуылнæ загътай? Нæ) цагъарæн ис фырт. Иæ ном Пак хуыйны. Æгас уынджы цæрджытæ уый зондджыны койæ фыл- дæр ницы кæнынц. Цæй, уымæн æй зæгъæм æмæ йæ кæд нæ базона, уæд фендзынæ! Фæдзырдтой сæ цагъармæ æмæ йын афтæ зæгъынц: 42
— Æрбакæы-ма дæ фырт Пакы ардæм, хъуа- мæ йын уыциу-уыциу райхалын кæнæм. Æрбакодта цагъар йæ фырты. Зондджын лæг æм æнæууæнчы цæстæй бакаст. Ницы уадиссаг ныфс авæрæн дзы уыд: йæ хæдон — скъуыдтæ, хæлаф — æмпъызтытæ, йæ къæхтыл — зæронд комусинтæ. Зондджын лæг æй хъуамæ асырдта- ид, фæлæ йæ фæнд фæивта: «Цæй уæдта йæ ба- фæлварон, — хъуыды кæны, — уæддæр уыцы уы- циу-уыциу ничи базоидзæн». Загъта лæппуйæн паддзахы хæслæвæрд. Пак ахъуыды кодта æмæ афтæ зæгъы: — Паддзах бардзырд радтæд, цæмæй кæв- дæсы сысджы ныккæной, æмæ ефсыты уырдæм бауадзой. Бæхтæй иу æнæмæнг иуварс алæудзæн, цæмæй иннæ бафсæда. Иуварс чи алæууа, уый уыдзæн мад. Бацин кодта зондджын лæг. Уайтагъд фæцæ- уæг ис галуанмæ. Бацыд паддзахмæ æмæ йын аф- тæ зæгъы: — Кæвдæсы ныккæнын кæн сысджы æмæ йæм бæхты бауадзæнт. Паддзах фæдисау ис, фæлæ йæм уæддæр бай- хъуыста. Кæвдæсы ныккодтой сысджы, бакод- той йæм бæхты, иу дзы йæхи баппæрста кæвдæс- мæ, иннæ иуварс алæууыд. Зондджын лæг бацыд уыцы бæхмæ, йæ дзыларыл ын ныххæцыд æмæ йæ паддзахмæ бакодта. — Мæнæ уый у мад, — зæгъы паддзахæн. Æхсызгон куыннæ уыд паддзахæн дæр, бæхы хъуырыл сырх хæцъетл бабаста æмæ йæ арвыста йæ сыхаг паддзахмæ. Смæсты ис фыдуаг паддзах, йæ хæслæвæрд ын кæй базыдтой, уый тыххæй æмæ сфæнд кодта Дыккаг уыциу-уыциу сæм арвитын. «Уый бæргæ ^ал базондзысты», — хъуыды кæны йæхинымæ- Ры. 43
Ногæй та йæ минæвары арвыста чысыл бæстæ- мæ. Уый бацыд паддзахмæ, йæ сæрæй йын ныл- лæг акуывта æмæ йын равдыста лæдзæг: — Базон, ацы лæдзæгæн йæ сæр кæцырдыгæй; ис æмæ йæ къуди кæцырдыгæй ис. Ногæй та фæсидт паддзах йæ зондджын лæг- тæм. Уыдон бирæ фæхъуыды кодтой, фæлæ нæ базыдтой, лæдзæгæн йæ сæр кæцырдыгæй ис æмæ- йæ къуди кæцырдыгæй ис. Зæронд зондджын лæг атындзыдта сæхимæ, Пакы æрбахонын кодта йæ хæдзармæ æмæ йын афтæ зæгъы: — Иу хатт ма нын баххуыс кæн, Пак. Пак йæ мидбылты бахудт: — Доны ныппарын кæн лæдзæг. Иæ иу кæрон^ ома уæззаудæр кæцы у, уыцы кæрон доны бын- мæ ацæудзæн. Уый уыдзæн лæдзæгæн йæ сæр> йæ къуди та доны сæр ленк кæндзæн. Зондджын лæг паддзахмæ бацыд, йæ сæрæй ныллæг акуывта æмæ афтæ зæгъы: — Лæдзæг доны ныппарын кæн, мæ паддзах, æмæ дын æз зæгъдзынæн, йæ сæр кæцырдыгæй ис, уый. Лæдзæг доны баппæрстой. Кæсы йæм зонд- джын лæг: лæдзæгæн йæ иу кæрон, æцæгæйдæр,. доны бынмæ ацыд. Зоидджын лæг æм февнæлдта æмæ фæхъæр ласта: — Мæнæ дын лæдзæгæн йæ сæр! Паддзах йе знагмæ уайтагъд арвыста лæг. Стыр бæстæйы паддзах уый куы базыдта, уæд бынтон рафыхт йæ маст: «Ау, уый зондджын лæг- 4 тæ мæн уæттæй зондджындæр сты, — хъуыдьг кæны йæхинымæры. — Фæлæ ницы кæны. Æр- :, тыккаг уыциу-уыциу ницæй тыххæй базондзыс- ты». Æрцахста паддзах дыууæ æмхуызон цъиуы æмæ сæ арвыста чысыл бæстæйы паддзахмæ:
уадз базонæд, нæл дзы кæцы у æмæ сыл кæцы у. Зондджын лæг та радзырдта Пакæн, стыр бæстæйы паддзах сæм цы хæслæвæрд æрбарвыс- та, уый. Пак ахъуыды кодта æмæ афтæ зæгъы: — Чырæджы æрæвæрут хъæмпы бындзыг. Сыл цъиу уайтагъд ахстон бийыныл схæцдзæн, нæл та хæринаг агурæг атæхдзæн. Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр уый у уæ базонинаг. Бацыд та зондджын лæг паддзахмæ, радзырд- та йын æппæт дæр. Æцæгæй чырæджы æрæвæрд- той хъæмпы бындзыг, сыл цъиу уайтагъд ахстон аразыныл схæцыд. Афтæ базыдтой æртыккаг уыциу-уыциу дæр. Карз паддзах уый куы базыдта, уæд старстис: ахæм зондджын æххуысгæнджытæ кæмæн ис, уы- цы паддзахимæ куыд ис схæцæн. Иæ салдæтты ауагъта сæ хæдзæрттæм æмæ уæдæй фæстæмæ хæсты кой йæ фæсонæрхæджы дæр нал æрцыд. Гыццыл бæстæйы паддзах та базыдта, уыциу- уыциуты Пак кæй хæлдта, уый. Фæсидт æм йæ- химæ æмæ йæ сæвæрдта Фыццаг министры бына- ты.
КÆЛÆНЫ СУАДОН Раджы-ма раджы цардысты æмæ уыдысты зæронд лæг æмæ зæронд ус. Ус хæдзары зылдты- тæ кодта, лæг та цыдис хъæдмæ сугтæ ласынмæ. Ницæмæй хъаст кодтой дыууæ зæронды, æрмæст сæ тыхсын кодта, æнæзæнæг кæй уыдысты, уыцы хъуыддаг. Иухатт та лæг хъуамæ ацыдаид хъæдмæ, фæ- лæ йæ усмæ куы бакаст, уæд æм æгæр æрхæн- дæг фæзынд æмæ йæ бафарста: — Цæуыл æнкъард дæ, зæронд? Ус ын афтæ зæгъы: — Куыинæ æнкъард кæнон, зæронд? Нæ нын чызг ис, нæ лæппу. Куы амæлæм, уæд нæ ныгæн- гæ та чн бакæндзæм? Лæг дæр уæззау ныуулæфыд, стæй йæ чиге1 райста, æнæ исты сдзургæйæ рахызт хæдзарæй. Схæццæ ис хохмæ. Йæ хъустыл ауад цавæрдæр 1 Чнге — хъæдæй арæзт дзнума, чъылдымыл уæргътæ хæссыны тыххæй. 46
маргъы зарын. Уымæн уыд диссаджы хъуытаз хъæлæс. Лæг афæлгæсыд йæ алфæмбылайы. Иу бæласыл бады тынг рæсугъд маргъ. Афтæ рæ- сугъд у æмæ йæм цæст кæсынæй не ’фсæды. Иæ сæр йæ иу фарсыл бакъул кодта маргъ, афтæмæй ракаст зæронд лæгмæ, стæй атахт æн- дæр бæласмæ. Бады къалиуыл æмæ та кæсы зæ- рондмæ йæ фæрдыггъуыз цæстытæй. Ахæм цæс- тæнгасæй йæм кæсы, цыма йæ йæ фæдыл сайы. Лæг æм хæстæгдæр бацыд. Цъиу та фæпæррæст кодта æмæ атахт. Атахт æмæ йæ зæлланг хъæлæ- сæй ноджы рæсугъддæр зарæг кæны. Лæг цыд йæ фæстæ æмæ бахæццæ хъæды тарф- мæ, цъиу та стахт арвмæ æмæ йæ кой дæр нал фæзынд. Лæг айхъуыста фæйнæрдæм. Нал хъуы- сы маргъы зарын, бæстæ ныссабыр, æрмæст кæ- цæйдæр йæ хъустыл уайы суадоны уынæр. Лæг та акаст фæйнæрдæм: Къæдзæхы бынæй уайы цæссыджы хуызæн рæсуг суадон. Зæронд лæг хæстæгдæр бацыд суадонмæ, йæ уæрджытыл æрлæууыд. Хъуамæ баназа дон. Куыддæр дзы иу хуыпп скодта, афтæ йæ гуыбыр чъылдымы стæг араст ис, йæ зæронд уæрджытæ сæ ризынæй фенцадысты, йæ тугдадзинты уыцы тæвд туг ахъазыд. «Ай цавæр диссаг у?» — хъуыды кæны зæронд. Сæвиæлдта йæ зачъемæ, хъуамæ йæ райвæзтаид, — кæд фыны дæн, зæгъгæ, — фæлæ ма цæй за- чъе! Цыма йыи æппындæр зачъе никуыдæр уыд. Бацин кодта лæг, уæдæ цы, æвæццæгæн, хъæ- уы-иу кæй кой кодтой, уыцы æвзонггæнæг суадо- иыл сæмбæлдтæн, зæгъгæ? Иу хуыпп ма дзы акодта æмæ йæ цæсгомæй арф æнцъылдтæ айсæфтысты. Цыбырдзырдæй, ^взонг лæппу фестад. Сугты мæт дæр нал æр- кодта: фелвæста йæ чиге æмæ лидзгæ хæдзармæ. Æрмæст йæ фæндагыл бæрджытæ кæны, цæмæй 47
фæндаг ма ферох кæна. Хъуамæ йæ зæронд усьъ дæр ракæна уыцы суадонмæ. Зæронд ус хæдзары фенхъæлмæ каст йæ лæг- мæ, стæй ацыд йæ размæ. «Чизоны ныффæллад, уæд ын аххуыс кæнон», — хъуыды кæны йæхицæн. Сындæг цæуы зæронд ус фæндагыл, йæ размæ та æрбатындзы иу æрыгон лæппу. Ус æй баурæд- та æмæ йæ фæрсы: — Мыййаг дыл хъæддзау зæронд лæг никуы фембæлд? Нæ лæг райсомæй ацыд хъæдмæ æмæ нырма дæр не ’рыздæхт. Лæппу йæ хъæлæсыдзаг ныххудт: — Дзæбæхдæр ма мæм æрбакæс, зæронд. Дæ- хи Кнмы нал базыдтай? Зæронд ус фæтарст. Æниу æм йæ хъæлæс зон- гæйы хуызæн фæкаст, фæлæ йæ цæстытыл нæ баууæндыд. Ким æппæт дæр радзырдта йæ зæрондæн æмæ йæ диссаджы суадонмæ акодта. Ус дыууæ хуып- пы акодта донæй æмæ диссаджы рæсугъд чызг фестад. Кæрæдзи къухтыл ныххæцыдысты чызг æмæ лæппу æмæ рафардæг сты сæ хæдзармæ. Сæ хæдзармæ куы бахæццæ сты, уæд сыл кул- дуары раз фембæлд сæ сыхаг. — Дæ изæр хорз уа, мæ сыхаг, — дзуры йæм Ким. Сыхаг æй нал базыдта. Ким æппæт дæр радзырдта йæ сыхагæн. Уы- мæн фырдисæй йæ цæстытæ цæхæртæ акалд- той: — Тагъддæр мын зæгъ, кæм ис уыцы суадон? Ким ын радзырдта, суадонмæ куыд бацæуын хъæуы, уый. Сыхаг æм фæстæмæ дæр нал фæ- карт: уайтагъд сæхимæ ныййарц. Иæ уæлæ ног халат акодта, дынджыр худ æрсагъта йæ сæрыл æмæ атындзыдта хохмæ. 48
Бахæццæ ис, Ким ын кæй тыххæй радзырдта, уыцы бынатмæ. Кæсы: къæдзæхы бынæй æцæг- дæр уайы рæсуг суадон. Лæг йæ уæрджытыл æр- хауд суадоны цур. Банызта дзы иу хуыпп, дык- каг, æмæ фестад æвзонг лæппу. «Нæ, æз Кимæй æвзонгдæр хъуамæ уон», — ахъуыды кодта æмæ ма дзы ноджы иу хуыпп скодта, фестад къап- нæг лæппу. Йæ былтæ асæрфта лæппу æмæ аф- тæ зæгъы йæхинымæры: «Ехх, цæй хæрзад дон у! Цæй ноджы ма дзы иу хуыпп акæнон!» Ноджы банызта донæй. Изæры Ким бацыд йæ сыхагмæ, фæлæ уый хæдзары нæ разынд. Фæтарст Ким: — мацы йыл æрцæуа? — Атагъд кодта суадонмæ. Æрба(хæццæ суадонмæ. Суадоиы цур хаудæй лæууынц ног ха- лат æмæ стыр шляпæ-худ, фæлæ йæ сыхаг уым никуы зыны. Ким хæстæгдæр бацыд дзаумæт- тæм. Худыл схæцыд æмæ цы диссаг уыны: ху- ды бын хуыссы дзидзидай сывæллон æмæ ад- джын фынæй кæны. Ким йæ сæр банкъуыста: — Цæй æдылы къоппа разынд мæ сыхаг? Ахæм диссаджы суадонæй ма чи нуазы уый бæрц? Сабийы халаты батыхта æмæ йæ хæдзармæ æрхаста. Иæ ус сывæллоны куы ауыдта, уæд йæ цинæн кæрои нал уыд: кæдæй иырмæ бæллыд, фырт ын куы уаид, уымæ! Цæрынтæ æмæ хæрынтæ байдыдтой æртæйæ. Саби байрæзт æмæ дзы рауад тынг хорз, тынг хæларзæрдæ адæймаг. 4*
САЙÆГОЙ Раджы-ма раджы иу къаннæг хъæуы цард иу лæппу. Уыцы лæппуйæн йæ уд, йæ дзæцц уыд искæй фæсайын. Уый тыххæй йæ адæм схуыдтой Кве То Ри, ома «Сайæгой». Æгас боны дæргъы зылдис Кве То Ри хъæуы уынгты æмæ æрмæст- дæр хъуыды кодта: «Кæй ма фæсайон? Кæуыл ма ахудон?» Иухатт Кве То Ри ацыд хохмæ. Кæсы æмæ дын иу къаннæг зæронд лæг пыхсытæ æмбырд кæны. Кве То Ри йæм хæстæгдæр бацыд — зæронд лæг кæд разынд йæ сыхаг. Бацин кодта Сайæгой: «Ис та мын, кæй фæсайон, ахæм!» Афтæ ахъуыды кодта Сайæгой æмæ йæ хъæ- лæсы дзаг ныхъхъæр лэста. — Стыр æнамонд хабар, дада! Тагъддæр уай- гæ кæн дæ хæдзармæ! Дæ зæронд æфсин мæлæ- ты къахыл лæуд у! — ноджы йæм йæ цæстытæ уыцы ирд ныккодта, йæ къухтæтилы. Баууæндыд ыл зæронд лæг, уæдæ цы, йе ’ргъом аппæрста æмæ — лидзгæ хæдзармæ. . Кве То Ри банхъæлмæ каст, цалынмæ зæронд. лæг нæ фæаууон ис, уæдмæ, стæй уый дæр цы- бырдæр фæндагыл фæраст ис зæронд лæджы 50
хæдзармæ. Бахæццæ йæм ис лæгæй бирæ раздæр æмæ фæхъæр кодта зæрондусыл: — Æнамонддзинад æрцыдис, нана! Дæ зæронд лæг хъæды пыхсытæ æмбырд кодта æмæ йыл стай йæхи ныццавта! Зæронд ус лæдзæг фелвæста æмæ йæ тых, йæ бонæй атындзыдта йæ зæронд лæгæн æххуысмæ. Лидзы, тындзы, мæгуыр. Уалынмæ кæсы æмæ йæ ныхмæ уыцы тагъд уадæй æрбацæуы йæ зæронд сæры хицау. Кæрæдзи куы ауыдтой, уæд цавд дуртау фесты. — Кве То Ри мын рахабар кодта, цыма ды мæлгæ кæныс, — загъта æппынфæстаг зæронд лæг. — Мæнæн та афтæ загъта, стай, дам, дыл цы- ма йæхи ныццавта, — зæгъы зæронд ус. Бамбæрстой, уыцы цъаммар лæппу сæ кæй фæсайдта, фæлæ ма цы? Сыхæгтæн ракодтой сæ хъаст. Уыдон сæ сæртæ мæстыйæ æнкъуыстой: «Цы ма бачындæуа ацы Сайæгойæн? Нæй йыл æууæнк!» — Худинаг дæм ницы кæсы, адæмы фыдæбо- нæй куы марыс, уæд? — дзурынц ын адæм, уый та худы æмæ худы. Иухатт та æмбисæхсæв æгас хъæуы райхъал кодта Кве То Ри. — Нæ хæдзар судзы! — хъæр кæны. — Сæфæм! Адæм уынгтæм ракалдысты, Кве То Ри та лæууы æмæ худы. — Ехх, уæддæр та мыл баууæндыдыстут! — хынджылæг скъæры. Куыниæ йæм смæсты уыдаиккой адæм. — Никуыуал дыл баууæнддзыстæм, фæлæ йæ зон! Уый та: — цыма никуы æмæ ницы! Йæ зæрдæт Г'Ь1 фæидиаг фæхудт, стæй афардæг. Цæуы зар- Джытæ гæнгæ: 51
Æз дæн иууыл зондджындæр, Æз дæн иууыл хингуырддæр, Алчи дæр мæ зоны: Æз дæн Кве То Ри! Афтæмæй хохмæ ссыд, бæлæсты бын аууоны схуыссыд æмæ хъуыды кæны: «Кæй ма фæ- сайон?» — Куыддæр афтæ ахъуыды кодта, афтæ йæ тæккæ фæсхъусæй райхъуыст тæссаг богъ. Кве То Ри фестад, кæсы æмæ — цы уыны! Хъæдæй йæм рагæпп ласта дынджыр стай, йæ цæстытæ цæхæртæ калынц, йæ къæдзил раст мæцъисы стæвдæн. Кве То Ри гæдыхъæдау ныр- рызт фыртæсæй, бæласмæ ма сгæпп кодта, мæ- гуыр, йæ цæстытæ ныцъцъынд кодта, афтæмæй райдыдта цъæхахст кæнын: — Фервæзын мæ кæнут! Баххуыс мын кæнут! Стай мæ æргæвды! Хъæуы цæрджытæ фехъуыстой, Кве То Ри æхуысмæ кæй сиды, уый, фæлæ ацыхатт нал бау- уæндыдысты Сайæгойыл: — Хынджылæг та нæ кæны уыцы цъаммар лæппу! Афтæ загътой адæм æмæ сæ хæдзæрттæм фæ- цыдысты. Райсомы хъæдмæ сугтæм чи ацыд, уы- дон федтой ахæм хабар: дынджыр бæласы цон- гыл бады Кве То Ри, бæласы бын та стай дыу- уæрдæм кæны. Адæм стайы амардтой, Кве То Рийы бæласæй æристой æмæ йын афтæ зæгъынц: — Федтай, Кве То Ри, адæмы мæстæй марын дын цы расайдта? Нал дыл баууæндыдыстæм. Æнхъæлдтам — сайгæ та нæ кæныс! Кве То Ри йæ сæр бынмæ æруагъта, ницы дзу- ры. Уæдæй фæстæмæ Кве То Ри никуыуал иикæй фæсайдта.
ДИССАДЖЫ КЪУС Раджы-ма раджы иу къаннæг хъæуы цардыс- ты зæронд лæг æмæ зæронд ус. Зæнæгæй сын ни- цы уыд, уыдис сын æрмæстдæр иу гæды æмæ иу куыдз. •* Лæг бон-изæрмæ ахста кæсаг, ус хæдзары ми- тæ кодта, гæды мыстытæ ахста, куыдз та йæ къæдзилæй пъолтæ æхсадта. Афтæмæй æрвыс- тои сæ цард. Иухатт та лæг ацыд кæсагахсынмæ. Æрцыд доны былмæ æмæ дзы цы федта? К/ьаннæг лæп- путæ æрцахстой дынджыр кæсаг. Уый æнгуырыл дзедзыкка кæны, мæгуыр. Адæймаджы хуызæн æмбаргæ цæстытæй кæсы зæронд лæгмæ кæсаг цыма иын лæгъстæ кæны: «Фервæзын мæ кæн дæ хорзæхæй, ацы дзæбæх лæг!» Фæтæригъæд кодта зæронд лæг кæсагæн Лæп- путæн бацыд æмæ сын афтæ зæгъы: — Ацы дзæбæх лæппутæ, радтут мын уæ кæсаг ^æ зæрдæхудты нæ бацæудзынæн: ратдзынæн Уьш хорз æнгуыр. Лæппутæ бацин кодтой, кæсаджы зæронд лæ- «н радтой, сæхæдæг райстой æнгуыр æмæ ли- 53
дзынмæ фесты: мыййаг ма фæивæд йæ фæнд æмæ сын æй ма байсæд. Зæронд лæг ма иу хатт æркаст кæсагмæ, стæй йæ доны баппæрста. Кæсаг ныцъцъыллынджытæ ласта æмæ доны быимæ афардæг ис. Зæронд лæг рацыд хæдзармæ, йæ усæн ра- дзырдта хабар, стæй схуыссыд. Райсомы та лæг æрцыд кæсагахсынмæ. Ие ’рцыдмæ доны былтыл зилы иу лæппу. Уыцы лæппуйæн йæ хæдон уыд æрвгъуыз, цæугæдоны уæлцъары æнгæс, йæ хæ- лаф цъæх—доны был чи зайы, уыцы кæрдæджы æнгæс, йæ комусинтæ бур — цæугæдоны змисы æнгæс. Лæппу зæронд лæджы куы ауыдта, уæд ын йæ сæрæй ныллæг акуывта. — Æгас цу, дада! Æз дæм рагæй æнхъæлмæ кæсын. Зæронд лæг бадис кодта: — Ау, æмæ ды мæи зоныс? — Куыннæ дæ хъуамæ зонон, мæлæтæй мæ ды куы фервæзын кодтай, — дзуапп ын радта лæппу. — Æз дæн Скæсæйнаг денджызы кæф- хъуындары кæсдæр фырт. Знон мæ бафæндыд сæрибарæй ахæтын, мæ фыдæн загътон, цæмæй мæ ауадза денджызтæ æмæ цæугæдæттыл аленчы- тæ кæнынмæ. Уый мæ кæсаг фестын кодта æмæ æз дæр аленк кодтон, цæст кæдæм æххæсы, уыр- дæмыты. Ленк кæнын, ленк кæнын æмæ дын уа- лынмæ æнгуырыл куы ацауындзæг уаин. Ме сæф- ты бон æрцыд, хъуыды кæнын, уалынмæ ды фæ- зыидтæ... Стыр бузныг, дада. Уыцы хорздзинад дын æз никуы ферох кæндзынæн. Куыд нæ фæдис кодтаид зæронд лæг? Бирæ диссæгтæ федта йæ царды, фæлæ дзы ахæм дис- саг нæма федта. Лæппу та йæм дзуры: — Мæ фыд дæ хоны йæ дзæнхъа галуанмæ, мæхæдæг, дам, ын хъуамæ ракæнон арфæ. 54
Лæппу æртæ хатты йе ’рмттæ кæрæдзийыл æр- хоста, цыдæртæ адзырдта, зæронд лæг кæй не ’мбæрста, ахæм æвзагыл æмæ донæй рахызтыс- ты дыууæ уартхæфсы: иу — стыр, иннæ та — къаннæгдæр. — Стыр уартхæфсы рагъыл сбад, дада,—зæ- гъы йын лæппу. Зæронд лæг бахызт стырдæр уартхæфсы чъылдыммæ, денджызаг кæфхъуындары лæппу сгæпп ласта къаннæгдæры рагъмæ. Уартхæфсы- тæ донмæ баппæрстой сæхи æмæ аленк кодтой денджызы кæфхъуындары галуанмæ. Зæронд лæг уартхæфсы чъылдымыл ныззæ- гæлу афтæмæй бады æмæ фæйнæрдæм фæлгæсы. Иæ ’алывæрсты — алæмæтой дидинджытæ, сæ хæрзуындæй рæвдауынц адæймаджы цæст, алы- гъуызон æнахъинон цæрæгойтæ ленчытæ кæ- нынц. Уалынмæ зæронд лæг ауыдта зынаргъ ду- рæй конд цæджыдзтæ, сæ сæрмæ та — налхъуыт æмбæрзæн. — Уый мæ фыды галуан у, — зæгъы лæппу. — Ныртæккæ мæ фыд æрхондзæн бирæ адæм, стыр куывд сын скæндзæн. Уый фæстæ дæ фæрсдзæн, цы дын балæвар кæна, уымæй. Мацы дзы райс, æрмæс ын зæгъ, цæмæй дын радта, йæ къæлæт- джьтны цур цы къаннæг къус ис, уый. Афтæ загъта лæппу æмæ зæронд лæджы раз байтыгъта фараст сыгъзæрин кулдуары. Зæронд бацыд галуанмæ æмæ уыны: зынаргъ дурæй конд къæлæтджыныл бады Скæсæйнаг денджы- зы Паддзах æмæ йæ урс зачъе дауы. Зæронд лæг хæстæг бацыд Паддзахмæ, йæ сæ- рæй йын ныллæг акуывта. Кæфхъуындар ын аф- тæ зæгъы: — Стыр бузныг, зæронд. Ды мын мæ фырты мæлæтæй фервæзын кодтай. Уый тыххæй æз дæ мытæн хъуамæ скæнон стыр куывд. 55
Афтæ загъта кæфхъуындар, стæй сыгъзæрин лæдзæгæй пъол æрхоста æмæ райдыдта иуабо- нæй иннæ абонмæ куывд. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы фæминас код- та зæронд лæг, цыппæрæм бон æрæнкъард ис: «Куыд цæрдзысты æнæ мæн зæронд ус, куыдз æмæ гæды? Тыхсдзысты, æвæццæгæн». Бацыд кæфхъуындармæ, йæ сæрæй йын ныл- лæг акуывта æмæ афтæ зæгъы: — Дæ галуаны цæрын хорз у, Скæсæйнаг ден- джызы Паддзах, фæлæ мæ хæдзармæ мæ зæрдæ æхсайы. Зæгъ дæ уартхæфсæн, акæнæт мæ фæс- тæмæ мæ хæдзармæ. Кæфхъуындар æй къуылымпы кæны: — Кæдæм тагъд кæныс, зæронд? Дæ хæдзар дæр дын никуыдæм аирвæздзæн. Рæстæг куы уа, уæд ацæудзынæ. Зæронд лæг уæддæр йæхи ныхас кæны: — Мæ зæронд усæн, æвæццæгæн, йæ цæсты- тæ ныуурс сты мæнмæ кæсынæй. Ауадз мæ, кæф- хъуындар. Иæ мидбылты бахудт Скæсæйнаг денджызы Паддзах: — Стыр бузныг, уазæгуаты мæм кæй æрба- цыдтæ, уый тыххæй. Ныр та зæрдылдарынæн ахæсс, дæ зæрдæмæ цыдæриддæр фæцæуа, уый. Фæйнæрдæм акаст зæронд лæг æмæ йæ цæс- тытæ ирвæзтытæ кæнынц: алыгъуызон зынаргъ дуртæ, сыгъзæринтæ цæхæртæ калынц! Кæфхъуындары фырт ын йæ фарс басхуыста: — Къус дæ ма ферох уæд, — йæ хъусы йын ба- дзырдта. Бакаст зæронд лæг паддзахы къæлæтджыны ’рдæм: æцæг йæ фарсмæ ис къаннæг къус. Йæхæ- дæг ницы уадиссаг цæсты ахадгæ у, афтæмæй йæ быны кæд ис сыгъзæрин баз. Хъахъхъæнгæ та йæ кæнынц денджызаг æнахъинон цæрæгойтæ. 56
— Уыцы къус мьгн .балæвар кæн, — зæгъы: зæронд лæг. Кæфхъуындар нæ разы кæны ууыл: — Цыдæриддæр дæ хъæуы, уый мæ æрдом,. æрмæст мын уыцы къус ныууадз. Кæфхъуындары фырт афтæ зæгъы: — Уый мæ мæлæтæй куы фервæзын кодта, ды та йын иу къус дæр хæлæг кæныс... Кæфхъуындар фефсæрмы. Сыстад йæ къæ- лæтджынæй, къус райста сыгъзæрин базæй æмæ йæ радта зæронд лæгæн. Уый йæ йæ роны ба- вæрдта, стæй сбадт уартхæфсы рагъыл æмæ уартхæфс араст ис зæронд лæджы хæдзармæ. Зæронд ус йæ лæджы куы ауыдта, уæд фыр- цинæй йæ зæрдæ суынгæг æмæ ныккуыдта: — Æз дын удæгас æнхъæл дæр нал уыдтæн... Лæг йæ хабæрттæ ракодта усæн, стæй йæ ро- нæй къус райста æмæ йæ радта йæ усмæ. Ус æм æркаст æмæ афтæ зæгъы: — Сæрхъæн зæронд лæг дæ! Цæмæн дæ ба- хъуыд ацы къус? Фæлтау дзы сыгъзæринтæ ра- куырдтаис. Нæхицæн хæдзар сарæзтаиккам, йæ сæр та йын сырх дурæй бамбæрзтаиккам. Ус йæ ныхас нæма фæци, афтæмæй къус æртæ латты хæрдмæ фæхаудта, ныззылдис æмæ дыу- уæ зæронды фестядысты сырх дурæй æмбæрзт стыр хæдзары. Ус дын куыннæ бацин кодтаид. Ай хуымæтæджы къус куынæ у. Диссæгтæ ба- кæнын куы у йæ бон. Уæдæ кæфхъуындары фырт дæр уымæн курын кодта ацы къусы. Зæронд ус дзуры къусмæ: — Пырындз нын радт, къус. — Дзидза нын радт, къус. Къус схъиуы хæрдмæ, зилы йæ мидбынаты æмæ аразы, цыдæриддæр дзы домынц, уый. Дзæ- бæх фæминас кодтой^дыууæ зæронды, бафсæстой сæ куыдз æмæ гæдыйы дæр, стæй къусы сауыгъ- 57
той, дзæбæх сæм кæм зыыдаид, ахæм бынаты æмæ схуыссыдысты. Уæдæй фæстæмæ хъæздыг цард кодтой зæронд ус æмæ лæг. Хъуыддаг базыдта, донæн уыцы фарс чи цард, иу ахæм фыд-зæрдæ идæдз ус. Сфæнд кодта къус радавын. Иубон сбадт бæлæгъы, рахызт доны сæрты æмæ бацыд дыууæ зæронды хæдзармæ. Бахъæр сæм кодта, лæг æм ракаст æмæ йын афтæ зæгъы: — Пырындз мын рауæй кæн, зæронд. Зæронд ус лæджы разæй фæцис дзуапп дæт- тынмæ: — Цас дæ хъæуы, уыйбæрц ахæсс. Махмæ лыр кæлæны къус ис. Цыдæриддæр дзы домæм, уый нын дæтты. Идæдз ус цыма тынг бадис кодта, ахæм хуызы йæ афарста: — Уый та куыд? Куыд уын дæтты, цы дзы до- мат, уый? Ницы уын æмбарын! Уый цавæр къус уыдзæнис? Зæронд лæг йæ мидбылты сæрыстыр худт ба- кодта, стæй къулæй æриста къус, йæ разы йæ æрæвæрдта æмæ афтæ зæгъы: — Кæс-ма, хорз ус, ныртæккæ цы уыдзæн, уы- тлæ. Ратт ныи, къус, иу голладжыдзаг пырындз. Къус æртæ хатты хæрдмæ фæхаудта, ныззылд йæ мидбынаты æмæ идæдз усы раз февзæрд пы- рындзæй йедзаг стыр голлаг. Уый йæ фелвæста æмæ фæцæуæг ис йæ хæдзармæ. Æрбацыд йæ хæдзармæ, æлыг сыджытæй са- рæзта, зæрæдтæм цы къус уыд, раст уый хуызæн æмæ та сæм фæзынд: — Иу-цъус мын дзидза куы раттиккат: пы- рындз цæимæ сфыцон, уый мын нæй. • Зæронд лæгæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, фыд-зæрдæ идæдз цы фыдвæнд скодта, уый. Къулæй æриста къус, йæ разы йæ æрæвæрдта :58
æмæ дзы ракуырдта дзидза. Къус æртæ хатты хæрдмæ фæхаудта, ныззылд йæ мидбынаты æмæ усы раз февзæрд дзидзайы стыр кæрдих. Ус æм куы ’ргуыбыр кодта исынмæ, уæд къусы фæивта: йæхицæн рахаста кæлæны къус, зæрæдтæн та ныууагъта хуымæтæджы къус. Уый фæстæ сбадт йæ бæлæгъы æмæ афардæг ис сæхимæ. Куыддæр æрбахæццæ ис, афтæ къусы йæ разы æрæвæрдта æмæ йыл ныхъхъæр ласта: — Хъус мæм, къус, — уадз зæронд лæг æмæ зæронд ус цæрой, раздæр куыд цардысты, афтæ сæ зæронд къæсы, ма сын уæд мадæр пырындз, мадæр дзидза! Къус æртæ хатты фæхауд хæрдмæ, ныззылд йæ мидбынаты æмæ цæсты фæныкъуылдмæ фæ- тары зæронд ус æмæ лæгæн сæ сырх дурæй æм- бæрзт хæдзар, нал фæзындысты, сæ пырындзы голлæгтæ æмæ сæ дзаумæттæ æфснайд кæм уы- дысты, уыцы чырынтæ. Лæг куыннæ фæтарстаид? Фæлæбурдта къус- мæ. — Нæ хæдзар нын фæстæмæ ратт, мæ къус! Къус змæлд дæр нæ фæкодта: налдæр зилгæ, налдæр схъиугæ. — Ратт нын, мæ къус, пырындз, — ногæй та йæм дзуры лæг. Нæ дæтты къус пырындз. Базыдтой зæрæдтæ, сæ къус сын фыд-зæрдæ идæдз ус кæй фæивта, уый. Ус ныккуыдта зæр- дæхалæн куыдæй, лæг арф ныуулæфыд, стæй бæ- лæгъы сбадт æмæ ацыд йæ къус ракурынмæ. Зæронд лæг идæдз усы цæрæнуатмæ куы ’рба- хæццæ, уæд кæсы æмæ йæ разы ног арæзт хæ- дзар, кулдуары раз лæууынц лæггадгæнджытæ, ус йæхæдæг бады фæрссаггæрон, йæ уæлæ зæл- даг дарæс. Лæг бацыд фæрссаджы размæ æмæ йæм афтæ дзуры: 59
— Цæмæн мын рахастай мæ къус, идæдз ус? Ратт мын æй фæстæмæ. Фыд-зæрдæ идæдз ус йæ хъæлæсы дзаг ных- худт. — Дæ цæстæй дæр нал фендзынæ, зæронд^ уыцы къусы! Фесæф мæ цæсты разæй, цалынмæ дын мæ лæггадгæнджытæ де рагъы царм нæ ра- ластой, уæдмæ. Цы гæнæн ма йын уыд! Сбадт йæ бæлæгъы. æмæ æрбаздæхт йæ хæдзармæ. Иæ усæн ра- дзырдта хъуыддаг. Фæмаст кодтой, фæкуыдтой, стæй схуыссыдысты. Фæлæ куыдз æмæ гæдыйы хуыссæг нæ ахста. Бадтысты фæрсæй-фæрстæм æмæ хъуыды кодтой, куыд баххуыс кæной зæ- ронд лæг æмæ усæн. Бирæ фæхъуыды кодтой, стæй хинæйдзаг гæ- ды афтæ зæгъы: — Æз де ’ккой сбаддзынæн, куыдз. Ды мæ до- нæн уыцы фарсмæ ахæсс. Хъуамæ радавæм уы- цы усæй къус. Сразы ис куыдз. Гæды сбадт йе ’ккой æмæ аленк кодта доны. Бахъуызыдысты идæдз усы хæдзармæ. Куыдз йæ фæстаг къæхтыл слæууыд æмæ фæрссагæй бакаст. Ус адджын фынæй код- та, къус та лæууыд стъолыл. Хъуыды кæнынц куыдз æмæ гæды, куыд радавой къус, ууыл. Æп- пынфæстаг гæды афтæ зæгъы: — Ды кулдуары аууои æрлæу, куыдз. Æз хор- донмæ бауайон. Мыстытæ дзы фенон. Чизоны нын уыдон баххуыс кæной. Бакастис хинæйдзаг гæды хордонмæ. Уым ду- нейы мыстытæ æрæмбырд æмæ се ’гасы хисдæр ныхас кодта: — Нырæй фæстæмæ идæдз усмæ кæддæрид- дæр пырындз уыдзæн бирæ æмæ мах дæр цæр- дзыстæм æнæмæтæй... 60
Уыцы рæстæджы гæды багæпп ласта хордон- мæ æмæ хисдæр мысты рацахста: — Ныртæккæ мын ард бахæрут, мыстытæ, цыуын зæгъон, уый кæй сараздзыстут, уый тых- хæй. Афтæ куынæ бакæнат, уæд уын уæ раздзо- джы аскъуыдтæ кæндзынæн. Мыстытæ фыртæсæй барызтысты, сцъыс-цъыс :кодтой: — Дзур нын, гæды, цыдæриддæр зæгъай, уый /дын бакæндзыстæм. Гæды сын бафæдзæхста, цæмæй радавой, Бдæдз усмæ цы къус æмбæхст ис, уый. Фестадысты, иууыл цыргъдæр дæндæгтæ кæ- мæн уыд, дыууæ ахæм мысты æмæ идæдз усы хæдзары фæмидæг сты. Уайтагъд къул фæхуынкъ тсодтой æмæ радавтой къусы. Гæды суагъта мыстыты раздзоджы, йæхæдæг йæ дæндæгтæй ныххæцыд къусыл æмæ рацыд куыдзмæ. Куыдз тынг бацин кодта: — Тагъддæр, тагъддæр абад ме ’ккой, гæды, •æмæ аленк кæнæм. Барухс кæнæм нæ зæгæдты зæрдæтæ! Сбадт гæды куыдзы æккой æмæ аленк код- той. Куыдз иурæстæджы дзуры гæдымæ: — Гæды, фиЯ&р хæцыс къусыл? Хинæйдзаг гæды ницы дзуры: йæ дæндæгты "’хсæн фидар хæцы къусыл. Куыдз æм уæддæр дзуры: — Ма дын ахауæт, гæды! Цæуылнæ исты дзу- рыс? Ницы дзуры уæддæр хинæйдзаг гæды, фидар хæцы къусыл. Куыдз уæддæр тыхсы: — Удæгас нал дæ? — фæрсы йæ. Гæды смæсты æмæ йыл фæхъæр кодта! — Банцай! йæ дзых куы фæхæлиу кодта гæды, уæд къус 61
доны смидæг ис. Уынгæ дæр æй нал акодтой: фæ- дæлдон ис. Гæды ныккуыдта, мæгуыр: — Сæрхъæн цыдæр! Дæу тыххæй бабын ис къус! Куыдз та йын йæхи кæны аххосджын: — Цæмæн хæлиу кодтай дæ дзых! Кæрæдзимæ фæхæрам сты æмæ æнæдзургæ- йæ фæленк кодтой доны былмæ. Рахызтысты до- нæй, куыдз йæхи ацагъта æмæ ниййарц ис хæ- дзармæ, гæдымæ кæсгæ дæр нал фæкодта. Гæды бады донбыл æмæ хъуыды кæны, къус донæй куыд сиса, ууыл. Уалынмæ змисыл ауыд- та иу кæсаг, уый йæ дзых ныххæлиу кодта æмæ зынæй улæфы. Гæды йæм бауад. — Фæнды дæ, донмæ дæ баппарон? Уыцы æх- хуысы аргъмæ мын ды та донæй къус сис! Гæды кæсаджы баппæрста донмæ, йæхæдæг бады æмæ æнхъæлмæ кæсы. Уæдмæ бон дæр сси, фæлæ кæсаг зынæг нæй. Æппынфæстаг ра- ленк кодта кæсаг æмæ дзы йæ дзыхы рахаста къус. Гæды бацин кодта, райста къус æмæ лидз- гæ хæдзармæ. Лидзы æмæ хъуыды кæны: «Ца- лынмæ хæдзармæ иæ бахæццæ уон, уæдмæ иу ныхас дæр не скæндзынæн». Хæдзары дыууæ зæронды тыхсынц, хыл кæ- нынц куыдзмæ: — Куыд ныууагътай гæдыйы иунæгæй! Ныр æй кæм агурæм? — Фæхыл стæм, — зæгъы куыдз. — Мæ цæс- ты сындз фестад! Куыдз дзырд нæма фæцис, афтæмæй кæсынц æмæ дын гæдыйы куы ауыниккой. Уый лидзы æмæ йæ дзыхы скъæфы къус! Куыд фæцин кодтой дыууæ зæронды! Арфæ- тæ к^пынц гæдыйæн, æппæлыиц дзы. Куыдзмæ 62
хъыг æркаст уый: къус иумæ рахастой æмæ æп- пæлгæ та æрмæст гæдыйæ кæнынц. Смæсты ис куыдз æмæ уынгмæ ацыд, уым æр- цард. Зæрæдтæ ма йын бæргæ дзырдтой, цæмæй хæдзармæ æрбаздæха, фæлæ сæм нæ байхъуыс- та. Уа^дæй фæстæмæ куыдз цæры уынджы æмæ гæдыйы куы ауыны, уæд ыл схъырны. Гæды йæ рагъ фæкъæдз кæны æмæ йыл ныффутт ласы: — Дæхи аххос уыд!
НАМЫСДЖЫН ЛÆППУ Раджы-ма раджы иу хæххон хъæуы цардис иу лæппу. Иæ фыд раджы амард уыцы лæппу- йæн. Ма’д райсомæй изæрмæ кæйдæр куыстытæ кодта, лæппу та хъæды сугтæ æмбырд кодта æмæ сæ базары уæй кодта. Иу фæззыгон бон, бæлæстæн сæ сыфтæр бын- тондæр куы азгъæлд æмæ уазал дымгæ сырдты сæ хуыккæмттæм куы батардта, раст уыцы рæстæджы лæппу райста йæ фæрæт æмæ йæ чи- ге. Араст хъæдмæ сугтæ хæссынмæ. Лæппу схæццæ ис иу хæххон цады цурмæ. Цады былыл уыд егъау бæлас. — «Цæй, ракæнои æй, — хъуыды кæны лæп- пу. — Бирæ суг дзы æрæвзæрдзæн». Райдыдта бæлас калын. Цалдæр цæфы йæ куы фæкодта, уæд фæрæт йæ къухæй атахт æмæ цады смидæг ис. Лæппу сбадт доны был æмæ кæуы. Уымæн йæ фæрæт сыгъзæринæй зынаргъдæр уыд. Ныр ма- иу суг цæмæй кæндзæн? Иурæстæджы цад уылæнтæ кæнын райдыд- та æмæ дзы рахызт иу къаннæг зæронд лæг. — Цæуыл кæуыс? — фæрсы лæппуйы. 64
Лæппу радзырдта лæгæн, цы фыд ыл æрцыд, уый. Лæг ын афтæ зæгъы: — Ма мæт кæн, æз дын ссардзынæн дæ фæ- рæт. Афтæ загъта лæг æмæ доны бын фæмидæг. Ногæй та цад райдыдта уылæитæ кæнын æмæ та рахызт уыцы къаннæг зæронд лæг: йæ къухы сыгъдæг сыгъзæринæй конд фæрæт. — Ай у, мыййаг, дæ фæрæт? — фæрсы лæппу- йы. Лæппу йæ къух батылдта: — Нæ, мæ фыды хай, уый мæ фæрæт нæу! Лæг йæ мидбылты бахудт æмæ та иогæй ам- бæхст доны бын. Ацы хатт æм бирæ банхъæлу.æ каст лæппу. Æппынфæстаг рацыд лæг, æртыккаг хатт, æмæ лæппумæ дæтты æвзист фæрæт. — Айс дæ фæрæт, мæ лæппу, — дзуры йæм. — Нæ, мæ фыды хай, мæнæн мæ фæрæт æф- сæйнагæй у, — дзуапп ын дæтты лæппу. Ногæй та доны бын фæцис лæг, æмæ куы раз- дæхт, уæд йæ къухы уыд æфсæйнаг фæрæт. Лæппу уыцы фæрæт куы ауыдта, уæд бацин кодта: — Гъе, уый у мæ фæрæт, мæ фыды хай! Лæг рæвдаугæ худт бакодта йæ мидбылты æмæ афтæ зæгъы: — Бæдæйнаг, мæ лæппу. Ды нæ айстай, дæу цы нæу, уый, нæ базыд кодтай сыгъзæрин æмæ æвзистыл. Уый тыххæй дын æртæ фæрæты дæр дæттын. Базары сæ ауæй кæн. Хорз аргъ дын райсдзысты æмæ дæ мад дæр æххуырсты куыс- гытæ нал кæндзæн. 5* 65
Афтæ загъта æмæ лæппумæ радта сыгъзæрин, æвзист æмæ æфсæйнаг фæрæттæ. Лæппу райста фæрæтты, милуан хатты раарфæ кодта зæронд ^ лæгæн æмæ рацыд йæ хæдзармæ. Уæдæй фæстæмæ йæ мадимæ цардысты хорз æмæ дзæбæхæй.
ÆРТÆ БÆГЪАТЫРЫ КУЫД ФÆУÆЛАХИЗ СТЫ СЕ ЗНÆГТЫЛ Раджы-ма раджы цардис иу мæгуыр зæронд лæг. Райсом-иу раджы ацыд хохмæ, хурныгуылд- мæ-иу сугтæ фæкодта, стæй сæ изæрæй та уæй кодта базары. Уымæй цард, уымæн æмæ йын нæ- дæр хуымзæхх уыд, нæдæр дыргъдон. Иухатт та ацыд хохмæ уыцы зæронд лæг, а-ныр бавнала суг кæнынмæ, афтæйæ хъустыл ауад уынæр — чидæр кæуы уынгæг хъæлæсæй, ахæм лыстæг хъæлæсæй кæуы, раст цыма дзын- га гуыз-гуыз кæны. Бацыд лæг, кæуын кæцæй хъуыст, уырдæм, кæсы æмæ дын йæ разы кæрдæ- гыл хуыссы ныхы сæрыйас лæппу, хуыссы æмæ тæригъæддаг хъæлæсæй кæуы. Фæтæригъæд ын кодта зæронд лæг. Иæ хæдон раласта, уым æй стыхта æмæ йæ хæдзармæ рахаста. Уæдæй фæстæмæ лæппу цард зæронд лæгмæ. Лæг-иу æй авдæиы бабаста, æхсыр-иу ын ба- 67
дардта æмæ та-иу.хъæдмæ ацыд суг кæнынмай, лæппу та хуыссыд авдæны æмæ æнхъæлмæ каст зæронды æрцæуынмæ. Бирæ фæцардысты афтæ, æви цъус, уымæн та чи цы зоны, фæлæ лæппу слæг ис. Уый уыд бæрзонд, бæзæрхыг æмæ тыхджын лæппу. Хъæ- бысæй хæцынмæ йыл ничи тых кодта æгас хъæуы лæппутæй, дугъы дзы йæ разæй никæй уагъта. Уый тыххæй йæ рахуыдтой «Чансу», ома «бæ- гъатыр». Иу бон Чансу бацыд зæронд лæгмæ æмæ йын афтæ зæгъы: — Акæн мæ демæ, мæ фыд, мæн дæр фæнды сугтæ ракæнЫн. Зæронд бахудт йæ мидбылты: — Цæй хохмæ цæуæн ис дæуæн, Чансу? Ныр- ма къаннæг дæ уырдæм цæуынæн. Чансу нæ саст: — Æрбакæс-ма, цæй тыхджын дæн. Хуымæ- тæджы мæ куынæ рахуыдтой, мыййаг, Чансу. Цы гæнæн уыд зæронд лæгæн? Сарæзта йын чысыл чиге, йе ’ккой йын æй сæвæрдта æмæ йæ йемæ акодта хохмæ. Ракодта Чансу сугтæ, байдзаг кодта йæ чиге æмæ сæ хæдзармæ рахаста. Хæссы Чансу йе ’ргъом. Уалынмæ дын, чиге баст кæмæй уыд, уы- цы бæндæн куы фескъуыид, сугтæ ныппырх сты: æгæр бирæ сугтæ самадта чигейыл æмæ сæ бæн- дæн нæ баурæдта. Уæд зæронд лæг дæс бæндæны сбыдта æмæ сæ чигейыл бабаста. Афтæмæй Чансу æгас бо- ны дæргъы хаста сугтæ. Фæлæ дыккаг бон уый бæрц сугтæ самадта чигейыл æмæ сæ дæс бæн- дæны дæр нæ баурæдтой — атыдтой. — Цъусдæр сугтæ-иу сæвæр, мæ лæппу, — зæ- ?ъьг зæронд. — Уæззау сты æмæ тæригъæд дæ. Чансу худы æмæ худы: со
— Уыдон цæй уæззау сты? Пакъуыйы уæз дæр куынæ кæнынц. Фæлтау мын æфсæн бæндæитæ сби, мæ фыд. Райдыдта зæронд лæг æфсæйнаг бæндæнтæ аразын. Адæм уый куы фехъуыстой, уæд æрæм- бырд сты уыцы бæндæнтæ фенынмæ. Кæсы сæм Чансу дæр æмæ дзуры зæрондæн, цæмæй сæ ставддæр сараза. Сарæзта зæронд лæг æфсæйнаг бæндæнтæ, сфидар сæ кодта чигемæ. Чансу йе ’ккой бакодта чиге æмæ ацыд хохмæ. Баизæр, хур аныгуылд, уæддæр Чансу зынæг нæй. Зæронд лæг тыхсын байдыдта: ма фæдзæ- гъæл уæд лæппу, зæгъгæ. Лæг æрбамбырд код- та йæ сыхæгты æмæ ацыдысты Чансуйы агурæг. Фæзылдысты алы къахвæндæгтыл, алы цъасс дæр басгæрстой, фæлæ никуы разынд Чансу. Уалынмæ кæсынц адæм æмæ цы уынынц? — Фæндаджы астæу лæууы æнахуыр цыдæр дис- саг: къæдзæх уа, æмæ къæдзæх нæу, бæлас уа, æмæ бæлас дæр нæу. Хæстæг бацыдысты адæм уыцы диссагмæ æмæ цавд дуртау фесты: сæ ра- зы лæууы Чансу. Уыйбæрц суг самадта чигейыл æмæ сæ аууонæй йæхæдæг нал зынд. Зæронд лæг ын уайдзæфтæ кæны: — Афтæ æмæ уфтæ фæуай, кæд дын уыдон цы- хуызæн митæ сты! Æгас хъæу дæу агурæг рацы- дысты, дæумæ та худинаг дæр ницы кæсы! Цы кусыс ам? Дæ хæдзармæ цæуылнæ цæуыс? — Ныххатыр кæн, мæ фыд, — зæгъы йын Чан- су. — Хъуамæ хæдзармæ ацыдаин, фæлæ ма, зæ- гъын, æххæст иу бæлас ракалон Сæ сæртæ банкъуыстой сыхæгтæ: цæй уæйыг лæг басгуыхт! Æрыздæхтысты хъæумæ æмæ сыл ам сæм- бæлд мæгуырау хабар: сæ бæстæм сын æрба- 69
бырста æцæгæлон бæстаг æгъатыр знаг. Судзы уыцы знаг хъæутæ, горæттæ, æиахъом сабиты мары. Хъуыддаг Чансу куы базыдта, уæд йæ фыды раз йæ сæр æркъул кодта æмæ афтæ зæгъы: — Ауадз мæ нæ бæстæ хъахъхъæнынмæ, мæ фыд. Æцæгæлон фыдгæнджытæ нæ хъæумæ æр- бацæуой, уый мæ нæ фæнды. Иæ сæр ныххоста зæронд æмæ афтæ зæгъы: — Куыд кæндзынæн æнæ дæу, мæ фырт? Куыд цæрдзынæн иунæгæй? Стæй мын дæхæдæг дæр нырма хæрз сывæллон куы дæ. Уыдон та æнæ- хъæн бардз сты! Чансу йæ мидбылты бахудт: — Йæ фыды уæзæгыл чи ис, мæ фыд, æмæ рæстдзииадыл чи тох кæны, уый кæддæриддæр фæуæлахиз уыдзæн. Мæт ма кæн, фæтæрдзыс- тæм знæгты æмæ дæм æрыздæхдзынæн. Лæппу уыцы ныхæсты фæстæ райста æрдын, фаттæ æмæ ацыд знæгты ныхмæ тохмæ. Цыд Чансу иу бон, цыд дыккаг бон æмæ ба- хæццæ ис иу бæрзонд хохмæ. Хъуамæ йæм хæс- тæг бацыдаид, фæлæ кæм ис! Тыхдымгæ сыстад, фæлдахы йæ, размæ акъахдзæф кæиын æй нæ уадзы. «Ай цы диссаг у? — хъуыды кæны Чансу. — Нырмæ дымгæйы уддзæф куынæ уыд». Йæ алывæрсты акаст Чансу æмæ уыны — чы- сыл фалдæр фынæй кæны иу уæйыг, йæ фындзы хуынчъытæй ахæм тыхдымгæ дымы æмæ хох дыууæрдæм æнкъуысы. — Ай æмæ цы дæ? — хъæр æм кæны Чансу. — Райхъал у! Уæйыг æй хъусгæ дæр нæ фæкодта. Уæд ыл дуртæ калын байдыдта Чансу. Уæйыг фестъæл- фыд йæ мид-фынæйæ æмæ ныррызт йæ алыварс бæстæ, ныкъкъæс-къæс кодтой бæрзонд бæлæстæ. 70
Хох ноджы тынгдæр нынкъуыст æмæ дын —тра- ра-ра-рах — куы рафæлдæхид: уæйыг арф куы ныуулæфыд, уæд уый дымгæйæн нæ бафæрæзта. Райхъал уæйыг, йæ цæстытæ асæрфта æмæ фæхъæр ласта: — Чи мæ райхъал кодта? Чансу йын фидарæй дзуапп дæтты: — Æз Чаису дæн æмæ дæ æз райхъал кодтон. Иуварсæрдæм ма аулæф чысыл, цæмæй дæм хæс- тæг бацæуон. Уæйыг иуварсырдæм райдыдта улæфын, Чан- су та йæм хæстæг бацыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Ех, ды дæр дзы уæйыг дæ! Нæ бæстæм нын æцæгæлон бæстаг знæгтæ æрбабырстой, ды та æнæмæтæй хуыррытт-фынæй кæныс! Фæлтау цом мемæ знæгты ныхмæ тохмæ. Фыццаг йæ ком, стæй йе уæнгтæ айвæзта уæ- йыг æмæ афтæ зæгъы: — Хуыссæг мæ ахсы, фæлæ цы гæнæн ис! Цæ- уæм, фæтæрæм уыцы æнæхонгæ уазджыты, уæд- дæр мæ фынæй кæнын нæ бауадздзысты. Уæйыг райста, йæ фарсмæ цы дынджыр мæ- цъис уыд, уый æмæ ацыдысты Чансуимæ дард- дæр. Цыдысты, цыдысты æмæ бахæццæ сты иу стыр фурдмæ. Хъуыды кæнынц уæйыг æмæ Чан- су, куыд ахизой ацы доныл. Уалынмæ дын фур- ды дон кæдæмдæр куы алидзит. Р1æ тых, йæ бо- нæй азгъордта æмæ цыдæр фæцис, цыма дзы дон æппындæр никуы уыд. Ахызтысты Чансу æмæ уæйыг доны иннæ былмæ. Кæсынц æмæ до- ны был бады иу лæг. Уый сæм йæ къух хинæй- дзаг тылд фæкодта, бацыдысты йæм хæстæгдæр. Лæг йæ дзых уæрæх байгом кодта æмæ дон уыр- дыгæй куы ракæлит. Ракалд æмæ йæ фæндагыл ацыд. 71
— Æгас цæут, хорз адæм, — загъта сын доны- былбадæг. — Доны ’уæ рахизын кæй фæндыд, уый базыдтон, æмæ йæ анызтон рæстæгмæ. — Стыр бузныг, — зæгъы йын Чансу. — Мах цæуæм знаджы ныхмæ хæцынмæ, нæ рацæуис ды немæ? — Куыннæ хъуамæ рацæуон? — дзуапп сын радта лæг. — Мыййаг мын ацы бæстæ æцæгæлон куынæ у, мæ фыды уæзæг у. Уæд ма фурды иу хатт баназон, чизоны нын искуы рабæзза. Банызта фурд æмæ æртæйæ ацыдысты дард- дæр. Цыдысты, цыдысты æмæ сыл æфцæгыл ам- бæлд иу урсдадалиджын зæронд ус. Федта сæ зæронд ус æмæ сын афтæ зæгъы: — Кæдæм цæут, сæрхъæнтæ? Уæ разы лæу- уынц æгъатыр знæгтæ. Нæ хъæуы цæрджыты нын "быныскъуыд скодтой, иунæг æз ма дзы раирвæз- тæн. Ныр сæ зæрды дарддæр цæуын ис! Чансу смæсты ис æмæ тымбыл къухæй къæ- дзæх фæцæф кодта. — Нæ ауадздзыстæм знæгты, — зæгъы уый. — Æфцæджы сæрты хъуамæ ма ахизой. — Нæ сæ ауадздзыстæм, — зæгъы уæйыг. Уый дæр хъавыд тымбыл къухæй къæдзæх ныццæвын, фæлæ фæтарст: мыййаг къæдзæх куы ракæла, уæд йæ гыбар-гыбурæй знæгтæ фæтæрсдзысты. Фурд чи банызта, уый йæ сæр банкъуыста, зæгъгæ ницы кодта, тарст йæ дзых байгом кæны- нæй, дон фæстæмæ куы алидза, уæд та йын æй ногæй бахъæудзæн баназын. Иæ сæр банкъуыста зæронд ус: — Куыд сыл фæтых уыдзыстут? Уыдон æр- дзæтæ æмæ сæдæтæ сты, сымах та æрмæстдæр æртæ! Чансу йын афтæ зæгъы: 72
— Тæрсгæ ма кæн, нана! Иæ райгуырæн зæх- хыл чи ис æмæ рæстдзинадыл чи тох кæны, уый кæддæриддæр фæуæлахиз вæййы. Чансу схызт бæласыл æмæ фæлгæсы дардыл, фæлæ дзы никæй уыны, æрмæст дард ран лæу- уынц бæрзонд бæлæстæ. Уалынмæ дын уыцы бæ- лæстæ куы базмæликкой æмæ æфцæджырдæм куы феккуырсиккой. Чансу сæ базыдта — уыдон бæлæстæ не сты^ фæлæ знаджы æфсæдтæ, сæ сæртыл та танхъатæ конд, сæ къухты — цыргъ æрцытæ. Чансу æргæпп ласта бæласæй æмæ афтæ зæгъы йе ’мбæлттæн: — Куыддæр æфцæгмæ æрбахæццæ уой, афтæ ды, уæйыг, ныффу кæн дæ тых, дæ бонæй, ды та, бæгъатыр, куыддæр дын зæгъон, афтæ сыл ауадз Фурд- Къæдзæхы фæстæ бамбæхстысты æртæ бæгъа- тыры æмæ æнхъæлмæ кæсынц знæгтæм. Чысылфæстæдæр фæсæфцæгæй æрбазындыс- ты знаджы æфсæдтæ. — Уæйыг, ныр фу кæн дæ тых, дæ бонæй, — зæгъы йын Чансу. Уæйыг æрхуыссыд зæххыл, арф сулæфыд, йæ рустæ ныттыппыр сты æмæ райдыдта хæрдмæ фу кæнын. — Уæуу-уæуу, — нырдиаг кодтой знаджы æф- сæдтæ, —сæфæм, баххуыс нын кæнут! Фæлæ сын чи хъуамæ баххуыс кодтаид? Кæй- дæр зæхмæ æрбафсæрстат, уæд уæ фиу батыхт уæхи! Уæлдæфы тæхынц знæгтæ, уалынмæ сыл æр- тыккаг бæгъатыр фурд ауагъта. Ныр уæйыг бан- цад фу кæнынæй. Æнæхонгæ уазджытæ фурдмæ азгъæлдысты æмæ фæдæлдон сты иууылдæр. 7»
Æртæ бæгъатыры сæ хæдзæрттæм фæфардæг сты. Баныхас кодтой, искуы ма знаг куы бырса сæ бæстæм, уæд та бæрæг бынаты кæй фембæл- дзысты. Фæлæ уыцы зæхмæ æцæгæлон адæм никуы- уал æрбавæрдтой сæ къах: тарстысты бæгъатыр- тæй.
СЫГЪЗÆРИН ÆМÆ ÆВЗИСТ ДУРТÆ Цардысты æмæ уыдысты дыууæ æфсымæры: хисдæр æмæ кæсдæр. Хисдæр æфсымæр уыд тыз- мæг æмæ æгъатыр, кæсдæр та — хæларзæрдæ. Хисдæр æфсымæр иууыл ссывта йæхи ’рдæм, æм- бырд кодта æхца, йæ ныййарджытæн æппындæр ницы æххуыс кодта, кæсдæр та цард йæ ныййар- джытимæ, алцæмæй дæр сын сæ арм рог кодта. Æппындæр кæрæдзийы хуызæн ницæмæй уыдыс- ты уыцы æфсымæртæ! Иухатт кæсдæр æфсымæр ацыдис сугтæм. Сфардæг ис иууыл бæрзонддæр хохмæ, уым ра- кодта сугтæ æмæ сæ æмбырд кодта иу ранмæ. Иу- рæстæджы зæххыл ауыдта æхсæры нæмыг, систа йæ æмæ йæ йæ дзыппы нывæрдта: «Мæ фыдæн æй ратдзынæн, — хъуыды кæны. — Тынг бирæ уарзы æхсæртæ». Уыцы ныхас куыддæр йæ дзыхæй сирвæзт, аф- тæ кæсы æмæ фалдæр лæууы уымæй ставддæр æхсæр. Систа та йæ æмæ афтæ зæгъы йæхицæн: — Уый та мæ мадæн ратдзынæн, уый дæр би- рæ уарзы æхсæртæ. Фæлæу-ма, чизоны ма дзы ноджыдæр ис! Ноджы ма дзы иу æхсæр ссардта, уый дæр йæ 75
дзыппы арф нывæрдта кæсдæр æфсымæр, уый та хъуамæ радта йе ’фсымæрæн. Уый фæстæ йæ чи- ге йе ’ккой бакодта æмæ араст ис йæ хæдзармæ. Уæдмæ хур фæсхохмæ ахызтис, баталынг, тæс- саг уыдис ахæм рæстæджы хъæды цæуын. Цæуы кæсдæр æфсымæр, тындзы, фæйнæрдæм хъахъ- хъæны, кæмдæр дзы хъуамæ уа суадон, уырды- гæй цæуы фæндаг йæ хæдзармæ. Цæуы, цæуы кæсдæр æфсымæр, фæлæ суадо- нæн йæ кой дæр нæ зыны. Уæд бамбæрста, фæн- дагæй кæй фæиппæрд. Сбадт иу бæласы бын æмæ хъуыды кæны, дарддæр цы сараза, ууыл. Уалынмæ кæсы æмæ йæм дардæй разынд ар- ты цæхæр. Раст сыгъзæрин стъалыйау цæхæртæ калы. Куыннæ бацин кодтаид кæсдæр æфсымæр, йæ чиге къутæрты арф бамбæхста æмæ араст ис^ рухс кæцæй калд, уыцы ’рдæм. Цæуы, тындзы, фæлæ йæм арты рухс хæстæг- дæр нæ кæны: уыцы иугъæдон сыгъдæй судзы. Иæ алыварс хъæд та у саудалынг, стайтæ, хъæд- даг гæдыты ниудæй хъæд æмризæджы ризы. Тынг старст кæсдæр æфсымæр, фæлæ йын цы гæнæн ис? Фæстæмæ нал раздæхдзæн: æгæр дард рацыд. Уалынмæ тар хъæды дынджыр бæлæстæ сæ- хиуыл фæйнæрдæм ахæцыдысты æмæ кæсдæр æфсымæр рахызт æрдузмæ. Æрдузы лæууы хæ- дзар, хæдзарæй та кæлы рухс. —Хорз адæм, — хъæр кæны кæсдæр æфсымæр, — уазæг уæм фæцæуы! Айхъуыста кæсдæр æфсымæр, иу сыбыртт дæр никуыцæй цæуы. Уæд хæдзармæ бацыд, акаст фæйнæрдæм — уым дæр ничи разынд, æрмæст кæцæйдæр кæлы рухс. Диссаджы хабар! — бан- къуыста йæ сæр, стæй йæхицæн дзæбæх бынат равзæрста æмæ схуыссыд. «Райсоммæ ам фæфы- нæй кæндзынæн, стæй бæрæг уыдзæн, — сыхгæд- та йæ цæстытæ, фæлæ йæм хуыссæг æмгæрон дæр 76
нæ цæуы. Сырдты ниуынæй хæхтæ уынæргъынц, дымгæ къуыззит кæны. Старст кæсдæр æфсымæр, фæлæ йын цы гæнæн уыд? Уалынмæ нынкъуыст зæронд хæдзар, ныррыз- тысты йæ кæлæтдзаг къултæ. Ахуыссыд рухс дæр. Хæдзар нытталынг. Æддейæ хъуысы къæх- ты уынæр: чидæр æрбацæуы хæдзармæ. Фæ- тарст кæсдæр æфсымæр. Аивæй ссардта, хосдон- мæ æвæрд асин, сбырыд ыл æмæ хосы мидæг нымбæхст. Къæхты уынæр хæстæгæй-хæстæгдæр кæны, хъуысы хъæлæстæ. Кæсдæр æфсымæр арфдæр нымбæхст хосы, йæ цæстытæ æрæхгæдта. Уалын- мæ фæцыд дуары хъинцъ. Лæппу йæ цæстытæ бакодта æмæ уыны: хæдзармæ æрбацыд хæйрæ- джыты æнæхъæн бардз: сæ иуæй иннæ тæссаг- дæр. Сбадтысты хæйрæджытæ фынджы алыварс æмæ райдыдтой дзурын, чи сæ цы федта æмæ рæстаг адæмы фыдæбонæй куыд мардтой. — Æз иу галы сæфтæджытæ зæхмæ ныххуыд- тон, — зæгъы фыццаг хæйрæг. — Иæ хицау æй нæмы, фæлæ уый читт дæр нал кæны. Ха-ха-ха! — Æз та иу кæсагахсæгæй ахынджылæг код- тон, — зæгъы дыккаг. — Æнæхъæн чыргъæды дзаг кæсæгтæ æрцахста, æз ын сæ иугай фæстæ- мæ скалдтон æмæ йын сæ бæсты дуртæ нывæрд- тон. Диссаг уыд уымæ кæсын, хæдзармæ куы ’рбацыд, уæд. Ха-ха-ха! Фæныхас кодтой, фæхудтысты, стæй се ’гасы зæронддæр хæйрæг афтæ зæгъы: — Цæй, хæйрæджытæ, лæдзджытæй ахъазæм! йæхæдæг райста лæдзæг æмæ дзы райдыдта астæрд хойын. — Къуырцц-къуырцц, рахиз, æвзист, тъупп- тъупп, рахиз, сыгъзæрин! Иннæ хæйрæджытæ дæр райстой лæдзджытæ æмæ райдыдтой астæрд хойын: 77
— Къуырцц-къуырцц, рахиз, æвзист, тъупп- тъупп, рахиз, сыгъзæрин! Хостой хæйрæджытæ астæрд æмæ алы зыхъ- хъыртæй астæрдмæ тылдысты сыгъзæрин æмæ æвзист дуртæ. Хæйрæджытæ цин кæнынц, ху- дынц, зарынц, стæй кæрæдзи къухтыл ныххæцы- дысты æмæ райдыдтой кафын — кафынц, сæ сæфтæджытæ астæрдыл хойынц. Кæсдæр æфсымæр бады хосы уæлæ, кæсы хæйрæджытæм. Сæххормаг ис, мæгуыр, райсо- мæй нырмæ къæбæры хъæстæ нæ фæцис. Йæ зæр- дыл æрбалæууыд," йæ дзыппы æхсæртæ кæй ис, уый æмæ хъуыды кæны: «Цы уа, уый уæд, иу дзы бахæрдзынæн, стæй ме ’фсымæрæи æппæт дæр радзурдзынæн, куыд уыд, афтæ. Уый мын ныххатыр кæндзæн». Систа, йе ’фсымæрæн кæй нывæрдта, уыцы æх- сæр. Бакодта йæ йæ дзыхы, уый ахæм хъыррыст ныккодта æмæ хæдзар ныррызт. Хæйрæджытæ астæрд хойын фæуагътой, тарстгъуызæй кæсынц кæрæдзимæ. Уæд се ’гасы хисдæр афтæ зæгъы: — Цæй хъыррыст у уый, хæйрæджытæ? Нæ хæдзар кæд нæ кæлы, мыййаг? Систа уæд кæсдæр æфсымæр дыккаг æхсæр, бакодта йæ йæ дзыхы—дæнг! Хæйрæджытæ но- джы тынгдæр фæтарстысты: — Лидзæм ардыгæй! — æрдиаг кæнынц. — Ныртæккæ цар æркæлдзæн æмæ не ’гас дæр ба- быи уыдзыстæм! Рагæппытæ ластой хæдзарæй æмæ ныййарц сты, æрмæст ма сын сæ къудитæ ауыдта. Кæсдæр æфсымæр бады хосыл æмæ худы: цæй сæрхъæн адæм сты ацы хæйрæджытæ, зæгъгæ! Йæ фаг куы фæхудтис кæсдæр æфсымæр, уæд æрхызт хо- сæй, æруыгъта æвзист æмæ сыгъзæрин дурты, хо- сы мндæг сæ бамбæхста. Райсомы ацыд, йæ чиге кæм бафснайдта, уыцы бынат агурæг. Ссардта йæт 78
сугты иууылдæр акалдта, чиге йæ уæхсчытыл баппæрста æмæ раздæхт фæстæмæ, хос ракъах- та, æвзист æмæ сыгъзæрин дурты чигейыл дзæ- бæх самадта, уæлейæ сыл пыхсытæ æркалдта æмæ атындзыдта йæ хæдзармæ. Бацыд кæсдæр æфсымæр хæдзары цурмæ, ба- каст мидæмæ: йæ мад бады æмæ йæ къабайы фæдджийæ йæ цæссыгтæ сæрфы. — Цы фæцис, уæдæ, мæ уарзон хъæбул? Кæд æй искуы стонг стайтæ бахордтой!.. — Цæуыл маст кæныс, гыцци? — фæхъæр кодта уæд кæсдæр æфсымæр. — Æз сæрæгас дæн,. æркæс-ма, мæнæ цытæ æрхастон! Бацыд хæдзармæ, астæрдыл æрæвæрдта чиге, систа, уæлейæ сыл цы пыхсытæ уыд, уыдон, æмæ хурау ныррухс ис хæдзар: хъайлагъуыз цæхæр калынц сыгъзæрин дуртæ, урс цæхæр та — æв- зист дуртæ. Мад, уый фенгæйæ, джихæй аззад,, фыд та йæ бафарста: — Уыйбæрц хæзна кæм ссардтай, мæ фырт? Радзырдта кæсдæр æфсымæр лыстæггай, цы хабæрттæ йыл æрцыд, уыдон, стæй сыгъзæрин дуртæй иу йæ дзыппы нывæрдта, иннæты æргъæу чырыны бафснайдта æмæ базармæ ацыд. Ауæй кодта базары йæ сыгъзæрин дур, балхæдта пы- рындз, дзидза, алыгъуызон адджинæгтæ æмæ æр- баздæхт йæ хæдзармæ. Уæдæй фæстæмæ цардыс- ты уыцы уагыл: кæсдæр æфсымæр йæ сыгъзæрин дуртæй иу ахæссы базармæ, ауæй йæ кæны, бал- хæны, цух цæмæйдæриддæр сты, уыдон æмæ æр- баздæхы йæ хæдзармæ. Афтæмæй йæ ныййар- джытимæ цæрынц царды дзæбæхæй. Хъуыддаг байхъуыст хисдæр æфсымæрмæ, æрбацыд кæс- дæрмæ æмæ йыл райдыдта хъæртæ кæнын: — Зæгъ тагъддæр, кæмæй радавтай уыцы дуртæ! Куыннæ смæсты уыдаид кæсдæр æфсымæр. 79
— Иикæмæй (сæ радавтон,—;дзуры йын.— Хъæды цы зæронд хæдзар ис, уырдыгæй сæ ра- хастон. Кæд дæ фæнды, уæд дын се ’мбис ратдзы- нæи. Райста хисдæр лæппу дурты æмбис, базыдта, зæронд хæдзармæ куыд бацæуын хъæуы, уый æмæ афардæг ис сæхимæ. Æрбацыд хæдза^мæ, дзæбæх бафснайдта йæ дурты æмæ схуыссыд. Хуысгæ бæргæ скодта, фæлæ йæм хуыссæг æмгæ- рон нæ цæуы: фырхæлæгæй йы бон хуыссын нæу. Сыгъзæрин дурты æмбисæй цы кæнын? — хъуы- ды кæны йæхинымæры.—«Мæн ахæм дуртæ хъæ- уы æнæхъæн æргъæу чырыны дзаг!» Æгас æхсæв хуыссæджы хъæстæ нæ фæцис хисдæр æфсымæр. Райсомы йе ’ххуырстытæн ба- фæдзæхста, цæмæй чиге байдзаг кæной алыгъуы- зон хæринæгтæй, йæхæдæг чиге йе ’ккой бакодта æмæ усæн афтæ зæгъы: — Æнхъæлмæ мæм кæс сом райсомæй, стæй адæмы дæр бафæдзæхс, цæмæй мæ размæ рацæ- уой. Æз æнæхъæн чигейы дзаг æрхæсдзынæн сыгъзæрин æмæ æвзист дуртæ. Уæд æгас хъæуы æз уыдзынæн иууыл хъæзныгдæр лæг. Хисдæр æфсымæр уыцы ныхасыл афардæг ис хохмæ. Схæццæ, йæ кæсдæр æфсымæр уый размæ æхсæртæ кæм ссардта, уыцы бынатмæ. Систа, лæггадгæнджытæ йын йæ чигейы цыдæриддæр нывæрдтой, уыдои æмæ райдыдта минас кæнын. Хордта, цалынмæ бухъхъытæ кæнын нæ райдыд- та, уæдмæ. Куы бафсæст, уæд бæласы бын сфæл- дæхт æмæ хуыррытт-фынæй кæны. Хур аны- гуылд, уæддæр ма хисдæр æфсымæр фынæй кæ- ны: бирæ цæуын ахуыр нæу, ныффæллад. Æппынфæстаг райхъал, йæ къæбут аныхта æмæ хъуыды кæны: «Ныр агурын хъæуы æхсæр- тæ.» Райдыдта агурын æмæ ссардта иу æхсæр. — Уый уал мæн, — ахъуыды кодта. 80
Ссардта Ма ноджы иу æхсаёр, чысыл ахъуыды кодта, стæй йæ къух ауыгъта æмæ та уый дæр бахордта. Уый фæстæ хисдæр’æфсымæр, йæ уæрджытыл ,б|Ыргæйæ, райдыдта æртыккаг æ’хсæр агурын. Агуры, агуры, фæлæ ницы ары. Уæдмæ хъæды быитоидæр нытталынг. Старст хисдæр æфсымæр: ныр æндæр æхсæртæ куынæуал ссара, уæд цы кæидзæн? Куыддæр афтæ ахъуыды кодта, афтæ æркаст зæхмæ: йæ тæккæ къæхты цур лæууы æр- тыккаг æхсæр. Фелвæста хисдæр æфсымæр æхсæр, йæ дзып- лы йæ атъыста, бæласы сыфтæрæй йæ æрæм- бæрзта уæлеяæ, цæмæйма схауа, æмæ араст ис йæ фæндагыл. Иæ чиге хъуамæ бæласы бын бам- бæхстаид, фæлæ йын æй, мыййаг, уæдта исчи адавта. Ие ’ккой’ йæ баппæрста æмæ араст хæ- дзармæ. Цæуы, цæуы, ныффæллад, уалынмæ йæм дардæй разынд рухс, раст сыгъзæринау цæхæр- тæ калы. Бацин кодта хисдæр æфсымæр: «Рæх- джы мæ чиби байдзаг кæндзынæн зынаргъ дур- тæй», — ахъуыды кодта афтæ æмæ ноджы цырд- дæр атындзыдта. Æппынфæстаг, дынджыр бæлæстæ фæйнæ- рдæм ахæцыдысты æмæ хисдæр æфсымæр рахызт æрдузмæ. Кæсы æмæ уыны: æрдузы астæу лæууы хæдзар. Бацыд мидæмæ, ахаста дзы йæ цæст — комкоммæдæр, йе ’фсымæр куыд дзырдта, афтæ: хæдзары нйчи ис, афтæмæй кæцæйдæр кæлы рухс. Хисдæр æфсымæр сбырыд хосдонмæ æмæ рай- дыдта æ’йхъæл’мæ кæсын хæйрæджытæм. Уалын- м’æ дын зæрой’д хæдзар куы нырризид, нынкъуыс- тысты йæ кæлддзаг къултæ, ахуыссыд рухс, хæ- дзар и^1тталынг. Хæдза<рйæ æрбакалдысты хæй- рйдж’ытæ, сбадтысты æмæ райдыдтой æппæлын, рæстаг адæмы куыд мæстæй мардтой, уы’дæттæй. 6* 81
Хъæздыг лæг сæм мæсты кæны, кæд райдай- дзысты лæдзджытæй хьазыи! Æппынфæстаг иууыл зæронддæр хæйрæг сис- та лæдзæг æмæ дзы райдыдта астæрд хойын: — Къуырцц-къуырцц, рахиз, æвзист, тъупп- тъупп, рахиз, сыгъзæрин! Уыцы рæстæджы иннæ хæйрæджытæ дæр райс- той сæ лæдзджытæ: — Къуырцц-къуырцц, рахиз, æвзист, тъупп- тъупп, рахиз, сыгъзæрин! Хисдæр æфсымæр йæ дзыхы бакодта æхсæр æмæ дын куы ныхъыррыст кæнид! Хæйрæджытæ фæуагътой сæ хъазын, кæрæдзимæ бакастысты. Иууыл зæронддæр хæйрæг афтæ зæгъы: — Чидæр та нын нæ зынаргъ дуртæ адавынмæ- хъавы. Рацагурут-ма йæ, хæйрæджытæ! Райдыдтой хæйрæджытæ агурын хæдзары, уый фæстæ схызтысты хосдонмæ дæр. Афæйлыдтой хос фæйнæрдæм. Кæсынц æмæ дзы лæг бады, фыртæсæй ризы. Фæхæцыдысты йын йе ’фцæгго- тыл æмæ йæ бынмæ æрæппæрстой. Хисдæр æфсы- мæр сын лæгъстæ кæны, цæмæй йæ ауадзой, хæй- рæджытæ та худæгæй мæлыиц. — Нæ къухы дæ ныр, абырæг! Цæмæн нæ тæр- сын кодтай, цæмæн нын адавтай нæ зынаргъ дур- тæ? Нырдиаг кодта хисдæр æфсымæр: — Уый æз нæ уыдтæн, мæ кæсдæр æфсымæр уын адавта уæ сыгъзæрин дуртæ. Иæ мидбылты бахудт зæронд хæйрæг: — Æмæ ды та цæмæн æрбацыдтæ ардæм? Цæ- мæп бамбæхстæ холлагдоны, науæд цæмæн æр- бахастай демæ чиге? Æрлæууыдысты хæйрæджытæ йæ алыварс, ацы æнæфсисæн цы тæрхон рахæссой, ууыл хъуы- ды кæнынц. 82
— Хуы йæ фестыи кæнæм, — зæгъы иу хæйрæг. —Мæгуыргур дзы скæнæм,— зæгъы иннæ хæйрæг. Се ’гасы зæронддæр хæйрæг ныххудт уыцы ныхæстыл: — Зонын æз, цы йын бакæнын хъæуы! Цæй æмæ йын, хæйрæджытæ, саразæм тынг дынджыр фьтндз. Уадз æмæ цæрæд уыцы фындзимæ. — Раст у, раст у! — бацин кодтой хæйрæджы- тæ. Хæйрæджытæ кæрæдзи къухтыл ныххæцы- дысты æмæ райдыдтой хисдæр æфсымæры алы- варс кафын, хисдæр хæйрæг та бацыд астæумæ, систа йæ лæдзæг, ныццавта дзы æнæфсис лæ- джы фындз æмæ æртæ хатты афтæ зæгъы: — Айрæз, фындз, сæдæ чайы1, айрæз мины онг! Куыддæр хæйрæг уый загъта, афтæ дын хис- дæр æфсымæры фындз райдыдта рæзын. — Ой-ой-ой! — æрдиаг кæны хисдæр æфсы- мæр, — чысыл фæлæу, афтæ тынг кæдæм рæзыс! Фындз та рæзы æмæ рæзы, афтæмæй адаргъ ис мин чайы онг. Хæйрæджытæ худæгæй артæнхæлдтæ код- той, хынджылæг скъæрдтой хисдæр æфсымæ- рæй. Фæхудтысты хæйрæджытæ сæ фаг, стæй сæ сыгъзæринтæ голджыты сæвгæдтой, айстой сæ æмæ афардæг сты хъæдмæ. Хисдæр æфсымæр суанг бонмæ астæрдыл ра- быр-бабыр фæкодта, агуырдта зынаргъ дуртæ, фæлæ ницы ссардта, æрмæст йæ фындз сындзы- тæй байдзаг. Æрыздæхт афтæмæй йæ хæдзар- мæ, хæдзары цур та адæмæй базмæлæнтæ дæр нал ис: æгас хъæу рацыд йæ размæ, алкæй дæр Ча—дæргъбарæн, 30 сантиметры бæрц. 83
фæнды сыгъзæрин æмæ æвзисг дуртæм бак&сын. Федтой адæм хисдæр æфсым&ры æмæ ху- дынмæ фесты: йæ фындз сырæзт мин ча. Фæ- худтысты, фæхынджылæг кодтой, стæй сæ хæ- дзæрттæм фæцыдысты. Хисдæр æфсымæр та йæ цард арвыста уыцы даргъ фындзимæ. Хъæугæ дæр ын афтæ кодта — дыккаг хатт зыд нал кæндзæнис!
КУЫД БАХХУЫС КОДТОЙ СТАЙТÆ ХЕ ДОНÆН Раджы-ма раджы, иттæг раджы, стайтæ ма, адæмау, дзурын куы зыдтой, раст уыцы рæстæ- джы æрцыд ацы хабар. Иу хæххон хъæуы цард иу мæгуыр ус. Уыцы мæгуыр усæн уыд иунæг лæппу, йæ ном хуынд Хе Дон. Хе Доныл фынддæс азы куы сæххæст, уæд иттæг рæвдз уыд фат æхсынмæ, æмæ нымад цыд хорз цуаноныл. Æрвылрайсом дæр-иу Хе Дон ацыд хохмæ, цуан кодта сæгуыттæ æмæ саг- тыл, кодта сугтæ, æмбырд кодта пыхсытæ. Изæр- иу йæ мадæн æрхаста сырды мард, йæхæдæг-иу быдыры хъæутæм ацыд æмæ уæй кодта сугтæ. Æгас хъæу зыдтой, Хе Дон йæ мады куыд тынг уарзы æмæ йын куыд лæггад кæны, уый тых- хæй йæ рахуыдтой Хе Дон дæр. Уый та нысан кæны «Аудаг лæппу». Иухатт æнамонд хабар сæмбæлд Хе Доныл: фæрынчын йæ мад. Хе Дон æдзух бадт йæ мады сынтæджы уæлхъус æмæ йæ фарста: — Цы дæ риссы, гыцци? Зæгъ æй мæнæн. -^- Ницы мæ риссы, хъæбул, æрмæст хуыссæн- 85
уатæй сыстын куыддæр мæ бон нæу, — дзуапп ын лæвæрдта мад. Хе Дон æрбахуыдта иууыл хуыздæр дохтыр- ты æмæ сын балæгъстæ кодта, цæмæй йын йæ мады сдзæбæх кæной. Уыдон ын бафæдзæхстой, цæмæй йæ мадæн дара иууыл зынаргъдæр хос- тæ. Уæд, дам, дæ мад тагъд адзæбæх уыдзæн. Банызта Хе Доны мад, цыдæриддæр æм хос- тæ уыд, уыдон, фæлæ йын ницы феххуыс сты: бонæй-бонмæ кодта æвзæрæй-æвзæрдæр. Иухатт та йæ мады сынтæджы раз бадт Хе Дон, уалынмæ йæ хъустыл ауад кæйдæр хъæ- лæс. — Дард, тынг дард ран зайы æнæмæлæты кæрдæг. Зæххыл ахæм низ нæй, уыцы кæрдæг адæймаджы кæмæй не сдзæбæх кæна. Хе Дон дуармæ рауад, кæсы æмæ дын сæ ду- армæ бады иу зæронд лæг, йæ къухы — лæдзæг. Хе Дон æм балыгъд: — Дада, дæ хорзæхæй, ды нæ кодтай æнæ- мæлæты кæрдæджы кой, мыййаг? Мæ мад тынг уæззау рынчын у æмæ йын ницы хос æххуыс кæны. Йæ мидбылты бахудт зæронд лæг, адаудта йæ урс зачъе. — Æз бæргæ кодтон йæ кой, мæ хур. Ис. æцæ- гæй дæр, ахæм кæрдæг, æрмæст йе ссарын тынг зын у. Афтæ загъта зæронд лæг æмæ араст йæ фæн- дагыл, фæлæ йæ Хе Дон уæгъд нæ уадзы: цæуы йæ фæстæ. — Зæгъ мын, дада, кæм зайы æнæмæлæты кæрдæг. Æз æй хъуамæ ссарон. Дæхæдæг зоныс, мæ мад мæлæты ’мхъус у. Бакаст зæронд лæг Хе . Донмæ, иудзæвгар ахъуыды кодта, стæй афтæ зæгъы: — Фæуæд де ’рдыгонау, Хе Дон, радзурдзы- 86
нæн дын, уыцы диссаджы кæрдæгæн куыд сса- рæн ис, уый. Æвæццæгæн дæ мæнгæй нæ хонынц Æгъдауджын лæппу, науæд дæ мады тыххæй аф- тæ дард балцы ацæуын нæ аскъуыддзаг кодта- ис. Æнæмæлæты кæрдæг зайы иу арф комы. Ком хуыйны Стайты ком. Æрвылæхсæв дæр уым æрæ- мбырд вæййынц фыдуаг стайтæ æмæ дих кæ- нынц сæ амæттаг. Ныххиз уыцы коммæ æмæ ссар сæдæазыккон назбæлас. Уыцы бæласы бын зайы сырх дидинæг. Уыцы дидинæг æрхæсс дæ мадæн. Уый йын бахæрдзæн йæ зæнг æмæ сдзæ- €æх уыдзæн. Æрмæст дæхи хъахъхъæн стай- тæй. Ма бахау сæ дзæмбытæм. Уыцы ныхæсты фæстæ зæронд лæгæн йæ кой дæр нал фæзынд, цыма уым дæр никуы уыд. Хе Дон йæ цæстытæ асæрфта, афæлгæсыд йæ алы- варс. «Фын кæд нæ федтон, мыййаг?» — ахъуыды кодта, йæхæдæг æркаст зæхмæ. Иæ разы зæх- хыл лæууы, зæронд лæгмæ цы лæдзæг уыд, уый. Иугæр афтæ у, уæд ам уыдис зондджын зæ- ронд лæг æцæгæй дæр. Хе Дон райста фат æмæ æрдын, хæрзбон загъ- та йæ рынчын мадæн, сыхæгты бафæдзæхста, цæмæй йæм сæ хъус дарой, йæхæдæг араст Ста- йты ком агурынмæ. Цыдис æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы, куы-иу хæхтæм схызт йæ фæндаг, куы та-иу арф кæмт- тæм ныххызт. Æппынфæстаг бахæццæ Пэктау- сы хохмæ. Иæ сæрмæ — саудалынг арв, æнусон наз- бæлæстæ сыбар-сыбур кæнынц, дард кæмдæр ныррыхы хæхты хицау, — тызмæг стай — йæ хъæлæс куыд зæлы, уый фæлвары: «Æвæццæгæн мæ бонмæ банхъæлмæ кæсын бахъæудзæн», — ахъуыды кодта Хе Дон. — Уæд- 87
дæр ацы талынджы сырх дидрцæг цæ фендзы- нæн». Иу бæрзрнд назбæл^смæ с^ырыд Хе Дон, цæмæй сырдты ^мæтт^г :ца фæуа, уый тыххæй. Дзæбæх æрбынат кодта æмæ цадæггай афынæй. -Куы райхъал, уæдмæ арвыл бæрзрндхтылд мæй, бæстæ ныррухс: «Цымæ афонмæ куыд у мæ мæгуыр мад?» — хъуыды кæны Хе Дон. Афтæ куыддæр ахъурды крдта Хе Дрн, афтæ кæмтты анæрыд стайты богъ-богъ. Уыцы мæс,- тыгæрæй рыхынц стайтæ. Уыцы тызмæг ниудæн дзуапп дæтты стайы лæппыны тæригъæддаг ниуд, рэст цьща кæугæ кæны, афтæ хъуысы йæ лыстæг хъæлæс. — Стыр диссæгтæ, — хъуыщл кæны Хе Дор æмæ уыцы уысм йæ цæсгомыл æртыхст цæйдæр аууон. Иæ сæрыл уæлæмæ схæцыд Хе Дон. Кæсы æмæ йæ тæккре сæрты ратæхы цæргæс, йæ ных- тæй фидар хæцы стайы лæппыныл. Йæ гæндзæх- тæ цæгъды стайы лæппын цæргæсы дзæмбыты, йæхи рæдувы, кæуы. Куыд нæ дын смæсты ис Хе Дон! — Ах, æнаккаг, цыдæр! Худинаг дæр дæм нæ кæсы æнахъомты афтæ æфхæрын? Уый тыххæй айс мæ лæвар! Иæ уæхскæй æриста йæ рæстдзæвин æрдын> акодта дзы фат, алхъывта æрдынбос æмæ фат суагъта цæргæсыл. Цæргæс йæ базыртæ ныц- цагъта æмæ зæххыл сæмбæлд. Æрбалыгъдысты стайтæ стайы лæппынмæ. Цинтæ йыл кæнынц, стæрынц æй. Стайы лæппыны мад фырцинæй цы акæна, уый дæр цал зоны, фæлæ фыд-стай фæрсы: — Чи нын фервæзын кодта нæ хъæбулы? Чи амэрдта уыцы æнаккаг цæргæсы? Стайтæ кæрæдзимæ б^эестытæ кодтрй, азыл- 88
дысты æрдузы, фæлæ дзы ничи зыны. Уæд стайьг лæппын бахудт æмæ афтæ зæгъы: — Мæн чи фервæзын кодта, уый уæ тæккæ сæрмæ бады. Стайтæ скастысты хæрдмæ, федтой Хе Доны. Амбырд сты, Хе Дон кæуыл уыд, уыцы назбæ- ласыл æмæ лæппуйы фæрсынц: — Цы аразыс уым, хорз лæг? Цæмæн нæм фæзындтæ? Хе Дон сын радзырдта æппæт дæр. Стайтæ ныхъхъуыды кодтой. Уæд мад-стай афтæ зæ- гъы: — Æз зонын, уыцы дидина^г кæм зайы, уый. Сбад ме ’ккой æмæ дæ æз ахæсдзынæи сæдæ- эзыккон дазбæласмæ. Сбадтис Хе Дор стэйы æдоой, фидар ын æр~ хæцыд йæ хъустыл æмæ стай уадау атрхтис ко- мы. Æрбабрн ис, фяелæ вд# стар уæддæр лидзы æмæ лидзы, ,æппынфæстэг æрбахящцæ ис сæдæ- аздаксда |Наз0æласмæ. — Æрхиз, Хе Дон, адо зайы сырх дидинæг. Кæсы Хе Дон: нæзьщ^ б,ъщ з&й>1, кæй никуы- доа фендæуыд, ахæм р^всугвд дидинæг. Æртыд- та Хе Дон уыцы дидцнæджы, йæ тары йæ ба- вæрдта. Уæд ын стай афтæ зæгъы: — Сбад фæстæмæ ме ’ккой, ?ез дæ уæ хæ- дзармæ ахæсдзынæн. Хе Дон сбадт стайы æккой æцæ уайтагъд æр- хæццæ ис сæхимæ. Хе Доны мад бахордта уыцьг дидинæджы зæнг æмæ йæ низ æрбайсæфт.
ИУ ХЪÆЗДЫГ ЛÆГ ТÆРХОНДОНЫ КУЫД ФЕМБЫЛДЫ Ацы хабар æрцыд раджы, тынг раджы, стайтæ тяа, адæмау, тамако куы дымдтой, раст уыцы рæстæджы. Зæхкусджытæ æлдары кæрты най кодтой хор. Ныккаст тæппалгæнаг хур, тæвды бæстæ судзы, адæмæн фырфæлладæй сæ бон фезмæлын нал у, æлдар йæхæдæг та аууоны хъисыныл бады, даргъ лулæ дымы æмæ кусджытæм йæ хъус дары. Иурæстæджы кæцæйдæр фæзынд карчы цъиу, кæрты иу кæронæй иннæмæ фæцæйуад. Найгæнджытæй иу — Док Све хуындйæ ном — æнæнхъæлæджы цъиуы æркъуырдта рæхысæй. Цъиу амард. Адæм старстысты, Док Све та æл- дары раз æрхауд йæ уæрджытыл. Лæгъстæ йын кæны: — Ныххатыр мын кæн, нæ мæ фæндыд цъиуы амарын... Æлдар ыл фæхъæр кодта йæ хъæлæсыдзаг: — Ды мын амардтай мæ карчы цъутæн сæ тæккæ хуыздæры! Тагъд мын бафид йæ аргъ! Ныуунæргъыдта Док Све: — Куы ницы азымджын дæн, мæ буц æлдар. 'Стæйдæр карчы цъиу дæлæмæ дæр æмæ уæлæ- -.90
мæ дæр у цалдæр æрхуы суарийы аргъ. Цæй хорз, бафиддзынæн дын сæ, уый тыххæй хъæр цæмæн кæныс? Ноджы тынгдæр райдыдта хъæр кæнын æл- дар: — Цалдæр æрхуы суарийы зæгъыс! Мæнæн мæ карчы цъиу у фараст ляны1 аргъ! — Дæ хуыцауы тыххæй, уый цы дзурыс, ме ’лдар, — лæгъстæ кæны Док Све, — кæд ма уыд карчы цъиу фараст ляны аргъ? Мæнмæ мæ цæ- рæнбонты дæр уый бæрц æхца никуы уыд. — Ды, сæрхъæн, мемæ быцæуыл схæцыдтæ ноджы? — йæ къæхтæ зæххыл ныххоста æлдар. — Зæгъ тагъд, бафиддзынæ, æви нæ? Куыннæ смæсты уыдаид зæхкусæг дæр! — Карчы цъиуы тыххæй æз фараст ляны нæ бафиддзынæн. Уый раст хъуыддаг нæу. Цом тæр- хондонмæ, уадз æмæ йæ уым равзарæнт! Уыцы ныхæсты фæстæ мæгуыр ла?г ацыд тæрхонгæнæгмæ, уырдæм ацыд æлдар дæр. Цæуы æмæ йæхинымæры цин кæны рагацау: тæрхонгæн- джытæ алыхатт дæр хъæзныджыты фарс кæй сты, уый зоны. Док Свеимæ чи най кодта, уыцы лæгтæ бы- цæуыл схæцыдысты. Зæронд лæгтæ сæ сæртæ æнкъусынц: — Исчи ма хъæзныг лæгимæ тæрхондонмæ цæуы! Хорз хъуыддаг нæ сызмæста Док Све. Æрыгæттæ хæцынц Док Свейы фарс. — Тынг раст бакодта! Уадз æмæ сын сæ хъуыддаг аскъуыддзаг кæнæд тæрхондон рæст- дзинад æмæ намысы æгъдауыл! Ацæуæм мах дæр тæрхондонмæ! Зæхкусджытæ æрцыдысты тæрхондонмæ, æл- дар æмæ Док Све та уæдмæ уыдысты уым. Лян — æвзист æхца рагон Корейы. 91
Стæвдтæ конд тæрхонгæнæг бады уыцы сæрыс- тьфгъуызæй, йæ фæстæ лæуувднц дыууæ тызмæг стражникы, йæ рахис фарсырдцгæи бэды пи- сыр. Ныхъхъус сты зæхкусджытæ. Тæрхонгæнæг куыд тæрхон кæндзæн, уымæ хъусынц. Тæрхон- гæнæг бакаст æлдармæ æмæ иæ фæрсы уæздан хъæлæсæй: — Радзур-ма нын, æлдар, цы дыл æрцыд? Æлдар йæ сæрæй ныллзег акуывта тæрхоцгæ- нæгæн, стæй йе ’нгуылдзæй ацамыдта Док Све- мæ æмæ райдыдта дзурын: — Ацы цъаммар Док Све мын мæ карчы цъи- уы амардта æмæ мын йæ аргъ дæр нæ фиды. Альг саубæрзæй карчы цъиутæ марын куы райдайа,. уæд хъуыддаг цæмæ æрцæудзæн! Тæрхонгæнæг Док Свемæ бакаст æмæ йæ сæр уыцы тызмæгæй банкъуыста. — Радзур-ма, цæмæн амардтай карчы цъиуы?* Док Све дæр йæ сæрæй акуывта: — Барæй йæ, мщййаг, нæ амардтон. Мах най кодтам хъæбæр хор. Уыцы рæстæдж.ы кæцæй- дæр рагæпп ласта кдрчы цъиу æмæ комкоммæ рæхысы бынмæ бахауд. Æз æппындæр марын- мæ нæ хъавыдтæн. — Æмæ карчы цъуы тыххæй æх.ца та цæуыл- нæ фидыс? — фæрсы йæ тæрхонгæнæг. — Бæргæ йьш бафидцн, фæдæ æгæр бцрæ до- мы, — арф ныуулæфыд Док Све. Мæ карчы цъиу, дам, фараст ляны аргъ у, æмæ кæд уыд карчы цъиу фараст ляны аргъ? Тæрхонгæнæг арф ныхъхъуыды кодта, йæ фæскъæбут аныхта, стæй æлдарæрдæм азылд: — Дæ карчы цъиуы тыххæй æцæг домдта# фараст ляны? ( Æлдар йæ сæрæй ныллæг акуывта: — Раст у, дæ бæрзонддзинад тæрхонгæнæгГ Тæрхонгæнæг фæдисау ис: 92
— Ц’æмæн афтæ4 бйрæ? — Уымæн æмæ Док Све мæнæн мæ карчы цъиуы куынæ амардтаид, уæд уый карк суыда- йд. Хорз каркæн та стыр аргъ ис, -- зæгъы æл- дар. Тæрхонгæнæг йæ сæр банкъуыста: — Раст зæгъыс, тынг раст! Док Све æрхауд тæрхонгæнæджы къæхты бынмæ: — Ныххатыр мын кæн, дæ уæздандзйнад, — зæгъы Док Све, — карк цыппар лйнæй фылдæры аргъ куынæ у. Æлдар фæхъæр ласта Док Свёйыл: — Цыппар ляны, зæгъыс? Цавæр кæрчытæ «федтай ды цыппар ляныл уæйгæнгæ? Мæнæн бын- тондæр æндæргъуызон кæрчытæ сты! Уыдонæн æз æвзæрст мæнæу хæрын кæнын, суадоны дон ’сын дарын, уыдон цæрынц райдзаст хæдзæртты, алы каркæн дæр дзы ис йæхи хатæн. Мæ кæрчы- тæ иууылдæр сты нард, сæ дзидза — хæрзад! Ахæм каркæн дæс ляны дæр ничи бавгъау кæн- дзæн. Кæд йæ уæздандзинад тæрхонгæнæджы •фæнды, уæд йæ бон у æмæ дзы бафæлвара кæ- цы-фæндыйы дæр! Тæрхонгæнæг та йгæ фæскъæбут аньгхта, стæй иучысыл ахъуыды Кодга æмæ афтæ зæгъы: — Цы дын зæгъон, уый зоныс, Док Све? Раст у дæ хицау— бафид ын фараст ляны. Зæхкусджытæ сæхи нал баурæдтой, æмдзы- хæй схъæр кодтой: — Раст тæрхон нæ кæны тæрхоигæнæг! Уый æдзæсгомдзинад у! Хъæздыджытæ, иууылдæр иу джйпггы уагъд стут! Док Све та хъуыДы кæнЫ, хъуыды кæны, стæй •сразы ис: — Хорз, дæ уæздандзинаД тæрх&нгæнæг, ба- фиддзынæй й-й’- фараст ляны, --- зæгъы Док Све. 93
Бации кодта æлдар, — хорз куы сцъипп ласта мæгуыр лæгæй уыйбæрц æхца! Æхсызгон уыд тæрхонгæнæгæн дæр, хорз тагъд басаста Док Све- йы, ныр æлдармæ карчы фыд хæрынмæ дæр ис ацæуæн. Йæ бынатæй хъуамæ сыстадаид, фæлæ йæ Док Све фæурæдта: — Фæгæдзæ кæн, тæрхонгæнæг, иу ныхас ма хъуамæ зæгъон. — Цы ма дæ ферох? — бахъуыр-хъуыр код- та тæрхонгæнæг. — Дзур тагъддæр. Док Све йæ сæрæй акуывта тæрхонгæнæгæн æмæ афтæ зæгъы: — Иугæр бардзырд радтай, уæд ын бафид- дзынæн фараст ляны, фæлæ уал мын уый раздæр бафидæд æртын ляны. Тæрхонгæнæг йæ мидбынаты фестъæлфыд; — Хынджылæг кæнынмæ нæ хъавыс? Док Све йын дæтты æгъдауджын дзуапп: — Цытæ дзурыс? Куыд хъуамæ хынджылæг кæнон æз йæ уæздандзинад тæрхонгæнæг æмæ йæ уæздаидзииад æлдарæй? Мæн уый зæгъын фæнды: æлдар афтæзæгъы, зæгъгæ, йæ кæрчы- тæи хæрын кæны æвзæрст мæнæу, зымæгмæ дзы алкæмæн дæр сцæттæ кæиы хицæн хæдзар. Ба- нымайут-ма, карчы цъиу цалынмæ карк суа, уæд- мæ цас мæнæу бахæрдзæн? Дыууæ малæй1 къад- дæр нæ бахæрдзæн. Иу мæнæуы маль та æнæ- хъæн фынддæс ляны аргъ у. Гъе æмæ мын æлдар бафидæд, йæ карчы цъиу кæй нæ бахордта, уы- цы мæнæуы аргъ. Адæм ныххудтысты: — Бæдæйнаг, Док Све! Хорз сын куы фæдæ! Тæрхонгæиæг йæ къухтæ фæйнæрдæм аппæр- ста, æндæр ницы йæ бон бацис. Уый дын Док Све! Тæрхонгæнæджы дæр хора куы æркъæдз кодта! 1 Маль — уæзбарæн, 20 килограммы бæрц. 94
СÆРГÆЫДТÆ Цыппар фæндоны 5- Стай хурмайæ куыд фæтарст 11 Кæлæны цъылынæг 13 Зондджын лæппу 22 Æгъдауджын фырт 31 Иу лæппу паддзахы куыд рамбылдта 41 Кæлæны суадон 46 Сайæгой 50 Диссаджы къус 53 Намысджын лæппу 64 Æртæ бæгъатыры куыд фæуæлахиз сты се знæгтыл 67 Сыгъзæрин æмæ æвзист дуртæ 75 Куыд баххуыс кодтой стайтæ Хе Донæн 85 Иу хъæздыг лæг тæрхондоны куыд фембылды 90
РОДНИК ЧАР (Корейские народные сказки на осетинскдМ языКе) ьбЬУочэсгæо ?зббсп (ЗмЛ^«)2«о ЬастЬ«дЛо Ч&С(>адЛдоо <пЬ«дЛ дБЛд) Редактор С. В. Миндиашвили Худредактор Ф. Ф. Багаев Техредактор А. И. Наниева Корректор Ж. Е. Гаглоева Сдано в набор 28. 05. 87. Подписано в печать 7. 12. 87. Формат '84x108732. Усл. печ. л. 5,2. Усл. кр.-отт. 5,2. Уч.-изд. л. 3,2. Заказ типографин № 1901. Тираж 1000 экз. Цена 20 коп. Издательство «Ирыстон», 383570, г. Цхинвали, ул. Леннна, 3. Юго-Осетинское областное полиграфическое ироизводетмеиисе объединение Госкомиздата ГССР, 383570, г. Цхинвали, ул. Московская, 5.