Text
                    ГЛЕБ КОМАРОВСКИЙ, НИКОЛАЙ КОМАРОВСКИЙ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1954


ГЛЕБ КОМАРОВСКИЙ, НИКОЛАЙ КОМАРОВСКИЙ ПОВЕСТЬ 0 КОРЕЙСКОМ МАЛЬЧИКЕ Перевод на осетинский язык П. Урумова. Северо-Осетинское кннжное издательство Орджоникидзе * 1954
1. СÆУУОН ДЫМГÆ Хур æмбисы онг схылд фæсденджызæй, фæлæ йын дæлвæзы цæрджытæ уыдтой æрмæстдæр йæ розæхуыз фæлтæмæнтæ хæхты цъуппытыл. Сатæг дымгæ ратахт комæй, зæхмæ æрæлвæста бæзджын пыхс, ахъазыд нæзыты цъуппытæй æмæ азгъордта быдырты, мæнæуы нарæг, сырсыргæнаг фæд уадзгæйæ. Горæт Сеулы кæрон дымгæ фæйнæрдæм фæхаста хус сыфтæртæ, тигъыл фæзылди æмæ смидæг фæзьь з
Ам йæхи ныццавта урс дурын хæдзарыл, йæ тар сæрæй йын рыгтæ фæхаста, æхкæд ставнæтæ бахоста æмæ райдыдта футтытæ кæнын фыццаг æмæ дыккаг уæладзыджы ’хсæн кæттаг вывескæйыл. Бур хъуымацыл маргхуьяз сырх ахорæнæй арт уагътой англисаг дамгъæтæ: „ХЪÆЛДЗÆГ КÆСАГЛАС" Америкаг æфсæдтæ Хуссар Кореймæ куы нæма ’рцыдысты, уæд та дымгæ тылдта æндæр вывескæ. Уый конд уыд сыгъзæриндоны тылд хъилыл æмæ уæл- хæдзарæй зæхмæ сау хъуымацыл фыст уыд япой- нагау: „БУР КÆФХЪУЫНДАР" Сеулы хуыздæр ресторан æмæ уазæгдоны хицау Хан Хо Сан дæсны уыд, кæй уæрдоны бадай, уый зарæг кæнынмæ. Корейы япойнæгтæ куы хицауиуæг кодтой, уæд лæккад кодта япойнæгтæн. Советон æфсæдтæ Цæгат Корейæ япойнæгты кæй асырдтой; уый дæр Хан Хо Сан ницæмæ ’рдардта: йæ бæстыхæйттæ, хæ- дзæрттæ, уазæгдон æмæ ресторан—табу хуыцауæн— хуссары сты. Уадз цæгаты цæуой æбуалгъ хъуыддæгтæ — пъамещиктæн сæ зæхх айстой æмæ йсё байуæрстой зæхкусджытæн (афтæ дзырдтой уырдыгæй æрлидзæг хъæздыг корейæгтæ),—Хо Санæн йæ бон у æнæмæ-. тæй хуыссын: ам, хуссары, америкæгтæ афтæ бакæ- нын нæ бауадздзысты. 4
Раст зæгъын хъæуы, уыцы рын чысылгай хæццæ кæны хуссармæ дæр. Хо Сан йæ быдырты фæцæй- цæугæйæ уыны æмæ ’мбары, америкæгты уагæвæрд куы нæ уаид, уæд ацы мæгуыртæ, йæ зæхх æмæ йæ хорзæхтæй чи цæры, уыдон сæ хицауы хæстæгдæр доны кæй ныппариккой... Дымгæ цалдæр хатты æр’ызгъордтытæ кодта фæзы æмæ та æрзылд „Хъæлдзæг кæсагласы" алыфарс. Ныр фæндаг гæрста кæртмæ æмæ иу ран нал уагъта ныллæг кулдуар. Дымгæ хинæй цыд: раз- дæхт-иу, амбæхст фæзы иннæ кæрон, фæцæйхылд къултыл æмæ-иу,æваст йæхи ныццавта зæронд фæй- нæджытыл. Кулдуар змæлыд, хъысхъыс кодта. Æппынфæстаг дымгæ фæцæрдæг æмæ къæлиткæ байтыгъта. Кæртмæ рацыд иу лæппу цыбыр урс къурткæйьь Йæ хъæбысы дзаг хаста алыхуызон къахыдарæс. Роцъойæ йæ хæссинæгты уромгæйæ, æмæ, цæмæй дуртыл ма фæкæла, уый тыххæй йæ къæхтæ бæр- зонд исгæйæ, лæппу бацыд бæласы цурмæ. Бур ныллæгдзыд кæрдæгыл сæ тъæпп фæцыд батинкæтæ, туфлитæ, щёткæтæ æмæ хъæдабæ- хæцъилтæн. Дзы- гъал-мыгъулгæнгæ алырдæм асхъиудтытæ кодтой зестын къаробкæтæ. Лæппу, йе ’ндзыг къухтæ айвазгæйæ, бацыд бæ. ласы æнхъырдтæ зæнгмæ, йæ тар цъарыл зынынц уыгæрдтæ: гыццыл, тæхгæ хъæндилты хуызæн уы- гæрдтæ амонынц къуыритæ; цæгты рæгъ —мæйтæ. Лæппу банымадта хъæндилты, хъуыдыты аны- 5
гъуылд, стæй йæ зылын кардæй ныуугард кодта æвд- дæсæм цæг. Æвддæс мæйы цæры ныр уый уазæгдон „Хъæл- дзæг кæсаглас"-ы æмæ раджы сахуыр, йæ хицау æм йæхи ном, Ли Кай Суйæ нæ, фæлæ куыдзы ном „бой"-йæ кæй дзуры, ууыл. Кай Су бон изæрмæ æфснайы уазæгдоны номыртæ, цæгъды гауызтæ, горæты дыууæрдæм кæны исты хæслæвæрдимæ, æххуыс кæны хæринаггæнæгæн æмæ тæбæгътæ’хсæгæн, сæтты суг, хæссы дон æмæ рæвдз бадæтты æрттивгæ тæбæгъы къофи æмæ писмотæ. Уый ма суанг арæхсы лæккад кæнынмæ, фарæстæм номыры цы даргъ америкаг цæры, уымæн дæр. Фæлæ уымæй йæ зæрдæ нæ рухс кæны. Æмæ уый куыст у?! Сæхимæ хъæуы-иу райхъал ис ноджы раздæр, уæдæ быдыры æмæ цæхæрадоны .куыст амæй бирæ зындæр у —дæ астæу нестасын кæндзынæ... Кай Су иуварс фехста туфли æмæ йæ къух атъы- ста бур уæззау басмахъы. Заборы æтте йæм хъуысы хъæлдзæг зарæг æмæ куынцы пыф-пыф. Уый зары Кай Суйы хъæуккаг æмæ хæлар слесарь Син Пек Чан. Цæуылнæ зара уый... сидзæр у, æмæ хъæуæй никæмæ ’нхъæлмæ кæсы. Кай Сумæ йæ фыды мад мæйы размæ æрбацæ- уинаг уыд... Фыр мæстæй басмахъ фехста æмæ йæ къух иннæйы атъыста. Кай Суйы кæсдæр æфсымæр Бон Хи æххормагæй 6
куы амард, уыцы æнтъыснæг зымæг æй йæ фыды мад æркодта ардæм „Хъæлдзæг кæсагласы" хицаумæ. Фыды мад, йæ сæрæй кувгæ, дзырдта Хо Санæн, йæ фырты фыртыл, хицау куыд æнхъæл у, афтæ аст азы нæ, фæлæ дыууадæс азы кæй цæуы. Нард Хо Сан каст гыццыл, мæллæг Кай Сумæ æмæ йе’взагæй цъыччытæ кодта: лæппу йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Хо Саны йæ уазæгдоны фенын фæндыд хъæл- дзæг æмæ хæмпусрус лæппуйы. Фæлæ æххормаг аз уыд, æмæ Хо Сан цы лæппумæ бæллыд, ахæм æгас хуссары дæр нæ разындаид. Уымæй уæлдай, Кай Су уыд тынг аслам. Фыды мад ахъæбыс кодта йæ фырты фыртæн æмæ загъта: — Хæрзбон, Кай Су. Хорз-иу кус. Йе ’ккойы акодта гыццыл пырындзы дзæкъул — Кай Суйы афæдзы мызд—æмæ ацыд сæхимæ, хъæумæ. Кай Су бирæ уарзы йæ фыды мады, æмæ йын йæ фæдзæхст æххæст кæны фидарæй. Хицау разы у Кай Суйы куыстæй. Фыды мад цин кæны, йæ уарзон фырты фырт æххормаг кæй не ’ййафы, ууыл. Фæлæ йæм цæуылнæ ’рбацæуы? Кай Су йæ маст калы бур басмахъыл. Тæригъæд- даг хъысхъыс кæны сæрак, дæрзæг щёткæйы хъис- тæ бындзыггай схъиуынц. Дымгæ асыбар-сыбур кодта сыфтæртимæ æмæ йæхи андзæрста Кай Суйыл. Лæппу фæхъил кодта йæ сæр: дымгæ æрбахаста быдырон дидинджыты 7
тæф. Кай Суйы зæрдыл æрбалæууыдысты йæ дард райгуырæн бынæттæ. Афтæ йæм фæкаст, цыма Сеу- лы нæй, фæлæ сæхимæ, хъæуы. Мæнæ та дымгæ æрбахаста быдырæй уымæл пы- рындзы тæф... Кай Су бацъынд кодта йæ цæстытæ æмæ хъусы йæ фыды мады сабыр зарын: Адæймаджы царды райдиан—хæхтæй згъоргæ суадон — Дурты сæрты худгæйæ пæррæстытæ кæны. Дæлвæзмæ куы’рхæццæ вæййы, Уæд фæкæлы сабыргай, Айнæджытыл арæхстгай. Къардиумæ куы ’рхæццæ вæййы, Бакæлы уæд денджызмæ — Фесæфы æвæдæй... Кай Су щёткæйæ рæвдауæгау асæрфта басмахъ. Кæмдæр æвиппайды-ныххостæуыд: Кай Су ракаст... Бур басмахъы фындзыл æрттивы сау стъæлф. Кай Су фемхæццæ кодта щёткæтæ. Тагъд-тагъд асæрфта сæрак кæрдæгæй. Крем нал æрттывта, фæлæ хæрз сыгъдæг не сси. Кай Су æртутæ кодта басма- хъыл æмæ йæ райдыдта сæрфын йæ дысæй. Урс дыс сау-сауид аци. Кай Суйы фæсонтыл ихæнриз лæсæнтæ акодта... Чидæр кулдуар йæ тых йæ бонæй ныххоста. Кай Су фегом кодта къæлиткæ. Æрбазгъордта корейаг—пъæлицæйы кусæг. Фехъал кæн дæ хицауы, зæгъгæ, фæхъæр кодта Кай Суйыл. Хицау рæвдз фестад, æмæ дыууæйæ дæр азгъорд- той фарæстæм номырмæ. Уым цæры даргъ америкаг. 8
Кай Суйы зæрдыл æрбалæууыдысты бур басма- хъытæ! Базгъордта номыры дуармæ æмæ басмахъы- тæ уым авæрдта. Дуары фæсте фехъуыст фæсус хъæр: — Бой! Кай Су фæрсырдæм бахызт номыры дуарыл. Даргъ амерякаг бадт хуыссæны. Хо Сан схъиуд- тытæгæнгæ рауай-бауай кодта уаты, куы йæ иу, куы та иннæ къухæй йæ хъуыр ныхгæ. Кай Су ныджих. Диссаг æм фæкаст, Хан Хо Саны хуызæн нард æмæ сæрыстыр лæг афтæ тагъд рауай-бауай кæнæд, йæхи худæджы ныхт кæнгæйæ. Америкаг хойы йæ зæнджы хæцъæфтæ. Кай Су разгъордта номырæй æмæ фæстæмæ фез- дæхт бур басмахъытимæ. Америкаг сæ йæ къæхтæ атъыста æмæ Кай Суйæн йæ цæстæй дуармæ аца- мыдта. Хицау нæ фæкомкоммæ чъизи къурткæмæ! Аме- рикаг нæ бафиппайдта сау стъæлф басмахъъш! Кай Су æттæмæ рацыд, змæсты аххосаг не сбæрæг. 2. ДИССАДЖЫ ЦАУТÆ Райсомы дымгæ Кай Суйы сæрмæ æрбахаста бирæ ног хъуыдытæ. Ныронг æй фидарæй уырныдта, цардæн æндæр- хуызон фæкæнæн кæй нæй. Кай Су зыдта, кæд сæ хуымгæнды кусгæ йæ фыд, йæ фыды ’фсымæр æмæ 9
йæ фыды мад кодтой, уæддæр хорæрзады фылдæр хай æввонгæй иста Хан Хо Сан, уымæн æмæ зæхх у Хан Хо Саны. Æмбæрста уый дæр, æмæ Кай Су хъуамæ Хан Хо Сан ын цыдæриддæр зæгъа, уый кæна цырд æмæ хорз, Хан Хо Сан йæхæдæг та мацы куса, уымæн æмæ уый хицау у. Хицау дары Кай Суйы: дæтты йын хæринаг, хуыссæнуат. Мæсты кæнай, ма кæнай, уæддæр фæразын хъæуы, иугæр хъуыддаг афтæ арæзт у, уæд. Бæла- сæн дæр, æвæццæгæн, æнцон нæу æнæхъæн æнус иу ран лæууын, фæфæнды йæ атезгъо кæнын, уæдæ дон дæр бафæлладаид йе згъорынæй. Фæлæ уæддæр суадæттæ æмæ дæттæ нæ ныллæууынц сæ цыдæй, стæй никуыма ничи федта бæлæсты дæр тезгъо кæнгæ. Уæдæ хъуамæ алчи дæр, цы йын æмбæлы,. уый кæна. Фæлæ абон хицау æгæр ратæх-батæх кодта, раст цъиуджын карк хъæрццыгъайæ куы фæтæрса, уыйау. Кай Су хорз зыдта даргъ америкаджы æууæлтæ: алы райсом дæр ын æххуыс кодта йæ дарæс кæн- тæйæ. Уый тынг æнкъард хъуыддаг уыд. Америкаг- иу тыхулæфт кодта, хъæрзыд, стыр зынтимæ-иу йе ’хсæвхуыссæн хæдон куы^раласта, уæд-иу йæ армытъæпæнæй бирæ фæрасæрф-басæрф кодта йæ бур хъуынджын риу. Уый фæстæ-иу, æнæ кæсгæйæ, йæ къух бадаргъ кодта æмæ стъолæй райста сæны рюмкæ. Кай’ Су- ю
иу рюмкæ фæстæмæ айдзаг кодта æмæ йæм-иу ба- лæвæрдта фæныкхуыз хъуынджын халат. Æрхæццæ-иу ис улæфты сахат. Америкаг-иу рай- дыдта даргъ лулæ дымын... Фæлæ абон, рюмкæ ферох кæнгæйæ, æнæ Кай Суйы æххуысæй афтæ тагъд фестад æмæ акодта йæ дарæс, цыма уат кæлмытæй байдзаг, уыйау, Кай Су иучысыл хæлæг кæны йæ хæлар Пек Чанмæ: уый зоны бирæ алыхуызон таурæгътæ, стæй сæ афтæ дæсны фæдзуры, æмæ йæм хисдæр- тæ дæр ма фæхъусынц стыр зæрдиагæй. Уымæй уæлдай Пек Чан афæдз хисдæр у Кай Суйæ æмæ ’нкъард никуы фæкæны. Фæлæ ныр абон Кай Су дзурдзæн, „Хъæлдзæг кæ- сагласы" цыдиссаджы цаутæ æрцыд, уыдоны тыххæй. Кай Су æваст фæхъæлдзæгдæр æмæ разæнгар- дæй бавнæлдта йæ куыстмæ. Нæзыйы фастæгтæ сæттгæйæ, Кай Сумæ афтæ кæсы, цыма сæхимæ, хъæугæрон хус къалиутæ къæрц- цытæ кæны, уыйау, æмæ хъæрæй æхситт кæны, цъиуты зард фæзмгæйæ. Тыххæйты тулы йæ разæй сæны боцкъа, æмæ йæм афтæ кæсы, цыма йæ фыды мады аргъауы алæмæттаг дур цы амондджын корейаг ссардта, уый у. Æрмæст дур фæиртас йæ бынатæй, уый йеттæмæ алцы дæр фæиннæрдæм уыдзæн: хæх- тæ аныгъуылдзысты зæххы, дæлвæзтæ арвмæ фæ- цæудзысты. Бур денджыз дидинæг акалдзæн, ныззар- дзысты кæсæгтæ, къамбецтæ та æврæгътæм стæх- дзысты. 11
Арæхстгай, йæ цъар куыннæ аскъуыдаид, афтæ райдыдта цæхæра сыгъдæг кæнын. Зæронд хæринаггæнæг Ан Хи йæ мидбылты ба- худт: — Фæхæлæттаг кæндзынæ Хо Саны бынтæ. Кай Су тæсчъы рацагуырдта билцъджын цæхæра, ацарæзта йын дыууæ цæсты æмæ йæ карды фындзыл асагъта: — Кæцы Хо Саны? Мæнæ гъе, ай? Хæринаггæнæг æм фæкаст, æмæ худæгæй тып- пырхæлдтæ фæци: цæхæрамæ дæр ма бакæс, æмæ хицауы сæрмæ дæр. Кай Су къухнамæ дон куы ’рбахаста, уæд пецы цур лæууыд æцæгæлон лæг зæхкусæджы урс дарæсы æмæ цыдæр тагъд-тагъд дзырдта. Кай Су æвиппайды цæуылдæр бакъуырдта ведра. Æцæгæлон лæг фæстæмæ фæкаст æмæ фæхъус. Кай Су иучысыл абадт, фæлæ ничи ницы дзырдта. Бæлвырд уыд: æцæгæлон цыдæр диссаджы ха- бæрттæ æрхаста, фæлæ сæ Кай Суйы раз нæ дзуры. Кай Су арф ныуулæфыд æмæ уазæгдоны æнæ ахст номыртæ æфснайынмæ ацыд. Уæттæй ерджентæ рахаста, байтыдта сæ кæрдæ- гыл, къухнамæ хæстæг, фæлæ зæронд Ан Хи уай- тагъд дуар æхкæнынмæ фæци. Адæм æттæг-мидæг цæмæн ауадысты, уый та не сбæрæг. 12
3. ЗАБОРЫ ХУЫНКЪ Кай Суйы алыфарс диссаджы хъуыддæгтæ цыд, фæлæ сын уый ницы ’мбæрста. Дуармæ æрлæууыд машинæ америкаг тырысаимæ. Кæртыты тагъд-тагъд разгъордта — сæрбæрзонд цыд нæ ракодта, нæ, фæлæ разгъордта! —уазæгдон „Хъæл- дзæг кæсагласы" хицау Хан Хо Сан, багæпп кодта машинæйы æмæ фæаууон. Дуæртты атахт уæзласæн машинæ пъæлицæйæг- тæй йедзаг, афтæмæй. Фарæстæм номыры гом рудзынгæй хъуысы даргъ америкаджы хъæр. Кай Су зоны, америкаг иунæг у. Æвæццæгæн уæдæ телефонæй дзуры. Уынджы фæцæуынц дыууæ зæхкусæджы стыр хьæмпын худты. Сæ комкоммæ æрцæуы зæронд лæг, йæ разæй алы халсæрттæй дзаг лæгуæрдон тулгæйæ. Уый лæугæ дæр ле ’ркодта, уыдоны ’рдæм кæсгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй сæ афарста: — Фузаны? Уыдон ын сабыргай дзуапп радтой: — Фузаны! —æмæ араст сты дарддæр. Кай Суйы хъустыл æруад кæйдæр арæхстгай хост. Аракæс-бакæс кодта. Уазæгдон велосипедтæ æмæ хуыйæн машинæтæ ремонтгæнæн мастерскойæ цы заборæй хицæн кæны, уый хуынкъæй йæм кæ- сынц дыууæ сау цæсты. Уый у Син Пек Чан. Сау цæстытæ арæх тъæбæртт-тъæбæртт кæнынц, ома: „Ардæм рауай". 13
Кай Су, цыма æнæбары цыд фæци, уыйау, лыс- тытæ ’мæ гæххæттытæ æмбырдгæнгæ, йæхи заборы цурмæ байста. Хи хъахъæнын æнæмæнг хъуыд: нард Хан Хо Сан æмæ мастерскойы хицау нæ уадзынц сывæллæт- ты кæрæдзиуыл æмбæлын. Заборы хуынкъæй фехъуыст æхситтгæнаг сыбар- сыбур: — Кай Су! Нæ хъæуы цыдæртæ цæуы... Пъæлицæ уырдæм ацыдысты... Кай Су дзурын райдыдта абоны хабæрттæ. — Ахсæв аныхас кæндзыстæм. — Иннæ хæттытау, — дзуапп радта Кай Су. Æмбæстæгтæ ацыдысты фæйнæрдæм. Кай Су бацыд уазæгдонмæ. Номырты дуæртты цур æрæвæрдта къахы дарæс. Къæридоры кæрон рудзынгыл сбадт æмæ æнхъæлмæ кæсы уазджыты райхъалмæ. Уый бирæ уарзы ацы сахат. Сабыр... хъуыды гæнæн ис æнæ хъыгдарæгæй. Абон та цæуыл ахъуы- ды кæна, уый ис. Кæдæм æмæ цæмæ ацыд хицау? Цæуыл дзырдта къухнайы æцæгæлон? Цæмæн куыдта Ан Хи? Хæри- наггæнæг цæуылнæ федта, Кай Су дзидзайы карст куыд адавта, уый, йæ чъылдыммæ исчи исты куы акæны, уæд æй куы фены? Иннæ бонтæй уæлдай абон адæм сусæгæй, кæнæ бынтон хъæрæй цæмæн дзурынц, фарæстæм номырьь цы америкаг цæры, уый хуызæн? 14
Хъуамæ æцæг дæр алæмæты дур йæ бынатæйг исчи фæиртæста, æмæ ныр алцы дæр фæиннæрдæм уыдзæн: хицау рудзынгыл баддзæн æмæ æнхъæлмæ кæсдзæн, цалынмæ æвдæм номыры цы хъæргæнаг ус цæры, уый райхъал уа æмæ йæ почтæмæ арвита, уæдмæ. Уæд Кай Су та? Кай Су сбаддзæн тыргъыл, аууоны, æмæ кæсдзæн кæрты уагæвæрдмæ. Гъе та нæ: Кай Су хуысдзæн фарæстæм номыры. Хуысдзæн бирæ. Уадз æмæ даргъ америкаг та æн- хъæлмæ кæса. Æнхъæлмæ кæсынæй куы ферра уа, уæд ын Кай Су зæгъдзæн: „Æрбадæтт-ма трубкæ",— æмæ йын йæ ных муштукæй нæмдзæн æмæ нæм- дзæн, цалынмæ... Нæ! Æппæтæй хуыздæр: машинæйы сбад æмæ ацу нæхимæ, хъæумæ. Æмæ Пек Чан та? Уæвгæ, иумæ ацæуиккой... Хъуыддаг бæлвырд у: Пек Чан машинæ тæрдзæн Кай Су æмæ зæронд Ан Хи та пружинæ базтыл сæхи ауадздзысты. Æнæмæнг! Машинæ рахæццæ фæндагмæ. „Ду-ду-у-т..." Фæндагæй чи фездæхт? А уый хицау у! Къанаумæ ныггæпп кодта... Фелвæста йæ худ... Йæ сæрæй акув-акув кæны...- Хæйрæг æй фæхæссæд! Ех, кæннод ныр хуры скастмæ нæ фанзайы1 цур 1 Фанза —хæдзар (кор.). 15
бад. Бад æмæ æнхъæлмæ кæс, цалынмæ дуарæй нана разына, уæдмæ. Мæнæ рацыд, цыбыргомау, цæрдæг. Гом кæны ставнæтæ... Фæзылд... Цæсгом фенхъырдтæ цæсты- тæй хъустæм... „Кай Су, мæ гыццыл къона, зыдтон, кæй æрба- * цæудзынæ, уый!.." Байгом æвдæм номыры дуар. Разынд дзы дæр- гъæй-дæргъмæ фындз. Ус ныцъæхахст кодта: — Бой! Кай Су фестъæлфыд йæ бынатæй. Фегом иннæ дуар: — Бой! Кай Су фезгъоры тасимæ. Дуæрттæ тъæппытæ кæнынц. Кай Су февзæрд къухнайы. — Бой! Кай Су фæхæссы фыцгæ къофи. Кай Су бæласы бын гыццыл цъылынæй цæгъды пъалтойы рыгтæ. Кай Су фезгъоры почтæмæ. — Бой! — Бой! — Бой! 4. ÆРВГÆРОНÆРТТЫВДТЫТÆ Æхсæв æрынцад Хуссар Корейыл. Хæхтæй бырыдысты мылазон мигътæ æмæ, сын- дæггай арвы цъæх æмбæрзгæйæ, аныхъуырдтой æв- 16
зист стъалыты тыбартыбургæнаг рухс. Уæззау ар- выкъуырф æрцауындзæг и зæххы хæдсæрмæ æмæ сси фæздæгæй алагонд лæгæты цары хуызæн. Æр- мæстдæр цæгаты, сыгъдæг арвы нарæг уадздзаджы, цингæнгæ хъазыдысты æрвгæронæрттывдтытæ... Уазæгдоны дыккаг уæладзыджы рудзгуытæй рухс зæхмæ хауд бур тæппытæй. Кæрты, куы аууæтты аныгъуылгæйæ, куы та рух- сы æдас фæзынгæйæ, тезгъо кæнынц Кай Су æмæ Пек Чан. Пек Чан зыд æууылд кæны, райсомæй йын йе’мбæстаг цы дзидзайы карст адавта, уый. Кай Су æнувыдæй лæмбыыæг дзуры абоны диссаджы цаутæ. Хæлæрттæ хорз зонынц, иугæр нард Хан Хо Сан изæррухсæй нæ фæзынд, уæд, æнæмæнг, бахсæвиуат кæндзæн йæ хъæутæй искæцыйы — талынджы тæрс- гæ кæны. — Баууæнд мыл, Кай Су: мæ Хорёк æмæ дæ Хо Санæн сæ быны дон дзæгъæлы нæ бацыд, — сдзырд- та Пек Чан. Йæ хъæлæс фæныллæгдæр кодта: — Мæнмæ афтæ кæсы, цыма махы ’рдыгæй фæзынд Ким Ир Сен... Кай Су æрлæууыд рухсы уадздзаджы. Кæцы корейаг нæ зоны йæ цытджын инæлар Ким Ир Сены æмæ уый хъæбатыр скуыхтдзи- нæдтæ! Фæлæ Пек Чан афтæ дæсны у дзурынмæ, æмæ цалдæр хатты кæй фехъусай, уымæ дæр ма дæм бай- хъусын цæудзæн. — Ды уый нæма зоныс, Кай Су... — райдыдта 2 Корейап лæппуйы таурæгъ. 17
сабыргай, нæфæндæгау Пек Чан, фæлæ уалынмæ ’васт фæхъæр кодта æмæ йе’мбалы бакъуырдта: —Хесандины дуне япойнаг æфсæдтæ æрлæууыд... Æв- дай фараст мины, сармадзантæ, пулемёттæ. Япойнаг инæлар та корейæгтæн сæ пырындз салдæттæн дæт- тын кæны. Рацыд иу бон — пырындздæттæг нæй... Дыккаг бон рацыд, уæддæр та афтæ. Инæлар смæсты æмæ æрхонын кодта горæты тæккæ зæронддæр лæджы. - „Пырындз цæуылнæ дæттут?" „Ким Ир Сенæй бар лæвæрд нæ уыд"... „А, уæдæ афтæ, нæ! Изæрмæ куы нæ уа пы- рындз, уæд басудздзынæн Хесандин!" Зæронд лæг æппæт дæр Ким Ир Сенæн ра- дзырдта. Уый райста пырындзы голлаг æмæ рацыд инæ- лармæ. Инæлар хъæр кæны: „Басудздзынæн, сауындздзынæн, фехсдзынæн уæ!.." Уæд ын Ким Ир Сен афтæ: „Фæлæу... Дæ самурайтæ æххормаг сты? Æз сæ бафсаддзынæн. Фæдзур сеппæтмæ дæр!" Æрæмбырд сты япойнæгтæ. Лæууынц æмæ сæ дæндæгтæ схъауынц æххормагæй. „Иууылдæр ам стут?" „Иууылдæр". Ким Ир Сен голлагæй фелвæста пырындз æмæ йæ зæххыл уыцы-иу цæф ныккодта! Алы гага дæр сæдæ 18
корейаг салдаты фестад! „Мансе-е-е-е!"1 Япойнæгтæ лидзынмæ фесты... Фæлæ кæм! Ким Ир Сен та калы æмæ калы... Инæлар кæугæ зæххы ралæс-балæс кæны: „Бахатыр мын кæ! Æз дын сыгъзæринтæ иууыл- дæр раттдзынæн". „Хорз уæдæ, рахæсс",— загъта Ким Ир Сен. Сыгъзæрин корейæгтæн байуæрста, инæлары та уыры фестын кодта... Æмбæстæгтæ бирæ фæхудтысты. — Япойнæгтæ Ким Ир Сены сæрыл бирæ ’хца дæттынц, зæгъгæ, уый раст у? —бафарста Кай Су. — Раст. Æрмæст æдылытæ сты уыдон... Йæ мад ын ахæм хæдон бауæфта, æмæ дзы нæмыг схъиуы, арт та йыл хæцгæ нæ кæны. Фæдзырдтой ма кæлæнгонд фаты тыххæй; адæй- маджы æнæуынгæ цы рон фестын кæны, уый тых- хæй. Стæй Пек Чан афæзмыдта, Хо Сан дзидзауæй- гæнæгæн йæ мызд куыд фæфиды, уый. Кай Су афтæ тынг ныххудт, æмæ ма кæмдæр куыдз тарст рæйд дæр скодта. Дæргъуынцъ америкаг кæртмæ ракаст æмæ ру- дзынг тагъд-тагъд ахкæдта. Пек Чан бакаст йæ хæлармæ æмæ йæм хъæлдзæг йæ цæст фæныкъуылдта. Искæйы хæдзары цæргæйæ, райгуырæн хъæуæй дард, сывæллæттæн абон фыццаг хатт бантыст сæ зæрдæйы фæндиаг дзæбæх фæныхас кæнын. 1 Мансе — ура (кор.). 19
Фылдæр хатт се’хсæвыгон фембæлдтытæ уыдыс- ты цыбыр, Сывæллæттæ-иу тагъд-тагъд адзырдтой кæрæдзийæн ивгъуыд боны цаутæ æмæ та-иу алыгъ- дысты, Хо Саны хуыфын кæнæ сывæллоны кæуын айхъусгæйæ. Хуры фыццаг тынты сзындæй фæстæмæ-иу Пек Чан лæууыд æхсидгæ куынцгомы цур, дымдта-иу цæ- хæр зæронд куынцæй. Хъæды æмæ æфсæйнаджы хафæнтæй дзагæй-иу Пек Чан сыгъдæг кодта згæтæ, ныхæста, цагъта, æндæгъта. Куысты фæстæ-иу йе’ккоймæ сбаста хицауы æртæаздзыд чызджы уисæй быд тæсчъы æмæ-иу афтæмæй æфснайдта мастер- ской, лæвæрдта хæрйнаг, дон кæрчытæ ’мæ галтæн. Кусгæ-кусын-иу кафыд æмæ зарыд, цыма раст чындз- хасты уыд, уыйау. Сывæллоны-иу куы схуыссын кодта авдæны, уæд та æууæрста йæ хицауæн тамако, фæхтæй хоста хор, æмпъызта йæ раздарæн. Авдæны бæттæн-иу къахыл бабæттгæйæ, йæхи хъæмпы цъуппыл æруагъта æмæ æрдæгфынæйæ æн- хъæлмæ каст мысты цъистмæ, Кай Суйы фæзынды нысанмæ. Кай Су йын-иу заборы хуынкъæй балæвæрдта исты хæринаг, цæрдæг æмæ хъæлдзæг Пек Чан та йын-иу акодта ныфсæвæрæн ныхæстæ1 Йæ рæстæджы ныфсæвæрæн ныхас та зынаргъдæр у цыфæнды дзадж- джый гуылæй. Æмбæстæгтæ раджы сфæнд кодтой сæяимæ али- дзын. Уыдон æппынæдзух дæр дзырдтой ууыл, хат- 20
тæй-хатт-иу хыл дæр ма фесты, æмæ-иу фæхицæн сты æнæдзургæйæ. Кай Суйы фæндыд сæхимæ алидзын, райгуырæн хъæумæ, йæ фыды мадæн æххуыс кæнынмæ. Пек Чан та афтæ загъта: хъæдмæ алидзæм, абырджыты къорд æрæмбырд кæнæм æмæ хъæздыджыты сти- гъæм. Фæлæ сæ абоны хъуыддæгтæ мæты бацæуын кодтой, дыууæйæ дæр лæууыдысты æнæдзургæйæ æмæ кас- тысты цæгаты ’рдæм, сыгъдæг арвмæ, кæцы ран ахуысс-ферттив кодтой æрвгæронæрттывдтытæ. Сæ цæстытыл ахъазыд, цыма фæцæуынц хæххон къах- вæндагыл, доны былтыл, хæмпус быдырты, хъæды астæуты... — Афон у! — сдзырдта Пек Чан. — Афон у!—фæкодта Кай Су дæр. Æмæ дыууæйæ дæр рацыдысты кæртæй. Уыдон уыдтой, цавæрдæр æнахуыр тых куыд фæтæрсын кодта нард Хо Саны æмæ даргъ амери- каджы. Æмбæлттæ хатыдтой, уый рæстдзинады тых кæй у: уыцы тых сын сæ зæрдæты бауагъта ныфс æмæ æгæрон хъару. Кай Су æмæ Пек Чан, Сеулы кæрон хæхтыл цы рохгонд зæронд фæндаг цыди, уымæ куы бахызты- сты, уæд уыцы рæстæджы америкаг та фарæстæм номырæй телефоны дзырдта цавæрдæр булкъонмæ, цæмæй Цæгат æмæ Хуссар Корейы ’хсæн арæнмæ йæ цæст хуыздæр дара. 21
5. „АВД-ÆРТÆ" Æмбæстæгтæ æнæдзургæйæ тагъд-тагъд цыдысты хус хъæбæр фæндагыл. Мигътæ гæбæзтæ кодтой. Уыдон лыгъдысты боны цъæхæй, кæрæдзийыл тыхстысты æмæ æмбæхстысты сæ иу иннæйы фæстæ. Иутæ дзы, арты ’взагæй ары- дау, къуыбылæйттæ гæнгæ тадысты, иннæтæ уæззау бырд кодтой хæрдмæ, цыма бонцъæхтæй лыгъдысты, уыйау. Кай Су æмæ Пек Чан æрлæууыдысты къардиуыл. Бынæй, цъæх дæлвæзы, айтыгъд хъæу. Адæм быдыры куыстытæм рацыдысты. Зæхкус- джыты хъæмпын худтæ уыдысты бур дидинджыты хуызæн. Ацы фæндагыл никуы цыдысты. Хъæу уыд æнæ- зонгæ. Фæлæ Кай Су æмæ Пек Чан райгуырдысты хъæуы, дæлæ дæлбыл цы фанза зыны, раст ахæмы, йæ сæр пырындзы куыристæй æмбæрзт, уыцы фан- зайы дæр раст афтæ йæ дæлбазыр бакодта стыр тута бæлас. —Тæхæм! — ныхъæр кодта Кай Су æмæ бынмæ, дæлвæзмæ, азгъордта. Уый тахт гæппытæгæнгæ. Къæдз-мæдзытæ къах- вæндагыл тыххæйты æндзæвгæйæ, уый фылдæр тахт уæлдæфы, йæхи бауромын нæ фæрæзта. Уæрæх къа- науы сæрты багæпп кæнгæйæ, фæбырыд хуылыдз кæрдæгыл, æрхауд йæ риуыл æмæ,чтуллæччытæ гæн- гæ, уайтагъд ныххæццæ фæндаджы былмæ. Алæууыд йæ къæхтыл, аскæрста йæ рчыст фæр- 22
стæ æмæ скаст хæрдмæ. Пек Чан, лыстæг къудзи- тыл фæхæц-фæхæцгæнгæ, сабыргай цыд къардиуæй дæлæмæ. Хаттæй-хатт-иу алæууыд йæ цыппæртыл. Кай Су нал баурæдта йæхи æмæ ныххудт; . — Эй, хъæбатыр атаман, бахатыр мын кæн! Пек Чан ныххæццæ нарæг къахвæндагмæ æмæ, бæрзонд гæппытæ кæнгæ, æрызгъордта бынмæ. Æнæ ’рлæугæйæ скъуырдта Кай Суйы æмæ æхсызгонæй райдыдтой хъæбысæй хæцын. Кай Су уæлахиз кæ- нын райдыдта йе знагыл, фæлæ уый æваст фæиртæ- ста йæхи æмæ тызмæгæй сдзырдта: — Фæлæу! Фæндагыл фæзындысты æнахуыр цæуджытæ. Лæгуæрдоны ивтыгъд, æрдæгбæгънæг, йæ сæ- рыл худы бæсты урс хæцъил баст, афтæмæй тых- хæйты цыд иу мæллæг зæхкусæг. Уæрдоны бадт, йæ цæстыты сыг кæмæн калд, ахæм зæронд ус. Йæ алыварс схъомпал сты бæгънæг сывæллæттæ. Уыдо- ны фæстæ мæрддзыгойау сæргуыбырæй цыдысты æртæ лæппуйы æмæ æрыгон сылгоймаг. Чысыл’дард- дæр та къуылых-къуылых цыд гыццыл лæппу. Йе ’ккойы хаста уисæй быд къалати; йæ хуылфы, сæ дзыхтæ ныххæлиу кæнгæйæ, бадтысты мæллæг уасæг æмæ карк. Пек Чан базгъордта лæппумæ: —Кæдæм цæут? — Расырдта нæ, — æвæндонæй сдзырдта лæппу. — Чи уæ расырдта? —нал æй уагъта Пек Чан. — Пъамещик. 23
2\
— Цæмæн? — Нæ зонын. — Æмæ уæдæ ныр кæдæм цæут? — Нæ зоиын... Цæугæ, кæдæм цæуинаг дæ, уырдæм. Хъæугæрон, къудзиты бын, хуыссыдысты дыууæ корейаг пъæлицæйаджы америкаг пъробкæджын худ- ты. Уыдон æнæбарыгомау æууилынджыты хъазы- дысты. Иу дзы, йæ къæдз æнгуылдзæй амонгæйæ, фæ- дзырдта лæппутæм. Куы йæм бацыдысты, уæд сæ афарста: — Кæдæм? Кай Су æмæ Пек Чан хорзау нал фесты, æмæ ницы дзырдтой. Пъæлицæйаг, йæ къухы чи уыд, уыдон зæхмæ æркалдта, банымадта сæ, стæй, лæппутæм нæ кæс~ гæйæ, сдзырдта: — Цæй? Пек Чан ч:хуыфыд: — Мах цæуæм нæхимæ, Сатæг дæлвæзмæ... Пъæлицæйæгтæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ се’ргом иннæрдæм азылдтой. Цæсты фæныкъуылдмæ Кай Су æмæ Пек Чан згъордтой къудзиты ’хсæнты... Нæзы хъæды кæрон сывæллæттæ суагътой сæ фæллад. — Хъæд-хъæд цæуын хъæуы, — загъта Кай Су. ... Бæлæстæ сыбарсыбур æмæ хъысхъыс кодтой. 25-
Кай Су йæ мидбылты бахудт: — Тæрсыс? — О, куыннæ!.. Фæлæ хæргæ та цы кæндзыстæм? — Уый ныртæккæ фендзынæ. Кай Су равзæрста зæронд мæра бæлас æмæ йæ бахоста йæ къахæй. Мæрайæ рагæпп кодта æхсæр- сæттæг. Кай Су хилын байдыдта бæласмæ. Мæрайæ ракаст дыууæ æхсæрсæттæджы лæппыны æмæ уай- тагъд фæстæмæ амбæхстысты. — Ма тæрсут, — сдзырдта Кай Су, — раст байуар- дзыстæм. Йæ дзыппытæ æхсæртæй байдзаг кодта æмæ æрхызт фæстæмæ. Аходæн ахицæн кодтой уазал суадоны донæй. Пек Чан бахъæлдзæг æмæ райдыдта дзурын: — Куыд хорз уаид, ам ссар лæгæт, æрæмбырд кæн абырджыты къорд... Стæй дыууæйæн дæр сæ зæрдыл æрлæууыдысты æвирхъау таурæгътæ тигрты тыххæй... Хъæды фæталынг, Пек Чан йæ къæхтæ бæлæсты уидæгтыл скъуыр-скъуыр кæнын райдыдта. Бирæ рæстæг фæцыдысты, фæлæ хъæдæн йæ кæ- рон дæр нæма зынд, стæй тæнæгдæр нæ кодта. Кай Су иукъорд хатты схызт бæласмæ афæлгæсынмæ, фæлæ сæ алыварс бæрзонд нæзыты худтæ йеттæмæ ницы уыд. Изæрæй фæллад æмæ æххормаг æмбæ- стæгтæ бамбæрстой, кæй фæдзæгъæл сты, уый. — Хъæутыл нæ цæуын хъуыд, — мæсты хъуыр- хъуыр кодта Пек Чан. 26
— Бафæлладтæ? Хуыссæнмæ дæ æрфæндыд? — мæстæймарæн худт кæнгæ сдзырдта Кай Су. — Уæдæ Ким Ир Сены салдæттæ куыд быхсынц? — Æмæ уыдон бæхтыл вæййынц... Изæры саудалынгæй нæ зынд Кай Суйы цæсгом, фæлæ уæддæр Пек Чан бамбæрста, худгæ йыл кæй кæны, уый, æмæ фæтæргай, ныхъус. — Фæлæ уæддæр, æвæдза, ды раст дæ! —Кай Су йæ къух æрæвæрдта Пек Чаны уæхскыл. — Куыд хорз уаид, стыр лæгæт ссар æмæ уырдæм æрæм- бырд кæн æппæт Корейы лæппуты дæр. — Гъемæ дын нæ дзырдтон! — фæцæрдæг и Пек Чан. — Йæ бацæуæны йын сывæр сармадзан... — Æз уаин атаман, ды та... Пек Чан фæхъæр кодта æмæ фæцыдæр. Кай Су къухæй аскæрста уæлдæф. Цæй Пек Чан æмæ цæй цыдæр... — Пек Чан! — сабыргай сдзырдта Кай Су. Дзуаппæн фехъуыст æрмæст цъиуы уасын. Кай Су лæмбынæгдæр байхъуыста. Йæ къæхты бын цы- дæр сыбарсыбур кодта... Кай Су фыр тæссæй аз- гъордта, фæлæ уидагыл фæкалд. Йæ цæстытыл йæ къухтæй ныххæцыд æмæ хуыс- сыд, фезмæлын дæр нал уæндыд. Æваст йæ хъусты цур ссыд цыдæр æнахуыр нæ- тын æмæ ныхæстæ... „Дæлимон! —ахъуыды кодта Кай Су æмæ æрны- гъуылд тынгдæр. — Адавта Пек Чаны, ныр та мæн агуры"... 27
Зæххы бынæй фехъуыст дзурын: — Кай Су, цы фæдæ, кæм бамбæхстæ? Уый дзырдта Пек Чан. „Зонын æз уыцы цæстфæлдахæнмитæ!"—Кай Су йе ’нгуылдзтæ арфдæр батъыста йæ хъусты.—Дзуапп ын ратт, æндæр дын... Дæлимонтæ сеппæт дæр афтæ сайынц!" — Кай Су! Кай Су! Йе ’хкæд хъустæй чысылтæ йеттæмæ нæ хъуы- ста Кай Су, фæлæ йæм уæддæр афтæ каст, цыма дæлимон куы бæласы цъуппæй фæдзуры, куы та зæххы бынæй... Æппынфæстаг ницыуал хъуыст. Кай Су ракаст йæ цæстытæй. Цавæрдæр æвирхъау цæрæгой, йæ хъуынджын дзæмбытæ ныххæлиу кæнгæ, скæрста бæлæсты зæнг- тæ æмæ, фæкæл-фæкæл кæлгæ, уынæргъгæ хæстæг- дæр кодта Кай Сумæ. Кай Су алæууыд йæ къæхтыл. Уыцы рæстæджы йыл æвирхъау цæрæгой йæхи андзæрста æмæ йæ йе уæхсчытæй уигъын райдыдта. — Цæуылнæ мын лæвæрдтай дзуапп! —хъæртæ йыл кодта Пек Чан. Æз арсы хуыккомы ныххаудтæн æмæ ма тыххæйты слæсыдтæн. Цом тагъддæр! Зам- манай хуыкком. Гыццыл у, фæлæ уый фæстæ æн- дæр ссардзыстæм. Къæс-къæсгæнаг нæзыйы уидæгты бын цы сыр- ды хуыкком разынд, уый лæппутæ баскæрстой. Хуык- ком йедзаг уыд сыфтæртæ ’мæ бæласы хихтæй. 28
Æмæ дыууæйæ дæр загътой, æхсæвиуат кæнынмæ амæй хуыздæр ран кæй нæ хъæуы. Æмбæстæгтæ хуыккомы дуар сæхкæдтой къалиу- тæй. Кæрæдзийы хъæбысты абырыдысты æмæ чы- сылгай схъарм сты. Кай Суйы зæрдыл æрбалæууыд, райсомæй хур куы нæма скæса, уæд стын кæй нæ хъæудзæн батинкæтæ сыгъдæг кæнынмæ, стæй тагъд кæй бахæццæ уыдзысты Сатæг Дæлвæзмæ æмæ кæй фендзæн йæ фыды мады. Æрфæндыд æй, Пек Ча- нæн сæ куы радзурид, фæлæ уый уæдмæ афынæй... Пек Чан разы уыд йæ уавæрæй, уый хуыссыд æцæг лæгæты! Æмæ кæд йæ бацæуæны сармадзан нæй, уæддæр ницы кæны, уый афтæ диссаг нæу. ... Кай Су райхъал, фæлæ йæ цæстытæ нæ бай- гом кодта, афтæмæй лæмбынæг байхъуыста. Цы ’рцыди? Машинæты уынæр æмæ уынгты уæй- гæнджыты хъæртæ цæуылнæ хъуысынц? Дуæртты гуыппытæ æмæ зæронд Ан Хийы ведраты хъæр дæр нæ хъуысы, стæй сойы фых хъæдындзты тæф нæ дæуы, фæлæ дидинджыты æмæ нæзы бæлæсты тæф. „Бой!" зæгъгæ дæр æм ничи хъæр кæны. Цаутæ иугай æрхъуыды кæнгæйæ, Кай Су йæхи ныццавта фынæй Пек Чаныл æмæ йæ райдыдта уигъын. Пек Чан тарст хуызæй дыгъал-дыгъул кодта: — Ныртæккæ, хицау, ныртæккæ... Иучысыл ма, стæй райхъал уыдзынæн... Кай Су йæ сласта хуыккомæй. Хуры тынтæ хъазыдысты нæзыйы къалиутыл. 29
Хъæлдзæгæй зарыдысты цъиутæ. Зын ’уыд цæсты- тыл ауайын кæнын рыгджын Сеул, уазæгдон, слесæр- ты мастерской, хицæутты, фарæстæм номыры цæрæг америкаджы... Сеппæт дæр тадысты æмтъеры фынау, кæцыйы нал фендзынæ дыккаг хатт. Хæлæрттæ феррайау сты. Къуындæг скъæтæй цы родты рауадзай, уыдон дæр ма лæппутæй сабырдæр, зæрдæмæдзæугæдæр фæзындаиккой. Сывæллæттæ гæппытæ кодтой къудзиты сæрты, хылдысты бæ- лæстæм, хæцыдысты хъæбысæй, азарыдысты, цы зар- джытæ зыдтой, уыдон, стæй ма æрæмысыдысты цалдæр ног зарæджы дæр. Куы бафæлладысты, уæд сфæнд кодтой, дарддæр куыд архайдзысты, уый пълан саразын. Пек Чан ныллæууыд, хуыккомы уынаффæ кæны’н хъæуы, зæгъгæ. Хъуыдис сæ ахизын хъæдæй æмæ фæндаг ссарын Сатæг Дæлвæзмæ. Бирæ цойпайы фæстæ лæппутæ бынтон сæххормаг сты. Пек Чаны зæрдыл æрлæу- уыдысты хæринæгтæ иууылдæр, ныртæккæ дзы иуæй дæр „нагъ" нæ загътаид. Стыр быцæуы фæстæ Пек Чан сразы, Кай Су йын цы æхсæртæ радта знон, уыдонæй адджындæр хæринаг кæй нæма бахордта йæ царды бонты. — Раст зæгъыс! —загъта Кай Су дæр. — Фæл- тау æхсын бæласы цъæрттæ дæр, æмæ зон, кæй ничи дæм фæдзурдзæн „Бой", зæгъгæ... Кай Су фенцад æмæ байхъуыста. Кæцæйдæр хæ- зо
стæгæй хъуыст хус къалиуты къæрццытæ. Хъустыл ауад цавæрдæр сырды лæф-лæф. — Т... т... тигр! —къæзгæйæ сдзырдта Пек Чан. Лæппутæ бамыр сты. Фехъуыст ныллæг, фæлæ бæзджын хъæлæс: — Бой, Бой, ардæм рацу! Кæм бамбæхстæ? Фæсус уынæргъын хæстæгдæр кодта. Бæрæг уыд, цавæрдæр цæрæгой уæлдæфмæ кæй смуды, уый. Кай Су, тыхулæфт кæнгæ, йæхи тынгдæр ныл- хъывта Пек Чанмæ. — Кæд уый дæлимон у, уæд ма тæрс, — тагъд- тагъд сдзырдта Пек Чан. Æз зонын, уыдон тæрсгæ кæмæй кæнынц, ахæм кæлæнгæнæн ныхæстæ. Æмæ райдыдта зарæгау бæрзонд, зырзыраг хъæ- лæсæй: Се-ме-не, кле-мане... Фьюнь си-па, жень ме-не... Кут, кут, Фуст! Æртæ хатты ату кодта хуыккомы хуынкъæй æмæ- ма бафтыдта: „Фуст! Фуст!" „Абырджыты хуыкком" цы къалиутæй æмбæрзт уыд, уыдоны æхсæнты æрзынд хъуынджын дзæмбы. Фехъуыст та бæзджын хъæлæс: — Бой! . Дзæмбы фæцыдæр. Йæ бæсты æрзындысты къух- тæ æмæ къалиутæ ахæлиу кодтой фæйнæрдæм. — Рæвдз ма, мысты лæппынтæ, уæлæмæ схизут! 31
Ахæм диссæгтæ уынгæйæ, æмбæстæгтæ уайтагъд схызтысты хуыккомæй. Сæ разы лæууыд бæрзонд, къæсхуыр зæронд лæг, йæ уæлæ уæлдзарм худ. Зæронд лæгмæ йæхи хæстæг ласта стыр фыдхъуын куыдз. Зæронд лæг-иу уымæ дзырдта: „Бой!" зæгъгæ. Сæ дыууæ дæр лæппутæм кастысты хъæлдзæгæй æмæ мидбылты худтысты. Лæг сæ афæрстытæ кодта, ардæм куыдæй æрба- хаудысты, уымæй, æмæ куы базыдта, Сатæг Дæлвæз- мæ цæуынц, уый, уæд йæ сæр æвæндоны тылд бакодта: — Хорз, хорз... Æз уæ бахæццæ кæндзынæн фæндагмæ. Цомут уал мæ фанзамæ... Бой, ма тыхс мæ къæхты бын!.. Хъуыддаг афтæ кæм рауад, уым æхсæвæр дæр иумæ бахæрдзыстæм... Америкæгтæ нал уадзынц хæцæнгарз дарын. Цымæ тагъд нал уадз- дзысты цъиуты тæхын, кæсæгты та ленк кæнын? — Зæронд лæг бахудт. — Æз дыууиссæдз азы цуан кæнын ацы хъæдты. Мæнæ ацы бæласау зын афæлдахæн дæн> — уидæгтæ арф сты: цас зæронддæр, уыйас арфдæр... Зæронд лæг равдыста лæппутæм хæдæхсгæ, æртæ сыгъзæрин фазаны1, раппæлыд йæ Бойæ, уый цуан кæнын нал уадзынц уый бамбæрста, æмæ нал рæйьь фæлæ алцы дæр кæны æнæ сыбырттæй. Зæронд лæджы фанза уыд хъæдгæрон. Æхсæвæр сцæттæйы агъоммæ уал зæронд лæг сывæллæтты цур æрæвæрдта хъæууон хæринаг — хус кæсæгтæ æмæ æйчытæ — йæхæдæг райдыдта фа- занты сыгъдæг кæнын. 1 Фазан—маргъ (сындзыуасæг). 32
Зæронд лæг тынг разы уыд йæ уазджытæй æмæ дзырдта æнæсцухæй: — Япойнæгты рæстæджы афтæ уыд... Æрзайын-иу кодтон пырындз, пъамещик-иу æй байста — мæнæн та хъæмп... Иу аз хор не ’рзад. Æнæхъæн зымæг миты бынæй къахтон маст уидæгтæ. Фæлæ уалдзæг- мæ уидæгтæ дæр нал уыд... Уæд мæ фырты радтон иу азы æмгъуыдæй æххуырсты фабрикæмæ... Уый алыгъд, фæлæ йæ æрцахстой æмæ йæ надтой лæ- дзæгæй... Мæнæн ’та мæ фанзайы сæр ныппырх код- той æмæ йыл бандзæрстой... Уый мæнæй нæ ферох. Нæ йæ ферох кодта мæ фырт дæр. Фынддæс азы йыл куы сæххæст, уæд алыгъд хæхтæм æмæ баца- гуырдта Ким Ир Сены. Корейыл зылдысты иумæ æмæ цагътой япойнæгты. Æрцыдысты уырыссæгтæ æмæ япойнæгты бакалдтой денджызы... Мæ фырт куыста зæхкусджыты адæмон комитеты. Комитет зæхкус- джытæн байуæрста пъамещикты зæхх. Фæлæ ’рцы- дысты америкæгтæ. Мæ фырты баппæрстой ахæстон- мæ... Корейы та адих кодтой цæгат æмæ хуссарыл... Цæгаты райдыдта ног цард, Ким Ир Сен дæр уым ис. Ам та „авд — æртæ"-йы закъон фæстæмæ йæ тæмæны бацыд. — Уый та цы у? —афарста Пек Чан. Зæронд лæг хъæдын къусæй систа булчъы дæс карсты. Æрæвæрдта сæ фæрсæй-фæрстæм æмæ, йæ сæр банкъусгæйæ, райдыдта дзурын: Мæгуыр байтыдта пырындз æмæ куры хурæй: „Рох æй ма фæкæ батавын — уый мæ фæстаг ныфс!" 3 Корей аг лæппуйы таурæгъ 33
Закъон байтыгъта йæ сау базыр мæгуырыл, Æгъатыр закъон „авд—æртæ", „авд—æртæ"... Мæгуьтр, доны бадгæ, уыны, пырындз куыд рæзы. Цин кæны, фыд йæ фырты авдæныл куыд фæцин кæны, афтæ. Æнхъæлмæ кæсгæ хормæ, арфæ кæны хурæн, Æмæ дзы айрох и „авд— æртæ", „авд—æртæ"... Æркарста йæ пырындз. Найгæнæн æрцыди. Кусынц: мæгуыр лæг, йæ ус, цыппар фырты ’мæ чызг Æмæ æртæ фыртæн сæ фырттæ дæр. Байдзаг сты дæс голладжы пырындзæй. Хъæздыг хъæр кæны: „авд— мæн, æртæ—сымах!" „Авд— æртæ"... Мæгуыр баныгæдта усы, дыууæ фырты, семæ Ноджы йæ чызг æмæ фырты фыртты. Авдæй амардысты æххормагæй, æртæйæ ма цæрынц... Æгъатыр закъон „авд—æртæ", „авд—æртæ"... Æртæйæ дæр бадгæ баззадысты, йæ дзыхæй ны- хас никæмæн хауд. Къæсæрыл бадгæйæ, дыууæ лæппуйы чысыл фæ- рæтæй артæн къалиутæ састой. Зæронд лæг цæхæрыл фазаны дзидзайæ физонæг кодта æмæ лæппутæн дзырдта, хъæды цъарæй гуылтæ куыд фæкæнынц быдырон мыстыты хуынчъыты хъæбæр хоры нæм- гуытæ куыд агурын хъæуьт, куыд хъуамæ агурай нуазыны дон хъæды. Зæронд лæг фазантæй иуы нартхоры сыфты ба- тыхта æмæ Пек Чанмæ бахудт: — Амæй-иу фæндагыл дæ хæлары хорз фен. Æхсæвæры фæстæ зæронд лæг зæххы æрытыдта хъуынджын цæрмттæ æмæ загъта: — Хурæскастæй раздæр чи сысты, уый бирæ цæ- ры, хурныгуылдимæ чи бафынæй вæййы, уый та ноджы фылдæр. 34
Фæлæ Кай Су æрæгмæ фынæй кодта. Раздæр æй хъыгдардта, фанзамæ цы хъæндил æрбатахт, уый. Хъæндил гуыв-гуыв гæнгæ йæхи къултыл хоста, æмæ-иу Бой йæхи мидæг схъуыр-хъуыр кодта. Уалынмæ, хуыфгæ æмæ оххытæ гæнгæ, зæронд лæг сыстад æмæ бацыд рудзынджы цурмæ. Бирæ фæ- каст сойæ сæрст гæххæтты хуынкъæй, æмæ Кай Сумæ афтæ фæзынд, цыма зæронд лæг искæимæ дзырдта. Хъæды ’рдыгæй райхъуыст уыджы уасын. Бой иу ран нал лæууыд, ниуæгау-иу бакодта, стæй йæ дзæм- бытæй дуар хыртт-хыртт кæнын райдыдта. Зæронд лæг рудзынджы цурæй рауад, сдзырдта куыдзмæ: „Æнцад!" Кай Суйæн ма тыххæй бантыст йæ цæсты- тæ ацъынд кæнын. Бамбæрста, зæронд лæг сын сæ улæфтмæ кæй хъусы, уый, æмæ сындæггай райдыд- та хуырхуыр кæнын. Уыджы уасын та ногæй фехъуыст. Кай Суйы цæсгомыл уазал уæлдæф андзæвыд. Дуар фегомчын- дæуыд æмæ ахкæдæуыд. Пек Чаны рус æркъуыргæйæ, Кай Су фестад æмæ базгъордта рудзынгмæ. Уыд бонырдæм æмæ зæронд лæг дзæбæх зынд. Уый æнæфезмæлгæ лæууыд, йе’ргом хъæды ’рдæм арæзт, афтæмæй. Йæ цуры, йæ раззаг къæхтæй зæхх къахгæйæ, лæууыди куыдз. Йæ хъил хъустæ-иу фестъæлфыдысты. Пек Чан тыхулæфт кодта Кай Суйы къæбутмæ æмæ йæ йæ роцъойæ рудзынджы хуынкъæй иуварс схуыста. Стæй йæхи дуарыл ныццавта, фæлæ уый разынд æттæрдыгæй æхкæд. 35
— Кай Су!.. — бафæрæзта ма сдзурын Пек Чан. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты саузæрдæ кæлæн- гæнджыты таурæгътæ, кæцытæ-иу сæхимæ басайд- той сывæллæтты æмæ-иу сæ фестын кодтой кæлмы- тæ, хæфсытæ æмæ ма ноджы цыдæртæ... Сфæнд кодтой æвæстиатæй рудзынгыл алидзын, фæлæ куыддæр Пек Чан йæ къухтæ фæхъил кодта рудзынгыл ныхæст гæххæтт стигъынмæ, афтæ фе- хъуыст дзурын æттейæ: — Ли Чун дон-дон дæлæмæ ацыд. Уый уæм æн- хъæлмæ кæсдзæн Цъæх Суадоны цур. Уый дзырдта зæронд лæг. — Ды рæвдз дæ? — Иннæ хæттытау, — дзуапп радта зæронд лæг,— Мидæмæ рацæут. Кай Су æмæ Пек Чан сæхи цæрмттыл ныццавтой æмæ сæхи фынæй æфсон акодтой. Фанза адæмæй байдзаг и. — Æз уæм æртыккаг æхсæв æнхъæлмæ кæсын. — Мах афæстиат стæм иучысыл куывдгонды. — Иууылдæр ныххудтысты. Кай Су сусæгæй ра- каст йæ галиу цæстæй. Фанзайы къуылыхгомау рацу-бацу кодта бæзæр- хыг корейаг. Йæ хурсыгъд цæсгомыл, арты фæлтæ- мæнау, æрттывдтытæ калдтой сырх уадултæ. Йæ сау цæстытæ, зынг æвзалытау, тыбартыбур кодтой. Кай Су йæ йæхи нымæр схуыдта „Хъæлдзæг Зынг". Хъæлдзæг Зынг рацу-бацу кодта фанзайы, зæх- хыл бадæг корейæгты иувæрсты. Афтæ зынд, цыма 36
йæм ничи хъуыста — алчи дæр йæхи хъуыддаг кодта иутæ сыгъдæг кодтой топпытæ, иннаетæ бастой бинтæй сæ къæхтæ... Дзуццæджы æрбадгæйæ, зæронд лæг баста астæумæ бæгънæг лæппуйы уæхск. — Америкæгты къорд нæ зынг æхсæртæй хорз фенынмæ хъавыд... Корейæгтæ уæздан адæм сты, сæ уæздандæр та — Кан Те Му. — Хъæлдзæг Зынг йæ къух æрæвæрдта цæф лæппуйы сæрыл: — Æп- пæты фыццаг дзы ай ацахуыста америкæгты минасæй... Йæ ныхæстæй йын Ка’й Су бамбæрста, зæ^онды уазджытæ партизантæ кæй сты, тыхгæнджыты ных- мæ кæй хæцынц, стæй æрæджы кæй ныппырх код- той америкæгты къорд. Зæронд лæг æмæ Хъæлдзæг Зынг кæдæмдæр ауадысты æмæ æрбахастой гилдзыты асыкк. Асыкк уыд сыджытæй амæст, æмæ зын базонæн нæ уыд, кæмдæр зæронд лæджы цæхæрадоны æмбæхст кæй уыд, уый. Стæй Хъæлдзæг Зынг ацы хъæбатыр адæ- мы сæргълæууæг кæй у, уый базонын дæр уыд тынг æнцон, кæд цыфæнды æрыгон уыд, йæ ас та цыбыр, уæддæр. Бæрæг уыд ныр, нард Хан Хо Сан æмæ фарæстæм номыры цæрæг даргъ америкаг цæмæй фæтарстысты, уый:.. Хæлæрттæ рагæй бадтысты æмæ зæрдиагæй хъуыстой партизанты ныхасмæ, сæ алы фезмæлд дæр сын ахстой. Хъæлдзæг ныхæстæгæнæг зын- æрвæссон каст бакодта сывæллæтты ’рдæм æмæ асыбар-сыбур кодта зæрондимæ. Стæй æрбадт Кай 37
Суйы фарсмæ æмæ йын йæ дыууæ ’нгуылдзæй йæ фындз раивæзта. — Сатæг Дæлвæзмæ? —бафарста уый. — О, о, — фæтагъд кодта Пек Чан. — Фæлæ нæ бон у... Уемæ нæ куы акæнат, уæд мах... Мах... — Байхъусут фæлтау... Сатæг Дæлвæзы цæры Тек Сан. Уый мæ хæлар у. — Махæн нæ сыхаг у, — сдзырдта Кай Су. — Зæгъ ын-иу, Сырх-сырхид Гæлæбу, зæгъ, Цъæх Суадоны цурмæ æртахти. Тек Сан адæм куы ’рæм- бырд кæна, уæд сæ-иу хæхтыл ракæнæд. Æнхъæлмæ йæм кæсдзынæн мæйы кæронмæ. Радзур-ма, куыд ын зæгъдзынæ! Кай Су радзырдта. — Ды дæр. Пек Чан сабыр æмæ хъуыддагхуызæй радзырдта, Тек Санæн цы зæгъын хъæудзæн, уый, æмæ сæр- бæрзонд каст бакодта Кай Сумæ. Хъæлдзæг Зынг ахъæбыс кодта зæронд лæгæн, йæ мидбылты бахудт сывæллæттæм æмæ сдзырдта: — Адардтам нæ фæндаг! Партизантæ сыстадысты æмæ къæсæрæй ахызты- сты. Зæронд лæг семæ рацыд, цæмæй сæ дарддæр ахæццæ кæна, уый тыххæй. Йæ фæстæмæ ’рыздæхынмæ цæрмттæй хуыссæн- тæ уыдысты æфснайд, пъол сыгъдæг марзт, Кай Су æмæ Пек Чан та бадтысты фанзайы цур дуртыл æмæ æнхъæлмæ кастысты хæдзары хицаумæ. Зæронд лæг сдзырдта: ,'59
— Цæргæ фылдæр уый кæны, хъуыддагыл фы- нæй чи нæ кæны. Ноджы фылдæр та уый цæрыг йе’мбалы тыххæй йæ цæст чи нæ бацъынд кæны. Зæронд лæг хæлæрттæн бацамыдта хъæумæ фæн- даг, стæй сæ дыууæйæн дæр сæ къудитæ æрхойæгау кодта. Къудзиты ’хсæнты фæзын-фæзын кæнгæ, Кай Су æмæ Пек Чан араст сты цæугæдоны нарæг бый- гæрæтты, зæронд лæг та лæууыд йæ кæлæццаг фан~ зайы цур æмæ каст сæ фæдыл, цалынмæ уырдыг айнæгæй нæ фæаууон сты, уæдмæ. 6. СЫГЪЗÆРИН КÆСÆНЦÆСТДЖЫН ЛÆГ Иукъорд боны фесты фæндагыл Кай Су æмæ Пек Чан. Æмбæстæгтæ ацыдысты бирæ гыццыл хъæутыл. Хъæуккаг пъæлицæйыл амбæлгæйæ-иу сæхи мæ- гуыргурты хуызæн скодтой. Мæгуыргурты рафæрс- бафæрс дæр ничи кодтаид, стæй сын искæйы са~ райы бахсæвиуат кæныны бар дæр уыд. Иу хъæуы Кай Су æмæ Пек Чаны ныццыдмæ пъæлицæйæгтæ æрцахстой иу лæппуйы, уый пъаме- щичы хæдзарыл бандзарынмæ хъавыд. Хæлæртты нæ бауагътой хъæуы бахсæвиуат кæнын æмæ бы- дыры баззадысты. Кæрдæджы адджын тæф, цавæрдæр æнахуыр уы- нæр, æхсæвы цъиуты æнкъард цъыбарцъыбур — æппæтæй дæр хастой æрхæндæг хъуыдытæ райгуы- рæн хæдзары тыххæй. 40
— Не’мбарын, — ныуулæфыд Пек Чан æмæ йæ сæрæй ацамыдта хъæуы ’рдæм. Хъæу аныгъуылд мæйдары, æрмæст ма стæм рухсы уадздзæгтæй бæрæг уыд, уым цæрджытæ кæй ис, уый.—Хуыссынц... Хуыс- сынц, цыма ’ппындæр ницы ’рцыд, уыйау... Кай Су дæр каст гæзæмæ рухсытæм æмæ йæ цæстытыл уадысты чысыл фанзаты цæрджытæ. Гæх- хæттæй ставнæджын, бур рухс кæцæй кæлы, уыцы фанзайы нæ хуыссынц... Зæронд корейаг, бон-изæрмæ уыцы судзгæ хурмæ цæхæрадоны æмæ быдыры чи фæкуыста, уый бады арты фарсмæ æмæ кардæй аразы хъæдын къус, гъе та хъазæн йæ фырты фыртæн. Ахæм уæззау боны фæстæ адæймаджы хуыссæг афтæ тагъд не ’рцахсы, хурсыгъд къухтæ та æнæ исты архайгæ нæ фæра- зынц. . Далæ уым та ферттывта æмæ ссыгъди рухс. Уым, Кай Суйы фыды мады хуызæн зæронд ус, æвæццæ- гæн, райхъал сывæллоны кæуынмæ æмæ, авдæныл ныггуыбыр кæнгæйæ, зары: иу æдылы тигр цæргæсмæ куыд бабæллыд, тæхыны мондагæй къæдзæхæй куыд рагæпп кодта æмæ куыд ныппырх и... Дæлæ фæтæхы цавæрдæр рухс — æвæццæгæн, æппæт бинонтæ дæр райхъал сты æмæ рацæуынц ног зад роды уынынмæ. — Хуыссынц. Партизантæ та нæ! —дзырдта Пек Чан тызмæг æмæ хъæрæй. Æваст фæгæпп кодта. — Пъамещиктæ æмæ пъæлицæйæгтæ тæппуд сты, 41
уыдон та сæ —Пек Чан ацамыдта хъæуы ’рдæм,— тæрсгæ кæнынц! Уый цæмæн? Кай Су ницы сдзырдта. — Ды дæр хорз дæ! Æрмæст белимæ цæуыныл, бæзджын хæикъæл хæрын æмæ хъæздыгæн лæгъстæ кæныныл хъуыды кæныс... — Æз?! Хъæздыгæн лæгъстæ кæныныл?! — 0, о... Æнхъæлыс, æмæ йæ æз нæ зонын... — Пек Чан тæвдæй-тæвддæр кодта. — Цæуылнæ дæ фæнды æфсад æрæмбырд кæнын, хъæздыджыты, пъæлицæйæгты æмæ америкæгты фæсурын корейаг зæххæй? — Æз æрмæстдæр,ууыл хъуыды кæнын, — сабыр- гай сдзырдта Кай Су. Фæхъус æмæ ма бафтыдта: — Æрмæст иы хуызы? — Æмæ йæ нæ зоныс? — Ды йæ зоныс? — Æз? Гъæ, мæгуыр!.. Æмæ Пек Чан райдыдта дзурын, куыд æнцон у æнæхъæн æфсад æрæмбырд кæнын, уый тыххæй. Уымæн æппæт дæр хыгъд æмæ бæлвырдгонд уыд. Æмбæлттæ бацайдагъ сты дзурыныл, кæрæдзимæ нæ хъусгæйæ, уыдон дзырдтой, цалынмæ бон цъæх кæнын райдыдта æмæ цъиуты зарын фехъуыст, уæд- мæ. Дыууæйæ дæр сфæнд кодтой, райдайын æфсад æмбырд кæнын Сатæг Дæлвæзæй. — Нана та нын хæринаг кæндзæн, — дзырдта Кай Су. 42
— Чан Бай Су та æрхъуыды кæндзæн худæджы зарæг америкæгтыл, æмæ йæ зардзыстæм алы уæла- хизы фæстæ дæр. — Инæлар та чи уыдзæн? — Æз! Кай Су æваст рамæсты æмæ фæхъус. Пек Чан райдыдта дзурын, америкæгты хæдтæхджыты-иу куыд байсдзысты, ууыл, фæлæ йæм йе’мбал нæ хъусы, уый куы бамбæрста, уæд уый дæр ныхъус. Лыстæг æврæгътæ зынын райдыдтой хæмпус розæ дидинджытау. Хъæуæй æрбайхъуыст галты уасын. Дымдта хъарм æмæ фæлмæн дымгæ. Йæ рæвдыдæй цæстытæ ныхæстысты кæрæдзийыл. Кай Су рафæлдæхт уæлгоммæ. Байдыдта йæ хуыс- сæг ахсын. — Байхъус-ма!—Пек Чан тыхулæфт кодта Кай Суйы хъусы. — Радыгай уыдзыстæм инæлæрттæ: абон æз, рай- сом ды... Хорз? Кай Су йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ хуыс- сыд æнæдзургæйæ. Стæй йæ къух бадаргъ кодта æмæ æрхоста Пек Чаны фæсонтæ. „Инæлæрттæ" хъæбыс-хъæбыс уайтагъд афы- нæй сты. Пек Чан йæ фыны цалдæр хатты фæхъæр кодта, батылдта-иу йæ къухтæ: цыд ,карз хæст. Кай Су уыд цæф. Знæгтæ корейæгты ныхмæ æрæвæрдтой стыр тыхтæ, фæлæ Пек Чан басайдта фыдгулы æф- сады хъæдмæ, æмæ, Хъæлдзæг Зынджы æфсадимæ 43
баиу уæвгæйæ, æртыхстис сæ алыфарс æмæ сæ рай- ста уацары... Кай Су хуыссыд æнцад æмæ-иу арæх йæ мид- былты бахудт. Йæ фыны уыдта йæ райгуырæн зæхх сæрибарæй. Куыддæр арæзт фæцис стыр арæзтад, сæдæру- дзынгджын бæрзонд фанза, йæ цъуппыл зæлдаг ты- рысаимæ, афтæ йæ фехъал кодта Пек Чан. Æмбæстæгтæ радзырдтой кæрæдзийæн сæ фынтæ æмæ араст сты сæ фæндагыл дарддæр. Уалынмæ бахæццæ сты иу стыр хъæумæ. Цыды- сты нарæг уынджы æмæ дис кодтой, ацафон куыд сабыр у хъæу, зæгъгæ. Хур нæма аныгуылд, афтæмæй рудзгуытæ уыды- сты æхкæд гæххæттын ставнæтæй. Иу змæлæг нæ уыд: нæдæр фанзаты цур цæхæрадæтты, нæдæр уынгты. Лæппутæ сæ цыд фæсабырдæр кодтой. Хус къудзиты фæрсты азилгæйæ, уыдон тарст- хуызæй æваст фæлæууыдысты: сæ размæ фегуырд бæрзонд урс хæдзар, агуыридурæй æмбæрзт, бæр- зонд тыргътимæ. Къулы рæбынты рацу-бацу кодтой дыууæ пъæ- лицæйаджы. Уыдон цыдысты кæрæдзийы ныхмæ, ам- бæлдысты-иу тыргъты цур æмæ та-иу азылдысты фæстæмæ. Сæ иу ауыдта сывæллæтты, æмæ хæдзары тигъмæ куы бахæццæ и, уæд сыл, дзæгъæл куыдзыл куыд фæхъæр кæнынц, афтæ фæхъæр кодта сусæгæй: — Тагъд хуыссынмæ! 44
Кай Су æмæ Пек Чан азгъордтой. Хъæугæрон кæрæдзимæ бакастысты. — Уый цы уыд? —афарста Кай Су. Пек Чан хъуыдыты аныгъуылд: — Базонын æй хъæуы... Хъæуы алыфæрсты æрзылдысты æмæ федтой: уыцы хæдзары кæрт хæццæ кæны уæрæх суадонмæ. Суадоны нарæг къахырты былтыл айтынг æлыгæй сæрст бæрзонд кау. Бæрзонд кæрдæджы ’хсæнты Кай Су æмæ Пек Чан бабырыдысты каумæ. Зæхмæ хæстæг дзы уыд стыр хуынкъ, мидæджырдыгæй дурæй æхкæд. Уый, æвæццæгæн, кæрчыты цæуæн уыд. Пек Чйн арæхстгай дур аиуварс кодта. Кауы ми- дæгæй лæппутæ ауыдтой стыр гауыз. Йæ уæлæ япой- наг базыл йæхи ауагъта нард лæг рæтыд халаты. Гыццыл ма бахъуыд, ма ныхъæр кæна Кай Су фыр дисæй: уый уыд йæ хицау Хан Хо Сан. Кай Су зыдта, Хо Санæн бирæ хъæутæ уыд, уый. Уый сæ фелхæдта асламæй, Корейæ чи лыгъд, уыцы япойнæгтæй. Хо Санæн йæ зæрдæ ради. Хорджын аз хъуа- мæ уа. Бунтгæнæг зæхкусджытæ америкаг салдæтты айдагъ фендæй дæр æрсабыр сты. Хо Сан йæ мидбылты худт. Йæ цуры ныллæг бандоныл бадт сыгъзæрин кæ- сæнцæстджын тæлтæг лæг. Уый тагъд-тагъд цыдæр дзырдта, къухæй амонгæйæ. Хо Сан æм хъуыста æрдæгцъындæй. 45
Сывæллæттæ ныссабыр сты. Тæлтæг ныхæстæ згъалæгау кодта: — Æндæр рæстæг у, Хо Сан... Ды цытæ кæнысу уыдон кæнæн нал и. Адæм тынг хъусынц цæгатаг дымгæмæ. Кæд уæ, пъамещиктæ, нæ фæнды, цæмæй хуссар ныггуыпп ласа, уый, уæд ма къахут зæхкус- джыты, нæ хъæуы... Корейаг куы дæ. Ахъуыды кæ- нын хъæуы нæ кæсдæр æфсымæртыл* дæр... Тæлтæг ныггуыбыр кодта Хо Саны хъусмæ, фæлæ сдзырдта фыццагæй хъæрдæр: — Хъуамæ зонай дæхи равдисын, Хо Сан. Ахæ- стоны æттаг къултæ рæсугъд уымæн не скæнынц, цæмæй дзы æнцондæр бадæн уа. Адæмæн зæрдæ бавæр хорз цардæй, Хо Сан, æмæ змæстытæ мауал аразой... Фехъусын кæн „фондз-фондз", æмæ дæ пъæлицæйыл хардзы мæт нал уыдзæн. Хо Сан ракаст йæ цæстæй. Тæлтæг ын бамбæр- ста йæ хъуыды: — Æмбарын дæ, æмбарын: фыды фыд, уый фыд, фыдæлтæ... Фæлæ зонын хъæуы зарæджы æмцыд кæнын. Хо Сан базмæлын кодта йæ хуылыдз былтæ: — Хуыздæр музыкæ — сыгъзæрины æмыр зæ- ланг. Гъе уый æмцыд кæны æгас дуне. — Æгас дуне нæ цæуы, нæ, Хо Сан! — Зонын æй! —фæмæсты Хо Сан. — Дæ раны- хас-баныхас, радзур-бадзур хорзмæ нæ тæрынц! Кæй надтой знон зæхкусджытæ? Дæу. Цæй тыххæй?Дæ рæсугъд ныхæсты тыххæй. 46
— Уый ницы давы, уый хыл уыд. — 0, хыл. Фæлæ хылы уæлахиз уый кæны нæмгæ чи кæна, нæмгæ кæй фæкæнынц, уый нæ, фæлæ. — Омæ политикæ домы... — Æгъгъæд! — Хъусын... Райдыдта талынг кæнын, æмæ Хо Сан бацыд хæ- дзармæ. Сыгъзæрин кæсæнцæстджын дæр йæ фæстæ басыффытт ласта. Сывæллæттæ ма абадтысты иучысыл, стæй фыц- цаг стъалытæ тыбартыбур кæнын куы райдыдтой, уæд араст сты быдырмæ. Къудзиты ’хсæнты фæцы- дысты фæндаджы онг, стæй азгъордтой хохы ’рдæм. Нæзыты бынмæ сывæллæттæ æрæмбырд кодтой бæ- ласы хихтæ æмæ бафынæй сты пакъуы гобаныл фы- нæйгæнæгау. 7. ЦЫ ФЕДТОЙ КАЙ СУ ÆМÆ ПЕК ЧАН РАЙГУЫРÆН ЗÆХХЫЛ Кай Су бадт хæлд фанзайы къæсæрыл æмæ фæх- тæй арæхстгай хоста сойæйы нæмгуытæ. Пек Чаны хъæбысы бадт бæгънæг сывæллон. Лæппу йæм-иу йæхи ныззыхъыртæ кодта, хъазыд йемæ гуыррысты- тæй æмæ-иу уæд сывæллон хъыллист гæнгæ ных- * худт. Кай Су æлхойы рыг æрцагъта æмæ сдзырдта: — Фæдæн, Цон Син. Цæй мах цæуæм. — Фæлæуут, мæ хуртæ! Æххæст ахæрут, — рай- хъуыст фанзайæ. 47
— Бузныг, Цон Син. Афон у. Хур бæрзонд ссыд. ■Фанзайæ рацыд æрыгон сылгоймаг: — Знон уемæ ныхас дæр нæ акодтон... Кæцы ’рдæм цæут ныр? — Сатæг Дæлвæзмæ. — Зонын уыцы хъæу, уыдтæн дзы. Æрмæст сы- мах куыд æнхъæлут, афтæ сатæг нæу. — Басыгътой йæ. — Кай Су фæгæпп кодта. Пек Чан сывæллоны зæхмæ æруагъта. — Куыд æй-басыгътой? Чи? —, Нæ зонын. Æвæццæгæн пъæлицæ... Гъе та салдæттæ... Адæм афтæ дзурынц, партизантæ, дам, уым æмбæхстысты. Кай Су æмæ Пек Чан, сæ сæртæй акувгæйæ, раарфæ кодтой: — Бузныг, Цон Син, кæй нæ суазæг кодтай, уымæй. Ус сæм бадардта дыууæ хус гуылы: — Сомизæрæй раздæр нæ бахæццæ уыдзыстут, мæ къонатæ, уый дæр æфцæгыл куы ацæуат, уæд. — Зонæм æй. Фанзамæ ныллæгдзыд бæхыл хæстæг бацыд сыгъзæрин кæсæнцæстджын лæг. Мидбылты бахудт сылгоймагмæ, йæ къух йæ худыл авæргæйæ, æмæ араст дарддæр. Ус ын æнæбары салам радта æмæ иннæрдæм азылд. Сывæллæттæ базыдтой тæлтæг лæджы. — Чи у уый? — бафарста Пек Чан. 48
Усæн йæ дæндæгтæ скъæс-къæс кодтой. — Калм!.. Ралæс-балæс кæны хъæутыл æмæ цъыс-цъыс кæны: „Уæ хицæуттимæ ма хыл кæнут, хъуаг цæмæй уат, уый сын-иу иумæ зæгъут..." Гъемæ махонтæ дæр ацыдысты горæтмæ, чи цæмæй хъуаг у, уый дзурынмæ. Мæ лæг дæр семæ. — Сылгоймаг бахудт: — Йæ зæхх æм-чысыл фæкаст. Ацыд фæр- сынмæ, цæгаты, дам, зæхкусджытæн зæхх радтой, сæ хор, дам, сын нæ исынц, уæд, дам, махмæ япой- нæгты рæстæджы куыд уыд, афтæ цæмæн у? — Уыдон та? —хынцфарст акодта Пек Чан. — Чи уыдон? — Фæрсгæ кæй кодта уыдон?.. Цы йын загътой? — Нæ зонын. — Æмæ дæ лæг та цы зæгъы? — Уый дæр нæ зонын... Мæ лæджы, мæ хуртæ, ныр æвдæймаг мæй ахæстоны дарынц. Кай Су ма тыххæй байхъуыста сылгоймагмæ, стæй азгъордта. Афтæ йæм каст, цыма • истæмæй феххуыс кæндзæн йæ хъæуæн, йæ ныййарджытæн. Пек Чан ма йæ тыххæйты баййæфт’а хохы ’фцæ- джы. Кай Су хуыссыд тæвд зæххыл. Йе уæхсчытæ рыстысты. Пек Чан æм æргуыбыр кодта æмæ йын йæ сæрыл йæ къух æрæвæрдта. — Кай Су... Кай Су... — тыххæйты сдзырдта Пек Чан, фæлæ ныхасыл нал хæст кодта. Кай Суйы фæ- сонтæ асæрф-асæрф гæнгæ, уый дзырдта уыцы-иу ныхæстæ... — Кай Су, Кай Су... 4 Корейаг лæппуйы таурæгъ- 49
Уыцы ныхæсты мидæг уыд Пек Чаны æнæкæрон уарзондзинад йæ иунæг, зынаргъ æмбалмæ. Кай Су скуыдта. Уый хуыдуг кодтой алыхуызон æлхынцъ хъуыдытæ æмæ ныхæстæ... — 0, Пек Чан!. З&гъ-ма, Хо Сан корейаг у? Сыгъзæрин кæсæнцæстджын корейаг у? Нæ, Пек Чан... Ды раст уыдтæ... Мæн абырæг суын фæнды! Аздæхæм фæстæмæ. Басудзын хъæуы Хо Саны ног дурынсæр хæдзар... Фæдæлдон кæнæм Хо Саны, фæсурæм даргъ америкаджы... Ды зоныс æппæт кæ- лæнтæ, зæгъ дæлимонтæн: уадз, æмæ йæ ахæссой, æмæ йæ фæдæлдзæх кæной... Уæрдоны сифтындз- дзыстæм Сыгъзæрин Кæсæнцæстджыны. Уадз æмæ ласа тæккæ уæззаудæр дуртæ. Æз æй ехсæй нæм- дзынæн, цалынмæ сæрсæфæны былмæ бахæццæ уа, уæдмæ, стæй йæ нысхойдзынæн денджызмæ. Уый фæ- стæ зæгъдзынæн зæронд лæгæн: хъуыды ма кæныс Бойы? — Дæ фырты хæс дын райстам. — Уый худдзæн, Пек Чан, цин кæндзæн махимæ. Кай Суйы кæуын фæсабыр, стæй бынтондæр нал хъуыст. Кай Су æмæ Пек Чан сфæнд кодтой, кæд æфцæ- гыл фæндаг цыбырдæр уыд, уæддæр ууылты ацæуын нæ, фæлæ æндæр фæндагыл, хъæутыл. Бæлвырддæр базонын сæ фæндыд Сатæг Дæлвæзы хабæрттæ. Пек Чаны цæстытыл уадысты, куыд тох кæндзы- сты, уый, æмæ сæ дзырдта йе ’мбалæн. Фæллад уадзгæйæ-иу зæххыл хæххытæ кодта сæ хæстон 50
фидæртты пълантæ. Фæлæ йæм Кай Су нæ хъуы- ста. Æхсæвиуат-иу куы ’ркодтой, уæддæр æй æрæгмæ хуыссæг нæ ахста: йæ зæрдыл-иу æрбалæууыдысты, райгуырæн зæххыл цытæ цæуы, уыдон иууылдæр. Йæ цæстытæ-иу куыддæр æрцъынд кодта, афтæ- иу йæ уæз цыдæр фæцис, аныгъуылд-иу хъарм ми- гъы хæрвы æмæ-иу уæлдæфмæ стахт. Фæлæ уый фынæй нæма уыд — хъуыста Пек Чаны алы ныхас дæр, хатыдта, йæ къæхтæ куыд риссынц, уый, стæй зыдта, куыддæр йæ цæстытæ байгом кæна, афтæ æппæт дæр фæцыдæр уыдзæн. Сабыргай тахти, Пек Чанимæ цы райгуырæн зæххыл цыдысты, уый сæрты. Быдырты уыдтой корейаг зæхкусджыты, дзывыры фæстæ цæугæ. Хъæдгæрæтты зырзыр гæнгæ цыды- сты зæронд устытæ; уыдон стыгътой хъæды цъар, цæмæй йæ лыстæггондæй хоры ссадимæ сæмхæццæ кæной. Хъуамæ зæрæдтæ дæр нæ уыдысты, фæлæ æрыгæттæ: æнтъыснæгдзинад азтæй тынгдæр зæронд кæны адæймаджы. Арæхдæр йæ цæстытыл ауайы ахæм ныв: пъæли- цæйæгтæ хъæздыджы дзырдмæ гæстæ нæмынц, йæ хъалон чи нæ бафыста, ахæм зæхкусæджы бинонты.. Пъæлицæйаг гал фæласы, йæ фæдыл, галы мæл- лæг фарсыл хæцгæ, йæ былы фыдтæ хæргæ, уайы корейаг сылгоймаг. Уый хæрзбон зæгъы йе ’гомыг æххуысгæнæгæн. Гыццыл сывæллон галы къахыл фæхæцы, уромынвæнд æй кæны. Чызг ын кæугæйæ йæ сыкъатыл æркодта быды- 51
рон дидинджытæй конд вёнок, стæй йын апъа кодта йæ былтæн. Кореймæ хæдтæхæджы чи æрбатахт, ахæм амери- каг журналист æрлæууын кодта пъæлицæйаджы. Уый хъуыд журналкæсджытæи ахæм худæджы æрмæг. Бирæ фæархайдта, йæ хуызисæн адæмы ’рдæм араз- гæйæ, стæй, пъæлицæйаг бæндæнимæ хорз иæу, уый фæхъуыды кæнгæйæ, пъæлицæйаджы иуварс алæу- уын кодта. Йæхæдæг хуызисæн æркъæпп кодта. Стæй та загъта чызгæн, цæмæй ма иу хатт апъа кæна галæн, æрмæст худгæйæ, кæннод журналкæс- джытæн, цæссыгтæм кæсгæйæ, сæ зæрдæтæ куы суынгæг уой. Америкаг ын йæхæдæг асæрфта йæ цæссыгтæ, цалдæр хатты йын систа йæ хуыз æмæ ахъуыды кодта, ацы нывтæ ахорæнтæй ахуырстæй куыд дис- саджы рæсугъд фæкæсдзысты адæммæ, ууыл. Америкаг, йæ бур дæндæгтæ асхъаугæйæ, блок- ноты ныффыста къамы ном: „Хуыцаубоны тезгъо..." Кай Су æмæ Пек Чан цыдысты дарддæр, Хус- сар Корейы быдырты æмæ фæндæгтыл... Æмæ никуы федтой циндзинады худт, нæ фехъуы- стой, корейаг адæм афтæ тынг кæй уарзынц, уыцы хъæлдзæг зарджытæ. 8. АДАГÆЙ ФÆЗДÆГ Кай Су æмæ Пек Чан сæхæдæг дæр нæ фип- пайдтой, Сатæг Дæлвæзмæ куыд хæстæг кодтой, афтæ сæ цыд фæтагъддæр кодтой, уый. 52
Цыдысты къæдзтæ-мæдзтæ урс къахвæндагыл æмæ сæм бирæ мæйты размæ хæрз хуымæтæг чи каст, кæнæ та-иу æппындæр сæ хъус кæмæ нæ дардтой, æппæт уыдæттæ ныр сæ цæстыты раз уы- дысты æнæбæрæг, æрхæндæг фыны хуызæн нæ, фæ- лæ бæлвырдæй, æргомæй. Алцы дæр уыд фыццаджы хуызæн, зынаргъ æмæ адджын, фæлæ уыцы-иу рæстæг ног æмæ зæрдæуын- гæг, фыды мад йæ-бæрæгбоны дарæсы куыд вæййы, афтæ. Пек Чан андзæвыд Кай Суйы уæхскыл: — Мæнæ дыууæ æфсымæры дæр... Хуыскъ кæнын цы суадон райдыдта, уый был лæу- уыд дыууæ тулдз бæласы. Сæ къабузтæй кæрдзийыл æртыхсгæйæ, уыдон уыдысты, дыууæ адæймаджы кæрæдзийæн куы ахъæбыс кæной, уый хуызæн. Суадоны был æмбæстæгтæ раластой се скъуыдтæ хæдæттæ æмæ сæхи бæстон æхсад кæнын райдыд- той. Фæндыд сæ сæ хъæумæ сыгъдæг æмæ рæвдзæй бацæуын. Кай Су суадоны сæрты агæпп кодта, æмæ уæр- тæ фезгъоры. Пек Чан та йыл фæсте дон пырх кæны. Доны ’ртæхты-иу ферттывта арвæрдын. Кай Су сызгъордта бæрзонд былмæ. Кæсы къуы- бырæй Сатæг Дæлвæзмæ, фæлæ дзы ницы иртасы. Æвадуат фидары къултау, бур хæхтæ æрбалвæ- стой къахыртæ быдырты. Сæ алыфарс у æгомыг æмæ сабыр. Фæхицæны бон куыд уыд, афтæ ныр дæр тæрфы адаргъ сты цъæх бæлæстæ. Арв дæр 53
афтæ: чысыл бурбын у хæхты цъуппытæм хæстæг, сæры скомкоммæ та цъæх-цъæхид. Суанг сиренхуыз æврагъ дæр зыны, Кай Су йæ фыды мадимæ >Сеулмæ куы цыд, уæд æй куыд ныууагъта, афтæмæй. Уæдæ кæм ис хъазаг æмæ хинæйдзаг Чан Бай Суйы фанза? Кæм и Сатæг Дæлвæзы хуыздæр, дыу- уæ рудзынгджын, йæ алыварс акацитæ, Син Тек Чены фанза? Кæм и Корейы æвидигæ зарæггæнæг Ку Сек Чукы фанза?Кæм ис, лакæй ахуырстау, бур- бурид æмæ тарцъæх настæ кæцæй æрттывдтытæ калдтой, уыцы хæдзары сæр? Кæм и мæгуыр Тек Саны зæхмæдзыд, фæрсырдæм къул фанза? — Мах ын фехъусын кæнинаг куьг стæм, Сырх Гæлæбу Цъæх Суадонмæ кæй æртахт, Хъæлдзæг Зынг æм æнхъæлмæ кæй кæсы мæйы кæронмæ... — Кæм сты нæ фанзатæ, Пек Чан? Пек Чан ницы сдзырдта. Бирæ сæфтмæдзыд æмæ сыгъд хъæутæ федта уый йæ даргъ фæндагыл, ко- рейаг зæххыл цæугæйæ. Айдагъ къултæ, сау æхси- дæвтæ фæндагыл, дæрæнгонд каутæ, æппæт дæр дзырдта — ам кæддæр хъæу кæй уыд. Фæлæ Сатæг Дæлвæзы арт канд адæмы цæрæн- уæттæ, къудзитæ, кæрдæг, цæхæрадæттæ æмæ зæхх нæ, фæлæ ма ам хъæу кæй уыд, уымæн йæ фæд дæр басыгъта. Дымгæ арæзта фæнычы цæджындзтæ, æмæ адæй- магмæ афтæ каст, цыма зæхх йæхæдæг фæздæг кодта. Кай Су схъиуæгау фестъæлфыд æмæ æнæ- дзургæйæ Пек Чанæн ацамыдта гыццыл адагмæ. Уыр- 54
дыгæй цыд æцæг фæздæг. Лæппутæ йæм азгъорд- той. Уыдон ауыдтой цалдæр ног арæзт халагъуды. Иуы цур дзы, раздæр-иу фанзайы къæсæрыл куыд бадт, афтæ бадт Кай Суйы фыды мад. Фыцгæ цугуны цыдæр змæста. Цыма æппындæр ницы æрцыд, афтæ ахъæбыс кодта раздæр Кай Суйы, стæй та Пек Чаны æмæ сдзырдта: — Смæллæг стут, лæппутæ... Ды та, Кай Су, сы- рæзыдтæ. Уæ хæдæттæ уæ аивын хъæуы! Æрбадæтт ма мæм лæдзæг, Кай Су! —йæхæдæг, йæ рæсыд къæхтæ тыххæй исгæйæ, фаууон халагъуды. Адон иууылдæр — халагъуд, арт, уæларты хæри- наджы тæф, фыды мад —уыдысты райгуырæн хæдзар æмæ лæппутæ æрæнцадысты. Æхсныфæй уидгуытæ аразгæйæ, фыды мад дзырдта: — Акæсут-ма, куыд асыгъдæг кодтой хъæу, иу фанза дæр сæ нæ ферох. Цæмæн? Уымæн æмæ мæгуырæн йæ тых, йæ ус, йæ цот, йæ зæхх куы сæфой, уæддæр дзы рох хъуамæ ма кæна, амонд ын йæ райгуырдимæ цы балæвар кодта, уый. — Æмæ йын цы балæвар кодта, нана? — афарста йæ Пек Чан. Зæронд ус æм тызмæг каст бакодта æмæ фæхъус. Нæ уарзы, исчи йын йæ дзырд йæ дзыхæй куы фе- скъæфы, уый. — Ахæм хæзна у уый, кæцы мæгуырæн æххуыс кæны алы фыдбылызы дæр. — Фыды мад йе ’ргом 55
Кай Сумæ аздæхта. Пек Чаныл йæ зæрдæ фæхудт æмæ йæ цыма нæ уыдта, уыйау йæхи скодта.—Уыцы хæзна у фæразондзинад. Зæронд ус сывæллæттæн радзырдта, мæгуыртæ пъамещикæн хорæй авд хайы куы нæ лæвæрдтой, уæд куыд смæсты æмæ пъæлицæмæ кæй фæдзырдта. — Уæд Чан Бай Су хъæр кæнын райдыдта æмæ пъамещикы стигъæг схуыдта. Пъæлицæйæгтæ æр- цахстой Чан Бай Суйы. Дæ фыд, Кай Су, лæгтæн бафидис кодта, æмæ зæхкусджытæ ныккалдысты пъæ- лицæйæгтыл. Фæлæ уым хорзæй ницы уыд... Фæмард æвзонг Цан Кой Хи, фæцæф <Сель Най... Уæртæ ха- лагъуды хуыссы. Адæм дыууæ дихы фесты. Иутæ дзы ацыдысты Цæгатмæ. Дæфыддæр уырдæм ацыд, Кай Су. Иннæтæ ацыдысты Тек Саны фæдыл. Уый загъта: „Искуы ма зæхкусæг ныууадзы йæ зæхх, маргджын кæрдæг дзы куы ’рзайы, уæд? Лидзын дзы нæ фæхъæуы, фæлæ йæ бындзарæй стонын фæхъæуы уыцы кæрдæджы!" Ахæстонмæ сæ куы фæцæйкодтой, уæд партизантæ сæ размæ бабадтысты æмæ амард- той корейæгтыл гадзырахатæй цæуджыты, суæгъд кодтой Чан Бай Суйы. Æз æй зонын: уый Тек Сан уыд, йæ дзырд æдзухдæр фидарæй æххæст кодта... Бирæ не сты. Корейы зæхх цæмæй барувай, уый тыххæй та бирæ къухтæ хъæуы... Хæхтыл цæуын зын у суанг æрыгæттæн дæр. Уый тыххæй баззадтæн æз ам... Фыды мад къæцæлæй астыдта кателок. — Ахæрут. Ахæм уæ цæстæй дæр нæма федтаик- 56
кат? Нæ? Тулдзы уидæгтæ сты... Уалынмæ махонтæ куы адард сты Сатæг Дæлвæзæй, уæд æрцыдысты америкаг салдæттæ. Смæсты сты, партизанты кæй не ’рцахстой, уый тыххæй, æмæ ныппырх кодтой фанзатæ, стæй сыл бандзæрстой. Æхсæвы фыды мад халагъудмæ æрбахаста зæх- кусæджы цæхæрадоны йас хъарм хъæццул æмæ ацыд цæф Сель Найы цур арæдзæ-мæдзæ кæнынмæ. Лæппутæ уайтагъд сæхи хъæццулæй амбæрзтой æмæ, кæрæдзийы цæсгæмттæм улæфгæйæ, райдыдтой су- сæгæй иыхас кæнын. ,— Уыныс, уыныс! Æгас Сатæг Дæлвæз дæр Ким Ир Сенмæ ацыд... Ех, Кай Су, Кай Су, афтæ фæ- тæрсдзынæ, ,уый æнхъæл дын нæуыдтæн!.. — Æз? — бадис кодта Кай Су. — Ныхъус у, кæн- нод дын æз...— цы сдзырдтаид, уый нал зыдта æмæ йын йæ фарс мæсты тъæпп ныккодта, йæхæдæг ин- нæрдæм азылд. — Хыл кæн, хыл! —тыххæйты улæфгæйæ, сдзырд- та Пек Чан. — Лæгъстæ дын куы нæ кæнын — æз иунæгæй дæр ацæудзынæн. Баззай... Æз ма дын лæг æнхъæл уыдтæн... Бад дæ фæнычы æмæ лæгъстæ кæн пъамещикæн. Æрмæст-иу фæраз. Ницы кæны, æз иунæгæй дæр æрæмбырд кæндзынæн æфсæдтæ... æрмæст мæм-иу уый фæстæ дæхи дæр мауал равдис. Æмæ Пек Чан барæй схуыр-хуыр кодта. Кай Су аратул-батул кодта, стæй йæхи ныхын 57"
райдыдта, йæ рæмбыныкъæдз Пек Чаны фæсонтыл куыд æндзæвыдаид, афтæ. Уый дæр нал баурæдта йæхи æмæ ныххудт. — Уæдæ, райсом цæуæм?— сабыргай бафарста Пек Чан. — Æрмæст... нана та.,. — Тæригъæд у? — Æмæ уæдæ нæу... Райсомæй зæронд ус, Кай Су æмæ Пек Чанмæ байхъусгæйæ, загъта: — Ахæм рæстæджы фырттæ хъуамæ сæ фыдти- мæ уой, — æмæ сæ ахæццæ кодта, хæхты сæрты цы сусæг къахвæндаг цыд, уымæ. 9. ХЪИЗÆМАРЫ ФÆНДАГ Хæхтыл ацы ран ахизын уыд уæззау æмæ тæссаг хъуыддаг. Фæлæ Цæгатмæ уымæй цыбырдæр фæн- даг нæ уыд. Зæронд ус сын радзырдта, Сатæг Дæл- вæзы адæм цы къахвæндагыл ацыдысты, уый тыххæй, стæй Кай Суйы къурткæйыл æрхæцыд, адзæбæх кодта Пек Чаны рон æмæ раздæхт фæстæмæ. Лæппутæ цыдысты æнæдзургæйæ. Цъæх æрдузты раивтой æнæкæрдæг фæзтæ. Арæхæй-арæхдæр æм- бæлдысты арф зæхскъуыдтыл. Кай Су æрлæуу&д æмæ бирæ фæкаст æфцæджы цъуппмæ. Хохы фæрстыл бырыдысты мигъы къуы- былæйттæ. Айнæджы кæрдих уыд галы сыкъайы хуызæн. — Мæнæ Саст Сыкъа дæр! —лæф-лæф гæнгæ 58 -
сдзырдта Пек Чан æмæ арæхстгай æруагъта дурыл, зæронд ус сын фæндаггæгтæ цы дзæкъулы нывæрд- та, уый. Суадоны был æмбæстæгтæ сæ фæллад уадзынмæ æрбадтысты. Кай Су дзæкъул йе ’ккой акодта æмæ сыстад. Йæ бон нæ уыд иу ран бадын—фæндыд æй тагъддæр Сатæг Дæлвæзы адæмы баййафын. — Цы кæныс, кæдæм цæуыс?—бадис кодта Пек Чан. Нана нын куыд загъта, уый дæ ферох. Æфцæ- гыл райсомæй хизын хъæуы. Кай Су скаст хохы цъуппмæ. Хур аныгуылд, æмæ хæхтæ изæры фæлмы тадысты. Нæ дзы ферох йæ фыды мады фæдзæхст. Йæхæдæг дæр æй зыдта, æхсæвыгон хæхтыл цæуын куыд тæссаг у, уый. Фæлæ ныртæккæ,- Сатæг Дæлвæзы адæм Цæгатмæ, Ким Ир Сенмæ хæстæгæй-хæстæгдæр куы кæнынц, уæд куыд хъуамæ хуысса Кай Су. — Цом!—загъта уый хъæбæрæй æмæ араст, Пек Чанмæ нæ фæкæсгæйæ. Къахвæндаг-иу арæх фæсаджил. Хаттгай-иу сæ фæндаг æрбакодта сæрсæфæн къардиумæ. Бахъуыд- иу сæ фæстæмæ раздæхын æмæ æндæр фæндагыл цæуын, Саст Сыкъайы цур фæндаг цыди мит быды- ры. Цæстытæ тар кодтой, сæр та тъæппытæ хауд. Хуыссæг сæ ахста. Æрбахæццæ сты, зæронд ус сын цы æрвхуыз дурты кой кодта, уыдоны цурмæ. — Кæсыс,—хъæлдзæгæй сдзырдта Кай Су,—тагъд фæндаг фæуырдыг уыдзæн. 59
Иу уæрæх зæхскъуыдмæ куы бахæццæ сты, уæд Пек Чан йæ сæр аныхта: скъуыдыл иу кæронæй иннæмæ æвæрд уыд ставд нæзы бæлас. — Раст цæуæм. Бахиздзыстæм иннæ фарсмæ, стæй галиуырдæм ацæудзыст’æм, стæй бынмæ... Уа- лынмæ хъæд... Стæй хъæу Сыгъзæрин Суадон! Ды та кæугæ кæныс! Пек Чан фæтæргай: * — Æз ницы кæуын...—Æмæ та фæстæмæ нæ- зымæ фæкаст.— Фæлæ ауылты куыд бахиздзыстæм? Дыууæйæ дæр бынмæ ныккастысты. Мигъы къуыг былæйттæ дзы лæсæгау кодтой æмæ афтæ зынд, цыма æнæбын уыд сæрсæфæн. — Мæнæ афтæ!—сдзырдта Кай Су æмæ йæ къах хъæдыл æрæвæрдта. Хъæд базмæлыд æмæ скъæс-къæс кодта. Йæ иннæ кæрон сæфти мæйдары. Кай Су акодта цалдæр къахдзæфы. Рацыд уазал дымгæ. Кай Су чысыл фæцудыдта, æруагъта йæхи æмæ хъæдыл бæхбадт акодта. — Рауай цæй, рауай!—ныхъæр кодта Пек Чанмæ. Пек Чан уайтагъд абадт хъæдыл, фæлæ размæ не змæлыд. — Схуысс ыл, схуысс! — хъæр æм кодта Кай Су. Пек Чан тагъд-тагъд ахылд хъæдыл. — Бынмæ ма кæс! —хъуыст æм дард кæцæйдæр Кай Суйы хъæлæс. Пек Чанмæ афтæ каст, цыма тынг бирæ рæстæг 60
рацыд, бырын куы райдыдта, уæдæй. Йæхи нал ба- урæдта æмæ ракаст. Сæрсæфæны бын урс цыдæр фыцæгау кодта. Дымгæ-иу фæмидæг йæ дысты, æмæ- иу уазал фæсонты ахъардта. Фæндыд ма йæ размæ бырын, фæлæ къухтæ суæззау сты, стæй цæстытæ тартæ кæнын райдыдтой... Цыдæр æй хæрдмæ сивæзта, йæ фæстаг тыхтæ рамбырд кæнгæйæ, Пек Чан йæ къæхтæй фидар ныххæцыд нæзыйыл. Фæлæ уыдон бынтондæр бан- дзыг сты, цæстытæ ницыуал уыдтой, афтæ йæм каст, цыма хъæд йæ бынæй фæбыры. — Ракæс! Пек Чан йæ цæстытæ байгом кодта. Йæ цуры лæууыд Кай Су, æмæ йын фу кодта йæ дзыхы. — Афтæ, гъе! — хъуыддагхуызæй загъта Кай Су æмæ йæ афарста: — Фæтарстæ?Æз мæхæдæг дæр... Пек Чан бамбæрста, Кай Су йæ кæй баласта, уый, æмæ аххосджын хуызæй дзуапп радта: — Ницæмæй тæрсын, фæлæ бæрзондыл куы уай, уæд къæхтæ æмæ къухтæ коммæ нал фæкæсынц... Æз афæнд кодтон мæхи бынмæ ныппарын, уæддæр зæгъын уæлдай нал у... Сæ фæллад суагътой. Аныхæстæ кодтой, кæд æмæ цæмæн фæтæрсы адæймаг, уый тыххæй. Уазал дымгæ нынниудта. Æрбадт бæзджын æх- сырхуыз мигъ, æмæ цыма арв истæмæй ахкæдæуыд, афтæ æрталынг. Сывæллæттæ сыстадысты. Сфæнд кодтой бæлæсты бынмæ бацæуын æмæ уым рæс- тæджы фæхуыздæрмæ банхъæлмæ кæсын, фæлæ сæ 61
дымгæ размæ цæуын нæ уагъта, куы-иу сæ иуырдæм æппæрста, куы иннæрдæм. — Мæ фæдыл цу! —сдзырдта Кай Су. Пек Чанæн Кай Суйы аууон æнцон цæуæн уыд. Фæлæ йæ рахиз къах сыйын райдыдта æмæ ныггуы- быр кодта йæ цъындайыл схæцынмæ. Дымгæ йæ зæхмæ нылхъывта. Слæууынмæ хъа- выд, фæлæ йæ бон нæ уыд. — Кай Су-у-у!.. Дымгæ йын мынæг кодта йæ хъæлæс, æхкæдта цæстытæ, футт кодта хъусты... Пек Чан райдыдта миты йæ уæрджытыл бырын æмæ бахæццæ къахы фæдтæм. „Ауылты ацыд!" Пек Чан райдыдта тагъддæр бырын. „Ныр та ацы ’рдæм... Ам фæкалд... Афтæ"... Пек Чан æрлæууыд. Ацы ног фæдтæ та кæцæй фæзындысты? „Æдылы дæн æвæдза! Уый дæр мæнæ йæ цып- пæртыл куы быры мæ хуызæн". Къахвæд Пек Чаны æрбахæццæ кодта къардиумæ. Йæ бын æмæхкæд уыд мигъы къуыбылæйттæй. Уы- дон фыхтысты, скъуыддзæгтæ кодтой æмæ-иу се’хсæ- нæй фæзынд сау-сауид æнæкæрон бын. Пек Чанæн йæ сæр разылд, йæ къухты хъаруйы мур нал аззад. Бацъынд кодта йæ цæстытæ æмæ, рæмбынкъæдз- тæй архайгæйæ, рахылд къардиуы былæй. Йæхи куы ’рæмбæрста, уæд агурын райдыдта фæндаг, фæлæ уымæн йæ кой дæр нал уыд, мит æй бам- бæрста. Дымгæ футтытæ кодта. Нынниудта-иу би- 62
рæгъау æмæ-иу фæхъус, цыма йæ къуыззитты азæлд- мæ хъуыста, уыйау. Уады ниуд-иу къæдзæхтыл айзæлыд, стæй-иу бæстæ ныссабыр, æмæ уыцы сабырдзинад уады ниу- дæн йæхицæй бирæ фылдæр тас уагъта адæймаджы. Уый уыд, арвæрттывды фæстæ йæ нæрдмæ куы æн- хъæлмæ кæсай, уыйау. Фæлæ мæнæ Пек Чаны хъустыл ауад Кай Суйы æмыр хъæлæс. Уый æрбайхъуыст къардиуы ’рдыгæй. Пек Чан тагъд-тагъд бабырыд къардиуы былмæ. Дымгæ-иу куы банцад, уæд сæрсæфæиы бын бынтондæр сзынд. Пек Чан йæ сæр схъил кодта хъусынæввонг. Хъæр фехъуыст бынæй. Пек Чан æдзынæг ныккаст уыцырдæм, фæлæ Кай Суйы нæ уыдта. — Æз ам дæн, Пек Чан... ам, дæ хæдбынмæ... Пек Чан тынгдæр ныггуыбыр кодта. Кай Су, йæ иу къухæй къалиуыл хæцгæйæ, ауыгъдæй лæууыд сæрсæфæны сæрмæ. Йæ цæсгом уыд тугæйдзаг. Пек Чан арауай-бауай кодта къардиуы былтыл. Иу ран ссардта нарæг хуынкъ айнæджы фахсыл. Уырдыгæй зынд къæдзтæ уидаг. Йæ къæхтæй ууыл ацауындзæг æмæ йæхи бынмæ ауагъта. Баххæстаид йæ къухæй Кай Сумæ, фæлæ уый уыд чысыл рахиз- ырдæмдæр. — Мæныл ныххæцын бафæраздзынæ? — Нæ... Нæ, мæ бон нæ бауыдзæн... Мæ къух цыдæр кодта, —дзуапп радта Кай Су. — Цу дæхæ- дæг... Цу, Пек Чан... Мæнмæ ма кæс, æз тагъд... 63^
Пек Чан, сæр бынмæ ауыгъдæй, æфтауын райдыд- та йæ рон. Ацарæзта дзы цæг æмæ дзы ахсын рай- дыдта Кай Суйы. Иукъорд æппæрсты фæстæ йын ацахста йæ къубал. Кай Су цæджы атъыста йе уæгъд къух дæр... Хъуыди ма йæ æрмæст къалиу феуæгъд кæ- нын. Фæлæ нæ уæндыд: тарст, Пек Чаны дæр бынмæ йемæ куы аскъæфа, уымæй. — Тагъддæр, тагъддæр!.. — Пек Чан роныл афтæ тынг ныффидар, æмæ йæ уæхсчыты къæр-къæр ссыд. — Тагъддæр, тагъддæр!.. Кай Су йæ къухæй къудзи феуæгъд кодта. Дыу- уæйæ дæр æрцауындзæг сты сæрсæфæны сæрмæ. Пек Чан архайдта йæ къахæй йæхи хæрдмæ сæл- васынмæ, фæлæ уымæн гæнæн нæ уыд. Дымгæ тылдта сæ дыууæйы дæр. Къахы рисс фæцыдæр. Къах бандзыг æмæ иу цъусдуг Пек Чан ницыуал бамбæрста, нæзы хъæдыл быргæйæ дæр ма афтæ фæци. Уый бафиппайдта йæ фæсонтыл Кай Суйы къух. Æнгуылдзтæ, хъæбæр сындзытау, ныхстысты буары æмæ хылдысты уæлдæрæй-уæлдæр... Цалынмæ йæм Кай Суйы фæсус хъæлæс „Ма мыл хæц, суадз мæ!" зæгъгæ нæ фехъуыст, уæдмæ дæр Пек Чан æмбæрста, Кай Су йыл бæласыл хи- лæгау кæй хилы, уый. Мæиæ йын сбыры йæ къæхтыл... Пек Чанæн фенцондæр. Кай Су ныр уыд къардиуы был æмæ йæ йæ къæхтæй сласта. ы
Афтæ бафæлладысты, æмæ сæ бон фезмæлын дæр нæ уыд. Уалынмæ æрфынæй сты. Райхъал сæ кодтой хуры фыццаг тынтæ. Пек Чан ауыдта Кай Суйы, йæ сæрыл хæцгæ æмæ катай кæнгæ, цыма йæ дæндаг рыст, уыйау. — Цы кодтай? — Дзæкъул! —скæуæгау кодта Кай Су. Уыцы хъуыддаг сæ æвиппайды зæрдæдзæф фæ- кодта. Цæуын ма сæ хъуыд дыууæ боны бæрц, аф- тæмæй та хæринæгты дзæкъул сæрсæфæны бынмæ ныххауд. Пек Чан хъæлдзæгæй фехситт кодта æмæсдзырдта: — Исты та æрхъуыды кæндзыстæм! Кай Су фæхъæлдзæгдæр æмæ хæлæрттæ араст сты. Кæрæдзийы хъæбатырдзинадæй æппæлгæ фæн- дагыл дзырдтой зноны хабæрттæ. Фæлæ хæринагæн сæ бон ницы æрхъуыды кæнын баци, æмæ изæрæй Сыгъзæрин Суадонмæ куы фæ- цæйхæццæ .кодтой, уæд фыр фæллад æмæ æххор- магæй цудтытæ кодтой. Сæ хъустыл-иу ауад уæр- дæтты хъыс-хъыс, сæ хъæуккæгты дзурын. Уыцы цæстылуайгæ нывтæ сæ фæныфсджындæр кодтой, æмæ уалынмæ хъæумæ бахæццæ сты, фæлæ хæстæг- дæр фанзамæ дæр сæ бон бацæуын нал баци, æнæ- хъаруйæ фæндаджы был кæрдæгыл ахаудтой. Куы райхъал сты, уæд сæ алыфарс федтой æнæ- зонгæ зæхкусджыты. Æгас цæрджытæ дæр æрæмбырд сты, æхсæвы кæцæйдæр чи ’рбафтыд, æмæ уынджы 5 Корейаг лæппуйы таурæгъ. 65
астæу чи бафынæй, уыцы мæллæг, æрдæгбæгънæг сывæллæтты фенынмæ. Иууылдæр æнхъæлмæ кастысты, сывæллæттæ цы зæгъдзысты, уымæ. Пек Чан рабадт æмæ бафарста, ауылты Сатæг Дæлвæзы адæм ацыдысты æви нæ, Пек Чан нæ фех,:ьуыста йæ ныхас йæхæдæг дæр, æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма уыдон æрмæстдæр йæхи нымæр ахъуыды кодта. Фæлæ йæ зæхкусджытæ бамбæрстой. Иу къуылых лæг, Пек Чаны хъусмæ ныггуыбыр кæнгæйæ, къуыр- майæн дзурæгау, хъæрæй æмæ уæнггай бамбарын кодта, Сатæг Дæлвæзы адæм дыууæ боны раздæр цæгаты ’рдæм кæй ацыдысты, уый. Лæппутæ уайтагъд фестадысты æмæ сын къуы- лых чердæм ацамыдта, уыцы ’рдæм фæцæйцыдысты. Зæхкусæг сæ фæурæдта æмæ йæ морæ ныхæй йæ рус аныхгæйæ, йе ’ргом адæммæ раздæхта: — Акæнæм сæ уымæ. Уадз æмæ йын æппæт дæр радзурой. Уый уæлдай хъæрдæрæй загъта дзырд „уымæ". Иууылдæр сæ сæртæ разыйы тылд бакодтой æмæ хæлæртты иучысыл фанзамæ барвыстой. Пъолыл хуыссыд йæ сæр бастæй иу бæзæрхыг лæг. Цæстæй сын ацамыдта сбадут, зæгъгæ. Уый йæ сау цæстытæй æдзынæг каст куы Кай Сумæ, куы та Пек Чанмæ. Стæй, цæсты тъыфылтæ æруадзгæйæ, ныуулæфыд. бб
Къуылых зæхкусæг æм ныггуыбыр кодта æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: — Дæ хъæуккаг сывæллæттæ сты. Бафæрс сæ. Лæджы цæстытæ цæхæртæ акалдтой. - Пек Чан Кай Суйы уæраг нылхъывта æмæ ’васт фæхъæр кодта. Дыууæйæ дæр кæрæдзийæн дзырды бар нал лæ- вæрдтой. — Тек Сан! Тек Сан!.. Сырх-сырхид Гæлæбу æртахт Цъæх Суадонмæ. Тек Саи адæм куы’рæм- бырд кæна, уæд-иу сæ ракæнæд хæхты сæрты. Хъæл- дзæг Зынг дæм æнхъæлмæ кæсдзæн мæйы кæронмæ. Фæстаг дзырдтæ загъта Кай Су: Пек Чанмæч улæфт нал уыд. — Æрмæст байрæджы, Тек Сан. Мæй райсом фæуыдзæн... Тек Сан йæ сæр схъил кодта. Бинт æрбырыд, æмæ цæст бамбæрзта. , — Бузныг... Бузныг, мæ хуртæ. Мæ адæм афон- мæ уым сты... Сымах та кæдæм цæут? —ссыбар-сы- бур кодта Тек Сан. — Сатæг Дæлвæзы адæм кæдæм цæуынц, уыр- дæм —Ким Ир Сенмæ. Тек Сан йæ сæр йæ риумæ ’руагъга. — Зæгъут-иу Ким Ир Сенæн, — сдзырдта уый тызмæгæй, — зæгъут-иу, хъуыддаг, зæгъ, хорз у рæхджы хуссар ссæрибар уыдзæн. Сывæллæтты бафсæстой, семæ сын радтой х_ус кæсæгтæ, спичкæты къопп æмæ сын биноныгæй ба- 67
цамыдтой, цыбырдæр фæндаг, сæхиуæтты тагъддæр куыд баййæфтаиккой, афтæ. Хъæды кæронмæ куы бахæццæ сты Кай Су æмæ Пек Чан, уæд сæ хъустыл ауад бæгъæввад къæхты тъæпп-тъæпп, æмæ фæлæууыдысты. Фæндагыл сæ тых сæ бонæй згъордтой лæппу æмæ дыууæ чызджы Лæппу уыд бæзæрхыг, фæтæнриу, æмбæстæгтæй бирæ бæрзонддæр. Йæ къухы æрттывдтытæ калдта цуаноны фæтæнком кард. — Гъы? — сагъæс æмæ мæсты хуызæй афарста Пек Чан, сывæллæттæ сæ тыхулæфт кæнгæ биноныг, къахæй сæрмæ барын куы райдыдтой, уæд. — Æз Саджы фырт дæн, — сæрбæрзондæй сдзырд- та лæппу, йæ къухы ныхтыл карды ком æвзаргæйæ. Кай Су сагъдауæй аззад... Саг уыд хъуыстгонд партизан. Йе ’хсарджын хъуыддæгты кой йын æм- бæстæгтæ фехъуыстой суанг Сеулы. Салдæтты дæр уый сыстын кодта, бацахста цалдæр горæты, ныд- дæрæн кодта америкæгты гарнизон. Саг карз хæсты цæфæй бахауд знаджы къухмæ æмæ йæ баппæрстой тæккæ тæссагдæр сеулаг ахæстон, Кемукваны къуын- дæгдæр камерæмæ. Уый тыххæй стыр дамгъæтæй фыстой газетты. Уæд æрцыд хъуыстгонд йæ тæрхоны бон дæр. Дыккаг бон Саг алыгъд дурын къулты ’хсæнты, Кемукван та сыгъд æртæ ’рдыгæй. Саджы хуызистытæ урс æрттиваг гæххæттыл кон- дæй иу æмæ дыууæ хатты нæ федтой Кай Су æмæ Пек Чан Сеулы къултыл ныхæстæй. Уый каст афтæ 08
хъæбатыр æмæ хъæлдзæгæй, раст мæнæ цуаноны кард кæмæ уыд, уыцы лæппу куыд кæсы, афтæ. — Цæгатмæ алыгъд, уый раст у? —чысыл фæ- стæдæр афарста Пек Чан. Саджы фырт æлгъ худт бакодта: — Нæ хъæумæ салдæттæ æрцыдысты, æмæ мæ иу афицер бафарста, мæ фыд кæдæм алыгъд, уымæй. Æмæ йын æз загътон: „Мæ фыд, Саг, лидзгæ нæ фæкæны, фæлæ сургæ". Афицер мæ ехсæй ныццавта æмæ дзырд радта, цæмæй нын нæ фанза басудзой, уый тыххæй. Чызг Саджы фырты æнгæстæ уыд — æмбæстæгтæ бамбæрстой, йæ хо кæй у, уый. Чызг-иу йæ къухтæ риуыл авæрдта, ома, ме ’фсымæр рæстытæ дзуры, зæгъгæ. Лæппу уарзон каст бакодта йæ хомæ: — Салдæттæ уый даер фæнадтой... — Æмæ сын æз дæр загътон: „Мæ фыд куы раздæха, уæд йæ къæхты бын лæсдзыстут уæ цып- пæртыл, тæппудтæ!"— загъта чызг. Лæппу йæ сæр батылдта. Стæй йе’рфгуытæ фелхынцъ кодта. — Мах уæ Сау Дуры онг бахæццæ кæндзыстæм... Сымах та разæй цæут, — загъта чызджытæн. Уыдоны кæд тынг нæ фæндыд, уæддæр азгъорд- той, фæстæмæ фæкæс-фæкæс кæнгæ. — Сымах Саджы агурут, æз æй зонын...Æз уын бацамондзынæн, куыд æй ссарын хъæуы, уый. Кай Су æмæ Пек Чан кæрæдзимæ бакастысты. 69
— Мах цæуæм Сатæг Дæлвæзы адæмы фæдыл... — Цæгатмæ... Ким Ир Сен уым и, стæй нæхи- уонтæ иууылдæр... — бамбарын кодта Пек Чан. Лæппу æрлæууыд. Æрлæууыдысты æмбæстæг- тæ дæр. — Æмæ уæ^ зæрдæйæ ам, хуссары... — лæппуйы былтæ цыма змæлгæ æппындæр нæ кодтой, фæлæ йæ алы дзырд дæр хъуыст бæлвырдæй,— уæ зæр- дæйæ ам уæхионтæ не сты? Кай Су йæ былыл дæндагæй фæхæцыд æмæ фи- дарæй размæ акъахдзæф кодта. Пек Чан дæр йæ фæстæ. Саджы лæппу сæ баййæфта æмэе йæ къух æрæвæрдта Кай Суйы уæхскыл: — Райгуырæн фæзы хус æлыг зынаргъдæр у искæйы сойджын зæххæй. Кай Су фестъæлфыд. Ахæм ныхæстæ-иу арæх дзырдта йæ фыды мад дæр. Уый бакаст лæппуйæн йæ цæстытæм: — Мæ фыд æмæ æгас Сатæг Дæлвæз дæр уым сты. Саджы фырт æппындæр ницы сдзырдта. — Сагæн ссарæн кæм ис? —бафарста Пек Чан. — Æмæ исты иунæг у? Уыдон бирæ сты, стæй алы рæтты. Пек Чан фефсæрмы. Саджы фырты цæстыты уыд уазал цæстæнгас. Лæппутæ айнæджы цурмæ куы бахæццæ сты, уæд сæм чызджытæ букеттимæ, венок- тæ сæ сæртыл конд, афтæмæй æнхъæлмæ кастысты. — Ай уын Сау Дур,—сдзырдта лæппу тарæрфыгæй. 70
Айнæг æцæгдæр уыд тарцъæх, æрмæст йæ цъуп- пыл, цыма йæ фæхицæн æмæ арвмæ стæхын фæндыд, уыйау ратас-батас кодта рæсугъд цъæх-цъæхид бæлас. Лæппу дзуццæджы æрбадт æмæ йæ карды фын- дзæй зæххыл амыдта, цы фæндагыл сæ цæуын хъæуы, цæмæй сæ адæмы баййафой, уый тыххæй. Кай Су йæ лæмбынæг рафæрс-бафæрс кодта дæтты,хъæуты æмæ фæзилæнты тыххæй. Пек Чан та йæ зæрдæ йæхиуыл дардта, базыдтон сæ, зæгъгæ *мæ Сау Дурыл йæ цæст ахаста—тынг бадис кодта йæ рæбыны дурты обæуттыл. Лыстæг цыргъ дурты обæуттæ уыдысты бирæ, ставд айнæг дурты обæуттæ та бирæ къаддæр. Пек Чанмæ, йæ кардæй хъазгæ, бацыд Саджы фырт. — Корейæгтæ куы фæцæуынц Сагмæ, уæд сæ алчи дæр нывæры ам дур. Уый вæййы ард хæрд... — Стыр дуртæ та? — Уыдон та æгас хъæутæ сты. Пек Чан фæхæцыд лæппуйы къухыл: — Цæй-ма зæгъ мын, кæм ын ис ссарæн? — Иууылдæр раздæр ацæуынц хæхтæм. Уым дын зæгъдзысты, цы кæнын хъæуы, уый. Кай Су сыстади. Уый хорз бахъуыды кодта фæндаг. Сеппæт дæр æнæ дзургæйæ, сындæггай ныхæццæ сты къахвæндаджы фæзилæнмæ. Саджы фырт æр- лæууыд æмæ кард йæ дысыл асæрфта. — Æз æнхъæл уыдтæн, хæхтæм мæ фыдмæ цæут... 71
Æмæ мæ фæндыд... Цæй, уæддæр уæлдай нæу. Мæ- нæ... —Кай Сумæ бадаргъ кодта кард: —Айс æй, уæддæр уæлдай нæу... Тынг цыргъ у, стæй никуы ссау уыдзæн. Лæппу мæсты каст бакодта чызджытæм: — Мæ фæдыл! —æмæ азгъордта Сау Дурмæ. Æмбæстæгтæ кастысты сæ фæстæ, фæлæ нæ- дæр лæппу, нæдæр чызджытæ, иу каст дæр нæ фæкодтой фæстæмæ. Уайтагъд айнæджы аууон фесты, — Кай Су, — æваст сдзырдта Пек Чан, доны былмæ куы ныххæццæ сты, уæд, — хорз нæу, нæхи зæххæй кæй лидзæм, уый. — Æмæ ’рыздæхдзыстæм. — Хи зæххæй нæ фæлидзынц, Кай Су. Кай Су æваст нæ радта дзуапп. Уый ацамыдта йæ къухæй цæгатмæ: — Уым сты мæ фыд æмæ æгас Сатæг Дæлвæз. — Æмæ дзы мæнæн фыд нæй! —- Пек Чан мæ- сты кæнын райдыдта. — Мæнæн никуы ницы ис Кай Су... Кай Су бирæ фæкаст йæ хæлармæ, стæй сабыр- гай бафарста: — Æз та? Мæн нæ нымайыс? Пек Чан фæсырх æмæ иннæрдæм азылд. Боныгон зын цæуæн уыд. Æмæ æмбæлттæ, тæв- ды фæкъаддæрмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, къудзиты 72
аууæтты хуыссыдысты, райсомы æмæ изæры сатæ- Джы та цæугæ кодтой. Бонты хыгъд сæ раджы ферох. Бахæццæ сты, цы доны кой сын кодтой, уымæ. Иучысыл ма, стæй дурын хид. Уæдæ тагъд баййаф- дзысты сæхиуæтты дæр. Доны былтыл цæуын уыд- æнцондæр. Фæлæ-иу дон арæх фæзылд йæ раст фæндагæй. Лæппутæ та цыдысты комкоммæ, æмæ-иу куы донæй адард стьь куы та йæм-иу фæстæмæ æрбафтыдысты. Алы къах- дзæф дæр сын зынаргъ уыд. Мæнæ дын уый та хид! Лæппутæ доны ныггæппытæ кодтой. Дон тынг уазал уыд, фæлæ фæрæзтой... Æрæмбырд кæнын сæ .хъуыд сæ фæстаг тыхтæ. Хъусты гуыр-гуыр фен- цад. Райдыдта сæ хуыссæг ахсын. Уыдон дæр рацы- дысты æмæ хиды бæрæг астæу схуыссыдысты. Ныр хидыл, æнæ уыдоны райхъал гæнгæ, ацæуæн нæ уыд. Уайтагъд афынæй сты. Иу сахаты фæстæ Кай Су фестъæлфыд æмæ йæ сæр фæхъил кодта. Пек Чан дæр хъал уыд. — Хъусыс?— афарста йæ Кай Су.—Цы уа уый? Зæхх змæлыд. Дымгæ сæм хаста цавæрдæр зæл- тæ. Бæрæг уыд, сæ зæрдæ сæ нæ сайдта... Лæппутæ фестадысты. Дзалайы сæр-сæрæй сæм ницыуал хъуыст. Сæ сæртæ та зæххыл авæрдтой æмæ бай- хъуыстой ногæй. — Æрбацæуынц, — тыххæйты сдзырдта Кай Су. 73
Пек Чан фыр цинæй схæкъуырцц кодта. Сывæллæттæ лæмбынæг хъуыстой алы зæл- мæ дæр. — Нæхионтæ!—фæкодта Кай Су. Лæппутæ фæгæппытæ кодтой. Ныр зæлтæ тахтысты уæлдæфы дæр. Уыдон фæбæлвырддæр сты: мæнæ цыдæр дурыл ныззæланг кодта, мæнæ æрбайхъуыст адæймаджы хъæлæс дæр... Кай Су æмæ Пек Чан кæрæдзимæ бакастысты æмæ азгъордтой. Уалынмæ æвиппайды уынæр нал хъуыст. Æрлæууыдысты. Зæрдæйы гуыпп-гуыпп сæ хъу- сын нæ уагъта. Рацыд цалдæр минуты, цалынмæ кæмæ хъуыстой, уыцы уынæр доны сæр-сæр æмæ дымгæйæ иртæстой, уæдмæ. Зæлтæ хæстæгæй-хæстæгдæр кодтой. Лæппутæ кастысты фæндагмæ, Сатæг Дæлвæзы адæммæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Фæлæ хъæр тых- джындæр хъуысын райдыдта чъылдымы ’рдыгæй. Фехъуыст æваст командæ. Кай Су æмæ Пек Чан фæндагæй хиды бынмæ нызгъордтой æмæ амбæхстысты. Хидыл фыдхъуын бæхтыл цыдысты корейаг сал- дæттæ. Сæ фæдыл та цыппар рæгъæй ахст корейæг- тæ: лæгтæ, устытæ, зæрæдтæ æмæ æрыгæттæ... æгас Сатæг Дæлвæз. Кай Суйы фыд цыд фыццаг рæнхъы. Йæ къухтæ уыдысты баст. Хъазаг Чан Бай Суйы хуыдтой дыу- уæ усы. Йæ сæр уыд тугæйдзаг хæцъилæй баст. 74
Фæлæ Чан Бай Су, салдæттæм цæстæй амонгæйæ, цыдæр дзырдта, æмæ адæм сæ худын тыххæй урæдтой. Семæ цыд Ку Сек Чук дæр йæ фыртимæ. Стæй бирæ хæстæджытæ æмæ зынаргъ адæм цыд хидыл Кай Су æмæ Пек Чаны цурты. Нарæгуæхск корейаг, америкаг картузы — æвæц- цæгæн сæ разамонæг—цыдæр ныхъæр кодта,æмæ ка- лоннæ æрлæууыд. Салдæттæ сæ бæхтыл доны бацыдысты. Хид бæх- тæ пыррыччытæ кодтой, æнхъæлмæ кастысты доны змæст æрбадынмæ. Бæхтæ куы банызтой, уæд салдæттæ радтой дон- мæ бацæуыны бар ахæстытæн дæр. Сылгоймæгтæ арæхстгай ныхсадтой Чан Бай Суйы тугæйдзаг сæр, ахсадтой хæцъил æмæ йæ бабастой фæстæмæ. Чан Бай Су æнæсцухæй хынджылæг кодта. — Ныр мæ нас рæзынмæ фæуыдзæн... Гъе, мё ’мбæстаг,— сдзырдта, бæхæй чи ’рцæйхызт, уыцы салдатмæ, — цас уын фидынц алы корейаджы сæры- тыххæй дæр? Салдат æнæдзургæйæ иннæрдæм аздæхт. — Æвæццæгæн уын хорз фидынц, афтæ кæм архайут, уым... Фидгæ та уын цæмæй кæнынц? Дол- лартæй? Гъы? Салдат нал баурæдта йæхи. Сæнт сырх аци æмæ фæхъæр кодта: — Банцай! Кай Суйы фыд,—уый бадт былыл, йæ цæф къæхтæ 75
доны ауадзгæйæ, — разылдта йæ сæр æмæ бирæ фæ- каст салдатмæ. — Æз дын зыдтон дæ фыд æмæ дæ фыды фы- ды, Ли Бон, — тыххæйты сабыргай загъта уый.— Хорз адæм уыдысты. Салдат фæхъус æмæ райдыдта донмæ кæсын. — Уыдон дын дæ цæсгомыл бату кæниккой,. Ли Бон!. Салдат йæ бæх бæласы бын, аууонмæ акодта. — Тек Сан раст дзырдта: хй зæххæй нæ фæ~ лидзынц, фæлæ йæ хъахъæнгæ фæкæнынц... Æмæ йæ мах куы нæ бахъахъæнæм, уæд чи? Америкаг картузджын корейаг та ногæй фæхъæр кодта, æмæ ахæстытæ сыстадысты. Уацайрæгты фæстæ салдæттæ куы фæаууон сты, æмæ рыг фæндаджы был кæрдæгыл куьГрбадт, уæд рацыдысты хиды бынæй Кай Су æмæ Пек Чан дæр. Уыдон бирæ фæкастысты Сатæг Дæлвæзы адæмы фæстæ æмæ араст сты цæгатмæ. Уыдон фæндыд, Сатæг Дæлвæзы цыдæриддæр æрцыд, уыдон тагъддæр Ким Ир Сенæн радзурын. 10. „ÆНХЪÆЛМÆ МÆМ КÆС, КАЙ СУ"... Цæгат Корей Хуссар Корейæ хицæн кодта арф æмæ тагъд цæугæдонæй. Цæгаты арæнтæ цыдысты бæрзонд къардиуыл. Донæн йæ дыууæ фарсы дæр уыд бæзджын хъæд. Уыди дзы ахæм бынæттæ, кæцы ран, къалиутæ кæ- рæдзиуыл стыхсгæйæ, æртасыдысты доны сæрмæ, æмæ уыдысты кæрдæгхуыз тыргъы хуызæн. 76
Кай Су æмæ Пек Чан бадтысты былгæрон, æну- сон бæласы уидæгты бынмæ. Цæгат Корейæ сæ хицæн кодта дон. Америкаг постты фæрсты лæсгæйæ, уыдон уыдтой, салдæттæ пъалаткæйы аууоны къамтæй куыд хъазыдысты, уый. Ацы ’рдыгæй хорз у. Фале куыд уыдзæн, уымæн бæрæг нæй. Лæппутæ скодтой кæрдæг æмæ сыфтæртæй худ- тæ, фæхæцыдысты уидæгтыл æмæ æнæсыбырттæй доны бацыдысты. Дон тынг арф уыд суанг кæронæй дæр. Кай Су сындæггай скоманды кодта: — Цæй! Пек Чан феуæгъд кодта уидаг æмæ фæдæлдон. Уайтагъд фæзынд йæ сæр, æмæ куыд тыхулæфт кодта, уымæ гæсгæ Кай Су бамбæрста, йе ’мбалы дон кæй ласы, уый. Йæ галиу къухæй уидагыл ацауындзæг æмæ фæ- хæцыд Пек Чаны сæрыхъуынтыл. Пек Чан тыххæйты сбырыд былгæронмæ. — Цы кодтай? —афарста йæ Кай Су. — Æз... Зоныс, афтæ арф æнхъæл ын нæ уыд- тæн... Куы йæ зыдтаин, уæд сахуыр кодтаин... Æз ленк кæнын нæ зонын... Кай Су тыхстхуызæй, æнæ дзургæйæ, бирæ фæ- каст донмæ. Пек Чан та æнхъæлмæ каст, Кай Су цы зæгъ- дзæн, уымæ. Кай Су бакаст йæ зынаргъ хæлармæ æмæ бахудт: 77
— Кæд исты æрхъуыды кæниккам, Пек Чан? Пек Чан йæ сæр æруагъта: — Нæ, Кай Су, ныр ницыуал æрхъуыды кæн- дзыстæм. — Цæй уæдæ, Пек Чан... Дæ фæллад суадз æмæ цом фæстæмæ. Æз дæм банхъæлмæ кæсдзынæн.—Кай Су ныуулæфыд. — Æрмæст дæ курын, æмæ тагъддæр сахуыр кæн! Пек Чан афæлурс: — Нæ, Кай Су. . Ды баленк кæн... Уæртæ ис" цæгаты былгæрон. Баленк уал кæн иунæгæй, Кай Су. Кай Су бамбæрста, Пек Чан йæ фæндон кæй нал аивдзæн, уый, æмæ ахъæбыс кодта йе ’мбалæн. Пек Чан сдзырдта: — Æнхъæлмæ мæм кæс, Кай Су, тагъд дæм зындзынæн. Кай Су ныххызт донмæ, фесхуыста уидæгтæй æмæ тагъд-тагъд аленк кодта цæгаты былгæронмæ. Йæ цæссыгтæ ныхъуыргæ, Пек Чан уыдта, Кай Су къардиуы хæрдыл куыд бырыд, уый. Стæй уа- лынмæ федта, Кай Су куыд слæууыд æмæ хъæды куыд фæаууон и, уый. 11. КАЙ СУ МИДБЫЛТЫ ХУДЫ Лейтенант Николаев скодта урс халат æмæ ацыд хисдæр дохтыры агурынмæ. Æрлæууыд æртыккаг палатæйы цур æмæ, ахуырст авг ныхæй сыгъдæггонд кæм уыд, ууылты бакаст мидæмæ. 78
Уаты рацу-бацу кодта урсзачъе дохтыр. Æрба- зылд-иу табуреткæйы фæрсты, æртæ стыр къахдзæфы акæнгæйæ-иу бахæццæ тумбæчкæмæ, лæмбынæг ба- каст къулыл сау стъæлфмæ æмæ-иу бæзджын хъæ- лæсæй сдзырдта: „Афтæ..." Разылд-иу, рацыд табу- реткæйы фæрсты æмæ-иу æрбахæццæ, саудзыкку лæппу цы сынтæгыл хуыссыд, уымæ æмæ та-иу сдзырдта: „Афтæ, гъе..." Николаев сабыргай байгом кодта дуар æмæ ба- хызт палатæмæ. Дохтыр ын йæ цæстæй ацамыдта табуреткæмæ, разылд æмæ æнæрлæугæйæ райдыдта цæуын сынтæгæй къулмæ. Лæппу, йæ дæндæгтæй хъыррыст гæнгæ, йæхи мидæг хъуырдухæн кодта. Хаттгай-иу схъæрзыд- та, æмæ-иу йæ лыстæг хъуыры нуæрттæ адымсты- сты, афтæмæй схæцыд йæ сæрыл. Николаев, лæппуйæ йæ цæстытæ нæ исгæйæ, сдзырдта: — Æртæ’мæ ссæдзæймаг. — „Æртæ’мæ ссæдзæймаг" цы? —бафарста, æнæ ’рлæугæйæ урсзачъе лæг. — Æртæ ’мæ ссæдзæймаг хатт цæуыс, Иван Пет- рович. Табуреткæ уæд та аиуварс кæн, хъыгдаргæ дæ кæны. Зæрондæн йæ къахист фендæрхуызон. —-Æмæдын зындгонд нæу, æмбал лейтенант, — дохтырæн йæ цæстытæ ферттывтой, — рынчынтæм цæуыны сахæттæ æртæйæ авдмæ кæй сты, уый? . Николаев ницы сдзырдта. Уый тынг хорз зыдта 79
йæ хæлары ахаст. Дохтыр фæбæрзонддæр кодта йæ æрвнæрдау хъæлæс: — Рынчындоны уагæвæрд халын æз нæ бауадз- дзынæн!.. Ныхас дæр ыл мауал скæн! Лæппу цыдæртæ схъынцъым кодта, Дохтыр йæхи стылдта Николаевыл æмæ ссыбарсыбур кодта: — Сабыр, иунæг сыбыртт дæр мауал скæн... Йæхæдæг арæхстгай йæ къух æрæвæрдта рынчы- ны ныхыл. Лæппу æрсабыр. Дохтыр схъуыр-хъуыр кодта. — Уе’взыгъдтæ дæр... хорз архайынц... Афтæмæй лæппуйы нæ, фæлæ ма мæн дæр фæтæрсын кæнæн и. Николаевы фæндыд радзурын дохтырæн, арæн- хъахъæнджытæ йæм куыд æрбахуыдтой мæллæг, æрдæгбæгънæг, æххормаг лæппуйы æмæ ’васт хæр- гæ-хæрын куыд афынæй, стæй куыд æррынчын, фæ- лæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, иу æмæ дыууæ хатты кæй нæ дзырдта уыцы хабар, æмæ ницыуал загъта. Дохтыр ма хъуыр-хъуыр кодта, фæлæ сын бам- барæн нæ уыд, — раст цыма дзырдтæ искуы йæ дæр- зæг зачъеты ныхстысты æмæ сæхи ратонын нæ фæрæзтой, уыйау. Æппынфæстаг ныхъус æмæ та райдыдта уаты рацу-бацу кæнын. — Уæдæ йæ бæлвырдæй сфæнд кодтай дæхимæ айсын? — Афтæ... рæстæгмæ, æцæг, цалынмæ ам дæн, уæдмæ... — фæуыргъуыйау Николаев.— Не ’фсад тагъд Корейæ ацæудзæн. Мæнæн мæ зæрдæ рагæй æхсайы скæсæйнаг æвзæгтæм. Китайаг гыццыл. зонын... Ко- 80
рейæгтæ та, зоныс, ахæм диссаджы хъæлдзæгзæрдæ адæм сты... Æз мæхимæ ныффыстон цалдæр æмби- сонды рæсугъд зарæджы! Дохтыр фæхъус: — Иуфарс ма уал ауай! Николаев ацыд сынтæджы цурæй. Дохтыр йæхи фæхъуынтъыз кодта æмæ систа йæ дзыппæй трубкæ. Лæппу дзырдта: — Æгас цу, Пек Чан... Зыдтон æй, исты та æр- хъуыды кæндзынæ, уый... Нанайæн зæгъын хъæуы, цæмæй уый хæхтыл ма рацæуа, фæлæ æмраст Тек Санмæ. Куыд дæм кæсы?.. Æфцæгыл ын зын уы- дзæн... Æвæдза, уæддæр ды сахъ дæ, Пек Чан! Ды мæ æфц&гыл куыд фервæзын кодтай, уый æз Ким Ир Сенæн радзурдзынæн... Николаев дзырдуатимæ лæмбынæг хъуыста Кай Суйы сæнттæм. Хъæугæ ныхæстæ ссаргæйæ, ныг- гуыбыр кодта тынгдæр æмæ сдзырдта корейагау: — Уырыссæгтæ сты корейæгты хæлæрттæ. Кай Су йæ хус былтæ мидбыл худын æввонг акодта. — Уæллæй, хъæлдзæг лæппу у!—сдзырдта Иван Петрович æмæ рахъил кодта хъæццул. Йе ’нгуылдзтæй йын йæ фæрсчытæ аскæрста æмæ схъуыр-хъуыр кодта: — Уæйыг!Кæс-ма, цы мускултæ йын и, ныртæккæ дæр æй бакæ циркмæ... Уд кæм нæй! М-мм... Хæрз мæллæг сси... Зæрдæ та куыд у? — Трубкæ йыл авæрд- та æмæ ма хъæлдзæг бафтыдта йæ ныхасмæ: — Зæрдæ — хуыздæр скæнæн нæй, ахæм! 6 Корейаг лæппуйы таурæгъ. 31
Николаев, рынчыны раз куыд фæфæрсынц, афтæ, сабыргай афарста: — Сдзæбæх уыдзæн? — Уæдæ! —дзуапп радта дохтыр, лæппуйы æм- бæрзгæйæ. — Æрмæст цы уый зоныс, Коля: Дæ фæнд бынтон раст нæу:ды æнæвдæлон лæг дæ, уымæ та,— æмæ Кай Сумæ ацамыдта, — зилын хъæуы. Уадз ма йæ мæнæн. Махмæ йын хуыздæр уыдзæн... Николаев йæхи мидæг батыхст: — Нæ, Иван Петрович, ды мæнæй æнæвдæлон- дæр нæ дæ! Хуысгæ та диваныл кæндзæн. — Уæдæ кæд диваныл хуысдзæн, уæд ницы кæ- ны... —Дохтыр ныххудт, йе’мбалæй афтæ хорз кæй ахъазыд, уымæй разы уæвгæйæ. Николаевы зæрдæ æрæнцад. — Цавæр низы хатт у, уæддæр? —чысыл фæстæ- дæр афарста уый. — Хуссайраг... Æ’ххормаг. Дохтыр рудзынг • байгом кодта. Уатмæ æрбай- хъуыстысты рæсугъд зарæджы зæлтæ: рынчындоны рæзты фæцæйцыд чызджытæ ’мæ лæппуты колоннæ. Корейы фæсивæд сæхи цæттæ кодтой бæрæгбонмæ. — Диссаджы ран! —бæзджын хъæлæсæй загъта дохтыр. Волгæ куы нæ уаид, уæд ницы хуызы ацæ- уин ардыгæй... Ацы сывæллонæн кæсаджы сой дæт- тын хъæуы. Нæ дæ ферох уыдзæн? Гъе та дын сæ мæхæдæг ныффысдзынæн. ...Рынчындоны дуары цур дохтыр, Николаевы ки- телы цæппæрмæ æвналгæйæ, сдзырдта: 82
— Райсомæй та — шоколад... Стæй, сæйрагдæр — дыргътæ, дыргътæ æмæ дыргътæ!.. Дохтыр схызт асинтыл æмæ фæаууон. 12. КАЛМ ХУССАРÆЙ Дыууæ къуырийы фæстæ, ног цырыхъытæй хъыс- хъыс гæнгæ, Кай Су тезгъо кодта Корейы рагон столицæ — Пхеньяны. Горæт цæттæ кодта йæхи Корейы адæмы ссæри- баргæнæг, советон æфсæдтæн фæндараст зæгъынмæ- Горæты фæзты даргъ хъилтыл фæйлыдтой сырх тырысатæ. Уынджы цæхкæрмæ даргъ бæндæнтыл сæ базыртæ систой алыхуызон гыццыл тырысатæ. Хæ- дзæрттыл, ’дуканиты рудзгуыты сæрмæ ауыгъд уыды- сты аив конд Ленины, Сталины æмæ Адæмон Коми- теты сæрдар Ким Ир Сены хуызистытæ. Ног ахуырст хæдзæрттæ тæмæнтæ калдтой августы рæвдаугæ хуры тынтæм. Кай Суйæн йæ бон уыд алы уынджы цæуын дæр, æрлæууын, кæцыфæнды кулдуары цур, суанг кæртмæ бакæсын дæр, кæцы ран куыст уыд йæ тæккæ тын- гыл: рамкæтыл тыгътой сырх хъуымац, ахуырстой хъæды гæбæзтæ, телтыл бастой гæххæттын фанар- тæ. Кусджытæ фаг нæ кодтой. Иу ран сæм Кай Су дæр фæкаст —рахаста асин æмæ йæ къулмæ авæрдта. Чызджытæ дзы куырдтой, цæмæй сын аххуыс кæна скъолайы кæртмæ бацæуæн нæзыйы къалиутæ æмæ дидинджытæй сфæлгонц кæ- нынмæ. 83
Кай Су нæ разы кодта, гирляндæты бынæттæ йын кæм амыдтой, уыимæ. Чызджытимæ быцæу ны- хас кодта, схызт-иу бандонмæ, гирляндæты-иу куы уæлдæр ацауыгъта, куы та дæлдæр. Æппынфæстаг сæ сауыгъта бацæуæны фæйнæфæрсты; дидинджыты букеттæ та сыгъзæриндоны тылд гæххæттæй аивгон- дæй сауыгъта астæуæй. Урс дидинджытæй конд рам- кæйы уыд Ким Ир Сены къам. Кай Су лæмбынæг каст хæдзæрттыл ауыгъд ты- рысатæм, фæстаг зæгæлтæ ма кæм хостой, уыцы кулдуæрттæм. Бирæ фæлæууыд бæрзонд трибунæйы цур, трибунæ сырх х’ъуымацæй аивгонд нæма уыд, æмæ кодта нæзыйы тæф. Уыцы тæф ын йæ зæрдыл æрлæууын кодта Сатæг Дæлвæз. Кай Суйы тынг фæндыд аныхас кæнын. Фæлæ адæмы не’вдæлди. Йæ фарстатæн ын лæвæрдтой аив, фæлæ цыбыр дзуапп, æмæ та-иу уайтагъд сæ куыс- тыл фæлæууыдысты. Кай Суйы та хъуыд лæмбынæг æмæ æмбаргæ хъусæг. Уæд райдыдта йæхиимæ дзурын. „Цымæ цæуылнæ скæнынц хид, цæмæй, ленк кæ- нын чи нæ зоны, уыдон дæр цæуой хуссарæй ардæм, цæгатмæ?.." — хъуыдытæ кодта йæхи нымæры. Кай Сумæ афтæ каст, цыма хидыл лæууы... Уый зоны, кæй уадзын хъæуы, уый... „Фыды мад, Пек Чан, фыд... Сатæг Дæлвæз иу- уылдæр! „Рацæут, табуафси!" Цы ’взæр у, Николаевы уат гыццыл кæй у, уый, сеппæт дзы нæ бацæудзысты. Фæлæуут! Мах бауа- 84
йæм дохтырмæ — уымæ бирæ уæттæ ис стыр сынтæ- джытимæ... Пек Чан та цæрдзæн мемæ. Мах хуысдзыстæм иумæ диваныл, иу хъæццулы бын, нанайы халагъуды куыд хуыссыдыстæм, афтæ." „А-а, ды дæр цæуынвæнд кæныс, нард Хо Сан? Нæ, ницы дын дзы рауайдзæн!.." Кай Су йæхи ныццавта йæ хицауыл æмæ йын нæмы йæ фиуджын хытъын... Йæ фæрсты цы чызджытæ фæцæйцыд, уыдон дисгæнæгау кæсынц, йæ къухтæ ’мæ йæ къæхтæй акъацийы къундзих чи нæмы, уыцы корейаг лæппу- мæ. Уыдон худæгæй бакъæцæл сты... Фæлæ сæ Кай Су хъуыды дæр не ’ркодта. Уый иннæ сывæллæттимæ азгъордта хæстон оркестры фæстæ. Йæ цæстытæ цæхæртæ калынц æвзист тру- батæй тынгдæр. Иу тигъыл Кай Суйы зæрдыл æр- балæууыд, уырыссаг афицер Николаев ын абон стыр диссаг равдисдзæн: цæугæ æмæ дзургæ чи кæны, ахæм нывтæ. Бæрзонд урс колонæджын хæдзары цур Николаев нæ разыид. Кай Су æрлæууыд æфсæддон хъахъæ- нæджы цур æмæ, æнæ дзургæйæ, æнхъæлмæ каст. Хæдзæртты фæстæ цъæх дары сыгъдæг дзуары хох Морамбо. Лыстæг фатау, арвмæ фæцыд, корей- аг кусæг адæмы цыппоразыккон япойнаг æфсондзы бынæй чи суæгъд кодта, уыцы советон æфсæдтæн цы намысы цырт самадтой, уый. Цырты цъуппыл тæмæнтæ калы сыгъзæрин фондзтигъон стъалы. 85
Кай Су цыдæриддæр уыны, уыдоныл нæмттæ æвæры. Хæдзарæй фæзмæ цы уынг цæуы, уый схуыдта Дагъд Цæугæдон", урсзачъе дохтыры— „Сабыр Æрвнæрд", уырыссаг афицер Николаевы—„Стыр Пек Чан". Кай Су кæсы, Морамбойы сæрæй цы стъалы ’рттивы, уымæ, æмæ йын архайы ном æрхъуыды кæ- ныныл. Йæ разы æнæуынæрæй февзæрд даргъ автомо- биль. Рахызт дзы уырыссаг афицер. Кай Су йæм базгъордта æмæ йæм йæ къух бадаргъ кодта. Афицеры ’рфгуытæ фелхынцъ сты. Кай Су сдзырдта: — Æгас цу! Афицер йæ мидбылты бахудт. Райстой ; кæрæ- дзийы къухтæ. Афицер честь авæрдта æмæ схызт асинтыл. Кай Суйы нæ фæндыд йæхи æвзæрæй равдисын æмæ уый дæр, кæд йæ сæрыл ницы уыд, уæддæр йæ къух йæ уæлхъус авæрдта. Бацыд автомобилы цурмæ æмæ лæмбынæг кæсы йæхимæ сау лакæй ахуырст машинæйы фарсмæ. — Кай Су! Кай Су фæкаст фæстæмæ. Николаев! Ныртæккæ цæудзысты нывтæ уынынмæ: уыдон, Николаевы сы- хаг, корейаг сылгоймаг куыд дзырдта, афтæмæй цæу- гæ дæр кæнынц æмæ дзургæ дæр... Кай Су уырыссагау зыдта æрмæстдæр иукъорд 86
дзырды: „æгас цу", „сæрибар", „æмбал", „уæлахиз", „зæхх", „Ленин", „Сталин". Николаев та корейагау зыдта æдæппæт цалдæр ныхасы. Цыдысты æнæдзургæйæ. Фæндаг цыд базарыл. Адæмæй дзы къух бакæнæн нæ уыд, æмæ дзолгъо-молгъо кодтой. Николаев хæ- цыд Кай Суйы къухыл æмæ арæхстгай лæсыдысты адæмы ’хсæнты. Кай Суйы зæрдæмæ тынг цыдысты адæмы ныхæстæ. Уыдон дзырдтой ба^рзонд хорæрзады тыххæй, пырындз чи цас ауæй кæндзæн, чи цас пайда райс- дзæн, ууыл. Сæ ныхæсты-иу арæх фæзынд хъазæи дзырдтæ дæр. Цалдæр минутмæ Кай Су фёдта уал хъæлдзæг цæсгомы, йеппæт царды дæр цас нæ федта. Фæндыд æй искæмæ йæ ныхас баппарын, йæ хъæуы тыххæй радзурын. Сæ фæндагыл адæм дзыгуырæй лæууыдысты. Кай Суйы хъустыл ауад зонгæ хъæлæс. Дзургæ чи кодта, уый æм нæ зынд адæмы фæстæйæ. Нико- лаев æй иннæуылты ахуыдта. Чидæр дзырдта Хус- сары хъуыддæгты тыххæй. Кай Су лæмбынæгдæр байхъуыста. — Ныртæккæ хуссары дæр æвзæр нæу, иуæй-иу хъуыддæгтæй ма хуыздæрдæр у. Америкæгтæ æх- хуыс кæнынц зæхкусджытæн. Ахæм товартæ нæм æрластой, æмæ сæ.мах нæ фыны дæр никуы фед- там... 87
Чидæр бафарста: — Зæхх ма уæддæр пъамещикты къухы и? — Æмæ цы! Исты пъамещиктæ корейæгтæ не сты? Исты мах иу бæстæйы цот не стæм? Баныхас гæнæн алкæд дæр ис... Иууылдæр ныххудтысты. Адæмы ’хсæнæй фе- хъуыст кæйдæр цъæхснаг хъæлæс. — Ис, ис!.. Хорæрзад дыууæ дихы: пырындз — пъамещикæн, хъæмпытæ — зæхкусæгæн... Нæ, мæ хæлар, фæлтау хи зæххыл тауын хуыздæр у! — Таут, таут, кусут... Стæй уын уæ хортæ уы- рыссæгтæ айсдзысты. Уæ зæрдæйæ лæвар æрцыды- сты... Николаев æмæ Кай Суйы фæндыд адæмы иувæр- сты æрзилын, фæлæ адæм иуырдæм афсæрстой, æмæ сæ семæ аскъæфтой. Кай Су ауыдта хуссайраг лæджы: йæ уæлæ уыд зæхкусæджы дарæс. Уый, йæхи иргъæвгæйæ, йæ къухтæ æнарæхст тылд кодта. Адæмы æхсæнæй рахызт иу зæронд лæг урс ха- латы æмæ къуызырджын лæдзæгимæ базгъордта хуссайраг лæгмæ. Хуссайраг æрхауд йæ уæрджытыл æмæ йæ къухтæ зырзыргæнгæ схъил кодта. Уый уыд, Кай Су Хо Саны кæрты цы тæлтæг лæджы федта, уый. Уæд ыл уыд фæсарæйнаг ко- стюм æмæ сыгъзæрин кæсæнцæстытæ. — Калм!— ныхъæр кодта Кай Су. — Æз дæ хорз зонын! —Æмæ йыл хъавыд йæхи ныццæвынмæ, фæлæ йæ Николаев йæхимæ æрбалхъывта. — Ма йæ ауа- 88
дзут! —хъæр кодта Кай Су. — Уый нард Хо Сан æр- барвыста! Николаев йæ къух Кай Суйы тæвд былтыл авæрдта. Зæронд лæг йæ лæдзæг æруагъта æмæ тызмæгæй бафарста: — Уый раст у? — Лæппу сайгæ кæны! — сцъис-цъис кодта тæл- тæг лæг. Кай Су нал баурæдта йæхи: — Дæхæдæг сайыс, тæппуд рувас! Николаевмæ бацыд урс халатджын ацæргæ лæг æмæ йын, уырыссагау цъæррæмыхстытæгæнгæ, загъта: — Æмбал афицер, æрцахсут æй. Адæм æй акъуых- тæ кæндзысты... Лæппу цыдæр зоны. — Йе’ргом раздæхта адæммæ: —Кæнгæ ут æй хицаумæ. Зæронд лæг схæцыд тæлтæгыл æмæ йæ сыстын кодта. Кай Су цыд Николаевимæ ахст лæджы фæс- тæ. Йæ сæр сыгъд. „Дæ амонд у, Калм, уырыс афтæ зæрдæхæлар кæй сты, уый, — хъуыды кодта Кай Су. — Мæн æмæ Пек Чаны къухтæм куы бахаудаис, уæд дæ мах дæ гуыбыны цармыл бæргæ абырын кодтаиккам". Кай Суйы зæрдыл æрбалæууыд: йæ фыд, фæнык кæй фестын кодтой, уыцы Сатæг Дæлвæз æмæ йæ æрфæндыд, хуссарæй слæсæг Калмы хурхыл ныззæ- гæл уæвын. Æртæйæ дæр бахæццæ сты иу бæрзонд хæдзары 8^
ц урмæ æмæ фæтæн асиныл уæлæмæ схызтысты. Кай С у фæкаст фæстæмæ. — Лæппу! — ныхъæр кодта адæмы ’хсæнæй къо- б ола лæдзæгджын зæронд лæг. — Ма тæрс, цыдæрид- дæр зоныс, уыдон-иу радзур. Кай Су йæ сæр разыйы тылд бакодта. Къæлидоры Николаевмæ бацыд иу æрыгон ко- рейаг æмæ йæ цæмæйдæр уырыссагау афарста, стæй Кай Сумæ бакаст: — Дæ ном... — ахæм хуыз ын уыд, цыма тынг хорз зыдта Кай Суйы, фæлæ цы хуынди, уый айрох кодта. Кай Су йын загъта йæ ном. — Хъус-ма, Кай Су, кæд æй зоныс, — йе ’нгуыл- дзæй ацамыдта Калммæ, — уæд æппæт дæр радзур мæнæн, æз та сæ начальникæн зæгъдзынæн. Æз уы- рыссагау зонын. Кай Су йæхи адзæбæхтæ кодта. Фæндыд æй йæ ахсджиаг хæс тынг хорз сæххæст кæнын. Бæрзонд дуар байгом, æмæ иууылдæр бацыдысты стыр уатмæ. Кай Су æппынæдзух каст тæлтæг лæгмæ. Тарсти, Калм куы фæсайа æууæнкджын уырыссæгты, уымæй. Йæ фыццаг сныхасæй фæстæмæ йæм лæмбынæг хъу- сын райдыдта. — О, æз хуссарæй рацæугæ дæн. — Тæлтæг лæг дзырдта сабыр æмæ тæригъæддаг хуызæй. — Зæх- кусæг. Зæхх мын нæй. Æз æххуырст дæн. Уый тых- ^æй ахызтæн арæныл дæр, æмæ ам зæхх дæттынц. Кай Су зырзыр кодта фыр мæстæй. Фыццаг хатт 30
хъуыста ахæм фæлывд, мæнгард ныхæстæ. Фæгæпп кодта бандонæй, фæлæ йæ Николаев фæурæдта. На- чальник дæр æм æнцад хъусы! Æрмæст фыссы... Байхъусæм æм, кæддæра ма цы зæгъид. — Æз дзырдтон, хуссары цы федтон, уый. Ныр Корей сæрибар у, æмæ алкæмæн дæр йæ бон у, цы- дæриддæр хъуыды кæны, уый æргом зæгъын... Ацы лæппуйы та æз зонгæ дæр нæ кæнын. Тæлмацгæнæг сдзырдта: — Кай Су, стъолы цурмæ ма рауай æмæ радзур, ацы лæджы тыххæй цы зоныс, уый. Кай Суйæ æппындæр ницы ферох. Цыдæриддæр зыдта, уыдон иууылдæр фæдзырдта, начальник дæр сæ фыста æнæсцухæй. — Куыд дæм кæсы, Кай Су, ацы лæг рæстытæ дзуры? — Нагъ! —фидарæй загъта Кай Су æмæ ма баф- тыдта: — Бакæсут-ма йын йæ цæстытæм, куыд тъы- бар-тъыбур кæнынц, уымæ. Æнæзонгæйæн зырзыр кодтой йæ урс лæмæгъ æнгуылдзтæ, — Кæс-ма, — Кай Су разылд начальничы ’рдæм æмæ йæм бадардта йæ дæрзæг къухтæ. — Гъе уыдон дын къухтæ. Æнæзонгæ афæлурс. Кай Су йæм бакаст, æмæ мæстæймарæн худт бакодта. — Ацы къухтæй та... — Кай Су аныдзæвд Калмы къухыл, — дæхи дæ зæрдæйы фæндиаг аныхынмæ дæр нæ сарæхсдзынæ. 92
Йæ риу размæ ракъуыпп кодта æмæ начальни- кæн йæ цæстытæм кæсгæйæ баззад. Уый федта афтæ кæнгæ советон æфсæддонты. Æнæзонгæйы куы акодтой, уæд Кай Суйæн чи йæ сæр сæрфта, чи йын йе уæхск хоста, чи та йын йæ къух иста. Кай Су сæ алкæйы къух дæр афтæ æлхъывта, æмæ сын зын бамбарæн нæ уыд, дзывыр æмæ белыл æвзæр кæй нæ хæцыд, стæй уæд топпыл дæр æв- зæрдæр нæ хæццæн. Уый йын тæлмацгæнæг загъта, стæй ма йæхицæй бафтыдта, Кай Су сахъ гуырд кæй у, уый. 13. „УАРЗ ДÆ РАЙГУЫРÆН БÆСТÆ!" Авд сахатыл райсомæй Кай Су айдагъ носкиты йæ къахфындзтыл рацу-бацу кодта. Цырыхъытæ нæ кодта. Уыдон тынг рæсугъд уы- дысты, фæлæ æгæр хъыс-хъыс кодтой. Кай Су тарст лейтенант Николаевы райхъал кæнынæй. Абон корейаг адæм стыр циндзинадимæ фæнда- раст зæгъынц Цæгат Корейы суæгъдгæнæг Советон Æфсадæн. Цæгаты цæрджытæ се ссæрибаргæнджыты кадæн сарæзтой стыр бæрæгбон — Советон Цæдис æмæ Корейы адæмы æхсæн уарзондзинад æмæ æфсымæр- дзинады бæрæгбон. Кай Су дæр райста хуынды билет трибунæмæ. Зоны йæ, ахæм кадджын билет ын цæй тыххæй 93
радтой. Знаджы кæй раргом кодта, уый тыххæй* Кай Су тынг хорз зоны йæ адæмы знæгты. Лейтенант Николаевæн йæ брн у ныр сæхимæ æнæмæт, æдыхстæй ацæуын: Кай Су йæхæдæг асур- дзæн йæ райгуырæн бæстæйы фыдгулты. Дзæгъæлы нæ хордтой ард Пек Чанимæ, Ким Ир Сенау адæмы хъæбул уæвыныл. Кай Су систа йæ къурткъæйы дзыппæй хуынды гæххæтт æмæ апъа кодта сыгъзæринæй конд Сталины хуызистæн. Николаев сæхимæ, Уæрæсемæ, куы цæуа, уæд ын бафæдзæхсдзæн, цæмæй Сталинæн зæгъа, куыд амондджын у Кай Су, уый. Кай Су скодта йæ цырыхъытæ æмæ рацыд уынг- мæ. Нæ фæразы иу ран бадын. Рацу-бацу кæны хæдзары рæзты, хъусы цъиуты зардмæ, уыны æврæгътæ куыд сырх кæнынц æмæ Морамбойы хохы сæрмæ куыд æрттивы фондзтигъон сыгъзæрин стъалы... Кай Су æмæ Николаев фæцæуынц Тагъд Цæугæ доны уынгты, стæй фæзылдысты, трибунæ кæм уыд, уыцы фæзы ’рдæм. Трибунæ у сырх хъуымацæй аивгонд. Фæйлаугæ тырысатæ æмæ хæрдгæйæ быд бостæй уый уыд раст науы хуызæн. Фæзы змæлæг нæма уыд — нырма раджы у. Демонстраци тагъд нæма райдайдзæн. Николаев, бахуыдта Кай Суйы бæрзонд асинтæм æмæ йын ба- цамыдта, кæцы ран баддзæн, уый. Уый фæстæ араст сты стыр хæдзары ’рдæм. 94
Кай Су зоны, ацы хæдзар Адæмон Комитет кæй у, уый. Кæрты ис гыццыл цæхæрадон. Бæлæсты аууон лæууы бирæ адæм. Кай Су базыдта йæ зонгæтьь Уæртæ урс костюмджын у дохтыр Сабыр Æрвнæрд. Мæнæ, Кай Су сыгъзæрин кæсæнцæстджыны тых- хæй кæмæн дзырдта, уыцы начальник. Кай Су сæм бацыд æмæ сын сæ къухтæ райста- Зонгæтæн хуымæтæджы фæзæгъы: — Æгас цу! Æнæзонгæтæн та хъæрæй йæ ном: — Ли Кай Су... Адæм дзы бирæ ис. Сабыргай цæуы сæ рæзты æмæ сын исы сæ къухтæ. Уыдон дæр æм мидбыл бахудынц. Кай Су йæхи нымæр кæрты схуыдта „Мидбыл худты цæхæрадон". Уый æрзылд сеппæтыл дæр, урс кител æмæ кæт- таг худджын ’ корейагæй фæстæуæ. Корейаг лæууыд иу ацæргæ, арæзт сылгоймагимæ. Кай’ Су зоны, хисдæрты куы нæ ’вдæла, уæд сæ хъыгдарæн кæй нæй, æмæ æнхъæлмæ кæсы. Æппынфæстаг, урс китель æмæ кæттаг худджын корейаг лæууы иунæгæй. Кай Су зонгæ кæны йемæ: — Ли Кай Су. Корейаг ын нылхъывта йæ къух æмæ сдзырдта: — Ким Ир Сен. Кай Сумæ улæфт нал ис. Цалдæр къахдзæфы 95-
акодта фæстæмæ æмæ бирæ фæкаст Ким Ир Сены æрыгон сыгъдæг цæстытæм... 0, æцæгдæр, уый у! Худы, Кай Су дидинджытæй цы портрет аив кодта, уым куыд худы, афтæ. Кай Су йæм базгъордта æмæ йын дзуры фыды мады, Сатæг Дæлвæзы, Тек Саны, Саджы æмæ Хъæлдзæг Зынджы тыххæй... Ким Ир Сен æм хъусы, зарæгмæ куыд фæхъу- сынц, афтæ, цæстытæ бацъынд кæнгæйæ. — Уый баззад доны фаллаг фарс... Фæлæ хъуамæ æрбацæуа, нæ? Партизантæ сыскъуындзысты уыцы маргджын -кæрдæг? Нæгъа? Мах æй нæ зыдтам цæугæ дон... Мæ фыд æмæ мæ фыды мад уым сты... Фендзынæн ма сæ? Ким Ир Сен æм бакаст: — Цад дыууæ дихы кæмæй акæнай, ахæм цирхъ нæй. Кай Су бахудт: — Доны ’ртах дæр нæ алыг кæндзынæ. Ким Ир ’Сен æркаст сахатмæ. Кай Су бамбæрста уыцы фезмæлд æмæ ауазал: сæйрагдæр хъуыддаг нæма загъта нырма. Кай Су цæуы Ким Ир Сены фарсмæ æмæ йæ фæрсы: — Цæмæй дæу хуызæн уай, Ким Ир Сен, уый тыххæй цы кæнын хъæуы? Ким Ир Сен æргуыбыр кодта Кай Сумæ æмæ йын загъта: — Уарз дæ райгуырæн бæстæ! 96
Кай Су бирæ фæкаст Ким Ир Сены фæстæ. Стæй азгъордта фæзмæ. Уым цæгъдын райдыдтой æвзист трубатæй. Дохтыр æмæ Кай Су кæм бадынц, уырдыгæй хорз зыны, фæзы цыдæриддæр цæуы, уый. Раст сæ акомкоммæ хæдзары йас портреттæ: Ленин æмæ Сталин. Портретты галиу фарс — оркестр. Фæзы иннæ кæрон æмвæтæнæгæй сæ кæрæдзийы фæстæ лæууынц советон салдæттæ. Кай Су агуры се’хсæн афицер Николаевы. Хъыг- дары йæ тырысаты, орденты, оркестры трубаты æрт- тывд; цæстытæ сæм нæ лæууынц, хурмæ куыкæсай, уыйау. Кай Су фæкаст рахизырдæм. Уым ис трибунæ. Лæууы дзы Ким Ир Сен. Барьерыл йæ рæмбыны- къæдзæй æрæнцой кодта. Ех, æвæдза, цы рæсугъд у! Фæлæ Кай Суйы размæ барьер нæй. Æвгъайуаг! Йæ размæ фесты кæйдæр фæтæн фæсонтæ. Фæкаст ма иу хатт Ким Ир Сены лæудмæ, стæй æрæнцой кæнынмæ хъавыд, йæ разæй чи бадт, уыцы адæйма- джы уæхсчытыл, фæндыд æй, Ким Ир Сены хуызæн куы уыдаид, уый. Гъе ныр лæууы Ким Ир Сены хуызæн. — Сбад! Кæсыс ацы, хæйрæджы лæппынмæ!..— Дохтыр æм фæкаст æлхынцъ æрфыгæй æмæ йæ басхуыста йæ дæрзæг æнгуылдзæй. Фæлæ куыд сбада, оркестр куы ныннæрыд æмæ скъоладзаутæ фæзмæ куы ’рбацыдысты, уæд. Мæнæ фездæхтысты трибунæйы ’рдæм. 7 Корейаг лæппуйы таурæгъ. 97
Чызджытæн сеппæтыл дæр пс пухуызон къабатæ, фæхæссынц стыр букеттæ. Мæнæ, Кай Су скъола аив кæнынмæ кæмæн æх- хуыс кодта, уыцы чызджытæ дæр. Ау, нæ йæ уы- нынц? Чызджытæ бацыдысты трибунæйы размæ æмæ бакалдтой дидинджытæ Ким Ир Сенмæ. Ким Ир Сен ныхъæр кодта: — Æгас цæуæнт сæрибар Корейы скъоладзаутæ! Фæзы адæм дæр æртæ хатты ныхъæр кодтой: — Мансе! Фæлæ сеппæтæй тынгдæр хъæр кæны Кай Су. Лæппутæ цæуынц даргъ трубатимæ. Сæ фæдыл дидинджыты быдыр. Уыдон чызджытæ сты. Кафынц. Алыхуызон уылæнтæ æнхъæвзынц фæзы... Фæз æваст ныннæрыд: — Мансе! Мансе! Мансе! Автомобиль. Цирыхъимæ бæрзонд айнæджы сæр лæууы сылгоймаг. Айнæджы бын - япойнаг. Уый зыр- зыр кæны, архайы автомобилæй рагæпп кæныпыл. Кай Су фыр цинæй кафы æмæ худы.- Сабыр Æрвнæрд бадзагъул кæны Кай Сумæ æмæ арсау ныуунæргъы: — Дæ хъæлæсыл фæцауæрд, лæппу! Фæлæ йæ Кай Су нæ хъусы... Æрбацæуынц, япойнæгтимæ чи тох кодта, уыцы партизантæ. Фæздæгдзыд, скъуыдтæ тырыса сæры- стырæй фæйлауы сæ сæрмæ. Кай Су базыдта, база- ры золочъи лæдзæгæй сыгъзæрин кæсæнцæстджып 93
Калммæ чи æвзыста, уыцы зæронд лæджы. Ныр йæ къухы ис рагон топп. Йæ хæтæлы кæрон — сырх тырыса. Кай Су Ким Ир Сены хуызæн йæ къухтæ пар- тизантæм баивæзта æмæ цъæхснаг хъæлæсæй ны- хъæр кодта: — Мансе! . - % Партизантæ дæр ын иумæ дзуапп радтон: — Мансе! Цæуынц кусджытæ... Зæхкусджытæ... Кай Суйы цæстытыл уайы, æгæроп денджызау, ’йæ цингæнæг райгуырæн бæстæ. Уылæнтæ къаддæр нæ кæнынц. Мæнæ æрбацæуынц гидростанцæ аразджытæ; фæ- хæссынц стыр донмарæны макет. Сæ уæлныхты сып- пар-сыппар кæнынц раззагдæр кусджыты. Адæмы уылæны сæрмæ фæзынынц корейаг æрыгон инже- нертæ, сылгоймæгтæ-ударниктæ... Трибунæйы раз, цæуджытæй кæйдæр уæхскыл цы чызг лæууыд, уый Ким Ир Сенмæ баппæрста дидинджыты букет. Ким Ир Сен æй рацахста. Уæлдæфы зилдух кæнынц розæ дидинджытæ. Кай Су айсы алы зарæг дæр, æмæ йæм афтæ кæсы, цыма йæ хъæлæс азæлы горæты хæдзæртты сæрты, Морамбойы хохы, быдыртæ ’мæ хъæдты, хъæутæ ’мæ фæндæгты сæрты. Уырны йæ, йæ зарæг цæгатаг дымгæимæ кæй сæмбæлдзæн йæ хуыздæр æмбал Пек Чаны зæр- дæйыл.,. 99
Сахат сахаты фæстæ згъоры. Мингæйттæй кæрæдзи фæстæ цæуынц сæрибар Корейы амондджын адæм... Кай Су бафæллад. Йæ хъусты азæлы æхсæрдзæ- ны уынæр... Оркестр... Зарджыты зæлтæ... Æрвнæ- рæгау — „мансе"... Уæддæр æм хорз кæсы. Сабыргай бацыд дохтыры цурмæ æмæ йын йе ’нæдаст русмæ йæхи нылхъывта. — Цы? 0, о — бадыгъал-дыгъул кодта дохтыр, йæ армы тъæпæнæй асæрфта Кай Суйы дæрзæг сæры- хъуынтæ, цыма сæ исты рыгтæ иста, уыйау, æмæ йæ сæгдзыд æнгуылдзтæй йæ цины цæссыг асæрфта. Оркестр ацагъта зæронд корейаг зарæг, Чонпяк- саны хæхтæ сæхи куыд айтыгътой æнæкæрон рæ- хысау, стæй куыд байдзаг сты æфцæгтæ туджы фæдæй... Пхеньяны уынгты, тигъты æмæ фæзы азæлы- дысты, бирæ тыхстдзинæдтæ баййафæг Корейы тых- хæй намысджын ныхæстæ æмæ тадысты судзаг хуры тынты. Раздæры цард сæ цæстытыл ауайын кæнгæйæ, адæм зарыдысты, кæуын æмæ хъарæгæй цы рагон зарджытæ равзæрд, уыдон. Зарыдысты фæзы адæм иууылдæр, æгас горæт, æппæт бæстæ дæр, ныры цард раздæры цардимæ баргæйæ æмæ рухс фидæн- мæ кæсгæ... Фæзмæ кадджын æмæ сæрыстырæй æрбахызт ног колоннæ... Иууылдæр сыстадысты сæ бынæттæй æмæ сæ худтæ систой. 100
Æрбацæйцыдысты корейаг сылгоймæгтæ, фыццаг рæнхъыты цыдысты зæронд устытæ. Се ’ккæйтты цы уисæй быд карзинкæтæ хастой, уырдыгæй æттæ- мæ кастысты сæ фыртты фырттæ æмæ чызджытæ, уыдон фыр цинæй тылдтой сæ къухтæ... Фыццаг рæнхъ гыццылгай рахицæн колоннæйæ æмæ бацыд Ленин æмæ Сталины портретты цурмæ. Уым устытæ æрлæууыдысты. Арæхстгай, æрмæстдæр ныййарджытæ куыд зо- нынц, афтæ, æристой сæ фыртты фыртты æмæ чыз- джыты карзинкæтæй æмæ сæ бадардтой портреттæм. Ленин сæм комкоммæ æдзынæг каст, худт сæм сæ фыдау Сталин... — Ленин мансе! — Сталин мансе! — Ким Ир Сен мансе! Дохтыр йæ сæрæй йæ худ фелвæста æмæ йæ хæрдмæ фехста. Адæмы сæрмæ хъулон адардтой худтæ, кьухмæрзæнтæ æмæ алыхуызон дидин- джытæ... Фæзмæ рацыд советон инæлар. Сеппæт дæр сæ цæстæнгас аздæхтой барæгмæ. Урс бæх симдта йæ быны, уæлдæфы хъуыст йæ къæхты къыбар-къыбур, йæ лæф-лæф... Инæлары къухы ферттывта æхсаргард. Ныннæ- рыдысты оркестры цины зæлтæ. Аленк кодтой ты- рысатæ... Иу, дыууæ! Иу, дыууæ! Советон æфсæдтæ хæрзбон загътой корейаг ядæмæн. 101
Кай Су ауыдта афицер Николаевы. Кæрæдзимæ фемдзаст сты. Николаев йæ мидбылты бахудт. Кай Су йæхимæ фæкаст ас лæг, тыхджын æмæ æхсарджын адæй- маг. Йæ хурсыгъд рустыл тæвд цæссыгтæ куы æрыз- гъордтой, уæд сæ æппындæр нæ фефсæрмы... Фæзы куы ничиуал уыд æмæ оркестры зæлтæ дардæй, авдæны зарæджы хуызæн хъуысын куы райдыдтой, уæд Кай Су йæ сæр æруагъта йæ сы- хаджы уæхскыл æмæ хъуыды кодта: Сатæг Дæлвæз рæсугъд цæхæрадон куыд суыдзæн æмæ Пек Чан, йæ фыды мад æмæ йæ фыдимæ иумæ куыд кæсдзæн сæ ног фанзайы къæсæрæй изæрыгон æврæгътæм, æмæ-иу сæ зæрдыл куыд æрлæудзысты советон афи- цер Николаевæмæ дохтыр Сабыр Æрвнæрд, ууыл.
СÆРГÆНДТÆ 1. Сæууои дымгæ » . . 3 2. Диссаджы цаутæ ..... г 9 3. Заборы хуынкъ 13 4. Æрвгæронæрттывдтытæ 16 5. »Авд~æртæ" . . . . « 22 6. Сыгъзæрин кæсæнцæстджын лæг 40 7. Цы федтой Кай Су æмæ Пек Чап райгуырæн зæххыл 47 8. Адагæй фæздæг 52 9. Хъизæмары фæидаг 58 10. „Æпхъæлмæ мæм кæс, Кай Су" 76 11. Кай Су мидбылты худы 78 12. Калм хуссарæй 83 13. „Уарз дæ райгуырæн бæстæ" . . 93
Авторы: Глеб Комаровский, Николай Комаровский Художник Анатолий Петров Редактор А. Амбалова Художественный редактор Р. Скакун Техредактор А. Дзгоев Корректор Т. Хумарова ЕИ 04202. Сдано в набор 7/У-54 г. Подписано к печати 23/УШ-54г. Печ. листов 6,5. Учетно-изд. лист. 3,7. Формат бумаги Я0х84*/1б. Издат. № Ю9. Заказ № 2073. Тираж 3000. Цена 2 р. 30 к. Северо-Осетинское книжное изда- тельство, г. Орджоникидзе, Дом Советов, 5-й этаж. Республиканская книжная типография Министерства культуры Северо- Осетинской АССР, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.