Text
                    ССР Цæдисы Министрты Совет 1950 азы
8-æя мартъийы цы уынаффæ рахаста,
уымæ гæсгæ Алексей Иванович Мусатовæн
повестъ „Стожартæ“, зæгъгæ, уый тыххæй
лæвæрд æрцыд æртыккаг къæпхæны
Сталинон преми.
А. МУСАТОВ
С Т 0 Ж А Р Ы
ПОВЕСТЬ
Перевод на осетинскйй язык
Цегоева А.
Государственное Издательство
Северо-Осетинской АССР
Дзауджикау * 1952


/ сæр ПИСМО Санькæ Коншаковæн йæ партæ уыди рудзын- джы цур æмæ-иу уымæй раздæр ничи бафип- пайдта, хъæумæ уалдзæг куыд æрбаввахс, къуыл- дымтыл мит куыд тади, быдыры мит куыд фæсау æмæ æрхы дон куыд абузта, уый. Æмæ-иу их йæ бынатæй куы фезмæлыд, уæд-иу уый тыххæй къласæн æппæты разæй фехъусын кодта Санькæ. Къласы рудзынгæй уымæ хорз зынди фæндаг дæр. Уыцы фæндагыл къуыри дыууæ хатты, дык- каг урочы кæронмæ ’ввахс, цыди колхозы пост- хæссæг Тимкæ Колечкин. Уæд-иу Санькæ йæ къух сдардта æмæ йын-иу ахуыргæнæг къласæй рацæуыны бар куы радта, уæд цыппæрвадыгæй згъордта Тимкæйы бай- йафынмæ. з
Фæлæ абон постхæссæг кодта æрæджы. Рай- хъуысти дзæнгæрæджы хъæр, райдыдта стыр переменæ, уæддæр уый нæма фæзынди. Зымæджы дæргъы Санькæ фæцыди пилоткæ- йы. Уый адыл ма ныр дæр бæрæг дарынц йæ сыд хъусты кæрæттæ. Уыцы пилоткæ ныр йæ ныхыл асагъта, йæ рæтыд къурткæ дæр не скодта, афтæ- мæй разгъордта скъолайы тигъмæ. Мит раджы æруарыд æмæ куыддæр фæтарбын. Фаджысы хъармæй атади фæндаджы мит æмæ ууылты хъуырхъуыргæнгæ уади дон. Къуылдым- ты хур æрæндæвта. Уыд хус æмæ хъарм. Адæй- маджы фæндыди дзабыртæ фелвасын æмæ бæ- гъæввадæй ууылты азгъорын! „Кæмдæр дон сабузта æмæ ракалд. Искуы ныссæдздзæни нæхи Тимкæ, науæд ма йæ писмотæ дæр ныххуылыдз кæндзæн“, — мæтгæнгæйæ ахъ^ыды кодта Санькæ. Йæ сæр бæрзонд сисгæйæ, къухы ау- уонæй касти хурмæ, фæлгæсыд йæ алфæмблай, нæ йæ уырныдта, уыдон иууылдæр—хур, хъарм дымгæ æмæ адджын уæлдæф æцæг уалдзыгон кæй сты, уый, æмæ-иу сулæфыд сыгъдæг уæлдæф. Фæндаг кæм фæкъæдз, уырдыгæй æвиппайды фæзынди къаннæг лæппу, йæ уæлæ зæронд кæр- цы къæритт, йæ сæрыл фысдзарм худ. Уый уыди Тимкæ Колечкин. Санькæ йæ размæ рацыди æмæ йын хъуыд- даг хуызæй йæ къух райста. — Байрæджы кодтай, постхæссæг! — Калачёвкæйы цур хид райхæлдтой. Их- дзæуæнæй йын тæрсынц, тыххæй-фыдæй ма æрба- хыстæн доны сæрты,—загъта Тимкæ. Санькæ йæ сæрæй ацамыдта Тимкæйы уæхс- кыл бæзджын сæрак хызынмæ. — Дæ хызын абон писмотæй хъæздыг у? 4
— Уæддæр иууылдæр не сты... Писмотæн се ’мбис дæр ам нæй. Зоныс, почтæмæ цæуы мингай писмотæ, афоныл равзарынмæ сыл не’ххæссынц æмæ цæндтæй лæууынц. — Уæдæ та махмæ писмо нæй? — Æмæ дын æз уый тыххæй куы дзурын, писмотæ иууылдæр нæ рахастон. Афоныл сæ нæ равзæрстой. Райсом иннæ писмотæ райсдзынæн æмæ уæд сымахмæ æнæмæнг уыдзæн писмо,— дзырдта Тимкæ æмæ архайдта иннæрдæм кæ- сыныл. — Уымæй размæ дæр дзырдтай „æнæмæнг“, зæгъгæ, фæлæ ницы, — æнкъардæй йæ къух ауыгъта ^Санькæ æмæ скъолайы ’рдæм йæ фæн- даг адардта. Тимкæ ныуулæфыд, цыма Санькæйы раз истæмæй аххосджын уыд, уый хуызæн, йæ хызын аскæрста æмæ йæ фæдыл азгъордта: — Бадзур ма Ракитинæ Машæмæ, писмо йæм! Санькæ æрлæууыд, бакасти къонвертмæ æмæ йæ къух фæтылдта, скъолайы къæлидорыл йе ’мбæлттимæ чи лæууыди, уыцы къæсхуыр, стыр- цæст, гæныфæскъаухуыз дзыккуджын чызгмæ. Ракитинæ Машæ уыд йæ жакеткæйы дысты йæ къухтæ æмбæхсын ахуыр, æмæ та ныр дæр йæ къухтæ амбæхсгæйæ, бацыди Тимкæйы размæ. Писмо йæм, уæлдайдæр та почтæйæ! Æнæ- рцæугæ хъуыддаг! Раст зæгъын хъæуы, фарон дæр ма йæм уыд писмо. Машæ фæбыцæу, æртæ хæдзары дæлдæр сæ чи цæры, йæ уыцы æмбал Колесова Зинæимæ. Æмæ уæд райста „тагъд“, зæгъгæ, нысан кæуыл уыд, ахæм писмо æртæ маркæимæ. Уый дæр дымст хызынджын постхæссæг не ’рбахаста, фæлæ Зинæйы æфсымæр. Уый раппæрста рудзынджы тъыст хæцъил, хæдзармæ баппæрста писмо æмæ 5
ныхъæр кодта: „Цалынмæ цæра, уæдмæ Зинæ демæ нал ацæудзæн! Скъоламæ цæугæйæ дæр æм макуыуал бадзур, стæй йемæ иу партæйыл дæр ма бад!“ Фæлæ Машæ писмо бакæсыныл хъуыды дæр нæ акодта, къæсæрмæ йæ бырæттимæ рамарста, стæй дыууæ боны фæстæ чызджытæ куы ба- фидыдтой, уæд писмо систой бырæттæй, æнæ- кæсгæйæ йæ сæдæ дихы ныккодтой æмæ йæ дымгæйы хай бакодтой. Фæлæ ныртæккæ Тимкæ Колечкины къухты уыди æцæг писмо, почтæйæ, бæзджын урс къон- верты, сатæгсау штамптæ йыл æвæрд, афтæмæй. Машæ дызæрдыггæнгæ райста писмо æмæ удаистæй къласмæ азгъордта. Йæ фæстае азгъорд- той ахуыргæнинæгтæ. — Машæ, кæмæй у? — Бакæс æй тагъддæр! — Æркæс ма йын йæ адресмæ, йæ къух- фыстмæ! Фæлæ чызг партæйыл æрбадгæйæ, йæ рæм- быныкъæдзтæй æрæнцой кодта æмæ писмо йæ риуæй баууон кодта. — Иуфарс ацæут... Иуæн дæр уæ ницы рав- дисдзынæн. Мæхæдæг уал æй бакæсон. Иууыл- дæр ацæут! Ахуыргæнинæгтæ æвæндонæй ацыдысты сæ бынæттæм. Фæлæ æхсынæн йæ сæр хурьГрдæм куыд азилы, афтæ уыдон дæр сæ сæртæ Машæйы ’рдæм азылдтой æмæ хæлæг кæнгæйæ кастысты, чызг писмо куыд касти, уымæ. Æвиппайды Машæ йæ бынатæй фестади, йæ сæр бæрзонд систа æмæ цингæнгæйæ ныхъæр кодта: — Стожарты, Торбеевы, Локтевы чызджытæ æмæ лæппутæ!.. Андрей Ивановичмæ чи ахуыр 6
кодта, уыдон иууылдæр, иууылдæр! Зонут, уый æгас у! — чызг писмо бæрзонд систа, — писмо нæм æрæрвыста... Алцæмæй дæр фæрсы! Ахуыргæнинæгтæ та ногæй æрбамбырд сты Машæйы партæйы алыфарс. — Уый æцæг у? — Кæм ис ныртæккæ? — Афтæ бирæ рæстæг цæуыннæ фыста? — Бакæс ма йæ цæй тагъддæр, мæстæй нæ ма мар! — Нæ, нæ, Машæ ма кæсæд, —загъта Петькæ Девяткин—тыппыррус, хъоппæгцæст лæппу. Уы- мæн йæ зæрдыл æрлæууыд, чызг исты кæсгæйæ тагъд æмæ къуыхцы кæй кæны, уый! — Мæнæ Коншак бакæсæд. Йæ къухтæ зырзыр кæнгæйæ, Санькæ рай- ста Машæйæ писмо. Къласы иу сыбыртт дæр нал хъуысти. Ахуыргæнæг Андрей Иванович Ракитин, Ма- шæйы мады хæрз æфсымæр, йæ хойы чызгмæ писмо æрæрвитгæйæ фыста йæ раздæры ахуыр- гæнинæгтæм сеппаетмæ дæр. Уый хъусын кодта, зæгъгæ, фæцæф æмæ хуыссы госпитæлы, фæдзæ- бæхдæр æмæ йæ бирæ хъуыддæгты тыххæй ба- ныхас кæнын фæнды сывæллæттимæ. Афтæ бирæ рæстæг та уымæн нæ фыста æмæ уыди нæдæр почтæ, нæдæр постхæссæг кæм нæй, ахæм рæтты. Уыдон цавæр дард рæттæ сты, уый тыххæй, кæй зæгъын æй хъæуы, ахуыргæнæг сывæллæт- тæн радзурдзæн, æрмæст ныр нæ, фæлæ чысыл фæстæдæр, йæ райгуырæн Стожартæм фæстæмæ куы ’рыздæха, уæд. Йæ æрыздæхынмæ та бирæ рæстæг нал ис... „Уæдæ сымах та, мæ зынаргъ хæлæрттæ, куыд сæмбæлдзыстут уæ фыдæлтыл æмæ уе’фсымæр- тыл, хæст куы фæуа æмæ куы сыздæхой, уæд? — 7
касти Санькæ ахуыргæнæджы ныхæстæ.—Куыд цæрут, куыд ахуыр кæнут скъолайы? Уе’нтыст- дзинæдтæй уæ мадæлтæ разы сты? Хæсты агъом- мæ кусын афтæ бирæ кæм уарзтам, доны был ма нæ уыцы цъæх-цъæхид цæхæрадоны сыбар-сыбур цæуы, æви нал? Пушкины номыл колхозæн йæ ном хъуыстгонд кæмæй уыд, уыцы хортæ быдыры æфсир æфтауынц? Лæмбынæг мæм ныффыссут алцæй тыххæй дæр, ракæнут колхозы, скъолайы хабæрттæ. Диссаг уæм ма фæкæсæд, мæ лымæн- тæ, ацы писмойы иу чысыл мыккаг куы разына, уæд“. — Цавæр мыккаг? Кæм? —фæхъæр кодта Семушкин. Машæ къонвертæй систа чысыл гæххæттын дзæкъул. Ууыл уыд фыст: „Цензурæйæ курын æмæ йæ ма бауромæд. Тауыны æрмæг уа. Машæ байгом кодта дзæкъул æмæ йæ армытъæпæнмæ æркалдта морæхуыз лыстæг мыккæгтæ. Скъоладзаутæ кастысты Машæйы армытъæ- пæнмæ. — Уый мак у, нæ? — бафарста Зинæ Колесова. — Макы хуызæн нæу, — дзуапп радта Машæ. Санькæ дарддæр касти писмо: „Æз ацы мыккæгтæ ссардтон тыгъд быдыры, акъоппы цур. Йæ алфæмблай зади хæмпæлгæр- дæг æмæ бæхсындз. Уыдон æхсæн слæгæрстой цалдæр цæттæ клеверы къоппайы. Ахæм ставд нæмыг разындысты æмæ сæм кæсыныл фæдæн. Æвæццæгæн хорз кæрдæджы мыккæгтæ зади уы- цы быдыры. Æз равзæрстон нæмгуытæн сæ хуыз- дæртæ, бавæрдтон сæ æмæ сæ ныр æрвитын сыма- хæн. Суазæг кæнут ацы хорз мыккæгты, æрзайын сæ кæнут æмæ уын уæлдайджынтæй бафиддзысты уæ фæллой. „Цы саразæн ис, нæмгуытæ дзы хæрз чысыл 8
йедтæмæ куы нæ ис, уæд“? — бафæрсдзыстут сымах. Фæлæ ма уæ зæрдыл æрлæууæд, нæ кол- хозы бригадир Егор Платонович Коншаков. Хæс- ты агъоммæ æрмæст æртæ æфсирæй уый æр- зайын кодта диссаджы хорз мæнæуы мыккаг. 0,о, æртæ æфсирæй, кæцыты уыди æрмæст дыууæ сæдæ аст нæмыджы. Уый тыххæй лæмбынæгæй бафæрсут Катери- нæ Васильевнæ Коншаковайы æмæ фæлварæг За- хар Митрич Векшины. Хъахъæнут, мæ хæлæрт- тæ, Егор Платонович кæй æрзайын кодта, уыцы стæм мыккаджы, сæфын æй ма бауадзут. Ныр- тæккæ салдæттæн быдыры алы æфсир, алы нæ- мыг дæр зынаргъу. Æрыздæхдзысты сæ хæдзæрт- тæм æмæ уæд сымахимæ иумæ цин кæнгæйæ кæсдзысты сыгъзæрины хуызæн зад хуымтæм æмæ уын раарфæ кæндзысты уæ æнувыддзинад æмæ ауыдындзинады тыххæй. Уæ ахуыргæнæг Андрей Иванович.“ Скъоладзаутæ ногæй кæсын байдыдтой Ма- шæйы армытъæпæнмæ. Бирæ хæттыты федтой кæрдæджы æмæ хоры мыккæгтæ быдыры æмæ мусы, тауæны асыччы æмæ найгæнæны бын, голджыты æмæ амбарты мидæг, фæлæ чысыл, тар, здыхт цъæты хуызæн хъæбæр нæмгуытæм ныры хуызæн дисгæнгæйæ никуы кастысты. 2 сæр УАЛДЗÆГ Машæ скъолайæ рацыди Санькæимæ. Кæм цардысты, уыцы хъæу — Стожартæм уыди æртæ километры бæрц. Фыдуаг чысыл цæугæ дæттæ, цыма ныхас ба- 9
кодтой, уый хуызæн сын алы минут æхкæдтой сæ фæндаг. Уыдон-иу куы цъыфдзаст сысты, куы та, фæндаг айгæрдгæйæ, тызмæгæй бырстой æмæ хæлхæл кодтой, цыма афтæ дзырдтой: „Мах уæ нæ ауадздзыстæм, нæ уæ ауадздзыстæм!“ Машæ схъыг ахизæнтæ æмæ хидтæ агурынæй æмæ доны лæсæнтыæмæ цъыфдзæстты ницæмæ уал дардта. Санькæ тыххæйты æййæфта чызджы. Разындысты Стожартæ. Хъæу дыууæ рæнхъæй лæууыди Стожаркæ, зæгъгæ, къæдз-мæдз доны бæрзонд былыл. Уым уыди ног арæзт æмæ зæ- ронд хæдзæрттæ. Хъæугæрон уыд рæстæгмæ арæзт халагъудтæ, стæй суанг ныггæндтæ дæр; уæрæх уынджы — бирæ ног конд хæдзæрттæ æмæ алыхуызон хъæддзаума. Бирæ афтид бынат уыд хæдзæртты ’хсæн. Хæсты агъоммæйау, ныр æмбуар нал уыдысты каутæ æмæ забортæ, æрмæст сæ зæронд бынæт- ты фидарæй лæууыдысты къалиуджын бæрз бæлæс- тæ æмæдаргъ гæды бæлæстæ. Уынгты цъиу змæлæг нæ уыди. Санькæ æмæ Машæ сæ фæндаг ракодтой цæхæрадæттыл. Ууыл- ты цæуын, кæй зæгъын æй хъæуы, уыди бирæ хуыздæр, хъæуы уынгты цæуынæй. Ам сæ сараты æмæ скъæтты цур змæлыдысты æмæ кæрæдзи- имæ ныхас кодтой адæм, цыдысты уæрдæттæ, ног кæрдæг мысгæйæ, фосдарæн кæрты, уадын- дзæй уасæгау, уасыдысты хъомтæ æмæ, æрмæст- дæр рагуалдзæджы куыд вæййы, раст афтæ куыр- дадзæй цыди æфсæйнаджы зæланг. Хъарм æмæ райдзаст уалдзыгон хур бон кæй уыди, æви ахæм зынаргъ писмо кæй хаста, уый тыххæй уыд, уæддæр Машæйы фæндыди, чи йыл æмбæлд, уыдонæй алкæимæ дæр аныхас кæнын æмæ йын йæ циндзинады тьтххæй радзурын. — Уæ бонтæ хорз уæд!—дзырдта уый колхо-
зон сылгоймæгтæн. Мах писмо райстам... Андрей Ивановичæй. Æрлæууыдысты-иу колхозонтæ, фарстой йæ æмæ сæ мидбылты кодтой зæрдæхæлар худт. Сывæллæттæй алкæмæн дæр колхозы уыд уæл- дай фылдæр кæй уарзта, ахæм бынат. Машæ раздæр бауади кæркдонмæ, стæй Санькæйы йемæ акодта роддонмæ, йæ мадимæ зымæджы кæй схъомыл кодта, уыцы род До- линкæйы фенынмæ. Урссæр хуылыдзфындз Долинкæ, йæ хъо- мылгæнæджы базонгæйæ, базгъордта чызгмæ, йæ къухы æнгуылдз ын йæ дзыхы акодта æмæ йæ, цъæмцъæм кæнгæйæ, дæйын райдыдта. Роддонæй чысыл æттæдæр уыди хуытæдарæн фермæ. Кауæй æхкæд цæхæрадоны хурмæ хызтыс- ты сырхбын хъыбылтæ, цыма сæ абанайы цы- надæуыд, уыйау. — Саня... Цом ма иунæг минутмæ, — лæппу æнкъард кæй кæны, уый бафиппайгæйæ загъта Машæ æмæ йын йæ дысыл ахæцы’д. Машæ тагъд- гомау бахызти кауы сæрты. Дзуццæджы æр- бадти æмæ хуыйы хъыбылтæм басидтис: „Чушь, чушь, чушь“! Фæлæ йæм уыдон кæсгæ дæр нæ ракодтой. Хъыбылтæ къордæй ратæх-батæх кодтой иу къуымæй иннæ къуыммæ, стæй хуытæм зилæ- джы алфæмблай æрæмбырд сты æмæ, йæ зæнгтыл сæ фындзтæ хафгæйæ, хъыллист кæнын райдыд- той. Сæ залмы сыфты хуызæн стыр хъусты хуры рухс иннæрдæм касти. Уалынмæ Машæ æрцахста иу хуыйы хъыбыл, йе рагъ ын аныхта æмæ хъыбыл хъоххъох гæнгæ сæ къæхты бын æрхуыссыди. — Æ, гыццыл æдылы къоппа, йæ! — рæвдыд- та Машæ хъыбылы. 11
— Гъе уый дын, гыццыл, гъе! — ныххудти хуытæм зилæг. Машæ иннæрдæм куы фæкаст, уæд ын хъы- был йæ чингуыты хызынмæ фæлæбурдта æмæ йæ зæххыл ралас-балас кæнын байдыдта. Чызг хъыбылы асырдта, ратыдта йæ хызын, стæй æфсæрмы хуызæй рахызти кауы сæрты æмæ афæлгæсыд. Санькæ уым нал уыди. Уый лæууыд куырдадзы цур. Æрхæцыд ремонтгонд гутоны къухтыл, фæзылдта тауæны хæцæнтæ, йæ къахæй басхуыста джебогъты хуызæн цыргъ похцийы дæндæгтæ. Уый фæстæ бакасти сæ- гæйдзаг куырдадзы ныллæг дуарæй. Уым æрдым- æрдым чи кодта, уыцы куынцы цур архайдта боцъоджын куырд Евсеич. Уый артæй райста сырхзынг æфсæйнаг, æрæвæрдта йæ хъæсдарæ- гыл æмæ дард фæхаста дзæбуг. „Афтæ дын, афтæ дын!“ — хъуыстис дзæбу- джы хъæр, фæлæ сырхзынг æфсæйнаг, цыма мæсты кодта, уый хуызæн куырдыл калдта судзгæ цæхæртæ, уый фæстæ æрбакъæдз, ссис тарбын сырх æмæ йæ боцкъайы мидæг доны куы атъыс- та, уæд йæ сырсыр ссыди, йæ тæвдæй дон фы- цæгау ракодта æмæ дзы æппынфæстаг рауади цæвхады зиллакк. — А-а, Коншаков дæ! — Санькæмæ бакæс- гæйæ сдзырдта Евсеич, — дæ цæстытæй кæсгæ кæн, къухтæй та арæхсгæ... Цæй ма сис дзæбуг! Санькæ æнхъæлмæ каст æрмæст уыцы ны- хасмæ. Феппæрста йæ къурткæ, бафæлдæхта йæ хæдоны дыстæ æмæ цингæнгæйæ фелвæста чы- сыл дзæбуг. Машæ куырдадзмæ куы бакасти, уæд ауыдта, Евсеич æмæ Санькæ æфсæйнаг куыд хойынц, уый. Хардзау æркасти чызгмæ дæр æмæ баз- гъордта куырдадзы куынцы цурмæ. 12
— Æз та уын куынц дымдзынæн! — Агъа, æххуысгæнджытæ фылдæрæй-фыл- дæр кæнын байдыдтой! — загъта Евсеич æмæ цæфхад доны фæтъыста, стæй йæ дысæй йæ цæсгомы хид асæрфта. Машæмæ бакæсгæйæ, Санькæ дæр йæ цæс- гом асæрфта, æртутæ кодта йæ армытъæпæ- ныл æмæ дзæбуг йæ иу къухæй иннæмæ бап- пæрста. — Исты кусинаг ма дзы уыдзæн? — Хæрз чысыл ма дзы аззад, — ныххудти Евсеич, — дыууадæс гутоны æмæ иу ссæдз пох- цийы бæрц, — æмæ Санькæйы къухтæй дзæбуг райста. — Цæугæ уæхимæ, мæ лымæи! Æнæуый дæр ныр дыууæ сахаты бæрц цæуыс æмæ уæхи- мæ нæма бæхæццæ дæ... Санькæ ссырх ис, йæ къурткæ йе ’уæхсчы- тыл æрбаппæрста æмæ, йæхицæй разы уæвгæйæ, рацыди куырдадзæй. — Дæ къурткæ дæ- уæлæ скæн, хъæбатыр куырд, — Санькæйы дысыл рахæцгæйæ сдзырдта Машæ. Санькæ ницы дзуапп радта, йæ цæст ахаста быдырыл, йæ хъустыл ауади куырдадзы цур æрхы доны уынæр æмæ йæ мидбылты бахудти. — Цæй диссаджы хорз уалдзæг у, Машæ! Æвиппайды ам æрбалæууыд. — Стæй сонт фарст акодта: — Сæрды цы кусынмæ хъавыс? — Сæрдмæ нырма бирæ рæстæг ис!—загъта Машæ. — Зонын æй. Фæлæ хъуыды кæнын раздæр хъæуы, — загъта Санькæ. — Локтевы хъæуы сы- вæллæтты хабар фехъуыстай? Фарон сæрддæргъы быдыры куыстой. Сæхæдæг кодтой хуым, 13
стæй таугæ дæр. Æмæ зоныс, диссаджы хор æрзайын кодтой... — Æмæ дæм цы фæнд ис, Саня, цы фæнд?— йæ ныхас ын фескъуыдта Машæ. — Мах дæр Стёпæ Карасевимæ нæхи брига- ды ныффыссынмæ хъавæм. — Бригады?—йæ цыд фæуромгæйæ афарс- та Машæ. — О! Мæ мады бригады. Фехъуыстай, цы хъуыддаг райдыдта, уый? Дæ зæрдыл ма лæу- уы, мæ фыд æрхы фале Зæронд Зæрæстоны нæузæххы хуым кæнын куыд райдыдта, уый? — Куыннæ лæууы мæ зæрдыл, — загъта Машæ. — Фæлæ йæ байтауын йæ къухы нал баф- тыд — хæст æй бахъыгдардта. Æмæ мæ мад сфæнд кодта Зæронд Зæрæстоны ацы аз хор æрзайын кæнын. — Фæлæу ма, Саня, фæлæу, — фæурæдта йæ Машæ, — Катямæ куы ис зæххы хай... хæс- тæгдæр быдыры. — Ис æм. Уый дæр йæ бригадмæ баззай- дзæн. Зæронд Зæрæстоны та уæлæмхасæн хай исы. • — Æмæ Катяйæн йæ бон бауыдзæн? — Татьянæ Родионовнæ йын æххуыс кæнын- мæ æрвиты фæскомцæдисонты — Одинцова Ленæ- йы йе ’мбæлттимæ. Фæлæ уæддæр мæ мадмæ адæм фаг нæй. — Нæ, сымах нæ айсдзысты, — арф ныу- улæфгæйæ загъта Машæ. — Уæд цæуыннæ? — фæмæсты ис Санькæ.— Исты æз кусын нæ зонын? Зæгъдзынæн мæ мадæн æмæ мæ ныффысдзæн. Уымæн ныртæккæ зынаргъ у бригады алы адæймаг дæр... — йæ цæстытæ фæдзагъул кодта чызгмæ. 14
— Кæд дæ фæнды, уæд дæу дæр ныффыс- сын кæндзынæн. — Æцæг зæгъыс, Саня? —сцин кодта Ма- шæ# _ Æз дæр рувын æмæ æхсырфæй кæрдын куы зонын... — Мæнæн мæ дзырд фидар у, — зæрдæ ба- вæрдта Санькæ. — Загътон дын, уæд дæ ныф- фыссын кæндзынæн. — Цы уый зоныс, Саня? — сцæрдæг чызг,— Зæронд Зæрæстоны дæ фыд кæй æрзайын код- та, уыцы мыккаг байтау! Искуы йæ федтай? Кæм æвæрд ис, кæ? Катя йæ зоны? — Æвæццæгæн æй зоны, — дызæрдыггæнгæ дзуапп радта Санькæ. — Цом ма, Саня сымахмæ æмæ Катяйы бафæрсæм. Коншаковты хæдзар уыди хъæугæрон, Сто- жарты хъæуы Стыр сых кæй хуыдтой, уым, хæдзары рудзгуытæ уыдысть* доны ’рдæм. Уый арæзт æрцыд фарон сæрд, немыц кæй басыгъ- той, уыцы стыр хæдзары бынаты. Æрдæгсыгъд фæйнæджытæй арæзт дыууæ рудзынгджын ны- сыл хæдзар уыд фыдуынд. Уыди ма дзы бирæ аразинæгтæ: тыргъты сæрмæ цар уыд æрдæгæм- бæрзт, къултæй зындысты хъуынайы æмæ хæр- рæгъты муртæ, дæлбазырмæ схизæнтæ чысыл йеттæмæ нæ хæцыдысты. „Йæ фæрстæй дымгæ нæ цæуы, йæ царæй нæ тæдзы — цæрæн дзы ис. Рæсугъддзинад фæстæдæр сараздзыстæм“,— дзырдта-иу Коншакова Катеринæ. Санькæ æмæ Машæ бацыдысты хæдзармæ. Хæдзар марзта Санькæйы хуызæн дæрзæгдзык- ку, урсхил, дзыгъуыр гыццыл чызг. Уый уыди Санькæйы хо Феня. Къуымы бадти астаздзыд хæрзхуыз лæппу 15
Никиткæ. Уый. хъазыди гæдыйы лæппынимæ — ахуыр æй кодта баст цæстæй цæуыныл. — Æмæ Катеринæ ам нæй? — бафарста Машæ. — Ницы кæны. Мах æнæ уый дæр рацагур- дзыстæм, — загъта Санькæ. Санькæ ацагуырдта сенæйы, къæбицы, нык- касти зæронд боцкъатæм асыччытæм, ведратæм. Нал хъæцыд хæдзар иууылдæр баскарынмæ. Сынтæджы бын Санькæ ауыдта фанерæй конд ахуырст асыкк. Уым йæ фыд фронтмæ куы ацыд, уæд йæ фыды ус цæвæрдта йæ костюм, хæдæттæ, иуæй-иу кусæн дзаумæттæ æмæ кæт- таг портфель, уый йе ’дзаг уыди чингуытæй æмæ гæххæттытæй. „Æнæнизæй йæ хæдзарыл сæм- бæлдзæн æмæ сæ уæд иууылдæр æфснайдæй райсдзæни“,— дзырдта уæд Катеринæ. Санькæ сынтæджы бынæй раласта асыкк æмæ дзаумæттæ къахын байдыдта. Пъолмæ æрхауды- сты зырнæй зилыны æмæ къахыдарæс хуыйæн дзаумæттæ, цавæрдæр гæххæттытæ. — Саня, — баурæдта йæ Машæ,—уæд та уал банхъæлмæ кæсиккам... дæ мад хæццæни. — Мамæ æрбацæуы! —æрбахъæр кодта Фе- ня, рудзынгæй æрбакæсгæйæ. 3 сæр ÆРТÆ ÆФСИРЫ Йæ фыццаг усы амарды фæстæ Санькæйы фыд Егор Коншаков, дыууæ азы уыд æнæус, стæй ракуырдта идæдз ус Катеринæйы æмæ йæ иухатт æрбакодта сæхимæ æд фырт — Никит- кæимæ. Егор Катеринæйы бакодта Санькæ æмæ Феняйы цурмæ æмæ хъæлдзæгæй загъта: 16
— Мæнæ уын, Коншактæ, ног мад, уарзут æй æмæ йын аргъ кæнут. Цæрут хорз, кæрæ- дзийы нымайгæйæ... Санькæ рагæй зыдта Катеринæйы. Уый кол- хозы куыста хынцæгæй. Асæй йæ фыдæн уыд æрмæст йæ уæхсчытæм, сауцæст, цæрдæг адæй- маг —æппындæр нæ уыди йæ мады хуызæн. „Цæй мад у ай махæн! —зынæрвæссон хуы- зæй ахъуыды кодта Санькæ. Уымæн махимæ пор- тийæ хъазын куы ’мбæлы нырма“. Сæ мад куы амард, уæд кæд хæдзар заууат- мæ . æрцыд, уæд ныр Катеринæйы æрбацыды фæстæ хæдзар ногæй йæ хуыз скалдта, йæ къуымтæ сæрттывтой. Фæзындысты пъолæмбæр- зæнтæ, рæсугъд стъолæмбæрзæнтæ, рудзгуы- тыл —дидинджытæ; арæхцагъта, Катеринæ йемæ кæй æрбахаста, уыцы патефон. Сывæллæттæн бахуыдта ног дарæс æмæ сæм æдзухдæр йæ цæст дардта, чъизийæ куыннæ цæуой, афтæ. Феня уайтагъддæр балымæн Никиткæимæ, фæцахуыр йæ фыды усыл, уый йын амыдта ма- шинæйыл хуыйын. Æмæ æрмæстдæр Санькæ не ’мбæрста, уыцы ныллæг, цæрдæг, сауцæст сылгоймаг ын мады бæсты куыд уыдзæн, уый. Катеринæ уарзта чызджытимæ зарын, уыдонæн сæ дзыккутæ быйын, аргъæуттæ кæнын, арæх-иу схæцыд сывæллæттимæ æмбæхсынтæй хъазыныл. „Хъæлдзæг у Коншаковты хæдзар“, — сæ мидбылты худгæйæ дзырдтой сыхæгтæ, уыдони- мæ Катеринæ балымæн, сывæллæттимæ куыд тагъд балымæн, афтæ. Егор æмæ Катя кодтой тынг хæлар цард. Фæлæ ахæм цард бирæ нæ ахаста. Райдыдта хæст æмæ иннæ нæлгоймæгтимæ иумæ Егор ацыди хæстмæ. Немыцæгтæ хæстæгæй-хæстæгдæр кодтой 2. Столсартæ. 17
Стожартæм. Сылгоймæгты, зæрæдты æмæ æна- хъом сывæллæтты бахъуыд сæ колхоз ныууа- дзын æмæ дард ранмæ, хæст кæм нæ уыд, уыр- дæм ацæуын. Афæдз æмæ æрдæджы фæстæ Стожартæ сæ- рибаргонд æрцыдысты немыцæй æмæ колхозон- тæ фæстæмæ æрбаздæхтысты. — Ныр нæхимæ стæм! —загъта Катеринæ, кæд æмæ Коншаковты стыр хæдзарæй сыгъд къулты йеттæмæ ницыуал баззад, уæддæр. Сы- вæллæттæ æппæтмæ дæр тарстхуызæй кæй кæ- сынц æмæ йæ разæй иу санчъех дæр æттæмæ кæй нæуал кæнынц, уый бафиппайгæйæ сыл Катеринæ мæстыхуызæй схъæр кодта: — Мæ фæдджийыл цы хæцут? Цæугæут ныртæккæ уынгмæ æмæ уым уайут, хъазут! Куыд цардыс- тæм, афтæ цæрдзыстæм. Æнхъæлмæ кæсдзыс- тæм уæ фыдмæ, хæдзар араздзыстæм. Мыккаг- мæ хæст нæ уыдзæн! Ног хæдзар куы сарæзтой, уæд Катеринæ ба- цагуырдта, Егоры хуызистытæй ма чи баззад, уыдон æмæ сæ чысыл зæгæлтыл бакодта раззаг къуымы, Егорæн райæххæстком премийæн цы берданкæ радта, уый дæр ауыгъд æрцыд къулыл. Катеринæ-иу арæх мысыд Егоры. Къах фæ- цъæррæмыхсты кæнæ æнг^ылдз фæлыджы хуы- зæн хуымæтæг ницæййаг цæфты тыххæй сывæл- лæттæ хъуамæ кæугæ ма кæной, уымæн æмæ „уым* уæ фыдæн сæдæ хатты зындæр у; хис- тæртæ хъуамæ чысыл Никиткæйы ма’фхæрой, уымæн æмæ уæ фыд куы сыздæха, уæд æппæт дæр базондзæн æмæ аххосджыны тынг бафхæр- дзæн. Изæрыгæдты-иу Катеринæ сывæллæтты йæ алыфарс æрæмбырд кодта. — Цымæ цы кусы ныртæккæ уæ фыд?— 18
фарста уый æмæ, аргъау дзурæгау, кодта хъæ- батыр салдат Егор Коншаковы хабæрттæ. Уыдон та уыдысты диссаджы хабæрттæ, зна- гыл сæмбæлгæйæ Егор æдзухдæр æвдыста дис- саджы тых æмæ хъæбатырдзинад. Сывæллæттæ стыр зæрдиагæй хъуыстой сæ мадмæ, кæд уыцы ныхæстæ сеппæт æцæг кæй не сты, уый Санькæ æмбæрста, уæддæр. Сæ фыд уыди кавалерист, хистæр сержант, мады радзырдтæм, гæсгæ та уый командæ кодта мингай адæймæгтæн, æмæ зыдта цæвын канд æхсаргардæй нæ, фæлæ знæгты цагъта пулемё- тæй æмæ сармадзанæй, цъист сæ кодта танчы цæлхыты бын, хæдтæхæгæй сыл æппæрста бом- бæтæ. — Нæ фыд та чи у?— мидбылты худгæйæ фарста Санькæ,— майор... булкъон? Кæд мийаг, инæлар? — Ды дæ дзыхыл хæц, зонды къуыбылой, иннæты хъусынуадз,—дзырдта Катеринæ.—Хорз фырт ын дæ, дæ фыд инæлар кæй суыдзæн, уый дæ кæд нæ уырны, уæд. Ныр Катеринæ къæсæрæй куы ’рбахызт æмæ хæдзар афтæ æнæфснайдæй куы ’рбай- йæфта, уæд джихæй баззад. — Коншактæ!Абырджытæ!—зæгъгæ ма фæ- кодта. — Катя, æгæр нæм ма мæсты кæн, мах ам хо- ры нæмгуытæ агурæм,— аххосджынхуызæй загъ- та Машæ. — Цавæр хоры нæмгуытæ? — Мæнæ Егор Платонович æртæ æфсирæй кæй æрзайын кодта, уыцы нæмгуытæ. Махмæ уый тыххæй йæ писмойы Андрей Иванович ныф- фыста. — Ахуыргæнæг?!Писмойы?!—Катеринæ æнæу- 19
уæнк каст бакодта Машæмæ. — Æмæ уый æнæ- бæрæгæй куы фесæфт... тагъд ыл дыууæ азы цæудзæн, афтæ. — Æмæ ныр фæзынди... Андрей Иванович ис госпитæлы... Æрмæст куыд цæф у, уый нæ фыссы. Машæ Катеринæмæ равдыста писмо æмæ кле- веры мыккаг. Катеринæ писмоимæ бацыд рудзынджы цур- мæ, бакастис æй æмæ ахъуыды кодта, кæд æмæ Андрей Ивановичы хуызæн хорз адæймаг фæ- зынди, уæд уалдзæг æвзæр нæ райдыдта, зæгъ- гæ. Фенцондæр ын ис. „Дыууæ азы нæфыста... Ныр фæзынди. Уæдæ Егор дæр ныффысдзæн“. Катеринæ бакасти Санькæ æмæМашæмæ— уы- дон ма уæддæр змæстой асыкк. — Хоры нæмгуытæ дзæгъæлы агурут. Сы- мах разæй дæр ма мæм селекцион станцæйæ иу агроном уыди. Мыккаг рауадзынæн куырдта иу дæс нæмыджы. Фæлæ кæм и? — Уæдæ цы фесты? Радзур ма нын Катя^ — лæгъстæ йын кодта Машæ. — Цы йæ дзурон, зæрдæриссæн йедтæмæ дзы ницы пайда ис,—йæ къух ауыгъта Катери- нæ, фæлæ Машæ æмæ Санькæйы лæгъстæгæнæг цæстæнгас куы бафиппайдта, уæд тъахтиныл æрбадти æмæ загъта: — цæй, хорз уæдæ, хъусут. Иу хатт уæ фыдимæ ацыдыстæм зокъотæ агурæг Зæронд Зæрæстонмæ. Цæуæм, агурæм, фæлæ ницы арæм, цыма нæ зокъотæ æмбæхс- гæ бакодтой, уыйау. Уалынмæ мæм Егор Плато- нович фæдзырдта. Бацыдтæн æм. Кæсын æмæ æрдузы астæу дзуццæджы бады æмæ цин кæны: „Кæс ма, Катеринæ, цы мæнæуы æфсир ссард-, тон!а „Æфсир фенын æнхъæл мын, зæгъын, нæ дæ 20
мæнæй афтæ æмæ зокъоты дзыгуыр ссар- дтай“. Уый æрлæууыди йæ уæрджытыл æмæ кæр- дæгыл размæ йæ фазыл абырыд. „Агур, дам, ды дæр, Катеринæ! Уый, дам, рагон æмæ стæм мæ- нæуы мыккаг у. Зæрæттæ уый тыххæй диссæг- тæ дзурыкц. Зæххыл, дам, никуы ныххуыссы, стæй не ’згъæлы, нæ тæрсы нæдæр уазалæй, нæ- дæр хус рæстæгæй“. Ссардтам ма ноджы дыууæ æфсиры. Æмæ æцæгæйдæр уыдон уыдысты стыр, уæззау — ни- куы федтон ахæмтæ мæ цард-цæрæнбонты. Егор Платонович базгъæлдта æртæ æфсиры, бауынаффæ кодта Андрей Ивановичимæ æмæ уал- дзæджы уыцы мæнæуы мыккаг байтыдтой цæ- хæрадоны. Хуым уыди чысыл, стъолы йас, фæ- лæ уæ фыд æмæ ахуыргæнæг дзырдтой: „Уый нæ фæлварæн быдыр у. Зайы дзы фидæны хор“. Сæхæдæг æфсиртæн кодтой алы фæлва- рæнтæ. Хæсты хæд агъоммæ та уæ фыд мæнæуы ног мыккæгтæй байтыдта æнæхъæн сæдæ метры. Уыцы хуым фенынмæ цыдысты æппæт колхоз- тæй. Уый алкæмæн дæр зæрдæ æвæрдта мык- кагæй. Уалынмæ хæст райдыдта, фæзындысты немыц... Бахъуыди нæ нæ колхозæй ацæуын. Ацæуыны агъоммæ æрбазгъордтон Егоры мæ- нæуы хуыммæ, хъавыдтæн ыл арт бафтауынмæ, фæлæ мæнæу уыд цъæх æмæ не’схæцыд. Цы йын чындæуа? Уæд æй райдыдтон æд уидæг- тæ тонын æмæ мæ къæхты бын ссæндын... — Æмæ йæ иууылдæр фесæфтай?—афарста Санькæ, уæлæмæ фесткæйæ. — Иууылдæр,— Катеринæ аздæхти рудзын- джы ’рдæм. — Уæдæ ныр цы ныффысдзыстæм Андрей Ивановичмæ?—бафарста Машæ. 21
— Æцæгдзинад цæмæн æмбæхсæм! Куыдуы- ди, афтæ ныффыссут, —арф ныуулæфыд Катери- нæ æмæ бавнæлдта хæдзар æфснайынмæ. Уый фæстæ бакаст Санькæмæ. Уый касти цавæрдæр тетрады. — Уыцы зæрдиагæй цы кæсыс? — Мæнæ... мæ фыды дзаумæттимæ йæ ссард- тон. Хуыйны „Фæндтæ— хъуыдытæ“, зæгъгæ,— æмæ Санькæ йæ мадмæ балæвæрдта бæзджын сау хъæбæр цъарджын тетрад. Катеринæ рафæлдæхта тетрады сыфтæ. Уый уыди Егоры, уым фыста алыхуызон пълантæ, йе’ппæт,, хъуыдытæ—фæндтæ“, афтæ дзураг уыд йæхæдæг. Ам уыди цæхæрадæттæм дон рауадзыны, дард цъымарайы бахус кæныны æмæ доныл электростанцæ саразыны пълантæ дæр. — Кæс ма, кæс... Зæронд Зæрæстоны тыххæй дæр дзы фыст ис,—загъта Катеринæ,—чиныджы хуызæн бæлвырд фыст—йæ саумæр цавæру æмæ цавæр хъацæнтæ домы... Цы хорз у, кæй йæ ссардтай, уый, Саня.. Мæнæн та мæ сæр разыл- ди, уæфыды тетрадцыфæци, зæгъгæ. Æнæмæнг æй колхозы сылгоймæгтæн бакæсдзынæн. Санькæ бакасти Машæмæ æмæ хæстæгдæр бацыди йæ мадмæ. — Мах дæр ма дæ бригады ныффысс. Мах дæр демæ кусын фæнды. — Кæй? — Мæн, Стёпæйы, Машæйы æмæ ма но- джыдæр .. — Уæд скъола та?—Катеринæ йæ сæр тет- радæй схъил кодта. — Скъола цы,—загъта Саня,—гыццылтæ куы нæ стæм! Хуым кæнын æмæ рувын дæр нæ бон бауыдзæн... Ленæ Одинцовайы йе’мбæлттимæ 22
куы айстай, куысты мидæг мах дæр уыдонæй фæстæдæр нæ баззайдзыстæм. — Уый цытæ дзурыс, уый...— йæхи фæтыз- мæг кодта Катеринæ.—Уæ рæстæг куы ’рцæуа, уæд сымах дæр уæ фаг бакусдзыстут, зæхх сы- мах фаг дæр суыдзæн. Ныртæккæ та ахуыр кæ- нын хъæуы. Машæ сындæггай йæхи райста хæдзарæй. Йæ хæдфæстæ рацыди Санькæ дæр. — Нæ дын дзырдтон, мах нæ ныффысдзыс- ты, зæгъгæ. Куыд хъæуы, афтæ нæ райдыдтай дзурын,—йæ цæстмæ йын бадардта Машæ. — Æз æргом дзурын уарзын. — Æндæр хуызон зæгъын хъæуы... .Афтæ æмæ афтæ, фæнды нæ адæмæн æххуыс кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, уæгъд рæстæджы, урок- ты фæстæ... Цы уый зоныс, Саня, цом ма рай- сом Татьянæ Родионовнæмæ. Уый нæ бамбар- дзæн. — Бацæудзыстæм æм, æвæццæгæн... — Æрмæст афтæ. Фыццаг ныхас кæндзынæн æз. Кæннод та ды тагъд-тагъд райдайдзынæ æмæ хъуыддаг фехалдзынæ. — Ды дзургæ кæнай, æз та æнцад лæууон! — фæтæргай Санькæ. — О, æмæ кæм хъæуа, уым-иу дæ сæр ба- тил, дæ дзырд иу баппар... — Цæй хорз... уым бæрæг уыдзæн,— сразы Санькæ. Афтæмæй фæхицæн сты. Машæ азгъордта сæхимæ, Санькæ та æр- баздæхт хæдзармæ. Стъолы уæлхъус бадти Коншаковты сыхаг ус, фæтæн æмæ уæзбын сылгоймаг—Евдокия Девяткинæ. Уый уыдис Егоры дард хæстæг æмæ йæхицæн хæсыл нымадта Коншаковты бинонтæм 23
йæ цæст дарын, уарзта зонд амонын Катеринæ- йæн æмæ йæ сывæллæттæн. — Фехъуыстон, фехъуыстон, дæ хъуыддæг- тæ. Бæрзæндты тæхыс,— дзырдта ныртæккæ Ев- докия. — Æрмæст тæрсын, Катюшæ... Хоры куыст .кæнын нырма æрæджы байдыдтай, æххуыс- гæнджытæн та дын æнахъом сывæллæтты рад- той... Куы ницы рауайа дæ хъуыддагæй. Егоры рæстæджы куыд бадтæ, афтæ ныр дæр къанто- ры куы бадис æмæ хынцæджы куыст куы кæ- нис, уæд дын æнцондæр æмæ хуыздæр уаид. — Уый цытæ дзурыс, уый? — рамæсты Кате^ ринæ. — Хоры куыст хорз чи зоны, уыдон ныр- тæккæ кæм сты, уый нæ зоныс? Уыдон нæ рай- гуырæн зæхх сыгъдæг кæнынц æрбабырсæг знæг- тæй, арт æндзарынц хæмпæлгæрдæгыл. Уæдæ сæ мах йеттæмæ чи хъуамæ æфсада хорæй. — Уый æз æнæуый, дзырдæн загътон,—фæу- рæдта йæ ныхас Евдокия æмæ ма иудзæвгар афæстиат, Катеринæйæн йæ низты æмæ рыстыты кой кæнгæйæ. 4 сæр ВЕКШИНЫ ХÆДЗАРАД Дыккаг бон урокты фæстæ Машæ æмæ Сань- кæ ацыдысты колхозы къантормæ. Къантор уыди цæхкæрмæ уынджы зынгæ ран, быдырмæ фæндаджы цур æмæ, Стожарты фыл- дæр хæдзæрттау, уый дæруыд æрдæг арæзт. Алы рæтты лæууыдысты сæгæйдзаг æхсиыф- тæ, лæгъзгæнæны хафæнтæ æмæ бур, уымæл хырхæйфадæнтæ. Уæлхæдзар аразджытæ агъуыс- 24
ты сæрæй ракалдтой æвзæр хъæмп æмæ йæ ив- той рог æмæ урс тæнæг фæйнæгæй. Машæ æмæ Санькæ бацыдысты къантормæ, Стыр агъуыст кодта сæг æмæ хих бæласы тæф. Æрттывтой къултæ æмæ цар, сæ хъысхъыс цыди пъолы ног фæйнæджытæн. Къанторы уыди бирæ адæм. Колхозы сæрдар, ныллæггомау æмæ фæтæн- дзæсгом — Татьянæ Родионовнæ Парфенова, йæ кæлмæрзæн йе’уæхсчытыл æркæнгæйæ, æргуы- быр кодта стъолмæ æмæ бригадиртимæ иумæ касти колхозы хуымты пъланмæ. — Кæс ма, Машæ,—сабыргай сдзырдта Сань- кæ,—Татьянæ бынтон зæронд куы у. Сурс сты йæ дзыккутæ дæр. — Уый зæронд нæу. Уый мæ мады карæн у, цыппор æвдæймаг азтæ сыл ралæууыд. Фæлæ Татьянæ раджы базæронд. Афтæ æнхъæл дæ, æмæ сæрдар уæвын æнцон у! Мæ мад афтæ зæгъы, зæгъгæ, дам, Татьянæ у, хуыссæг кæ- уыл нæ хæцы, ахæм цæсты хуызæн. — Цавæр цæсты хуызæн?— нæ бамбæрста Санькæ. — Ома нæ фынæй кæны, хæрз чысыл йедтæ- мæ, суткæ йын æгæр чысыл у. Бон куы быды- ры вæййы, куы фосдарæн бынæтты, æхсæв та къанторы, цæттæ кæны нарядтæ, аразы пълантæ. Уайтагъддæр бригадиртæ ацыдысты æмæ Та- тьянæ ауыдта Санькæ æмæ Машæйы. — Мæнмæ æрбацыдыстут, сывæллæттæ? — Дæумæ, Татьянæ Родионовнæ, — размæ рацæугæйæ загъта Машæ,—=-мах иу хъуыддаджы тыххæй баныхас кæнын хъæуы. — О, хъуыддаджы тыххæй...—баппæрста йæ ныхас Санькæ дæр. — Цæй уæдæ, радзурут!—Татьянæ зына-нæ- 25
зына йæ мидбылты бахудти.—Æмæ кæд æз зо- нын, ныхас цæуыл цæудзæн, уый, уæд та. Ка- теринæйы бригадмæуæ ныффыссæм? Афтæ, нæ? — Афтæ!—сразы Санькæ æмæ Машæимæ кæрæд’зимæ бакастысты.— Фæлæ йæ ды цæмæй зоныс? Санькæйæн йæ хъуыр ныххус æмæ йын кæд Машæ ма иу дзур, зæгъгæ, бафæдзæхста, уæд- дæр бацæттæ кодта цалдæр ныхасы, фæлæ дзы ныр уыдон дæр æрбайрох сты. Уый æнхъæл уыд, зæгъгæ, Татьянæ тшртæк- кæ ныххуддзæн æмæ сæ арвитдзæн сæ хæдзæрт- тæм уроктæ цæттæ кæнынмæ. Фæлæ сæрдар нæ ныххудти. Уый æрмæст йæ сæр ныттылдта æмæ цæуылдæр ныхъуыды кодта. — Уæдæ дыууæйæ æрбазгъордтат нæ? Уæхи мæт кæнут, Иннæты тыххæй нæ ахъуыды кодтат. Сымах мæнмæ гæсгæ стут пионертæ. — Пйонертæ, Татьянæ Родионовнæ, — йæ сæр батылдта Машæ. — Æмæ уæдæ кæрæдзийы дзырд цæуыннæ æмбарут? Сывæллæттæ мæ иу ран нал уадзынц. Уалдзæг уæм бахъардта, æви... Знон Стёпæ Ка- расев Алёшæ Семушкинимæ æрбацыдис, гутон- дартæ, дам, нæ сæвæр. Æртæ боны размæ ма ноджы дыууæйæ æрбацыдысты — уыдоны дæр быдыры кусын фæнды. Ныр та сымах... Цымæ хуыздæр нæ уаид иумæ куьГрæмбырд уаиккат, уæд? — Мах æрæмбырд уыдзыстæм,—фæцæрдæг Машæ. — Æмæ нæ уæд ды бригадмæ ныффыс- дзынæ? Татьянæ Родионовнæ дзуапп нæма ратта, афтæ правленимæ базгъордта ныллæггомау, хъæд- дыхарæзт чызг, йæ фæтæн цæсгом уыд дымгæ- сыгъд. Уый уыди Ленæ Одинцова. Татьянæ Ро- 26
дионовнæйæн тагъд-тагъд бамбарын кодта, зæгъ- гæ, зæронд лæг Векшин ницы хуызы уадзы чыз- джыты Катеринæ Коншаковайы бригадмæ, æл- гъиты æмæ ныртæккæ йæхæдæг дæр ардæм æр- бацæудзæн. Æмæ æцæгдæр, къорд минуты фæс- тæ, йæ æхсæлы лæдзæгæй мæсты хост кæнгæйæ, къантормæ бацыди бæрзонд, къæсхуыр зæ- ронд лæг. Татьянæ Родионовнæ йын сыстади. Хæсты агъоммæ Захар Митрич Стожарты зындгонд уыд халсары æмæ дыргъы фæлтæрд- джын кусæгæй. Уый кæй æрзайын кодта, уыцы Стожараг хъæдындзтæ æмæ джитъритæ зынд- гонд уыдысты æнæхъæн облæстыл. Колхозон хæдзар — лабораторийы цур цы фæлварæн участок уыд, уымæн гитлеронтæ ра- кодтой стыр зиантæ: фехæлдтой парниктæ, фе- сæфтой дыргъбæлæсты. Захар Митрич партизанты отрядæй фæстæ^ мæ Стожартæм куы’рбаздæхти, уæд зæрдиагæй бæвнæлдта куыстмæ. Хосгæрдджытимæ цыди уыгæрдæнтæм, иннæ ахæм хуым кæнынмæ, фæлæ та йæ хъыгдарын байдыдта йæ рагон низ æндыс- нæг æмæ, уымæ гæсгæ, фылдæр кодта хуысгæ, кæнæ та-иу валенкæты мидæг тезгъо кодта хæ- дзары алфæмбылай. Захар Митрич æгуыстæй хъыг кæй кæны, уый уынгæйæ йæ Татьянæ Родионовнæ æвæрдта колхозы къанторы хъахъæнæджы бынаты. Зæ- ронд лæг нæ бакуымдта, уый фæндыд фæлварæн участочы кусын. — Æз чысыл йедтæмæ нал фæцæрдзынæн, Родионовнæ. Фæнды мæ зæххмæ хæстæгдæр, куы уаин, уый. Æрмæст мын ды баххуыс кæн. Сæрдар бамбæрста зæронд лæджы æмæ йын æххуыс кæнынмæ радта фæскомцæдисон чыз- 27
джыты: Ленæ Одинцовайы йе’мбæлттимæ. Фыццаг аз Захар Митрич фæлварын байдыдта хоры, кæр- дæджы æмæ халсарты ног мыккæгтæ, ныссагъта æмæ хъомыл кодта дыргъбæлæстæ æмæ къу- дзитæ. Колхозы иуæй-иутæ Захар Митричы фæлва- рæнтæ ньшадтой, чи нæ хъæуы, стæй сæ афон кæмæн нæу, ахæм хъуыддагыл. — Ныртæккæ хæсты рæстæг у, æнæуый дæр адæм быдыры куыстытæн нæ фаг кæны, зæгъ- гæ, дзырдтой, фæлæ Татьянæ Родионовнæ æп- пæт мадзæлттæй хъахъæдта æмæ йæ бон цæмæй уыд, уымæй æххуыс кодта ^„Ве.кшины хæдзара- дæн“ — афтæ хуыдтой Стожарты мидæг фæлва- рæн участочы. Чызджытæ разындысты куыстуарзаг æмæ ком- мæгæс æххуысгæнджытæ æмæ сыл зæронд лæг тынг сахуыр. Æмæ ныр уыдоны кодтой быдыры куысты звеномæ... — Уæдæ мын мæ хæдзарад æд^уидæгтæ ка- лыс?—мæстыйæ дзурын байдыдта Векшин. Фæ- ахуыр кодтон чызджыты æмæ ныр гъа, дæ хор- зæхæй, сæхи’рдæм сæ асайдтой. — Захар Митрич... — бауромынмæ йæ хъа- выд Татьянæ Родионовнæ. — Цы „Захар Митрич!а Нæ хæстонтæ фæс- тæмæ куы ’рыздæхой, уæд нæ нæ бафæрсдзысты, колхозы раздæры намыс кæм ис, Стожарты хъæ- уы номдзыд хортæ æмæ мыккæгтæ кæм сты, уымæй. Цы дзуапп раттдзыстæм, уæд? Нæ, Роди- оновнæ, мæн æндæр хъуыддаг фæнды. Цæмæй нæ быдыртæ фурд-денджызау фæйлауой, цæмæй нæ алфæмблай дидинæг æфтауа, цыма стыр фыд- былыз Стожартæм кæсгæ дæр не’рбакодта, уыйау... — Афтæ ’нхъæлыс, æмæ мæн уый нæ фæн- ды?— æппынфæстаг сдзырдта Татьянæ Родионов- 28
нæ.—Ды, Захар Митрич, партизан уыдтæ æмæ хъуамæ æмбарай. Хæсты куыд у, уæдæ? Райсом сæйраг тох кæм уыдзæн, уырдæм æппæт тыхтæ дæр. Махмæ та ныртæккæ быдыр æмæ хор сты сæйрагдæрæй сæйрагдæр. Стæй дæхæдæг куы бауынаффæ кодтай Катеринæйæн Зæронд Зæрæс- тон бахуым кæнын... — Уый раст у,—сразы зæрондлæг,— мæны- хас дæр дзы уыди. — Уыныс... Уæдæ фæскомцæдисон чызджыты куы нæ арвитæм, уæд кæй хъуамæ арвитæм раз- загдæр хаххмæ! — Мæ куыст та фæстаг хахх у, нæ? — Захар Митрич, махæн зынаргъ у дæ хæ- дзарад дæр. Мах дæ æнæ ’ххуысгæнджытæй нæ ныууадздзыстæм. — Зæрдæтæ мын ма’вæр, сæрдар, æз дын зо- нын дæ резервтæ. Мæ хуызæн дыууæ зæронд лæджы æмæ къуырма зæронд ус Манефæ. — Захар Митрич,—загъта Татьянæ Родио- новнæ. Ис иттæг хорз æххуысгæнджытæ. Куыст- мæ йæхи чи рæмудзы, ахæмтæ.— Æмæ йе’ргом раздæхта Санькæ æмæ Машæмæ:— сывæллæт- тæ, сымах разы стут зæронд Захаримæ кусы- ныл? Машæ æмæ Санькæйæн сæ бон нæма баци дзуапп раттын дæр, афтæ зæронд Векшин уæз- заугомау разылди йæ бандоныл æмæ комкоммæ бакасти лæппумæ. — Мæхимæ лæппуты райсон?! Куыд фæзæ- гъынц афтæ, цæхæрадонмæ, дам, сæгъы бауадз... Æмæ уыдон... уыдон мын фарон сæрд мæ мык- каджы джитъритæ куы адавтой. Ныр ыл æртæ боны цæудзæн, афтæ та мын мæ парникты æвг- тæ дурæй куы ныппырх кодтой... Кæд æмæ Санькæ джитъритæн æмæ авджы 29
састы хабарæн ницы зыдта, уæддæр зæронд лæ- джы æдзынæг кастмæ нал бафæрæзта, æрбамæс- ты æмæ иуфарс азылди. — Захар Митрич, уым Саня æппындæр ах- хосджын нæу,— загъта Машæ. Захар Митрич æнкъардæй йæ къух ауыгъта æмæ сыстади. — Уыдонимæ мæ ма иу кæн, Родионовнæ. Нæ бафидаудзыстæм, фæлтау мын æххуыс кæнынмæ рарвит зæронд ус Манефæйы æмæ йæ бон ку- сын кæмæн нал у, ахæм зæронд лæгты. — Ницы кæны, ницы, Захар Митрич! Кæрæ- дзи бамбардзыстут æмæ бауарздзыстут,— зæрдæ йын бавæрдта Татьянæ Родионовнæ. Сæ рохтыл сын фидардæр хæц. Сывæллæттæн ма уый пай- да дæр уыдзæн. Дæуæн та уыдзысты иузæрдион æххуысгæнджытæ. Санькæ æмæ Машæ рацыдысты къанторæй. Тади хæдзæрттыл ма цы мит аззади, уый, æмæ цыхцырджыты дон хæдзæртты раз миты айгæрс- та арф тар къанæуттæ. Кæрчытæ бырæтты цы- дæртæ къахтой, лæгуын уасджытæ та хостой сæ базыртæ æмæ цыма сæ хъæлæстæ- фæлвæрдтой, уыйау хъæрæй уасыдысты. Афтæ зынди, цыма Стожарты сæрмæ арв уæрæхдæр фæци — уый уыди цъæх-цъæхид, бæрзонд æмæ йыл цæст не ’ххæссыд. — Уый баныхас кодтам хуыйны! — мæсты хуызæй сдзырдта Санькæ. — Чи зоны, æмæ нын хуыздæры ’рдæм фæуа,— загъта Машæ, — бригадмæ нæ уæддæр нæ айсдзысты. Пионерты æрæмбырд кæндзыстæм æмæ зæронд Векшинмæ бацæудзыстæм. Зæхх къахдзыстæм, таудзыстæм. Алыхуызон фæлва- рæнтæ кæндзыстæм. Раст нæ зæгъын, Саня? Векшины хæдзарад дæр ахсджиаг хъуыддаг у. 30
— Уымæй ма ахсджиагдæр цы уа,— схъуыр- хъуыр кодта Санькæ. — Хъæдындз, мысты къæдзилы йас уырыдзы- тæ æмæ æндæр алыхуызон хъонтхоратæ зайын кæнын... Тынг диссаг у! Саня разы нæ уыд. Куыд æмбæлы, афтæ ны- хасгонд не’рцыд Татьянæ Родионовнæимæ. Æмæ уый уыд Машæйы аххос. Фидарæй лæууын хъуыд, цы ныхас загътой, ууыл, уый та... куыд- дæр „Векшины хæдзарады“ кой фехъуыста, афтæ дзы алцыдæр æрбайрох. — Векшин сымах хуымтæм хæстæг дæр нæ бауадздзæни. Алы кæрдæджы халы тыххæй дæр уымæн йæ зырзыр цæуы. — „Сымах“ та цы хоныс, Саня, æмæ ды ма- химæ нæ уыдзынæ.? — бафарста Машæ. — Нæ, ныууадз мæ уыцы хъуыддагæй... Мах æндæр исты куыст бацагурдзыстæм, — загъта Санькæ æмæ дардæй базгъоргæйæ, агæпп кодта доны сæрты æмæ ацыди сæхимæ. 5 сæр ЦЫРДДЗИНАД Райсомæй скъоламæ цæугæйæ, Санькæ ба- фиппайдта хиды раз доныл бирæ кæй бафтыд æмæ заз бæлæсты къохы ’рдыгæй хъарм æмæ тыхджын дымгæ кæй цæуы, уый. „Ахæм дымгæ их асæтты,—ахъуыды кодта Санькæ,— ныр их тагъд фезмæлдзæн“. Хорз у, партæ рудзынджы раз куы вæййы, æмæ уынджы бирæ диссæгтæ фенæн куы уа, уæд! Фæлæ æндæрæбон Санькæйы хъуыддаг нæ ацыди. 31
Надеждæ Петровнæ бафиппайдта, Коншаков уынгмæ къласы фæйнæгæй фылдæр кæй кæсы, уый, æмæ йæ „Чукотскийы æрдæг сакъадахыл“ сбадын кодта — ахуыргæнинæгтæ афтæ хуыдтой къласы сеппæты фæстæ къуымы цы къуызыр- тæ партæ’ лæууыд, уый. Фæлæ их куыд цæудзæн, уымæн æнæ фен- гæ нæй. Санькæ Петькæ Девлткинимæ дзурын рай- дыдта æмæ уый кърандасы æрдæгыл сразы ру- дзынджы цур йæ бынат рæстæгмæ уымæн рат- тыныл. Райдыдта фæстаг урок. Цыма авг ныкъæрц ласта, ахæм уынæр æр- байхъуыст æттейæ. Къæрц фæцыд дардæй, уыд лæмæгъ, фæлæ йæ лæппуйы къæрцхъус уайтагъд- дæр ацахста. Санькæ рудзынгыл нынныхæсти. Дон ма уыди æнцад, æнæзмæлгæ, фæлæ мæнæ их æвиппайды фæсæстытæ, ихтæ кæрæдзийæ фæхицæнтæ сты æмæ дон йæ фынк калгæйæ, æппæтæй дæр базмæлыд, æмæ цыма даргъ вæмæ зын фæндагыл ацæуыны агъоммæ йæ тыхтæ æв- зæрста, уыйау размæ фенкъуысыд. Уыцы рæстæг сывæллæттæ айхъуыстой цины хъæр: Рацыди! Фæцæуы! — Цы хабар у, Коншаков? Ногæй та ру- дзынджы цур цæмæн февзæрдтæ? — загъта мате- матикæйы ахуыргæнæг. — Их фезмæлыд, Надеждæ Петровнæ! — бам- барын кодта Машæ æмæ, хæлæг кæнæгау, ба- касти Санькæмæ. Æдзухдæр уымæй раздæр ни- чи фены ихдзæуæн! Уымæн æмæ ахæм амонджын ран бады — рудзынджы цур. Надеждæ Петровнæ бакодта кæсæнцæстытæ, бацыди рудзынджы цурмæ æмæ акасти донмæ. 32
— Æцæг дæр афтæ у,-*- сразы ахуыргæнæг,— афон у, афтæ амоны æрдзы æгъдау, — æмæ фæс- тæмæ йе стъолмæ æрбаздæхгæйæ, Санькæйы но- гæй фæстаг партæйыл сбадын кодта. Санькæ ныуулæфыд, Петькæимæ йæ бынат баивта æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд Андрей Иванович. Андрей Иванович тызмæг ахуыргæнæг уыд, фæлæ-иу алы хатт дæр их куы фезмæлыд æмæ цæуын куы райдыдта, уæд-иу йæхæдæг ракъах- та рудзынджы сæрстытæ, байтыгъта-иу рудз- гуытæ æмæ сывæллæттимæ иумæ бирæ рæстæг касти донмæ. „Зымæг йæ кæнон фæци! Ныр нал бауром- дзынæ нæ сабыр дон Стожаркæйы, суанг ден- джызмæ азгъордзæн“, —дзырдта уый æмæ арф улæфыд уалдзыгон уддзæф. Доны ’рдыгæй дымгæ бырста къласмæ, фæл- дæхта чингуыты цъæрттæ, географион картæйы- иу парусы хуызæн ныддымста æмæ ахуыргæни- нæгтæм афтæ касти, цыма картæйыл цы цъæх дæттæ æмæ цадтæ нысангонд уыд, уыдон дæр базмæлыдысты æмæ фæцагайдтой, рудзгуыты бын чи цæуы, уыцы чысыл дон Стожаркæйы хуы- зæн, уыйау. Скъаппы мидæг æнæхъæн зымæг чи фæцар- ди, суанг ма уыцы зæронд тæрхъусы цармæй арæзт быдыргъæн дæр змæлыдысты йæ хъустæ, арц-иу сбадти йæ хъуын, цыма хур кæй æрын- дæвта, уыцы къуылдыммæ азгъорынмæ хъавыди, уый хуызæн. Ныддаргъ ис уыцы бон фæстаг урок. Санькæ ма афтæ дæр ахъуыды кодта, зæгъ- гæ, кæд скъола чи хъахъæны, уыцы сылгоймаг дæр ихдзæуæнмæ кæсы, æмæ дзы сахатмæ скæ- сын рох фæци. 3. Стожартæ. 33
Æппынфæстаг райхъуыстис дзæнгæрæджы хъæр. Санькæмæ афтæ касти, цыма йын дзæнгæрæг афтæ дзырдта: „Доны фезмæлыд их, дон рæму- дзы æмæ абухы, акалди йæ былтæй, ды та ма къласы бадыс æмæ хынцинæгтæ хынцыс. Искуы- дæр ма уый æрцыди, æмæ æнæ дæу ахæм цаутæ аирвæзой —ихдзæуæн, кæнæ доны раи- вылд, ихы рауард, кæнæ фыццаг миты æруард, тыхджын дымгæ хъæды, кæнæ сыгъды хабар хъæуы!“ Санькæ цæугæ-цæуын йæ чингуытæ атъыста, чингуытæ æвæрæн кæмæй сарæзта, уыцы проти- вогазы хызыны, ратахти тыргътæм æмæ бай- хъуыста. Хъуысти ивылл доны æмыр уынæр æмæ сæрсæр. Дон дыууæ дихы фæкодта, йæ кæрон скъола кæмæн уыд, уыцы хъæу Торбеевскы, уый фæстæ къæдзтæ-мæдзтæгæнгæ акалди быдыртыл æмæ уыгæрдæнтыл, ацыди тæнæг хъæды астæуты æмæ, стыр æрхмæ йæхи ныйисгæйæ, бацыди Стожар- тæм. Уайтагъддæр скъолайы тыргъы æрæмбырд сты Стожарты хъæуггаг ахуыргæнинæгтæ иу- уылдæр. Дзурын райдыдтой, сæхимæ кæцы фæн- дагыл ацæуой, ууыл: зымæджы дæргъы скъола- мæ цынарæг фæйнæг астæрдыл цыдысты, ууылты, æви дарддæр фæндагыл—хидыл. Алёшæ Семушкии раст бафиппайдта, зæгъгæ,. доны сæрты цы фæйнæджытæ æвæрд уыд, уы- дон афонмæ ихы цæндтæ аластой æмæ стыр фæндагыл цæуын кæй хъæуы, уый. Петькæ Девяткин йæхи нымæр сразы Семуш- кинимæ, фæлæ ма уæддæр Санькæмæ бакаст: чи зоны, цы фæнд та йæм æрцæудзæн! Девяткин йæхи нымадта Санькæйы хуыздæр 34
хæларыл æмæ алы хъуыддаджы фæдыл дæр уарзта дзурын: „Мах Коншакимæ иумæ\ фæлæ уый фæндтæм Санькæ стæм хатт йедтæмæ нæ хъуыста. Петькæйы фыды æфсадмæ куы акодтой, уæд Петькæ йæхи бынтондæр банымадта ас адæй- магыл. Бæгъæввадæй згъорын уый йæ сæрмæ нал хаста æмæ-иу цыфæнды хорз бон дæр дардта йæ фыды цуанон стыр цырыхъытæ, кæд сæ зын цæуæн уыди, уæддæр. Уый йæ дзыппы хæссын байдыдта чысыл цыллæ дзæкъул, дымдта хъæ- хъаг хисагъд тамако, самал кодта сæрвасæн, дзыппы даргæ кæсæн æмæ-иу райсом раджы йæ сæрыхъуынтæ донæй схуылыдз кодта æмæ сæ зулмæ фаста. Петькæ ахуыр кодта ардыгæй дæумæ, дык- каг аз бадти æхсæзæм къласы, хуыдтой йæ „ивгъуыд æнусæй нырмæ фæстæзад“, фæлæ йæм уыцы ныхæстæ тынг хъыг нæ кастысты. Йæ мад ын барста алцыдæр æмæ, сыхаг усты- тимæ сæмбæлгæйæ, дзырдта, зæгъгæ, Петькæ æнæуый дæр зонды дзæкъул у æмæ фæцæрдзæни, йæхи æфхæрын нæ бауадздзæн. Петькæ уыд фыдуаг æмæ загъд къахæг, фæлæ йе ’мбæлттæй уæндондæр æмæ хъæбатырдæр нæ уыди æмæ-иу -сæ хæдзармæ арæх æрыздæхти йæ фындз цæф, кæнæ йæ цæсты бын сау, афтæмæй. Евдокия арæх амыдта йæ фыртæн, цæмæй Санькæ Коншаковимæ лымæндæр цæра, уый, æмæ сын æдзухдæр дзырдта, зæгъгæ, сты хæс- тæджытæ æмæ хъуамæ кæмдæриддæр хæцой кæрæдзийы сæрыл. Бакодта-иу Санькæйы сæ- химæ, фæхынцта-иу æй æмæ йæ фарста йæ фы- дæй, уарзта Санькæйы мады æрæмысын. Петькæ æдзухдæр цыди Санькæимæ æмæ-иу 35
Санькæйы арæх бахъуыди йæ фыдуаг сыхаджы сæрыл рахæцын. Ныртæккæ Санькæ сабыр ныхсидт кодта. Исчи дæр ма ихдзæуæнмæ хидæй кæсы! Сеппæтæй хуыздæр бынат у доны фæзилæн, уым ихтæ, иу иннæйы æййафгæйæ, ныццæнд вæййынц. — Ахиздзыстæм, — загъта Санькæ æмæ фæ- зылди зымæгон фæндагмæ. Уый цыди фæстæмæ нæ кæсгæйæ, йæ зæрдæ дардта, йе ’мбæлттæ йæ фæдыл кæй ацæудзысты, ууыл. Девяткин хъæбатыр хуызæй йæ къух бæр- зонд систа æмæ фæхъæр кодта: — Размæ! Мах алы фæндагыл дæр ахиздзыс- тæм! Скъоладзаутæ ацыдысты Санькæйы фæдыл. Семушкин йæ мидбынаты алæууыд, стæй уый дæр иннæты фæдыл ацыд зымæгон фæн- дагыл. Машæ ахæцыд уæзбын, фæтæнтæ арæзт чызг —Зинæ Колесовайы дысыл: — Цом мах дæр! Бакæсæм. Уалынмæ иууылдæр æрæмбырд сты доны был. Уый ныр, скъоладзаутæ йæм къласы рудзын- гæй куы кастысты, уæд цы хуызæн уыд, ахæм нал уыдис. Цыма йæ фæндаг суæгъд уый бамбæр- ста, уыйау их стыр цæндтæй лæгæрста размæ. Ихтæ бырыдысты кæрæдзиуыл æмæ цыди сæ къæскъæс, афæлдæхдысты æмæ ма-иу зын- дысты сæ фæрстæ, афтæмæй бырстой размæ. Ихты ’хсæн фыцæгау кодта змæст дон. Лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты: фæйнæг астæрд дзы нал уыди. — „Мах алы фæндагыл дæр ахиздзыстæм!“ — мæстæй марæгау Санькæмæ йæ ныхас баппæрста 36
Семушкин. — Иу чидæр, дам, ахæм ран ацыди, æмæ, дам, æй уый фæстæ æртæ боны доны бын хъилтæй агуырдтой. Цæй, мемæ хидыл чи цæуы? Чызджытæ æмæ лæппутæй иутæ араст сты Семушкины фæдыл. — Цæй мах дæр хидыл ацæуæм, Коншак,— сдзырдта Девяткин. Фæлæ Санькæ йæ цъæх цæстытæй кастиг доны ихтæ куыд уайынц, уымæ. Ау, ууылты Санькæ Коншаков нæ ацæудзæн! Æмæ партизан куы уаид, уæд та? Æмæ партйзан дæр уыдаид, хъуамæ, немыц куы ’рбахæстæг сты, уæд æй йæ мад йемæ куы нæ аластаид, уæд. Уыдаид æрыгон партизан, разведчик, кæнæ бастд&инад дарæг. Æмæ, зæгъæм, у уалдзæг, ихдзæуæн рацыд, мæнæ ныры хуызæн; йæхимæ йæм фæсидти от- ряды командир æмæ йын бафæдзæхста ахсчиаг хæслæвæрдимæ доны фаллаг фарсмæ бахизын. Фæлæ хидыл цæуæн нæй, уым сты немыцаг хъа- хъæнджытæ. Доныл ихдзæуæн рацыд. Цы бакæ- нæн ис уæд? Санькæ пилоткæ йæ сæрыл дзæ- бæхдæр æркодта, схæцыд йæ цырыхъыты хъус- тыл æмæ доны былтыл ацыд, йæ цæстытæй цы- дæр агургæйæ. Уалынмæ ауыдта Машæ Ракитинæйы. Уый лæууыди тæккæ доны был æмæ æдзынæг каст цæугæ ихтæм; кæлмæрзæн йæ бæрзæймæ æр- бырыд æмæ байгом сты йæ чысыл сырх хъустæ, дымгæ йын фæйлыдта йæ къуырд дзыккутæ. — Машæ, бирæ ма дæм æнхъæлмæ кæсын хъæуы? Цом хидыл! —дзырдта йæм уæлкъуып- пæй Зинæ Колесова. Фæлæ Машæ ницы хъуыста. — Кæс ма, — фæдзырдта уый Санькæмæ, — ихтæ куыд тагъд уайынц... 37
— Дзырдæуы дæм! Нæ хъусыс? —фæхъæр кодта Девяткин чызгмæ. Машæйæм фæкаст, стæй та азылди Санькæмæ: — Уыцы ихтæн сæ бон денджызмæ ныххæц- цæ уæвын у? — Æвæццæгæн у... Хуыздæр уаид, Машæ, Семушкинимæ хидыл куы ацæуис, уæд, — загъта йын Санькæ. — Нæ... æз бакæсон. Ды фаллаг фарсмæ ихыл куы цæудзынæ, нæ? — Цæмæй й’æ зоныс? —барæй ныддис код- та Санькæ. — Ацæудзынæ, æз æй зонын. Æз æй къласы дæр зыдтон, ды донмæ куы кастæ, уæд. Æмæ уый тынг тæссаг нæу, Саня? Санькæ йæ мидбылты бахудт фæлæ ницы дзуапп радта. Гæды ныхас цæмæн хъæуы, æх- сызгон дæр ма йын уыд, Машæ Семушкины фæдыл кæй нæ ацыд æмæ доны был кæй баз- зад, уый. Фæлæ Девяткин лæууыд йæ цуры æмæ æл- хынцъ æрфыгæй касти Санькæмæ. Уый разы нæ уыд. Иу хъуыддагæн дæр æнæ Машæйæ уæвæн нæй. Нырæй размæ дæр-иу афтæ уыд. Æрæм- бырд-иу кодтой Санькæимæ лæппуты сæ бæрæг бынæттæм зокъотæм, кæнæ сыгъд цъымаратæм сау нæмыгмæ цæуынмæ. Хъæугæронмæ-иу нæма ахæццæ сты, афтæ-иу сæ фæстейы Машæ рай- йæфта: „Хорз, хорз! Зокъотæм цæуынц, афтæ- мæй зæгъгæ дæр ницы кодтой. Фæлæуут, æз дæр уын фенын кæндзынæн...“ Æмæ-иу æнæ- хъæн бон изæрмæ хъæды сёмæ рацу-бацу код- та, иу къахдзæф дæр-иу фæсте нæ баззади. Зокъотæм æмæ æрыскъæфтæм цæугæйæ ма Девяткин уæддæр быхста Машæйы. Фæлæ-иу 38
быдырмæ искæй хъæдур хæрынмæ, кæнæ хъæд- мæ арт æндзарынмæ куы цыди, уæд ын Машæ хъыгдарыны хос йеттæмæ ницы уыдис. „Фæхибар кæнын хъæуы ацы чызджы, цæлх- дур у нæ фæндагыл“, — сфæнд кодта Петькæ, æмæ иу хатт Санькæ уым куы нæ уыд, афтæ- мæй та Машæ лæппутæм куы ’рбацыд, уæд загъта: — Цæй æмæ ахъазæм „бæгънæг къухтæ ма ’вдис“, зæгъгæ, уыцы хъастæй. — Ахъазæм, ахъазæм! — сцин кодтой сы- вæллæттæ. Алчидæр сæ йæ къухыл стыхта залмы сыф æмæ æртыдта даргъ пысыра. Стæй уæд иууыл- дæр ныззарыдысты: „Бæгънæг къухтæ ма ’вдисут, бæгънæг къæхтæ ма ’вдисут“, кæрæдзийы су- рын æмæ кæрæдзийы гом къухтæ æмæ къæхтæ пысырайæ нæмын байдыдтой. Раздæр Машæмæ хорз фæкасти ахæм хъазт: згъорыс, хъæр кæныс, дæхи хъахъæныс. Фæ- лæ йæ кофтæйы дыстæ уыдысты цыбыр, юбкæ та æрмæст уæрджытæм æмæ чызгыл ауад иннæ- тæй фылдæр цæфтæ. Йæ къухтææмæ йæ къæхтæ сырх тæппал сысты, йæ цæстытæ доны разылдта. „Уæд та тагъддæр хъазт куы фæуиккам“,— хъуыды кодта Машæ, фæлæ лæппуты уромæг уромын нал фæрæзта, гæппытæ кодтой йæ алы фарс, худтысты æмæ тылдтой пысыратæ. Æмæ гъе уæд, гъе Машæ смæсты ис. Æр- тыдта пысыраты стыр гуцъула æмæ, хъазыны æппæт æгъдæуттæ ферох кæнгæйæ, гуцъулайæ лæппуты нæмын байдыдта, цыма сæ цъылынæй цæвы, уый хуызæн. Цæвгæ та сын кодта сæ къухтæ, сæ бæрзæйтæ, сæ сæртæ. Девяткиныл дзы ауади сеппæтæй фылдæр. Лæппутæ алыгъ- дысты æмæ уæдæй фæстæмæ нал уæндыдысты Машæйы сæ разæй тæрын. 39
Æппынфæстаг Санькæ фæндаджы цур ссардта бæласы цонджы лыггаг, æрсаста йын йæ къалиу- тæ, иуфарсы ’рдæм акаст, Машæ ацыди æви нæма, уый базоныны тыххæй æмæ доны был- мæ бацыд. Уалынмæ иу ихы къæртт, йæ кондмæ гæсгæ Австралийы хуызæн чи уыд, уый йæхи былыл скъуырдта. Санькæ ихмæ багæпп кодта æмæ лæдзæгæй йæхи былæй асхуыста. Дон аскъæфта ихы, иу ран æй цъилау ныз- зылдта, стæй йæ ихы цæндыл ныццавта. „Австрали“ дыууæ дихы фæци, фæлæ Санькæ уыцы иу гæпп бакодта иннæ ихмæ, уый .фæстæ æртыккагмæ, цыппæрæммæ... Машæ йæм касти æдзынæг. Коншак лæппу у, лæппу! Уый алы хатт дæр равдисы исты диссаджы хъуыддаг. Стожарты, уæлдайдæр та Стыр сыхы лæп- путæ хуымæтæджы нæ нымайынц Санькæйы сеп- пæтæй хъæбатырдæрыл æмæ йæ æнæуæлдай ныхасæй дзæгъæлы нæ хонынц сæ раздзог. Фæстаг гæпп ба^кæнгæйæ, Санькæ бахызти доны иннæ былмæ. Йæ сæрæй фелвæста йæ пи- лоткæ, батылдта йæ æмæ цыдæр ныхъæр кодта, фæлæ ихдзæуæны уынæрæй йæ хъæр нæ рай- хъуысти. Уæд Санькæ йæ къухæй ацамыдта фалæр- дæм — ома цæугæут хидмæ æмæ уым сæмбæл- дзыстæм. Лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты. Куыд хъуа- мæ баззайой сæ раздзоджы фæстæ! Сæ къухтæм даргъ лæдзджытæ райсгæйæ, донмæ бацыды- сты. Ихмæ æппæты разæй багæпп кодта стыр сæрджын, тъæпæнгомау Стёпæ Карасев, йе уæхс- чытæ фæтæн кæй уыдысты, йæхæдæг та ныл- 40
лæг, уый тыххæй йæ хуыдтой Цыппæрдигъон Стёпæ. — Хъусыс, цырд лæуу! —фæдзæхста йын Девяткин. Стёпæйы фæстæ доныл бахызти бурхил Ваня. Строкин. Æрхæццæ Девяткины рад дæр. Уый уæндон- хуызæй багæпп кодта ихмæ, фæлæ йæ цырыхъы дон ныккалд æмæ фæстæмæ былмæ рахызти. — Афтæмæй адæймаджы дон аласдзæн! — Уæдæ æдзух „Æз æмæ Коншак, æз æмæ Коншак“, зæгъгæ, куы дзурыс. Æртхæрдтæ дам, стæм,—зынæрвæссон хуызæйзагъта Машæ. — Æмæ цы „æртхæрдтæ“! Ме’мбал йæхи доны куы ’ппара, уæдæз дæр йæ фæстæ цæуон? Стыр бузныг! Æвиппайды Машæ Петькæйы къухтæй даргъ лæдзæг ратыдта æмæ багæпп кодта ихмæ. — Æнæзонд! Дон дæ аласдзæн! — фæхъæр* кодта Петькæ. Фæлæ ма йæм Машæ хæрзбон, зæгъгæ, йæ къух батылдта. Раздæр хъуыддаг хорз цыди. Чызг гæшт кодта иу ихæй иннæ ихмæ æмæ уайтагъддæр адард ис былæй. Фæлæ æрцыд æнæнхъæлæджы хъуыддаг: кæрты дуæрттæ куы байтындзай, аф- тæ фæйнæрдæм фæцыдысты ихтæ, æмæ Машæ цы гыццыл ихыл лæууыд, уый дон тагъд ахаста хиды ’рдæм, хъæдын цæджындзтæм, их лыстæг муртæ кæм кодта æмæ дон, аджы фыцæгау, фынк æмæ пæлахъæй кæм зылди, уырдæм. Санькæ ныхъæр кодта чызгмæ, цæмæй уый тыхджындæр схойа йæхи лæдзæгæй. Машæ нæ ауæрзта йæ тыхтыл. Фæлæ æвиппайды фæбырыд. æмæ йæ лæдзæг доны ныххауд. Цыма чызг æнæ лæдзæгæй баззади, уый зонгæ бакодта, уый 41
хуызæн дон ноджы тагъддæр аскъæфта, Машæ кæуыл лæууыд, уыцы ихы хидмæ. Санькæ йе’мбæлттимæ нæ зыдта, цы бакæна, уый. Ратæх-батæх кодта доны был, тылдта йæ къухтæ, стæй базгъордта сарамæ, уым дæлгоммæ лæууыди сау уæззау лодкæ. Æххуыс кæнынмæ йæм æрбазгъордтой Цып- пæрдигъон Стёпæ æмæ Ваня Строкин. Уыдон æртæйæ рафæлдæхтой лодкæ æмæ йæ аластой .доны былмæ. — Æмæ хуынкъ куы у, — ныхъæр кодта Стёпæ, лодкæйы бынмæ амонгæйæ. Санькæ ныууагъта лодкæ æмæ азгъордта дон- мæ. Фаллаг фарсæй æрбайхъуыст Девяткины тарст хъæр: — Фæдис, дон æй фæласы!.. Фервæзын æй кæнут!.. 6 сæр ЛÆППУ ХЪУСДЖЫН ХУДЫ Бæрæг нæу, уыцы хъуыддагæй цы рауадаид æнæзонгæ лæппу куы нæ фæзындаид, уæд. Лæп- пуйыл уыди цъæх фæсмынæй къурткæ, йæ къæх- тыл стыр цырыхъытæ, йæ сæрыл та салдæттæ кæй дарынц, ахæм æрфæлдахгæ хъусджын худ. Уый æртахт къуыбырæй æмæ басхуыста Девят- кины уæхск: — Цæуыл хъæр кæныс? — Не’мбал чызг... Ихыл... Фыдбылызы хъуыд- даг!.. Хиды бынмæ йæ фæяасы дон, бынтон æдылы чызг у... — Уынын æй, — тызмæгæй сдзырдта хъус- джын худ кæуыл уыд, уыцы лæппу. Уый фæстæ райхæлдта йæ рон, цыма дзы Петькæйы нæмын- 42
мæ хъавыд, уыйау, стæй зæххмæ æрæппæрста, йе’ккойы цы дзæкъул уыди, уый, æмæ йын ра- рæмыгъта йæ бостæ. — Рон дæм ис? — Рон?—нæ бамбæрста Петькæ. — О, хæдоны, кæнæ хæлафы рон... синаг дæр уæд. Æри, цы дæм ис, уыдон. Хъусджын худджын лæппу аскæрста Петькæйы хæлафы рон æмæ йын æй райхæлдта, стæй æнæ- бафæрсгæйæ рарæмыгъта чингуыты хызыны бос æмæ уыдон иууылдæр — рæттæ, дзæкъулы бос æмæ хызыны синаг кæрæдзиуыл абаста. Уый фæстæ багæпп кодта цæугæ ихмæ æмæ йæхи хæстæг ласын байдыдта Машæмæ. Æрлæу- уыд ихы цæнтты тæккæ былыл æмæ йæ тых йæ бонæй чызгмæ фехста роны кæрон. Машæ уайтагъд нæ бамбæрста, цы йæ кæнын хъæуы, уый. Роны кæроны æхсидт фæцыд уæл- дæфы æмæ донмæ ’рхаудта. Лæппу фæстæмæ йæхимæ æрбаласта хиарæзт ирвæзынгæнæн бæн- дæн, къуыбылойгонд æй атыхтаæмæ чызгмæ мæс- ты хъæр ныккодта: „Хæц, чызг!“—æмæ та ногæй фехста рон. Ныр Машæ бамбæрста, цы йæ кæнын хъæуы, уый, ацахста роны кæрон, йæ къæхтæ ныббыцæу кодта ихмæ æмæ йæ уæд лæппу æд их йæхи’рдæм сындæггай ласын байдыдта. Дыууæ ихы кæрæдзимæ хæстæгæй-хæстæг- дæр кодтой æмæ æппынфæстаг баиу сты. Лæп- пу Машæйы къухыл фæхæцыд æмæ йæ былгæ- роны ’рдæм акодта, сæ дыууæйы дæр чи баурæд- таид, ахæм стырдæр ихтæм хъавгæйæ. Хаттгай -иу дон ногæй фæйнæрдæм акодта ихты. — Тæрсгæ ма кæн, чызг, — дзырдта лæппу æмæ-иу банхъæлмæ касти, цалынмæ та ихтæ кæрæдзимæ æрбахæстæг уой, уæдмæ. Гъе афтæмæй бахызтысты былгæронмæ. 43
Зæххыл æрлæууыд, уый куы бамбæрста, уæд Машæ иуфарс азылд, æмæ йæ цæсгом йæ къух- тæй амбæрста. Уый фæстæ бакаст йæ æнæн- хъæлæджы ирвæзынгæнæгмæ. Уый лæууыди хибарæй æмæ хæлдта бæдтæны æлхынцъытæ. — Лæппу, уæ лæппу! — сабыргай фæдзырдта Машæ. Хъусджын худджын лæппу фæкаст. Машæ къæмдзæстыг хуызæй бахудт æмæ йын куыд раарфæ кæна, уый нæ зонгæйæ, æвиппайды базгъордта æмæ йын йæ къухæй раскъæфта хуы- лыдз бæдтæнтæ. — Æри, æз сæ райхалон!—æмæ йæ дæн- дæгтæй халын райдыдта куырм æлхынцъытæ. Хиды цурæй згъордтой скъоладзаутæ: Сань- кæ йе’мбæлттимæ, Алёшæ Семушкин, Зинæ Коле- с ова. Тарст хуызæй æмæ тых улæфт кæнгæйæ, уыдон амбырд сты Машæйы алфæмбылай. — Ды... ды ихы сæрты цæмæн?.. — къæзæ- нæг ныхас кæнгæйæ, чызгыл фæхъæр кодта Санькæ. — Æз ихы сæрты базгъордтаин, — загъта Машæ, — фæлæ мæ алыфарс дон... сæр разылд... — Алы хатт дæр демæ цæугæйæ адæймаг исты бæллæхы æнæ бахаугæ нæ фæвæййы, — уа- сæгау Машæйыл йæхи ныццавта Девяткин. — Дон дæ куы аластаид, уæд та. Мах та дзуапп лæвæрдтаиккам! Фарон сæрд дæр ма Сау цъыф- дзасты дæ къæхтæ афтæ ныссагъдысты. — Æндæр исчи дæр ма куы дзурид! —смæсты Машæ.—Дæхицæн куы ныссагъдысты дæ къæхтæ. — Федтат! — мæстыйæ дзырдта лæппутæм Девяткин. — Уæддæр ма нæ сæтты. Нæ, æгъгъæд фæуæд! Зæгъын ын хъæуы, æмæ махимæ æп- 44
пындæр мауал цæуа! Цæуæд уæртæ чызджы- тимæ. — Худæджы ныхæстæ! — сабыргай сдзырта, хъусджын худ кæуыл уыд, уыцы лæппу.—Сымах- мæ афтæ фæкæнынц? Раст æй цыма исчи басхуыста, уыйау Сань- кæ фæстæмæ фæкаст. Лæппу бадти, мит кæм атади, уыцы къуыбырыл æмæ кодта йæ дза- быртæ. Уый уыд къаннæг, къæсхуыр, саулагъз, йæ цæстытæ иу чысыл кодтой зылын каст æмæ æв- дыстой фыдуагдзинад. — Куыд фæкæнынц?—къæрцхъусæй афарс- та Санькæ. Лæппу дзуапп уайтагъд нæ радта. Уый ныл- лæмæрста йæ хуылыдз портянкæ, тагъд æмæ йæ арæхсджынæй атыхта йæ къахыл, стæй цыры- хъы уæрæх хъусы йæ къах атъыста. — Æмæ куыннæ, чысыл ма бахъæуа чызджы дон аласа, уыдон та доны был лæууынц æмæ йæм уырдыгæй кæсынц. — Чи... доны был? — Фæрæдыдтæн, хидыл. — Дзур, фæлæ мæнг ныхас ма кæн!— Сань- кæ æнæзонгæ лæппумæ хæстæг бауад æмæ йæ тызмæгæй бафарста: — Кæй лæппу дæ? Кæдæм цæуыс? — Хъусджын худджын лæппу рог фестад, йæ тцырыхъытæ æрхоста. — Æмæ исты патруль дæ? Науæд документ- тæ бæрæг кæныс? Дзуапп дæ хъæуы? — Æмæ цы... Сбæрæг кæндзынæн тынг æн- цонæй. Бирæ цæуы ам алыхуызон адæм... Фæлæ цыма уыцы ныхæстæ хъусгæ дæр нæ фæкодта, лæппу йæхи афтæ скодта. Уый касти Машæмæ. Чызг йæ иу къахыл лæугæйæ, иннæ 45
къахæй раласта цырыхъ æмæ, гæпп-гæпп кæн- гæйæ, цырыхъы дон калдта. Къах уыд сырх, æргъæвст. Лæппу базгъордта Петькæмæ, раскъæфта дзы йæ дзаумæтты дзæкъул, систа хус портянкæтæ æмæ сæ бадаргъ кодта чызгмæ. — Скæн мæнæ адон, суазал уыдзынæ! Санькæ фырмæстæй æрхæцæгау фæкодта. Кæцæйдæр чи фæзынд, уыцы лæппу йæ равдыста тæппуды хуызæнæй, æмæ йын уый æгъгъæд нæу, фæлæ та ныр дæр фæразæй æмæ Машæйы къæх- тæ цæмæй ма суазал уой, ууыл тыхсы. Фæлæ Машæ портянкæтæ нæ райста. — Æз нæхимæ азгъордзынæн... — Стæй фæ- зылди лæппуйы ’рдæм æмæ йын загъта: — Цом махмæ! Дæхи схъарм кæндзынæ. Дардмæ ма дæ цæуын хъæуы? — Стожартæм цæуын æз, Пушкины номыл колхозмæ. — Стожартæм?! — ныддис кодта чызг. — Уæдæ махмæ цæуыс. Мах иууылдæр Стожарæг- тæ стæм. Уæртæ доны фале ис нæ хъæу. Æмæ ды кæмæ цæуыс? — Уæ хъæуы зæронд лæг Векшин, зæгъгæ, ах- æм цæры?.. Захар Митрич? — Æмæ ды... ды зæронд лæгмæ цæуыс? — Уымæ. Машæ иу санчъех фæстæмæ ракодта, лæп- пуйы алфæмбылай æрзылди: -^-Дæ ном Федя нæ хуыйны? Федя Черкашин? Лæппу йæ сæр дызæрдыггæнгæ разыйы тылд бакодта. — Лæппутæ!—ныхъæр кодта Машæ. — Век- шинмæ йæ фырты фырт æрцыди! Федя Черка- шин!—Æмæ лæппуйæн йæ къухыл фæхæцыд,— цом, аез дæ ныххæццæ кæндзынæн. 46
7 сæр ГÆНАХ Захар Векшины хæдзар уыди хъæугæрон. Уый немыцы рæстæг æнæхъæнæй диссаджы ир- вæст акодта. Уæрæх æрæнцад зæххыл æмæ размæ фæкъул, цыма йæ стыр фæндагмæ бахæстæгдæр уæвын фæндыд, уыйау, цæмæй Стожартæм чи цæ- уы, уыдонæй алкæмæн дæр зæгъа: „Табуафси!: Мидæмæ рацу, уазæг—хуыцауы уазæг“. Æмæ-иу адæм зæрдæрайгæйæ æрбаздæхтысты Захары хæдзармæ. Станцæмæ исты чи ласта, уыцы шофертæ æмæ бæхтæрджытæ арæх лæууыдысты ам æхсæвиуат кæнынмæ. Сæхицæн кодтой æхсæвæр, цымдтой цай, уый фæстæ-иу пъолыл ног хъæмп байтыдтой æмæ-иу схуыссыдысты. Векшины хæдзары хъæу- бæстæ хуыдтой „паддзахадон хæдзар“. Æмæ-иу райсомæй хæдзары цурæй хъуысти моторты уынæр, бæхты мырмыр, ведраты хъæр. Æхсæвиуатгæнæггаг зæронд лæг æхца никæ- мæй иста æмæ-иу тынг смæсты, йæ къухты-иу ын гæххæттын, æууæрст æхцатæ куы фæцавтой,. уæд, æмæ-иу мæстыйæ хъæр кодта бæхтæрджы- тыл кæнæ шофертыл: „Цы ласыс? Хор, картоф? Иу ныхасæй, фронтмæ салдæттæн. Æмæ йæ уæд тагъддæр лас, стæй ам аууоны бадгæйæ цай цымыныл схæц!“ Фæлæ фæндаггон адæмимæ æхсæвæр бахæ- рыныл зæронд лæг гуызавæ нæ кодта, стæй ма- иу ноджы уыдоны фæстæ стъолыл арæх баззад консервы къопп, къалбас, дзул. Скъоладзаутæ Захары хæдзар хуыдтой „Гæ- нах“, æмæ-иу изæрыгæдты уырдæм цыдысты сæ уроктæ ахуыр кæнынмæ, зæронд лæджы аргъæут- 47
тæм хъусынмæ, кæнæ та „цырагъы рухсмæ“ аба- дынмæ. Цырагъ та „гæнахæй“ тынгдæр никуы рухс кодта, уымæн æмæ æрбацæуæг шофертæ Захары æнæвгъау æфсæстой фæтæгенæй. Ныртæккæ Машæ сеппæты разæй базгъордта „гæнахмæ“, тыргътæм схизæн асины бын дæ- гъæлтæ аскæрста æмæ сæ куы ссардга, уæд дуар <байгом кодта. — Мидæмæ, мидæмæ!—зæрдæрайгæйæ хуыд- та уый Федяйы.—Зæронд лæг ам кæй нæй, уый ницы кæны... Нæ нæм хæццæни... Машæ æмæ Федяйы фæстæ хæдзармæ бацы- дысты Зинæ Колесова, Алёшæ Семушкин æмæ <ма цалдæрæй. Санькæ æмæ йæ хæлæрттæ лæууыдысты тыргътыл æмæ мидæмæ бацæуынмæ сæ ныфс нæ гхастой. — Машæйы куыд хорз фервæзын кодта!— сындæггай сдзырдта Цыппæрдигъон Стёпæ.—Кæ- цæй фæзынди уый, уыцы Федя, уæ хорзæхæй? Бауайæм ма, Коншак, мидæмæ, аныхас кæ- нæм. Санькæ ницы дзырдта. Цы загъдæуа, хæрза- рæхст лæппу у, цырд фæлæууыд. Уый та уыцы хуынкъ лодкæимæ архайдта... Фæлæ доны был цы хъуыддаг æрцыд, уый фæстæ хæдзармæ куыд бацыдæуа, цы зæгъæн ис Машæйæн? — Кæй фæнды, уый бацæуæд, мæн нæхимæ цæуын хъæуы,—загъта Санькæ æмæ ацыди хъæ- уы уынгты. Ие’мбæлттæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ уыдон дæр йæ фæдыл араст сты. Хæдзармæ бацæугæйæ, Машæ уайтагъд йæ дзабыртæ феппæрста, йæ чысыл пъалто зæгæлыл ацауыгъта æмæ пецы сæрмæ схысти. Федя йæ цæст ахаста зыхъыртæ морæхуыз 48
къулыл. Къулыл ауыгъд уыд алыхуызон тæф- гæнаг хус кæрдæджы бæстытæ, мæнæуы, хъæбæр хоры, сысджыйы чысыл куыристæ æмæ афарста: — Æмæ дада тагъд æрбацæудзæн? — Уый тагъд æрбацæудзæн, тагъд... Мæнæ ардæм схиз, — фæдзырдта йæм Машæ пецы сæ- рæй, — ам хъарм у. Федя сразы. Пецы сæрмæ схызтысты иннæ сывæллæттæ дæр. — Иууылдæр æмхуызонæй кæдæм хизут!— фæмæсты Машæ. — Ныккалдзыстут пец, æнæуый дæр зæронд у. Федямæ фæрсмæ бакæсгæйæ, чызджы зæрдыл æрлæууыд, иу хатт æй зæронд лæг Захар сæхи- мæ куыд бакодта æмæ йын йе стыр циндзинады тыххæй куыд радзырдта. Уый дзырдта, зæгъгæ, фæзынди Федя Черкашин, партизанты отря- ды уæвгæйæ цы сидзæр лæппуимæ базонгæ, уый. Лæппуйы Захар йæхицæн схуыдта фырты фырт, фæлæ немыцы аххосæй кæрæдзийы нал ссардтой. Ныр Федя фыссы, зæгъгæ, йæхи дзæбæх кæны госпитæлы, дард Ташкенты, уый фæстæ та цæр- дзæни санаторийы. Фыста, зæгъгæ, дам, хъæуы æвæстиатæй фæстæмæ ахæм дзуапп ныффыссын, ома, уый, Захар, цæры иунæгæй, йæ зæронд ус амарди æмæ цæмæй йæ фырты фырт тагъддæр сæмбæла йæ фыды фыдыл. Машæ ахæм фыстæг ныффыста. Уый фæстæ Федяйы хабар ракодта Зинæ Колесовайæн æмæ йын иумæ лæварæн скодтой дыууæ фæлысты æрмкъухтæ. Рæстæг цыди, фæлæ Федя Черкашин нæ зынди. Уæд æм Машæ йе’мбалимæ арæхдæр фыссын бай- дыдта. Уыдон фыстой Федямæ æмæ йæ æппæт ма- дзæлттæй æууæндын кодтой, зæгъгæ, йæ сана- торийы цæрын хъæугæ дæр уыйас ницæмæн кæ- 4. Стожартæ. 49
ны, тагъддæр æрцæуæд Стожартæм: уæлдæф ам у сыгъдæг, цæугæ дон у суадæтты дон, хъæд йæ тæккæ дзаг зокъотæй æмæ æрыскъæфтæй, фермæйы ис бæзджын æхсыр æмæ Федя афтæ хæрзхуыз суыдзæн æмæ йыл нæ фæтых уыдзыс- ты нæдæр Цыппæрдигъон Стёпæ, нæдæр Кон- шаков, нæдæр Петькæ Девяткин. — Ныр саиаторийæ цæуыс?—æнæнхъæлæджы йæ афарста Машæ. — Æмæ йæ ды та цæмæй зоныс? — ныддис кодта Федя. — Æз дæу тыххæй бирæ цыдæртæ зонын. Ды дæ зæронд Захары фырты фырт, партизанон фырты фырт... Мах даёумæ рагæй æнхъæлмæ кæсæм... — Уæдæ уыдон дæ писмотæ уыдысты? Машæ нæ хуыйныс? — Машæ! — ныххудти чызг.—Мæнæ уый та у Зинæ Колесова. Уый дын æрмкъухтæ скодта. Уый та—Семушкин. Уымæй суанг хъулон уыры- тæ дæр тæрсгæ кæнынц. Мæнæ уый та...—Ма- шæ хъусын кодта алкæйы ном дæр, дзырдта цæ- мæй зындгонд у, уый, æмæ сывæллæттæ сæхи хæстæг ластой Федямæ æмæ йын истой йæ къух. Фæцыдис сенæйы пъолы хъысхъыс. — Зæронд лæг æрбацæуы,— базыдта йæ Ма- шæ æмæ, сывæллæттæм йæ цæст æрныкъулгæйæ, фæзылди Федяйы ’рдæм:— Дæхи ма ма равдис. Бамбæхс уал. .Лæппутæ Федяйы баууон кодтой пецы сæр къуымы. Захар байгом кодта дуар æмæ тызмæ- гæй бафарста: — Зæгъ ма, гæнах, чи цæры гæнахы æнæ- фыстæй? — Æз, мыст, — ныхъыллист кодта Машæ. — Æз, хæфс—уасаг хæфс,—сдзырдта Зинæ. 50
Захар зулаивæй бакаст, къæсæрыл цы хуылыдз цырыхъытæ, басмахъытæ æмæуæфсджын вален- кæтæ уыд, уыдонмæ æмæ йæ сæр ныттылдта: — Гъы, тъæппкъах хъазтæ, уæ къæхтæ схуы- лыдз кодтат æмæ зæронд Векшины пецы сæр- мæ схызтыстут, нæ? Уæхимæ уын уый нæ ба- рынц. Фæлæуут, æз уын иу ахæмы уæ хъуыд- дæгтæ хурмæ ракалдзынæн! — Захар Митрич, мах нæхи хъарм кæнын- мæ не’рбацыдыстæм. Мах дæм ног хабар æрба- хастам,- загъта Машæ. — Зонын уын уæ ног хабæрттæ! — Æцæг зæгъын, Захар Митрич. Æвиппайды пецы сæры къуымæй райхъуысти булæмаргъы ахæм зарджытæ æмæ сывæллæттæ сеппæтдæр дисы бацыдысты, зæронд Захар дæр фырдисæй сагъдау баззад. — Цы хабар у, уый? Чи хынджылæг кæны? Рахиз ма, рахиз, дын, куы зæгъын! — Уый æз дæн, дада, æз... Федя рог гæпп æркодта пецы сæрæй æмæ та ногæй ныззарыд, раст æцæг булæмаргъы хуы- зæн. — Базыдтай мæ, дада! Цыма йыл хуры тынтæ схъазыдысты, уыйау ныррухс зæронд лæджы цæсгом. — Базыдтон дæ, мæ булæмаргъ, базыдтон!— загъта Захар æмæ йыл цыма æвдай азы нæ цы- ди, уый хуызæн булæмаргъы зарæгæн дзуапп радта уыджы уастæй. Уæд лæппу ныккодта æх- сæвы цъиуы хъæр, зæронд лæг ныккодта бур цъиуы лæгъз æмæ рæсугъд зард, лæппу бакод- та гаккучы уаст. Гъе, афтæ уыдон лæууыдысты кæрæдзийы комкоммæ, кæрæдзимæ кодтой цъиуты зарджы- 51
тæ æмæ сывæллæттæм афтæ фæкаст, цыма æп- пæт рæттæй дæр цъиутæ Захары зæронд хæ- дзармæ æртахтысты, уый хуызæн. Лæппуйау хъазыныл кæй схæцыди, уымæй фефсæрмы уæвгæйæ, зæронд лæг ныххудти, Фе- дяйы йæхимæ æрбахæстæг кодта æмæ йын ныхъæ- быс кодта. Уый фæстæ стъолыл йæ зарджытæ кæнын байдыдта зылын фарс самовар. Захар байгом кодта консервы къопп, райста мыды дурын, стъолыл æрæвæрдта цæхджын мæц- къуытæ, фæткъуытæ æмæ зокъотæ. Федяйы æр- бадын кодта уæлейы. Уый фæстæ бакасти сы- вæллæтты рухс цæсгæмттæм æмæ бынтон фæ- зæрдæхæлар: — Иууылдæр сбадут! Минас кæнут! Ахæм бон у. Ауæрдын ницæуыл хъæуы. Сывæллæттæ æрбадтысты стъолы уæлхъус. Æмæ кæд стыр хъæзын къус йе’дзаг уыд цæх- джын фæткъуытæй, дурынæй та бур дардта бæз- джын мыд, уæддæр сывæллæттæ сæ къух дæр ницæмæ бакодтой, Федяйы зæрдæ сыл куы фæ- худа, уымæй тæрсгæйæ, æмæ уæзданæй дзуапп лæвæрдтой: ,Стыр бузныг, мах нæхи хорз федтам...“ — Ды цъиуты æвзаг кæм базыдтай? Отря- ды, нæ, — схæцыд Машæ Федяйы фæрсыныл. Цъæх мæгайы уаст кæнын дæр зоныс? — Зонын. — Мæн дæр сахуыр кæндзынæ? Алёшæ Семушкины та фæндыд зæрдиагæй Федяимæ партизанты хъуыддæгты тыххæй аны- хас кæнын. — Фæлæу, тæфтырыкъо,— баурæдта йæ За- хар,— фæндагыл цыд æмæ йæ бауадз йæ фæл- 52
лад суадзын. Рæстæг уын уыдзæн, уæ фаг фæ- дзурдзыстут,—æмæ æдзынæг бакаст лæппумæ. Федя уыд къæсхуыргомау лæппу, йæ сæр дзæбæх, æмвæз æлвыд æмæ зынди æнæдзураг. „Ницы кæны... уымы хур æй скъæсхуыр код- та,—йæхицæн зæрдæтæ æвæрдта Захар. — Ныр ам, махмæ, цыма йыл æнхъизæн ачындæуыд, уый хуызæн фæйнæрдæм фæцæудзæн“. Зæронд лæг Федяйы иу цалдæр хатты афарста ницы дæ риссы, зæгъгæ. — Ницы мæ риссы, дада. Мæ галиу къухæй исын, йæ уæз пут кæмæн у, ахæм гири. Мæ- нæ ам станцæйы иуимæ хъæбысæйдæрхæцыдтæн. — Æмæ чи фæуæлахиз? — Хинæй мыл цыди: йæ къах мæм фæца- рæзта, фæлæ уæддæр мæхи абырсын нæ бауагътон. — Уыныс, дæуæн дæ тых æвзарæн нæма ис. Ды мæнмæ æнцад-æнцойæ цæрдзынæ. Машæйы рагæй дæр фæндыди Федяйæн ис- ты æхсызгон ныхас зæгъын æмæ ныр сдзырдта: — Мах æй сывæллæттæн хисдæрæй сæвзар- дзыстæм. Иууылдæр кæсдзыстæм йæ коммæ! — Уый та ма цавæр хисдæры кой кæныс?— йæхи фæдзагъул кодта Захар.— Федя йæ фæл- лад уадзынмæ ’рцыд. — Дада, æз ам бирæ нæ фæуыдзынæн. Ре- месленон скъоламæ бацæуынмæ хъавын,—загъта Федя. — Гъе уый дын, гъе, — йæхи фæхъуынтъыз кодта Захар, — къæсæрæй дæ къах нырма ныр куы ’рбавæрдтай æмæ фæстæмæ дуармæ дæ хъус дарын куы байдыдтай. Ацæр уал, бакæс, чи зоны, æмæ æндæр искуыдæм дæр бынат фæуа. Сывæллæттæ суанг æнафонмæ дæр фæ- бадтаиккой Федяимæ, фæлæ сын Захар бамба- рын кодта, зынаргъ уазджытæн ацæуын афон 53
кæй у, уый, æмæ уæд уыдон дæр раарфæ код- той, загътой хæрзæхсæв æмæ араст сты сæ хæ- дзæрттæм. Захар сæ ахæццæ кодта суанг тигъы онг. Дæсны авгæвæрдау, уазал тæссонд их сбад- ти доны малтыл æмæ мæйрухсмæ ’рттывтой парникты рамæты хуызæн. Хæстæг кæцæйдæр, фæндаджы был къанауæй, хъуысти доны уынæр, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыди, зæгъгæ, ныр цыфæнды уазæлттæ дæр нал бауромдзысты уалдзæджы æрцыд, уыйау. Æмæ Захармæ афтæ фæкасти, цыма уымæн дæр йæ хæдзармæ уалдзæг бакасти— æрцыд йæ фырты фырт. Зæронд лæг йæ мидбылты бахудти æмæ хæ- дзармæ бараст. Ныр уый ныртæккæ Федяимæ æрбаддзæнис фæрсæй-фæрстæм, бинонтау бацымдзысты но- джыдæр фæйнæ цайы агуывзæйы æмæ уæд кæ- рæдзийæн фæкæндзысты сæ зæрдæбын ныхæс- тæ. Фæлæ^нæдæр цай бацымдтой, налдæр ныхас акодтой. Йæ дзаумæтты голлаг йæ нывæрзæн бакæнгæйæ, Федя хуыссыд тъахтиныл æмæ тарф фынæй кодта. — Булæмаргъ бафæлмæцыд! — сындæггай сдзырдта Захар. Æмæ Федяйы цур æрбадгæйæ, ныхъуыды кодта.-Бирæ азты фæцард уый ацы дунейыл. Цас фæхуым кодта зæхх, цас фæкарста хос æмæ цас дыргъ бæлæстæ схъомыл кодта. Мыды бындз æй уарзы, бæх дæр æй æмбары, зоны зæхкусæджы куыстытæй алцы дæр. Фæлæ йæ зонындзинад кæй æууæнкджын къухтæм радта, ахæмæй ничи ис зæронд лæгæн,—нæдæр фырттæ, нæдæр фыр- ты фырттæ. фæлæ йын ныр ис быдырмæ кæимæ ацæуа, 54
гутоны фæстæ куыд цæуын хъæуы, уый кæмæн бацамона, алы хоры нæмыг дæр куыд хъахъæ- нын хъæуы, уый кæмæн радзура, ахæм. „Никуыдæм æй ауадздзынæн,—ахъуыды код- та Захар Федяйы тыххæй,—хорз колхозон дзы рауайын кæндзынæн. Стожартæ йын суыдзысты йæхи хæдзары хуызæн. Хъæубæстæ нæ ферох кæндзысты Векшины“. Лæппу фынæйæ æвиппайды йæ былтæ баз- мæлын кодта æмæ иннæ фарсмæ азылд. Уалын- мæ зæронд лæджы хъустыл ауад, йæ ком кæ- мæн сыхæлди, уыцы дзæкъулæй зæххмæ цы га- гатæ æрæзгъæлди, уыдон уынæр. Æргуыбыр кодта, йæ къух сæм бадардта æмæ йæ армытъæ- пæнмæ æркалдысты хоры нæмгуытæ. Захар бауад рухсмæ, цырагъ уæлдæр ззылд- та æмæджихæй баззади:йæ армытъæпæны уыди ставд мæнæуы гагатæ. Зæронд лæг базгъордта тъахтины цурмæ, райхъал кæнынмæ хъавыд Федяйы. Фæлæ лæппу афтæ адджын фынæй уыд æмæ йын Захар фæ- тæригъæд кодта, бахаста йæ сынтæгмæ æмæ йæ хъæццулæй æрæмбæрста. Уый фæстæ æрбаздæхт тъахтины цурмæ, йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ иугай уидзын байдыд- та мæнæуы гагатæ. Райсомæй Федя райхъал фæйнæджы рог хост- мæ. Зæронд Захар бадти къæсæрыл æмæ фæй- нæджытæй арæзта сау цъиутæн ахстон. Стъо- лыл уыд мæнæуы калд. Хуры тынтæ бырстой рудз- гуытæй мидæмæ æмæ мæнæуы нæмгуытæ æрт- тывтой æрхуыйæ конды хуызæн. Федя фестад сынтæгæй, бакасти йæ голлагмæ. — Дада, ды æппæтдæр базыдтай? — Кæсын æмæ мæ цæстытыл не’ууæндын!— 55
Захар ныттылдта йæ сæр, —раст диссаг, мæ- нæу фæстæмæ нæхимæ кæй æрæздæхти, уый. — Хъуыды ма кæныс, дада, хъæды астæуты иумæ куы фæцæйцыдыстæм, уый. Уæддæу немыц ацахстой. Мæнæуы дзæкъул та мæнмæ баззад. — Æмæ, Федюшæ, уæдæй нырмæ цал æмæ цалы къухтæм бахауттæ: салдæттæм, госпитæл, санатори... Мæнæу та у æнæхъæн. Мæ зонд æй нæ ахсы. Цавæрдæр диссаджы хъуыддаг! — Уый æцæг диссаджы мæнæу у... Демæ мæнæуы мыккаг немыцæй куыд хъахъæдтам, уый-иу кæмæи радзырдтон, уыдон-иу загътой: „Амондджын мæнæуы мыккаг у. Цæрдзæни сæ- дæ азы“. Æмæ йæ æз дæр хъахъæдтон. Æр- мæст мын госпитæлы иу цæф салдат тынг лæгъс- тæ кодта æмæ йын дзы дæс гагайы радтон. Ар- выста сæ сæхимæ, Поволжьемæ. Захар бацыд стъолы цурмæ æмæ мæнæу йе ’нгуылдзты ’хсæнты ауæгътытæ кодта. — Цæй уæдæ, мæнæуы гагатæ, бирæ фæхат- тыстут дунейыл. Афон уын у зæххыл сæмбæлын дæр, рæзын æмæ æфсир æфтауын. Захар Мит- рич бафæдзæхста йæ фырты фыртæн, цæмæй уый мæнæуы мыккаджы тыххæй макæмæн ма зæгъа, уымæн æмæбирæ рæстæг рацыд, æмæ бæрæг нæу, мæнæуы гагатæ ма равзæрдзысты æви нæ, уый.—Банхъæлмæ кæс сæрдмæ, Федю- шæ. Æфсир куы рафтауой, уæд циндзинады ха- бар радзурдзыстæм адæмæн дæр.. 8 сæр МÆХИ ЦÆСТЫТÆЙ Доны был цы хъуыддаг æрцыд, уый Стожар- ты хъæуы лæппутæ дыккаг бон иууылдæр ба- 56
зыдтой. Ууыл уæлдай тынгдæр бацархайдта Алё- шæ Семушкин. Стыр переменæйы рæстæг уый кæрты йæ ал- фæмблай æрæмбырд кодта къласы æмбис æмæ сомытæ кодта, зæгъгæ, дам, мæхи цæстытæй федтон, зæронд Векшины фырты фырт йæхи доны бын куыд фæкодта æмæ Машæ Ракити- нæйы куыд раласта, уый. Скъолайы Семушкины ныхæстыл тынг не’- ууæндыдысты, уымæн æмæ-иу алы хатт дзырдта,. хъуыддаг „йæхы цæстытæй“ кæй федта, уый— „йæхи цæстытæй“ федта тæхгæ стъалы кæм æрхауд, ададжы суадон куыд фегуырд æмæ Суб- ботины къохы арвы цæф тулдз бæласы дыууæ куыд афаста, уыдон дæр. Фæлæ Федя Черкашины фæзынд афтæ ’нæн- хъæлæджы уыди, æмæ лæппутæ ацы хатт Се- мушкинмæ хъуыстой лæмбынæг æмæ йыл æу- уæндыдысты. — Хъæбатыр у, æвæдза! — фырцинæй хуы- дыг кæнгæйæ, дзырдта Семушкин,—донмæ йæхи тиграу баппæрста. Æмæ йын æнæ ахæм уæвæн дæр нæй—партизану. — Æмæ уæд Коншаков та кæм уыдис?—ба- фарста чызджытæй иу. — Цы у Коншаков та! Фысты ’хсæн хъæба- тыр... Девяткин та бынтон фæтарст. — Семуш- кин худæджы хуызы фæзмыдта, Санькæ æмæ Петькæ доны былтыл удаистæй куыд ратæх-ба- тæх кодтой æмæ „Фæдисфервæзын æй кæнут“,. зæгъгæ, куыд хъæр кодтой, уый. — Мах фауы,— бадзырдта Девяткин Сань- кæйы хъусы. Уыдон лæууыдысты скъолайы цæхæрадоны бæрз бæлæсты бын æмæ кастысты, сæ фароны бынæттæ бацахсгæйæ, цъиахтæ фырцинæй, цы- 57
ма расыг уыдыстьт, уый хуызæн куыд хъæр код- той, уымæ. Петькæ бацыд сугты сарамæ, Семушкин сæ кæм „фаудта“, уырдæм, фæлæ Санькæ йæхи дард- та афтæ, цыма æрмæст цъиахтæм кæсы, уый хуызæн. Фæлæ уæддæр уыд къæрцъхъус. Рагæй дæр æй зоны, Семушкин кæй уарзы ууыл алыхуызон мæнг ныхæстæ мысын, уый афтæ дæр æрæмы- сыд, зæгъгæ, дам, Санькæ рамбулы чысыл сы- вæллæтты хъултæ, йæ хынцинæгтæ та, дам, Ма- шæйæ сфыссы. Цыдæртæ та дзуры ныр дæр сы- вæллæттæн. — Йæхицæй тынг æппæлы уыцы Черкашин!— фæстæмæ æрбаздæхгæйæ загъта Девяткин.—Цы- ма мах, нæ дыууæ, Машæйы ихмæ барæй ба- сайдтам æмæ йæ уым ныууагътам. — Афтæ чи дзуры? Черкашин? - æрбамæс- ты Санькæ. •— Семушкин загъта... уыдон ныр Черка- шинимæ ахæм хæлæрттæ сты æмæ сын иу хæ- дон æгæр уæрæх дæр ма у. Æнæхъæн бон Санькæ фырмæстæй йæхицæи бынат дæр нæ ардта. Лæппутæ къордæй цыдысты Семушкины фæ- дыл æмæ сын уый дæр зæрдиагæй, алы хатт ноджы лæмбынæгдæрæй дзырдта Векшины фыр- ты фырты тыххæй. Уый куыд дзырдта, афтæмæй Федя у партизанты зындгонд разведчик, иу аст— дæс хатты бабадти æхсæвы знæгты размæ, йæ- хæдæг æрцахста дыууæ немыцаджы, цæф дæр •фæци—йæ фарсыл ис нос. Урокты фæстæ, Санькæ йæ хæлæрттимæ сæ- химæ куы здæхти, уæд та ныхас æнæнхъæлæ- джы рауади Федяйыл. — Нал æй ныууадздзыстут, æви!—смæсты 58
Санькæ.—Цæугæут уæдæ æмæ йын гæды митæ кæнут! Лæппутæ æрлæууыдысты хиды цур æмæ ныхъус сты. Доны ихтæ зынгæ фæкъаддæр сты, дон цыди змæстæй æмæ йемæ ласта, фæстейы ма цы ихтæ аззади, уыдон. — Тагъд кæсаг ахсын райдайдзыстæм,—загъ- та Цыппæрдигъон Стёпæ. — Семушкин афтæ зæгъы, мах, дам, гранат- тæ халгæйæ кæсæгты къуырма кæндзыстæм æмæ сæ афтæмæй ахсдзыстæм,—загъта Петькæ. — Кæцæй йæм æрцыди гранаттæ? — бафарс- та Санькæ. — Черкашин ын зæрдæ бавæрдта. Уый йемæ æрласта. Уымæн йæ голладжы гилдзытæ дæр ис, хæсты знагæй кæй байста, ахæм кард æмæ ма ноджы бирæ цыдæртæ. Алёшæ сæ йæхи цæс- тытæй федта. — Нæ, уый бынтондæр... Бынтондæр мысгæ кæны,—загъта Санькæ æмæ бæрæг нæ уыди, уыцы ныхæстæ Семушкинæй — Федяйæ кæмæ хаудтой, уый. Фæлæ йæ зæрдæ къæпп кодта. Æмæ кæд, мийаг, Семушкины дзæнгæда раст у, уæд та? Уæд лæппутæ иууылдæр Черкашины уæгъд нал ныууадздзысты! Æмæ ма ныр Санькæйы ныхæстæм исчи хъусгæ дæр бакæндзæн, уый йæ фыды усимæ не- мыцæй хъуццыты æмæ бæхты куыд атардта, стæй Муромецы куыд фервæзын кодта, уый тыххæй. Уæд бомбæ фехæлди бæхдоны тæккæ раз. Зæронд, стыр былджын бæх фыртæссæй афтæ нычъыллипп кодта, æмæ Санькæ зæххыл фæ- уæлгоммæ, йæхæдæг та немыцы ’рдæм алыгъд. Фæлæ Санькæ нæ фæтарст æмæ Муромецы фæс- тæмæ раздæхта. 59
Йæ риуыл баззади цæфхады цæфы фæд. Фæ- лæ ма уый диссаг кæмæ фæкæсдзæн, Векшины фырты фыртæн йæ фарсыл нос куы ис, стæй йæ голлаг та гилдзытæй йе дзаг куы у, уæд! — Уыцы Семушкин мæнг ныхæстæ дæр кæн- дзæн... Нæхæдæг æй сбæрæг кæнæм,—загъта Санькæ. Лæппутæ уым ауынаффæ кодтой. Куыд баны- хас кодтой, афтæмæй уыдон æнхъæлмæ кæс- дзысты хиды цур, Петькæ Девяткин та бацæу- дзæн Векшины хæдзармæ æмæ Федяйы ракъах- дзæн —искæимæ аивæй аныхас кæнынмæ Петь- кæйæ дæсныдæр ничи у. — Æнæмæнг-иу голлагмæ ныккæс, — бафæ- дзæхста йын Санькæ. Девяткин бацыд хæдзары цурмæ, бакасти рудзынгæй æмæ куы базыдта, зæронд Захар сæ- химæ нæй, уый, уæд дуар байгом кодта. — Ныр Девяткин булæмаргъ фестдзæни. Цыма Федяйы тыххæй ницæуыл бацауæрдид, йæхи афтæ скæндзæн,—загъта Стёпæ æмæ ныххудти. Сахаты ’рдæджы бæрц рацыди, афтæ Девят- кин фæстæмæ æрбаздæхт. — Ахæмæй дзы уæвгæ дæр ницы ис,— загъ- та уый æнкъардæй.—Бады æмæ сихоры хæрды фæстæ къустæ ’хсы. Девяткин дзырдта, зæгъгæ, Федя Черкашин ныхас кæнын бирæ нæ уарзы æмæ бæлвырдæй зонгæ дæр ницы бакодта. Æцæгæй Федя уыди партизанты отряды, фæ- лæ уым фылдæр æххуыс кодта зæронд Векши- нæн зокъотæ æмæ дыргътæ уидзынмæ æмæ пар- тизантæн хæринаг цæттæ кæнынмæ. — Цæвиттон, каш фыцæг! —фехситт кодта Санькæ.—Уæд знæгтæй та цал æрцахста? 60
— Иу дæр нæ. Разведкæйы нæ цыди, чысыл ма у. — Голлаг федтай? Гранаттæ дзы ис? — Цæй гранатты кой кæнут! — ныппыррыкк кодта Петькæ.— Уый нæ, фæлæ йæм гилдзытæ дæр нæй. Æрмæст дæр чингуытæ. — Æндæр ма цы? — Кърушка уидыгимæ, мидæггаг дзаума æмæ цавæрдæр хоры нæмгуытæ... — Хоры нæмгуытæ? — Бæлвырд сæ нæ базыдтон, кæнæ мæнæу у, кæнæ та æндæр исты. Диссаг мæм нæ касти йæ базонын дæр. — Цæхджын сайд нын акодта Семушкин,— загъта Санькæ æмæ зæрдиагæй ныххудти, ныр ын гыццыл фенцондæр ис. Уалынмæ Федя бацыд скъоламæ. Райстой йæ æхсæзæм къласмæ. Зын уыди лæппуйæн ахуыр кæнын. Бирæ фе- рох кодта æмæ ныр йæ тых йæ бонæй архайдта, цæмæй йæ ’мбæлтты фæстæ ма баззайа, ууыл. Ленæ Одинцоваимæ бауынаффæ кæнгæйæ, Ма- шæ æрæмбырд кодта пионерты æмæ сын ра- дзырдта, Татьянæ Родионовнæ сын зæронд Век- шины участочы кусын кæй бафæдзæхста, уый тыххæй. Сывæллæттæн уыди æхсызгон. Векшинæн æх- хуыс кæныныл сразы ис, пъæмидортæ зайын кæ- нынмæ йæ дæсныдзинады кой кæмæн айхъуыс- ти, уыцы Зинæ Колесова, Алёшæ Семушкин æмæ ма ноджыдæр фондз адæймаджы. Уыдонимæ баиу Федя Черкашин дæр. Æмбырды фæстæ Машæ сывæллæтты акодта зæронд лæг Векшины участокмæ. Участок уыди цæхæрадæтты фæстæ, йæ иу кæрон хæццæ код- та доны былмæ, иннæ кæрон та — хъæдрæбынмæ. 61
Лæппутæ баззадысты быруйы æттейы, Машæ æмæ Зинæ та бацыдысты участокмæ æмæ бакас- тысты, зæронд блиндажы бынаты цы чысыл хъæрмуат арæзт æрцыд, уырдæм. Сыджытæй се дзаг асыччытæм æргуыбыр кæнгæйæ, Захар. пырхгæнæнæй дон пырх кодта рассадæйыл. — Захар Митрич, мах æрбацыдыстæм,—ба- дзырдта Машæ.— Цы куыст дзы ис. Фæлæ Захар уыцы хъуыддагыл æппындæр нæ бацин кодта. — Æмæ бирæ стут? — Фараст адæймаджы. Кæд хъæуы, уæд ма ноджыдæр æрбакæндзыстæм. — Афтæ бирæ цæмæн хъæуы! — тасы бацыд Захар. — Иу дыууæ-æртæйæ æгæр дæр ма сты. Стæй зæххы куыст бирæ чи уарзы, ахæмтæ хъæуы. Зæгъæм, мæнæ ды, Зинæ Колесова... — Лæппутæ та? — Кой дæр мын сæ ма скæ! Мæтыхты хуы- зæн сæхи ахафдзысты цæхæрадæттыл, бæстæ ныссæнддзысты æмæ сæ къæхты бын ныккæн- дзысты, бахсындзысты алы къалиу дæр. Машæ æрбаздæхти, æнхъæлмæ йæм чи кас- ти, уыцы лæппутæм æмæ сын фехъусын кодта зæронд лæджы ныхас. — Уæдæ мах зæххы куыст нæ уарзæм, зæ- гъы, нæ? —фæмæсты Семушкин. Лæппутæ сфæнд кодтой Ленæ Одинцоваимæ аныхас кæнын. — Хивæнд зæронд лæг у, — ахъуыды кæн- гæйæ, загъта Ленæ.—Йæ зæрдæ йын истæмæй балхæнын хъæуы. Афтид къухæй йæм цæугæ дæр ма бакæнут. Зинæ, ды йæм цы таматы рас- садæ ныссагътай, уый равдис. Сымах та, лæп- путæ, цъиуты ахсдæттæ саразут. 62
— Нæ бон у быру срæвдз кæнын, — загъта Семушкин. — Мах ын клеверы мыккаг балæвар кæн- дзыстæм. Хъуыды ма кæнут, Андрей Иванович нын кæй æрæрвыста, уый,—дзырдта Машæ. — Мыккæгтæ ма ноджыдæр æрæмбырд кæ- нын хъæуы,—сразы Федя дæр. — Цавæр мыккæгтæ?—нæ бамбæрста Зинæ. — Алыхуызæттæ... Мæнæуы, хлепайы, хал- сарты мыккæгтæ... Дада афтæ зæгъы, зæгъгæ, дам, хорз мыккæгтæ нæмыггай агурын хъæуы. Уыцы бонæй фæстæмæ сывæллæттæ мыккæг- тæ æмбырд кæнын байдыдтой. Цыдысты сыхаг колхозтæм, ныхас кодтой полеводтимæ, цæхæра- доны куыстгæнджытимæ, фæлварæн хуымты чи кусы, уыдонимæ æмæ сæ куырдтой хуыздæр мыккæгтæ ныссадзынæн. Къуырийы фæстæ сы- вæллæттæ зæронд Векшинмæ æрбацыдысты бирæ алыхуызон мыккæгтимæ. Йæ мыккæгтæ сеппæты разæй равдыста Алё- шæ Семушкин. Уый йæ дзыппытæ иууылдæр рафæлдæхта æмæ стъолмæ æркалдта джитъри- ты, урс къумбылы æмæ къабускайы мыккæгтæ. — Æз ма ноджыдæр æрбахæсдзынæн, ды мын æрмæст зæгъ. Зæронд Захар райста стыргæнæн авг æмæ кæсын байдыдта алы мыккагмæ дæр хицæнæй. Уый фæстæ фарста Алёшæйы, мыккæгтæ кæм ссардта, цавæр зæххыл сырæзыдысты æмæ куыд æрзадысты, уымæй. — Æз сæ скъолайы сывæллæттæй пъеротæй баивтон,—аракæ-бакæйы фæстæ басасти Алёшæ. Зæронд лæг мыккæгты иууылдæр æрхафта иу ранмæ. — Дзæгъæлы фæфыдæбон кодтой. Мæн æнæ 63
паспорт мыккæгтæ нæ хъæуы. Ахæм мыккаг кæрчытæн акалын йеттæмæ ницæмæн бæззы. Иннæтæй уæлдай сæ хъуыддаг хуыздæр ацыд Машæ æмæ Федяйæн. Уыдон Локтевы колхозы фæлварæнтæ аразæг Колокольцевæй æрхастой бирæазыккон хлепайы хорз мыккаджы дæс га- гайы æмæ уырзы дзаг хъæбæр хоры мыккаг, стæй дзуапп радтой зæронд лæджы фарстатæн стæмтæй фæстæмæ, сеппæтæн дæр. Захар ныф- фыста алы сорты истори дæр чысыл тетрады æмæ мыккæгтæ бафснайдта чырыны. — Цæй, байтаудзыстæм сæ бафæлварыны тыххæй. Кæд уæ фæнды, уæд агурут ноджыдæр. Æрмæст афтæмæй, æвзарут сæ, æнæбæрæг мык- каг ма хæссут. Ныр сывæллæттæ арæхæй-арæхдæр æмбырд кæнын байдыдтой гæнахмæ æмæ Санькæ не ’мбæрста, уыдон уырдæм афтæ зæрдиагæй цæ- мæн цæуынц, уый. Иу хатт куы уыд, уæд афарста Машæйы: — Æдзухдæр Федямæ хъусут, йæ хæстон хъуыддæгты тыххæй уын дзуры? Хъæрхуыпп æмæ каш куыд фыхта, уый тыххæй?.. — Нæ, мах мыккæгтæ æмбырд кæнæм. — Цавæр мыккæгтæ? — Тауыны мыккæгтæ. Æз уал дыууæ сорты ссардтон. Фылдæр ссардтаин, фæлæ зæронд За- хар æгæр лыстæг æвзары. —Уæдæмæ хынджылæг кæнут!—йæ мидбылты бахудти Санькæ. — Цæмæн хынджылæг!—æрбамæсты Машæ.— Зæронд Захарæн æххуыс кæнæм. Кæс ма, кæс, мæнмæ цы ис, уый.—Машæ хызынæй систа цал- дæр чысыл дзæкъулы мыккæгтимæ. — Уый насы мыккаг у, уый та амураг соя. Ботаникæйы ахуыр- гæнæг мын сæ балæвар кодта... 64
— Цæй æмæ сæ фенæм! — Девяткин дзæ- къулæй цалдæр насы аппы аскъæфта, æмæ сæ йæ дзыхы баппæрста. — Ницæййаг нас дын у!— Хуылыдз æмæ тæфгæнаг. — Дæхæдæг тæфгæнаг!— смæсты Машæ æмæ дзæкъултæ амбæхста. — Ныууадз дæ митæ, ма лæбур сорты фонды мыккæгтæм! — Фонд! — ныппыррыкк кодта Петькæ. — Замманай хæринаг мыстытæн. 9 сæр ХЪÆУГÆРОН Уалдзæг кодта егъау санчъехтæ. Цъæх кæр- дæг зæхх æрæмбæрста. Арвмæ зилдухгæнгæ тахт, зарыд æмæ цъыбар-цъыбур кодта дыгоп- пон цъиу. Быдыры ’рдыгæй цыди хъарм, зæр- дæйæн æхсызгон дымгæ. Уый йемæ хаста цавæр- дæр адджын тæф. Уыцы бонты скъолайæ хæдзармæ фæндаг ныцци диссаджы даргъ. Сывæллæтты фæндыди хъæды къохы абадын. Уым обæуттыл æнæвдæлон хуызæй змæлын æмæ рауай-бауай кæнын байдыдтой мæлдзыджытæ. Фæндыди сæ цъыфдзаст былгæроны дæр алæу- уын. Ам фæзындысты фыццаг бур дидинджытæ. Бæгънæг ма уыди хъæд. Æрмæст æхсæр, фæрв æмæ бæрз бæлæстæ æруагътой сæ даргъ хъус- сæджытæ. Сывæллæттæн, хъæды астæуты лæ- гæрдгæйæ, сæ сæрмæ бадти бур рыджы тæлм. Быдыры дзæвгар суади назгæрдæг æмæ йын лæппутæ æхсызгонæй æууылдтой йæ донджын сырхбын хъæдтæ. Фæлæ уæддæр скъоладзаутæ фылдæр сæ рæстæг æрвыстой хъæугæрон. Сæхи-иу сбæ- гъæввад кодтой, раластой-иу сæ пиджактæ 5. Стожартæ. 65
æмæ-иу бирæ фæхъазыдысты иорти къуырынтæй, хæстытæй, къорийæ æмæ æндæр алыхуызон хъæзтытæй. Искуы иу хъазтæй фæстæмæ Санькæ Кон- шакрв алы хатт дæр уыд семæ. Йæ мад æй сыхæгтæм арвыстаид цæхмæ. Рацыди-иу уынгмæ, æмæ-иу лæппуты хъæугæрон портийæ хъазгæ куы федта, уæд-иу йе ’рфгуы- тæ фелхынцъ кодта, уыдонмæхæлæг кæнгæйæ. Раст кæй нæ хъазыдысты, уый тыххæй сæм кодта мæсты. Хисдæртæ фæфарс сты гыццыл лæппутыл æмæ сын хæрам кæнынц. Уæд-иу Санькæ йæхи нал баурæдта: — Раст нæ хъазут! Лæппутæ-иу ногæй, дыууæ ’рдыгæй дæр сæ тыхтæ æмхуызон куыд уой, афтæ фæ- дих сты æмæ-иу уæд хъаст ацыди бирæ хуыз- дæр. Санькæ-иу, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ къорды уыди разамонæг. Хъазджытæй-иу алкæмæн дæр бацамыдта йæ бынат æмæ йын-иу загъта, порти къуырын æй кæй фæстæ хъæудзæн, уый. Йæхи-иу урæдта порти фæстаг хатт тых- джын къуырд ныккæнынмæ. Мæнæ фыццаг хъазæг дард фæхаста лæдзæг, фæлæ фæивгъуыдта. Ныхъавыд дыккаг —уый дæр та шщы. Йæ хъуыддаг нæ ацыд æртык- кагæн дæр. Æрцыд Санькæйы рад. Ууыл сæ зæрдæ дарынц иннæтæ дæр. Санькæ сæ разамонæг у æмæ уый хъуамæ йе ’мбæлтты æмбылды фæуын ма бауадза. Санькæ тагъд нæ кæны. Уый æвзары аккаг лæдзæг. Порти æппæты фæстæ чи фæцæвы, уы- мæн, æгъдаумæ гæсгæ, ис æртæ хатты къуыры- ны бар. Фыццаг æмæ дыккаг хатт Санькæ уый бæрц тыхджынæй нæ къуыры порти, уымæ гæс- 66
гæ дард нæ ахауы. Сæ ныхмæ чи хъазы, уыдон цин кæнын байдыдтой, Санькæйы æмбæлттæ фембылд уыдзысты, зæгъгæ. Фæлæ Санькæ йæ зæрдæ йæхиуыл дары. Уый иуфарс æрæвæры, раздæр порти кæмæй къуырд- та, уыцы рог фæйнæг, бацæуы бырумæ æмæ зæх- хæйуæззау мих сласы. Бирæ фæхъавы, йæ армы- тъæпæныл æртутæ кæны, стæй уæд фæзæгъы: — Æрбаппар! Хъазджытæй иу хæрдмæ сæппары порти. Уæд Санькæ лæдзæгыл йæ дыууæ къухæй ныххæцы æмæ йæ, дард фæхæсгæйæ, ныккæны тыхджын фæстаг риуыгъд. Резинæ порти арвмæ афтæ бæрзонд схауы æмæ йын адæймаг æрхауын æнхъæл дæр нал вæййы. — Амбылдта! Амбылдта! — цин кæнгæйæ, хъæр кæнынц лæппутæ æмæ ныййарц вæййынц нысанмæ, стæй та фæстæмæ дæр. Санькæ хъазыныл фæвæййы æмæ йæ уæд æппæтдæр айрох вæййы. Уый фæстæ йæ зæрдыл æрбалæууы, сæхимæ æрбазгъоры æмæ, йæ цæст дæр нæ фæныкъулы, афтæмæй йæ мадæн фæзæгъы, зæгъгæ, сыхæг- тæм хъæдындз нæй. — Æз дæ хъæдындзмæ нæ арвыстон, цæхмæ дæ куы арвыстон, — фæзæгъы Катеринæ. — Цæххæй дæр сæ фарстон, фæлæ сæм нæй... Иу хатт лæппутæ райдыдтой „къæбæл хойын- тæй“ хъазын. Зæххы ныкъуырдтой кърандасы хуызæн цыргъ къæбæл. Йæ разы йын нывæрд- той иу къорд бæрз суджы фастаджы. Санькæ йæ алыфарс æрлæууын кодта лæппуты æмæ æв - зарын байдыдта къæбæл ласæджы. Æнæнхъæлæджы сæм æрбацыд Федя Чер- кашин. 67
— Къæбæл ласынтæй хъазут? Зонын уыцы хъаст. Къæбæл ласæджы та куыд æвзарут—хæлт- тæ æппаргæйæ, æви барвæндонæй? Агъа, ны- майгæйæ чи баззайа, уый уыдзæн къæбæл ласæг, нæ? Уæд мæн .дæр банымайут, — æмæ æрлæу- уыди иннæ лæппутимæ. Санькæ йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ сбар- ста ног æрбацæуæджы. — Банымайдзыстæм,банымайдзыстæм,—сразы Девяткин æмæ, Санькæмæ йæ цæст æрныкъул- гæйæ, æрлæууыд уый бынаты. Иууылдæр бахудтысты, уымæн æмæ зыдтой: Петькæйы куы бафæнда искæй къæбæл ласæ- гæй ныууадзын, уæд æй æххæст дæр бакæндзæн. Девяткин цыди зиллаккыл æмæ нымадта: — Тылди фæткъуы атылди, горæтыл æрзылди, чи йæ сиса, уый иуфарс рацыди... Уыцы ныхæстæй-иу фæстаг дзырд кæуыл æрхаудта, уый-иу иуфарс рацыди. Куыд фæстæ- мæ лæппутæ къаддæрæй-къаддæр кæнын байдыд- той. Æппынфæстаг ма баззадысты дыууæйæ: Петькæ æмæ Федя. Девяткин фæстаг хатт „тыл- ди фæткъуы“, зæгъгæ, афтæ цæрдæг адзырдта æмæ къæбæл ласæгæй баззади Федя. — Дæ зæрдыл дар: махмæ кæронмæ хъа- . зынц... Хатыр нæ курынц, — загъта йын Санькæ. — Уæдæ куыд хъуамæ уа, — сразы Федя æмæ зæххыл дæлгоммæ æрхуыссыд. Лæппутæ азгъордтой æмбæхсынмæ. Дзурын æмæ къæхты хъæр куы нæ уал хъуысти, уæд Федя сыстади зæххæй æмæ лæдзæгæй суджы фастаг ныххоста — сеппæтæн дæр æмбарын код- та, агурын кæй райдыдта, уый. Федя бакасти къанæуттæм, цæхæрадæттæм, кæртытæм, агуырдта къудзиты бын æмæ-иу хъа- зæджы куы ссардта, уæд-иу цыппæрвадыгæй 68
згъордта къæбæлмæ æмæ йæ æртæ цæфы кодта лæдзæгæй. Уый амыдта: хъазæг раргом æмæ хъуамæ рацæуа йæ æмбæхст бынатæй. Хаттгай-иу Федя къæбæлæй ацыди æгæр дард. Уæд-иу зæххы бынæй февзæрæгау, лæп- путæ уым фестадысты æмæ бæрз суджы фастæг- тæй къæбæл ныккъуырдтой уымæл æмæ хæмпус зæххы. Къæбæл хойыны хъæр фехъусгæйæ, Федя тахти фæстæмæ, фæлæ-иу хъазджытæ цыдæр фесты. Ногæй та-иу агурын байдыдта. Уалынмæ лæппуты сеппæты дæр ссардта. — Ныр слас къæбæл! —загъта йын Сань- кæ. Фæлæ уый афтæ æнцон нæ уыди. Æрыгон гæды бæласы цонгæй арæзт къæбæл иууылдæр ацыди зæххы. Æппындæр ыл фæхæцæн нал уыд. Федя ссардта тæнæг æфсæйнаджы гæбаз æмæ афæлвæрдта зæхх схæмпус кæныныл. — Æфсæйнагæй архайæн нæй, уый хъазты æгъдаумæ гæсгæ нæу. Ласын æй хъæуы къух- тæй, — загъта Санькæ. Федя иу дæс минуты бæрц афæлвæрдта, фæлæ йæ бон ницы баци. Лæппуты ма агурын ба- хъуыди ноджы иу хатт. Зæххы ныкъуырдтой ног къæбæл æмæ та райдыдтой ногæй. Ныр Федя агуырдта лæмбынæгдæр. Къæбæлæй дард нæ цыд, цырддзастæй касти йæ алфæмблаймæ. Уæлдай тæссагдæр æмæ арæхстджындæр хъа- зæг разынд Санькæ Коншаков. Уый æмбæхсти, адæймаг ын æппындæр æнхъæл кæм нæ .уыд, ахæм бынæтты. Дыккаг къæбæл сласын дæр Федяйы бон нæ баци. Ноджы ма йæ къах скъуырдта æмæ къуы- лых цæуын байдыдта. 69
— Хатыр ракур æмæ дын фæтæригъæд кæн- дзыстæм! —загъта йын Санькæ. — Афтæ нæ фæкæнын, — загъта Федя æмæ хатыр нæ ракуырдта. Æрбазгъордта Машæ. — Ног лæппуйыл сæхи андзæрстой, ссард- той! —фæхъæр кодта лæппутыл æмæ Федяйæн загъта, йæ бæсты ахъаздзæни, зæгъгæ. — Уыдон дын, æвæццæгæн, хæрам кæнынц... Æз сæ уайтагъддæр багæды кæндзынæн! Фæлæ Федя Машæйы йæ бæсты хъазын нæ бауагъта. Хъаст ахаста суанг изæрдалынгтæм. Райсомæй Санькæ скъоламæ фæндагыл Фе- дяйы аййæфта къуылых цæугæйæ æмæ йын худæнбылæй загъта: — Знон дæ хæс нæ бафыстай! Абон дæр та фæссихор агурдзынæ хъазджыты. — Æз! — ныддис кодта Федя. — Уæдæ чи! Махмæ иууылдæр æнæхæрамæй хъазынц. Стёпæ Карасев фарон сæрд дыууæ къуыри къæбæл ласæг уыд... Суанг ма фыдхуыз дæр ссис. Девяткин та иу хатт йæ мадæн ра- хъаст кодта æмæ йæ уæд мах хъæстытæй сеп- пæтæй дæр аиуфарс кодтам... Æмæ та фæссихор Федя ногæй æрцыд хъæу- гæронмæ. — Цæй хъазæм та къæб æл ласынтæй, æз уы- дзынæн къæбæл ласæг. — Æмæ дæуæн дæ къах куы риссы, — ныд- дис кодтой лæппутæ. — Чысыл фæдзæбæхдæр. Фæлæ лæппуты хъазын нæ фæндыди. Уыдон сфæнд кодтой калд хъæдмæ æртытæ æндзарьш- мæ ацæуын. Санькæ ма сæ хæдзарæй спичкæты къаропкæ дæр рахаста. — Хорз, мах дын хатыр кæнæм, — загъта уый. 70
— Уæдæ мæ хæс нымайын æххæстгондыл,— сдзырдта Федя. Лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты, фæлæ дзургæ ницы скодтой. Иннæ хатт та гудайæ хъазыдысты. Æрбацыди Стёпæ Карасев. — Ныр та Цыппæрдигъон æмæ ног лæппуйы раду! —сцин кодтой лæппутæ. Стёпæ уыд уæзбын, æууæндаг, хин митæ кæнын нæ зыдта, хорз не ’мбæрста хъасты æгъ- дæуттæ. Уымæй пайда кодтой лæппутæ æмæ-иу Стёпæ кæддæриддæр баззади æмбылды бынаты. Уый æппынæдзух дæр уайын кодтой гуда- йы фæстæ, згъорын æй кодтой портийы фæдыл. Хæстытæй-иу куы хъазыдысты, уæд та-иу дзы „бæх“ сарæзтой, дзыгъал-мыгъулгæнаг уæрдоны ласта миномёты згæ труба, кæцы уыцы иу хæсты нымад уыди танкты ныхмæ æхсæн æмæ уæззау цыбыр сармадзаныл дæр. Абон Стёпæйæ йæхи ирхæфста Петькæ Де- вяткин. Федя бадти хъæдтыл æмæ йæ цæст дардта хъастмæ. Зæххыл цы тымбыл зиллаггонд уыди, уый Петькæ æмбæрста йæ аууонæй æмæ йыл Стёпæйы гуда нæ уади. Лæппутæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, ныр Стёпæ изæрдалынгтæм дæр нал рамбулдзæн. Æнæнхъæлæджы Федя бацыд хъазджытæм æмæ Стёпæйæ райста гуда. — Абад уал, æз дæ бæсты ахъазон. Къорд минуты фæстæ гуда бахауд зиллаччы астæумæ. Федя загъта Девяткинæн ноджыдæр ма иу хатт ахъазæм, зæгъгæ. Петькæйæн æнæ сразы уæвæн нал уыд — хъазты ’гъдау афтæ амоны. Иу хатт ма ахъазыдысты æмæ Федя фæуæ- лахиз. Петькæ згъордта гудайы фæстæ. Федя 71
хъазыд хъавгæ, арæхстджынæй. Уый гуда лæ- дзæгæй афтæ тыхджын къуырдта æмæ-иу дыв- дывгæнгæ уæлдæфы атахт, стæй дард, фæнда- джы æттейы æрхауд. Петькæ кæрдæджы астæу агуырдта гуда æмæ, бирæ фæхъавгæйæ, архайдта гуда зиллаккмæ баппарыныл. Фæлæ-иу æй Федя тæхгæ-тæхын лæдзæгæй æндæры ’рдæм ныккъуырдта æмæ-иу цæхæра- доны смидæг. Афтæ зынди, цыма зиллаччы ал- фæмблай цавæрдæр æнæзынгæ къул ис, уый- Лæппутæ хъæлдзæгæй кастысты, Девяткин иу ранæй-иннæ ранмæ куыд згъоры, уымæ. Уый йæхи нымæр стыхст, сабыргай загъд кодта æмæ-иу Санькæмæ бакаст. Фæлæ-иу уый æрмæст йæ мидбылты бахудти: хорз цæуы хъаст, æгъдау- мæ гæсгæ, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд, уыйау. Талынг кæнын байдыдта. — Ныр нæхимæ цæуын афон у, хъаст райсом- мæ аргъæвæм! — куырдта Девяткин. — Стёпæйæ хатыр ракур, уый дæ амбылд- та, — загъта Федя. —■ Фæуын хъæуы хъаст, фæуын, —загъта Стёпæ æфсæрмхуызæй, — райсоммæ йын æр- гъæвæн нæй. Федя гудайы фæстаг хатт ныкъуырдта æмæ, чъимайау дардыл атæхгæйæ, кæмдæр цæхæра- дæтты æтте æрхауд. ДевяткинСанькæмæ бауади: — Ды та! Хионы сæрыл ма рахæц! — Афтæ дын хъæуы. Хæрæмттæ ма кæн, æнæзæрдæхудтæй хъазын хъæуы. — Хæстæг та ма дзы хуыздæр цы уа... — Тынг хæстæг стæм! Иу хурмæ нæхи та- 72
вæм — уый дын нæ хæстæгдзинад, — загъта Санькæ æмæ ныххудти. 10 сæр ПОЧТÆЙЫ Постхæссæг Тимкæ Колечкин-иу хъæуы уын- джы куы фæзынди писмотæй æмæ газеттæй дзаг хызынимæ, уæд-иу Катеринæ разгъордта йæ раз- мæ, бадавта-иу æй хæдзармæ æмæ-иу писмотæ иугай равзарын кодта, йæхæдæг сæм куыд ка- стаид, афтæ. — Катеринæ, æз æй хорз хъуыды кæнын, писмо—æндæр уæм ницы ис, — раст цыма истæ- мæй аххосджын уыд, ахæм хъæлæсы уагæй дзырд- та Тимкæ. — Нæ, нæ, равдис ма писмота*, кæд дæ, мийаг, ферох. Фæлæ та-иу уæддæр Егорæй писмо нæ уыдис. Катеринæ цыди æнкъардæй, æнæдзургæйæ, арæх хъуыста йæхимæ æмæ æнхъæлмæ касти, цалынмæ иннæ почтæ æрцæуа, уæдмæ. Раст зæгъын хъæуы, уымæй размæйау, ныр дæр изæрыгæдты сывæллæттæн дзырдта хъæбатыр салдат Егоры хъуыддæгты тыххæй, фæлæ нырон- джы хуызæн разæнгардæй нал: уыцы иу хъуыд- даджы тыххæй-иу радзырдта дыууæ хатты, йæ ныхæстæ-иу кæрæдзийыл нал бадтысты — уый ма суанг Никиткæ дæр бафиппайдта. — Нæ фыд алы хатт дæр уыцы иу немыца- джы мары? Абон бурхил, стыр хæмхудтæджыны, знон æмæ æндæрæбон дæр ахæмы куы мардта. Уый афтæ зын марæн у, æви? — Ау, æмæ æдзухдæр бурхилы мары, зæгъ- гæ, дзурын? — æрбалæууыди-иу Катеринæйы зæр- 73
дыл. Уæвгæ уыдон иууылдæр иухуызон сты... Иу халдих... — Иу хатт Коншаковтæм æрбазгъордта Петь- кæ Девяткин æмæ Санькæйæн фехъусын кодта, зæгъгæ, райсом йæ мад дыууæ уæрдонимæ го- рæтмæ цæуы (Евдокия колхозы æхсырласæгæй куыста) æмæ йæ кæны йемæ. — Цом махимæ, Коншак! Райсом хуыцаубон куы у. Киномæ бацæудзыстæм, базар дæр фен- дзыстæм. Санькæ сфæнд кодта ахæм фадатæй спайда кæнын. Йæ мадмæ фæрсæджы каст бакодта. — Ацу, Саня!—бацин кодта Катеринæ. — Поч- тæмæ дæр бауайдзынæ, писмоты тыххæй бафæрс- дзынæ. — Уый Тимкæйы хъуыддаг куы у. — Æгæр сабыр адæймаг у уый... Æвæццæгæн ын писмоты сеппæты дæттгæ дæр нæ ракæнынц. Ды сын зæгъ хъæбæрдæрæй, базмæлын сæ кæн. Чи зоны æмæ дæ фыды писмо искуы къуымы ба- хаудта æмæ уым лæууы. Дзæбæх æй рацагу- рæнт. — Хорз, бацæудзынæн, — сразы Санькæ. Райсомæй уæзбын Евдокияйæн Санькæ бах- хуыс кодта бæхтæ сифтындзынæн. Стыр был- джын зæронд Муромецыл акодта хамут. Æрæл- хъывта гуыбын бæдтæн, бабаста рагъгæрз. Æп- пынфæстаг араст сты фæндагыл. Санькæ Петькæимæ цыдис разæй, Муромец ивтыгъд кæм уыди, уыцы уæрдоны, Евдокия та иннæ уæрдоны — фæстейы. Фæндагыл уæрдæттæ аййæфтой Тимкæ Ко- лечкины. — Почтæмæ? — бафарста йæ Санькæ.— Сбад, бахæццæ дæ кæнæм. 74
Тимкæ схызти уæрдонмæ, систа йе стыр картуз æмæ асæрфта йæ хидæйдзаг ных. — Бафæлладтæ, постхæссæг? — Мæ куыст зын у, Коншак. — Цæмæй? — Фронты йæ лæг, кæнæ йæ лæппу æгас кæмæн сты, уыдонæй писмо куы уа, уæд хорз у. Фæлæ ма дæхæдæг ахъуыды кæн: æрæджы уæртæ Ульянæ Князьковайæн æрхастон йæ лæг æнæбæрæгæй фесæфт, зæгъгæ, ахæм гæххæтт. Уымæн та фондз æнахъом сывæллоны баззад. Æртæ боны размæ та Дашæйæн йæ фырты мар- ды тыххæй. Ай размæ къуырийы ахæм хабар райстой Вороновтæ. Цыма халерæй ркнчын дæн, уыйау мæ адæм фæйнæрдæм лидзын бай- дыдтой... Ноджы арæх æрхъуыды кæнын мæ фыды -дæр. Нал, ныр уадз æмæ æндæр ис.чи цæуæд писмотæм... — Ныууадз, ныууадз, — ныуулæфыд Санькæ.— Хæсгонд дын кæм æрцыд, уым сæ хæсс—Стæй фæхъус æмæ афарста :— дæуæн дæ фыд хæсты цæмæй уыд? — Сапёр... Уый дæр зын куыст у. Минæ йыл фехæлди, — æмæ Тимкæйы цæстытæ фæтъæ- бæртт-фæтъæбæртт кæнын райдыдтой. Мæ фыд æгас куы уаид, уæд æз ме скъола ныууагътаин? Ахуыр кæнин демæ æхсæзæм къласы. Санькæ ахъуыды кодта йæхи фыды тыххæй. Йæ зæрдыл цæмæндæр æрбалæууыди сæрдыгон райдзаст бон, уæд уыдон æнæхъæн бинонтæй дæр ацыдысты Локтевойы, хъæумæ сæ хæстæджытæм уазæгуаты. Феня чындзы хуызæн хæрз арæс- тæй—йæ сæрыл лентытæ, йæ хъуырыл фæрдгуы- тæ, афтæмæй цыди разæй. Йæ фæстæ цыдис сæ фыд, Никиткæ йе уæхскыл, афтæмæй. Сæ фарс- мæ йæ мад, сеппæты фæстæ та Санькæ. Уый 75
уыд мæсты æмæ никæимæ ныхас кодта. Уазæ- гуаты кæй цæуынц, уый тыххæй йыл йæ мад скодта даргъфындзджын, ног хъысхъысгæнаг дзабыртæ, фыд та зæрдæ бавæрдта, æппæт би- нонты дæр цъæтджын уæрдоиы Локтевомæ ала- сынæй, фæлæ сæ уый бæсты акодта æнæуынæр быдырон фæндагыл. Фыд цыди сабыргай, астæумæ мæнæуы-иу бацыди, йæ армытъæпæны æвзæрста æфсирты æмæ йæ цæстытæй кодта цъынд каст. — Æвæдза куыд хорз у! Фæззæджы нæ мæ- нæуæн ныккæнæн дæр нал уыдзæни. Уый фæстæ, тутт фæдæгъттæ æртонгæйæ, райдчдта уасæнтæ аразын. Уыдон кодтой цъиу- ты уаст; мæнæуы зæнгтæй та арæзта, æнкъард æмæ цъæхснаг уасаг уадындзтæ; хæрисæй æмæ къутæрхæрисæй та — хъустæ æмыргæнаг æхситт- гæнæнтæ. Бæстæ байдзаг æнахуыр концерты уынæрæй. Сывæллæттæ уасыдысты сæ уасæнтæй, сæ уадындзтæй кодтой æхситт æмæ булæмаргъы зарджытæ. Уый фæстæ бацыдысты хъæдмæ. Æрыгон хъæдæн цыди йæ сыфтæрты сыбар-сыбур, цыма Коншаковтæ уазæгуаты Локтевойы хъæумæ иæ, фæлæ мæнæ ацы бæрзытæм, гæды бæлæстæм æмæ нæзы бæлæстæм цыдысты, уыйау. Цавæрдæр æнæ- зонгæ нысантæм гæсгæ фыд ардта цъиуты ахс- дæттæ, хъахъæдта уызыны, æхсæрсæттæджы; кæнæ мæлдзыджыты губаччы цур æрхуысгæйæ, дзырдта, губаччы цæрджытæ куыд куыст- уарзаг сты, уый тыххæй. Сывæллæттæ дæр дисгæнгæйæ цыдысты йæ фæдыл. Санькæ раджы ферох кодта йæ райсомы маст, ныр æй йæ даргъ— фындз дзабыртæ нал хъыгдардтой. Уый йæ ху- ды дзаг æрæмбырд кодта цъиуы æйчытæ, хæ- 76
луарæджы тынтæ йыл стыхстысты, йæхи бæласы чъиуæй самæста. — Уазæгуаты куы цæуæм, Егор, — æрбалæу- уыд æвиппайды Катеринæйы зæрдыл, — æвæц- цæгæн нæм афонмæ æнхъæлмæ кæсынц.—Стæй йæ лæгмæ æмæ сывæллæттæм бакæсгæйæ, мæс- ты тылд скодта йæ къухтæ. — Æз уыл æхсад, итувæрд дарæс куы скодтон, уæд ма ныр уæ- химæ бакæсут, цы хуызæн стут? Æвзалы судз- джытæ, маймулитæ. — Ницы кæны, — ныххудти Егор. — Махæн ам нæхи бæрæгбон дæр хорз цæуы. ... Æмбисбонмæ уæрдæттæ бахæццæ сты го- рæтмæ. Евдокия радта æхсыр æмæ бæхтæн хæ- ринаг нывæрдта. Уый фæстæ йæ фырты йемæ акодта æмæ базармæ ацыди. Санькæ æмæ Тимкæ ацыдысты почтæмæ. Фæндагыл цæугæйæ кинойы витринæйы ныв- тæ федтой, чысыл сывæллæттæн къафеттæй уас- джытæ балхæдтой, бакастысты стадионмæ, кæд- дæр Санькæ йæ фыдимæ фудболæй хъазджытæм кæм касти, уырдæм. Ныртæккæ стадионы фуд- болæй ничи хъазыди, цавæрдæр лæппутæ дже- богътæй рæхуыстой уисæй быд чучелты. — Уыдон дæр хæцгæ кæндзысты? — бафарс- та Тимкæ. — Нæ, уыдоннырма ахуыркæнынц, — бамбарын кодта Санькæ, — хæстонтæ нæма сты. Почтæйы кусæг Тимкæмæ радта газетты æмæ писмоты стыр’тыхтон. — Стожарæгтæ æрбахæццæ сты. Йæ тæккæ дзаг у уæ писмоты бынат. — Тимкæ, цымæ махмæ писмо нæй? — йæ хъусы йын бадзырдта Санькæ. Цæй æмæ сæ фенæм. Тимкæ йæхæдæг дæр нæ хъæцыд писмотæм 77
æркæсынмæ. Уыдон рацыдысты цæхæра- донмæ, æрбадтысты бандоиыл æмæ кæсын байдыдтой писмотæм: уыди дзы открыткæтæ, гæххæттæй конд æртæтигъæттæ æмæ газетæй арæзт къонверттæ дæр. „Маринæ Ивановнæ Ракитинæмæ“, — бакас- ти Тимкæ æмæ йæ цæстытыл ауади, абон изæ- рæй уыцы æртæтигъон къонвертимæ Машæйы мадмæ куыд бацæудзæни, уый. Маринæ бирæ рæстæг куатæйæ сæрфдзæн йæ къухтæ, стæй йæ армытъæпæнмæ хъавгæйæ райсдзæни писмо, цырагъмæ йæ хæстæг бахæс- дзæн, бакæсдзæн æй, стæй йæ зæрдыл æрлæу- дзæн æмæ Тимкæйы цур æрæвæрдзæн æхсыры къус, стыр хæйттæй æркæрддзæни дзул æмæ йæм хатдзæнис: „Кæд дæхи тыххæй нæ хæрыс, уæд та Андрей Ивановичы тыххæй ахæр. Цæ- мæй уый дæр афтæ æфсæст уа æмæ тагъддæр адзæбæх уа“. Ацы писмо та Тимкæ бахæсдзæн Колесовтæм. Зæронд Иван æрæмбырд кæндзæн сæ бирæ бинонты, æрбахондзæн сыхæгты, йæ кæсæнцæстытæ йæ фындзы хъæлыл авæрдзæн, бæхыл саргъ авæрæгау, æмæ æнæхъæн сахаты бæрц кæсдзæни писмо йæ танкист фыртæй. — Махмæ нæй, æмæ нæй,— ныуулæфыд Санькæ æмæ ахъуыды кодта, сæхимæ йæ мадæн цы зæгъдзæни, ууыл. Фæлæ мæнæ уый цы у? Писмоты æхсæнæй Санькæ раласта хъæбæр урс къонверт. Адрес фыст у биноныг, машинкæйæ: облæст, район, хъæусовет. „Стожарты хъæу, Пушкины но- мыл колхоз, Катеринæ Васильевнæ Коншако- вамæ*. „Коншаковамæ, Коншаковамæ...“—йæхи ны- мæр дзырдта Санькæ. Фæлæ адрес æмæ быды- 78
рон почтæйы номер машинкæйæ фыст цæмæн сты, къонверт ахæм биноныг, писмо тæнæг æмæ рог цæмæн у? Нæ, уый йæ фыдæй нæу. Уы- мæй-иу цы писмотæ цыди, уыдон уыдысты нæрст, уæззау, къонверт та-иу уыди бæзджын æндахæй хуыд. Уæдæ кæмæй у цымæ? Санькæйы къухтæ ауазал сты, уыдаист каст акодта æмæ фемдзаст Тимкæимæ. — Цы кодтай, Санькæ? Цы дыл æрцыд...— сабыр æмæ йæм тарстхуызæй сдзырдта Тимкæ. — Бакæс ма йæ. Санькæ ризгæйæ аскъуыдта къонверт: „Дæ лæг, Егор Платонович Коншаков, фæ- мард хъæбатырæй Райгуырæн бæстæйы сæрап- понд хæсты“,— бакаст уый. Фæстæмæ куы раздæхтысты, уæд Муромецы тардта Тимкæ, Санькæ та дæлгоммæ хуыссыд уæрдоны. Стожартæм уæрдæттæ æрыздæхтысты изæр- далынгты. Санькæ тыххæйты рахызти уæрдонæй, ба- цыд бæхмæ æмæ бирæ рæстæг хамуты бос рай- халын нæ фæрæзта. Уалынмæ йæ цæсгом фæзылын, йæ сæр Му- ромецы тæвд бæрзæйыл банцой кодта æмæ хæ- къуырццæй кæуын райдыдта. — Саня... Мауал ку, цæй ма цавæр дæ, уан- цон нæу... — йæ алфæмблай рауай-бауайгæнгæ, катайы бацыд Тимкæ,— дæхиуыл фæхæц, цæссыг- ты коммæ куы кæсай, уæд дæ сæр бахъуыди. Зоныс, махмæ марды хабар куы сыхъуысти, уæд æз æппындæр нæ куыдтон...—Тимкæйы хъæлæс зырзыр кæнын байдыдта.—Æхсæв-иу чысыл кæд 79
акуыдтон, æндæр... Адæмы раз æппындæр нæ куыдтон... Санькæйы зæрдæ ныррысти, йæ цæстытыл ауади, йæ фыды марды гæххæтт Катеринæмæ куыд дæттдзæни, уый. Уый æнæ ’мбаргæ цæсты- тæй бакæсдзæн гæххæтты гæбазмæ, стæй бан- доныл бахаудзæн æмæ зæрдæхалæн æрдиаг нык- кæндзæн, Тимкæйы мад куыд куыдта, афтæ. Æр- базгъордзысты Феня æмæ Никиткæ, иыддæвдæг уыдзысты сæ мады юбкæйыл æмæ сæ кæуын хъуысдзæни æнæхъæн сыхыл. „Нæ, цыфæнды куы фæуа, уæддæр уымæн уæвæн нæй,—тарстхуызæй ахъуыды кодта Сань- кæ,— фæлтау алидздзынæн... хæдзармæ дæр мæ- хи нал бавдисдзынæи. Йæ хæдоны риуы дзыппы аскæрста къæр- къæргæнаг писмо, йæ цæссыгæйдзаг цæстытæй бакасти урссæр Тимкæмæ, стæй афæлгæсыд йæ алфæмблай. — Тимкæ, куыд дæм кæсы, мæ мадмæ мар- ды хабары гæххæтт куы нæ равдисин, уæд? — Уый та куыд? —дисы бацыд Тимкæ. — Ахæм хъуыддагæн басусæггæнæн нæй... — Стæй кæд исты рæдыд у, мийаг, уæд та... Уæртæ Андрей Иванович дыууæ азы сæфт уы- ди æмæ ныр фæзынди. — Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ дæр вæййы, — æнæбæрæг дзуапп радта Тимкæ, стæй Санькæйы къухыл рахæцыд æмæ йын йæ сæрæй ацамыдта:— уæртæ ма... дæ фыды ус... Санькæ фестъæлфыд æмæ ракаст. Сараты цурты бæхдонмæ тагъд-тагъд æрбацæйцыди Катеринæ. Санькæ тымбыл къухæй уайтагъд йæ цæссыгтæ, асæрфта тыххæй-фыдæй райхæлд- та хамутбос, гузитæ суæгъд кодта, стæй Му- ромецы рауагъта рæтæнæгъдты астæуæй. 80
— Ныртæккæ йæ фыццаг фарст уыдзæн писмойы тыххæй... — йæхи бакъул кæнгæйæ, загъта Тимкæ. Санькæ хæстæгдæр балæууыд йе ’мбалмæ æмæ йын фидарæй загъта: — Цы фæнды куы фæуа, уæддæр æй нæ равдисдзынæн. Ды дæр мацы зæгъ. Нæй æмæ нæй!Бамбæрстай?—Санькæ арф ныуулæфыд, фæ- лæ та кæуыны къуыбар ногæй йæ хъуырмæ схæц- цæ. Мад æрбахæстæг. Ныртæккæ йæхи кæй нæ бауромдзæн æмæ йæ хъæлæсы дзаг кæй ныббогъ- богъ кæндзæн, уый бамбаргæйæ, Санькæ вожийæ Муромецы ныццавта. Бæх йæхи размæ асхуыста æмæ йæ цæвхадджын уæззау сæфтæгæй ныллæу- уыд лæппуйы къахыл. Къах тынг фæрысти. Санькæ ныхъæр кодта, бæхы рохтæ суагъта æмæ къуылых-къуылыхæй уæрдоны ’рдæм багæпп кодта. — Цы кодтай, цы?—æрбазгъордта Тимкæ. Æрбазгъордта Катеринæ дæр. — Мæ хæдзарыл, уый йын бæх йæ къахыл куы ныллæууыд!—æмæ, йæ зонгуытыл æрлæугæ- йæ, йæ фырты цырыхъ хъавгæ раласта. — Бынтондæр сæрра ацы бæх... адæмы цæ- вын байдыдта,—загъта Санькæ æмæ Муромецмæ йæ къухæй бартхъирæн кодта. Бæх йæ сæр дæлæмæ æруагъта æмæ лæууыд скъæты цур, цыма йæ лæппу афтæ æнæхъуаджы кæй бафхæрдта, ууыл хъуыды кодта, уый хуызæн. Тимкæйы æххуысæй Катеринæ Санькæйынык- кодта сæхимæ, йæ рæсыд къахыл ын сæвæрдта хуылыдз хæцъил æмæ йæ бæттын райдыдта зæ- ронд хисæрфæнæй. Фыдæй писмо ис, æви нæ, зæгъгæ, йæ куы афæрса, уымæй тæрсгæйæ, Сань- кæ йæхи афтæ æвдыста, цыма йæ къах тынг б. Стожартæ. 81
риссы, æмæ хъæрзын, нæтын æмæ хъæр кæнын байдыдта. Фæлæ йæ Катеринæ уæддæр бафарста. — Нæ райстон... Никæмæ уыди писмо,—йæ сæр батилгæйæ, дзуапп радта Санькæ. Къулæй йæм касти йæ фыды хъæлдзæг хуыз- ист—Катеринæ æмæ сывæллæттимæ хæдзары раз. Йæ фарсмæ ноджы æндæр къам: хъæууон хæ- дзарадон равдысты, Мæскуыйы, йæ фыд лæууы мæнæуы бæрзонд куырисимæ. Ныр та? Ныр Санькæ æппындæр никуыуал фендзæни йæ фыды, ныр уыдон иумæ никуыуал ацæудзысты быдырмæ хортæ уынынмæ, кæнæ уы- гæрдæнтæм хос кæрдынмæ. Уый хуызæн хорз ын ничиуал сараздзæн уасæнтæ æмæ уадындзтæ, ничиуал ын кæндзæни ахæм хорз зарджытæ Сыбыры, Волгæйы, бæхтæрæг æмæ йе’ртæ бæхы тыххæй... Санькæ йæхимæ ахæм æкамонд æмæ мæгуыр æркасти æмæ та ногæй фемæхстысты йæ цæс- сыгтæ. — Бахъæц ма иу чысыл, дæхи лæг куы хоныс! Бæх дæ маргæ, мийаг, куы нæ акодта, — загъта Катеринæ æмæ арф ныуулæфыд. — Цæй лæмæгъ стут, æвæдза! Ныр Егорыл исты фыдбылыз куы ’рцæуид, уæд æз сымахимæ куыд цæрин? Санькæйы схуыссын кодтой хуыссæны. Мад хæдзарæй куы рауади, уæд Тимкæ йæ алыфарс афæлгæсыд, стæй æргуыбыр кодта Сань- кæмæ: — Æз дæ федтон, бæхæн дæхи барæй ныц- цæвын кодтай... — Тимкæ!—Санькæ йæ хуыссæны рабадти æмæ цæлхъывта лæппуйы къух.—Хъусыс!.. Ма- кæмæн мацы зæгъ писмойы тыххæй! Ард бахæр, Тимкæ! 82
// сæр ЗÆХХ Æртæ боны цыди уалдзыгон хъарм уарын. Уый, уисойæ мæрзæгау, зæхх асыгъдæг кодта, йæ зымæгон хуыссæгхъæлдзæгхуыз ын фæсырдта æмæ бæстæ райхъал, цъæх адардта æмæ уæлæ- мæ тагъд рæзыныл фæци. Доны был хæристыл æмæ фæрвытыл фæзынди тæнæг сыфтæртæ, цыма бæлæстыл исчи æрттиваг цъар æрцауыгъта, уый хуызæн. Фыццаг дзæбæх райсом Захар Векшин сфæнд кодта участочы зæхх скъахын. Сындæггай скодта йæ дзаумæттæ, Федя ма райхъал уа, зæгъгæ. Уый хъæццулы бын хуыссыд тымбы- лæй. Зæронд лæг барæй нæ сыстын кодта йæ фыр- ты фырты. Фæндыди йæ базонын, кæддæра зæх- хы куыст уарзы, стæй куы райхъал уа, уæд йæхæ- дæг участокмæ æрызгъордзæни, æви нæ, уый. Хæдзарæй рацæуыны агъоммæ Захар баздæхт Федямæ, кæрцæй йæ æрæмбæрзон, зæгъгæ. Фæлæ хуыссæн разынди афтид. Зæронд лæг мæты ба- цыд æмæ араст участокмæ. Дардмæ ауыдта, сау фæздæг хæрдмæ куыд цæуы, уый. Захар йæ цыд фæтагъддæр кодта. Участочы астæу сыгъди стыр арт. Арты алфæмблай рауай-бауай кодтой Машæ æмæ Зинæ Колесова. Уыдон артмæ æппæрстой фароны джи- търиты хæтæлтæ, пъамидоры бур хъæдтæ, стæй æппæт участокæй æмбырдгонд бырæттæ. Лæппутæ, Федя сæ сæргъы, афтæмæй, рæвдз кодтой участочы быру, раст кодтой зылын кауы михтæ, иуæй-иу рæтты йæ быдтой ногæй. — Афтæ, афтæ!—дис кæнгæйæ загъта Захар. 83
Сæхи цы фæнды уый куыд кæнынц? Хицæуттæй агæпп кодтой... Æвиппайды радымгæ кодта æмæ участочы къуымæй цæйдæр къæрц фæцыди. Зæронд лæг акаст. Бæрзонд чучыл æм тылд- та йе стыр хъæмпын худ æмæ хъæмпын къухтæ. Захар æрзылди чучылы алыфарс æмæ, йæ сæр ныттилгæйæ, загъта: — Арæхстджын сты, æвæдза! Уалынмæ йæ хъустыл ауади цъиуты зарын. Бæлæсты урс къалиутыл ’сæ ног конд ахстæтты цур ратæх-батæх кодтой, æвзалыйы хуызæн, са- тæгсау цъиутæ. Мæнæ дзы иу æвиппайды ба- тахт йæ ахстонмæ, минуты фæстæ та ратахти фæстæмæ, сбадти бæрз бæласы къалиуыл, нып- парахат кодта йæ чысыл базыртæ, цингæнгæйæ бацъынд кодта йæ цæстытæ æмæ цъæхснаг за- рæг ныккодта —æвæццæгæн уый зарыди, дард хъарм бæстæйæ æппынфæстаг йæхи бæстæм кæй æрыздæхти æмæ йæ ног цæрæн бынатæй тынг разы кæй у, уый тыххæй. Йæ армытъæпæны аууонæй Захар касти сау цъиумæ, бирæ йын фæхъуыста йæ зарджытæм æмæ йæ цæсгом рухсæй-рухсдæр кодта. — Захар Митрич,—æрбазгъордта Машæ зæ- ронд лæгмæ, — зæхх та къахын кæд райдайдзыс- тæм? Мах ма белтæ дæр сцыргъ кодтам. Захар йæ цæст ахаста сывæллæттыл, адаудта йæ урс боцъотæ æмæ йæ мидбылты бахудти. — Цы чындæуа сымахимæ, хивæнд адæм стут æмæ! Уæддæр мæ сразы кодтат. Зæхх кæд къахдзыстæм, уымæй мæ фæрсут? Æмæ йæ уæхæдæг цæуылнæ зонут. Уынут, сау цъиутæ сæ ног бынæтты æрцардысты. Афон у зæхх къахы- нæн дæр. Æрмæст афтæ баныхас кæнæм,—загъ- та зæронд лæг, æмæ йæ мидбылты худт цыдæр 84
фæци. — Фыдуаг митæ кæнын куы райдайат, кæ- нæ исты уæ къæхты бын куы ныссæндат, уæд уæ ацы хæдзарадмæ нал æрбауадздзынæн. — Иууылдæр фехъуыстат?—бафарста Машæ лæппуты. — Уый æнæуый дæр зонæм, — загъта Се- мушкин. — Кæд уæ исты кусæндзаума хъæуы, уæд æфсæрмы ма кæнут, рахæссут сæ уæртæ уæр- мæй,—бар радта Захар. — Æмæ йыл гуыдыр æвæрд куы ис, Захар Митрич. Стæй æдзухдæр дæгъæл æмбæхсгæ куы кæныс, — бафиппайдта Машæ. — О, хæдæгай, ферох мæ ис! — загъта зæ- ронд лæг æмæ ныххудти, стæй сывæллæттæн ба- цамыдта дæгъæлы бынат. Уый фæстæ сывæллæтты æрлæууын кодта участочы куыстытыл. Иууылдæр цæхæрадон къа- хын райдыдтой. Федя йæ тых йæ бонæй бел хъæздыг зæххы ныссагъта, раппæрста стыр къуыбар, стæй йын йæ нæу алыг кодта. Йæ фарсмæ къахта Машæ. Уый уарзта уыцы куыст. Иæ мад ын-иу алы хатт дæр уалдзæджы цæхæрадоны рахицæн кодта чысыл хуым æмæ-иу уыцы хуым скъахта æмæ ныссагъта Машæ йæ- •хæдæг. Джитъритæ æмæ къабуска Машæмæ уый бæрц диссаг нæ кастысты. Уый фæндыди, хъæу кæй нæма федтой, ахæм исты æрзайын кæнын. Иу хатт Андрей Ивановичы фæндон- мæ гæсгæ уый йæ хуымы ныссагъта „люфа“ зæгъгæ, кæй хуыдтой, ахæм кæцондæр æнахуыр мыккаг. Уый куы райрæзыди, уæд кауыл схылди, хуымæллæджы хуызæн, ракалдта стыр урс дидин- джытæ, стæй йыл уалынмæ фæзынди джитъриты хуызæн цыдæртæ. Фæлæ фæззæджы куыд рабæ- рæг, афтæмæй ног джитъритæ уыдысты дæрзæг, 85
хæрынæн æнад, суанг ма сæ хъомтæ дæр нæ хордтой. Лæппутæ худтысты Машæйыл, йæ люфæйыл ын кодтой худæджы зарджытæ. Уалынмæ йын ахуыргæнæг загъта, чугуны сæ фыцгæ доны цæ- вæр, зæгъгæ. Куы рафыхтысты, уæд Машæ чугу- нæй систа мочалкæтæ, денджызы губкæты хуызæн, — Уый дæр ницы кæны! Халсар сæ кæд нæ рауади, уæддæр хæдзары мидæг мочалкæтæ ба- хъæудзысты, — раппæлыди мад йæ чызгæй. Сывæллæттæ сахат æмæ æрдæжы бæрц акуыстой участочы, стæй скъоламæ азгъордтой. Машæ сфæнд кодта абон æнæмæнг Санькæ- имæ баныхас кæнын. Фæлæ уый къласы нæ ра- зынди. Чидæр загъта, зæгъгæ, дам, Санькæйы къахыл бæх ныллæууыдис æмæ сæ хæдзары бады. Урочыты фæстæ Машæ арасти Стыр сыхмæ, цъаймæ—уыцы цъайы дон уыди сеппæтæй сыгъ- дæгдæр æмæ хæрзаддæр, стæй ма уымæй уæл- дай, бауайæн уыдзæн Коншаковтæм дæр. Уазал рæхысы кæрон бабаста ведрайы хæцæ- ныл æмæ, сæмæн йæ армытъæпæнæй уромгæйæ, ведра ауагъта цъаймæ. Уый фæстæ йæ къухтыл æртутæ кодта æмæ ведрайы уæлæмæ ласын бай- дыдта. Фæлæ цыма рæхыс ведрайæ феуæгъд, афтæ йæм фæкаст. Машæ ныккасти цъаймæ æмæ йæ зæрдæ ба- уазал: ведра рæхысы кæроныл нал уыди. Чызг смæсты: ведра уыди ног, урс зестæй, йæ мад æй æрæджы горæты балхæдта. Æрбацыд Семушкин. — Дæ ведра ныххауд? Хъуыды дæр æй ма кæн, мах æй уайтагъддæр фелвасдзыстæм. Уый кæцæйдæр æрбахаста зæронд хæбырæгъ, бабаста йæ рæхысыл æмæ дзы цъайы бын ведра агурын байдыдта. 86
Æрбамбырд сты Стыр сыхы лæппутæ. Цыма ахынджылæг кæнынæн фадат кæй фæцис, уый базыдта, уый хуызæн æрбазгъордга Девяткин; къуылых-къуылых, лæдзæджы æнцæйтты æрба- цыди Санькæ дæр. Иууылдæр кастысты арф æмæ æбæрæг цъай- мæ, кодтой кæрæдзийæн æнæкæрон бирæ уынаф- фæтæ. Цалдæр хатты ауагътой хæбырæгъ цъай- мæ, фæлæ ведрайыл нæ хæст кодтой. — Кæсагахсджытæ, æнгуырыл æндæр исты бакæнын хъæуы, афтæмæй ницы æрцахсдзыстут. Афæлварут ма æнгуырыл бындз, кæнæ уаллон бакæнын, — худтис Девяткин. Стæй мæстæй- марæгау зарын байдыдта: „Фесæфтис мæ ведра, фесæфти мæ ведра...“ Рухсаг уæд! — Æцæгæй дæр, Машæ, йæ сисын нæ бон нæ бауыдзæн,—æнкъардæй загъта Семушкин. — Эх, сымах дæр дзы лæгтæ! Æз лæппу куы уаин, уæд цъайæ нæ, фæлæ... фæлæ денджызы бынæй дæр цыдæриддæр сисин, — уайдзæфгæнæ- гау загъта Машæ. — Мæнæ цы хъæбатыр у! — йæ дзыхы дзаг ныххудти Девяткин. — „Денджызы бынæй“, дам, каркæн йæ уæрджытæм чи уа, худæй кæй бам- бæрзай, ахæм денджызæй зæгъыс? — Дæ дзых цы ныххæлиу кодтай! — æрба- мæсты Машæ. — Куы мæ бафæнда, уæд æй бæ- гуыдæр сисдзынæн! — Хæцут мыл!—Девяткин ныххудтæмæ, зæх- хыл атулгæйæ, йæ къæхтæ тилын райдыдта. — Куыннæ сисдзæн, стæй! Дон ихтæ ласын куы байдыдта, уæд доны сæрты куыд ауади, афтæ... Мæнæ худæг! Машæ смæсты. — Æцæг зæгъын æз! — ныхъæр кодта уый,— 87
Рæхыс мын мæ астæуыл бабæдтут... æмæ мæ цъаймæ ауадзут! Лæппутæ ныддис кодтой. Стёпæ рахæцыд Машæйы дысыл æмæ йæ сæр ныттылдта. Машæ йæхæдæг дæр æмбæрста, уæлдай кæй загъта, уый, фæлæ йын гæнæн нал уыд. Фев- нæлдта рæхысы кæронмæ æмæ йæ роны хуы- зæн йæ астæуыл бæттын байдыдта. Санькæ нырмæ бадти иуфарс æмæ лæдзæ- гæй зæхх схъаудта. Ныр сыстади, цъаймæ нык- касти, чызгæй рæхыс райста æмæ Девяткинæн загъта: — Суджы лыггаг ма рахæсс. — Цавæр лыггаг? — Бæрз, хæрис куы уа, уæддæр ницы кæны. Къуызыртæ йыл ма уæд æрмæст. Тагъддæр! Девяткин йе уæхсчытыл дисгæнæгау схæцыд, йæ был фесчъил кодта, фæлæ уæддæр суджы лыггаг æрбахаста. Санькæ лыггаджы астæуыл бабаста рæхыс, бæхбадт ыл скодта, хæбырæгъ йæ къухтæм райста æмæ лæппутæн загъта, цъаймæ йæ ауадзæнт, зæгъгæ. Йæ хъист-хъист цæугæ рæхыс сындæггай цыди бынмæ. Арф кæцæйдæр æрттывта дон. Цъайы уыд уазал, кодта дзы хъуынайы æмæ æмбыд хъæды тæф, талынгæй- талынгдæр кæнын дзы байдыдта. Санькæйы зæр- дæ бауазал. Йæ сæры цæмæндæр фегуырди ахæм хъуыды, цыма уæлейы, хурмæ чи баззади, уьь ^дон ныртæккæ алырдæм алидздзысты æмæ уый ’быитондæр ацы уынгæг, æнуд цъайы баззай- дзæн. Цæмæй ма тæрса, уый тыххæй йе ’мбæлт- тæм уæлæмæ хъæр кæнын райдыдта: „Тагъддæр æй уадз!“, „Æмрастдæр ыл хæц!“ Æппынфæстаг хæбырæгъ доныл сæмбæлд æмæ йæ цъæпп фæцыди. 88
— Æгъгъæд!—схъæр кодта Санькæ уæлæмæ. Рæхыс ныллæууыд æмæ уæд хæбырæгъæй цъайы бын ведра агурын байдыдта. Дæс минуты фæстæ лæппутæ Санькæйы сластой цъайæ. Йæ къухы уыд зест ведра. Лæппу æрлæууыд зæххыл. Йæ алфæмблай уынг йæхи цъæх кæрдæгæй сфæлыста. Дымгæмæ цæуы бæлæсты сыфтæрты сыбар-сыбур, хур та афтæ хъæлдзæгæй æмæ райдзастæй касти, æмæ Санькæ æнæбары йæ цæстытæ аууæрста. Машæмæ та афтæ фæкаст, цыма Санькæйы цæстыты, йæ цæсгомыл цы хæлуарæджы тынтæ стыхстысты, уыдонæй исты бахауд æмæ йæм доны ведраимæ бауад: — Дæхи цæхс, Санй! Иууылдæр цъайы цурæй куы ахæлиу сты, уæд Машæ йæхи нал баурæдта, аййæфта Сань- кæйы. — Саня, — сдзырдта Машæ, стæй ныхъус æмæ æппынфæстаг загъта: — æз ницæйы тыххæй ныххыстаин цъаймæ... уым талынг, бырынцъаг у... стæй дзы, æвæццæгæн, хæфсытæ ис... — Æз æй зыдтон, ды цъаймæ нæ ныххиз- дзынæ, уый. Машæ бакасти лæппуйы баст къахмæ. — Афтæ дзырдтой, бæх, дам, дæ йæ зæвæтæй ныццавта. Риссы дын, Саня? — Куыдз къуылыхæй нæ мæлы. — Æмæ куы сдзæбæх уа, уæд махмæ, уча- стокмæ кусынмæ æрбацæудзынæ? — Чысыл хуымты змæнтынмæ? Дидинджы- тæ — æрыскъæфтæ садзынмæ? Кæнæ та люфæ— мочалкæтæ кæнынмæ? — загъта Санькæ æмæ æнкъард худт бакодта. — Люфæ цæмæн, — фæхъыг каст Машæмæ,— фæлвардзыстæм алыхуызон мыккæгтæ. Зоныс, 89
мах цас æрæмбырд кодтам! Захар Митрич ахæм мæнæуы мыккаг ссардта æмæ, дам, сеппæт мык- кæгтæй дæр хуыздæр рауайдзæн. — Кæддæр уыди хорз мæнæуы мыккаг...Фе- хъуыстай, уымæн мæ мад цы бакуыста, уый? Ныр марадз æмæ фæлварæнтæ кæн! — Дæ фыд та, Саня... — Цы мæ фыд? Цы зоныс ды мæ фыды тых- хæй? — Санькæ æвиппайды фæзылди Машæмæ,— мæ фыдыл æртындæс азы дæр нæма цыди, афтæ уади гутоны фæстæ, йæ бинонты хаста. Йæ цард-цæрæнбонты зæххы куыст кодта. Фондз азы фæцархайдта, уæддæр уыцы мæнæу æрзайын кодта... — Махæн дæр... нæ бон у фондз азы! — фи- дарæй дзырдта Машæ. — Дæс азы дæр фæуæд! Уæддæр мæнæн сымахимæ ницы ис. — Санькæ йæ къух ауыгъта æмæ, лæдзæгыл æнцой кæнгæйæ, сындæггай ацыди сæхи ’рдæм. „Цы йыл æрцыди? Йæхи уызыны хуызæн куы схъуынтъыз кодта, ныхасмæ хъусгæ дæр нал кæны“, — ахъуыды кодта Машæ, Санькæ афтæ æвиппайды кæй æрбамæсты ис, ууыл. Зæронд Захары æххуысгæнджыты колхозы хуыдтой „Векшины бригад“. Æмæ уыцы бригад алы бон дæр, стæмтæй фæстæмæ, æмбырд кодта участокмæ. Сывæллæттæ скъахтой æппæт участок; тет- рады гæххæтты сыфы хуызæн æй кълеткæтæ- кълсткæтæ ныккодтой æмæ дзы чысыл хуымтæ сарæзтой. Срæвдз кодтой быру, сарæзтой дзы балаган, участочы кæрæй-кæронмæ тел бабастой æмæ йыл сауыгътой консервы афтид къоппытæ. æвгтæ, æфсæйнаг тæлытæ. Исчи-иу цæхæрадоны дуар 90
куы бакодта, уæд-иу участок иууылдæр дзыгъал- мыгъул ссис. Стыр сыхы лæппутæ иу иннæйы фæдыл цы- дысты „Векшины бригадмæ“. Иу хатт Санькæ æмæ Петькæ сæмбæлдысты Цыппæрдигъон Стёпæйыл. Уый ныггуыбыр, афтæмæй йе ’ккойы участок- мæ фйецæйхаста фароны æхсынæнты хъæдты стыр куырис. — Дæу дæр сæхимæ бакодтой? Æккойы хæссæгæй, æви куыд?—йæ фæндаг ын ахкæдта Дейяткин. — Уый куыд у, Степан? — бафарста йæ Санькæ. — Быдыры иумæ кусдзыстæм, зæгъгæ, сфæнд кодтам, ды та æндæры ’рдæм фæдæ... — Зоныс, Коншак... — Стёпæ æрæвæрдта йе ’хсынæнты хъæдты куырис æмæ асæрфта йæ цæсгомы хид. — Диссаджы хъуыддаг æрхъуыды кодта Федя... водопровод аразæм. — Водопровод?! — Мæнæ æхсынæнты хъæдтæ кæрæдзимæ ныхæй-ныхмæ æнгом сæвæрдзыстæм æмæ сæ ауадздзыстæм донмæ. Уым та боцкъа цæвæр- дзыстæм, æмæ дон йæхæдæг уайын байдайдзæн. Ныр нын æппындæр хус рæстæгæй тас нал у. Мах ма Федяимæ ноджы культиватор дæр аразæм! — Аразгæ изобретателтæ кæнынц, сымах та чи стут? —загъта Девяткин. Фæлæ та Стёпæ йæхи афтæ скодта, цыма йæ уынгæ дæр нæ кæны, уый хуызæн. — Цæугæ кæн, фæлæ дæхимæ кæс! Нæ кæ- сагджын бынæттæ нын уыцы Федяйæн ма баца- монай, ма йæ акæнай къозоджын æмæ æрыскъæф- джын сусæг бынæттæм. Уæд дын мах бацамон- дзыстæм! —карзæй æртхъирæн кодта Девяткин. 91
— Тынг æй хъæуынц уæ бынæттæ! — загъта Стёпæ æмæ ныххудти. — Уый йæхæдæг алцыдæр ссардзæн. Зоныс, куыд цырддзаст у, уый! Знон нын дзырдта хидзæбæхгæнæн кæрдæджыты тых- хæй: туг кæмæй лæууы, хъæдгом кæмæй дзæ- бæх кæны, ахæмты тыххæй. Захар Митричимæ отряды куы цардысты, уæд партизанты уыцы кæрдæджытæй дзæбæх кодтой. — Цæй ма, изобретатель, алы ’рдæм апырх кæн дæ хæзна, — карзæй загъта Девяткин æмæ халын байдыдта, æхсынæнты хъæдтæ цы синагæй баст уыдысты, уый. — Ма йæм æвнал!— баурæдта йæ Санькæ.— Уадз æмæ йæхи ирхæфса, йæхи хъуыддаг у. Девяткин йæ сæр ныттылдта, разы нæ дæн, зæгъгæ. — Цы дыл æрцыд, Коншак? Афтæмæй нæ сых иууылдæр Федькæйы командæмæ бацæу- дзысты. Фæлæ Санькæ йæхи афтæ скодта, цыма Де- вяткин разы кæй нæу, уый æмбаргæ дæр нæ кæны, уыйау. 12 сæр ÆХХУЫСМÆ Райсомæй нырмæ Захар сæхимæ нæ уыд æмæ Федя сфæнд кодта сæ мидæггаг дзаумæттæ цæхсын. — Æрбахаста цъайæ дон, доны былæй та змис, ердженæй сарæзта мочалкæ. Уый фæстæ йæ зæронд хæдон стылдта доны æмæ йæ къæсæры раз, дзаума ’хсæн фæйнæджы хуызæн, лæгъз дурыл байтыгъта, байзæрста йыл змис, чысыл æй сапонæй сфынк кодта æмæ йæ йæ тых йæ бонæй мочалкæйæ хафын бай- 92
дыдта. Сапоны фынчытæ фæйнæрдæм пырх кодтой. Федя архайдта тагъд: мийаг Машæ куы ’рбауайа, уæд ын райдайдзæн æххуыс кæнын æмæ амонын дзаумæттæ æхсын куыд хъæуы, уый. Федя та уарзы йæхирдыгонау æхсын. — Уый диссаджы æхсæг æмæ хæдзары ми- гæнæг куы дæ! —ауади Федяйы хъустыл кæй- дæр ныхас. — Афтæ тыхджын æууæрдгæйæ хæдон нæ, фæлæ дуры дæр а^лæбырын кæндзынæ. Федя йæм ракаст. Йæ фæстæ лæууыди Кате- ринæ Коншакова. — Искуы дæр ма мидæггаг дзаума афтæ æхсгæ федтай? — Федтон, — иу чысыл фæмæсты уæвгæйæ, дзуапп радта Федя. — Махæн нæ отряды иууыл- дæр афтæ кодтой. Хæрзæхсад цæуынц, стæй сын сапон дæр къаддæр хъæуы. Катеринæ йæ сæр ныттылдта æмæ йæ зæр- дыл æрлæууыд, æрæджы сæм Захаримæ цы ны- хас рауад, уый. Зæронд лæг ын радзырдта, зæгъгæ, Федяйæи йæ мад уыд бригадир „Высо- кое“, зæгъгæ, совхозы. Хорыл арт куыд æн- дзæрста, афтæмæй йæ немыц ацахстой æмæ йæ артмæ баппæрстой. — Афтæ мæм цæмæн кæсыс? — бафарста Федя, Катеринæ йæм æдзынæг кæй кæсы, уый бафиппайгæйæ. — Нæ, нæ, афтæ æнæуый аджих дæн, куыд цæрут ам зæронд лæгимæ? —загъта Катеринæ. — Хорз цæрæм... Катеринæ бацыд хæдзармæ. Пъол уыд æрдæг æхсад, пецы къултæ нал зындысты сæгæй, стъолыл уыди чъизи къустæ æмæ тæбæгътæ. „Баиу сты дыууæ сидзæры — зæронд æмæ æвзонг“,— тæригъæдгæнгæйæ ахъуыды кодта 93
Катеринæ, стæй фелвæста йæ бæмбæгджын къурт- кæ æмæ фæдзырдта Федямæ: — Цæй ма, февналæм иумæ...дон стæвд кæ- нæм, пъол ныххафæм. Захаримæ хъæды, ми- йаг, нæ цæрут. Ноджы фыццæгæм маймæ дæр бирæ нал ис. Уæртæ Машæ дæр æххуыс кæ- нынмæ æрбазгъоры,—рудзынгæй чызджы ауын- гæйæ, загъта Катеринæ. Зæронд Захар сæхимæ куы ’рбаздæхти, уæд Катеринæ бæндæныл ауыгъта æхсад дзау- мæттæ. Хафт æрцыд стъолы чъизи, ног æхсад пъолыл тыд æрцыд дзæбæх тæфгæнаг ерджен. — Уыцы хорз æххуыс нын чи кæны? —хæ- дзары къæсæрыл , æрлæугæйæ, хъуынтъызæй загъта Захар. — Æмæ кæд æз æххуыс хъуаг нæ дæн, уæд та? — Æххуыс æххуысы хыгъдмæ, Захар Мит- рич, — загъта Катеринæ æмæ къурткæйы дзып- пæй стъолмæ æркалдта мæнæуы гагатæ. — Кæс ма, тауынæн цавæр мыккаг райстон — сысджыйæ йæ тæккæ дзаг у. Сыгъдæггæнæнæй йæ дыууæ хатты ссыгъдæг кодтон-, фæлæ уæддæр не ссыгъ- дæг. Куыд æй байтыдæуа афтæмæй? Зæронд лæг бакодта йæ кæсæнцæстытæ, бирæ февзæрста нæмгуытæ æмæ сразы, ахæм æнæв- зæрст мыккаг тауын пайда кæй нæу, ууыл. — Цы чындæуа, Захар Митрич, исты мын бауынаффæ кæн, — загъта Катеринæ. — Ахъуыды ма кæн, Егор Платонович-иу куыд кодта. Мыккаг-иу æнæуый дæр хорз уыди, уый та ма-иу æй ноджыдæр къухæй равзæрста. Иу рыджы мур дæр-иу дзы нал ныууагъта. Уый фæрцы та тыллæгыл æфтгæ кæны. — Мæ мад дæр афтæ кодта, — сындæггай 94
сдзырдта Федя, мæнæуы нæмгуыты астæуæй æв- зистхуыз æмæ хæмпус сысджы æвзаргæйæ. — Хъуыды йыл кодтон, — загъта Катеринæ.— Мыккаг раздæр куы райстаиккам, уæд æй афон- мæ раджы равзæрстаиккам, зындзинад дæр ни- цæмæ æрдардтаиккам. Фæлæ ма ныр кæд... тауын афон куы ’рхæццæ кæны. Зын зæгъæн у, раздæр чи кæй басхуыста, уый, фæлæ Федя æмæ Машæ кæрæдзимæ ба- кастысты æмæ иуфарс, къуыммæ ацыдысты. — Ды дæр ууыл ахъуыды кодтай? — сындæг- гай йæ афарста Машæ. Федя йæ сæр батылдта. — Банымай ма, цас сывæллæттæ ис æрæм- бырд кæнæн? — Иу фынддæс — ссæдз адæймаджы уал... — Цæй уæдæ афтæ зæгъæм. Федя æмæ Машæ бацыдысты стъолы цурмæ. — Катя, — загъта чызг,— мах æрæмбырд кæн- дзыстæм бирæ сывæллæттæ... — Мыккаг æвзарын зын нæу, сарæхс- дзыстæм, — баппæрста йæ ныхас Федя дæр. Катеринæ йæ сæр бæрзонд систа, дисгæнгæ- йæ бакасти Машæ æмæ Федямæ, стæй та За- хармæ. — Уымæй раст зæгъынц!—загъта Захар Митрич æмæ, йæхицæй ныббузныг уæвгæйæ, йæ мидбылты бахудти: ома, æз хорз зонын сывæл- лæтты хъуыддаг. — Кæд уæ фæнды, уæд табуафси! —бацин кодта Катеринæ. — Фæлæ скъола та... тагъд сын экзаментæ уыдзæн. — Ахуыры фæстæ, уый нæ ницы бахъыг- дардзæн, —загъта Машæ. Дыккаг бон уыд хуыцаубон, фæлæ Катеринæ райсомæй раджы æрæмбырд кодта колхозон 95
сылгоймæгты æмæ сæ ракодта амбары цурмæ мæнæу æвзарынмæ. Сæ мадæн æххуыс кæнынмæ рацыдысты Санькæ æмæ Феня дæр. Феня куыстмæ бавнæлдта зæрдиагæй, цæрдæг, фæлæ Санькæ сындæг змæлын кодта йе ’нгуылдз- тæ, ницы дзырдта æмæ тæргай каст кодта мæнæуы стыр кæримæ. „Цы йыл æрцыд? Куыст йæ зæрдæмæ нæ цæуы, æви истæмæй рынчын у? —мæтгæнгæйæ ахъуыды кодта Катеринæ. Афæстаг бонты йæхи хуызæн нал у.“ Æмæ йын сындæггай йæ хъусы бадзырдта: — Кæд дын уроктæ бирæ ис... уæд ацу æмæ ахуыр кæн. Санькæ хæрдмæ скаст. Æцæгдæр! Æнкъард куыст у, нæй йын фæуыны хъомыс. Хуыздæр уыдзæн бæхдонмæ, кæнæ куырдадзмæ куы ацæуа, уæд, уым хуыздæр у! Фæлæ Санькæ нæма сыстад, афтæ амбары цурмæ æрбацыди бирæ лæппутæ æмæ чызджы- тæ, сæ разæй Машæ æмæ Федя, афтæмæй. Уы- дон æрбадтысты мæнæуы кæрийы алфæмблай æмæ кусын райдыдтой. — Уый бæрц адæм ды æрæмбырд кодтай? — сындæггай афарста Феня йе ’фсымæры. Санькæ йæхи, цыма ницы фехъуыста, афтæ скодта æмæ ракасти, чи ’рбацыд, уыдонмæ. Цымæ кæй сæр æрцахста адон æрæмбырд кæнын? Ау, Федя æмæ сæ Машæ æрæмбырд кодтой? Машæ æрбадти Феня æмæ Санькæйы ’хсæн, йæхицæн мыккаджы кучкæ рахицæн кодта. — Цæй ма, Саня, кæддæра чи тагъддæр рав- зардзæн... хæснагыл! —æмæ йын йæ къухтыл цæст нæ хæцыд, афтæ тагъд æвзарын байдыдта мæнæуæй сысджыйы нæмгуытæ. 96
Санькæ æнæсдзургæйæ йæхи иуфарс аласта. — Дæхи тыххæй цы кусын кæныс? Кæд дæ искуыдæм цæуын хъæуы, уæд цæугæ... Ныр нын фæуыдзæн æвзæрст, — загъта йын Катеринæ. Санькæ бамбæрста, амбары цурæй йын иу цалдæр санчъехы акæнын дæр куыд зын у, уый. — Мæн никуыдæм цæуын хъæуы, — загъта сындæггай æмæ æргуыбыр кодта мæнæумæ. — Пелагея, — фæдзырдта Машæ Колечкина- мæ, уый кодта æнкъард зарæг, - æндæр зарæг нæ зоныс? Ахæм æнкъард куыннæ уа} афтæ. Кæннод мах нæхæдæг ныззардзыстæм. — Гъе уымæй раст зæгъыс,— райдай æндæр зарæг, — загъта Катеринæ. Машæ Зинæ Колесовайæн йæ цæстæй аца- мыдта æмæ уый сыгъдæг æмæ цъæхснаг хъæлæ- сæй ныккодта „Катюшæйы“ зарæг. Æртæ боны дæргъы урочыты фæстæ Федя æмæ Машæйы æмбæлттæ цыдысты амбары цур- мæ. Уалынмæ мæнæу сыгъдæггонд фæци. Катери- нæ нæ зыдта, йе’нæнхъæлæджы æххуысгæнджы- тæн куыд раарфæ кæна, уый. Фæлæуут, æз уæ ног хор куы ’рзайа, уæд афтæ хорз ма фенон æмæ... Адджинæгтæ уын скæндзынæн, махсымæ дæр уын сфыццынæн. — Махсымæ мах бирæ уарзæм, — йæ цæст æрныкъуылдта Семушкин иннæтæм, — æрмæст Стёпæ йæхæдæг æнæсулæфгæйæ æнæхъæн къæр- та бануаздзæн. Хорз кæй бакуыстой, уымæй райгонд уæв- гæйæ, пионертæ Ленæ Одинцоваимæ цыдысты Стожарты уынгты дæлæмæ. Фæталынгдæр æмæ хæдзæрттæй рухс зынын байдыдта. — Æвæдза, рæвдз февнæлдтам! Милуан га- 7. Стожартæ. 97
гайы равзæрстаин, æвæццæгæн, — раппæлыди Семушкин. — Милуан! Æууилгæ та дзы цал бакодтай?— ныххудти Стёпæ. — Мæнæу равзарыны тыххæй хорз æрхъуы- ды кодтат,— загъта Ленæ. — Цы, уый зонут? Цæй æмæ Катеринæйы бригадæн суанг хор æрцыды он’г æххуыс кæ- нæм! — йæ цæуын фæуромгæйæ, загъта Федя. — Æцæг, æцæг... цæй баххуыс ын кæнæм!— сразæнгард Машæ. — Зæронд лæджы ма рох кæнут, — бахудти Ленæ æмæ сывæллæтты афарста, „Векшины хæдзарады“ сæ куыст куыд цæуы, уымæй. — Фидауын байдыдтам. Зæронд лæг ма нын суанг дæгъæлы бынат дæр бацамыдта, — дзуапп радта Машæ. — Векшин æгæр тызмæг у, ницæй тыххæй дæр загъд кæны,— рахъаст кодта Семушкин. — Тызмæг нæу æппындæр, фæлæ нæ куыст домы. Æмæ раст кæны. Знон дын хуым барувын бахæс кодта, ды та йын йе’мбис дæр не скод- тай, афтæмæй дæхи найынмæ алыгътæ,— загъта Машæ. — Æмæ хур куыд сыгъта уый зоныс. Иу гыццыл хи æруазал кæнын дæр хъæуы. — „Гыццыл!“ Афтæмæй та йæхæдæг суанг изæрдалынгтæм рактæ ахста. — Захар Митрич хорз æгъдау уарзы,— загъ- та Ленæ худгæйæ.— Мах æм куы куыстам, уæд раздæр афтæ ’нхъæл уыдыстæм æмæ тыз- мæг у. Ныр æй бамбæрстам, алцæмæйдæр нын пайдайы хос кæй фæци, уый. Захар диссаджы зæронд лæг у, алы кæрдæг дæр зоны... æртиссæдз азы зæххы куыст кæны. Скъолайы уæ ахуыргæн- 98
джытæм куыд фæхъусут, афтæ йæм хъусут, йæ ныхæстæ йын уæ зæрдыл дарут. Æрттиваг стъалы, арвы астæуты атæхгæйæ, тар хъæды фале кæмдæр æрхауд. Сывæллæттæ йæ фæстæ кæсгæйæ баззадыс- ты æмæ бирæ фæкастысты арвмæ—уым, цæхæр- тау, æрттывтой стъалытæ. — Андрей Иванович уын стъалыты тыххæй дзырдта?— сындæггай бафарста Ленæ. — Арæх,— дзуапп радта Стёпæ. — Уæдæ Стожартæ, зæгъгæ, кæй хонынц, уыцы стъалыты къорды ссардзыстут? Сывæллæттæ бирæ фæкастысты арвмæ, æрт- тиваг стъалыты ’хсæн агуырдтой, фæдзæгъæл- иу сты æмæ та-иу ногæй æрбаздæхтысты Фисым- мæ Цæуæг стъалытæм, стæй та-иу ногæй агу- рынтыл схæцыдысты. — Ссардтон, ссардтон сæ, — сеппæты разæй схъæр кодта Машæ, — уæлæ Стожартæ, авд чы- сыл стъалыйы. Андрей Иванович-иу æдзухдæр афтæ дзырдта: „Нæ хъæу амонджын у, ууыл стъалыты ном ис\ Сывæллæттæ арвмæ нал кастысты. Уыдои дзурын байдыдтой хæсты, Сырх Æфсады тых- хæй, сæ фыдæлтæ æмæ хисдæр æфсымæртæ сæ уарзон Стожартæм ногæй кæд æрбаздæхдзысты, уыцы хæстæг бонты тыххæй. 13 сæр „АХХОСÆГТЫ СÆР“ Амæй размæйы хуызæн Катеринæ тынг æн- хъæлмæ касти Ьторæй писмотæм. Горæтмæ-иу чи цыди, уыдонæй алкæмæн дæр фæдзæхста почтæмæ бауайын æмæ уым службæгæнджытæн 99
рауайдзæф кæнын,— æвæццæгæн уыдон сафынц салдæтты писмотæ. — Диссаджы мад ис дæуæн, Коншак,— загъ- та иу хатт Девяткин. — Дæхæдæг диссаг! — æрбамæсты Сань- кæ.— Уый бæрц рæстæг дæ мад писмо куы нæ райсид, уæд канд адæймагæн нæ, фæлæ ма цъи- уæн дæр фæдзæхсид: фæтæх æмæ хъуыддаг ба- зон, зæгъгæ... Фыды марды хабары гæххæтт, мийаг, æнæн- хъæлæджы мады къухтæм куы бахауа, уымæй тæрсгæйæ, Санькæ гæххæтт хаста йæ риуы дзыппы, куы хуыссыди, уæд та-иу йæ хæдон ба- кодта йæ нывæрзæн. Уынджы хъæзтытæ æмæ хиирхæфсæн митæ ныр уый бæрц диссаг нал кастысты Санькæмæ. Нæдæр портийæ хъазгæйæ тыхджын цæф, нæдæр гороткитæй хъазгæйæ лæдзджыты тых- джын къуырдтытæ, нæдæр рамбулæг командæйы хъæлдзæг худт нал хъардтой Санькæмæ, стæй афтæ зынди, цыма йæм æппындæр ницыуал бахъардзæн, уыйау. — Цавæр дæ, цавæр...— æнкъардæй йе’мба- лæн уайдзæф кодта Тимкæ, æгъдау куыд нæ амоны, афтæмæй-иу хъазт йæ тæккæ цыренæй æрдæгыл куы ныууагъта, кæнæ-иу хъазджыты цурты куы фæраст, уæд. Æмæ Санькæйы ныхæстæй ырхæфсгæйæ, Тимкæ дзырдта, зæгъгæ, знон портийæ хъазгæйæ, гыццыл ма бахъæуа, Алёшæ Семушкины æмбæлт- ты ма амбулой. — Мах æнæмæнг фæуæлахизуыдаиккам, фæ- лæ порти къуырæг Петькæ Девяткин уыди. Æмæ Петькæ цæй къуырæг у! Мæнæ ды куы уыдаис махимæ... Санькæ æнæдзургæйæ касти иуфарсы ’рдæм. 100
Уый æмбæрста йе’мбæлттимæ кæй нæ вæййы, уый сыл кæй фæзынд, фæлæ уымæй Санькæйæн æнцондæр нæ уыд. Фæци-иу ахæм минуттæ дæр, æмæ афтæ куы зынди, цыма Санькæйæ æнкъарддзинад ахицæн. Арæзт цы хæдзæрттæ цыди, уыдоны раз фæрæт- ты гуыпп-гуыпп æмæ хырхы æхситт, куырдадзы æфсæйнаджы зæланг, бæхты мырмыр хизæнуæт- ты — уыдонмæ хъусгæйæ-иу Санькæйæ рæстæг- мæ айрох йæ маст, Скъолайы ахуыры фæстæ-иу Санькæ бирæ фæлæууыд куырдадзы цур, кæнæ та згъордта бæхдонмæ. Æххуыс кодта бæхтæм зилæг Василисæ Се- дельниковайæн куысты фæстæ бæхтæ суæгъд кæнынмæ, уый фæстæ-иу сбадти йæ рагон лымæн бæх Муромецыл æмæиу сæ аскъæрдта æхсæв хи- зæнмæ. Бæхтæ бон-изæрмæ кæй бафæллайынц, уый æмбаргæйæ сын Санькæ кодта тæригъæд, фæлæ сæ рæгъаумæ бирæ нал хъæуы, зæгъгæ, уæд-иу йæхи нал баурæдта æмæ-иу сæ фæцагайдта. Уыцы рæстæг-иу æм афтæ касти, цыма уый йæхæдæг нæ,фæлæ йæ фыд эскадронимæ тæхы быдыры, дард фæхæссы æхсаргард æмæ кæрды немыцы. Седельникова раздæр Санькæмæ кодта мæсты: — Ды, хъазахъаг-барæг, афтæмæй бæхты хур- хæй амардзынæ! Фæлæ лæппу уæндонæй, æдæрсгæйæ бæхтæм куыд бацæуы æмæ сын сæ миниуджытæ иууыл- дæр хорз кæй зоны, уый куы федта, уæд йæ маст лæгъз ныхасмæ раивта: — Саня, зæгъ сын æмæ дæ мæнæн æххуыс- гæнæгæй сæвæрой. Кæсдæр бæхгæсæй кусдзынæ. Фæллойбонтæ дын фысдзынæн. 101
Санькæ йæхи бацæттæ кодта æмæ йæ мадæн загъта бæхдонмæ йæ кусынмæ цæмæй ауадза, уый тыххæй. — Дæ зæронд ныхæстæ та райдыдтай,— йæхи фæхъуынтъыз кодта Катеринæ. — Кой дæр æй ма скæн! Цалынмæ æвдæм кълас фæуай, уæдмæ дæ никуыдæм ауадздзынæн. Дæ фыд куыд фæдзæхста? Зын куы уа, уæд дæ фæстаг дзаума дæр ауæй кæн, ауæлдай кæн хъуг дæр, цыфæн- ды фæуæд, уæддæр Саня куыд сахуыр уа, афтæ. Санькæ ахъуыды кодта. Раст у уый. Йæ фыд- иу арæх дзырдта: — „Ды, Саня, хæдоны мидæг райгуырдтæ. Ныр дæ цард-цæрæнбонты ахуыр кæндзынæ“. Уый уарзта фæрсын, йæ фыртæн цавæр урок- тæ лæвæрд ис, ныккасти-иу ын йæ тетрæдтæм, райдыдта-иу хынцинæгтæ хынцын. Хынцинаг скæнгæйæ, фыд ницы дзырдта, фæ- лæ хинæйдзаг худт кодта: „Афтæ ’нхъæлыс æмæдьш æй зæгъдзынæн? Ницы рауайдзæн уымæй!Рахид кæнын дзы хъæ- уы, искæйы цæттæтæм гæппæввонгæй ма лæуу“. Фыдмæ уæлдай хуыздæр кастысты Пушкины, Кольцовы, Некрасовы æмдзæвгæтæ. Уыдоны Санькæ ахуыр кодта наизусть, Егор сыл цин кодта, йæ зæронд хорз зонгæтау, æмæ-иу йæ зæр- дыл арæх æрлæууыдысты ахæм рæнхъытæ: Уый федта йæ фыд-иу куыд зылдис хуымтæм, Нæмгуытэе куыд тыдта хæмпусгонд зæххы, Стæй уый фæстæ хуымты куыд задысты хортæ... „Уыныс, мæ хур, цыма сырх зынг æфсæйна- гæй йæхицæн бынат скодта, уыйау æнусмæ зæр- дæйы куыд баззад“. Уый фæстæ Санькæ сæрæстырæй бафиппайд- 102
та, йæ фыдæн уыимæ ерыс кæнын зынæй-зындæр кæныр кæй у, уый. „Тых кæнын мыл райдыдтай,— сразы фыд,— гъемæ хорз, цу размæ, мæ фырт, хиз стыр ахуы- рады бæрзæндтæм. Мах дын ницы бавгъау кæн- дзыстæм“. Фæлæ ма уыдон ныр Санькæйы цæмæн хъæ- уынц, йæ фыд ын, мийаг, йæ тетрадмæ куы никуыуал æркæсдзæни, скъоламæ ахуыргæн- джытимæ аныхас кæнынмæ куы никуыуал бацæу- дзæн!.. Санькæ йæ мады коммæ бакасти — бæхдон- мæ нæ ацыди, фæлæ уæддæр йæ пълантæ æх- хæст кодта æмæ иу минут дæр æгуыстæй нæ бадти. Ахста кæсаг, цыди хъæдмæ, стыгъта сусхъæ- ды цъар, уыдæста йæ малы æмæ дзы быдта бæн- дæнтæ. Зæрдиагæй æнхъæлмæ касти сæрдмæ, зокъотæ æмæ сау нæмгуытæ æмбырд кæныны, мыды бындзытæ ахсыны фадат кæд фæуыдзæн, уæдмæ. Вæййы чи фæдзæгъæл, ахæм мыды бын- дзытæ: ^æрбатæхынц кæцæйдæр, сбадынц хæ- дзары сæрыл, кæнæ бæласыл æмæ уæд— дæ хъа- ру æмæ дæхæдæг. Уый фæстæ-иу доны был ракодта æрыгон хæрис уисгæ æмæ быдта карзинкæтæ æмæ кæ- саг ахсæн чыргъæдтæ. Иунæгæй кусын æнкъард уыд æмæ æрбакод- та Тимкæ Колечкины æмæ Ваня Строкины. Æнцон цæрæн нæ уыди Тимкæйæн дæр. Къуыри дыууæ хатты цыди почтæмæ писмотæм, стæй сæ уæрста колхозыл. Хæдзары дæр ын къаддæр куыст нæ уыди. Тимкæ къахта цæхæ- радон, сæгъæн хаста къалиуты сæстытæ, хас~ та уистæ, лæвæрдта хæринаг йæ чысыл хотæн 103
æмæ бон цалдæр хатты фæстæмæ хъоммæ скъæрд- та сæ бур роды, уый ахæм æдылы уыди, æмæ- иу сахаты ’рдæгмæ фæстæмæ æрбалыгъд æмæ скъæты смидæг. Тимкæ уыди æдых, æфсæрмыгæнаг æмæ йæ арæх æфхæрдтой лæппутæ, уымæ гæсгæ стæм хатт йеттæмæ уынгмæ нæ цыди. Фæлæ ныр æууæндаг Тимкæйæн бафхæрæн, кæнæ фæсайæн нал уыди. Алы хатт дæр-иу йæ цуры февзæрд Санькæ хъуынтъыз æмæ мæсты- хуызæй æмæ-иу йæ фарс рахæцыд. Тимкæйы æфхæрын фæнд-иу чи скодта, уьь мæ-иу хæстæг бацыди, йæ къухтæ йæ синтыл æвæрдæй, æмæ йын-иу загъта: — Дæ зæрдыл дар! Æмæ лæппутæ зыдтой, уыцы ныхæсты фæс- тæ Коншакмæ ныхмæ лæууæн кæй нæй, уый. Санькæ лымæнæй-лымæндæр кодта сабыр Тимкæимæ æмæ иууылдæр дис кодтой уыцы диссаджы лымæндзинадыл. Скъолайы фæстæ уый цыди Колечкинтæм, æххуыс кодта Тимкæйæн хæдзары куыстытæ кæнынмæ, æмæ лæппутæарæх уыдтой Тимкæйы хивæнд роды хъоммæ куыд тардтой, уый. Уый фæстæ Санькæ ахуыр кодта йæ уроктæ, Тимкæ та бадти йæ фарсмæ, касти йæм æмæ-иу ныу- улæфыд, Санькæйæ афтæ фæстæуæз кæй баззади, уый тыххæй. Санькæ æмæ Тимкæ цы карзинкæтæ быдтой, уыдон раздæр уыдысты зылын-мылынтæ, фыд- уынд, фæлæ сæ уæддæр колхозонтæ истой æмæ сын фыстой дзулæй, картофæй, æхсырæй. Адæм сæм райдыдтой заказтæ дæттын: кæй дзауматæ æвæрæн карзинкæ хъуыд, кæй та кæрдæгхæссæн. Санькæйы пайдаджын куысты хабар фехъус- 104
гæйæ, Петькæ Девяткин курын байдыдта, сæхи- мæ йæ куыд айсой, уый тыххæй, йæ хæрынкъа раттыныл дæр ма сын сразы ис. Дыккаг бон Петькæ загъта, зæгъгæ, кар- зинкæтæ æгæр аслам уæйгонд цæуынцæмæ сын сæ аргъ фæбæрзонддæр кæнын хъæуы. — Уый та куыд! Нæхионтимæ аргъыл дзу- рæм?— не сразы Санькæ. Уый фæстæ Санькæ бавнæлдта цæхæрадоны куыстытæ кæнынмæ. Хъуыддаг райдыдта уымæй, æмæ Евдокия Девяткинæ Петькæимæ скъахта сæ цæхæрадон, стæй ма иу стыр гæбаз колхозы зæххæй дæр. — Уый бæрц уæ цæмæн хъæуы?— бафарста Санькæ иу хатт Петькæ Девяткины.—Уæ хъуы- ры фæбаттдзæни. — Цытæ дзурыс,— бахудти уый, — цæхæра- донимæ фесæфынæй тас нæу. Ныр горæты сеппæтмæ дæр цæхæрадæттæ ис. Санькæ бакасти йæ цæхæрадонмæ. Мад йæ фылдæр рæстæг æрвыста быдыры æмæ цæхæ- радонæн йе’мбис йеттæмæ къахт не’рцыд. Санькæ райста бел æмæ къахын райдыдта, суанг изæрдалынгтæм фаекъахта, афтæ тынг ба- фæллад æмæ ма ’хсæвæр хæргæйæ суанг стъо- лы уæлхъус фынæй дæр баци. Райсомæй райхъал, скъоламæ цæуынмæ ма бирæ рæстæг уыди, афтæ, æмæ та ногæй рацы- ди цæхæрадонмæ. Æхсызгон сыбарсыбур кодтой Коншаковты æмæ Девяткинты цæхæрадæтты æх- сæн зæронд сусхъæд бæлæстæ. Уалдзæджы уы- дон фесты æрыгондæр, сæхи сфæлыстой бæз- джын цъæх сыфтæрæй. Гыццыл фалдæр та за- ди стыр урс къæбырттæг, цы ма мигъ кауыл ауындзæгæй аззад æмæ йæ бон фæхицæнуæвын æмæ атæхын нал у, уыйау. 105
Къæбырттæджы фале, цæхæрадоны кæрон арвмæ йæхи ивæзта æрыгон гæды бæлас. Уый, Санькæ фыццаг къласы куы ахуыр кодта, уæд йæ фыд ныссагъта. „Уый дæр де’мбал у, — загъта Егор йæ фыртæн,— бакæсдзынæн, цымæ уæ тагъддæр чи сырæзид æмæ йæ уидæгтæй зæххыл фидардæр чи ныххæцид“. Гæды бæлас раздæр уидаг нæ уагъта, стæй уæддæр талатæ рауагъта æмæ ныр сси бæрзонд, хæрзконд бæлас. Фæлæ.йын йе’мбал гæды бæласы цур цы ар- хайы Петькæ? Санькæ акасти æмæ бæласы ’рдæмазгъорд- та. Коншаковты цæхæрадонæй Петькæ скъахта метр æмæ æрдæджы бæрц æмæ ныр гæды бæласмæ бахæццæ æмæ йын белæй йæ уидæгтæ лыг кæны. — Уый... уый цы ми кæныс?! — тыхулæфт кæнгæйæ, сдзырдта Санькæ. — Ницыйыну... фæразон бæлас у... Æнæуый дæр сымахæн уæ цæхæрадоны хуыдырбулкъ йет- тæмæ ницы æрзайдзæн, — загъта Петькæ. Уый ныббарын Санькæйы бон нал баци. Петькæйы къухтæй бел ратыдта æмæ йæ пысы- ратæм ныззылдта. — Цæугæ! Дæхи айс нæ цæхæрадонæй! Фæлæ Петькæ йæхи нæ „айста“, уый куыддæр æгъдауæй Санькæйы бел раскъæфта. Санькæ февнæлдта йæ бел байсынмæ æмæ дыууæ лæппуйы дæр къахт фæлмæн зæххыл атылдысты. Хæдзæрттæй разгъордтой Евдокия æмæ Ка- теринæ æмæ баиргъæвтой, кæрæдзимæ ч«и лæ- бурдта, уыцы хæлæртты. Хыл гæды бæласы æмæ цæхæрадоны тыххæй рауади, уый базонгæйæ, Катеринæ æнæбары ных- худтис. 106
— Æдылы! Уадз æмæ къахой, цас сæ фæн- ды, уый бæрц. Уыдонæн ахæм тонагæнаг къух- тæ æмæ хæлæггæнаг цæстытæ ис... Санькæ, æз ныртæккæ цæхæрадоны мæт нæ кæнын, уæртæ уый у не’нхъæлцау, нæ ныфс,—загъта Катеринæ æмæ ацамыдта колхозы конд хуымтæм. Фæлæ Санькæ уæддæр сфæнд кодта: „Де- вяткины нæ цæхæрадоны хицауиуæг кæнын нæ бауадздзынæн“,— æмæ дарддæр дæр къахта. Уый фæстæ срæвдз кодта сæ цæхæрадоны быру, дзæ- бæх самадта, куыд фæндыйæ калд цы сугтæ уыдысты, уыдон, ныффидар кодта хæдзармæ ба- цæуæн лæмæгъ æмæ хъысхъысгæнаг схизæнтæ. Санькæ архайдта, изæрæй иннæты фæстæ цæ- мæй хуысса, ууыл. Рацыди-иу уынгмæ, кæрты-иу азылди, мацы дзы баззайæд, зæгъгæ; сбæрæг-иу кодта, дуар æнгом æхкæд у, дуары æхкæнæн къæбæл фидар у, æви нæ, уый. Никиткæ æмæ-иу Феня хæдзары раз куы змæс- той, кæнæ куы хыл кодтой, уæд сыл-иу Санькæ тызмæгæй схъæр кодта: — Бынтондæр сфыдуаг сты, къулбадджытæ! Фæлæуут, æз уын фенын кæндзынæн! Иу хатт та сихор хæргæйæ уидыгæй Никиткæ- йы ных ныкъæрцц кодта, Никиткæ Санькæйы разæй дзидза хæрын куы байдыдта, уæд. — Кæдæм хæлæф кæныс? Сигналмæ æнхъæл- мæ кæс. — Æмæ иу чысыл афæстиат уæвгæйæ, бахоста къусы был æмæ загъта: — Ныр ис æвналæн. Скъолайы ахуыры фæстæ Санькæ бирæ нал фæстиат кодта уынджы, уайтагъддæр згъордта сæхимæ. — Фæныккуызæй куы агæпп ластай, Коншак, пецмæ де’стджытæ куы тавыс, — йæ цæстмæ йын дардта Петькæ. 107
— Дæуæн цы у! Скъолайæ куы ’рцæуай, уæд хъæрмхуыпп бацым æмæ суанг иннæ бонмæ дæр хъаз! Мæнæн та хæдзар ме’ккойы ис. Алцæмæ дæр кæсын хъæуы, — мæстыйæ дзырдта Санькæ. Уыцы ног мæттæ æмæ хъуыддæгты фæстæ аууон кæнын байдыдта скъола. Сæхимæ æрыз- дæхгæйæ, Санькæ тагъд-тагъд цæттæ кодта урок- тæ, хаттгай та-иу чиныг фæлдахгæ дæр нæ ра- кодта, кæд ахуырмæ зивæг никуы кодта, уæддæр. Санькæ уыд зæрдæргъæвд æмæ йын ахуыр кæнын уыд æнцон, уый зыдгæнгæ каст чингуы- тæ, уарзта ахуыры йе ’мбæлтты разæй уæвын. Хъыгдардта йæ æрмæстдæр йе’нæрхъæцындзи- над. Лæппуйы кæддæриддæр фæндыд зонын, райсом ахуыргæнджытæ цы радзурдзысты, цавæр ног зонындзинæдтæ та йын раргом кæндзысты, уый. Санькæ ахæм уыди хæрз чысылæй дæр. Иу сæрдыгон тæвд бон уый ацыди хъæугæрон фе- нынмæ. Уырдыгæй йæ æрфæндыд доны былмæ, донæй та — къуылдыммæ. Æмæ Санькæ цыди, æмæ цыди, цалынмæ йæ йæ фыд нæ баййæфта æмæ йæ йæ хъæбысы не ’рбахаста, уæдмæ. Ныр ахуыргæнджыты зæрдæтæ арæх нал рухс кодтой Санькæйы бæлвырд æмæ фидар дзуаппы- тæй æмæ не’мбæрстой, лæппуйыл цы ’рцыдис, уый. Раст зæгъын хъæуы, Санькæ фыццаг æвзæр бæрæггæнæн куы райста, уæд тынг ныфсæрмы. — Хъыгаг у, Коншаков! Сбад. Тынг хъыгаг ,— арф ныуулæфгæйæ загъта Надеждæ Петровнæ. — Уæвгæ ма фæлæу. Фæстейы зайын цæмæн бай- дыдтай, уый ма нын бамбарын кæн, цы у аххос- сæгты сæр. Мел æууæрдгæйæ æмæ футт-футтгæнгæйæ, Санькæ уайтагъд ссардта „аххоссæгты сæр“ — сыфсон кодта, зæгъгæ, мæ мад æнæхъæн бон 108
быдыры вæййы, æз та хæдзармæ дæр кæсын æмæ цæхæрадон дæр къахын. — Раст у, раст! —йæ фарс фæхæцыдысты Санькæйы æмбæлттæ. — Сæ хæдзары куыстытæ Санькæ фæкæны, стæй сæм хæссинæгтæ бирæ ис, ноджы ма йæ чыргъæдтæ быйын дæр хъæуы... 14 сæр ÆНÆХИЦАУ ХÆДЗАР СИДЗÆР У Скъолайы фæстæ Санькæ ацыди йæ мадмæ хуыммæ. Быдыры райдыдтой тауын. Зæхх похцийæ ласт цыди сæрвасæнæй ныф- фасæгау. Катеринæйы хуым кæм уыдис, уыцы Зæронд Зæрæстоны кæрон Санькæ ауыдта, Захар Векшины. Йæ риуыл ауыгъд уыд, цæттæ стыр насы хуызæн, къалати. Урс кæттаг хæдоны мидæг, æнæхудæй зæронд лæг хъæлдзæгæй цыди хуымыл, дард-иу фæхаста йæ рахиз къух æмæ, хурмæ сыгъзæринау æрттивгæйæ, хаудтой зæхмæ мæнæуы гагатæ. Ауæдзы лæууыдысты Машæ, Федя, Стёпæ æмæ кастысты куыд тауынц, уымæ. Захар ныххæццæ хуымы кæронмæ, бахоста афтид къалатийы фарс æмæ ныхъæр кодта: — Мыккаг фæци! Зæгъут сын æмæ фæтагъд- дæр кæной... Машæ æмæ Федя разгъордтой фæндагмæ. Хæрды сцæйцыди уæрдон голджытимæ. Катеринæ æмæ йæ Ленæ Одинцова схуыстой размæ. Æвиппайды аскъуыди бæндæнæй арæзт гузи æмæ уæрдон ныллæууыд. Катеринæ суæгъд код- та бæх æмæ бæндæны кæрæттæ кæрæдзиуыл ба- баста. Фæлæ бæхы фæстæмæ уæрдоны сифтын- 109
дзын афтæ ’нцон нал уыд. Ацы хатт æм сабыр æмæ коммæгæс Муромец нæ уыди, фæлæ фыд^ уаг, сæртæг ефс Лискæ. Фæндаджы фæрсты æры- гон кæрдæгмæ афтæ зыдæй лæбурдта, цыма йæ æнæхъæн къуыри æххормагæй мардтой, уый хуызæн, æмæ нæ куымдта рæтæнæгъдты ’хсæн- мæ бацæуын. Катеринæ возийæ мæсты ’взыст фæкодта бæх- мæ. Лискæ нычъыллипп кодта æмæ быдырмæ адымдта. Санькæ азгъордта бæхы размæ. Бæх иу цъус- дуг фæлæууыд, хинæйдзаг каст бакодта лæппу- мæ, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд: „Афæлвар ма ныр, æрцахс ма мæ!“ — æмæ иннæрдæм цæхкæр фæзылди. Сывæллæттæ æрбамбырд сты Катеринæйы алыварс. Афтид къалатиимæ æрбацыд Захар дæр. Лискæйы æд хамут лидзгæ куы федта, уæд фыр- дисæй æрхæцæгау фæкодта æмæ йæ сæр мæсты тылд бакодта. — Ницы кæны, Захар Митрич... Мах сæ не ’ккойы бахæсдзыстæм, дард куы нæ у, — загъта Катеринæ æмæ хъавыди голлаг сисынмæ. — Дæ зонд фæцыди! — фæхъæр ыл кодта Захар. — Голладжы æхсæз путы ис! — Нæ хъæуы, Катя! — æрбазгъордта Машæ æмæ йæ алфæмблаймæ акасти. Фæндаджы был ауыдта дыууæ даргъ хъилы.— Ласæн сæ скæник- кам, уæд та... Санькæ фырæфсæрмæй цы фæуыдаид, уый нæ зыдта. Ныртæккæ рацæудзысты колхозонтæ, бри- гадир æмæ йын худдзысты йæ мадыл: „Бæх алыгъд æд хамут. Æнæрцæугæ хъуыддаг!“ Нæ, цалынмæ æрæджы нæма у, уæдмæ æрцах- сын хъæуы Лискæйы. Санькæ азгъордта быдырмæ, фæлæ Лискæ ио
уыди хинæйдзаг æмæ хæрам зæрдæ. Уый йæхи афтæ дардта, цыма кæрдæг хæрыны куыст йет- тæмæ ницы кæны; уыйау, фæлæ-иу, æвæдза, Санькæ дзылармæ куы фæцæй æвнæлдта, уæд та- иу иуфарс асхъиудта æмæ алыгъди. Æрмæстдæр иу дыууиссæдз минуты фæстæ, бæхы доны былмæ батæргæйæ, Санькæйы бон баци Лискæйы æрцах- сын. Санькæ бæхы дзыхы æндон идон бакодта, сгæпп æм ласта æмæ йæ цыппæрвадыгæй ауагъта. Лискæ нычъыллипп кодта йæ фæстаг къæхтæй, фæлæ Санькæ бадти, бæхмæ йæ цыма æндадзгæ бачындæуыд, уый хуызæн. Уæд Лискæ райдыд- та йæ рагон хин митæ кæнын: тæхгæ-тæхын дзыхълæуд фæкодта, зæххыл афæлдæхт æмæ йæ рагъыл ратул-батул кæнын байдыдта. Фæлæ Сань- кæ зыдта бæхы хин&йдзаг митæ æмæ афоныл иуфарс агæпп кодта. Бæх йæ къæхтæ тилгæйæ кæрдæг ныссæста æмæ фестад, фæлæ та йын Санькæ ногæй йе рагъмæ багæпп кодта. Лæппуйыл нæ фæтых уыдзæн, уый бамбаргæ- йæ, Лискæ æппынфæстаг æрсабыр. Санькæ йæ батардта уæрдонмæ, сивтыгъта йæ æмæ голджытæ аласта хуыммæ. Талынггæрæтты сæхимæ здæхгæйæ, Девят- кинты хæдзары цурты куы фæцæйцыди, уæд йæ размæ разгъордта Петькæ. Зæхх æрхоста йæ къуымыхфындз ног бур батинкæтæй, цыма ка- фынмæ хъавыд, уый хуызæн, стæй йæ къах схъил кодта æмæ равдыста бæзджын пъадош: — Федтай, цы ног дзабыртæ мын ис, Кон- шак. Дон сæ нæ хъары, стæй сын баихсийæн нæй... Санькæ аскæрста батинкæты уæлфæттææмæ йæхи зæронд цырыхъытæм æркасти, æвæццæгæн сæрдмæ нал сфаг уыдзысты. 111
— Хорз дзабыртæ сты... Кæм дын уыды- сты? — Фæрсыс! — йæ цæст æрныкъуылдта Петь- кæ. — Мæнæн ахæм мад ис, æмæ куы бахъæуа, уæд зæххы бынæй дæр скъахдзæн, къахæй дæр сæ фелвасдзæн. — Стæй йæ зæрдыл æрбалæууыд цы не ’мбæлы, уый кæй дзуры, уый, ныххудти æмæ загъта: — мацы банхъæл... Мæ мады ’фсы- мæр — Яков мын сæ горæтæй æрæрвыста. Уый уым цырыхъгæнæн артелы хуыздæр мастерыл нымад у. Рудзынгæй ракаст Евдокия æмæ Петькæмæ фæдзырдта æхсæвæр хæрынмæ. — А-а, мæчысыл хæрæфырт! Мидæмæ, мидæ- мæ, рагæй нæм нал уыдтæ, — Санькæйы фенгæ- йæ, загъта Евдокия. Санькæ æвæндонæй хæдзармæ бацыди. Евдокия къусы æркодта тæвд хъæрмхуыпп, æркарста дзул. — Сбад, Саня, ахæр. — Æфсæст дæн, Дуня, ницы мæ хъæуы! — загъта Санькæ. — Ныхас та, хъæрмхуыпп куы бахæрай, уæд кæндзынæ. Зонын, уæ хæдзар цавæр хъæлдзæг æмæ æфсæст у, уый. Уæ фыды ус райсомæй- изæрмæ быдыры вæййы, сымах та, сидзæртæ, хус къæбæры æвджид стут. Кæд Санькæ нæ куымдта, уæддæр æй Евдо- кия сбадын кодта стъолы уæлхъус. — ЦьГрцыди уый дæ фыды усыл? — Куьт ницы... — Ды дæр йæ сæрыл ма хæц! Æнæуый дæр æй иууылдæр зонынц,—йæ сæр ныттылдта Евдо- кия. — Йæ бæх æд хамут алыгъди. Ахæм хъуыд- даг сæдæ азы иу хатт вæййы. Дзырдтон ын: бад Катеринæ къанторы æмæ адæмы дæхиуыл ма 112
худын кæн. Фæлæ дын атахти: быдырмæ, дам, мæ фæнды. Адæмы дæр сæ фæндагæй фæцух кодта. Бригадæ нæ, фæлæ раст худæджы митæ. Ницы æрзайын кæндзысты нæдæр хор, нæдæр хъæмп. Санькæ æрæнкъард. — Уæ мадимæ бирæ тухитæ фендзыстут, — дзырдта дарддæр Евдокия, — уæ бинонтæ бирæ сты, фæлæ сæ дарæг нæй... —æмæ Санькæмæ ахæм тæригъæддаг каст бакодта æмæ лæппуйы æрфæн- дыди тагъддæр хæдзарæй ацæуыи.—Мæнгæй нæ фæзæгъынц, æнæхицау хæдзар сйдзæр у, зæгъгæ. Афон дын у, Саня, исты хъуыддагыл ныххæцын. Ахуыр кæнын, чи зоны, æмæ æвзæр нæу, фæлæ æфсисæн ницы ’ххуыс у. Æз мæнæ Пётры горæтмæ аласынмæ куы хъавын. Хъуамæ йæ дзабыргæнæн мастерскоймæ айсын кæнон. Ды дæр уыимæ ацу. Хорз мастер суыдзынæ. Дæ мад куы марди, уæд мын дзырдта, стæй дæ фыд дæр хæстмæ цæугæйæ фæдзæхста; „Александры мын зын ран ма ныууадз“. Æмæ Евдокия скуыдта, улæфтытæ æмæ тæри- гъæдтæ кæнын байдыдта Санькæйæн. Дзырдта, зæгъгæ, Санькæ у дзæгъæл сидзæр, хæдзары ми- дæг уæлдай, фыды усæн кæйдæр туг. Йæ зæр- дыл æрбалæууыд Санькæйы мад: куыд иу-мæт кодта йæ сывæллæттыл, куыд æнувыд сыл уыд, куыд хорз царди уыимæ — æнæ кæрæдзи минут нæ фæрæзтой. Санькæ æргъæвст хуызæй касти дуармæ. Фæ- лæ Евдокия райста æндах, судзин, æнгуырстуан æмæ йын йæ рæмбыныкъæдзы скъуыд æмпъузын байдыдта: „Мæхи дзæгъæл хъæбул!“ Санькæ йæхи нал баурæдта æмæ рахызти стъолы цурæй. — Æз нæхимæ цæуын, Дуня... 8. Стожартæ. 113
— Цу... Исты дæ куы хъæуа, уæд иу æрба- уай, æфсæрмы ма кæн. Æз дæ мæхи хъæбулы бæрц уарзын. Сæхимæ Санькæ бирæ фæбадти дуармæ æмæ хъуыста изæры уынæрмæ: кæцæйдæр хъуысти, къæртайы æхсыр куыд дуцынц, уый, дардæй цыди куыдзы рæйын, цагъта фæндыр. „Æнæхицау хæдзар сидзæр уа, — йæ зæрдыл æрлæууыдысты сыхаг усы ныхæстæ. Хæдзары бæргæ уыди хорз хицау—йæ фыд. Колхозонтæ йæм цыдысты уынаффæмæ, уый уынаффæмæ гæсгæ-иу райдыдтой хос кæрдын, хор æфснайын. Ныр^ ма чи æрбацæудзæн Коншаковтæм? Йæ куыстæй æрбаздæхти Катеринæ. — Лискæ дæ тухæнæй нæ амардта, Саня?— бафарста уый.— Ох, хорз нын фæци абон уыцы знæт бæх! — Бæхы хуызæн бæх у, æрмæст æм æвзи- дын нæ хъæуы. Ницы зоныс ды!—загъта Сань- кæ æмæ сабыргай ныуулæфыд.— Стæй дзæгъæлы сбастай дæхи уыцы Зæронд Зæрæстонимæ. Хор дæр æмæ дзы хъæмп дæр не’рзайын кæндзы- стут. Татьянæ Родионовнæйæн зæгъ æмæ та дæ хынцæгæй сæвæра. Катеринæ фæзылди лæппуйы ’рдæм æмæ йын бирæ фæкасти йæ цæсгоммæ. — Уыдондын чи фæдзырдта? Исты æнахъом, кæнæ уæнгхъуаг стæм? Ныр адæм мийаг раз- дæры хуызæн цæрынц? Æвдисынц ног æмæ стырæй-стырдæр æнтыстдзинæдтæ! „Нæдæр хор, нæдæр хъæмп!“ Ды ахæм ныхæстæ куыннæуал кæнай, афтæ! Ма мæ мæсты кæн. Санькæ бацыд сенæмæ, йæ дзаумæттæ ралас- та æмæ схуыссыд йæ хъæдын тъахтиныл. Иннæ хæттытау йæхæдонйæ нывæрзæнакодта. Хæдоны дзыппæй ссыди писмойы къæркъæр. 114
Æнæмбæрзт тыргъы цармæ кæсгæйæ, зын- дысты дард уазал стъалытæ. Кæмдæр, уыдоны ’хсæн ис чысыл, æнæрттиваг стъалыты дзыгуыр— Стожартæ. Стъалытæм кæсгæйæ, Санькæ йæхи нымæр хъаугъа кодта йæ мадимæ. Уый йæхи хъæбатырæй æвдисы, æууæнды йæ тыхтыл. Фæлæ цымæ цы кæндзæн, йæ риуы дзыппы цавæр писмо хæссы, уый куы базона, уæд? Æмæ йæ базондзæн, хъуамæ йæ зона. Уæд чи баххуыс кæндзæн йæ мадæн? Куыд цæр- дзысты уæд Коншаковтæ? Нæ фæлæ йæ райдайын хъæуы хæдзары куыст кæнын, быдырмæ цæуын. Уæд та Евдокия куыд зæгъы, афтæ ацæуид горæтмæ цырыхъгæнджытæм? Уæддæр дæсныйад базонын хорз у, æххуыс кæнид бинонтæн. Фæлæ уæд хæдзармæ чи кæсдзæн? Афтæ, бирæ фæхъуыды кæнгæйæ, Санькæ æппынфæстаг бафынæй æмæ æхсæв-бонмæ йæ фыны уыдта гæды бæлас. Уый ныкъул ис æмæ кæд рагуалдзæг уыд, уæддæр йæ сыфтæртæ азгъæлдысты. 15 сæр „ХÆРЗБОН, СКЪОЛА’ Надеждæ Петровнæ рафæлдæхта къласы жур- нал, йæхи æруагъта бандоныл. — Хъуамæ уын зæгъон, — сындæггай рай- дыдтауый,—ацыазмынтынгсмасткодтауæкълас. Петя Девяткин æртæ предметæй экзаментæ нæ радта æмæ баззади дыккаг аз,—ахуыргæнæг йæ цæст ахаста, чи ныхъус, уыцы ахуыргæнинæгтыл æмæ бафарста: — Девяткин та кæм ис? 115
— Йæ мадимæ æхсыр аласта. Афтæ зæгъы, хъауджыдæр, дам, нæу, уæддæр ахуыр нæ кæн- дзынæн,—загъта Семушкин. Ахуыргæнæг йæ сæр ныттылдта æмæ дард- дæр ныхас кодта: — Дыккаг—Саня Коншаков... — Уый дæр дыккаг аз ныууагътой?—æвип- пайды сирвæзти Машæйæ. Сывæллæттæ азылдысты ,Санькæйы ’рдæм. Уый сыстади æмæ цавддурау лæууыд партæйы уæлхъус. — Цы ’рцыди, Саня?—бафарста йæ ахуыргæ- нæг.—Амæй размæ иннæтæй æвзæрдæр нæ ахуыр кодтай. Ныр æппындæр дæхи хуызæн нал дæ. Математикæйæ цы куыст ныффыстай экзаменты, уый тыххæй мæхæдæг фефсæрмы дæн. Кæсут ма, мæнæ, Федя Черкашинмæ. Къласмæ æрбацыд ахуыры азы кæронмæ ’ввахс, фæлæ уæддæр йæ бон баци æртæ зкзамены раттын. Иннæ экза- ментæ та фæззæгмæ бацæттæ кæндзæн. Уæд дæуыл цы ’рцыд, Саня? Сывæллæттæ афтæ ’нхъæлдтой æмæ ныртæк- кæ Санькæ дзурын райдайдзæн æмæ, чи зоны, йæхи раст кæндзæн, фæлæ уый къахта йæ дæр- зæг, тæппалджын армытъæпæн æмæ ницы дзырдта. — Хъыгаг у, Коншаков,—загъта Надеждæ Петровнæ æмæ ныуулæфыд,—фæззæджы ногæй математикæйæ экзамен раттдзынæ. Сбад! Санькæ йæхи партæйыл æруагъта. Надеждæ Петровнæ дзырдта иннæ ахуыр- гæнинæгты мыккæгтæ æмæ сын арфæ кодта, æв- дæм къласмæ кæй бацыдысты, уый тыххæй. Стæй сын раарфæ кодта, сæрд хорз цæмæй арвитой, уый фæдыл, сæхкæдта журнал æмæ сыстад. Цæ- уыны бар уыди хæдзæрттæм. Фæлæ иннæ бонты 116
хуызæн дуармæ ничи разгъордта. Ахуыргæни- нæгтæ амбырд сты Надеждæ Петровнæйы ал- фæмблай. Уыцы фæстаг бон ма алкæйы дæр фæндыди йæ ахуыргæнæджы истæмæй афæрсын, уыимæ ауынаффæтæ кæнын. Æрмæст Саиькæ сындæггай дуар байгом кодта æмæ къласæй рацыди талынггомау къæри- дормæ. Йæ къултыл дидинджытæ гæххæтт ныхæст кæмæн уыд, зымæджы дæргъы бирæ хатт, ми- тæй хъазыны фæстæ, йе ’ргъæвст къухтæ кæм хъарм кодта, æмæ тæвд фæнычы картæфтæ кæм фыхта, уыцы зонгæ къухнийæ рахызти скъола- йы сабыр кæртмæ. Уыди июны тæвд Ьон. Тæвдæй сфæлмæц- гæйæ, кæрчытæ сæ базыртæ рыджы райтыгътой. Уарыны донцæуæн трубатæй цыди хус тæф. Скъолайы кæрты цъайы æфсæйнаг ведра æмæ донисæн урс рæхыс афтæ æрттывтой æмæ сæм цæст нæ лæууыди. Лæппутæ йе ’нæуынон кæмæн уыдысты, стъорожы уыцы сæгъ —Берендей, йæ тызмæгдзинад ферох кæнгæйæ, сабырæй бам- бæхсти къудзийы бын, аууоны. Тæвд ницæмæ даргæйæ, Санькæ сындæггай цыди скъолайы рæзты, йæ сæрмæ цыдысты алы- хуызон æвзæр хъуыдытæ. Цыдæр ацъæррæмыхст кодта лæппуйы къух. Ракаст. Хъалгъæн. Уый уыди сыфтæрджын, фæ- зынди йыл цъæх чысыл нæмгуытæ, йæ фарсмæ уыди хъæлæрдзыты æмæ мæнæргъыты къудзи- тæ. Санькæ сæ ныссагъта, Андрей Ивановичы хæстмæ куы акодтой, уыцы аз. Куыд сырæзы- дысты!.. Сугты сарайæ цыди бæрзы тæф. Куыд хорз уыд сугты ’хсæн лæппутимæ æмбæхсын, разведчиктæй, кæнæ æндæр истæмæй хъазгæйаЫ.. 117
Мæнæ форточкæджын рудзынджы цур уыди Санькæйы партæ. Санькæ дис кодта, абон алцыдæр афтæ хорз цæмæн фиппайы, цæмæн ын у афтæ зынаргъ скъолайы алы къуым дæр. Уый сындæггай бацыди цæхæрадонмæ. Уым æлыг доны цады сæрмæ зади зæронд, фæлæ нырма тыхджын бæрз бæлас, æмæ зивæггæнгæ тылдта йе ’рттиваг сыфтæртæ. Уый уыди скъолайы номдзыд бæрз бæлас. Сывæллæттæ йæ уарзтой æмæ йæ хъахъæдтой. Бæласы цъар уыд урс-урсид сау стъæлфы- тимæ. Бындзæфхадæй суанг фыццаг ставд къа- лиуты онг бæрзы цъарыл фыст уыдис нæмттæ, мыккæгтæ, рæстæджы “нысантæ æмæ æндæр ахæмтæ. Æгъдаумæ гæсгæ афтæ баззади: скъолайæ-иу чи цыди, уый йæ хæсыл нымадта „фæндарасты бæласыл“ исты фæд ныууадзын. „Не скъола у сеппæтæй хуыздæр. Бузныг, Андрей Иванович, цæр ма ноджыдæр сæдæ азы“. „Н. П. уæддæр хылкъахæг у“, —бакасти Сань- кæ бæласыл. Санькæ бирæ фæлæууыд бæрз бæласы цур æмæ æвиппайды бамбæрста, уый дæр скъолайæн хæрзбон кæй зæгъы. Райсомæй-иу сæумæцъæхæй куыд фестади æмæ, лыжæтæ йæ къæхтыл ба- къуыргæйæ, Стожартæй скъоламæ куыд тахти, афтæ никуал тæхдзæн. Никуал ын балæгъстæ кæндзысты ныр сывæллæттæ, цæмæй скъолайы хъазтизæры рæ- сугъд æмæ тыхджын дзырдтæй арæзт æмдзæвгæ- тæ бакæса, нал æй бахъæудзæн йæ фыды уарын- уромæн пæлæзы фæззæджы скъоламæ цæуын, цæмæй æртæ даргъ изæры кæуыл фæбадти, уы- 118
цы бæрæгбоны рæсугъд плакат хусæй æмæ æнæнцъылдтæй бахæсса, уый тыххæй. Санькæ йæ дзыппæй систа чысыл хæрынкъа, бæрз бæласыл ссардта сыгъдæг бынат æмæ урс цъарыл æнкъард зæрдæйæ ныффыста: „Хæрзбон, скъола!“ Иуфарсырдыгæй та дзы сæвæрдта йæ ном æмæ йæ мыккаджы фыццаг дамгъæтæ, стæй рæстæджы нысан. Уый фæстæ агæпп кодта кауы сæрты æмæ зæронд, сабыр фæндагыл араст Сто- жартæм. Дымгæ фæйлыдта мæнæуы хуымтæ æмæ кæрæ- дзийы фæдыл цыдысты æнæкæрон уылæнтæ. Къу- тæртæй хъуысти цъиуты зарын. Наз бæласы цъуппæй бур цъиу зæлангæй æхситт кодта, цыма флейтæйæ цагъта, уый хуызæн. Къудзитæй хъæр- гæнгæ тахтысты хъулон гæркъæрæгтæ. Бæрз бæлæстæ æруагътой сæ даргъ хъусцæджытæ. Нæзы бæлæстыл та фæзынди æрыгон къуызыр- тæ, цъæх цырæгъты хуызæн. Дымгæ быдыры чысыл къуыбæрттæй хаста урс бумбулитæ, уы- дон уыдысты къаппа-къуппайы урс хæмпус сæртæ. Санькæ фæхъæлдзæгдæр, фенцондæр ын ис. Нæ йæ фæндыди скъолайы фæдыл йæ мадимæ цы тызмæг ныхæстæ рауайдзæн, уыдоныл хъуыды кæнын. Уый цæуид æмæ цæуид ацы сабыр æмæ зæронд фæндагыл, хъусид цъиуты зарынмæ, кæсид, мигъты аууон зæххыл куыд лæсы, уымæ. Фæлæ Санькæйы иæ фæци иунæгæй цæуыны бон. Километры æрдæг дæр нæма рауад, афтæ ауыдта Машæ Ракитинæйы. Уый йæм æрбацæй- цыди комкоммæ. Йæ туфлитæ синагæй сбаста æмæ сæ йе уæхскыл дыууæрдæм æруагъта. Лæп- путæ куыд фæкæнынц, афтæ йæ чингуытæ уы- дысты ронæй баст. Машæ хæцыди роны кæро- 119
ныл æмæ йæ тылдта, цыма чингуытæ дард, кæр- дæгмæ фехсынмæ хъавыди, уый хуызæн æмæ зарыди. Зын зæгъæн у, цæй тыххæй зарыди, уый. Чи зоны, æмæ йæ скъоламæ цæуын кæй нал хъæуы, сæрд кæй æрцæуы æмæ йемæ алыхуызон хъæлдзæгдзинæдтæ кæй æрхæссы. Сæрды йæхи куыд найдзæн, æрыскъæфтæ æмæ зокъотæм куыд цæудзæн, уый тыххæй; кæнæ та зарыди ууыл, æмæ кæрдæгыл бæгъæввадæй цæуын æхсызгон кæй у, быдыр æмæ уыгæрдæнмæ кæсын, стæй мыды бындзыты гуывгуывмæ хъусын хорз кæй у, уый тыххæй. Санькæ йæхи фæхъуынтъыз кодта æмæ къу- дзнйы аууон æрбадт,—уый ныртæккæ никæй уы- нын фæндыд. — Саня!—ныхъæр кодта Машæ. ~ Къудзи- йы аууон цæмæн бамбдехстæ? Рахиз, рахиз! Æнæуый дæр дæ уынын, кæм бадыс, уый. Машæ Санькæйы цурмæ куы ’рбахæццæ ис, уæд иумæ ацыдысты. — Æз æй зыдтон, ды стыр фæндагыл кæй нæ ацæудзынæ, ’уый... — Куыннæ стæй, зыдтай... — Къласæй куыд рауадтæ, цæхæрадоны куыд зылдтæ, уыдон иууылдæр федтон, — Машæ зул- мæ бакаст Санькæмæ æмæ ма йæ ныхасыл баф- тыдта, —бæрз бæласы цъарыл куыд фыстай, уый дæр федтон. — Цы фыстон? — Дæхæдæг æй хуыздæр зондзынæ, — дзуапп радта Машæ, стæй гыццыл ра?мæ разгъордта æмæ лæппуйы фæндаг ахкæдта:—Саня, скъо- лайæн хæрзбон æцæг загътай? Санькæ афæлвæрдта чызджы рæзты ацæуын, фæлæ Машæ йæ къухтæ айтыгъта æмæ лæп- пуйы нæ уагъта размæ. 120
}— Нæ, раст мын зæгъ, æрбакæс ма мын мæ цæетытæм. Æз æппæт дæр базондзынæн. — Бæгуыдæр ын загътон хæрзбон, — чызгмæ нæ кæсгæйæ, хъуынтъызæй загъта Санькæ.— Диссагæй дзы цы ис! Хæрзбон загътон æмæ цы?! Цæй ахуыргæнинаг дæн æз æвзæр бæрæггæ- нæнтимæ... — Мæнæ цы æдылы у, мæнæ куыд æвзæр у! — йæ къухтæ стилгæйæ, загъта Машæ. — Æмæ дын кæй аххос у? Дæхæдæг райстай æвзæр бæрæггæнæнтæ! Девяткинимæ дæхи сбастай, скъолайы æмбæлттæм дæхи атигъ кодтай... Бирæ æфхæрæн, фæлæ раст . ныхæстæ ма фæкодта æргом æмæ цыргъæвзаг Машæ. Фæлæ Санькæ уæлдай ницы дзырдта, æрмæст йæ цырыхъы фындзæй къахта зæхх æмæ æп- пынфæстаг зынтæй сдзырдта: — Дæуæн æнцон у дзурын... Ис дын мад, мады мад, дæ хотæ дæр хъсмыл сты. Мæнæн та чи ис? Машæ фефсæрмы йæ тызмæг ныхæстæй, йæ сæр æруагъта. Уый фæстæ къæмдзæстыг хуызæй бавнæлдта лæппуйы къухмæ: — Саня... Уыдæттыл ма хъуыды кæн. Æп- пындæр сыл ма хъуыды кæн... Дæ фыд кæй ни- цы фыссы, уый тыххæй æвзæрæй мацы бан- хъæл. Фæззæджы экзаментæ кæй дæттдзынæ, уы- мæй дæр ма тæрс. Мах дæм фæкæсдзыстæм. Æз дæр дын феххуыс кæндзынæн, Алёшæ дæр... Ахуыр кæндзыстæм сæрддæргъы. — Æгъгъæд у мæнæн! Æз æнæуый дæр ахуыргонд дæн. Хуым кæнын æмæ хос кæрдын зонын. Æвзæр бæрæггæнæнтимæ дæр мæ кол- хозмæ райсдзысты цыфæнды куыстмæ. Уый мæнæ ды ацæудзынæ ахуыры фæндагыл... Машæ æнкъардæй бакасти лæппумæ. Уыцы 121
ныхæстæ йын йæ фыд, кæнæ Андрей Иванобич куы фехъусид... Уыдон сæ зæрдæ дардтой Сань- кæйыл, æууæндыдысты йыл... Бирæ фæцыдысты æнæдзургæйæ. Фæлæ æнæ- дзургæйæ цæуын зын у. Æмæ уыгæрдæнмæ куы рахæццæ сты, уæд Санькæ хæрисы къутæрæй ракодта Цъæхснаг уис æмæ къуырын райдыдта дидинджыты сæртæ, бæрзонд кæрдæджы цоко- ратæ. Уис-иу дард фæхаста æмæ-иу тыхджын, рæстдзæф цъыкк ныккодта æмæ, цыма, дидин- джыты сæртæ исчи цæвæгæй ахауын кодта, уый хуызæн-иу зæхмæ æркалдысты — Санькæ цавæрдæр чиныджы касти, кавалеристтæ тæхгæ- тæхын уистæ раст афтæ кæй ахауын кæнынц, уый тыххæй. Æнæдзургæйæ кæй цыдысты, уый зын уыди Машæйæн дæр æмæ райдыдта дидинджытæ æм- бырд кæнын. Мæнæ тымбыл бур дидинджытæ— риухосгæрджытæ, фарфорæй конды хуызæн урс- урсид сыфтимæ, сæ астæу та сыгъзæрины хуы- зæн цæппузыргонд, мæнæ клевер, къаппа къоп- патæ æмæ æндæр алыхуызон бирæ дидин- джытæ. Цы куыстмæ бавнæлдтаид, æппæтдæр Машæ кодта хæлофæй, цырд æвналгæйæ. Ныр дæр та уайтагъд хъæбысы дзаг æртыдта дидинджытæ æмæ дзы стыр венок быйын райдыдта. Сбыдта иу, дыккаг... æртæсыфон дидинджыты мыды тæф ын йæ фындзы хуынчъытæ ныццавта. Мыды бындзы- тæ нал хицæн кодтой Машæйæ, йæ хъусы цур æнæ- сцухæй гуывгуыв кодтой, цыма йæм мæсты сыс- ты, уыцы бæгъæввад чызг мыдæй йе дзаг дидин- джытæ афтæ бирæ кæй фæхæссы, уый хуызæн. — Чъынды стут, мыды бындзытæ, чъынды!— загъта Машæ æмæ ныххудти. Цыдæриддæр цæ- рæгой уыд, уыдонимæ сеппæтимæ дæр Машæ 122
уарзта ныхас кæнын. Ныр дæр ныхас кодта мыды бындзытимæ: — кæсут, цас дидинджытæ ма уæм ис! Æз дзы гыццыл йеттæмæ куы нæ ’ртыд- тон. — Æмæ йæ цыбыр дзыккутæ фæстæрдæм акæнгæйæ, Машæйæ æрбайрох йæ дидинджыты венок, йæ дзыхы акодта клеверы сæр æмæ йын йæ адджын дон цъирын байдыдта. Машæ бирæ уарзта адджинаг æмæ быдыры, уыгæрдæны, йе хъæды-кæддæриддæр ссарын зыд- та хæрынæн чи бæззы, ахæм исты зайæгойтæ. Фæзтæ-иу куыддæр цъæх кæнын байдыдтой, афтæ-иу чызджытимæ ацыди хуырхæг тонынмæ. Уый фæстæ-иу æрцыди гæнгæлыйы æмæ хæрын- мæ чи бæззы ахæм бирæ кæрдæджыты афон. Сцæттæ-иу ис къæбырттæг, хъæды—æрыскъæф, сау хъæлæрдзы, мæнæргъы, уагъылы... Æмæ-иу æнæхъæн сæрд Машæ исты æхсыдта, æууылдта, хордта. Йе ’взаг-иу сдæрзæг, ныскъуыдтæ, схъу- лæдтæ-иу ис. „Алы кæрдæг ма ’ууил! — хæцыди йæм йæ мад. — Зæххыл бирæ зайы алыхуызон кæрдæ- джытæ æмæ сеппæт де ’взагæй нæ фендзы- нæ“. ... Машæ фæстæмæ ракаст. Бæхджын æф- сæддоны хуызæн, Санькæ цъыкк кодта сындз- джын хæмпæлгæрдæг. Уис æхситт кодта æх- саргардау. Фæлæ хæмпæлгæрдæг нæ саст — уыцы цъыччытæй кодта æрмæстдæр стъæлфгæ æмæ цыма Санькæйыл худти, уыйау тылдта, йæ цъуппыл цы мæнæргъыхуыз стыр дидинæг зади, уый. Тасаг уис слæмæгъ æмæ дыууæ дихы фæци. — Нæ бæззыс бæхджын æфсадмæ, Саня! Бынтон æнарæхст, — ныххудти Машæ. Санькæ смæсты æмæ уисы саст фехста. Машæ йæм балæвæрдта клеверы пуцал: 123
— Фен ма йæ, куыд адджын у! Раст чай мыдимæ. Санькæ йæ къухтæ йæ дзыппыты нытъыста,— уый ахæм адджинæгтæ нæ уарзта. — Мæнæ уый та чайимæ ахуыйæн, — загъта Машæ æмæ æртыдта гæнгæлы, йæ цъар ын ахсæста æмæ йæ уырыдзыйы хуызæн хæнцхæнц- гæнгæ хæрын байдыдта. — Афтæмæй кæрдæджыты сеппæты дæр бау- уилдзынæ, — йæ мидбылты бахудти Санькæ æмæ Машæйæ райста клевер. Ацъырдта дзы иу, дык- каг. Æмæ æцæгдæр уыди адджын. Гъе афтæ, адджын кæрдæджытыл зилгæйæ æмæ ныхас кæнгæйæ, фесты уыгæрдæны фале, æрцыдысты донмæ æмæ бахызтысты, доны сæрты цы фæйнæг хид уыд, ууыл фаллаг былмæ æмæ схызтысты къуыбырмæ. Сæ хъустыл ауад бæласы сæрсæр. Фæкастысты æмæ къуыбырыл ауыдтой къуызыртæ, ставд æмæ чи ныззæронд, ахæм тулдз бæлас. Машæ бакасти Санькæмæ æмæ йæ цæстытæ фырцинæй ферттывтой. Баз- гъордта тулдзмæ æмæ тагъд, асиныл хизæгау, бæласмæ схызти. — Саня, схиз ардæм! Санькæ фæстæмæ акасти — йæ алфæмблай ничи уыд. Лæгъстæ кæнын ын нæ бахъуыд, ^схызти бæласмæ, фæлæ Машæйæ бæрзонддæр. Йæ бы- ны æртасыдысты лыстæг къалиутæ, бирæ сæ нал хъуыди æрсæдтынмæ. Машæ йын æрхауынæй фæтарсти æмæ йæм скаст. Ардыгæй сæм хорз зындысты уæрæх цъæх быдыртæ, сæрвæттæ, фæндæгтæ, урс къахвæн- дæгтæ; нарæг, даргъ уадздзаджы хуызæн зынди цæугæ дон. — Уым кæй бæхтæ хизынц?—бæхты ’рдæм 124
кæсгæйæ бафарста Санькæ. — Мах сты, æви нæ? — Саня, ардыгæй алцы дæр куыд хорз зы- ны! — цингæнгæйæ, сабырæй сдзырдта Машæ.— Кæс ма, уартæ скъола. Уæртæ нæ къласы æртæ рудзынджы тыргъы ’рдæм. Зоныс, ног ахуыры аз нæ æвдæм кълас дыккаг уæладзыджы уыдзæн... — Уалынмæ æвиппайды йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ лæппумæ тарстхуызæй бакаст.—Саня... æмæ ды дæ мадæн скъолайы тыххæй цы зæгъ- дзынæ? — Исты йын зæгъдзынæн, — йæхи фæтыз- мæг кодта Санькæ æмæ зæхмæ æрхызти. Ссыди бæхты мырмыр. Цалдæр лæппуйы уыгæрдæнтыл донмæ тардтой бæхты рæгъау. — Мах сты! — Санькæ йæ къух фæтылдта Машæмæ æмæ къуыбырыл дæлæмæ йæхи ауагъ- та рæгъауы размæ. 16 сæр ÆНÆДЗУРГÆ НÆЙ Уалдзыгон куыстыты тæмæн фæсабырдæр æмæ Катеринæ сфæнд кодта хуыцаубоны хæдзары куыстытæ бакæнын æмæ сывæллæттæм базилын. „Æппындæр сæ нал уынын, сидзæртау иунæгæй баззайынц“,—хъуыды кодта Катеринæ. Уый цæхсадта пъол, скодта адджинæгтæ стъолыл байтыдта сыгъдæг стъолæмбæрзæн æмæ сывæллæтты æрбадын кодта аходæн хæрыныл. Уалынмæ рудзынджы цурты цæугæ ауыдта Машæ æмæ Федяйы æмæ сæм хæдзармæ фæ- дзырдта. — Сымахæн дæр дзы бынат уыдзæн, сбадут. Машæйæн лæгъстæ кæнын нæ бахъуыди, 125
фæлæ Федя æмæ Санькæ кæрæдзимæ куы ба- кастысты, уæд цыма Федяйы исчи къæсæрыл бахуыдта, уый хуызæн сагъдауæй баззад. — Мæнмæ дада æнхъæлмæ кæсы... Нæхимæ мæ цæуын хъæуы, — цалдæр хатты загъта уый. — Уæдæ адджинæгтæ дæр нæуарзыс?!—ных- худтис Катеринæ, рахæцыд лæппуйы къухыл æмæ йæ стъолы фарсмæ, Санькæйы цур сбадын кодта. Тæвд пецæй адæймаг йæхи куыд ласа, афтæ Федяйæ йæхииуфарсаласта Санькæ æмæ аходæны рæстæг фæбадти æнæдзургæйæ, цавддурау—Феня ма афтæ дæр загъта, Санькæ, цыма, адыли аны- хъуырдта, уый хуызæн бады, зæгъгæ. Аходæны фæстæ Катеринæ сывæллæттæн бам- барын кодта, сæ фыдмæ писмо ныффыссын кæй хъæуы, уый. Кæд Коншаковтæ сæ писмотæн рагæй дæр дзуапп нал истой, уæддæр Катеринæ йе ’гъдау нæ хæлдта æмæ Егормæ арæх æрвыста писмотæ. — Кæй рад уæ у писмо фыссын? — бафарста Катеринæ. — Мæ рад у, мæ рад! — схъæр кодта Феня æмæ бынат æрцахста стъолы раззаг тигъыл, райста чернилæ æмæ гæххæтт. — Санькæ æнæуый дæр дыууæ хатты йæ рад нæ уыд, афтæмæй ныффыста. Санькæ уæлдай ницыуал загъта. Уый рахызти стъолы цурæй æмæ йæ къух бадаргъ кодта йæ пилоткæмæ. — Цæугæ кæныс? Æмæ уæд писмо та? — бадис кодта мад. — Куынæ! — фæхъуыды кодта Санькæ, — мæнæ бындзытæ... æнаккæгтæ... — æмæ рудзынг байгом кæнгæйæ, афтæ æнувыдæй тилын бай- дыдта йæ пилоткæ, цыма бындзытæ нæ, фæлæ хæцаг мыды бындзытæ тардта, уый хуызæн. 126
Катеринæ Феняйæн дзурын райдыдта цы фыс- сын хъæуы, уый. Ныффыссын кодта бригады, колхозы хъуыддæгты тыххæй. Зæронд Зæрæ- стоны æвзартæ хорз кæй суадысты æмæ кæй рæ- зынц, уый тыххæй дæр. Хæдзармæ бскасти Петькæ Девяткин æмæ Санькæйæн ацамыдта, ома, мæм ис тагъд хъуыд- даг. — Фæлæу уал. Нæ уыныс, писмо фыссынц, уый, — сбустæ йыл кодта Машæ. Петькæ æрбадти къæсæрыл. — Цæй куыд, Феня, иууылдæр сæ ныффыс- тай? — Катеринæ писмомæ ныккасти. — Ныр та сымах рад у. Ахуыры аз куыд фестут... Уæ фы- ды зæрдæ барухс кæнут. Фыццаджыдæр хъусын кодтой Никиткæйы æнтыстдзинæдтæ; уый тыххæй йæ æрбакодтой уынгæй æмæ йæхи къухæй ныффыста: „Папæ, æз каст фæдæн фыццаг кълас, бацыдтæн дык- кагмæ, тагъддæр ныццæгъд немыцы æмæ рацу нæхимæ. Дæ фырт Никитæ“. Уый фæстæ Феня ныффыста йæхи тыххæй. Ныффыста хæрз чысыл, уымæн æмæ уыди хæд- æфсарм чызг æмæ æдзухдæр тарсти, йæхицæй æгæр куы раппæла, уымæй. — Нæ, нæ! Ды бацыдтæ фæндзæм къласмæ грамотæимæ. Ахуыргæнæг дæр дæ тынг æппæ- лы. Цæмæн сæ æмбæхсыс? — схъаугъа кодта Машæ. — Ныффысс, мæ чызг, ныффысс,—загъта мад. Æмæ ма уæд Феня бафтыдта грамотæйы тыххæй. Æрцыдис Санькæйы рад. — Ды дæр дæхи равдис дæ фыдæн,— загъ- та Катеринæ. 127
Санькæ зæрдиагæй схæцыд йæ пилоткæйыл цы сырх стъалы уыд, уый сæрфыныл. — Цы ныхъус дæ? Куы зоныс, дæ фыд де ’нтыстдзинæдты тыххæй кæсын кæй уарзы, уый. — Цæй æнтыстдзинæдтæ дзы ис... Ивд æр- цыдтæн уæлдæр къласмæ, бирæ дзурын дзы цæ- мæн хъæуы,— зынæй сдзырдта Санькæ- Æмæ уæд бафиппайдта, Машæ æмæ Федя кæрæдзимæ куыд бакастысты, уый. — Цы мæм ныккастыстут?—æрбамæсты Сань- кæ, нывæфтыд мыл, мийаг, ис. Ивд æрцыдтæн, зæгъгæ, куы зæгъын... Æмæ афтæ ныффыссут. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ грамотæйæ. Феня бавнæлдта чернилæдонмæ. Æвиппайды йын Машæ йæ къухæй ручкæ райста, иуфарс æй æрæвæрдта æмæ раздæхти СанькæйьГрдæм. — Уый раст куы нæ у, Саня. Дæ фыды цæ- мæн сайыс? — Сайгæ кæны? — дис кæнгæйæ, бафарста Катеринæ.—Уæдæ æвдæм къласмæ нæ бахызти? Дыккаг аз æй ныууагътой? — Кæй нæ йæ баивтой, уый дæр ма ницы кæнид,— райдыдта Машæ,— йæ бон у экзаментæ раттын. Бар ын радтой... Мах ын иууылдæр бах- хуыс кæниккам... Сæрд даргъ у. Æз ын дзырд- тон: макæ, Саня, макæ! Фæлæ уый хъуыды дæр ницы кæны... — Цы „макæ“, „макæ“ кæныс, дзæбæхдæр ма дзур!— фæхъæр кодта Катеринæ. — Ой, Катя, ме’взаг нæ тасы уый зæгъын- мæ! Уадз æмæ йæхæдæг радзурæд,— лæгъстæгæ- нæгау загъта чызг. Санькæ йæ пилоткæйæ æруыгъта пакъуыйы муртæ, æрттивын байдыдта пилоткæйыл конд сырх стъалы дæр, фæлæ ма йæ уæддæр йæ ды- сæй расæрф-басæрф кодта. 128
— Дæ сæрыл схæц, Александр, — фидарæй загъта Катеринæ. — Ахæм тæрхъусы уд дын ис, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Санькæ обандонæй фæгæпп ласта æмæ бауад Машæмæ. Йæ цæсгом уыд фæлурс, зырзыр код- той йæ былтæ. Уый фæндыд ныхъæр кæнын, уыцы фыстытæ ныр никæйыуал хъæуынц, зæгъгæ, фæлæ хъæр кæнæн нæ уыд. — Дзур! Радзур æппæт дæр! — ныхъæр кодта 'Санькæ чызгыл æмæ йæхæдæг дуары æттейы фæци. Петькæ разгъордта йæ фæстæ. — Бирæгъы лæппын раст, алкæмæ дæр куыд лæбуры, — йæ сæр ныттылдта Катеринæ æмæ Машæйы бафарста, Санькæйы скъолайæ цæй тыххæй ацух кодтой, уымæй. Чызг йæ сæр ныггуыбыр кодта æмæ ницы дзырдта. — Нæ йæ ацух кодтой, йæхæдæг ацыди, — Машæйы бæсты дзуапп радта Федя æмæ ра- дзырдта, скъолайы фæстаг боны тыххæй. — Йæхæдæг ацыд?! — ныддис кæнгæйæ, сыс- тад Катеринæ. — Фæлæууæд, æз уыимæ аныхас кæндзынæн. Æмæ тагъд-тагъд рауади уынгмæ. Афæлгæ- сыд тигъæй, бакаст цæхæрадонмæ, кæртмæ — Санькæ никуы уыди. Машæ æмæ Федя араст сты участокмæ. Зæ- ронд мусы рæзты куы фæцæйцыдысты, уæд уыр- дыгæй ракаст Девяткин æмæ лыстæг хъæлæсæй ныхъæр кодта: — Нымудзæг! Ардауæг! Федя фестъæлфыд, фæстæмæ фæзылди æмæ азгъордта талынг мусмæ. — Уæдæ ма ноджыдæр ныхъæр кæн! — Мæ бон у ноджыдæр, — загъта Девяткин, 9. Стожартæ. 129
фæлæ йæхи, цы вæййы-куыд вæййы, Санькæмæ хæстæгдæр баласта. Уый хуыссыди дæлгоммæ йæ цæсгом хъæмпы нытъыста, афтæмæй. — Федя, нæ хъæуы...— æрбаййæфта йæ Машæ. Фæлæ йе’фхæрд афтæ стыр уыд æмæ йæхæ- дæг дæрйæхинал баурæдта æмæ Девяткинмæ баз- гъордта: — Нымудзæг?! Ардауæг мæ хоныс?! Æмæ зокъотæм куы ацыдыстæм æмæ мæ сымах Санькæ- имæ хъæды куы ныууагътат, фæтæрса, зæгъгæ, уæд уæ æз искæуыл сардыдтон? Дамбаца куы фехæлд æмæ Санькæйы цæст схауынмæ гыццыл йеттæмæ куынæуал хъуыд, уæд та... Быдыры хъæмпы цъынайыл арт куы бандзæрстат, уæд та... Искæмæн загътон æз? — Раст у,—сразы Петькæ.—Уымæн дæ уагъ- там мах дæр немæ. Ныр дæ дзыхыл цæуыннæ хæцыс? — Сæрхъæн! Ныр хъуыддаг бынтон æндæр у... Уый скъола у... Æмæуыйтаахæм хъуыддаг у...ахæм...—Æмæ хъæугæ дзырд куы нæ ссардта, уæд басхуыста Петькæйы риу. — Сæдæ хатты дæр мæ схон нымудзæг, уæддæр æз æнæ дзур- гæ нæ уыдзынæн! — Гъы, куыд мæм æрбауырдыг! Сæрыл хæ- цæг дæр ма æрбакодта. Мах ахæмты бирæ фед- там,—загъта Петькæ, Машæ æмæ Федя куы ацы- дысты, уæд. Стæй Санькæйы фарсмæ æрбадти. — Ды та дæ хъал сæр цы ’руагътай? Скъо- лайы тыххæй æрæнкъард дæ? Ницы дзы ис хъыгагæй — æнкъардгæнинагæй! Æнæуый дæр ныр ды мæ хуызæн фæстæзад ахуыргæнинаг дæ. Æрæмбырд кæн дæ дзаумæттæ æмæ цом горæт- мæ. Мæ мады ’фсымæр Яков нæ уайтагъддæр куысты авæрдзæн. Зоныс, цырыхъгæнджытæм куыд бирæ пайда хауы! Дзæбугæй иу къупп—æмæ 130
та сом дæ дзыппы! Туасæй фæхуынкъ кæн — туман! Ныр, мæ лымæн, цырыхъгæнæджы куыст сеппæтæй хуыздæр дæсныйад у. Санькæ хъуыды кæнгæйæ касти, дидинæг цы къæбырттæг калдта, уымæ. Зæхмæ хаудысты йæ урс сыфтæ æмæ йæ алфæмблай зæхх уыд, цы- ма йыл чъыры пырхæнтæ фæкалдысты, уый хуызæн. — Мæ мад афтæ зæгъы,—дзырдта Петькæ,— мæнæ, дам, куыддæр нæ хъугæн хос æркæрдæм, афтæ, дам, мæн колхозы ницыуал хъуыддаг ис. — Ацу иуфарс, — мæстыйæ загъта Санькæ. — Цы? ~ Фесæф, зæгъын, мæ разæй, ахъуыдты у! 17 сæр БÆХГÆС Участочы уыд бирæ куыст. Æвзартæн рувын хъуыд сæ хæмпæлгæрдæг, хъуыди сæм хъацæн- тæ хæссын! Чысыл хуымты зæхх—хæмпус кæнын. Зæронд Захар алы райсом дæр сывæл- лæттæн лæвæрдта нарядтæ æмæ изæры, бæстон бæрæг кæнгæйæ, иста æххæстгонд куыст. Уый фæстæ иууылдæр æмбырд кодтой халагъуды цур. Машæ-иу рафæлдæхта цъæх тетрад æмæ зæронд лæг хыгъта „боны куыст“. — Фæзминаг, хи хъаргæйæ куыста, йæ ас- тæу не ’стасынгæнгæйæ, хурæй нæ тæрсгæйæ... Раст афтæ ныффысс, Машенькæ, — дзырдта зæ- ронд лæг, Цыппæрдигъон Стёпæ кæй хуыдтой, уый куысты тыххæй. Æрцыди-иу Семушкины рад. — Алёшæ кусы, раздæр куыд куыста, афтæ: тагъд кæны æмæ йыл адæм худынц. Дыууæ 131
кæрдæджы халы барувы, æртæ та уадзгæ нык- кæны. Цъырцъырæгты фæдыл арæх згъоры. Машæ тыххæй æййæфта зæронд лæджы фæстæ фыссын. — Цæуыл худут?—фарста Захар, сывæллæт- тæ кæй худынц, уый бафиппайгæйæ. — Татьянæ Родионовнæ мын бафæдзæхста уæ куысты тых- хæй, бæлвырд ныффыссын — фæллой чи куыд уарзы, стæй зæххæн чи куыд аргъ кæны, уый базоныны тыххæй. Уый фæстæ зæронд лæг фæллойбонæн йæ фондзыссæдзæм хайы онг бæлвырд кодта алкæйы боны куыст дæр: фæллойбоны сæдæйæм 40 хайы, фæллойбоны сæдæйæм 45 хайы... фæллойбоны æрдæг. Фæлæ цъæх тетрады Машæ фыста, сывæл- лæттæ куыд æмæ цалгай фæллойбонтæ бакуыс- той, канд уый нæ. Андрей Иванович æй куыд сахуыр кодта æмæ рагæй дæр куыд кодта, афтæ уый тетрады фыста, зайæгойы царды цы фип- пайдта, уый: йæ тауыны рæстæг, йæ билцъы рауагъд, йæ дидинæджы ракалд. Захар йæ уынаффæтæ пионертæн æвгъау нæ кодта. Амыдта сын куыд фесафын хъæуы æд уидаг зианхæссæг хæмпæлгæрдæг, мæнæумæ хъацæнтæй куыд зилын хъæуы, пъæмидорты фæрссæгтæ куыд тонын хъæуы. Æмæ та-иу уайтагъд Машæйы къухты фæзынди цъæх тетрад. — Уым алы бон цытæ фыссыс?—иу ахæмы йæ бафарста зæронд лæг. — Уый боныг у, Захар Митрич. Дæ уынаф- фæтæ дын фыссæм. — Кæс, кæс...—разыйæ йæ мидбылты бахуд- ти зæронд лæг æмæ уæдæй фæстæмæ йæ „уы- наффæтæ“ дзурын байдыдта бæлвырддæр æмæ 132
аивдæр. Йæ амындтытæм гæсгæ куыст нæ цæуы, зæгъгæ, уæд-иу зæронд лæг тынг смæсты. Иу хатт Захар æрлæууыди Семушкины уæл- хъус, уый рывта хуымты хæмпæлгæрдæг. Цæ- мæй йæ зæххмæ тынг гуыбыр кæнын ма хъæуа, уый тыххæй-иу Алёшæ схæцыд хæмпæлгæрдæ- джы сæрыл æмæ-иу æй аивæзта йæхимæ. Иутæ дзы хаудысты æд уидæгтæ, иннæтæн сæ бындзæф- хæдтæ задысты зæххы. — Бæрзæндты тæхыс, фæлæ сæ уидæгтæ та кæм сты?— бахъынцъым кодта зæронд лæг. Захар Митрич æргуыбыр кодта, нарæг æф- сæйнаг белæй йæ бындзарыл алыг кодта хæм- пæлгæрдæджы æмæ йæ уæлæмæ систа. — Уый цы у? — Дзывзалы, Захар Митрич... зианхæссæг хæмпæлгæрдæг. — Зоныс æй, афтæмæй йын хатыр кæныс. Кæд зианхæссæг у, уæд æй æд уидаг сафын хъæуы... уый йедтæмæ дæ куыст кæмæн цы пайда у ам цъыкк — уым цъыккæй. Зæхх уал- лон дæр къахы. Ды та кæн æмбаргæ фæл- лой. Чи дæ ды? Сомбоны колхозон, зæххы хи- цау. Цæвиттон æрдзы паддзах... Ды хъуамæ зо- найзайæгойтæн сеппæтæн дæр хицауиуæг кæнын. Зæронд лæг тынг бирæ архайдта сывæллæт- тимæ. „Пъланмæ гæсгæ“ (зæронд Захар куыд уарзта дзурын) сагъд цы халсартæ æмæ хуымтæ æрцыдысты, уыдонæйуæлдай ма пионертæ участо- чы зайын кодтой алыхуызон пъæмидоры мыккæг- тæ, настæ, раггæнд æрыскъæф æмæ ныронг Сто- жарты кæй нæ зыдтой ахæм иу къорд хуссай- раг зайæгойькамураг соя, кок-сагыз, гæбы хъæ- дур, дагестайнаг гæн, зæххы æхсæр. Зæронд лæг сыл раздæр не’ууæндыди: ома 133
хуссайраг зайæгойтæ лæмæгъ сты, æмæ сæхиуыл нæ фæхæццысты, зæгъгæ. Фæлæ сывæллæттæ базыдтой æвзонг зайæ- гойты уазалтæй бахъахъæнын, æмæ хуссайраг уазджытæ ныр участочы рæзыдысты, цыма сæ- хи зæххыл уыдысты, афтæ. Захар дæр сæм зилын байдыдта æмæ-иу сывæллæттыл арæх фæхъæр кодта: — Уазджыты цæмæн рох кæнут? Кæм сæ æрбахуыдтат, уым сын хæрын æмæ нуазын кæ- нут сæ фаг! Скодта тæвд, æнуд бонтæ, зæххы цъар ны- хъæбæр. Зайæгойтæ домдтой уымæлдзинад. Сы- вæллæттæ сыл кодтой бирæ дон. Хиконд донуа- дзæн трубатæй лыстæг цыхцырæгæй æнæхъæн бон участокмæ уади дон æмæ дзаг кодта боцкъа- тæ, тъæпæнджытæ, бæлæгътæ. Дон хæссын хъуыди доны былæй дæр вед- раты. Зæрдæхæлар Машæмæ афтæ каст, цыма æнæ донæй участочы æппæтдæр бахус уыдзæн æмæ дон кодта алцæуыл дæр: халсартыл, æф- сирджынтыл, дыргъбæлæстыл. Иу хатт, Зинæимæ сусæгæй аныхас кæнгæйæ, Машæ цæугæ доны былæй дон æрбахаста æмæ пырх кæнын байдыдта фæндзæм кълеткæйы мæнæу. Æрбацыди сæм зæронд Захар: — Нæйæхъæуы!Æз кæмæ дзурын? — Захар Митрич, æмæ мæнæу хус куы кæ- ны,—ныддис кодта Машæ, — мæнæ йыл бур сыфтæ дæр фæзынди. Йæ бакаст дæр æнкъард у. — Дон пырх кæнут халсартыл! Уæ хуссайраг уазджытыл... Фæлæ фæндзæм кълеткæмæ ма’вна- лут... — æмæ чызджы къухтæй донпырхгæнæн райста. — Захар Митрич, цæуылнæ? 134
— Цæуылнæ, цæуылнæ! Уый бынтон æндæр мæнæу у, хæрзмыккаг. Уымæн буц митæгæнæн нæй, уый хъуамæ æппæт дæр бавзара: хус рæстæг дæр, уазал дæр. Кæд б.афæраза, уæд æм ис стыр тых. Зæрæдтæй æмæ æрыгæдтæй ахæм мæнæу ко.лхозæн балæвар кæнын æфсæрмыйаг нæ уы- дзæн. — Уый мæнæ Егор Платонович кæй рæзын кодта, ахæм сорт у, Захар Митрич? — Чи зоны... — Чи зоны æмæ хуыздæр дæр уыдзæн, нæгъа? — Хорз уаид, ахæм æрзайын, кæнын дæр. — Æмæ æрзайын кæндзыстæм? —нал лæу- уыди Машæ. — Ох, цъырцъыраг! Ныууадз мæ! —лæгъстæ кодта Захар. — Нырма бæрæг нæу. Банхъæлмæ уал кæс. Зæронд лæг фæндзæм кълеткæйы тигъыл фæйнæгыл стыр дамгъæтæй ныффыста: „Донæй пырх кæнын æй нæ хъæуы“. Иу хатт участокмæ æрбазгъордта Ленæ Один- цова — уый-иу арæх абæрæг кодта Захары. Æрзылди хуымтыл сеппæтыл дæр, бакаст алы къуыммæ дæр. — Цы зæгъдзынæ, чызг, зæронд хæдзарад та дæ зæрдыл æрбалæууыд? — Цы хорз уæм у, Захар Митрич! —загъта Ленæ. Æнтæф уæм нæу, дон цæуы, æрыскъæфтæ фæцæттæ • кæнынц... Махмæ та быдыры бæстæ судзы, иу къудзи дзы нæ фендзынæ... , Ленæ Захар Митричы афарста, сывæллæттæй разы у, æви нæ, уымæй. — Дзæбæх æххуысгæнджытæ сты. Æрмæст цы не ’рхъуыды кæндзысты, иу ахæм сын нæй. — Цæмæн афтæ? 135
Захары фæндыди хуссайраг зайæгойты тых- хæй радзурын, фæлæ участочы тигъыл бæрзонд хъилыл ауыдта зестæй флюгер — дымгæамонæг, уарын барæн æмæ цавæрдæр будкæ. — Уый та дын ног хъуыддаг! —йæ къухтæ фæйнæрдæм акæнгæйæ, загъта Захар Ми- трич. — Уый метеостанцæ у, боныхъæд цавæр уыдзæн, уый-иу мах раздæр зондзыстæм, — загъта Машæ. — Цæй, цæй, мæнæй йæ хуыздæр нæ базон- дзыстут. Æндыснæгæй мæ зæнгтæ куы сриссынц, уæд æй уайтагъддæр базоиын, уарын кæй уы- дзæн, уый. Æнæ рæдыдæй! — схъуырхъуыр кодта Захар. — Омæ уыдонæн сæ зæнгтæ нæ риссынц,— ныххудти Ленæ. Уый фæстæ Машæйы иуфарс акодта æмæ йæ бафарста: — Æмæ Саня Коншаков сымахимæ нæ кусы? — Мах куыст æм ницы диссаг кæсы, — ра- хъаст кодта Машæ. — Ницæййаг чысыл хъуыд- дæгтимæ, дам, архайут. — Куыд нæ йæм кæсы диссаг? —бадис код- та Ленæ. — Участок ма йæм равдисут. Уæ мæ- нæу... Цæст æм кæсынæй куы нæ ’фсæды. Дыккаг бон Машæ ацыд Коншаковтæм. Хæ- дзары куыстытæ кодта Феня иунæгæй. Уый загъта, зæгъгæ, Санькæ кусы бæхдоны, сысты æхсæвы цæстæй æмæ сæхимæ æрцæуы æрмæст дæр сихор хæрынмæ æмæ хуыссынмæ. — Мадимæ та куыд у? — Тынг æвзæр, — рахъаст кодта Феня.—Ма- мæ афтæ зæгъы: „ Ахуыр кæндзынæ“, Санькæ та афтæ: „Нæ кæндзынæн. Æз фæллойбонтæ кусын“. Дуар ныгуыпп кæны æмæ бæхдонмæ 136
ацæуы. Мамæ ма цалдæр хатты кæугæ дæр код- та. Тынг хивæнд у махæн Санькæ. — Хивæнд у... — сразы Машæ æмæ акасти рудзынгæй. Кæс ма, кæс, уæ бæхгæс æрбацæуы! — Ой! —мæнæн та мæ сихор цæттæ дæр- нæма у, — катайы бацыд Феня. Санькæимæ æрбацæйцыд Никиткæ. Уый йе ’фсымæрмæ касти уарзон цæстæнгасæй æмæ- дзы куырдта, цæмæй йæ ахсæв йемæ бæхгæс акæна. — Уый фæстæ фендзыстæм, — сындæггай дзуапп радта Санькæ æмæ, къæсæрыл æрбад- гæйæ, йæ дзабыртæ ласынмæ фæци. Никиткæ цъайæ ведрайы дзаг уазал дон æр- бахаста æмæ къусæй дон кæнын байдыдта йе ’фсымæры къухтыл, хурсыгъд уæхсчытыл æмæ фæсонтыл. — Ноджыдæр æркæ! Дон хæлæг ма кæн! — футтытæгæнгæ хъæр кодта Санькæ æмæ цыма æнæбары уыди, уыйау уазал дон пырх кодта Никиткæйыл æмæ-иу уый дæр ныхъыллист кодта: — Ма ма хынджылæг кæн, Санькæ! Йæхи æхсад куы фæци, уæд Санькæ бацыд хæдзармæ, кæсæнмæ кæсгæйæ ныффаста йæ хуылыдз сæрыхъуынтæ æмæ æрбадти стъолы цур. — Æгас цу, æмбал бæхгæс!—ныххудти Ма- шæ, æмбæрзæны фæстæйæ рацæугæйæ, æмæ Санькæйы цур дзул æрæвæрдта. — Куыд цæ- уынц дæ хъуыддæгтæ? — Махмæ сын ницы у. Гыццылгай цæуынц. Уæхи хъуыддæгтæ куыд сты? Лимонтæ, апель- синтæ нæма сцæттæ сты? — Махмæ, Саня, фæндзæм кълеткæйы, мæ- нæу æфсир æфтауын байдыдта! — сæрæстырæй фехъусын кодта Машæ. — Йæ фенын дæ фæнды? 137Г
— Цавæр фæндзæм кълеткæ? — нæ бамбæр- ста Санькæ. — Æз дын куы дзырдтон... зæронд Захар иу ахæм мæнæуы сорт ссардта. Мах æй байтыд- там фæндзæм кълеткæйы. — Æмæ стыр кълеткæ у? — Уый бæрц стыр нæу. Йæ уæрх фондз сан- чъехы, йæ дæргъ та —аст. — Цы стыр фæз у! —ныппыррыкк кодта Санькæ. — Мæнæй афтæ ма иу сæдæ метры •байтыдтат... — Сæдæ метрæн мыккаг не сфаг. Фæлæ куы фенис, куыд хорз мæнæу у! —фырцинæй йæ цæстытæ бацъынд кодта Машæ. Захар •афтæ зæгъы, уый, дам, стæм сорт у æмæ тынг зынаргъ. Быдыры мæнæутæ зæнг æвæрын ныр- ма ныр байдыдтой, махæн та ма æфсир дæр раф- тыдта. Тынг æм æхсайы зæронд лæджы зæрдæ. Æхсæв хуысгæ нæ кæны, хъахъæны йæ. „Тынг зынаргъ у“, зæгъгæ, уыцы ныхасмæ •Санькæ бафиппайдта, ома, йæ фыдмæ цы мæ- нæу уыд, ахæм ныр сæдæ азмæ дæр ничи- уал æрзайын кæндзæн. — Æмæ кæд махæн хуыздæр уыдзæн, уæд та? — хъаугъайы бацыди Машæ. — Æвзæрдæр нæ уыдзæн уæддæр, кæнæ та раст ахæм... — йæ ныхасыл фидарæй лæууыд Машæ. Санькæ йæ мидбылты бахудти, бæрæг уыдис Машæимæ разы кæй нæу, уый, фæлæ йæ уæд- дæр мæнæу фенын тынг фæндыд. — Цæй хорз, цом æмæ кæмæй æппæлут, уы- цы мæнæу фенæм, — сразы Санькæ, сихор хæрд куы фæци, уæд. — Дæ формæ æххæстæй дæ уæлæ нæй, æмбал капитан, — загъта Машæ, Санькæ æнæ 138
пилоткæйæ цæуын фæнд куы скодта, уæд. — Лæппутæ афтæ дзурынц, зæгъгæ, дам, суанг хуысгæ дæр æнæ уыцы пилоткæйæ нæ кæныс. Санькæ йæ ацагуырдта тъахтиныл, бакасти сынтæджы бынмæ, фæлæ пилоткæ никуы уыд. — Афтæ дæр мын ницы у, — йæ къух ауыгъ- та Санькæ. 18 сæр ДÆУÆН АРДÆМ ФÆНДАГ НÆЙ Машæ æмæ Санькæ ацыдысты цæхæрадæтты фæстæты æмæ æрлæууыдысты „Векшины хæ- дзарады“ цур. Чызг йæ фæйнæфæрстæм акасти æмæ Санькæйы акодта быруйы ’рдæм. Сæ размæ бæзджын къулау, лæууыди бæрзонд сау цъæх- бын пысыра. Машæ йæ кофтæйы дыстæй йæ къухтæ бамбæрста æмæ пысыраты фæйнæрдæм акодта. Уый фæстæ йе ’уæхскæй бахæцыд быруйы æмбæхст дуарыл æмæ йæ байгом кодта. Уыцы минут участочы астæуæй ссыди цæйдæр дзыгъал-мыгъул æмæ зыланг. — Уый нæ сигнал ахæм у, — сусæгæй сдзырд- та Машæ. —Фыццаг хах... дарддæр та дыккаг æмæ æртыккаг... — Цавæр сигнал? Чи йæ ’рхъуыды кодта? Санькæ нал хъæцыди тагъддæр участочы астæу- мæ бакæсынмæ. Æвиппайды къудзитæй ссыди цæйдæр сыбар- сыбур. Машæ фæлæбурдта Санькæйы къухмæ æмæ йæ ’рбадын кодта быруйы цур залмы сыф- ты æмæ пысыраты ’хсæн. Къудзиты астæуæй рагæпп кодта Алёшæ Семушкин, йæ уæлæ уыди стыр хъæмпын худ. — Æз та дæ Захар Митрич фенхъæлдтон... 139
Уый нæ уарзы, ам æттагон исчи куы вæййы, уый! —сусæгæй загъта Машæ æмæ, залмы сыф- ты астæуæй Санькæимæ сыстгæйæ, бацыди Се- мушкины размæ. — Алёшæ, ды дæ абон радгæс? — Æз дæн æмæ цы! —Семушкин æрлæууыди къахвæндаджы астæу æмæ Санькæмæ бакодта, цыма йæ фыццаг хатт уыны, ахæм каст. — Цы мæм ныккастæ? — ныддис кодта Сань- кæ. — Нал мæ зоныс? — Куыннæ дæ зонын, ды нын номдзыд адæй- маг куы дæ. — Гъемæ мæ уæдæ бауадз, кæд номдзыд дæн, уæд. — Æрбауай-иу, æцæг кæд уый зоныс, мæрд-, тæ сæхицæн къуырисæр куы кæной, уæд. Æнхъæлмæ дæм кæсдзыстæм,—скъæркъæр код- та Семушкин æмæ йæ даргъ фындзы кæрон худæджы змæлд бакодта. — Ничи йæм кæсы, цыма исты хæстон ахс- джиаг бынат у!—Санькæ йæ къухтæ йæ синтыл авæрдта æмæ комкоммæ бацыд тæнтъихæг Алёшæмæ. Фæлæ уый йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта. Йæ дыууæ æнгуылдзы йæ дзыхы акодта æмæ ныхсидт кодта. Къудзиты фæстæйæ фæзындысты Стёпæ æмæ Федя Черкашин. — Лæппутæ, гъер цавæр стут... —Сæ размæ базгъордта Машæ. — Нæхимæ райсæм Санькæйы æмæ йын нæ хуымтæ фенын кæнæм... — фæлæ йæ ныхас фæсыкк ис: Федя йæм афтæ бакасти, цыма Машæ исты аххосджын уыд, уый хуызæн. Стæй сабыргай бацыди Санькæйы цурмæ. — Дæ пилоткæ та кæм ис? — О, о, кæм ис?—бафарста Стёпæ. Санькæ дис кæнгæйæ бакасти лæппутæм, 140
æмæ йæ армытъæпæн æрхаста йæ бæгъæмсар сæрыл. — Æмæ уæ цы хъуыддаг ис? — Афтæ, æнæуый... фæнды нæ базонын...— ныппыррыкк кодта Семушкин.— Кæд дын’искуы ахаудта... Фæлæ уал дын ныр ардæм фæндаг нæй. Куы хъæуай, уæд дæм фæдзурдзыстæм, хонæг дæм арвитдзыстæм. Ома, табуафси, сак- каг кæн. Ныр та уал æнæ дæу дæр хорз цæрæм. — О, æнкъард нæ кæнæм, — загъта Стёпæ дæр æмæ йын йæ цæстытæй ацамыдта быруйы дуармæ. Санькæ фырмæстæй ссыгъди. Фæлæ нæ, уый дуарæй чи аздæха, ахæм нæу! Иу хатт æй Лок- тевойы уынджы фондз лæппуйы ацæуын нæ уагътой. Фæлæ уый уæддæр ацыди. Æмæ та афтæ бакæнид? Стæй уавæр ныр бирæ хуыздæр у. Къæсхуыр Федя нымады дæр нæу, Семушкин хъæбæрдзых фыццаг ныццæфы онг вæййы. Тых- джын хæцын бахъæудзæн, Цыппæрдигъон Стё- пæимæ... цæй цы абада, уый абадæд... Санькæ йæ галиу уæхск размæ бахаста, ба- кодта фыццаг къахдзæф. Фæлæ æппæт хъуыд- дæгтæ дæр Машæ фехæлдта. Уый цурчы хуызæн йæхи лæппуты ’хсæн фæтъыста æмæ æнæхъæн участокыл иыхъæр кодта: — Цы ми кæнут, æрратæ! —Бынтондæр сæ зонд фæцыд. Æз сигнал раттдзынæн æмæ За- хар Митрич æрбацæудзæн...—Алырдæмасхуысты- тæ кодта лæппуты æмæ Санькæйы къухыл ра- хæцыд: —Ма сæм хъус! Цом. Кæмæй дыи загъ- тон, уыдон дын равдисон. — Мæнæн æвдисын ницы хъæуы! — Санькæ йæ къух ратыдта æмæ азгъордта бырумæ. — Æнæуый дæр æй зонын, цавæр хъазтæй хъазут, уый... Æрæмбырд сты чысыл сабитæ. Колхозæн 141
хъуыддагæй баххуыс кæныны бæсты, — Санькæ йæ тых йæ бонæй калиткæ ныццавта, фæлæ нæ байгом, уæд æй Санькæ ныццавта тынгдæр. — Зонын æй хъæуы, зонын, — æрбазгъордта Семушкин æмæ, цыдæртæ адзургæйæ, байгом кодта дуар. — Афтæ хуыздæр уыдзæн. Дæ фæн- даг раст. Ма фæкæл, Саня, галиу фæрсты цу, хъахъæ де ’рыгон цард,—æмæ, быруйы фарс- мæ æрбадгæйæ, Семушкин худæгæй бакъæцæл.— Раст афтæ рауад, фæкалди... Ой, худæгæй мæ- лын! Дзыхъмæ ныххауд, раст пысыратæм... Къудзиты фалейæ æрбазынди Ленæ. — Кæуыл худут, уый? Машæ æрбамæсты æмæ Ленæйы цурмæ баз- гъордта. — Худинаг дæр сæм нæ кæсы, — ацамыдта Федя, Стёпæ æмæ Алёшæмæ. — Æз Санькæйы æрбакодтон, уыдон^æй атардтой æмæ йыл ху- дынц... Чысыл ма бахъæуа кæрæдзи ма фæнæ- мой. Пионертæ не стут æви? —лæппутыл йæхи ныццавта Машæ.—Исчи афтæ кæны? — Æмæ афтæ кæнæн ис? —загъта Федя æмæ, Машæмæ бакæсгæйæ, Стёпæмæ йæ сæрæй ацамыдта. Уый йæ дзыппыты цыдæр агурын байдыдта. Уыцы дзыппыты тыххæй лæппутæ афтæ дзырд- той, зæгъгæ, уыдон дзыппытæ нæ, фæлæ ре- монтгæнæн мастерскойтæ сты. Уымæн æмæ уы- доны æдзухдæр ссарæн уыди дыууадæсы бæрц зæгæлтæ, телы тыхтон, стæй синаджы стыр уадз- дзаг дæр. Ныр Стёпæ йæ дзыппæй систа цъæх фæсмын пилоткæ, йæ уæлæ сырх стъалы, аф- тæмæй æмæ йæ Машæмæ бадаргъ кодта. — Кæй у, уый зоныс? — Зонын. Санькæйы. — Æмæ йæ кæм ссардтам, уый дæр зоныс? 142
— Кæм? — Дæ æрыскъæф „Виктория“ сагъд кæм уР уыцы хуымы цур, — кæуын хъæлæсæй ныхъæр кодта Семушкин.—Раст уыцы ран! — Ой! —фæхъæр кодта чызг. — Æмæ цы< ныхъус стут? Машæ азгъордта участокыл æмæ æрлæууыди æрыскъæфы хуымы раз. Æрыскъæф конд уыд „пъланæй уæлæмæ“,. стæй нæ уыд „фæлварæн“, æмæ йæ Машæ æмæ Зинæ ныссагътой сæрды ахæрыны тыххæй.. Хуымты уыди бæгъæввад къæхты фæд, ра- нæй-рæтты къудзиты сыфтæртæ зæххы ныссагъ- дысты, сырх кæнын цы æрыскъæфтæ райдыдтой,, уыдон уыдысты ссæст. — Фæтæрсын мæ кодтат!—• æнцонæй сулæ- фыд Машæ æмæ бакасти лæппутæм! — Æз та афтæ банхъæлдтон æмæ сæ иууылдæр ныттыд- той. — Арфæ ракæн зæронд лæгæн. Уый нæ ба- уагъта Санькæйы.—Æмæ Семушкин радзырдта,. абон райсомæй Захар участочы Санькæ Конша- ковы æмæ Петькæ Девяткины куыд баййæфта æмæ сæ куыд фæцæйахста, уый. — Æрбацæуы... зæронд лæг æрбацæуы!— загъта Стёпæ сындæггай. — Ох, ныртæккæ нын уыдзæни! Лæдзæгыл зынæй æнцойгæнгæ, халагъуды цурмæ æрбацыди Захар, бандоныл йæхи æруагъ- та æмæ йæ уæрджытæ аууæрста. — Рынчын, мийаг, дæ, Захар Митрич? — бафарста йæ Ленæ. — Уæд та уал хуысгæ скод- таис. — Схуысдзынæ ахæм хъахъæнджытимæ, — зæронд лæг мæстыйæ ацамыдта лæппуты ’рдæм. — Захар Митрич, æз чысыл йеттæмæ куы ш
нæ байрæджы кодтон хъахъæнынмæ, — аххос- джын хуызæй загъта Семушкин. — Æмæ уыцы чысыл кæй байрæджы кодта, уый аххосæй сысджы „Сыгъзæрин уарын“ ныс- сæстой, чысыл ма бахъæуа æмæ æрыскъæфтæ дæр ныттоной. Дæу тыххæй нæ цæуы ныхас...— Захар йæ къух ауыгъта æмæ Ленæмæ раздæх- ти: —Æвæдза цавæр лæппутæ ис махмæ, Сто- жарты! Сæрд куы ралæууы, уæд райдайынц. Ахæм фыдуагæн ратт хуыздæр æрыскъæфты пуцал, мыды хуызæн фæткъуы, уæддæр йæ зæрдæмæ нæ бацæудзæн; фæлæ йæхæдæг цъæх дыргътæ куы ныттона, уæд сæ адджынæн бахæр- дзæн. Не ’мбарын, скъолайы ма сæ цæуыл ахуыр кæнынц! —Зæронд лæг æнæсдзургæйæ алæууыд, йæ боцъо адаудта. — Æз уыцы Коншаковыл куы фæхæст уон, уæд ын йæ хæлафы пысыра нытъыс- дзынæн. Æз æй скафын кæндзынæн уыцы æрыс- къæфхор хъæндилы! — Куыд хорз загъта! — ныппыррыкк кодта Семушкин æмæ Машæйы хъусы бадзырдта: — Боныджы дæр афтæ ныффысс: „Участочы фæ- зынди фыццаг хъæууон-хæдзарадон знаггадгæ- нæг: Санькæ — æрыскъæфхор хъæндил“. — Æз ницы ныффысдзынæн, — загъта Машæ æмæ йæхи атигъ кодта. — Æнæ йæ фыд бынтондæр фехæлди лæп- пу. — Захар тызмæгæй бакаст сывæллæттæм: — Хуыздæр уыдзæн йемæ лымæн куы нæ кæнат, уæд, хорзæй дзы ницæуыл сахуыр уыдзы- стут. — Захар Митрич,— сабырæй загъта Машæ,— Санькæ искæйы æрыскъæфтæм нæ бахъуыздзæн, уый ахæм нæу... — Уæдæ уый цы у? —Захар Степæйæ рай- ста Санькæйы пилоткæ æмæ йæ Машæйы къухты 144
фæсагъта. — Дымгæ йæ æрбаскъæфта? Дзæгъын- дзæг æй нæ къæдзилыл æрбахаста? Машæ бирæ фæкасти, сырх стъалы кæуыл уыди, уыцы зонгæ пилоткæмæ. — Æмæ кæд Санькæ нæ уыд, кæд æндæр исчи апиæрста пилоткæ, — зынæй сдзырдта уый. — Ды та æдзух йæ фарс хæцыс! — йæхи йыл ныццавта Семушкин. — Кæимæ цæуы ныр Санькæ? Девяткинимæ. Уый та алы бон учас- точыразрауай-бауай кæны, разведкæйы рацæуы— бацæуæнтæ æмæ рацæуæнтæ бæрæг кæны... Абон сæ къухы ницы бафтыд, фæлæ уыцы æрдхæрдтæ æндæр хатт бахъуыздзысты æрыскъæфтæм. Ды та дæ хъустæ æруагътай, табуафси, Санечкæ, рауай, кæс... Цы бачындæуа ныр дæуæн? — Уадз æмæ абон дон дыууæ нормæйы ба- иырх кæнæд, райсом дæр дыууæ нормæйы, — фæндон бахаста Стёпæ. — Фехъуыстай, Машæ?— бафарста Семушкин. — Гъемæ бапырх кæндзынæн, уымæй мæ ас- тæу нæ асæттдзæн...—æмæ æнкъардæй араст ис донпырхгæнæнмæ. — Фæлæ уый уæддæр Сань- кæ нæ уыд... уый ахæм нæу, — загъта Машæ хъæрæй йæ хъуыдытæ. — Æмбалыл æууæндын хорз у,— бацыди йæм Ленæ. — Æз дæр афтæ ’нхъæл дæн æмæ ам Санькæ Коншаков аххосджын нæу. Æрмæст иууылдæр куыддæр сæмхæццæ сты...— Æмæ, дык- каг донпырхгæнæн райсгæйæ, Ленæ Машæимæ хуымтыл дон пырх кæнын райдыдта. 19 сæр ПИЛОТКÆ Санькæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ баууæн- дыд Семушкины ныхæстыл: „Галиу фæрсты цу, дæ 10. Стожартæ. 145
æрыгон цард хъахъæн“, зæгъгæ, фæлæ рахизы ’рдæм аздæхт æмæ, фыцгæ аджы ныххауæгау, афардæг пысырайæ æмбæрст арф дзыхъы. Арыды хуызæнæй фестадио æмæ цыппæрва- дыгæй азгъордта сæхимæ. Йæ цæсгом æмæ йæ къухтæ арт уагътой, пысырайы сыгъдæй сырх тæппал сысты. Санькæ уыди тынг мæсты æмæ нæ бацауæрстаид йæ маст райсыныл. Афтæ дыл фæхудæнт! Цавæрдæр диссаджы мæнæу равдисынæй дын зæрдæ бавæрæнт, учас- токмæ дæ бакæнæнт æмæ дæ уый фæстæ ратæ- рæнт... Чи йæ бафхæрдта, уыдонæй йæ маст куыд райсдзæн, ууыл хъуыды кæнгæйæ, Санькæ уай- тагъддæр бахæццæ сæ хæдзармæ. „Федя æмæ мæ Стёпæ та пилоткæйæ цæмæн фарстой?“—æрлæууыд Санькæйы зæрдыл æмæ тыхсын райдыдта. Ногæй та йæ агурын баидыд- та. Фæлæ пилоткæ никуы уыд. Санькæ уынгæй Никиткæмæ бадзырдта æмæ йæ тызмæгæй ба- фарста. Никиткæ сомытæ кодта, ард хордта, пи- лоткæ кæй нæ райста, ууыл. — Айфыццаг æй куы ныккодтон æмæ йæ дымгæ цъыфмæ куы ахаста æмæ мæ уæд куы фæнадтай, уæдæй нырмæ йæм кæсгæ дæр нал кæнын. — Ды ма хуысгæ кодтай, афтæ райсомæй раджы æрбауад Петькæ æмæ дын дæ пилоткæ ахаста,— загъта Феня. Санькæ азгъордта Девяткинтæм. Æмæ куыд- дæр хæдзары тигъæй фæзылди, афтæ ауыдта Петькæйы цъайы ’рдыгæй æрбацæйцæугæ. Уый коромыслæйыл æрбацæйхаста дон. Петькæйæн уыд ахæм цæстæнгас, цыма искæмæн стыр хорз- дзинад ракæнынмæ хъавыд. Ведратæ, хурмæ æрттивгæйæ, дыууæрдæм 146
разил-базыл кодтой, дон цæллахъ-мыллухъ кодта æмæ, урс тæвд рыгмæ кæлгæйæ, йæ фæстæ уагъта сау стъæлфытæ. Петькæ цыма Санькæйы уынгæ дæр нæ кæ- ны, йæхи афтæ скодта. — Дæ сыхæгты нал зоныс? — Санькæ йын фæхæцыд йæ коромыслæйыл. -•- А-а! Коншак! — ныддис кодта Петькæ, йæ ведратæ зæххыл æрæвæргæйæ.— Уыныс, цытæ мын кæнын кæнынц. Дон хæсс, цæхæрадоныл дон пырх кæн, уый бакæн, аннæ бакæн... Мæ бон нал у! Махæн нæ бон ахæм куыстытæ кæнын у? Тынг æнкъард кæнын... Зоныс, æз æнгуыр бацæттæ кодтон, æрæмбырд кодтон уаллæттæ... — Кæсæгты тыххæй уый фæстæ,—йæ ныхас ын фæурæдта Санькæ.—Кæм ис мæ пилоткæ?— Чи дын загъта æмæ йæ æнæфæрсгæйæ ахæсс? — Дæхæдæг мын куы загътай, адар уал æй, зæгъгæ. Æртæ боны размæ. Ахъуыды ма кæн! — Æмæ ныртæккæ та кæм ис? Равдис ма йæ. — Мæсты ма кæн, Саня. Дæ пилоткæйæн тас нæу, нæхимæ ис. Ныртæккæ дын æй радав- дзынæн,— загъта Петькæ æмæ дзы йæ ведратæ дæр ферох сты, афтæмæй хæдзармæ азгъордта. Санькæ сæрыстыр уыди йæ афицер фæс- мын пилоткæйæ. Цæф лейтенант ын æй балæвар кодта, колхозонтæй лæвæрдтæ цы госпитæлмæ ласта, уым. Уый уыди ноджы хуызæн, сырх стъалы йæ уæлæ. Пилоткæ йын сбæззыди æмæ йæ хаста, æфсæддон устав куыд амоны, афтæ: сæры галиу фарсыл, æрфыгæй дыууæ æнгуыл- дзы уæлдæр. Лæппутæ хæлæг кодтой Санькæмæ æмæ йын æй арæх куырдтон адарынмæ. Санькæ дæр сын-иу æй лæвæрдта. Петькæйы тынг фæндыди Санькæ йын йæ 147
пилоткæ исты дзаумайыл куы баивтаид, уый — кæнæ йæ ног чырынтæ худæй, кæнæ та хæрын- къа æмæ пластмассæйæ конд сæрвасæнæй, фæ- лæ Санькæмæ ницы диссаг кастысты уыцы дзау- мæттæ æмæ-иу Петькæ пилоткæ адардта æр- мæст искуы-иу хатт, иу дыууæ боны. Рацыди фондз минуты бæрц, фæлæ Петькæ никуыцæй зынд. Санькæ рудзынгæй хæдзармæ бакаст, фæлæ дзы ничи уыди. „Æвæццæгæн кæртыл алыгъд. Цымæ кæ- дæм?“—ахъуыды кодта Санькæ æмæ уынгыл йæ цæст ахаста. Цъайы цур, стыр мыдадзын цырæгъты хуы- зæн, æнæцъар хъæдты фæстæ Санькæ айхъуыс- та лæппуты ныхас. Хæстæг куы бацыди, уæд ауыдта Петькæ æмæ Тимкæ Колечкины. Уыдон хъазыдысты хъулæй. Петькæ хъулты ныкъуырдта здыуагъд уæз- зау хъулæй, æмæ сырддон цъиуты балы куы фæтæрсын кæнай, æмæ уыдон куыд атæхой, афтæ хъултæ хæрдмæ фæтахтысты æмæ фæй- нæрдæм ныппырх сты. Уый сæ æрæмбырд кодта æмæ сæ ныккодта, æнæуый дæр хъулæй йедзаг цы худ уыди, уым. Тимкæ хæлæг кæнгæйæ кас- ти, Петькæ хъултæ куыд рамбылдта, уымæ. — Афтæ кæныс!— загъта Санькæ.—Тимкæйы амбылдтай! — Зоныс, нал мæ уагъта, ахъазæм, дам, ахъазæм. Æмæ йын æз дæр фенын кодтон, куыд хъазын хъæуы, уый. Уадз æмæ ахуыр кæна, ца- лынмæ Девяткин æгас у, уæдмæ.—Æмæ Петькæ йæхи баивæзта хъултæм. Фæлæ Санькæ йæ разæй фæци, фелвæста худ, хъултæ æркалдта Тимкæйы раз æмæ ба- къахдзæф кодта Девяткинмæ. Петькæ йæхи хъахъæнгæйæ, чысыл фæстæр- 148
дæм ацыди. Фæлæ йæм Санькæ цыди комкоммæ, йæ къухтæ йæ синтыл сæвæргæйæ. Петькæ йæ цыд фæтагъддæр кодта—бафтыдта йæ цыдыл Санькæ дæр. Æвиппайды Петькæ сæхимæ ли- дзынмæ фæци. Фæлæ уайынмæ дæсны нæ уыд æмæ йын уайтагъддæр Санькæ йæ фæндаг ах- кæдта æмæ уæд Петькæ уынджы дæлæмæ аз- гъордта. Чи зоны, цæуыл ахицæн уыдаид уыцы суры- ны хъуыддаг, Петькæ Санькæйы мады куынæ ауыдтаид, уæд. — Дæ бон хорз, Катя, — хъæрæй сдзырдта уый æмæ йæм базгъордта. — Æгас цу, кæд нæ хъазыс, уæд. Кæдæм уайут, сыгъдмæ уайæгау? — Мах æртæ километры дугъыуайæм... хæс- нагыл. Санькæ йæхицæй æппæлыд мæн ничи баййафдзæи, зæгъгæ, фæлæ дæхæдæг уыныс, чи фæразæй ис, уый...—Петькæ сулæфыд. Катеринæ сыл афоныл сæмбæлд. Уый цур ыл, кæй зæгъын æй хъæуы, Санькæ йæ къух дæр нæ андзæвын кæндзæн. — Гъы, Саня, сæттыс, дæ разæй кæй фæцис, ууыл?—бафарста мад. — Æз ын фенын кæндзынæн...—сдзырдта Санькæ мæстыйæ. — Уый алы хатт дæр афтæ кæны, Катя... Фем- былд вæййы æмæ уæд мæсты кæнын райдайы.— Æмæ Петькæ, йæхи Катеринæмæ хæстæгдæр ласгæйæ, дарддæрæй-дарддæр цыдис Санькæйæ æмæ йæхи нымæр худти: чи нæ зоны, Коншак мæстыгæр у, уый, фæлæ йæ маст тагъд ссæуы æмæ йæ изæрмæ иууылдæр æрбайрох вæййынц. Санькæйы цурмæ æрбацыд Тимкæ. — Цы уаринаг дын ис Девяткинимæ? — ба- фарста уый. 449
— Мæ пилоткæ мын айста... ныры онг æй нæ дæтты. — Æмæ йын хаугæ куы акодта... Векшины участочы. — Куыд участочы? Цæмæй йæ зоныс?—æр- лæууыд Санькæ. — Мах уырдæм иумæ бабырыдыстæм,—æрго- мæй басасти Тимкæ æмæ фæсырх.—Æрыскъæф- тæм! Уыдон та нырма цъæх æмæ туаг сты, дæн- дæгтæ сæ цъæх кæнынц... Æмæ чысыл ма ба- хъæуа зæронд лæг Векшиныл ма сæмбæлæм. — Тимкæ, ау, ды дæр йемæ уыдтæ,— бафæ- рæста ма зæгъын Санькæ. Санькæ сфæнд кодта цыфæнды куы фæуа, уæддæр Петькæйы ссарын, фæлæ йæм уалынмæ йæ мад бадзырдта сугтæ лыг кæнынмæ æмæ фæ- куыстой суанг талынгтæм. Изæрæй Катеринæ гыццыл цыдæр ахордта, стæй ацыди колхозы правленийы æмбырдмæ, уым абон ныхас цыди хос кæрдыныл. Сывæл- лæттæн бафæдзæхста æхсæвæр бахæрын æмæ цай бацымын. Феня сæвæрдта самовар æмæ æрыгон Кон- шаковтæ æрбадтысты стъолы алыварс: Санькæ фыццаг агуывзæ дæр нæма бацымд- та, афтæ хæдзармæ бацыди Машæ Ракитинæ. — Уе’зæртæ хорз! Цай æмæ уæм сæкæр би- рæ уæд,—загъта уый. — Дæ хорзæхæй, сбад махимæ, цай ацым,— ас адæймаджы хуызæн дзуапп радта Феня. — Бузныг, æз нæхимæ ацымдтон. Фæлæ уазæгуарзаг æфсин куыд фæкæиы, афтæ Феня стъолы цур æрæвæрдта табуреткæ, асæрфта йæ хæцъилæй æмæ агуывзæйы цай æр- кодта. Уæздандзинады тыххæй ма Машæ иу хатт 150
„нæ“, зæгъгæ, загъта, стæй стъолы кæрон æр- бадти. Санькæ йæ хъуыды дæр нæ кодта, цай хуып- пытæ кодта æмæ-иу фæрсмæ газетмæ бака- сти. Машæ блюццæ йе’нгуылдзтыл сæвæрдта æмæ фу-фу кодта тæвд цай. — Мах тагъд хос кæрдынмæ цæудзыстæм, — загъта уый Феняйæн, — лæппутæ æмæ чызджы- тæ иууылдæр. Ныр нæ тынг раджы стын хъæу- дзæн, уасджытæ фыццаг уаст куы ныккæной, уæд. Татьянæ Родионовнæ нын йæхæдæг загъта. Æнæмæнг, дам, рацæут, тынг уæ курæм, æнæ сымах, дам, хос ныггæрдынмæ нæ сарæхсдзыс- тæм... — Æмæ уын æз нæ дзырдтон!—нал баурæдта йæхи Санькæ, кæд Машæмæ нал сдзурдзынæн, зæгъгæ, йæхицæн дзырд радта, уæддæр. — Ныр- тæккæ хъазын афон нæу. Колхозы ахсчиагдæр куыстытæ ис. Фæлæ „тынг уæ курæм“, зæгъгæ, уый йыл дæхицæй афтыдтай. Машæ Санькæмæ кæсгæ дæр нæ бакодта æмæ дарддæр кодта йæ ныхас: — Татьянæ Родионовнæ афтæ зæгъы, мах, дам, хос кæрдын бирæ хъæуы сымах та, дам, стут нæ тæккæ хуыздæр æххуысгæнджытæ æмæ, дам, нæ зæрдæ æрмæст сымахыл дарæм. — Мæн æххуыс кæнынмæ нæ айсдзысты? — бафарста Феня. — Æвæццæгæн цыппæрæм къласæй дæр исынц. Мах уæ сæвæрдзыстæм хос пырх кæны- ны куысты. — „Мах“ та кæй хоныс?— бафарста Санькæ, — Мах, Векшины бригад. — Диссаг мæм кæсы,—йæ мидбылты бахудти Санькæ,—цы кусдзыстут хосгæрдæны. 151
— Уый та цы хоныс... Хос кæрддзыстæм, хус æй кæндзыстæм. — Кæрдгæ?! Кæд уæм фæзындысты хос- гæрдджытæ? Æви уарыны фæстæ зокъоты хуы- зæн ззадысты. Бирæ уæм ис ахæмтæ? — Бирæйæ - чысылæй, лæппутæ иууылдæр кæрддзысты. — Федя Черкашин дæр? — Кæй зæгъын æй хъæуы. Уыцы минут фехсидт кæнын бæргæ ’мбæлди, фæлæ цы ног хабар фехъуыста, уып афтæ ’нæн- хъæлæджы ’рцыд, æмæ Санькæ цайæ ферхæ- цыд, хуыфæг æй нал уагъта. Феняйæн дæр йæ уд йæ къæхты бынæй ауад, базгъордта иæм æмæ йын йæ фæсонтыл тымбыл къухæй ралæууыд. Федя Черкашин —хосгæрдæг! Фæнык æмбырд кæнын, нæмгуытæ æвзарын, суарийы йас хуым- ты истытæ змæлын — уый ма уæддæр йæ бон у. Уымæн стыр арæхстдзинад нæ хъæуы- Фæлæ хос кæрдын! Æнæхъæн колхоз дæр зоны, Стожарты лæппуты ’хсæн бæзгæ хосгæрдджытæ иу— дыууæ йеттæмæ кæй нæй, уый: Коншаков йæхæдæг, Цыппæрдигъон Стёпæ, Петькæ Девяткин дæр æнæбары, стæй ма æртæ — цыппар адæймаджы. Санькæйæн йæ хуыфæг ацыди. — Ныхас бакодтат æви цы хабар у? Сихор хæргæйæ Никиткæ ферхæцыд, ныр та ды,— ба- уайдзæф ын кодта Феня, стæй йæ зæрдыл æр- балæууыд, родæн хæринаг кæй нæ радта, уый, æмæ кæртмæ разгъордта. — Уæдæ уæд хъуыддаг цæуы. Федя Черка- шины хуызæн хосгæрдджытимæ нæ хъæуæн ца- лынмæ цæра, уæдмæ фесæфынæй тас нæу, райо- ны фыццаг бынат æрцахсдзыстæм,— загъта Сань- кæ. Уый тыххæйты урæдта йæ худын, фæлæ йæхи дарцта, цыма æцæгæй дзуры, афтæ. 152
— Ды дæр дæхицæй æгæр ма’ппæл!— æрба- мæсты Машæ. Девяткинпмæ уæхи æгæр уæллоз кæнут. Дæхи йемæ сбастай... æмæ нæ зонын, кæдæм дæ ласы, уый. — Чи мæ ласы?— Санькæ рахызти стъолы цурæй. Зонд мын цы амоныс, гыццыл сывæллон дын дæн? — Куыннæ дын амонон? Дæхи цæмæ руагъ- тай... Æрыскъæфы хъæндил куы сдæ! — Цавæр хъæндил? — Ис ахæмтæ дæр...—Машæ йæ кофтæйы бынæй пилоткæ фелвæста æмæ йæ стъолмæ бап- пæрста,-— æдзæсгом дæ ды! Чызг дуары æттейы фæци, стæй минуты фæс- тæ йæ чысыл цæсгом уынджы рудзынгæй æрба- дардта: — Æндæр хатт æрыскъæфтæм куы бырай, уæд-иу дæ пилоткæ уæ хæдзары ныууадз... ахау- дзæн та дын. — Машæ!.. Машæ!..— Санькæ базгъордта ру- дзынджы. цурмæ, фæлæ уым ничиуал уыд. Уый йæ къухты бирæ фæтылдта пилоткæ, стæй уыцы иу уад акодта Девяткинмæ. Девяткин бадти тыргътыл æмæ цагъта фæн- дырæй. Санькæйы ауынгæйæ, уайтагъд фес- тади. — Зоныс, хъуыддаг куыд у, уый. Агуырдтон, агуырдтон дæ пилоткæ... Фæлæ, зæххы скъуы- ды ныххауæгау, фæдæлдзæх. Райсом та йæ ногæй бацагурдзынæн. Фæлæ уалынмæ, Петькæ æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ Санькæ йæ дзыппæй сласта пилоткæ, æмæ йын дзы йæ фындз ныццавта, стæй йыл ахæцыд: — Цом хъæдты цурмæ... аныхас кæнæм. Девяткин бамбæрста, хорз ныхасагæй сæм 153
кæй ницы уыдзæн, уый æмæ сфæнд кодта Сань- кæйыл хинæй рацæуын: — Фæлæу, мæ фæндыр æрæвæрон... Санькæ йын йæ къух суæгъд кодта. Девят- кин уатмæ базгъордта æмæ дуар æхкæнæнæй ахкæдта. 20 сæр КÆРД, МÆ ЦÆВÆГ! Райсомæй Санькæ райхъал хъæсдарджыты рог зылангмæ—Стожарты хосгæрдджытæ цыргъ кодтой цæвджытæ. Хъæсдарджыты зыланг хъуы- сти æппæт рæттæй дæр, цыма адæмæн хъусын кодтой, сæрды хуыздæр мæй æрцыд æмæ фæл- лойы тæккæ хъæлдзæгдæр рæстæг—хосгæрдæн- тæ ралæууыдысты, зæгъгæ, уыйау. Санькæ асыккæй систа йæ фыды цæвæг хæ- цъилы тыхтæй. Цæвæг уыд тæнæг, рог æмæ лæппу хорз хъуыды кодта, йæ фыд-иу уыцы цæвæгимæ уы- гæрдæнмæ рацæугæйæ иннæ хосгæрдджыты ра- зæй куыд фæци, уый. „Цæвæг нæ, фæлæ раст цъиу!—дзырдтой адæм,—йæхæдæг тæхы“. Санькæ райхæлдта хæцъил, ныссæрфта цæ- вæг хуылыдз кæрдæгæй æмæ та хурмæ сæрт- тывта, æвзист æхсаргардау. Лæппу йыл бакодта даргъ цæвæджы хъæд, сигæцæй ракодта дæргъæццон уадздзаг цæвæг дауынæн. Ныр йæ тæккæ зынмæ бахæццæ: цæвæг æн- дон сигæцыл афтæ сцыргъ кæнын хъæуы, цæ- мæй йæ ком сæрдасæны хуызæн стæнæг æмæ сцыргъ уа. Уый тыххæй аёмхуызон æмæ хъав- гæйæ дзæбугæй рацæгъдын хъуыди цæвæджы ком. 154
Фæлæ æнахуырæй дзæбуг схъиудта къухы æмæ цæвæджы ком уади зылынтæ, уыгæрдтæ. Ноджы ма Санькæ цæвæджы бæсты дыууæ хатты йе’нгуылдз æрриуыгъта æмæ бирæ рæс- тæг цъилау зылди, йæ цæф æнгуылдзыл футæ кæнгæйæ. — Гъы, куыд, мæ сахъ хосдзау!—йæ сæр ба- тылдта Катеринæ.—Æгæр раджы дын нæу цæвæг райсынæн? Фæлтау халамæрзæн барæвдз кæн æмæ хос ссивдзынæ. — Йæ тæккæ афон у, — дзуапп радта Санькæ æмæ йæ рыст чысыл куы ссыди, уæд ногæй æр- бадти цæвæг цæгъдыиыл. Æппын фæстаг ралæууыд, рагæй æнхъæлмæ кæмæ кастысты, уыцы райсом. Хур скæсынмæ ма бирæ уыди, афтæ колхозы правленийы цур ныххостой цæнгæты лыггаг. Фæлæ адджын у райсомæй сывæллоны хуыс- сæг æмæ Катеринæ сфæнд кодта Санькæйы аф- тæ раджы нæ райхъал кæнын—ницы кæны, хос кæрдынмæ чысыл фæстæдæр куы ’рцæуа, уæд- дæр, зæгъгæ. Санькæ афтæ фынæйæ лæууыдаид æмæ нæ федтаид, адæм уыгæрдæнтæм хъæлдзæгæй куыд цæуынц, уый, йæ тæккæ цур хъæр æмæ дзыгъал- мыгъул куы нæ ссыдаид, уæд. Цыма йæ исчи судзинæй фæрæхуыста, уыйау йæ хуыссæнæй фæтæррæст ласта, цъилау ныззылди йæ мидбы- наты æмæ ныххудти. „Будильник“ куыста æ*;æ- къуылымпыйæ. „Ивтыгъд“ та’рцыдафтæ: изæрæй Санькæ кæм хуыссыди, уым сенæйы тъæпæнæджы сæр афтид ведра сæвæрдта æмæ йын йæ хъусыл бабаста лыстæг синаг. Синаг ауагъта кæртыл æмæ йын йе’ниæ кæрон бабаста хъомдоны дуар- ыл. Райсомæй йæ мад хъуг дуцынмæ куы ра- цыди, уæд дуар байгом кодта, синаг атынг æмæ 155
ведра дзыгъал-мыгъулгæнгæ пъолмæ расхъиудта. Йæ дзаумæттæ скæнгæйæ æмæ йæ цырыхъыты йæ къæхтæ атъысгæйæ, Санькæ разгъордта уынг- мæ. Сырхбын сæуæхсид фæзынди нæзы къохы фале. Цæугæ доныл, цыма исчи фыцгæ дон баф- тыдта, уыйау хæрдмæ йæ тæф цыди. Хъæуы бы- нæй цыди фийауы уадындзы уасын, хъуыстысты ехсы къæрццытæ, уасыдысты хъомтæ. Санькæйæн æхсызгон уыди, афтæ раджы кæй райхъал, уый, æмæ йын куыннæ уа æхсызгон! Уыгæрдæнты куыст куы стыхджын уа, уæд уыр- дæм æрæджиау æрцæуынæй худинагдæр ма цы у! Цæвæг йе’ккойы скæнгæйæ, Санькæ араст колхозы къанторы цурмæ. Æппæт хæдзæрттæй уырдæм цыдысты сылгой- маг колхозонтæ, зæронд лæгтæ, лæппутæ. Æрба- хæццæ зæронд Векшин йæ „бригадимæ“. — Захар Митрич, дæхиуыл куы фæцауæр- днс, — загъта йын колхозы сæрдар. — Мæ бон нæу, Родионовнæ, куыстмондагæй мæ мæ къухтæ хæрынц. Иу зылд уæддæр æр- кæнон! Иууылдæр ацыдысты уыгæрдæнмæ. Уыгæр- дæн уыд хъæды фале, дон кæм фæкъæдз, уым, Стожартæй иу — æртæ километры æттæдæр. Уыгæрдæны уыди сатæг, æнцад; кæрдæг æр- тæхæй æруæззау æмæ æркъули бынмæ, афтæ зынди, цыма йæ сæрмæ мигъ сбадт, уыйау. — Цæй, æфсымæртæ — стожарæгтæ! Хъæз- дыг хосгæрст уæ хай! — загъта Захар, йæ армы- тъæпæнтыл æртутæ кодта æмæ цæвæгæй фыццаг риуыгъд ракодта. — Кæрд, мæ цæвæг, цалынмæ кæрдынмæ бæззы, уæдмæ! Уый фæдыл кæрдгæ ацыдысты хуыздæр сыл- гоймаг хосгæрдджытæ. Фæлæ зæронд лæг уайтагъд бафæллад, иуфарс 156
ацыд æмæ цыргъ кодта колхозонты цæвджытæ, куыд къуымых кодтой, афтæ. Лæппуты Татьянæ Родиоиовнæ бафтыдта фæлмæн æмæ хорз кæрдæг кæрдыныл, ас адæ- мæй æттæдæр, доны был. Федя æрлæууыд участочы тæккæ кæрон, йæ фæстæ араст сты Цыппæрдигъон Стёпæ æмæ Алёшæ Семушкин. „Дард нæ ацæудзыстьГ, — ахъуыды кодта Санькæ æмæ бынат æрцахста Семушкины фæстæ. Æрбахæццæ Девяткин. Ууыл уыди, дон кæм нæ хъары, уыцы къуымыхфындз батинкæтæ, йæ фарсыл ауыгъд уыд урс зестæй агъуд æмæ уырды- гæй, хъама йæ кæрддзæмæй куыд зына, афтæ зынди цыргъгæнæн сигæцы лыггаг. Санькæйы куы ауыдта, уæд æм тарстхуызæй зулмæ бакасти æмæ сфæнд кодта йæхи уымæй дæрддзæф дарын. Фæлæ уæддæр афæлвæрдта йемæ аныхас кæныныл: — Мæнмæ хорзсигæцис, Коншак... Раст йæ- хæдæг цыргъ кæны цæвæджы. Фæнды дæ йæ фенын? Фæлæ цыма Девяткины уынгæ дæр нæ кæны, Санькæ йæхи афтæ скодта. Йæ цæзæг кæрдæ- гыл æруагъта, йæ рахиз къух дард фæхаста æмæ фыццаг риуыгъд ракодта. „Иу бон ма, стæй уæд йæ маст бынтондæр ссæудзæн!“ — фæныфсджындæр Девяткин æмæ кæрдын байдыдта Санькæйы фæстæ. Санькæ цыди размæ. Цæвæг рог æхситт кæн- гæйæ, цъæгъæдзы хуызæн сыффытт кодта куы галиуæрдæм, куы рахизæрдæм, сæ тæккæ рæбын- тыл хауын кодта уыгæрдæны алыхуызон кæрдæг æмæ йæ йæ фæстæ уагъта уистæ-уистæй. „Куыст нæ, фæлæ растзарæг“,—зæгъгæ, афтæ дзураг уыд йæ фыд æмæ-иу Санькæ бирæ фæ- 157
касти, йæ фыд, цыма хъазгæ кæны, уый хуы- зæн цæвæгæй рог куыд карста, уымæ. Æмæ ныр Санькæ алцæмæй дæр архайдта йæ фыды фæзмыныл. Цæвæгыл йæ къухтæй хæцыд фидар, зæхмæ йæ æлхъывта æнгом æмæ кæрдæ- гæй иу хал дæр фæстейы куыннæ зайа, афтæ йæ карста. Æмæ цынæ уыди бæзджын кæрдæджы! . Мæнæ цæвæг алыг кодта мæлдзыджыты чысыл губакк æмæ сæ урс æйчытæ, пырындзы нæмгуыты хуызæн, ныххæлиу сты карстыл. Цæвæджы бы- нæй ныппæррæст кодта уыгæрдæны цъæх хуыр- гарк æмæ, тæригъæддаг уаст кæнгæйæ, азгъорд- та кæрдæгыл. Кæрдæджы фæзындысты, туджы æртæхты хуызæн, сырх æрыскъæфтæ. Фæлæ æцæг хосдзауæн худинаг у хуыргæрчы- ты фæстæ згъорын æмæ æрыскъæфтæм гуыбыр кæнын, цыфæнды тынг а*й куы фæнда, уæддæр. Уымæ гæсгæ Санькæ карста æнæрлæугæйæ. Йæ туг базмæлыд, стæвд сты йæ фæсонтæ, хъæл- дзæгдæрæй æмæ цъæхснагдæрæй зарын байдыдта цæвæг. Фæлæ уыдон разæй кæй къæхтæ сты? — Дæхи хъахъæ! Дæ зæвæттæ дын ахауын кæндзынæн!— фыдуаггомау хъæлæсæй сдзырдта Санькæ. Алёшæ Семушкин фæстæмæ иу каст фæкодта, йæ фындзы хид асæрфта æмæ тагъддæр цæвæ- гæй риуыгъын байдыдта, цæмæй Санькæйæ фæиппæрд уыдаид, уый тыххæй. —Æнæкарст кæрдæджытæ, æвæццæгæн, иннæ азмæ уадзыс? — ныххудти Санькæ, Алёшæйы фæдыл куы акаст æмæ æнæкарст кæрдæджытæ куы федта, уæд. — Гъей, хосдзау — кæрдæг ссæндæг, æрмæст сын сæ цъулпытæ куы къуырыс. 158
Алёшæ ницы сдзырдта, фæлæ кæрдын бай- дыдта сындæгдæр æмæ хуыздæр. Санькæйы цæвæджы æхситт хъуысын байдыд- та хæстæгæй-хæстæгдæр. — Æгъдау нæ зоныс, — йæ зæрдыл ын æр- лæууын кодта Санькæ, — фæсте зайыс, уæд иу- фарс алæу, иннæты ма уром. Семушкин уыцы мæстыхуызæй йæ бынат радта Санькæйæн æмæ æрлæууыди хосгæрдджы- тæн сеппæты фæстæ. Санькæ акасти, йæ разæй чи цыди, уыдон- мæ - Стёпæ æмæ Федямæ, феппæрста йæ хæдон æмæ йæ чызджыты къæхты бынмæ ныззылдта, уыдон халамæрзæнтæй хæлиу кодтой карст кæр- дæг. „Цæй, цы абада—уый абадæд! Уадз æмæ Ма- шæ фена, йе’мбал — Федя абон хатыр куыд кур- дзæн, уый. Уый йын хъæуы бын хъазын æмæ цæхæрадоны хуымты истытæ змæлыны хуызæн нæу“,—хъуыды кодта Санькæ. — Кæс ма, йæ хæдон ласы. Уый сын фенын кæндзæн!—басхуыста Машæйы Зинæ Колесова. Девяткин йæ армытъæпæнтыл æртутæ кодта æмæ хъæрæй сдзырдта: — Раст кæныс, Коншак! Цалынмæ ахауой, уæдмæ сæ сурын хъæуы. Гъей, Векшины хос- дзаутæ! Уæ зæвæттæ хъахъæнут! Федя æмæ Стёпæ ракастысты æмæ уыдон дæр сæ хæдæттæ раластой. Æрыгон хосгæрдджытæ бахæццæ сты уыгæр- дæны кæронмæ, дыккаг хатт разылдысты, уый фæстæ æртыккаг хатт, фæлæ уæддæр Федя æмæ Стёпæ цыдысты разæй, Санькæ æмæ Петькæ та сæ фæстæ. Æнæнхъæлæджы Стёпæйы цæвæг сæмбæлд, кæрдæджы бын дурыл. Йæ ком скъуымых æмæ 159
йæ кæд Стёпæ сигæцæй, бирæ фæхафта уæддæр кæрдæг нал карста, кодта йæ æрмæст ссæндгæ. Уыцы рæстæджы сæ Санькæ æмæ Петькæ æрбацæй æййæфтой. Стёпæ æрлæууыд Семушкины фæстæ. Хъæды фалейæ сындæггай стылди егъау, сырх- сырхид хур, цыма уымæн дæр йæ куысты бон райдайын афон уыд, уыйау. Æмæ ма æрæджы дæр мигъ кæуыл бадти, уыцы уыгæрдæн ныр- рухс кодтой æнæкæрон бирæ алыхуызон цæхæр- тæ, цыма быдыр зынаргъ дуртæй æмбæрст уыд, уыйау. Ахæм алыхуызон ахорæнтæ дзы сæрт- тывтой æмæ æрыгон хосгæрдджытæ уыцы рæсугъддзинадмæ кæсыныл фесты. Фæлæ уыцы æхсызгондзинад бирæ нæахаста. Минуты фæстæ та ногæй кæрдын райдыдтой. Санькæ æмæ Девяткины разæй ма уыди æр- мæст Федя Черкашин. Уый карста æмхуызон, дардыл æвнæлдта йæ цæвæгæй, æмæ йæ къæхтæ зæхмæ ныббыцæугæнгæйæ, размæ хаста йæ ра- хиз сынæг. „Уæддæр дæ баййафдзынæн“, — ахъуыды код- та Санькæ. Уæдмæ Девяткин фæллайын райдыдта. — Нæйæ аййафдзыстæм, Коншак, — бахъын- цъым кодта уый, — цæвæг хæстæгдæрты пс. Санькæ ракаст, йæ цæсгомы хид асæрфта, фæлæ йæ цæвæджы айст нæ фæкъаддæр кодта. Уалынмæ Петькæ бафиппайдта, Федя искуы- иу хатт йеттæмæ йæ цæвæг кæй нæ цыргъ кæны, фæлæ зæронд лæг Захармæ кæй згъоры, уый. — Уый раст нæу,—фæхъæр кодта Петькæ.— Мах нæхæдæг цыргъ кæнæм, дæуæн та æххуыс- гæнæг ис. Векшин кæй сцыргъ кæна, уыцы цæвæг та сæрдасæны хуызæн лыг кæны. 160
Федя дзургæ ницы скодта, фæлæ уый фæстæ цæвæг цыргъ кодта æрмæст йæхæдæг. „Гъе ныр гъе, уыдон бауадз, сæ иуæй иннæ æнæсæддондæр“,—ахъуыды кодта Девяткин æмæ арæхдæр кæсын байдыдта хурмæ, аходæн хæрын- мæ кæд ныллæудзысты, уый нымайгæйæ, кæнæ та бирæ рæстæг касти йæ цæвæджы коммæ, æв- зæрста йæ йе’нгуылдзæй æмæ-иу йæ сæр ныт- тылдта, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд — æз ма бæргæ акусин, фæлæ мæнæ мæ цæвæг скъуы- мых ис. Æвиппайды Петькæ цæвæгæй æрбалыг кодта дыдын бындзыты ахстон. — Дыдын бындзытæ, дыдын бындзытæ!—ны- хъæр кодта Девяткин æмæ, йæ бæрзæймæ фæ- лæбургæйæ, азгъордта доны былмæ. Дыдын бындзытимæ хъазæн кæй нæй, уый æмбаргæйæ, æрыгон хосгæрдджытæ азгъордтой йæ фæстæ. Фæлæ Санькæ æмæ Федя карстой дарддæр. Уыдон æрмæст . бакастысты кæрæдзимæ, раздæр сæ йæ куыст чи ныууадздзæн, уымæ æнхъæлмæ.. кæсгæйæ. Дыдын бындзытæ мæстыйæ дывдывгæнгæ зыл- дысты сæ сæрмæ. Федя æргуыбыр кодта, йæ сæрыл æмæ йе уæхсчытыл æрытыдта уымæл кæрдæг. „Куыд хинæйдзаг у“, — ахъуыды кодта Санькæ, фæлæ йæ уæддæр бафæзмыдта. Лæппутæ кæрдын райдыдтой ноджы тагъд- дæр. Сæ майкæтæ схид сты, фæлæ сæ иуы дæр нæ фæндыд састы бынаты баззайын. Дыдын бындзытæ басабыр сты, сывæллæттæ се’мбæхсæн рæттæй, къудзиты фæстæтæй, æр- баздæхтысты сæ цæвджытæм æмæ кæсын рай- дыдтой ерыс куыд цæуы, уымæ. 11. Стожартæ. 161
Машæ æнæсцухæй йæ цæст дардта хосгæрд- джытæм. Бафæрс æй хуыздæр сæ чи кæрды, зæгъгæ, уæд кæмæй загътаид, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. Куы йæм-иу афтæ касти, цыма Федя бынтон- дæр бафæллад æмæ ма тыххæйты архайы, æмæ- иу æй уæд. фæндыд, Санькæйы цæвæг тагъддæр куы скъуымых уыдаид, уый. Санькæ-иу куы бай- дыдта фæстейы зайын, уæд та-иу уымæн тæри- гъæд крдта. — Йа марджæ, Коншак, гъæйтт кæн! Ратт дæ фæстаг тыхтæ дæр! — разæнгард æй кодта Де- вяткин. — Цæуыл хъæр кæныс! Ма сæ хъыгдар! — сбустæ йыл кодта Машæ. Фæстæты æрбацыдысты зæронд лæг Захар æмæ Катеринæ. — Гъе афтæ гъе, хосдзаутæ, афтæ, кæрдæг дасджытæ! —разы хуызæй зæронд лæгæрсæрфта йæ боцъо. — Тагъд ма кæн, рæнхъ раст хæсс. Схъиуд æвнæлд ма кæн, Федюшæ, зæвæттыл дæ уæз уадз, зæвæттыл... Ды та, Санькæ, хæлæф ма кæн, нарæгдæр уадздзаг ис, стæй кæрдгæ дæр сыгъдæгдæр кæн... Ахъуыды ма кæн, Васильев- нæ, — раздæхти Катеринæмæ,—цавæр адæм хъо- мыл кæны. Хæстхъом резерв махæн, колхозон- тæн ног фæлтæр. — Цы сæ загъдæуа, хорз кусджытæ сты, — ныуулæфыд Катеринæ. — Мæнон бынтондæр йæхи ас адæймагыл банымадта... скъола ныу- уагъта. Нæ зонын, цы ма йын бакæнон. — Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон дын нæу æмæ йемæ хъæддыхдæрæй дзур, цыма йæ фыд дæ, уый хуызæн. — Афтæ бакæнын хъæудзæн, — сразы ис Катеринæ æмæ æдзынæг ныккасти Федямæ. 162
Йæ майкæ уыд æнарæхст къухæй æмиъыст, йæ цырыхъытæ фæхуынчъытæ сты. — Бæллиццаг цард нæ кæнут сымах дæр дæ фырты фыртимæ, Захар Митрич, хъæды цыма стут, уыйау, партизанты хуызæн. — Цæмæй у æнæбæллиццаг!—йæ къух ауыгъ- та зæронд лæг. — Нæ зæрдæ куыд зæгъы, афтæ цæрæм. — Мæнмæ куы рацæуид Федя. Уæддæр та сылгоймаджы къухтæ. Фæкæсин æм. — Дæхи сывæллæттæ бирæ сты... Стæй сæ зæрдæйы уагмæ гæсгæ дæр Санькæимæ нæ бафидаудзысты. Схъæларæзт уасджытæ, фæхыл уыдзысты...—Æмæ Захар йæ ныхас æндæры ’рдæм аздæхта. Уалынмæ уыгæрдæны фехъусын кодтой, ахо- дæны рæстæг у, зæгъгæ? Санькæ йæ цæвæг кæрдæгæй хорз ныссæрфта, йе’уæхскмæ йæ систа æмæ, Федяимæ фемдзаст уæвгæйæ, йæм йæ ныхас баппæрста. — Дæхи хорз бафсад, стæй дæ цæвæг дæр ацыргъ кæн. Мах ма ноджыдæр авзардзыстæм. — Авзардзыстæм!—сразы Федя. 21 сæр УÆРДÆТТИМÆ Фэелæ аходæны фæстæ лæппутæ нал карстой. Арвыстой сæ хос хус кæнынмæ æмæ мæкъуыл- тæ амайынмæ. Æппæтæй диссагдæр куыст та дыккаг бон кæндзысты — уыгæрдæнтæй Стожар- тæм хос ласын æмæ уым ^бæхдоны раз стыр цъынатæ амайы^. Санькæ уый куы базыдта, уæд азгъордта Татьянæ Родионовнæмæ. 163
— Бæхтæрджытæн, дам, хисдæр хъæуы, зæгъ- гæ, зæгъынц? — Хъæуы. — Гъемæ мæн сæвæр. Æз Седельниковаимæ бæхдоны кусын. Мæнмæ бæхтæ куыд хорз хъу- сынц, уый куы зонис! Мæнæн мæ бон бауыдзæн. — Хорз, хорз, дæ цæст сæм фæдар, æрыгон Коншаков, бацархай,—лæппуйы фидар æмæ аив гуырмæ бакæсгæйæ, сразы Татьянæ Родионовнæ. Райсомæй Санькæ йæ хæлæрттимæ æрцыд бæхдонмæ. Уым æрæййæфтой Федя, Семушкин æмæ Стёпæйы. Санькæ йæхи схъуынтъыз кодта: уыгæрдæн- тæй хос ласын—хъазыны куыст нæу, уыцы куыст- мæ уый равзæрста тæккæ зайрдæдаргæ æмæ арæхстджындæр лæппуты. — Мæнмæ адæм фаг ис,—уазал хуызæй загъта Федяйæн. — Мах Татьянæ Родионовнæ куы ’рбарвыста: „Баиу, дам, ут Коншаковимæ“. — Мæнæн та афтæ загъта: „Уæрдæттæн, дзуапп ды дæттдзынæ æмæ дæхицæн æххуыс- гæнджытæ равзар, кæй дæ фæнды, уыдоны“. — Æмæ ды дæр уæхи сыхæй равзæрстай,— хъаугъа кæнын байдыдта Семушкин.—Æмæ адах цæмæй æвзæрдæр стæм? — Уæдæ бæх фæндагыл куы суæгъд уа, уæд та йын цы кæндзыстут? — бафарста Петькæ Девяткин. — Æмæ уæд цы! —йæхи иуфарс акъуырдта Семушкин. — Уæд æй фæстæмæ сивтындздзыс- тæм, уым диссагæй ницы ис. — Æмæ цалх куы рахауа, уæд та? — Уæд уæрдоныл мæцъисæй схæццыстæм æмæ йæ бакæндзыстæм. 164
— Гъы, мæцъисæй! Æмæ дæ бон бауыдзæн?— ныппыррыкк кодта Петькæ. Алёшæ æрхоста Цыппæрдигъон сæвджын Стё- пæйы фæсонтæ. — Ницы кæны, бауыдзæн, — йæ мидбылты бахудти Стёпæ. — Æмæ уæд хидмæ та куыд æрцæудзынæ? Уым куыд уырдыг у, уый зоныс?— нал æйуагъ- та Петькæ. — Ды, Девяткин, дæхицæй æгæр ма’ппæл,— сындæггай сдзырдта Федя. — Ацæудзыстæм, ацæу- дзыстæм æнæмæнг. Хъаугъамæ йæ ныхас баппæрста бæхгæс Седельникова дæр, куыст сеппæты фаг дæр у, зæгъгæ. Бæрæг кæнын байдыдтой, чи кæцы бæхыл ацæудзæн, уый. Федя равзæрста Муромецы. — Ницы дзы рауайдзæн,—фæразæй ис Сань- кæ,— махмæ бæхтæ хицæн адæймæгтæм фидар- гонд сты номхыгъдæй. — Ды Лискæйы райс,—зардиагæй йын бауы- наффæ кодта Петькæ. — Бæх нæу, фæлæ—арт! Стæй фидаргонд дæр никæмæ у. Федл уæлдай ницыуал загъта — кæд Лискæ, уæд Лискæ. Лæппутæ бавнæлдтой бæхтæ ифтындзынмæ. Санькæ- йæ цæстыты зулæй касти Федяйы ’рдæм. Уый лæууыд Лискæйы раз, хамут йæ къухты, афтæмæй. Фæлæ Лискæ йæ сæр бæр- зонд систа, цыма дзы цы агурынц, уый не ’мбæр- ста, уый хуызæн. Ныр ын ардыгæй комахсæнмæ та лæгъстæтæ кæндзæн! — йæ былтыл хæцгæйæ, ныппыррыкк кодта Петькæ. — Гъе, мæ лымæн, ма нæ фæстиат кæн! 165
Ныртæккæ цæугæ кæнæм! —барæй хъæрæй ны- хъæр кодта Санькæ æмæ йын æхсызгон уыди, лæппутæ иууылдæр Федяйы ’рдæм кæй акасты- сты, уый. — Æри æмæ дын аххуыс кæнон, —загъта Петькæ тæригъæдгæнæгау æмæ, йæ размæ ба- цæугæйæ, рахæцыд бæхы рохыл. Фæлæ бæх йæ бæрзæй дурау ныттынг кодта. Петькæ бартхъирæн кодта Лискæмæ тымбыл къухæй æмæ возимæ бавнæлдта. Бæх йæхи иу- фарс аппæрста. Уæд Федя йæ дзыппæй систа дзулы карст, бахаста йæ бæхы уымæл сырх фындзы хуын- чъытæм, стæй йæ зæххыл æрæвæрдта. Дзулы тæфмæ Лискæйы хъалдзинад фæсаст, йæ сæр æргуыбыр кодта, бавнæлдта къæбæр- мæ æмæ афтæмæй йæхæдæг хамуты йæ сæр атъыста. Уайтагъд уæрдæтты чырæ арасти уыгæрдæн- ты ’рдæм.. Самадтой фыццаг хосы уæрдæттæ. Санькæ Муромецы ракодта æппæт чырæй’ы размæ, йæ цæст ахаста уæрдæттыл, сæ бæхты уæлхъус сагъдауæй чи лæууыд, уыцы лæппутыл, йæ къух систа, стæй йæ æруагъта æмæ-хъæрæй скоман- дæ кодта: — Алчи йæ уæрдонмæ кæсæд! Араст ут! Муромец сындæггай уæззау уæрдон йæ бы- натæй фезмæлын кодта. Уый фæдыл æмхуызо- нæй хъысхъысгæнгæ æмæ уызгæ-уызгæ араст сты иннæ уæрдæттæ дæр. Хъæды цъыфдзаст фæндагæй куы рауадысты æмæ лæгъз фæндагмæ куы рахызтысты, уæд Санькæ лæппутæн радта уæрдæтты сбадыны бар. Иæхæдæг та, йæ фыд-иу куыд кодта, афтæ йæ къухтæ йæ чъылдымыл сæвæргæйæ, уæззау 166
къахдзæфтæ кодта Муромецы фарсмæ æмæ цырд- дзастæй касти фæндагмæ, алы къанаумæ, дзыхъ- мæ æмæ уырдыгмæ. Бæхтæ кодтой тыхулæфт, цыд сæ дзылæрт- ты дзыгъал-мыгъул, хъист-хъист кодтой цæлхы- тæ æмæ дардмæ цыди сæ догъты тæф. Хур бæрзондæй-бæрзонддæр кæнын æмæ тынгдæр æндавын байдыдта. Фæндаг цæхкæр фæуырдыг. Санькæ фехситт кодта æмæ’ уæрдæттæ ныллæууыдысты. Уый къуыбырæй сындæггайæркодта Муромецы, стæй дыккаг бæхы, æртыккаджы, цыппæрæмы. Æрцы- ди Лискæйы рад. — Æххуыс мын нæ хъæуы... мæхæдæг ба- фæлвардзынæн, — загъта Федя æмæ бæхы рох- тыл рахæцыд. Афтæ зынди, цыма, Лискæ уæрдоны уæз нæ бауромдзæни, лæппуйы аппардзæн æмæ цып- пæрвадыгæй алидздзæн, уыйау. Фæлæ чысыл хъæддых къух фидарæй хæцы- ди рохтыл, Федя барджын хъæр кодта бæхыл æмæ-иу бæх дæр, йæ хамут йæ сæрæй рацæй- хаугæйæ, коммæгæсæй йæ уæз йæ фæстаг къæх- тыл æруагъта æмæ цæугæ нæ, фæлæ бырæгау кодта къуыбырæй. Фæлæ мæнæ уырдыг фæцис. Федя суагъта, цы къух ын бандзыг, уый, ныуулæфыд æмæ Лискæйы бæрзæй æрхоста. Æхсызгонæй сулæфыд Санькæ дæр, стæй йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ æппæлæгау загъта: — Æвзæр æй не’ркодтай. Æрмæст хъæр бирæ кæныс. Сабырдæр хъæуы. Федя схызти уæрдонмæ. Йæ сæр чысыл зыл- ди. Уæрдон æй, авдæнау, уызта. Хосы дзæбæх тæф, цæлхыты хъинц-хъинц, бæхты сымсым, быдыры алыхуызон рæсугъд дидинджытæ, хъарм 167
уадысм йæ сæрмæ — уыдон иууылдæр афтæ хорз уыдысты æмæ йын йæ зæрдыл лæууын кодтой, йæ мадимæ совхозы куы цардис, уыцы бонтæ. Йæ цæстытæн. хурæй аууон кæнгæйæ, Федя касти фæндагмæ. Быдыры суанг фалæмæ куы ацæуай, стæй та хъæдыл, сæрдыгон бонты уæл- дæф нæзыйы тæф кæм фæкæны, уæд бахæццæ уыдзынæ станцæмæ. Уым поезды сбад æмæ дыууæ лæуды фæстæ куы рахизай, уæд изæрмæ бахæццæ уыдзынæ „Высокое“, зæгъгæ, совхоз- мæ. Уым схиз къуыбырмæ, кусджыты посёлок- мæ æмæ кæронæй ранымайгæйæ æртыккаг чы- сыл урс хæдзар, цыма йæ бæрæгбонмæ исчи æхсгæ ныккодта, уый хуызæн. Рудзынг бахои— æмæ уыдзынæ уæхимæ — Федя æдзухдæр афтæ кодта, сæхимæ-иу афойнадыл куы не ’рбацыд, уæд. „Уый ды дæ, зокъодзау-хъæды цæрæг“ — хъынцъымгæнгæ-иу æй бафарста мад.—Æз та ма дæм агурынмæ мæхи рæвдз кодтон. Сбад æмæ æхсæвæр бахæр тагъддæр!“ „Мамæ, æмæ æзæппындæр куынæ фæдзæгъæл дæн, — дзырдта-иу Федя, — зокъоты арæхыл сæм- бæлттæн. Кæс ма, урс зокъотæ цас æрбахастон...“ Æмæ-иу æхсыры хæнкъæл адджын хуыппытæ кæнгæйæ, бирæ фæдзырдта зокъоджын бынæтты, чысыл æрдузты, назбæласджын рæтты тыххæй. Федя ныуулæфыд æмæ йæ цæсгом хосы атъы- ста. Нæ, хуыздæр уыдзæн фæндагмæ куы нæ кæса, уæд... — Гъей, уæрдонджынтæ! Уæхимæ кæсут! — айхъуыста Санькæйы хъæлæс. Федя ракаст, уæрдæттæ фæцæйхæццæ кодтой къулвæндагмæ. Разæй цыди Петькæ Девяткин. Æнæнхъæлæджы йæ уæрдон иуфарсы ’рдæм къул кæнын байдыдта. — Девяткин, галиуы ’рдæм здах! —ныхъæр 168
кодта Федя. — Фынæй бадæ, æви цы? Галиу ’рдæм здах дын куы зæгъын! Петькæ змæлгæ дæр нæ кодта. Федя айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ уыцы иу гæпп æркодта зæхмæ æмæ Девяткины уæр- донмæ азгъордта. Иннæрдыгæй йæм æрбацæй- згъордта Санькæ. Уыцы иу рæстæг се уæхсчы- тæ фæцарæзтой чи фæцæйфæлдæхт, уыцы уæр- донмæ. Тæвд, æнуд хос рафæлдæхт лæппутыл, сæ цæстытæй ницыуал уыдтой, улæфын сæ бон нал уыд. Хосы хæлттæ, судзинты хуызæн, сæ цæс- гæмтты нынныхстысты. — Æллæх! Ныцъист сæ кодта! — фæстаг уæр- донæй ныхъæр кодта Тимкæ Колечкин æмæ азгъордта уыгæрдæны ’рдæм. Уалынмæ бæх фæци къулвæндаджы фале, зæххæй цы рахиз цалх фæхицæн, уый та йæ бынаты абадти, уæрдон сраст æмæ лæппуты фе- уæгъд кодта. Санькæ ныссырх тых хæстæй. Йæ уæхсчы- тæ, йæ риу, йæ бæрзæй æрцахта æмæ æвип- найды фæкомкоммæ Девяткинмæ, уый уæрдоны бадгæйæ худти йæ мидбылты. — Ныффынæй дæ! Халæттæ ахсыс! —фыр- мæстæй рафыхти Санькæ, уæрдонмæ багæпп кодта, фæхæцыд Девяткины къахыл æмæ йæ зæхмæ æрласта. — Æрра сдæ, Коншак...— йæ рыгтæ цæгъд- гæйæ æмæ фæстæрдæм цæугæйæ дзырдта Де- вяткин. — Афынæй кæнæн дæр нæй. — Фесæф, зæгъын, ардыгæй! Мæн ахæм бæхтæрджытæ ницæмæн хъæуы!.. Федя, дæ цæст ддоуæ уæрдонмæ дæр дардзынæ. — Ис дыууæмæ дæр, — æфсæддонау чест авæрдта Федя æмæ бакаст Санькæмæ. 169
Лæппуйы цæсгомы хосы хæлттæ бауадысты æмæ йыл фæзынди лыстæг туджы ’ртæхтæ, цыма йæ исчи балы донæй бапырх кодта, уый хуы- зæн. — Дæхи дæ цæхсын хъæуы, — загъта Федя. — Дæу дæр. Санькæ æмæ Федя ныххызтысты æрхмæ — суадонмæ, сæ цæсгæмттыл дон скæлдтытæ код- той, стæй сæ асæрфтой сæ хæдæтты фæдджитæй. Санькæ-иу иуфарсæрдыгæй бакасти Федямæ æмæ йæхи нымæр хъуыды кодта: „Ницы йын у. Йемæ кусæн ис“... Стæй загъд кæнын байдыдта, фæндаг къул кæй у, уый тыххæй. — Сæмвæз кæнын æй хъæуы, — загъта Федя. — Гъе уый. дæр раст у, — сразы Санькæ. — Фæстæмæ цæугæйæ немæ белтæ рахæсдзы- стæм. Уæрдæттæ дарддæр араст сты. Хъæумæ хæ- стæг сæ баййæфтой Тимкæ, Машæ æмæ Кате- ринæ. Машæ æнæууæнк каст бакодта Санькæмæ,. Катеринæ та лæппуты фæрсын райдыдта, цы ’рцыди, уымæй. — Æппындæр ницы ’рцыд, — йе уæхсчытæ дисгæнæджы змæлд бакæнгæйæ, загъта Санькæ æмæ аивæй йæ цæст Федямæ æрныкъуылдта. — Тимкæйæн æвæццæгæн йæ цæстытыл исты ауади, — загъта Федя. — Ноджы тæвд бон у æмæ туг сæрмæ ныццавта æвæццæгæн. Изæры бæхтæрджытæ суæгъд кодтой сæ бæхты æмæ сæ æхсæвхизæнмæ аскъæрдтой. Муромецы Лискæмæ хæстæгдæр уæвын фæн- дыд,æви, чи зоны, æндæр исты аххосæй уыд, фæ- лæ Санькæ æмæ Федя цыдысты фæрсæй-фæрстæм. — Ды йæм афоныл фæцарæзтай де уæхск,— 170
иуфарсæрдæм кæсгæйæ загъта Санькæ, — æз иу- нæгæй уæрдон нæ баурæдтаин. — Æз дæр æй иунæгæй нæ баурæдтаин, — загъта Федя. — Ды кæм сахуыр дæ хос кæрдын æмæ бæхтæ тæрын? — Совхозы. Мæ мад мæ-иу æдзухдæр бы- дырмæ йемæ кодта. — Мæн та мæ фыд... Иу чысыл ауадысты æнæдзургæйæ. Стæй Санькæ æвиппайды загъта: — Кæд дæ фæнды, уæд райсом Муромецыл хос лас. Æз та Лискæйы мæхимæ райсдзынæн. — Æмæ уæ бæхтæ фидаргонд куы сты хицæн адæймæгтæм! —йæ мидбылты бахудти Федя. — Уый ницы кæны... срастгæнинаг сæм ба- хæсдзыстæм. 22 сæр УАРГÆ БОН Стожарты хос карст фесты афойнадыл — хъарм иудадзыг уарынты агъоммæ. Колхозон сылгоймæгтæн сæ бон баци иу чысыл сæ фæл- лад суадзын. Уарыныл уæлдай тынгдæр цин код- той лæппутæ: ныр цæуæн уыдзæн хъæдмæ зокъотæм, цъымаратæм та — сау нæмыгмæ, ахс- дзысты кæсаг, фендзысты æхсæртæ ацы аз куыд æрзадысты, уый. Райсомæй Санькæ, иннæ хæттытау, райхъал йæ мадимæ, æмæ йæ дзаумæттæ тагъд-тагъд кæнын райдыдта. — Кæдæм цæуыс афтæ раджы? — бафарста йæ Катеринæ, — ахуыс ма иу сахат. Абон уыгæр- дæнмæ цæуын нæ хъæуы. 171
— Нæ зоныс, кæдæм цæуын, уыя... бæхдон- мæ.—Санькæ йæ рон æнгом æрбалвæста, къул æрсахта йæ пилоткæ æмæ æвиппайды фембæр- ста, йæ мад æм æдзынæг кæй кæсы, уый. — Цы мæм кæсыс? Дæ зæрдæмæ исты нæ цæуы? — Бæхдонмæ уал куы нæ ацæуай, уæддæр ницы кæны. Сæхæдæг сарæхсдзысты, — загъта Катеринæ. — Дæумæта абонахуыргæнæг æнхъæл- мæ кæсы. — Цавæр ахуыргæнæг? — нæ бамбæрста Санькæ. — Надеждæ Петровнæ.—Иу бон йемæ ныхас кодтон... Зæрдæ бавæрдта, демæ кæй ацахуыр кæндзæн æмæ дæ экзаментæм кæй бацæттæ кæн- дзæн, уымæй. Санькæ уый æнхъæл нæ уыд, æмæ цы загъ- таид, уый нæ зыдта: — Æмæ æз хъазгæ, мийаг, куы нæ кæнын. Бæхтæм кæй зилын, уый тыххæй мын фæллой- бонтæ фыссынц... — Æнæ дæ фæллойбонтæй дæр фæцæрдзы- стæм, — ныуулæфыди Катёринæ. — Уæдæмæ дæ фыд ам нæй æмæ сфыдуаг дæ, хынджылæг кæ- ныс. Æргом мын зæгыахуыр кæнын ма дæ зæр- ды ис, æвинæй. Зын дын у, нæ?Петькæ Девят- кины хуызæн дæ æнæмæт цард кæнын фæнды? Санькæ смæсты, йæ сæрыл схæцыд, фæнды- ди йæ цыдæр зæгъын, фæлæ дзырдтæ йæ хъуыры ныббадтысты. Бацыди æмæ къулæй рай- ста дзылар. — Уый цы у! —кæуын хъæлæсæй ныхъæр кодта Катеринæ. — Мæ ныхæстæ мын иууылдæр дымгæ ахаста... Æвиппайды Катеринæ базгъордта йæ фырт- мæ, йæ къухтæй йын дзылар ратыдта æмæ йæ къуыммæ баппæрста. 172
— Бæхдоны дæ ницы хъуыддаг ис! Мæнæ бахæр æмæ цæугæ ахуыргæнæгмæ. Цалынмæ иу- мæ цæрæм, уæдмæ дын дæ ахуыр ныууадзын нæ бауадздзынæн! Уый æмбар! — Хъæр ма кæ, хъæр...—йæ маст тыххæй уромгæйæ, сдзырдта Санькæ, æмæ йе уæхскæй дуар байгом кæнгæйæ, хæдзарæй рацыд. Бæхдонмæ ’рцыди тарæрфыгæй.. Æнах- хосæй бафхæрдта сабыр Муромецы, февзыста Лискæмæ æмæ йын уый дæр, чысыл ма бахъæуа, йæ уæхскыл дæндагæй ма фæхæца. — Цæуыл мæсты кæныс, лæппу! — сдзырдта йæм Седельникова. —Сайгæ дæ фæчынди? Цу, дæхи уал æруазал кæн.—Æмæ йæгæрзгæнæгмæ хамутмæ рарвыста. Гæрзгæнæгæй сахаты фæстæ куы ’рбаздæх- ти, уæд Санькæ бæхдоны цур ауыдта Татьянæ Родионовнæйы. Уый бадти бæхтæн дон дæттæн бæлæгъы цур æмæ цæйдæр тыххæй ныхас код- та Седельниковаимæ. — Рауай ма ардæм, Коншаков, — хъуынтъы- зæй бадзырдта сæрдар Санькæмæ. — Сбад æмæ радзур! — Цы радзурон? —Лæппу дызæрдыг кæн- гæйæ бацыди бæлæгъы цурмæ. — Уый дæ мады куыд смæсты кодтай? Ка- теринæ хуымæтæджы никуы рахъаст кæндзæн, фæлæ ныр йæ цæссыгтæ калгæ æрбауади, йæ зырзыр цыди, афтæмæй... Æххуысгæнæг дзы ахæм куынæ уа!Дæ мады ма бахъахъæн, фæлæ... — Татьянæ Родионовнæ... — сдзырдта Санькæ æмæ раздæр бацыд. — Зонын дын дæ ныхæстæ, зонын! Дæхи фæндыл цæуынмæ хъавыс. Раджы нæма у? Скъо- лайæ бынтондæр рахицæн дæ? — Уадз æмæ кæй фæнды, уый ахуыр кæ- 173
нæд, — тыххæйты сдзырдта Санькæ, — æз та колхозон уыдзынæн. — Колхозон?! —бадис кодта Татьянæ Ро- дионовнæ... —Æмæ уый куыд æмбарыс? Бæх сивтындзын, похцийы æмæ гутоны фæстæ цæуын; цæвæгæй уыгæрдæны ракъуырццытæ кæнын кæй базыдтай, уымæй колхозон дæ! Уыдон кæнын хицæнæй цæрæг зæхкусæг дæр зыдта. Цы зоныс ды зæххæн? Бахуым æй кæн, байтау æй æмæ æр- зайæднæ?Фæлæйæ куыд бахуым кæнын хъæуы— арф, æви уæлæнгай? Зæххы уæлцъар куыд рафæлдахын хъæуы? Цавæр мыккаг байтауын хъæуы? Нæ, Саня, ныр колхозоны бирæ цыдæр- тæ зонын хъæуы. Ды та нырма æнæбазыр цъиуы лæппын дæ... — Мæ фыд дæр авдазон скъола каст нæ фæци, — сындæггай сдзырдта Санькæ, — мæнæй къаддæр ахуыр кодта... Фæлæ цавæр колхозон уыд... Алцыдæр-иу йæхæдæг базыдта. — Æз æй бæргæ зонын, — фæстæмæ ра- кæсгæйæ загъта Татьянæ Родионовнæ.— Фæлæ йæ, æвæццæгæн, ды хорз нæ зоныс. Исты Егор Платоновичы аххос у, æртæ зымæджы йеттæмæ кæй нæ сахуыр кодта, уый? Дæс æмæ йыл ссæдз азæй фылдæр цыдис, афтæмæй ма Андрей Ива- новичмæ згъордта, скъоладзауы хуызæн, æмæ раздæр йæ бон цы нæ баци, уый базоныныл ар- хайдта... Цæй уæдæ афтæ,— сыстади сæрдар,— бæхдон уал дæ хъæуы ныууадзын. Иугæр дæ мад загъта, уæд цу ахуыргæнæгмæ, кæн уроктæ... Василисæ, дæуæн та æз æндæр æххуысгæнæг ссардзынæн. Санькæ бакасти Седельниковамæ. Фæлæ уый йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта, ома, уæлдай дзурын цæмæн хъæуы, кæд загъта, уæд. Лæппу æнкъардæй ацыд бæхдоны цурæй. 174
Ногæй та рауарыд лыстæг, дæргъвæтин къæв- да. Бæлæстæ сæ хуылыдз сыфтæ æруагътой æмæ лæууыдысты гуыбырæй, зæхх уыди лæхъир,фæл- мæн. „Сæрдармæ азгъордта, ахъаст ын кодта, — мæстыйæ ахъуыды кодта Санькæ йæ мады тых- хæй. —Афтæ ’нхъæлы æмæ ныл ницы фыдбылыз æрцыд... Фæлæ йæ куы зонид“... Хæдзары цур æнæуæндон лæуд æркодта. Хæ- дзармæ бацæуын æй нæ фæндыд. Йæ мад ыл куы амбæла, уæд та ныхас рауайдзæн. — Быдыры къутæрхæрис куыд хуылыдз кæ- на, афтæ дæхи цы хуылыдз кæныс? Мидæмæ рацу, дæхи бахус кæн,—рудзынгæй ракæсгæйæ, сдзырдта Евдокия. Санькæ бацыд æмæ къæсæрыл æрбадти. — Куыд у, кæсдæр бæхгæс, дæ куыстæй дæ фелвæстой?—йæ хъусы йын бадзырдта Петькæ. Афтæмæй та дæхицæй . æппæлыдтæ... Æз, æз, мæн хуызæн бæхгæс нæй... — Иууылдæр адæймаджы хъахъæнгæ кæнынц, зæрдæйы фаг кусын нæ уадзынц,— дзырдта Ев- докия.—Ды мæнмæ дæхи хæстæгдæр дар, æз дын куыст ссардзынæн. — Дуня,—иу чысыл æнæсдзургæйæ алæууы- ны фæстæ бафарста Санькæ,—уым цырыхъгæ- нæджы куыст куыд у... Бирæ ахуыр кæнын дзы хъæуы? —• Цас бирæ... Æртæ мæйы фæстæ кусын райдайдзынæ.—Евдокия бакасти лæппутæм: — Уæхи цы ныхъуынтъыз кодтат, уæд та зокъотæм ацæут. Ныр сæ тæккæ афон у. — Нæ, фæлæ ма æцæг цом, Коншак!— бацин кодта Петькæ. —Стёпкæ Векшины бригады сеп- пæты дæр Субботины къохмæ акодта. Æмæ сын нæ зонгæ бынæттæ куы бацамона. 175
Санькæ сразы — хъæды суанг изæрмæ фæ- уыдзæн. Сахаты фæстæ бахæццæ сты къохмæ. Санькæ йе уæхскæй цы бæлас фесхуыста, уый къалиутæй йыл æркалди бирæ,ставд æртæх- тæ. Йæхи иуфарс аппæрста, фæлæ йын бурæ- гъæды хуылыдз къалиу йæ цæсгом ахафта. Бæлæсты цъуппыты дымгæ базмæлын кодта æмæ та Санькæйыл ног уарæгау ракодта. Фæлæ йæ уый ницæмæ уал дардта. Хъæды уыди сабыр, сатæг. Хурмæ æрттывтой, туджы хуызæн, сырх бирæгъы багатæ. Ам бирæ уыди ставд æрвхуыз гагадыргътæ, мæцкъуыйы пуцæлттæ, æрдузтæ хъулон дардтой алыхуызон дидинджытæй. Бутъыро бындзæфхæдтæ кодтой писийы тæф, дардмæ зындысты бындзмары сырх цокоратæ урс стъæлфытимæ. Санькæ цыди тагъд æмæ уæнгрогæй, цырд- дзастæй касти хъæды бæлæсты ’хсæнтæм, архайд- та æрдузтæ сеппæт дæр баскарыныл. Фæлæ-иу къахдзæфæй-къахдзæфмæ векши- нонтæи исчи йæ размæ фæци, уыдон хъæр код- той кæрæдзимæ. Санькæ дарддæр, иуфарс ацыди. Ацы хатт нæ хæст кодта зокъотыл. Сахаты ’рдæджы бæрц рацыди, фæлæ йæ чыргъæды къуымы цалдæр чысыл зокъойы йет- тæмæ нæма уыди, стæй иу фынддæсы бæрц уы- мæлхор кæлмхæрд æмæ лæхъир цалдæр æндæр зокъойы. Æппынфæстаг бæрз бæлæсты астæу Санькæ ауыдта цалдæр стыр зокъойы. Дардæй бакæсгæйæ сæ фенхъæлдта урс зо- къотæ æмæ йæ зæрдæ барухс, зокъодзаутæй алкæмæн дæр йæ зæрдæ куыд барухс вæййы, афтæ. 176
Фæлæ урс зокъотæ разындысты ницæййаг, бынтондæр кæлмхæрд. Санькæ сæ мæстыйæ йæ къахæй скъуырдта. Уый ма иу чысыл азылди хъæды, стæй рацыди æрдузмæ. Ардæм æрæмбырд сты. иннæ зокъодзаутæ дæр, æрмæст дзы Федя нæ уыди. Сывæллæттæ ныккастысты кæрæдзийы чыр- гъæдтæм æмæ æрæнкъард сты. Æвæццæгæн, сæ- химæ уынгты нæ ацæудзысты, фæлæ хъæуы фæстæты, зокъотæ афтæ гыццыл кæй æрæмбырд кодтой, уый цæмæй адæм ма феной, уый тых- хæй. Семушкин загъта, зæгъгæ, цалынмæ æрæджы нæма у, уæдмæ цъымарамæ сау нæмыг агурынмæ цомут. — Кæсут ма уæртæ, кæсут!—æвиппайды ны- хъæр кодта Машæ æмæ йæ къухæй иуфарсыр- дæм ацамыдта, Иууылдæр акастысты æмæ къудзиты аууон ауыдтой Федяйы. Уый цыди сындæггай, цыбыр къахдзæфтæгæнгæ, арæх-иу æрлæууыд, йæ ал- фæмблай-иу афæлгæсыд, фæстæмæ-иу раздæхти, бакасти-иу алы къудзимæ дæр, куы иуы ’рдыгæй, куы иннæ ’рдыгæй. Сывæллæттæ базгъордтой Федямæ æмæ ныд- дис кодтой. Йæ чыргъæд йе ’рдæг уыди зокъо- тæй. Уæлейы сыл сæвæрдта æртæ стыр урс зо- къойы, миты къæрмæджы хуызæн урс ставд уидæгтимæ. Федя ныккасти сывæллæтты чыргъæдтæм æмæ йæ сæр ныттылдта: — Цæй мæгуыр уын сты... Цæмæн афтæ у? — Цæй хорз, ды хъæздыг дæ, урс зокъо кæй ссардтай, уымæй!— ныппыррыкк кодта Петь- кæ. Зонæм æй урс зокъотæ уæлейы цæмæн 12. Стожартæ. 177
сæвæрдтай, уый, дæхицæй раппæлай, нæ! Бынæй та дын дзы кæлмхæрд æмæ сау зокъотæ ис. — Цæмæн сау зокъотæ! Фенæм ма сæ уæ- дæ,— Федя зокъотæ каердæгмæ æркалдта æмæ сæ æвзарын райдыдта. Йæ чыргъæды уый ныу- уагъта æрмæстдæр урс зокъотæ, стæй бæрз бæ- лæсты æмæ гæды бæлæсты бын чи зайы, ахæм- тæ, сæ цауддæртæ та— уымæлхортæ, бурбын зо- къотæ æмæ æндæр ахæмтæ иуфарс зæххыл æвæрдта. — Чысыл кæмæ ис, уый айсæд. — Федя, ды амондджын дæ, — ныуулæфыд Машæ. — Мæнæ мах зокъотыл æппындæр нæ хæст кæнæм. — Раст у, зокъотæ нырма бирæ нæй,— сра- зы Федя.—Фæлæ дзы уæддæр ссарæнис. Æрмæст сæ сымах диссаджы агуырд кæнут. Мæнæ зæгъæм дæуæй, Машæ, зокъотæ агурыс згъор- гæйæ, тæррæстытæгæнгæйæ, цыма раст тæрхъус сурыс, уый хуызæн. Ды та, Алёшæ, фылдæр кæ- сыс æрыскъæфтæм æмæ æхсæртæм. Уый хорз нæу! Мæн дада афтæ ахуыр кодта: цæугæ-цæу- ын фендзынæ æрмæст бындзмар æмæ сау зокъо, хорз зокъойы та, дам, уырзæй агурын хъæуы. Кæ- сут ма, — ацамыдта уый йæ алыфарсмæ,— иу зокъо дæр дзы нæ зыны, нæ? — Федя æрлæууыд йæ уæрджытыл æмæ кæрдæджы астæу агурын бай- дыдта, фароны сыфтæртæ ракъахта, зæххыл цы хъуынайы цъар ныхъæбæр, уый иуфарс ап- пæрста. — Мæнæ уал уын бæрз бæласы бын зайæг зокъо... Мæнæ иннæ... Ноджыдæр ма иу зокъо. Ам та бур зокъотæ зайы,— ацамыдта Федя, иугай нæзытæ æмæ бæрз бæлæстæ кæм уы- ди, уыцы къохмæ.— Мæнæ уын ам та уымæл- хор зокъоты æрдуз, ам та æндæр мыккаг зокъо- ты æмбæхсæн... 178
Æмæ æцæгдæр, алырдыгæй зынын байдыд- той, кæм бурбын сырх зокъотæ, кæм фæлурс сырх уымæлхортæ æмæ æндæр ахæмтæ. Лæппутæ уайтагъддæр сæ чыргъæдтæ æмæ карзинкæтæ байдзаг кодтой. — Æмæ дзы дæхæдæг цæуылнæ уидзыс? — бафарста йæ Машæ. -~ Зокъотæ мæнæй никуыдæм аирвæздзыс- ты,— загъта хъæдмæ кæсгæйæ Федя. Ныр мæ- нæ назджын хъæд райдыдта æмæ уым урс зо- къотæ хъуамæ уа. Уый йæ къухтæй фæйнæрдæм акодта сындз къалиутæ æмæ бацыд йæ тæккæ арфмæ. Машæ æмæ Семушкин кæрæдзимæ бакастыс- ты æмæ Федяйы фæстæ бабырыдысты. Уалынмæ наз бæлæсты ’хсæнæй райхъуысти Машæйы хъæр, цæуылдæр цингæнгæйæ. Стæй дзы ныхас нал хъуысти. Петькæ Санькæйæн наз бæлæстæм ацамыд- та. — Цы кусынц уым... Бакæсæм сæм. Санькæ сразы. Уымæ диссаг касти. Йæхи кæддæриддæр нымадта цæрдæг æмæ арæхстджын зокъотæ уидзæгыл, фæлæ Федя зокъэтæ куыд агуырдта, афтæ агургæ никуыма федта. Наз бæлæсты астæу, къалиуты бын уыд та- лынггомау æмæ сатæг, уæрмы куыд вæййы, аф- тæ, æмæ иууылдæр зындысты морæхуыз — фа- роны æмбыд хихтæ дæр, лыстæг къалиутæ дæр, хъуына кæрдæг дæр, уæлдæф йæхæдæг дæр. Федя, Машæ æмæ Семушкин сæ зонгуытыл бырыдысты зæххы хъуына цъарыл æмæ къах- той урс зокъотæ. Машæ сындæггай цыдæртæ дзырдта. Сеппæтæй стырдæр зокъойы, йæ хæм- пус сæр кæмæн ныкъул, уый Машæ схуыдта „дада“, уымæй къаддæрты та—„фыд æмæ мад“, 179
гыццыл, урс æмæ дурты хуызæн хъæбæр зо- къоты та —„фыртьГ фырттæ“, Петькæйæн зокъоты фенгæйæ, æвиппайды йæ карзинкæ йæ къухтæй æрхаудта, дзуццæджы æрбадти æмæ хъуына къахын райдыдта. — Ацы зокъоджын бынат мах у!— загъта Семушкин. Санькæ ракодта Девяткины наз бæлæсты бы- нæй, уымæн æмæ „Ацы зокъоджын бынат мах у“, зæгъгæ, кæм загътой, уым ницыуал гæ- нæн ис. — Сæ хъуыддаг куыд хорз ацыд,— хæлæг- гæнгæйæ ныуулæфыд Петькæ. Ныр нын нæ зо- къоты сæхи бакæндзысты. — Куыд сты нæ зокъотæ! — æрбамæсты Санькæ. Уый тыхсын райдыдта. Йæ чыргъæд куы нæ байдзаг уа, уæд сæхимæ куыд ацæудзæн! — Мæ фæстæ цы цæуыс, цъиутæ карчы фæстæ куыд цæуой, афтæ! Хъæд дын фаг нæу?— схъæр кодта Санькæ Девяткиныл, иунæгæй йæ фæуагъта æмæ тар хъæды смидæг. Йæхæдæг дæр æй нæ бафиппайдта, зокъотæ агурын Федяйы хуызæн куыд райдыдта, уый — сындæггай, арæх-иу æрлæууыд йæ уæрджытыл æмæ кæрдæджы мидæг агуырдта йæ къухтæй. Хъуыддаг хуыздæр цæуын байдыдта, фæзын- дысты урс зокъотæ дæр. Изæры зокъодзаутæ æрыздæхтысты Сто- жартæм. Уынджы лæугæ нæ кодтой, фæлæ тагъд дæр нæ цыдысты, цæмæй сыл чи амбæла, уыдонæй алчидæр фена, сæ чыргъæдтæ æвзаргæ, иттæг хорз зокъотæй седзаг кæй сты, уый. Санькæ ма иу чысыл абадти дуармæ æмæ бынтон куы ’рталынг, уæд æнæ уынæрæй бацы- 180
ди хæдзармæ. Цырагъ уыд ныллæг зылд: æвæц- цæгæн иууылдæр фынæй уыдысты. Санькæмæ цы- ди хæрын. Стъолыл ауыдта дзул æмæ къусы дзаг æхсыр. Æрбадти стъолы фарсмæ æмæ æнæ- бары фæстæмæ ракаст. Хуыссæнæй йæм касти йæ мад. Санькæ æхсыры къус иуфарс акодта æмæ сыстади. — Исты бахæр, исты, схъæл уасæг!..— æн- къардæй загъта Катеринæ æмæ, иу чысыл рæс- тæг ницыуал сдзургæйæ, йæ ныхасыл бафтыдта. —Ног хабар фехъуыстай, Саня? Уæ ахуыргæнæг Андрей Иванович ссыд. Афтæ зæгъынц, ныр, дам, Стожартæй никуыдæм уал ацæудзæн. 23 сæр ФЕМБÆЛД Ахуыргæнинæгтæм ничи фæдзырдта, фæлæ цы- ма ныхас бакодтой, уый хуызæн райсомæй æрæм- бырд сты Ракитинты хæдзары цурмæ. Уыди ма тынг раджы, къæхтæ сыдысты уа- зал æртæхы æмæ, лæппутæ каумæ схизгæйæ, фæр- сæй-фæрстæм æрбадтысты, зæрватыччытæ телыл куыд рабадынц, афтæ. — Рудзынгæй ракасти Машæ. — Андрей Иванович уеппæты тыххæй дæр фарста... Æрмæст нырма хуысгæ кæны. — Мах банхъæлмæ кæсдзыстæм, хъæр нæ кæндзыстæм,—сындæггай сдзырдта Семушкин. — Æмæ ныр Андрей Ивановичæн цы зæгъ- дзыстæм, куы райхъал уа, уæд?— афтæ сындæг- гай бафарста Зинæ Колесова дæр. — Æцæг, æцæг...— мæты бацыд Семушкин,— исты зæгъын хъæуы... арфæйы хуызæн! Зæгъ- 181
гæ, афтæ, æмæ афтæ, дæ раздæры ахуыргæни- нæгты, ныр æвдæм къласы ахуыргæнинæгты но- мæй дын арфæ кæнæм, кæй æрыздæхтæ, уый фæдыл,— загъта Семушкин. — Раст у,—сразы Зинæ. — Ды, Семушкин, неппæтæй дæр хуыздæр сарæхсдзынæ æмæ ды зæгъ. Стæй ма йын дидинджытæ балæвар .кæ- нын хъæуы... зæгъæм ромашкæтæ, хъоппæг ди- динджытæ... — Стæй ма кæсæгтæ æрцахсæн дæр ис, — загъта Стёпæ. — Дидинджытæ нæ хъæуы... Ницы хъæуы,— баурæдта сын сæ ныхас Машæ. — Хорз нæу æнæ исты лæварæй, — загъта Зинæ. — Мах æй быдырмæ акæндзыстæм, хъæдмæ, зæронд Векшины участокмæ. Бон-изæрмæ йæ фæрахон-бахон кæндзыстæм. Алцыдæр ын фенын кæндзыстæм — мæнæуы хуымтæ уа, кæр- дæджытæ... — Цæугæдон кæсæгтимæ, стæй арв хури- мæ,— ныххудти Семушкин.— Уæдæмæ ма дзæ- бæх зæгъ, æгасцуай йын куыд зæгъдзыстæм? — Ницы хъæуы ахæмæй, — загъта Стёпæ. — Зæгъдзыстæм ын æнæуый куыд фæзæгъынц, аф- тæ: „Æгас цу, Андрей Иванович! Мах дæм аф- тæ æнхъæлмæ кастыстæм, афтæ...и — Афтæмæй уæм æз та куыд æрæгмæ цыд- тæн,— райхъуысти сабыр ныхас. — Цы бачындæуа,мæ лымæнтæ!.Мæ фæндаг цыбыр фæндаг нæ уыди. Сывæллæттæ фæкастысты. Тыргъты асинтæй сæм æрцæйхызти, бæрзонд, къæсхуыргомау лæг, йæ уæлæ салдаты хæдон, афтæмæй. — Æмæ ныр мæнæ сæмбæлдыстæм! Андрей Иванович сывæллæттæм бадаргъ код- 182
та йæ галиу къух, уымæн æмæ рахиз цонджы бæсты дзедзыкка кодта афтид дыс æмæ уыди цъиуы саст базыры хуызæн. Скъоладзаутæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ сæхи фæстæмæ ласæгау акодтой. — Ницы кæны, мæ лымæнтæ, иу къухы ахауд афтæ бирæ нæу ахæм стыр хæсты... — загъта Андрей Иванович, сывæллæтты æфсæрмыдзинад бафиппайгæйæ. Афтæ зынди, цыма ахуыргæнæг бæзæрхыг- дæр æмæ бæрзонддæр фæци, уый хуызæн; йæ бæзджын рихитæ йæ æвдыстой зæронддæрæй, тызмæгдæрæй, фæлæ йæ рухс цæстытæ, фыццагау, уыдысты æнцад æмæ рухс. Æмæ сывæллæттæ цин кодтой, хъысмæт сын уыцы рухс цæстытæ, зæрдæхæлар зæрдæ æмæ тыхджын буар кæй бахъахъæдта, ууыл, амбырд сты Андрей Ивановичы алфæмблай æмæ сæ къухтæ æууæнкджын уагъд æркодтой ахуыргæ- нæджы фæтæн армытъæпæныл, цыма бæлæттæ сæхи æруагътой, уый хуызæн. Андрей Иванович бирæ фæкасти сывæллæт- тæм. Цал æмæ цал хатты æрхъуыды кодта уый хæсты тæмæны, кæнæ улæфтуадзæн цыбыр ми- нутты уыцы сывæллæтты цæсгæмттæ! Цал æмæ йын цал хатты рухс кодтой къæвда тар æхсæв сывæллæтты цæстытæ, арвы стъалыты хуызæн, æмæ йын куыд æнцондæр кодтой йæ салдаты уæззау фæндаг! Мæнæ йæ хойы чызг, артау цæрдæг æмæ æнæнцой Машæ; мæнæ ’мбаргæ, сабыр чызг Зинæ Колесова; мæнæ Семушкин, цыма æдзух- дæр истæмæ смуды, уый хуызæн йæ фындз иу- дадзыг змæлын чи кæны, уый; стыр хæларзæр- дæ Стёпæ Карасев... Иууылдæр хæрдмæ куыд фæцыдысты, куыд фæхъомыл сты! 183
Стёпæйы сæр æппындæр нал зыны бæзджын сæрыхъуынтæй æмæ ссис портийы хуызæн тым- был. Хæсты агъоммæ-иу Андрей Иванович бирæ хæттыты ныууагъта лæппуйы урочыты фæстæ æмæ-иу ын йæ сæр мæшинкæйæ сæлвыдта! Ныр ахуыргæнæг йæ къух æрæвæрдта Стё- пæйы сæрыл. — Андрей Иванович, мæ сæрыхъуынтæ æл- вынын,' фæлæ уыдон уæддæр цæуынц æмæ цæ- уынц, бауромæн сын нæй,—загъта Стёпæ æмæ фырæфсæрмæй ныссырх. — Æлвыны сæ!— ныппыррыкк кодта Семуш- кин. — Афæдз иу хатт, искæй фæдзæхстмæ гæсгæ. — Фæлæу, фæлæу, — бартхъирæн -кодта ахуыргæнæг. — Абон дын сæ æз сæ тæккæ рæ- быныл сæлвындзынæн. Æмæ иууылдæр ныххудтысты, уымæн æмæ зыдтой, Стёпæ йæ сæр æлвынын кæй нæ уар- зы, уый. Уыцы рæстæг ахуыргæнæг бафиппайдта: æп- пæты фæстæ лæууы ныллæггомау, саулагъз лæп- пу æмæ йæм æдзынæг кæсы. — Уый дæр, Андрей Иванович, стожараг у— Федя Черкашин, — йæ хъусы йын бадзырдта Машæ. — Æгас цу, Федя,— хæстæгдæр æм бацыди ахуыргæнæг. — Фехъуыстон дæу тыххæй, фе- хъуыстон. Фыста мæм Машæ. — Андрей Иванович, радзур ма нын хæсты тыххæй,—загъта Семушкин, сывæллæттæ иууыл- дæр ахуыргæнæгæн æгасцу куы загътой, уæд. — Фыццаджы хуызæн, ныр дæр æрхъæцмæ нæ хъæцыс, Алёшæ,—йæ мидбылты бахудгæйæ загъта ахуыргæнæг. Фæлæ мæн дæр бирæ цыдæр- тæ базонын фæнды сымах тыххæй. Куыд цардыс- 184
тут, мæ хæлæрттæ, цытæ куыстат. Равдисут мæм уæ фæллой. Сывæллæттæ кæрæдзимæ бакастысты. Цы хъуамæ равдисой? Кæд сæ фæлварæн участок, æндæр цы. — Куыд! Ницы уæм ис равдисинаг? — ныддис кодта Андрей Иванович!—Æмæ æз ардыгæй кæй уынын, уыцы быдыртæта? Уæд уыгæрдæн, хъæд æмæ цæугæдон та? Машæ сæрыстырæй акастис сывæллæттæм: уый бамбæрста, ахуыргæнæгæн зынаргъдæр ца- вæр лæвар у, уый. Æмæ сывæллæттæ Андрей Ивановичы акод- той колхоз фенынмæ. — Уый у нæ куырдадз!—дзырдта Машæ æмæ йæ къухæй амыдта ныллæг сæгæйдзаг сарамæ.— Ам Евсей кусы. Мæнæ уый та у хъомдон... Æрæджы йæ сарæзтой... — Æмæ сывæллæттæ дзырдтой ахæм хуызы, цыма Андрей Иванович йæ царды мидæг куырдадз дæр æмæ хъомдон дæр фыццаг хатт уыны, уый хуызæн. Ахуыргæнæгыл æмбæлдысты колхозон сылгой- мæгтæ æмæ йын салам лæвæрдтой, арфæ йын кодтой, кæй æрыздæхти, уый фæдыл æмæ сæ сæртæй амыдтой сывæллæттæм. — Де’рбацыды фæстæ дон дæр нæма баныз- тай, афтæмæй та дæ уæгъд нал уадзынц. — Æрыгон хицæуттæ сæ фæллæйттæ ’вди- сынц, — дзуапп лæвæрдта Андрей Иванович. — Æркæсут ма, ногæй та нæ къæхтыл слæу- уынмæ куыд хъавæм... Хæдзарадон бæстыхæйттыл æрзилыны фæ- стæ, сывæллæттæ ахуыргæнæджы акодтой бы- дырмæ. Уыцы райсом уый цин кодта æппæтыл дæр. Дымгæ кæй уызта, уыцы цъæх-цъæхид мæнæуы 185
хуымтыл, сырхбын гауызы хуызæн клеверы хуым- тыл, хизæнуаты—хъомты стыр дзугыл æмæ цæу- гæдоны æнцад цыдыл. Ахуыргæнæг-иу алы ран дæр æрлæууыд, æп- пæтмæ дæр касти лæмбынæг, хъуыста цъиуты цъыбар-цъыбурмæ. Куыд фæстæмæ сывæллæттæ уæндондæрæй дзурын райдыдтой. Сывæллæттæ дзырдтой, зæгъ- гæ, цъиутæ æмæ сырдтæ хъæды мидæг ис, хæсты агъоммæ дзы цас уыди, уымæй фылдæр. Диссаг у, цæугæ дæр кæцæй кæнынц, уый. Хъæды фæзындысты бирæгътæ, хъæддаг хуытæ, иу хатт та хъомты дзугмæ сыкъаджын стыр саг æрбацыд, æнæхъæн бон фæтезгъо кодта хъуццытимæ æмæ дзы удаист тарст фæкодта богъ Петушок. Сывæллæттæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Ал- чи дæр тагъд кодта ахуыргæнæгæн исты ног хабар хорз фехъусын кæныныл. Иу дзырдта, ног зокъоджын бынæттæ кæй зоны, уый тыххæй, иннæ æппæлыди хуыдымы кæ- сæгтæ къухæй ахсын базыдтон, зæгъгæ, æртыккаг арæхсти бæхтæрæджы куыстмæ. Уый фæстæ ахуыргæнæг хъуыста Алёшæ Семушкинмæ. Уый равдыста йæхæдæг цы къæп- пæджытæ æрхъуыды кодта, уыдон. Къæппæджы- тæ æвæрд уыдысты хъулонуырыты хуынчъыты былтыл. Алёшæ загъта, зæгъгæ, „пълан сарæзта“ сæрды дæргъы дыууæ мин хъулон уырыйы æр- цахсыны тыххæй. — Хъулон уырытæ дæр дæ пъланыл сразы сты?—йæ мидбылты бахудгæйæ, бафарста ахуыр- гæнæг. — Сразы сты, æрмæст къæппæджытæ фыл- дæр хæфсытæ ахсынц,—ныххудти Машæ. Семушкинмæ уый хъыг фæкасти æмæ загъта, зæгъгæ, кæй фæнды, уыдон бамбæхсæнт хъулон 186
уырыйы хуынчъы цур, цæмæй сæхи цæстæй феной, йæ къæппæг куыд хорз ахсы, уый. Фæлæ Машæ не сразы: уæд сæ æмбæхстæй суанг изæрмæ лæууын хъæуы, уыдонæн та нырма бирæ æрзилинæгтæ ис. — Адон та кæй хуымтæ сты? — бафарста Андрей Иванович æмæ æрлæууыди хæрз рывд, æмвæз мæнæуы хуымы цур. — Катеринæ Коншаковайы — Санькæйы мады хуымтæ,—дзуапп радта Машæ. — Æмæ Саня Коншаков кæм ис? Уый ам цæуылнæ ис? Ды, Машæ, уыимæ лымæн куы уыдтæ?—бафарста ахуыргæнæг. — Æмæ мах... мах ныртæккæ дæр хыл куы- нæ кæнæм... Æрмæст уый цавæрдæр æнахуыр ссис... — къуыхцы кæнгæйæ сдзырдта Машæ. — Уæддæр цавæр ссис? — Уый ахæм ссис... — райдайынмæ хъавыд Семушкин, фæлæ Машæ фæфæсмон кодта йæ ныхæстыл, басхуыста Семушкины рæмбыныкъæдз æмæ Андрей Ивановичæн ацамыдта доньГрдæм. Уым Санькæ йæ хæлæрттимæ цагъта уистæ кар- зинкæтæ быйынæн. — Уæртæ Коншаков, фæнды дæ, уæд æм фæдзурон? — Фæдзур æм, Машенькæ. Чызг азгъордта ауæдзтыл дæлæмæ. Уый ауынгæйæ, Санькæ амбæхсти къудзиты фæстæ.„ Санькæ рагæй хъахъæдта, Машæ Андрей Ивановичæн хуымтæ куыд уынын кодта, уый. Куыд цин кæны Машæ! Æмæ куыинæ!Йæ хæрз мады ’фсымæр æрыздæхти хæстæй. Рæстæг ра- цæудзæн æмæ раст афтæ сæмбæлдзысты сæфы- дæлтыл æмæ се’фсымæртыл Алёшæ Семушкин, 187
Цыппæрдигъон Стёпæ æмæ Стожары цæрæг лæп- путæй бирæтæ. Æмæ æрмæст дæр Егор Коншаков нал æрыз- дæхдзæн сæхимæ... Æмæ куыд тынг фæндыд Санькæйы дæр, мæ- нæ афтæ æнæхъæн бон йæ фыдимæ колхозыл æрзилын, бæстыхæйттæ, мæсыгты хуызæн бæрзонд хосы цъынатæ, хуымтæ, доиы кæсагджын бынæт- тæ йын æвдисын! — Кæм дæ кæ, Саня? Рацу махмæ! Цæмæн æмбæхсыс! Андрей Ивановичы дæу фенын фæн- ды, — хъæр кодта Машæ. Фæлæ сырд куы фæцæф кæнай æмæ уый дарддæр куыд лидза, афтæ Санькæ дæр дарддæр ныгъуылди къудзиты бын, иæ фæстæ къутæр- хæрис уисты баст ласгæйæ. Йæ зæрдæ æмпылди фыр рыстæй. Санькæ цы фæцис уый не’мбаргæйæ, Машæ йæ сæр ныттылдта æмæ фæстæмæ ахуыргæнæджы цурмæ æрбаздæхти. 24 сæр 5-æм КЪЛЕТКÆ Ныр хъуамæ Андрей Ивановичæн равдыстаик- кой тæккæ диссагдæр хъуыддæгтæ. Æмæ йæ ахуыргæнинæгтæ æркодтой фæл- варæн участокмæ. Машæ сындæггай байгом кодта дуар æмæ сеппæты дæр йæ разæй быруйы мидæмæ бауагъта. Зæронд лæг Векшин цыдис чысыл хуымты астæуты æмæ сæм касти. Машæ йе’нгуылдзæй лæппутæм бартхъирæн кодта. — Сабыр... Ныртæккæ исты æрхъуыды кæн- дзыстæм. 1§,8
Цы ’рхъуыды кæндзæни, уый чызг нæма зыд- та, фæлæ райсомæй куыд хъæлдзæг рахаста, афтæ хъæлдзæг уыди ныр дæр. Машæ базгъордта Захармæ: — Захар Митрич... Мæнæ ардæм иу адæймаг æрбацыд, нæ фæлварæн участок æй фенын фæнды. — Цавæр адæймаг? ~ Æфсæддон у... Фронтæй æрыздæхт. Фæрсы ног мыккæгты тыххæй. — Ныридæгæн æй адзырдтай, — мæсты кæн- гæйæ загъта Захар. — Æмæ ныхасгонд та куыд уыдыстæм? — Захар Митрич, уыцы адæймагæн сæ ис зæгъæн... — райдыдта Машæ, фæлæ зæронд лæг уæлæмæ скаст, чызджы æваст иуфарс акодта æмæ размæ акъахдзæф кодта: — Мæнæ кæй уынын! Андрей Иванович! Нæхи зынаргъ адæймаг, — æмæ дызæрдыг кæнгæйæ, бакасти ахуыргæнæджы рахиз цонджы афтид дысмæ. — Уæдæ дæ бынтондæр суæгъд кодтой? Андрей Иванович ныхъæбыс кодта Векшинæн. — Документтæм гæсгæ мæ бынтондæр суæгъд кодтой, мæхæдæг та афтæ нымайын, цыма иннæ фронтмæ æрвыст æрцыдтæн, уый хуызæн. — Æмæ раст нымайыс,—сразы Захар.— Цы хабæрттæ ис дунейыл, Андрей Иванович! Нæ хæстонтæ кæмыты цæуынц? — Дард ацыдысты, Захар Митрич! Знон при- каз хъусын кодтой—махонтæ ссæрибар кодтой Минск. — Диссаджы хъуыддаг! — фæхъæлдзæгдæр Захар. — Æппæт бæрæггæнæнтæм гæсгæ тагъд æрцæудзæн хæсты кæрон! Тар мигътæ нын нæ хур нал баууон кæндзысты. Мах дæр архайæм нæ бон цы у, уымæй, — зæронд лæг ацамыдта участокмæ. 189
— Уый фæлварæн хуым у?—бафарста ахуыр- гæнæг. — Фæлварæн хуым, зæгъгæ, уый стыр ныхас у, Андрей Иванович! Хуым нæ, фæлæ суарийы йас гæбаз. Цыдæртæ дзы байтыдтам. Мыккæг- тæ нæмыггай, армыдзаггай фембырд кодтам. Мæ- нæ уый лыстæг гæн, мæнæ уый зымæгæн фæразон хлепа, уым гомнæмыг хъæбæрхор... Мæнæ уый та дæ лæвар... Хъуыды ма кæныс, писмойы йæ сывæллæттæм куыæрæрвыстай?—Захар ацамыдта стыр сæрджын клеверы чысыл хуыммæ. Ахуыргæнæг сындæггай цыди участокыл, æр- гуыбыр-иу кодта æвзартæм, хъавгæ æвнæлдта дидинджытæм æмæ сыфтæртæм, бирæ рæстæг нæ сæмбæлыиы фæстæ сын, цыма, салам лæвæрд- та, уый хуызæн. Андрей Иванович æрлæууыди дагъестайнаг бæрзонд гæны цур. Уый адæймагæй уыди иу æмæ æрдæджы бæрц бæрзонддæр. Йæ фарсмæ зади гæбы хъæдуры цалдæр къудзийы, стыр тар- бын цъæх сыфтæртимæ. Ноджы дарддæр та, хæрз чысыл хуымты, ахуыргæнæг федта амураг соя, кок-сагыз, арахис, Уымæн йæ бинаг чысыл дидинджытæ æмбæхст уыдысты зæххы æмæ сæ уым разади „зæххы æхсæртæ“. — Ацы хуссайрæгты та кæм ссардтат?— бафарста Андрей Иванович. — Уый тыххæй сывæллæтты бафæрс,— загъ- та зæронд Захар. — Уыдоны агуырд сты. — Уыдон мах фæлварыны тыххæй байтыдтам, Андрей Иванович, — бамбарын кодта Алёшæ. — Мыккæгтæ та скъолайæ райстам. — Диссаг та куыд нæ у, — йæ сæр батылдта Захар. — Мæн та сывæллоны хуызæн басайдтой уыцы хъуыддагмæ. „Захар Митрич, æмæ сыл дон та куыд кæнын хъæуы, хъацæнтæй та сæм куыд 190
зилын хъæуы?“ — кæрон нал уыд сæ фæрстытæн. Æз та, раст зæгъын хъæуы, мæ цæргæ-цæрæн- бонты дæр ахæм зайæгойтæ никуы федтон. Гъе- мæ мах дæр уæд æнæхъæн артелæй хъуыды кæнын байдыдтам, хуссайрæгты уазалæй æмæ уазал дым- гæйæ куыд бахъахъæнæн ис, ууыл. Æмæ сын ницы у. Цыма нæ уазджытæ æвзæр нæ цæрынц, афтæ мæм кæсы. — Андрей Иванович, ныр’нæбыдыры арахис байтау, уæд та... Зонысуый куыд зынаргъ зайæгой у! Стæй кок-сашз дæр,— загъта Машæ. — Хорз ма уаид ноджы сараты фæстæ сæ- нæфсир æмæ неситæ куы заид, уæд, — загъта Семушкин. — Уыныс, Андрей Иванович, кæдæмыты хъа- вынц! — ныххудтис Захар. — Сæ сæры, джитъ- рийы æппытæ цас ис, уый бæрц фæндтæ ис. Цæрдæг адæм сты, уро мæн сын нæй... Андрей, Иванович бацыди фæндзæм кълет- кæйы бæзджын завадджын мæнæумæ. Уарыны ’ртæхтæ ма дæлæмæ згъордтой мæнæуы рæсуг цъæх зæнгтыл, рихиджын æфсиртыл дон бадти лыстæг рыджы хуызæнæй. Мигъты аууонæй ракасти хур æмæ, уарын кæй асыгъдæг кодта, уыцы мæнæу сæрттывта рæсугъд дзæнхъа дуры хуызæн. Ахуыргæнæг ма суанг йæ цæстытæ дæр ау- уæрста æмæ дзуццæджы æрбадти. — Уый цавæр сорт у? Захар сывæллæттæм йæ къухæй ацамыдта, цыма сын афтæ зæгъынмæ хъавыд, зæгъгæ, Андрей Ивановичы мæнæумæ кæсын ма хъыг- дарут, уый хуызæн, йæхæдæг, йæ къубал иваз- гæйæ, æдзынæг касти ахуыргæнæгмæ. — Фæлæу ма, фæлæу, Захар Митрич... Уый... — ахуыргæнæг раздæхти æмæ зæронд лæджы къух- 191
мæ февнæлдта,—уый Егор Платоновичы мæн&у нæу? Æнæмæнгæй, уый у. — Базыдтай йæ? — бафарста Захар. — Уый у, Андрей Иванович, уый. — Куыннæ йæ базонон! Йæ миниуджытæ бынтон бæрæг сты: йæ ас, йе ’фсир. Æз æй сæ- дæ сорты ’хсæн дæр базондзынæн. Мæ фыны дæр æй цал хатты федтон. Фæлæ уын кæм уыдис, Захар Митрич? — Ахуыргæнæг фæдзырдта Ма- шæмæ. — Сымах та мæм Саняимæ куыд фыстат? Мæнæу бынтондæр фесæфт, иу гага дæр дзы нал баззад. — Фыстам...—æфсæрмыхуызæй загъта чызг,— æмæ афтæ уыди. Мах æй бирæ фæцагуырдтам, сеппæты дæр фæфарстам... Ничи йын ницы зыд- та. Захар Митрич дæр афтæ загъта, фесæфтис, зæгъгæ... Афтæ нæ уыди, Захар Митрич? — Дзырдтон, уыди ахæм хъуыддаг. — Захар къæмдзæстыгхуызæй йæ къæбут аныхта æмæ Федяйы йæхимæ æр’бакодта.-Мæнæ уый фæрцы фæци хъуыддаг иннæрдæм. Бузныг зæгъут уымæн. Сæ цæстæнгасæй сæ базыдта Захар, Андрей Иванович дæр, стæй сывæллæттæ дæр хъуыд- дагæн кæй ницы зонынц, уый, бакасти Федямæ æмæ ракодта мæнæуы нæмгуыты хабар. Стожартæм немыц куы ’рбацæйхæстæг код- той, уæд Захар Векшин сифтыгъта йæ зæронд берданкæ æмæ ацыди хъæдмæ, партизантæм. Отряды командир, МТС-ы директор, зæронд лæджы фенгæйæ, смæсты æмæ йын загъта, цæ- мæй æвæстиатæй фæстæмæ аздæха сæхимæ æмæ хурскæсæны ’рдæм тæра колхозы фос. Фæлæ зæронд лæг ныццæхкæрмæ æмæ нæ бакуымдта, зæгъгæ, фос аскъæрын сылгоймæгты æмæ æрыгон лæппуты бон дæр бауыдзæн, фæлæ 192
та уый уæддæр нæлгоймаг у, тынг хорз зоны хъæды æппæт бацæуæнтæ æмæ къахвæндæгтæ, æвзæр не’хсы берданкæйæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уырыссаг зæххæй æртыгай адлитæ бахай кæндзæн иу дæс — ссæдз æлгъаг немыца- гæн. Ноджы ма Пушкины номыл колхозы ис дыргъцæхæрадон сæдæ фæндзай бæласимæ, хæ- дзæрттæ, хуымтæ æмæ уыцы исбонæн, фосау, хурскæсæны’рдæм аскъæрæн нæй. — Колхозы хъалагъурæй дæ фæнды? Немы- цæй дæхи кæй бахъахъæндзынæ, уый ныфс дæ ис?— бафарста командир. — Уый бæрæг уыдзæн... Æмæ Захар отрядæй иæ ацыди. Уалынмæ йынкуыст дæр фæзынд.Уый партизантæн хуыд- та сæ дзабыртæ, æмпъыста сын сæ дзаума, код- та сын хæринаг, дзæбæх сæ кодта кæрдæджытæй. Хаттгай, мæгуыргуры дзаумæттæ скæнгæ- йæ, уый цыди хъæутæм, сбæрæг-иу кодта немы- цæгтæ æмæ дзы пъæлицæйæгтæ ис æви нæй, советон адæмæн старостæйæ æвæрд чи ’рцыд, уый. Иу хатт хъæды Захар сæмбæлд Федя Чер- кашиныл, уымæн уыди хъæддаг хуыз. Захар лæппуйы æрбакодта отрядмæ. Федя зæронд лæгæн æххуыс кодта парти- занты хæдзарады, æмбырд кодта дзæбæхгæнæн кæрдæджытæ, зокъотæ, æрыскъæфтæ. Ныр хъæутæм уыдон цыдысты иумæ. Зæронд лæгæн цæуын тæссаг кæдæм уыд, уым-иу æн- цонæй февзæрди цæрдæг, чысыл Федя. Лæппуйы отряды бауарзтой æмæ куы базыд- той, бынтон сидзæр у, уый, уæд æй бирæтæ сæхицæн лæппу скæнынмæ хъавыдысты. — Æз сидзæр нæ дæн, мæнæн ис фыды фыд,—дзуапп лæвæрдта Федя. 13. Стожартæ. 193
Иу хатт зæронд лæгимæ бахъуызыдысты Стожартæм. Уым хицауиуæг кодтой немыц. Хуым- тæ хъахъæдтой пъæлицæйæгтæ. Ныр уыдон уы- дысты цавæрдæр зындгонд немыцаг пъамещикы исбон. Уыцы аз хор æркодта диссаджы зад. Захар быдыры ссардта, Егор Платоновичы мæнæу конд кæм уыд, уыцы чысыл хуым. Кæд æмæ Катеринæ Коншакова тынг бацархайдта мæнæу йæ къæхты бын ныссæндыныл, уæддæр ма дзы баззади иугай халтæ, сæхиуыл фæхæцы- дысты æмæ сыл ныр зæузæу кодтой цæттæ ставд æфсиртæ. — Ахæм сорт æрзайын кодтам! Æмæ кæ- мæн?!—фырмæстæй ныккæрзыдта Захар. —Зна- джы хытъынтæн. Ныр уымæй иу æфсир, иу гага дæр нал баззайдзæн.—Æмæ æдзынæг ба- касти лæппумæ.—Искæйы хуымтæм æмæ цæхæра- дæттæм хъуызын зоныс? — Хъуызыдтæн-иу, — къæмдзæстыг хуызæй басасти Федя. — Сымах, лæппутæ, иу халдих стут, мæ туг мын бацъырдтат... Ныр та, Федюшæ, дæ бон у намысы хъуыддаг бакæнын. Уæд та дзы æртæ ’фсиры рахæсс. Дæ бон бауыдзæн? — Бауыдзæн. Æз мæнæу иууылдæр æртон- дзынæн, —загъта Федя. Æхсæвы бахъуызыд мæнæумæ æмæ рай- сомæй зæронд лæг æмæ лæппу лагермæ æрба- хастой хызыны дзаг æфсиртæ, базгъæлдтой сæ, дымгæмæ сæ сдардтой æмæ сæ дзæкъулы нык- кодтой. — Захар Митрич, уалдзыгæндмæ æгæр ра- джы нæ цæттæ кæныс? Нырма немыцы нæ зæх- хæй нæма фæсырдтам, ды та мыккæгты кой кæныс,—фарстой йæ партизантæ. — Йæ тæккæ афон у. 'Зæхх гитлеронты хы- 194
тъын, мийаг, нæу. Мыккаг куы уа, уæд хор дæр уыдзæн. Ныр хорз мыккаг æнæбæрæгæй нал фесæфдзæн. Отряды командир фæзагъд кодта Захар æмæ Федямæ æмæ сын загъта, ахæм балцытæ мауал кæнут, зæгъгæ, фæлæ мæнæуыл бацин кодта æмæ сын бафæдзæхста, цæмæй йæ бахъахъæной, цæсты гагуыйау. Уалдзæджы бацайдагъ сты тыхджын хæсты- тæ. Фронт хæстæгæй-хæстæгдæр кодта парти- занты районмæ. Бастдзинад саразын хъуыди не ’фсæдтимæ. Фронты сæрты ахизыны хæс йæ- химæ райста зæронд лæг Векшин. Уыимæ цыди Федя дæр. — Æгæр чысыл дæ, Федя, — йæ сæр ныт- тылдта отряды командир, ды хъуамæ нырма бæгъæввадæй згъорай, хъулæй хъазай, уый та стыр хъуыддаг у... Тæссаг у... Цæттæ уæвын хъæуы алцæмæ дæр. — Æз æдзухдæр цæттæ дæн! — Пионер дæ... Цу, мæ хур, уæдæ!—Коман- дир ныхъæбыс кодта лæппуйæн. Æмæ Захар Федяимæ ацыдысты. Раздæр цы- дысты цъымараты, кæлдымты, сæ астæутæм арф цъыфы ныхсгæйæ. Уый фæстæ уыдон бахæццæ сты цæугæ донмæ æмæ Захар ацыд, дон тæнæг- дæр кæм у æмæ дзы иннæ былмæ бахизæн кæм ис, ахæм бынат агурынмæ. Федя æрбадти арф кæрдæджы астæу æмæ æнхъæлмæ касти. Æвип- пайды къудзиты фæстейæ уый айхъуыста æмыр хъæртæ æмæ сыбар-сыбур. Федя азгъорынмæ хъавыд уыцы хъæрмæ, фæлæ йæм уалынмæ æр- байхъуысти бур цъиуы дæргъвæтин æмæ æнкъард зарын. Уый уыди æмбарæн нысан. Уыцы ныса- нæй Захар æмбарын кодта: „Æз бахаудтæн. Нæхионтæм цæугæ иунæгæй“. 195
Федя райста зæронд лæджы хызын æмæ, фæтæн хъæдыл бæхбадт скæнгæйæ, ахызти до- ны сæрты. Дыууæ боны фæстæ советон æфсæдтæ ба- рæмыгътой знаджы фидæрттæ, фæсырдтой не- мыцæгты ныгуылæны ’рдæм æмæ ссæрибар код- той бирæ советон адæймæгты, уыдонимæ Захар Векшины дæр. Зæронд лæг агурын райдыдта Федяйы. Лæп- пу никуы зынди. Кæдæм нæ фыста Захар, кæм нæ фарста, фæлæ ничи ницы зыдта йæхицæн фыр- ты фырт кæмæй загъта, уыцы Федяйы тыххæй. Æрмæстдæр афæдзы æрдæджы фæстæ, Сто- жарты хъæуы цард иу чысыл куы фæрæвдздæр, уæд Захар Векшин райста писмо дард горæт Ташкентæй. Федя фыста, зæгъгæ, уæд фæдзæхст сæмбæлын кодта, фæлæ чысыл фæцæф æмæ ныртæккæ хуыссы госпитæлы. —... Иу ныхасæй тагъд уыд, æрæгмæ уыд, фæлæ Федя æрцыд æмæ мæнæу æрласта,—фæци йæ ныхас Захар. — Æмæ ныронг уый тыххæй куынницы загътай! Цавæр дæ, Захар Митрич,—йæ цæстмæ йын бадардта ахуыргæнæг.—Уыцы хабар сывæл- лæттæн цыфæнды аргъауæй зынаргъдæр куы у. — Тæрсгæ кодтон, Андрей Иванович. Мæ- нæуы нæмгуытæ æгæр фæлæууыдысты æмæ, зæ- гъын, мийаг, куы нæ уал разайой. Æмгъуыдæй раздæр адæмæн цы дзурæм! Участокыл ракодта рог дымгæ, бауызта мæ- нæуты æмæ басыбар-сыбур кодтой æфсиртæ, цыма сæ афтæ зæгъын фæндыди: „Мах та цæ- рæм, цæрæм“, уыйау. — Ныр хъуыддаг бæлвырд у: цардæгас у мæнæу, рафтыдта æфсир. Тагъд æй кæрдгæ дæр æркæндзыстæм. 196
25 сæр ПОРТИЙÆ ХЪАЗТ Фæйнæ стыр хъæбысыдзаджы тасаг, æры- гон уистæ ракæнгæйæ, Санькæйы æмбæлттæ рахызтысты къутæрхæрисæй æмæ араст сты сæхимæ. Санькæ æнкъардæй цыди сеппæты фæстæ. Уыцы бон уымæн йæ зæрдæмæ ницы цыди: нæдæр арвйл цы тар цъæх мигътæ уыди æмæ сæлфынæг кæй кодта, уый, нæдæр цъиах- ты æнæсæрфат хъæр быдыры, нæдæр Петькæ- йы тъизын, карзинкæтæ асламыл кæй уæй кæ- нынц, уый тыххæй йын сæ быйын пайда кæй нал у, уый фæдыл. —- Ныууадз мæ дæ. карзинкæтæй! Нал сæ фæразын,—хæцыди йæм Санькæ. — Æз дæр афтæ зæгъын — пайда нын нæу, — загъта Петькæ æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта;— Мæ мад дæм дзырдта. — Цы мæ кæны? — Нæйæ ’мбарыс? Цырыхъ хуыйæн мастер- скойы тыххæй хъуыддаг алыг кæнын хъæуы. Мæ мад йе ’фсымæр Яковимæ алцæйы тыххæй дæр баныхас кодта. Пелагея Колечкинæ дæр Тимкæйы æрвиты. Лæппутæ бахæццæ сты Векшины фæлварæн участокмæ æмæ кауы цур æрбадтысты сæ фæл- лад суадзынмæ. — Коншак, цæмæн афтæ ’нкъард дæ, æу- уæрст уасæджы хуызæн!—нал æй уагъта Петь- кæ.—Боны хъæд дæ зæрдæмæ нæ цæуы? Æви ахуыргæнæгæй фæтарстæ? Æз федтон, Машень- кæйы дæм куыд æрбарвыста, уый: „Тагъд ма Коншаковы æрбахæццæ кæн“, зæгъгæ. — Цы мын у ахуыргæнæг! — йе уæхсчытыл 197
схæцгæйæ, загъта Санькæ æмæ куы бамбæрста, куыд хъуыды кодта, афтæ нæ, фæлæ бынтон æндæр ныхас загъта, уый, уæд фæсырх æмæ иу- фарс азылди. — Бæгуыдæр ма. Цы нын у!—фæцырд Петь- кæ.-~Гъе нæ хæстæг нæу, гъе не ’фсымæр. Уый раздæр уыди афтæ, чысыл исты аххосджын фæ- дæ, уæд марадз машинкæйы бынмæ. Æрбадын дæ кодтаид бандоныл æмæ дын дæ сæрыхъуын- тæ алвыдтаид сæ тæккæ бындзарыл, йæхæдæг та дын таурæгътæ кодтаид: фæткъуы бæласы къалиу цæмæн асастай, кæнæ фæндагыл цæуæг- мæ æвзæр цæмæн сдзырдтай, æмæ ахæм æндæр ныхæстæ! Раст зындоны хуызæн! Ныр уый махæн хицау нал у. Ныр стыртæ стæм, дæсныдзинад кæмæ ис, ахæмтæ. Табуафси, хорз лæг, дæ цы- рыхъæн цы хъæуы, ахуыйын, ампъузын, кæнæ йæ уæлфад аивын... Мах æй уайтагъддæр акæн- дзыстæм!—Петькæ бынтондæр фæхъæбатыр æмæ систа йæ тамакойы дзæкъул. — Ныртæккæ куы ’рбацæуид, уæд ын зæгъин: „Адым мæ тамакойæ. Хи конд тамако, цæстытæ къахы, у хъæхъаг, тъæнгтæ змæнты“. — Кæмæн зæгъис афтæ? —фæзылди йæм Санькæ. — Уымæн... Андрей Ивановичæн. Фæлæ йæм Санькæ афтæ бакасти æмæ Петь- кæ фыртæссæй дарддæр абадти æмæ ныуулæфыд: нæй, абон Коншакимæ ницæй тыххæй ис баны- хасгæнæн. Петькæ дæр æрынкъард. Уый нæ уарзта, йæ алфæмблай куы ницы дзырдтаиккой, куы’ницы ми кодтаиккой, иу иннæйы куы нæ мæстæй мардтаид æмæ куы нæ хъыгдардтаид, уый. Петькæ æртыдта, смудыны тамакойы хуызæн, цавæрдæр хъæхъаг кæрдæджы къоппатæ, бау- 198
уæрста сæ йæ армытъæпæны æмæ сæ бакодта, чи афынæй, уыцы Тимкæ Колечкин.ы фындзы хуынчъы. Тимкæ фæгæпп кодта, æрыхснырста, Петь- кæмæ тымбыл къухæй бавзыста æмæ та йæхи залмы сыфæй æрæмбæрста. Девяткин бынтондæр æрынкъард, кауы сæр- ты бакасти участокмæ, ногæй та æрбадти Сань- кæйы фарсмæ æмæ мæлгъæвзагæй сусæгæй сдзырдта: — Векшинонты æрыскъæфтæ цы хорз сты! Тынг срæгъæд сты. Быруйæ сæм къух æххæссы. Уыдонæй ахæр! И? — Æз искæйы æрыскъæфтæм хизын ахуыр нæ дæн. — Машенькæ æмæ дæм Федя куы фæхæ- рам уой, уымæй тæрсыс? — Цымæ хъуыддаг ис уыдонимæ. — Цæй ма уæдæ —бавзар! — Куыд дын загътон... — Бирæ дзы нæ рахæсдзыстæм, Санькæ, æр- мæстдæр фенынмæ. Зæронд Векшин зонгæ дæр ницы бакæндзæн. Хъуызгæ, кæй зæгъын æй хъæуы, бакæндзыстæм куыд вæййы, афтæ: иу- тæ кæсгæ кæндзысты, нæхæдæг та нæ гуыбыны цъарыл бабырдзыстæм... Санькæ ницы дзырдта. — Цæй, уæдæ дæ куыд фæнды, афтæ, — загъта Петькæ, ныуулæфыд æмæ сыстади. — Кæд дæ нæ фæнды, уæд мах Тимкæимæ дæр бабырдзыстæм. Хъусыс, Коншак, фæфæсмон кæн- дзынæ!Æрыскъæфтæ — раст мыд сæкæримæ! Уый фæстæ дæ комы дæттæ уайдзысты. — Уæдæ ма ацæуис. Сбад! Никуыдæм ацæу- дзынæ,—загъта Санькæ æмæ йæ тых йæ бонæй февнæлдта Петькæйы цонгмæ. 199
Петькæ ныуулæфыд æмæ бакасти лæппутæм. Йæ цæстæнгасæй зæгъынмæ хъавыд: „Ома, уæ- хæдæг уынут, æз куыд уæндаг æмæ хъæбатыр дæн уый æмæ уеппæтæн дæр адджын æрыскъæф- тæ бахæрын кодтаин, Санькæ куы нæ уаид, уæд“. — Уæд та портийæ ахъазиккам? — зивæг- хуызæй загъта Петькæ.—Тимкæ, дæ порти дæ- химæ ис? — Мæхимæ,—дзуапп радта Тимкæ. — Лæппутæ фæхицæн сты дыууæ къордыл. Фæлæ хъаст цыди уæнгмардæй. Уæддæр ис- тæмæй лæппуты схудын кæныны тыххæй, Петь- кæ порти афтæ тыхджын ныкъуырдта æмæ участочы ’рдæм атахти, стæй быруйы фалейы æрхауд. Лæппутæ хорзау нал фесты. Сеппæтæй тынг- дæр смæсты Тимкæ. Уыцы хорз хъæбæр порти йын балæвар кодта йе ’фсымæр, æрæджы фронтæй сæхимæ рæстæгмæ куы ссыд, уæд, æмæ йæ тынг хъахъæдта. Тимкæ уасæджы хуызæн багæпп кодта Девяткинмæ æмæ дзы домдта, зæгъгæ, ныртæккæ ацу зæронд Захармæ æмæ бар ракур, цæмæй лæппуты цæхæрадонмæ порти агурынмæ бауадза, уый тыххæй. —Цытæ дзурыс, Тимкæ, цытæ!—йæхи иуфарс аласта Петькæ.—Векшин дын искæй цæхæрадон- мæ уадзы! Куыд мæстыгæр у, уый зоныс?! Дæс туманы мын куы дæттай, уæддæр æм нае бацæу- дзынæн. Фæлтау дын ног порти балхæндзынæн... Мæнæ горæтмæ ацæудзынæн æмæ дын æрлас- дзынæн. — Балхæндзынæ! Ванькæ Строкины был- тæйцæгъдæн фæндыр малы ныппæрстай... Афæдз рацыди æмæ йæ ныр дæр ма æлхæныс. — Æз Ванькæйæн йæ фæндыры аргъ æхсы- 200
нæнтæй бафыстон—æнæхъæн зымæг ын æхсы- нæнтæ фæлæвæрдтон. — Лæвæрдтай, куыннæ!—ныппыррыкк кодта Строкин.—Агуывзæйы дзаг-иу балхæдта æмæ-иу æй мæ фæндыры хардзæй æнæхъæн къласæн байуæрста. Æмæ кæд Петькæ тынг сомытæ кодта, горæ- тæй иу нæ, фæлæ дыууæ портийы дæр æрлас- дзæн, зæгъгæ, уæддæр ыл Тимкæ нæ баууæндыд, иуфарс ацыд æмæ кæрдæгыл схуыссыд. Санькæ фæтæригъæд кодта Тимкæйæн. Хъуын- тъызæй бакасти Девяткинмæ æмæ йæм фæ- дзырдта. — Цæй, цы кæныс? —дызæрдыг кæнгæйæ бацыд Петькæ. — Дæхи æдылыйы хуызæн ма ’вдис, фæлæ порти ссар,—сабырæй загъта Санькæ. — Уый та куыд, Саня...—фæджих ис Де- вяткун. — Участокмæ бацу æмæ йæ ссардзынæ. Ды дæ’сны дæ ахæм митæм. — Уым кæрдæг куы ис, стæй ма æндæр цы- дæр конд... — Ссардзынæ йæ, ссардзынæ,—схъæр код- той лæппутæ, уыдонмæ дæр хорз фæкастис Сань- кæйы фæндон. — Мах æй федтам, кæдæм æрхау- ди, уый, кауы фарсмæ, галиу къуымы. Девяткин æфсæнттæ кæнын байдыдта, зæгъ- гæ, участокмæ бахизын диссаг нæу, фæлæ, ома, куы ’рталынг уа, кæнæ æхсæвы куы бахиза, уæд хуыздæр у. — Æмæ порти фанары рухсмæ агурдзынæ?— бафарста йæ Строкин. — Уæд та райсом раджы. Раздæр сыстдзы- нæн æмæ йæ ссардзынæн. — Ничи йæм кæсы,—æрбамæсты Санькæ.— 201
Æрыскъæфтæм хизынмæ ныртæккæ дæр цæттæ у, фæлæ порти агурынæй та йæхи расай-басай кæны. Бад уæдæ, Девяткин. Æз иунæгæй ацæу- дзынæн. — Ды?—Петькæ нындзаст ис Санькæмæ, стæй æвиппайды йæ мидбылты бахудти: ома, кæй зæгъын æй хъæуы, Санькæйы дæр фæнды æрыскъæфтæ ахæрын, фæлæ исты æфсон агуры.— Дыууæйæ æз кæдæмдæриддæр ацæудзынæн, арвы кæронмæ дæр... Санькæ æмæ Девяткин участокмæ бахызты- сты, кауы фарсмæ къалиуджын къæбырттæг кæм зади, ууылты. Санькæ бæласмæ схызти, бæхбадт скодта бæласы ставд цонгыл æмæ бынмæ лæдзæг æруагъта, Петькæ дæр къæбырттæг бæласмæ куыд схызтаид, афтæ. Дыууæ минуты бæрц уы- дон бадтысты æнæзмæлгæйæ, стæй Санькæ ба- бырыд, кауы сæрты участокмæ цы къæбырт- тæджы цонг бацыди, ууыл. Бæласы цонгæн йæ кæронмæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ тынг- дæр тасыди, стæй зæххыл æрынцад. Кауы сæрты афтæ хизын байдыдта Девяткин дæр. Фæлæ фæкъуылымпы ис. — Цы дыл æрцыд? — сусæгæй йæ афарста Санькæ. — Дæуæн æнцон у... Бумбулийы хуызæн рог дæ æмæ... — Бауромдзæн дæ... уый къæбырттæг у. Петькæ сындæггай хизын байдыдта дард- дæр. Фæлæ æвиппайды хоры голладжы хауд æр- кодта Санькæйыл æмæ тарстхуызæй сусæгæй сдзырдта: — Уым сывæллæттæ ахуыргæнæгимæ рацу- бацу кæнынц... Векшин дæр семæ ис. — Федтой дæ? 202
— Æвæццæгæн, федтой... Машæйæн цавæр цæстытæ ис, уый зоныс... зæххы бынты дæр уынынц. Мийаг сæ кæд бафиппайдтой, зæгъгæ, лæппутæ бамбæхстысты бæзджын мæнæргъыйы къудзиты ’хсæн кауы рæбын æмæ хъуыстой. Участок уыд сабыр. Санькæ афтæ банхъæлдта, зæгъгæ, Девятки- нæн уыдон йæ цæстытыл ауадысты æмæ йæ цыппæртыл абырыд размæ. Уый бырыди, зæхмæ йæхи æлхъивгæйæ, размæ иста куы йæ рахиз къух, куы йæ галиу. Хаттгай-иу æрлæууыд æмæ æнхъæлмæ касти Петькæмæ. Уый-иу арæх слæу- уыд йæ цыппæртыл. Санькæ-иу æй басхуыста тымбыл къухæй æмæ та-иу бырын райдыдтой куыд æмбæлы, афтæ. Дæс метры дæр нæма абырыдысты, афтæ сæм къудзиты фалейæ æрбайхъуысти ныхас, стæн ауыдтой зæронд Захары сывæллæттимæ, сæ астæу та—Андрей Ивановичы. — Нæ дын дзырдтон! Ныр бабын стæм. Уы- дон мах агурынц, — дзырдта сусæгæй Петь- кæ. Лæппутæ та ногæй бамбæхстысты мæнæр- гъыты ’хсæн. Фæлæ Санькæ куыд бамбæрста, афтæмæй участочы цы адæм уыди, уыдон ни- кæйы агуырдтой. Сындæггай цыдысты къахвæн- дæгтыл, кастысты хуымтæм æмæ цæйдæр тых- хæй ныхас кодтой. „Векшин йæ хæдзарад ахуыргæнæгæн æвди- сы“, — бамбæрста Санькæ. Æппынфæстаг иууылдæр ацыдысты участо- кæй. Санькæ ма иу чысыл банхъæлмæ каст, стæй Девяткинæн йæ сæрæй ацамыдта æмæ кæр- дæгыл размæ абырыд. Уалынмæ бафиппайдта, Петькæ æндæры ’рдæм кæй быры, уый. 203
— Кæдæм бырыс? — Æмæ æрыскъæфты хуымтæ уæртæ уым куы сты, æз сæ дæуæй хуыздæр зонын, — аца- мыдта Петькæ. — Æмæ æрыскъæфты кой цæмæн кæныс? — Цæй, цæй, тынг æхсызгон дæ хъæуы пор- ти! Куыд хинæйдзаг дæ, Коншак! — йæ цæст æрныкъулгæйæ, загъта Девяткин. Санькæ фæгæпп кодта æмæ Петькæйы асырдта, фæлæ кæм ис, уый йæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд кæрдæджы астæумæ йæхи баппæрста. — Мæ фæстæ!.. Мæ фæстæ быргæ кæн дын зæгъын! — мæстыйæ загъта Девяткинæн. Уый дæр æвæндонæй абырыд Санькæйы фæстæ. Уалынмæ кæрдæг фæцис æмæ лæппутæ бахау- дысты сысджыйы хуыммæ. Уый фæстæ райдыдтой хъæбæрхоры, хлепайы æмæ мæнæуы участоктæ. Æппынфæстаг Санькæ æмæ Девяткин ба- хæццæ сты участочы галиу тигъмæ (æппæт бæ- рæггæнæнтæм гæсгæ порти æрхауди уым) æмæ йæ хуымты агурын байдыдтой. Фагуырдтой йæ бирæ, суанг ма сæ уæрджытæ æмæ сæ рæмбыиы- къæдзтæ кæрдæгыл бырынæй цъæх-цъæхид дæр систы, фæлæ порти нæ ардтой. Петькæ-иу арæх йæ сæр сдардта æмæ-иу бай- хъуыста. — Бынтон дзæгъæлы агурæм, Коншак! — тъизын байдыдта уый.—Хосы мидæг судзин куы агурай, уый хуызæн. Фæлæ нæ куы ’рцахсой, уæд нын цы митæ бакæндзысты, уый зоныс? Зæронд Векшин нын нæ хæлæфты пысыра нын- нæмдзæн, стæй ма нæ правленимæ дæр акæндзæн æмæ уырдæм нæ мадæлтæм фæдзурдзæн. Хор- зæй нæхи айсæм, цалынмæ æрæджы нæма у, уæдмæ. 204
— Агур, агур! — мæсты каст æм бакодта Санькæ. Хæрын куы уарзай, уæд кусын дæр уарзын хъæуы. Къудзиты фалейæ æвиппайды ссыди банкæты æмæ тæлыты дзыгъал-мыгъул. Санькæ йæхи но- джы тынгдæр нылхъывта зæхмæ, Девяткин фæтар- сти æмæ фæстæмæ алыгъди. Санькæ йæм тымбыл къухæй бартхъирæн кодта, фæлæ уый уæдмæ участокæй ахызти. Санькæ иу чысыл галиуы ’рдæмдæр бацыди æмæ та ногæй агурын байдыдта. Æппынфæстаг уый фæхæсти резинæ портийыл. Æнцонæй ныу- улæфыд, порти йæ дзыппы арф атъыста, æмæ Петькæ кæуылты рахызт, ууылты рагæпп кодта. 26 сæр МÆТЫХТÆ Уыцы бон Андрей Иваиович сæмбæлди бирæ адæмыл. Цыдысты йæм сыхæгтæ, раздæры ахуыр- гæнинæгтæ, колхозон сылгоймæгтæ. Æрбазгъорд- та Ленæ Одинцова йе’мбал чызджытимæ æмæ ахуыргæнæджы хъавыди быдырмæ акæнынмæ мæнæуы хуым æвдисынмæ. — Мæн ныууадзут... Æнæуый дæр мæ скъо- ладзаутæ райсомæй нырмæ ракæ-бакæ кæнынц,— лæгъстæ кæнæгау, загъта Андрей Иванович. Сихоры фæстæ Татьянæ Родионовнæ колхо- зонты æрхуыдта æмбырдмæ, Сылгоймæгтæ æрбадтысты правленийы цур хъæдтыл, гæды æмæ хæрис бæлæсты бын аууоны. Ам уыдыстылæппутæ дæр— æнæ уыдон Сто- жарты иу æмбырд дæр нæ цыди. Колхозон сылгоймæгтæ йæм мæсты каст кæй кæнынц, уый ницæмæ даргæйæ, Петькæ Девят- 205
кин стыхта фийауы уадындзы йас тамако æмæ дымын райдыдта. — Аппар дæ тамако, аппар æй, ахуыргæнæг æрбацæуы!—æвиппайды тарстхуызæй сдзырдта Тимкæ. Девяткин æнæфсæрмæй йæ фындзы хуынчъы- тæй фæздæг рауагъта. — Мах йæ дæлбартæ не стæм... — Кæмæ дзурынц!—Санькæ ратыдта тамако æмæ йæ йæ къахы бын аууæрста. Андрей Иванович хъæдтæм бацыди æмæ, йæ пилоткæ сисгæйæ, йæ сæрæй акуывта, — æвæц- цæгæн, фронтмæ куы ацыди, уæдæй фæстæмæ фыццаг хатт акуывта афтæ йæ сæрæй. Колхозон сылгоймæгтæ æнгомдæр бабадтысты æмæ йын хъæдтыл бадæн суæгъд кодтой. — Фæстæмæ та нæхимæ æрцыдтæ, Андрей Иванович. — Ау, мах Стожартæй хуыздæр бынат не’ ссардтай? — Лæппутæм дæ цæст фæдар. Æнæ фыдæл- тæй бынтон сфыдуаг сты... — Бæлвырдæй ма нын зæгъ, махонтæ сæ хæдзæрттæм тагъд æрæздæхдзысты? Æрбацыди Катеринæ Коншакова. Ахуыргæ- нæджы фенгæйæ, йæхицæн бынат нал ардта. Фæндыди йæ Андрей Ивановичмæ базгъорын, Егоры тыххæй афæрсын, йæ зæрдæйы тыхсты- тæ йын радзурын. Андрей Иванович сыстади æмæ Катеринæйы размæ рацыди. ~ Зонын дын дæ сагъæстæ, зонын, фæлæ дæ зæрдæмæ ма’рыхъус, уый сайгæ дæр фæкæны, Катеринæ Васильевнæ.—Ахуыргæнæг Катеринæйы сбадын кодта йæ фарсмæ. — Куыд дзурынц, аф- тæмæй рохуаты нæ ныууагътай, Егор цы хъуыд- 206
дагыл куыста, уый. Абон дын дæ хуым федтон. Тынг хорз хуым у. — Куыд дæм фæкасти, Андрей Иванович?— бафарста Катеринæ. — Хорз мæнæу дзы æрзайдзæн. Куыд зыны, афтæмæй йыл хорз бафæллой кодтат. — Æххуысгæнджытæ мын хорз ис: фæском- цæдисон чызджытæ æмæ скъоладзаутæ. Хорз зилынц хуымтæм. — Фæлæ уæддæр нæ колхоз фыццагыл ны- мад нæма у районы. Хæсты агъоммæ куыд ном- дзыд уыди, афтæ номдзыд нал у. — Раст зæгъыс, Андрей Иванович,— ныуу- лæфыд Катеринæ. — Мах стыр куыст бакæнынмæ хъавæм —Зæронд Зæрæстон иууылдæр бахуым кæнын. Уым бирæ ис зæхх. — Колхозон сылгоймæгтæ дзурын райдыд- той Зæронд Зæрæстоны тыххæй — æнæ нæлгой- мæгтæй ахæм хъуыддаг сæ бон бауыдзæн, гутон- дартæ æмæ сæм кусæг фос фаг разындзæн, æви нæ, ууыл. — Андрей Иванович, дæумæ та куыд кæсы?— бафарстой ахуыргæнæджы. — Ахсчиаг хъуыддаг у,—йæ бынатæй сыст- гæйæ, загъта ахуыргæнæг. — Иемыцы нæ адæм цæвынц канд топпы æмæ сармадзаны нæмгуытæй нæ, фæлæ хорæй дæр. Хорæрзад бæрзонддæр кæнын хъæуы, агурын хъæуы ног мыккæгтæ. — Хорз мыккаг нæм уыди, фæлæ йæ мæхæ- дæг фесæфтон,— ныуулæфыди Катеринæ. — Фесæфтай, фæлæ бынтон сæфт нæу. — Андрей Иванович йæ дзыппæй систа мæнæуы ’фсир æмæ йæ равдыста.—Мæнæ ай уыцы мык- кагæй нæу? Цыма йын æрхауынæй тарсти, уыйау æй 207
Катеринæ хъавгæ дардта йæ армытъæпæны æмæ йæм бирæ фæкасти, стæй Санькæмæ фæдзырдта: — Саня, кæс ма: дæ фыд цы мæнæу æрзайын кодта, уый хуызæн нæу? Диссаг! — Кæм дын уыдис, Андрей Иванович? Чи йæ бахъахъæдта? — Разынди ахæм адæймæгтæ. Ахуыргæнæг радзырдта, æмбырдмæ чи ’рцы- ди, уыдонæн, абон сывæллæттæн сæ фæлварæн участочы цытæ федта æмæ зæронд лæг Векши- нæй цы хабар базыдта, уый. Уалынмæ хъæдтыл бадгæйæ ауыдта Стёпæйы, Семушкины, Зииæ Колесовайы æмæ сæм фæдзырдта. — Мæнæ сты сæхæдæг дæр. Цæй ма, уæхи адæммæ равдисут... Иууылдæр ракастысты сывæллæтты’рдæм. Уы- дон бамбæхстысты зæронд хæрис бæласы аууон æмæ сусæгæй цыдæртæ дзырдтой. — Иууылдæр уæхи равдисут, иууылдæр! Зо- къотæ къудзиты бын куыд бамбæхсой, афтæ уæхи цы бамбæхстат!—ныххудти ахуыргæнæг.— Æмæ уын уæд Захар та кæм ис? Стæй Машæ æмæ Федя та кæм сты? — Уыдон участочы радгæс сты,—дзуапп радта Семушкин. — Федтат, хъуыддаг куыд æвæрд у! —Анд- рей Иванович йæ цæст æрныкъуылдта колхозон сылгоймæгтæм. — Андрей Иванович* — загъта Катеринæ, — хорз уаид, æмбырды агъоммæ участокмæ ныу- уайын... Куыд у, цымæ, мæнæу... — Æрыгон хицæуттæ уæ куыд бауадзой, уымæ гæсгæ у, уырдæм афтæ æнцонтæй бауа- йæнтæ нæй, — загъта ахуыргæнæг æмæ йæ мид- былты бахудти. — Ныртæккæ бацæуæн ис,—загъта Семушкин. 208
Колхозон сылгоймæгтæ хъæдтæй стгæ дæр нæма скодтой, афтæ тигъæй æрбазынди Захар Векшин. Уый уыди бæгъæввад, йæ рихитæ уыцы мæсты пака ныйисты. Федя æмæ Машæ уадысты йæ фæдыл. Федя хаста зæронд лæджы къæдз лæдзæг, Машæ та йæм бадар-бадар кодта уафсджын арыд валенкæтæ æмæ дзырдта: — Захар Митрич, гъа дæ къæхтыл сæ скæн! Захар æм нæ хъуыста. Уый колхозон сыл- гоймæгты иуфарс асхуыстытæ кодта æмæ бацыди Татьянæ Родионовнæйы цурмæ. — Нæ уын дзырдтон, уыдон мæтыхтæ сты, æмæ бæстæ фесафдзысты, зæгъгæ?! — Цавæр мæтыхтæ? — нæбамбæрста сæрдар. Зæронд лæг йæ цæст ахаста Стыр сыхы лæп- путыл—уыдон лæууыдысты ас адæмы ’хсæн, æмæ æвиппайды Машæйы къухтæй валенкæтæ ратыдта. — Æз уын, æнæбазыр мæтыхтæ, фенын кæн- дзынæн! — ныхъæр кодта Захар, валенкæтæй æвзидгæйæ. Фæлæ лæппутæ сæхи иуфарс аластой, æм- бæхстысты адæмы фæстæ æмæ цæф никæуыл уади. Санькæ æмæ Петькæ тагъд-тагъд срсызты- сты зæронд пæлæхсар хæрис бæласмæ. — Басабыр у, хъæбатыр, — баурæдта Захары Андрей Иванович. — ЦьГрцыди? Дзæбæх ма йæ радзур. — Андрей Иванович, нæ мæнæу нын чидæр ныс- сæста, — сабыргай загъта Федя. — Ды куы ацыд- тæ, уæд мах дадаимæ сихор бахордтам æмæ та участокмæ рацыдыстæм. Кæсæм æмæ фæндзæм кълеткæйы мæнæу ссæст, хылы-мылыгонд. — Фæлæу ма, Федя! — загъта ахуыргæнæг.— Уый куыд у, уый? Хъуыддаг равзарын хъæуы. 14. Стожартæ. 209
Семушкин дыууæ гæппæн фестади Федяйы цур: — Абон радгæс чи у? — Æз дæн æмæ æппындæр никуыдæм ацыд- тæн. Æрмæст иу фынддæс минуты бæрц сихор хæрынмæ... — Уæдæ ма уæд цы... Æвæццæгæн дуар нæ сæхкæдтай æмæ хуытæ баирвæзтысты. — Сæхкæдтон æй, сæхкæдтон, къæбæл дæр ма дзы нытъыстон, хорз æй хъуыды кæнын! — йæхи раст кодта Федя. — Диссаджы хабар, Захар Митрич! Хуытæ нæ баирвæзтысты, их нæ уарыд, афтæмæй мæ- нæу ссæст, — загъта ахуыргæнæг, Захармæ аз- дæхгæйæ. — Бæлвырд у хъуыддаг... Лæппутæ йæ фе- сæфтой, — загъта Захар. — Цæмæн хъуамæ ныссæндой мæнæу?—ныд- дис кодта ахуыргæнæг. — Зæгъæм, кæрдотæ, фæткъуытæ дæр ныттонæнт, æрыскъæфтæй дæр ахæрæнт — афтæ ма бакæндзысты. Фæлæ сæ мæнæу сафын цæмæн бахъуыди, уый не’мбарын. Нæ лæппуты зæрдæ колхозæн æвзæрдзинад зæгъа, уый никуы уыдзæн! — Сфыдуаг сты хæсты рæстæг, сæгоммæгæс сты,—йæ къух ауыгъта Захар, — хъуыды дæр ницыуал кæнынц. . Захары ныхæстыл сразы бригадир Пого- сова. Уый загъта, зæгъгæ, æцæгдзинадæй лæп- путæ сфыдуаг сгы, мæстæй марынц ас адæмы, æхсæвыгæтты фæндыримæ хъæрæй зарыиц алы зарджытæ, æрæджы та бæхты дугъы рауагътой. Зæронд ус Манефæ хъаст кодта, зæгъгæ, йын лæппутæ йæ кæрты дуары æрдæг сæфтыдтой, ахастой йæ æмæ йæ доны баппæрстой ленкгæ- нæн тъиуийы бæсты. Пелагея Колечкинæ радзырд- 210
та, зæгъгæ, йын йæ цæхæрадоны мæнæргъытæ иууылдæр ныттыдтой, æмæ ма цæттæ дæр куы уыдаиккой, фæлæ бынтон цъæхæй, æд къа- лиутæ. Лæппутæ кæрæдзимæ тарстхуызæй кастысты, сæхи къултæ кодтой, цыма уынджы æвип- пайды уазал ракодта, уый хуызæн. -— Санькæ æнæзмæлгæйæ бæхбадт кодта хæ- рис бæласы цонгыл. Афтæ йæм касти, цыма иууылдæр уымæ кæсынц сыфтæрты ’хсæнты æмæ æмбарынц, Векшины участокмæ чи бахъуызыд æмæ фæндзæм кълеткæйы мæнæу чи ныссæста, уый. — Иууылдæр дæу аххос. у. Тимкæйæн мын тæригъæд кодта! — йæ хъусы йын бадзырдта Петькæ, — нæ дын дзырдтон, ныууадз уыцы порти агурын, зæгъгæ... Æнæхайыр фæуæд! — Сеппæты дæр хицæнтæй бафæрсын хъæуы,— загъта Погосова. — Амидингæнæг чи у, уый ба- зонын хъæуы. Куы нæ басæдта, уæд уыцы хъуыд- даг бахæс кæнын хъæуы ныййарджытæн. Уыдон æй сбæрæг кæндзысты. Ахуыргæнæг йæ даст рус йæ къухæй ау- уæрста. — Мæнмæ та афтæ кæсы, фыдуагдзинад чи бакодта, уый йæ йæхæдæг зæгъдзæни комкоммæ æмæ æргомæй. — Уый чи нæма ’рцыд ахæм хъуыддаг у, Андрей Иванович, — нæ хъæуы лæппутæ ахæм- тæ не сты. Фыдуагдзинад ракæнын æмæ къудзиты фæстæ бамбæхсынмæ рæвдз сты, фæлæ сæм сæ фыдуагдзинадыл басæттыны хъару нæй,—загъта Захар. — Мæн та уырны, уыцы хъару сæм кæй ис, уый. Нæ лæппутæ тæппуд не сты æмæ искæйы фæстæ нæ бамбæхсдзысты. — Ахуыргæнæг сын^ 211
дæггай йæ цæст ахаста лæппутыл æмæ ныккасти Санькæмæ. Саня йæхи фæстæрдæм аппæрста æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма йæ Федя Черкашин дæр ахуыргæнæджы хуызæн хæрис бæласы сыфтæр- ты ’хсæнмæ феныныл архайы, уыйау. „Уый нæ ныхъус уаид, уайтагъддæр басæт- тид“,— ахъуыды кодта Санькæ Федяйы тыххæй. — Саня Коншаков та куыд хъуыды кæны?— бафарста ахуыргæнæг. Санькæ æгуыппæгау фæци. Йæ хуыз фæцы- ди, æрхызти бæласæй æмæ сабыргай сдзырдта: — Мæн аххос у иууылдæр... Лæппутæ зонгæ дæр ницы кæнынц... Æз ныссæстон мæнæу. 27 сæр КÆСАГ АХСЫНМÆ Санькæйы ныхасæй зæронд лæг Захар фес- хъиудта, цыма йæ мыды бындз ныццавта, уый хуызæн. — А-а-а... бахаудтай, мæтых!— цингæнгæйæ ныхъæр кодта æмæ, Федяйы къухтæй йæ къæдз лæдзæг раскъæфгæйæ, базгъордта хæрис бæласы бынмæ. Санькæйы бахъуыд иогæй бæласмæ сгæпп кæнын. Зæронд лæг йæ къæдз лæдзæгæй хъа- выди лæппуйы хæлафыл фæхæст уæвын. — Æрхиз ма зæхмæ, дæлимон, æрхиз! Санькæ бамбæрста, зæронд лæджы ныртæк- кæ кæй ничиуал бауромдзæн æмæ йыл йæ къæдз лæдзæджы цæф кæй æруайдзæни, уый. Бирæ нæ ахъуыды кæнгæйæ, багæпп кодта бæ- ласы цонгмæ, йæ цæстытæ фæцъынд кодта æмæ зæхмæ æргæпп кодта, чысыл ма бахъæуа æмæ 212
зæронд Манефæйыл ма æрхауа. Зæронд усæн йæ уд йæ къæхты бынæй ауади æмæ уыцы иу хъæр фæкодта: — Хæцут уыцы фыдгæнæгыл! Санькæмæ афтæ фæкасти, цыма йæ æмбыр- ды уæвджытæ иууылдæр — сылгоймæгтæ, хыгъд- хæссæг йæ нымайæнимæ, стæй сæрдар æмæ ма суанг Андрей Иванович дæр сургæ кæнынц, уыйау. Уый асæррæтт кодта быруйы сæрты, смидæг авджы сæстытæ æмæ алыхуызон бырæттæ кæм калдтой, уыцы цæхкæрмæ уынджы, афтæ „тагъд згъордта æмæ йæ бæгъæввад къæхты авджы сæстытæ дæр не суадысты. Санькæ æрлæу- уыд æрмæст цæхæрадæтты фале, зæронд мусы цур. Фæстæмæ ракаст. Фæлæ йæ фæстейы ничи сырдта. Æрмæст Петькæ Девяткин йæ уæззау цырыхъыты мидæг уадис йæ фæстæ. Санькæ йæх^и фæхъуынтъыз кодта. Куыд æвзæр рауади! Йæхæдæг æппæтыл дæр басасти, афтæмæй та зæронд лæджы лæдзæгæй фæтарст æмæ тæрхъусы лыгъд акодта. Санькæ æрхуыссыди мусы цур. Цавæрдæр чысыл бындз абадти уымæл бур дидинæджы чъирийыл æмæ фæстæмæ рахилын йæ бон нал уыди — йæ базыртæ, цæстыхауты хуызæн тæнæг, ныххуылыдз сты, йæ къæхтæ бырыдысты сыф- тæртыл. Санькæ йæ æрæвæрдта йе’нгуылдзыл æмæ хурмæкуы бахус, уæд, йæ базыртæ айтындз- гæйæ, атахти. Уалынмæ къуылых-къуылых, тых улæфт кæн- гæйæ, мусмæ æрбазгъордта Девяткин. Уый уы- ди мæсты. Санькæйы хуызæн æмбалимæ фыд- былызы бахаудзынæ. Чи йын загъта æмæ басæтт уыцы хъуыддагыл! Ныр айхъуысдзæни æнæ- хъæн колхозыл æмæ уынгты дæр ацæуæн нал 213
уыдзæн. Мæнæ йæ къах дæр ныццавта, бæла- сæй куы гæпп кодта, уæд. Æмæ уый дæр кæй аххос у? Санькæйы. Æвиппайды Петькæ басхуыста йæ хæлары уæхск: — Кæс ма, кæс... Агурынц нæ! Санькæ йæ сæр схъил кодта. Тигъыл лæууыдысты Андрей Иванович æмæ Катеринæ. Уыдон кастысты цæхæрадæттæм, кæр- тытæм, саратæм. Санькæ февнæлдта Девяткины къухмæ æмæ йæ йæ фæдыл ласæгау акодта æрдæг талынг мусмæ, уым кодта уымæл зæххы, мыстыты æмæ æмбыд хъæмпы тæф. Санькæмæ йæ мад æмæ ахуыргæнæджы раз- мæ бацæуыны бæсты хуыздæр касти зæххы скъуыды ныххауын. — Мæлæты æргом æмæ уæздан иæ разынд- тæ!— хæцыди дарддæр Петькæ. „Æз дæн аххос- джын, хæцут мыл, стæрхон мын кæнут“. — Де ’взагæй дæ ластой! Дæ дзыхыл хæцыдаис. Æмæ йæ уæд агурæнт аххосджын чи у, уый... Æргом зæрдæ, тæппуд! Санькæйы цыма исчи рæхойгæ фæкодта, уыйау мæстыйæ фæгæпп ласта æмæ тымбыл къу- хæй Петькæйæн йæ фындз уыд, æви йæ роцъо, уый йæ тых йæ бонæй ныццавта. — Иууылдæр дæу аххос у, дæу... Санькæ æнхъæлдта, зæгъгæ, мæ Петькæ цæвдзæнис æмæ йæхи сцæттæ кодта Петькæйы хъæмпыл абырсдзынæн æмæ дзы мæ мæстытæ сисдзынæн, зæгъгæ. Фæлæ йæ Петькæ нæ ныццавта, æрбадти зæх- хыл, йæ къухтæй йæ сæр бамбæрста æмæ ни- уын байдыдта: — Чи дын радта цæвыны бар, дæ бон нæу!.. 214
Санькæ фырмæстæй ату кодта æмæ иуфарс азылд. Уый фæстæ аивæй ракасти мусæй. Нæ- дæр ахуыргæнæг, нæдæр мад цæхæрадоны нал уыдысты. Петькæ ма уæддæр фуртт-фуртт кодта, йæ роцъо æууæрста æмæ дзырдта, ныр хорз хæ- лæрттæ æмæ лымæнтæ нал ис, зæгъгæ. Уый Санькæйæн цæттæ у алцы хорз ракæнынмæ, суанг ма цырыхъгæнджытæм дæр иунæгæй нæ цæуы, æнхъæлмæ кæсы, цалынмæ Коншак срæвдз уа, уæдмæ, уый та дзы цæвтæ йеттæмæ ницы зоны, худы йыл. — Банцай! Дæуæн ноджыфыддæр хъæуы...— батъæпп æй кодта Санькæ. Уый афæлгæсыд быдырыл, дардмæ цъæх цы хъæд дардта, ууыл, бæхтæ кæм хызтысты, уыцы карст уыгæрдæнтыл, сындæггай ныуулæфыди æмæ æнæсдзургæйæ бирæ фæлæууыд... Уый фæстæ, Девяткинмæ нæ кæсгæйæ, бафарста: — Горæтмæ цæуынмæ кæд хъавыс? — Мæ мад афтæ зæгъы хуыцаубоны, дам, уыдзæнис ацæуæн. — Нæ, тæккæ райсом!—загъта Санькæ фи- дарæй.— Æз ам иу бон дæр нал баззайдзынæн. Кæд дæ райсом нæ фæнды, уæд иунæгæй ацæу- дзынæн. — А-а, бахъардта дæм!— цин кæнгæйæ загъта Петькæ. — Хорз, райсом дæр фæуæд. Цом мæ мадмæ æмæ йын зæгъæм. Бирæ цæттæ кæнын сæ нæ бахъуыди. Евдокия зæрдæ æвæрдта, зæгъгæ, йе’фсымæр Яков лæппуты сбуц кæндзæни йæхи хъæбулты хуызæн, фыццаг бонты ацæрдзысты уый хæ- дзары, стæй сæ æрцæрын кæндзæн æмдзæрæны. Санькæ йæ дзæкъулы цæвæрдта æнæхъæн 215
дзул, иу чысыл фых картæфтæ, мидæггаг дзау- ма, хисæрфæн. Уый фæстæ йæ фыды дзаумæт- тæ цы асыччы уыдысты, уый змæнтын байдыдта. Йæ фыд къухæй стыр дæсны уыди — уый зыдта цырыхъыты бынтæ бахуыйын, каструлкæйы хуынкъ здыйæ бампъузын, ведрайы бын аивын, æмæ асыкк йедзаг уыди алыхуызон кусæндзау- мæттæй. Санькæ дзы систа цырыхъгæнæн дыууæ къалоткæйы, дзæбуг æмæ туас. Чи зоны æмæ йæ горæты бахъæуой, мастерскойы. Фæлæ йæ мад та? Уæд та йын зæгъид, цы- рыхъгæнæгæй ахуыр кæнынмæ кæй цæуы, уый? Уæд ныхасæн кæрон дæр нал уыдзæн. Чи зоны, æмæ йæ уадзгæ дæр нæ акæндзæн. Фæлтау зæгъ- дзæни, Дард цадмæ Петькæимæ кæсаг ахсынмæ цæуы, зæгъгæ, уый фæстæ горæтæй йæ писмойы æппæт дæр ныффысдзæн. Хорз уаид ацæуыны агъоммæ Андрей Ива- новичы, Машæйы æмæ Федяйы фенын. Радзу- рид сын... Уый кæй нæ фæндыди йæ колхозæн исты æвзæрдзинад ракæнын. Фæлæ ма йыл ныр баууæнддзысты! Феня æмæ йæ мад сæхимæ нæ уыдысты æмæ Санькæйы ничи хъыгдардта йæ дзаумæттæ æм- бырд кæнынмæ. Æрмæст дзæбуг æмæ къалоткæтæ дзæкъулы куы фæцæйæвæрдта, уæд хæдзармæ æрбазгъордта Никиткæ. — Кæдæм цæуыс, Саня! — Нæ уыныс! Цадмæ, кæсаг ахсынмæ. — Æмæ дæ дзæбуг та цæмæн хъæуы? — Цавæр дзæбуг? А-а, мæнæ уый. Æн- гуырыл æй здыйы бæсты бакæндзынæн. — Сайыс!— нæ баууæндыди Никиткæ. — Кæй дæ фæнды, уый бафæрс. Ныр лæп- путæ иууылдæр кæсаг афтæ ахсынц. •— Æмæ æгас кæсаг æрхæсдзынæ? 216
— Æрхæсдзынæн... Дыууæ дæр. Уымæй фæфидар Никиткæйы зæрдæ æмæ ма Санькæйæн кæсаг ахсынæн уаллæттæ æркъахы- ныл дæр сразы. Цæмæй йæ мадыл ма сæмбæла, уый тыххæй Санькæ схуыссыди раздæр, нæ дзы ферох йæ „будильник“ сæргъæвын дæр. Катеринæ сæхимæ æрбаздæхти æхсæвы æрæг- мæ, Санькæйы хъал кодта æхсæвæр хæрынмæ, йемæ аныхас кæнынмæ хъавыди, фæлæ уый йæ- хи дардта, цыма тынг фынæй у, уый хуызæн. Мад æмæ Феня сбадтысты стъолы уæлхъус. Æхсæвæр хордтой æнæдзургæйæ, æрмæст иу рæстæджы Санькæйы хъустыл ауади йæ мад Фе- няйы цавæрдæр фарстæн дзуапп куыд лæвæрд- та, уын: — Ныхас дæр ыл нæй, мæ чызг... фæхудинаг нæ кодта мах, Коншаковты. Санькæ хуыссæнмæ йæхи нылхъывта æмæ йæ сæр базы бын бакодта. Райсомæй йæ куыддæр „будильник“ райхъал кодта, афтæ хæдзарæй сусæгæй рауади æмæ баз- гъордта Девяткинтæм. Евдокия Петькæйы хызы- ны æвæрдта тæвд гуылтæ. Уый фæстæ цæхæ- радæтты фæстæты Петькæ æмæ Санькæйы акод- та хъæуы æттемæ. Сæ бакастмæ гæсгæ уыдон уыдысты æцæг кæсагахсджыты хуызæн. Се ’ккæйтты дзæкъултæ, сæ къухты — æнгуыртæ, уаллæтты банкæ. Лæппутæн хæрзбон зæгъгæйæ, Евдокия дзырдта, зæгъгæ, Яковмæ уыдон цæрдзысты дзæнæты цæрæгау æмæ афæдзы фæстæ колхоз- мæ уазæгуаты ахæм лæппутæй æруайдзысты æмæ сæм се ’мбæлттæ иууылдæр хæлæгæй атондзысты. — Дæ фыды усмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд,— зæрдæ бавæрдта Евдокия Санькæйæн,— æз ын 217
хъуыддаг бæлвырдæй бамбарын кæндзынæн. Æз дæ хорз фæндагыл кæй сардыдтон, уый тых- хæй ма мын бузныг дæр зæгъдзæни. Сæ рæзты сивгъуыдта бæхгæс Седельнико- ва, салам радта Евдокияйæн, йæ цæст ахаста лæппутыл. — Кæсаг ахсынмæ цæут? — Хуымæтæджы кæсагмæ нæ, фæлæ сыгъ- зæрин кæсагмæ,— ныххудти Евдокия, æмæ йæ цæст æрныкъуылдта лæппутæм, стæй ма йæ ны- хасыл бафтыдта, — цæй цæут, бирæ кæсаг æр- цахсын уын бантысæд! Лæппутæ араст сты стыр фæндаджы ’рдæм. Фæлæ иу чысыл куы рауадысты, уæд Санькæ фæзылди галиуырдæм, хизæнуатмæ, бæхтæ кæм хызтысты, уырдæм. — Кæдæм?— ныддис кодта Петькæ. — Бæхтæн хæрзбон зæгъын хъæуы... фæс- таг хатт сæ уынæм, æнхъæлдæн. Петькæ уæлдай ницыуал загъта, рæстæг сын уыди, цас хъæуы, уымæй бирæ фылдæр. — Цу, цу! Апъа кæн дæ Муромецæн. Санькæ баздæхти рæгъаумæ. Бæхтæ уыцы æмхуызон мырт-мырт кодтой уымæл кæрдæг, цыма сæ урок ахуыр кодтой, уый хуызæн. Чысыл фалдæр дыууæ хъæлдзæг байраджы, сæ къæхтæ зæххыл хойгæйæ, тагъд-тагъд дад- той сæ мады. Æдзух куыд вæййы, афтæ ныр дæр Лискæ хызти иннæ бæхтæй хицæнæй æмæ зулмæ кас- ти быдырмæ, цыма сусæгæй мæнæумæ куыд æгъдауæй баирвæзæн ис, ууыл хъуыды кæны, уый хуызæн. Санькæ ссардта Муромецы æмæ йын æрсæрф- та йæ къуыбыртæ бæрзæй. 218
Уый кæрдæг хæргæйæ зивæггæнаг каст скод- та, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд: „Уыныс, ахо- дæн хæрын... Æмæ мæ ма хъыгдар, дæ хорзæ- хæй“, уыйау. ФæлæСанькæмæхъыгнæ фæкаст. Фыццаг хатт бæхыл бадын Муромецыл куы ахуыр кодта йæхи. Уыди-иу афтæ дæр æмæ-иу бæхæй тæхгæ-тæхын ахаудта, æмæ-иу уæд Муромец ныллæууыд æмæ æнхъæлмæ кастис, цалынмæ Санькæ сыста æмæ йыл ногæй сбада, уæдмæ. Кæннод цас æмæ цас фæластой Муромецыл колхозон хос, мæнæуы куыристæ, картоф! Санькæ райхæлдта йæ дзæкъул, дзулы æр- дæг ракодта æмæ йæ Муромецы раз æрæвæрдта. Уый фæстæ йæ бафæндыд куырдадзмæ бауайын. Петькæ йæхи фæхъуынтъыз кодта æмæ хурмæ скасти. Зынаргъ, зæронд куырдадз! Куыд бирæ уарзта Санькæ дæ дзæбуджы зыланг, æвзалыйы тæф æмæ зæронд Евсейы, кæцы цыма йæ цард-цæрæнбон- тæ дæр хъæсдарæджы хойгæйæ арвыста. Куырдадзæй Санькæ ацыди быдырмæ. — Хынджылæг кæныс, Коншак, æви цы! Афтæ- мæй поездмæ байрæджы кæндзыстæм,—смæсты Петькæ. Фæлæ куыд нæ бакастæуа фæстаг хатт мæ- нæутæм! Мæнæ йæ мады участок дæр. Мæнæу хæрдмæ бæрзонд фæцыди æмæ уыди къулы хуы- зæн. Уый æхкæдта нарæг къахвæндаг æмæ Сань- кæ, цыма уылæнты ленк кæны, уыйау фæйнæр- дæм кодта мæнæуты æмæ бацыди йæ астæумæ, йæ фæстæ зына-нæзына фæд уадзгæйæ. „Чи зоны æмæ дзы дæс хатты фылдæр æр- цæудзæн!“— ахъуыды кодта Санькæ мæнæуытых- хæй. Æмæ æвиппайды фæци, цыма йæ исты асыгъ- 219
та, уый хуызæн. Уый цы ми кæны? Йæ фыд аёгас куы уаид... Уый куы зонид... Лæппу бирæ февзæрста æфсиртæ. Мæнæуы ’хсæн цыдæр сызмæлыди. Зæххыл бадти быдырон цъæх мыст æмæ мæнæуы æфсиры зæнг æхсыдта. Мæнæуы зæнг куы æртасыди, уæд æй йæхимæ цæрдæг æрба- ласта æмæ нæмгуытæ хæрын байдыдта. Санькæ йæм, арцæй хъавæгау, æнгуыры хъæдæй ныхъа- выди æмæ йыл æй фехста, фæлæ мыст, цыма ницы уыд, уыйау йæ хуынчъы смидæг. — Кæс ма уыцы знаггадгæнæгмæ!—ралгъыста Санькæ æмæ æнгуыры хъæдæй зæхх схъауын байдыдта. — Бахъахъæнæм колхозон хорæрзад! —ных- худти Петькæ. — Кæс ма, цас мæнæу фесæфта!—йæ сæрæй ацамыдта Санькæ. Петькæ бакасти æхсыд æфсиртæм. — Кæсыс... Æхсæрты æхсыд сын бакодта. Мах знон куыд кодтам, уымæй хуыздæр. Санькæ йæхи фæхъуынтъыз кодта. Зноны бон!Фæлтау æппындæр куынæ уыдаид. Кæннод сæ уыцы хъаст цæмæн хъуыди! Санькæ систа йе’нгуыр æмæ рацыди мæнæуы астæуæй. Ныр никуыуал æрлæууыди, никуыдæм уал бакаст. 28 сæр ПЕТУШОКИМÆ ХÆСТ Стыр фæндагмæ бирæ нал уыди. Ауайын ма хъуыди „Векшины хæдзарады“ иуфæрсты. Цæмæй æнæнхъæлæджы лæппутæй искæуыл, 220
кæнæ зæронд Захарыл ма сæмбæлой, уый тыххæй Санькæ фæзылди участочы фарсмæ, къутæрджынмæ. Уым хызти хъомты дзуг. Æвиппайды къудзиты къæрц-къæрц ссыди, цыма се’хсæнты исчи æрбацæйхъуызыди, уыйау, æмæ фæндагмæ рахызти, хæрзхаст, сынты ба- зыры хуызæн, сау богъ Петушок, йæ ныхыл урс стъæлф. Йæ фындзы хуынчъытыл уыди æфсæй- наг цæг, йæ ныхыл чысыл къæбæлдзыг хъуын- тæ. Богъы фæстæ цыди, дзугæй чи радзæгъæл, ахæм цалдæр хъуджы. Девяткин Санькæйы баласта къудзиты ау- уонмæ: — Ныссабыр у! Богъы фæндагыл лæуд куыд нæ фæуæм, афтæ. Фæлæ Петушок лæппуты нæ федта. Уый æрзылди цады алфæмблай æмæ бацыди участочы кауы цурмæ. Йæ фæндаг сæхкæнын ын куыд ба- уæндыдысты, ууыл цыма дис кодта, уыйау богъ йæ цæнгæт ныхæй бахæцыд зæронд кауыл; кауæн йæ къæркъæр ссыди æмæ зæххыл афæлдæхт. Пету- шок йæ сæрты бахызти æмæ, хъуццытæм зулмæ кæсгæйæ, дæргъвæтин уаст ныккодта, цыма сæ участокмæ хуыдта, уый хуызæн. Бур, сау æмæ хъулон хъуццытæ багæппытæ кодтой хауд кауы сæрты æмæ хуымтыл апырх сты. Уыдон хæмц-хæмцгæнгæ хордтой къабускатæ, тыдтой уырыдзытæ, дæндагдзæф кодтой джитъ- ритæ æмæ æнæууæнк смыст кодтой пъæмидортæм. Уазæг уарзаг хицау куыд фæкæны, афтæ Петушок йæхæдæг ницæмæ ’внæлдта, фæлæ хуымтыл хъалхуызæй цыди участочы астæумæ. — Æз хъомты бауромдзынæн... Ды та хъом- гæсмæ згъоргæ. Тагъддæр! — загъта Санькæ æмæ йæ дзæкъул йе’ккойæ феппæрста. 221
Йæ цæстытæ бацъынд сты, йæхи цыма ис- тæуыл баппарынмæ хъавыд, афтæ скодта. Сань- кæйæн-иу ахæм хуыз уыди искæимæ хыл куы кодта, уæд — исты тасдзинады рæстæг. Петькæ фæхæцыд йе’мбалы хæдоныл: — Кæдæм! Петушок уым ис! — Кæмæ дзурын!— фæхъæр ыл. кодта Сань- кæ.—Хъомтæ иууылдæр цæхæрадон бахæрдзысты* хъомгæсмæ бадзур. Фæлæ Петькæ фидар хæцыди Санькæйы уæхсчытыл æмæ йæ бынатæй дæр не ’змæлыди. — Дæ зонд фæцыди!Барæхойдзæн дæ Пету- шок, йæ сыкъатыл дæ фелвасдзæн. Хъуыды ^ма кæныс, зæронд Векшинæн цы бакодта, уый... Йæ дыууæ фæрсджы йын асаста. Ма йæ ракъах, Саня! Махæн станцæмæ цæуын афон у... Æвиппайды лæппуты хъустыл ауади зонгæ хъæлæс: — Уæ æнаккæгтæ, гуыбындзæлтæ, йæ! Æз уын бацамондзынæн! Участочы дæллаг кæронæй, хуымты сæрты гæппытæ кæнгæйæ æмæ афтид донпырхгæнæнæй æвзидгæйæ, згъордта Машæ. Уый смидæг хъомты рæгъауы астæу, Фæлæ йæ хъомтæ хъуыды дæр не’ркодтой. Санькæ йæхи атыдта Петькæйæ æмæ азгъорд- та чызгæн ба!ххуыс кæнынмæ. Машæ хъæр кодта, донпырхгæнæн барабанау тымбыл къу^ хæй хоста. Санькæ æхситт кодта, хъомты цафта æнгуыры «æхсæлы лæдзæгæй, цалынмæ йын нæ ныппырх æмæ ма дзы йæ къухы иу чысыл къæ- цæл аззади, уæдмæ. Иууылдæр сыл æмхуызонæй куы схъæр код- той, уæд хъомтæ фæстæмæ фездæхтысты æмæ быруйы æттейы фесты. Æвиппайды Санькæ æмæ Машæйы хъу- 222
стыл ауади богъы уасын. Фæстæмæ фæкас- тысты: Петушок сæм йæхи сцæттæ кодта. Иæ былтæй тагъди авджы хуызæн сæт, йæ цæстытæ æрттывтой, Петушок йæ сæр æруагъта æмæ йæ фындзыхуынчъыты дымгæйæ рыг фæй- нæрдæм тахти. Богъæн йæ бакаст дзырдта, зæгъгæ, цæй нæ тыхтæ бавзарæм. — Тагъддæр лидзæм, — тарст хъæр фæкодта Машæ. Фæлæ лидзынæн байрæджы: богъ уыди цалдæр санчъехы æттæдæр. Санькæ чызджы йæ фæстæ бакодта æмæ, Петушокмæ æнгуыры хъæды састæй æвзидгæйæ, сындæггай цыди фæстæмæ. Къудзиты бынæй рагæппытæ кодтой Стёпæ æмæ Федя. Участочы астæуты цыппæрвадыгæй згъордта Машæ, стыр сау Петушок та, танчы хуызæн æрбацæйуагъта йæхи Санькæйыл. Лæппу цыди фæстæмæ, йæ цæстытæ богъæй нæ исгæйæ, æв- зыста йæм æнгуыры хъæды састæй æмæ йемæ ныхас кодта—куы тызмæгæй, куы та лæгъстæ кæнгæйæ, хъæхъаг баст куыдзмæ куыд фæдзу- рынц, афтæ: — Макæ, макæ, Петушок, фæстæмæ дын куы зæгъын!.. Макæ! „Афтæ йæм комкоммæ кæсдзынæн... Лидзын дзы нæ хъæуы, уæд мын фыддæр рауайдзæн“,— хъуыды кодта Санькæ. Фæлæ Петушок ницæмæ дардта Санькæйы ныхæстæ æмæ йæм хæстæгæй- хæстæгдæр цыд, Санькæ ’ргуыбыр кодта, йæ армы дзаг сы- джыт фелвæста æмæ йæ богъы цæстыты бакалд- та. Стæй иуфарсырдæм агæпп кодта æмæ алыгъд. Петушок иу цъусдуг алæууыд, йæ сæр ныт- тылдта, стæй æвиппайды Санькæйы фæстæ ный- йарц. 223
— Амардзæн æй! Амардзæн! — ныцъæхахст кодта Машæ æмæ йæ сæрмæ фæлæбурдта. Уый фæстæ, йæхи не’мбаргæйæ, кауæй ратыдта, хъаз- тæ тæргæйæ кæй сисынц, ахæм къæцæл æмæ азгъордта богъы ’рдæм. — Кæдæм?! — баййæфта йæ Федя, æмæ Ма- шæйы иуфарс асхойгæйæ, размæ атындзыдта. Уый згъордта йæ тых йæ бонæй, фæлæ, Ма- шæйау, Федя дæр нæ зыдта, мæсты богъы куыд æмæ цæмæй бауромæн ис, уый. Æвиппайды фæкалди, халсартæ æмбырдгæнæн уисæй быд карзинкæйыл. Лæппу йæ фелвæста æмæ Петушокы асырдта. Иннæ’рдыгæй богъмæ згъордта Стёпæ стыр мих зæххыл ласгæйæ. Фæлæ Петушок Санькæйы йеттæмæ никæмæ касти. Санькæ алыхуызон хин митæ кодта, куы-иу рахизырдæм агæпп кодта, куы галиуырдæм, фæ- лæ мæнæ Петушок æппынфæстаг фæцарæхсти, йæ сыкъайæ йæ афтæ тынг ныццавта æмæ лæппу иуфарс атахти æмæ зæххыл йæ тъæпп фæ- цыд. Тæвдæй йæ рыст нæ бамбæрста, цæрдæг фес- тади æмæ дарддæр азгъордта, фæлæ та цалдæр санчъехы фæстæ ногæй ахауд. Петушок йæ сæт калгæ æмæ футтытæ кæнгæйæ, хъавыди ног цæф ныккæнынмæ. Уыцы рæстæг æрбахæццæ Федя. Кæсаг ахсæн хуыз куыд баппарай, афтæ богъы сæрыл карзинкæ баппæрста. Петушок йæ цæстытæй куы ницыуал уыдта, уæд йæ бынаты цъилау ныззылди, йæ сæр ныттылдта, стæй йæ сыкъайæ мæстыйæ зæхх къахын байдыдта, фæ- лæ дзы ныр тас нал уыди. Петькæ æмæ хъомгæс æрбахæццæ сты. Йæ даргъ ехсæй, топпы гæрахы хуызæн, къæрццытæ кæнгæйæ, хъомгæс богъы атардта участокæй. 224
29 сæр ЦЫРАГЪЫ РУХСМÆ Машæ, Федя æмæ Стёпæ сындæггай Санькæйы акодтой сæхимæ. Девяткин цыдис сеппæты фæс- тæ, хаста Санькæйы дзæкъул æмæ дзырдта, Санькæйы Петушокмæ хæстæг цæуын куыд нæ уагъта, уый тыххæй. Катеринæ разгъордта лæппуты размæ æмæ, йæ хуыз фæцæугæйæ, банцой кодта тыргъы хъæдыл. — Мæ бон бакалд!.. Цы дыл æрцыди? — Богъ æй ныццавта... — сындæггай сдзырд- та Машæ. Мады ауынгæйæ, Санькæ йæ мидбылты лæ- мæгъ худт бакодта. — Ницы мын у... Иу хатт йеттæмæ мæ нæ ныццавта... „Катеринæ раласта Санькæйы дзаумæттæ, йæ фарсы хъæдгом ын бабаста æмæ йæ хуыссæны æрхуыссын кодта. — Катя, дохтырмæ фæдзурæм? —бафарста Машæ. — Ауайут æм, мæ хуртæ, æрмæст тагъддæр. Машæ æмæ Федя азгъордтой Торбеевы рын- чындонмæ. Сахаты фæстæ уыдон æркодтой фельд- шер Иван Ефимовичы, къæсхуыр, цæрдæг зæронд лæджы. Коншаковты хæдзары размæ æрæмбырд сты сæ хъæуы лæппутæ, искуы-иуæй фæстæмæ. Уы- дон кастысты рудзгуытæй, сенæйы къулы зы- хъыртæй, къордгæйттæй лæууыдысты тыргътыл. — Фыццагдæр, гуывгуыв ма кæнут. Дыкка- гæй, иууылдæр фæстæмæ ацæут дыууæ сæдæ 15. Стожартæ. 225
санчъехы бæрц. Цæй: иу, дыууæ...—загъта Иван Ефимович. Уый банхъæлмæ касти, цалынмæ лæппутæ уынджы астæумæ хъæдты цурмæ ацыдысты, уæд- мæ, стæй бацыди мидæмæ. — Машæ! Санькæйыл æцæг исты фыдбылыз æрцыд, — æрбауади Тимкæ Колечкин. — Ды æп- пæт дæр федтай? Радзур ма... Æмæ Машæ радзырдта участочы цы ’рцыди, уый. — Уынут... Æз æдзухдæр дзырдтон... Санькæ ницæмæй тæрсы. Уый æдзухдæр иннæты сæрыл хæцы! — хъæрæй сдзырдта Тимкæ æмæ йæ сæ- рæй йæ къæхты бынмæ Девяткины йæ цæстæнга- сæй сбарста. Уый фæстæ сусæгæй аныхас кодта Стыр сыхы лæппутимæ. æмæ Петькæйы иуфарс акодтой. Райдыдтой дæргъвæтин æмæ мæстыйæ ныхас кæнын. Раздæр Девяткин кодта худгæ. Фæлæ лæппутæ йæ алфæмблай æнгомæй-æнгомдæр æмбырд кæ- нын байдыдтой. Сеппæтæй тынгдæр ыл хъæр кодта Тимкæ. Æнахуыр хъæбатыр æмæныфсхаст хуызæй, афæдздзыд уасæгау, багæпп кодта Девяткинмæ. Тарæрфыгæй йæм бакæс-бакæс кодта Ваня Строкин дæр. Уалынмæ лæппутæ иууылдæр бацыдысты Ма- шæ, Федя æмæ Стёпæйы цурмæ. — Цы, уый зонут, — къуыхдзыгæнгæйæ дзу- рын райдыдта Тимкæ, — мах уын цы зæгъынмæ хъавæм... Санькæйы тыххæй... Афтæ ’нхъæлут æмæ уый мæнæу барæй ныссæста... фыддæра- гæн?.. Уый иууылдæр мæнæ ай аххос уыди...— Æмæ Петькæмæ ацамыдта: — Ныр дæхæдæг Дзур. — О, Девяткин, дæхæдæг куы загътай, ра- 226
дзурдзынæн, зæгъгæ, — рахæцыдысты лæппутæ Тимкæйы фарс. — Æргомæй басæтт. — Сахуыр дæ искæй чъылдыммæ ’мбæхсын. — Омæ, цæй, мæн тыххæй уыди, — схъуыр- хъуыр кодта Петькæ, — æз дæн аххосджын. — Бæлвырддæр дзур...—басхуыста йæ Тим- кæ. — Уæддæр дæ нæ ауадздзыстæм, цалынмæ æцæгдзинад радзурай, уæдмæ. — Знон хъазыдыстæм портийæ, — æнкъардæй райдыдта Петькæ,—гъемæ Тимкæйы порти уæ участокмæ бахаудис. — Хаугæ нæ, фæлæ йæ ды барæй ныкъуырд- тай уырдæм,—сраст æй кодта Тимкæ. — Омæ, цæй, ныкъуырдтон... — Фæлæ йæ агурын нæ бауæндыдтæ. Сань- кæ нæ фæтарсти, Петькæйы йемæ акодта æмæ уын уæ мæнæу ныссæстой. Федя æмæ Стёпæ кæрæдзимæ бакастысты,. Ома, уæдæ афтæ уыди хъуыддаг! Афтæмæйзнон цынæ уал хъуыды кодтой! Семушкин фидарæй дзырдта, зæгъгæ, сын Санькæ сæ хуыздæр мæ- нæу фыддæрадæн ныссæста. Æмæ раст зæгъын хъæуы, „векшинонтæ“ иууылдæр, чысыл ма ба- хъæуа, баууæндой ууыл. Æрмæст ма Машæ фидарæй дзырдта, зæгъгæ, Санькæ ахæм нæу. — Мæнæ цытæ ис!— бауайдзæф кодта Машæ Стыр сыхы лæппутæн.— Хъуыддаг зыдтат, аф- тæмæй ныронг куыд ницы дзырдтат! — Æппæт дæр радзырдтаиккам, — ныуулæ- фыд Тимкæ, — фæлæ райсомсарæй Девяткины не’ссардтам... Хъуамæ уый алцæуыл дæр йæхæдæг басæтта. Хæдзарæй рацыди Иван Ефимович, йæ фæс- тæ та Катеринæ. Лæппутæ уайтагъд сæ алфæмблай амбырд сты. 227
— Цæй уал уæдæ, — Катеринæйæн хæрзбон зæгъгæйæ, дзырдта фельдшер, — уæ æрыгон тореадорæн ныртæккæ уый бæрц тæссагæй ницы у, банхъæлмæ кæсæм райсоммæ. Йæ тæвд, ми- йаг, куы фæфылдæр уа, уæд æй рынчындонмæ æрбаласут. Хуыссæнæй йæ стын ма уадз. Мачи йæм цæуæд, — æмæ зулмæ бакасти сывæллæтты ’рдæм. Уыдон ма иу чысыл алæууыдысты Санькæты раз, стæй сæ хæдзæрттæм цæуын райдыдтой. Фæлæ куы ’рталынг, уæд ма Машæ æмæ Федя фæстæмæ ’рбазгъордтой Коншаковты хæдзар- мæ. Уыдон семæ ’рбахастой ног джитъритæ æмæ цъæх фæткъуытæ. Тимкæ лæууыди тыр- гъыл æмæ Катеринæйæн лæгъстæ кодта, Санькæ- йæн хъæддаг мæнæргъыты къалати айс, зæгъгæ. — Ныртæккæ йæ ницы хъæуы... Хуыссы, хъæрзы, — йæ къух ауыгъта Катеринæ æмæ сы- вæллæттæн бауайдзæфкодта: — Хорз хъуыддæг- тæ бакодтат! Тынг уæ бахъуыди богъы мæстæй марын?! — Æмæ йæ мах мæстæй куынæ мардтам. Æмæ Машæ радзырдта, хъуыддаг куыд уыди, уый. — А-гъа, уæдæ афтæ уыд! Мæнæй афтæ æмæ Санькæфыдуаг кодта, — Катеринæ бакасти Федя- мæ.— Уæдæ йæ фыдбылызæй ды фервæзын кодтай? Цæй, бузныг. Ныр Санькæимæ уыдзыс- тут кæнгæ ’фсымæртæ. Хæдзарæй разгъордта Феня. Йæ къухы уыди Санькæйы дзæкъул, дзæбуг æмæ дыууæ къалот- кæйы. — Мамæ, æмæ йæ дзæбуг æмæ къалоткæтæ та цæмæн хъуыдысты? Санькæ кæсаг ахсын- мæ куы цыди... Ох,— тарстхуызæй сдзырдта Фе- ня,— ныр æй базыдтон... Уый, Санькæ кæсаг 228
ахсынмæ нæ цыди, фæлæ горæтмæ цырыхъгæн- джытæм... Катеринæ йæ къухты бирæ фæдардта дзæ- буг æмæ къалоткæтæ. Ау, бинонтæ бахъахъæнын йæ бон нæ баци, Егор куыд фæдзæхста, афтæ лæппуйæн зæхх, зæхкусæджы фæллой, скъола нæ бауарзын кодта? — Тимкæ, мийаг уæм цырыхъгæнджытæм бацæуыны тыххæй искуы ныхас уыди, — бафарста Катеринæ. — Уыди...—йæ сæр зæхмæ æруадзгæйæ, ба- састи Тимкæ.—Æрмæст мæн мæ мад нæ ауагъта. Катеринæйы цæсгом фæтар. — Мæнæн та мæ фырт æппындæр аргъ нæ кæны. Афтæ уæддæр иу хæдзары цæрæм. Уыцы ныхæстæм. Машæйы зæрдæ суынгæг æмæ сдзырдта: — Афтæ ма ма дзур, Катя... Æвæццæгæн, Санькæ мæнæуы тыххæй фæтарсти... Ныр... Ныр æй мах никуыдæмуал ауадздзыстæм... Катеринæ йæ къух фæлладхуызæй ауыгъта! — Цæугæут уæ хæдзæрттæм. „Нæ йæ ауадздзыстæм“, æрхъуыды кодта, Машæ йæ ныхæстæ, Федя æмæ Тимкæимæ уын- джы куы фæцæйцыди, уæд. Йæ зæгъын æнцон у, фæлæ йæ куыд баххæст чындæуа? Санькæмæ а фæстаг рæстæджы дзурæн дæр куынæ уал ис ,уæд. — Цырыхъы къалоткæтæ федтат?—æрлæу- уыди Машæ. — Уыдон Девяткинимæ раджы сфæнд кодтой цырыхъгæнджытæм бацæуын. Евдокия сæ нал æмæ нал уагъта,—загъта Тимкæ. — Куыд бауæндыди Санькæ колхозæй ацæ- уын?—смæсты Машæ,— иууылдæр кусынц, нæ зонын, куыд æй зæгъон... йæ мад дæр йæхи хъары... 229
— Иу дзырдæй, йæ хъæуы нæ уарзы, — хъуыдыты аныгъуылгæйæ, загъта Федя. — Æз сымах хъæуккаг куы уаин...—Федя йæ ныхас кæронмæ нæ ахæццæ кодта æмæ бирæ фæкасти хъæуы уынгмæ. — Æцæг зæгъын, æцæг, — дзырдта дарддæр Машæ, — Егор хæстæй куы ’рыздæха æмæ куы бафæрса: „Кæм ис мæ Санькæ?“ „Куыд цæ- ры?“, зæгъгæ, уæд та. Тимкæ æвиппайды æрхæцæгау фæкодта, цыма йын йæ хурх æрбалвæстæуыд, уый хуызæн. Машæ йæм дискæнгæйæ ракасти: — Цы кодтай, Тимкæ? — Куыннæ.... гъер сымах ныхас кæнут! Фæлæ ницы... ницы зонут,—фæхъæр кодта Тимкæ. — Æмæ... æмæ Егор куынæуал æрыздæха, уæд та? — Куыннæ уал æрыздæхдзæн?; Тимкæйы зæрдыл æрбалæууыд, ард кæй ба- хордта, уый, æмæ фæхъус. Фæлæ Машæ æмæ Федяйæн сæ зæрдæ фехсайдта æмæ йæ нал уагътой. Тимкæахъуыды кодта, зæгъгæ, сусæгдзинад— сусæгдзинад у, фæлæ Санькæйы исты ’гъдауæй сраст кæнын хъæуы. Æмæ радзырдта зианы хабар. Сывæллæттæ бирæ фæлæууыдысты æнæсдзур- гæйæ. Мигъы пырхæнтæ æмбæрстой арв. Дым- гæйæ фæдисы къæркъæр ныккодтой зæронд мæраджын сусхъæд бæлæстæ. Дард, хъæуы фа- ле, æрвгæрон ферттив-ферттив кодта. Агъуыс- тыты ссыгътой цырæгътæ. Мæнæ цырагъы рухс ракалди Андрей Ивановичы хæдзары рудзынгæй. Сæ чысыл царды дæргъы цал æмæ цал хатты цыдысты сывæллæттæ уыцы рухсмæ! — Ды кæдæм цæуыс, Машæ? — бафарста Тимкæ, чызг цæхкæр куы фæзылди, уæд. 230
— Цомут махмæ, Андрей Ивановичмæ. — Æз Санькæйæн дзырд куы радтон...—фæ- тарст Тимкæ. Ныр æй иууылдæр базондзысты. Андрей Ивановичæн æй ис зæгъæн. Уымæн алцыдæр ис зæгъæн. 30 сæр ÆХСÆВЫГОН Санькæ хуыссыди сенæйы. Йæ рыст гыццыл- гай сабырдæр кодта. Æрмæст-иу куы фæзыл- ди, кæнæтынгкуы сулæфыд, уæд йæ галиу фарс кодта рæхойгæ рыст æмæ йæ улæфын нæ уагъта. Сенæйы хъавгæ цыдысты мад, Феня, æмæ Никиткæ. Сенæйы æтте мынæг ныхас кодтой лæппутæ. Зыхъыртæй сын Санькæ хаттгай ахста сæ цымыдис цæстæнгас. Уый фæстæ мад бирæ фæныхас кодта лæп- путимæ. Цæуыл дзырдтой, уыйСанькæ бæлвыр- дæй не’мбæрста, фæлæ хицæн дзырдтæй базыд- та, ныхас ууыл кæй цæуы, уый. Æмæ уый тых- хæй тыхст йæхи мидæг. „Æмæ куыннæ, йæ ном айхъуысти! Богъ æй йæ сыкъатыл фелвæста“, — мæсты кодта йæхи- мæ. Афынæй кæнын æй фæндыд, фæлæ йæ хуыс- сæг нæ ахста, йæ цæстытыл уадысты фæстаг бонты цаутæ: портийæ хъазт, ссæст мæнæуы хуым, колхозонты æмбырд, йæ мады ныхæстæ: „Фæхудинаг нæ кодта мах, Коншаковты“. — Æцæг уæ участочы мæнæу иууылдæр фе- сæфти?— æрбайхъуысти Санькæмæ Тимкæйы ныхас. Æмæ йын ницыуал гæнæн ис? И?Машæ? —Цы гæнæн ма йын ис, ссæст куы у, уæд...— дзуапп радта Машæ. — Катя, æмæ ды дæр æппын ницы ахæм хос зоныс?—нал æй уагъта Тимкæ? — Колхозы 231
йæм уæддæр куынæ фæхæрам уаиккой Сань- кæмæ. — Ох, лæппутæ,—ныуулæфыд Катеринæ, — тæрсын, мæнæуæн куы ницыуал ахъаз фæуат, уымæй, кæд ма мæнæ Андрей Ивановичы ба- фарстæуа, кæнæ та зæронд Захары. Кæд ма уыдон исты бауынаффæ кæной. Санькæ йæхи хъæццулæй амбæрста. „Колхозы йæм уæддæр куы нæ фæхæрам уа- иккой“,— нæ хицæн кодтой йæ сæрæй Тимкæйы ныхæстæ. Фæталынгдæр. Сывæллæттæ тыргъæй ацы- дысты. Уынгты уæззау цыдæй сивгъуыдтой хъомтæ. Футтытæгæнгæ, хъуг фæмидæг кæрты. Кате- ринæ йæ размæ рацыди хъугдуцæн ведраимæ æмæ хъуджы уæззау хъарм фæздоны цур æр- бадгæйæ, йемæ ныхас кæнын райдыдта, абон куыд хызти, хизæнуаты кæрдæг куыд у, дон хæрзад у æви нæ, уыдæтты тыххæй. Санькæ йæ хуыссæны рабадти æмæ ныхъæр- зыдта. Фæлæ уый фæстæ йæ галиу къух уæлæ- мæ нал иста, йæ дзаумæттæ куыд фæндыйæ акод- та æмæ æнæ уынæрæй тыргътæм рацыди. Къæхтæ йæ- сæхæдæг ахастой ахуыргæнæджы хæдзармæ. Мæнæ рудзынгæй кæлы рухс. Санькæйæн æвиппайды цæуын фæуæззаудæр ис, цыма хæдзармæ цы къахвæндаг цыд, уый лæхъир змисæй тыд уыдис, уыйау. Цы зæгъдзæ- нис Андрей Иванович. Куыд æм ракæсдзæни? Уæд та фæстæмæ аздæхид? Фæлæ уæддæр Сань- кæ йæхиуыл фæтых, хæдзармæ бахызт æмæ джихæй баззади. — Цырагъы рухсмæ, чингуыты тæрхæджы раз чингуытæ рафæлдах-бафæлдах кодтой Тим- 232
кæ, Машæ æмæ Федя. Уыдон дисгæнгæйæ ракао тысты Санькæмæ. Сеппæтæй раздæр æм баз- гъордта Тимкæ. — Цæмæн сыстадтæ? Ды хъуамæ хуысгæ кæнай! — Андрей Иванович кæм ис?— къæмдзæс- тыг хуызæй бафарста Санькæ. — Æмæ уый... уый сымахмæ куы ацыди... дæу абæрæг кæнынмæ,— загъта Машææмæцæ- мæндæр Федя æмæ Тимкæмæ бакаст.— Æвæц- цæгæн, фæидагыл кæрæдзийæ фæхицæн стут. Сбад, Саня, банхъæлмæ йæм кæс... Дæ цæф дæ тынг хъыгдары? Федя йын бандон йæ цуры æрæвæрдта. Санькæ сындæггай æрбадти æмæ сывæллæт- тæм зулмæ ракасти. — Махæн Андрей Иванович цы чиныг ссард- та!—загъта Машæ.—Мæнæуы тыххæй. — Цы дзы ис мæнæуы тыххæй?—фестъæл- фыди Санькæ. — Байхъус, æз дын æй бакæсдзынæн... тынг диссаг у.— Федя рафæлдæхта тæнæг брошюрæ: „Июлы кæрон æвиппайды æрцыди ихимæ уарын æмæ нæ мæнæу ныххуыссыди. Цы ма йын чын- дæуа? Фæлæ йæ мах ууыл нæ ныууагътам æмæ æппæт бригадæй дæр рацыдыстæм быдырмæ. Хуымы фæйнæ фарс михтæ ныссагътам. Стæй иу кæронæй иннæмæ, цæхкæрмæ, михтыл синæг- тæ бабастам. Фондз боны дæргъы уæлæмæ хъил кодтам мæнæуы халтæ æмæ сæ синæгты ’нцой æвæрдтам. Уый фæстæ мæнæумæ хъацæнтæй базылдыстæм æмæ уайтагъддæр йæхиуыл фæ- хæцыд, рæзын байдыдта...“ — Уый чи фыссы? — бафарста Санькæ. Иу стахановон сылгоймаг... йæхи куысты фæлтæрддзинадæй. Андрей Иванович афтæ зæгъы, 233
мах дæр, дам, æнæмæнг афтæ бакæнын хъæуы. Чи зоны, æмæ, дам, мах мæнæу дæр фервæза. — Æрмæст нæм синаг нæй, — бафиппайдта Машæ. — Уый мур дæр ницы у,— фæхъæлдзæгдæр Санькæ.— Махæн Тимкæимæ цады мæцъы уыдæ- сынмæ æвæрд ис. Уымæй хорз синаг сбийæн ис. Æццæй нæ, Тимкæ? — Кæй зæгъын æй хъæуы... Гыццыл михтæ та къохы ракæндзыстæм. — Уæдæ уæд райсом райдайдзыстæм!—нал хъæцыди Машæ, фæлæ уалынмæ дуарæй æрба- касти Андрей Иванович. — Ам ис, Катеринæ Васильевнæ, тæрсгæ йын ма кæн,— загъта ахуыргæнæг, дуарæй акæс- гæйæ. — Мæ къонайыл, — æрбазгъордта Катери- нæ. — Афтæмæй кæдæм рацыдтæ! Æнæхъæн хъæуыл куы’рзылдтæн. — Андрей Иванович, мæнæуæн фервæзын- гæнæн æцæг ис?—йæ бынатæй сыстади Сань- кæ. — Æрмæст мын зæгъгæ кæн... æз цыдæрид- дæр бакæндзынæн. — Цæй, цæй, мæ хæлар! — баурæдта йæ ахуыргæнæг. — Ды ууыл ма ма хъуыды кæн. Цыдæриддæр хъæуа, уый сывæллæттæ сæхæдæг сараздзысты, цу уæхимæ дæ мадимæ æмæ схуысс хуыссæны. Богъы цæф дын хъазын, мийаг, нæу. Андрей Иванович Катеринæ æмæ Санькæйы тигъмæ ахæццæ кодта æмæ фæстæмæ сывæл- лæттæм æрбаздæхти. Сæхимæ Катеринæ Санькæйы схуыссын код- та йæхи хуыссæны, бадардта йын сусхъæд диди- нæджы дон, батыхта йæ хъæццулы æмæ хæ- дзар æфснайын байдыдта. Фæлæ абон йæ къух ницæмæ тасы. Пъолæн йе ’рдæг ныммарзта æмæ, 234
цъылын агъуысты астæу фæуадзгæйæ, æфснайын рандыдта пецы раз цавæрдæр дурынтæ, къустæ æмæ чугунтæ. „Цы фыдбылызтæ æвзары мæ сæр!— хъуыды кодта Катеринæ. — Бынтондæр ныхъус æмæ ни- цы фыссы Егор. Æвæццæгæн, уый хуымæ- тæджы нæу... Ныр та Санькæйы хабар. Ау бын- тондæр сахъатæй баззайдзæн?“ Æрбацыди Евдокия Девяткинæ. Алæууыди фынæй Санькæйы цур, ныуулæфтытæ кодта, стæй стъолы цур æрбадти. — Раджы йæ цæуын хъуыдис горæтмæ... Уæд æй богъ нæ ныццавтаид. — Уæдæ мын мæ лæппуйы сæр ды разилын кодтай?—дис кæнгæйæ бафарста Катеринæ. — Схæтæгхуаг йæ хæдзарæй. Бузныг, мæ сыхаг! —Саня дæу хуызæн нæу, уыимæ æнцондæр дзурæн у. Фембаргæ дæр ис. Царды куыд арха- йын хъæуы, уый дæр зоны. Æмæ йæ, Катеринæ, ма уром. Æз æй Петькæмæ гæсгæ зонын. Куы нæ сæ фæнда, уæд сæ тыххæй чиныгыл нæ бафтаудзынæ. Уадз æмæ пайда хъуыддагыл са- хуыр уой, рæстæг ахæм у.— Евдокия бакасти Катеринæйы хурсыгъд цæсгоммæ.— Дæхиуыл дæр ахъуыды кæн. Уыцы хуымы мæт дæ бахорд- та, бынтондæр бахус дæ, æхсныфы хуызæнсдæ... Афтæ зæгъынц, хæмпæлгæрдæг фесафынæн, дам, ницыуал фæразыс? — Мæ бон дзы нал у, Евдокия, — рахъаст кодта Катеринæ. Куыддæр æй барувай, афтæ та ногæй фæстæмæ суайы. — Гъе уыныс... Цас тухæн ыл кæныс, хор та дæм, чи зоны, æмæ дæ сывæллæтты фаг дæр нæ рахаудзæн. — Цæй тыххæй зæгъыс?—фехсайдта Кате- ринæйы зæрдæ. 235
— Цæй тыххæй куы зæгъай... Дæу дæ би- нонтимæ искуыдæм дæхи айсын хъæуы. — Цытæ дзурыс!—фестъæлфыди Катеринæ.— Егор ам йæ цард-цæрæнбонтæ куы арвыста, уæд æз та мæ хæдзар ныууадзон æмæ искæдæм ацæ- уон, дзæгъæлы хуызæн. Егор мын афтæ куы фæдзæхста: „Катеринæ, дыууæрæдыды дын нæ ныббардзынæн — дæ сывæллæтты ныууагъд æмæ зæххæй дæхи фæиппæрд кæнын“. Нæ, нæ! Уый гæнæн нæй! — Егор Платоновичы ныртæккæ мах хъуыд- дæгтыл хъуыды кæнынмæ не’вдæлы, — ныуулæ- фыд Евдокия. — Хæст, дын, мæ хур, Пушкины номыл колхоз, мийаг, нæу, хæст нæры æмæ ниуы... Катеринæ тыхстхуызæй йæ сæрыл схæцыд. — Уый цытæ дзурыс, æнæ уый дæр мæ зæр- дæ сагъæсæй йе’дзаг куы у. Сыхаг ус ма иу чысыл абадти, стæй ацыд. Æхсæвы Катеринæ федта фын. Бæрзонд æнæ- даст салдат зæронд дæрзæг цинелы сидзæры хуызæн рудзынг хоста, æмæ æнæхсад мидæггаг дзаумæтты тыхтон мидæмæ лæвæрдта, цæхс сæ, зæгъгæ. „Цымæ цæмæ рацæудзæн мæ фын?“и—уазал хид ракæнгæйæ, райхъал ис Катеринæ. Йæ хуыс- сæны рабадти æмæ бирæ фæкасти талынг уынгмæ. Уый фæстæ алæууыд Санькæйы раз, йæ ны- хыл ын йæ армытъæпæн авæрдта æмæ та но- гæй æркъул кодта. Фæлæ йæ хуыссæг нæ ахста. „Иууылдæр Евдокияйы аххос у. Банцайæн ын иал уыдис æмæ мæ æнæ хуыссæг фæкодта“,— мæсты кæнгæйæ, ахъуыды кодта Катеринæ. Бын- тондæр сыстадис æмæ йыл цæмæй тагъддæр рæс- тæг цæуа, уый тыххæй хæдзары рацу-бацу кæ- нын байдыдта. Стæй сфæнд кодта сывæллæтты 236
дзаумæттæм базилын, цалынмæ хуысгæ кæнынц, уæдмæ. Æрæмбырд кодта хæдæттæ, кофтæтæ, хæлæфтæ; кæуыл æмпъузæн сæвæрдта, кæуыл цæппузыр бахуыдта. Æрхæццæ Санькæйы хæдо- ны рад. Йæ риуы дзыппы скъуыды уыд сæрдзæ- вæн тъыст. Катеринæ сæрдзæвæн раласта æмæ дзыппæй æрхаудтой фыссæн чиныг, цавæрдæр гæххæттытæ, сæрвасæны саст æмæ кæсæны чы- сыл гæбаз. „Рæзы, йæхи дзæбæхтæ кæнын райдыдта“,— йæ мидбылты бахудти Катеринæ, дзаумæттæ хицæнæй æрæвæрдта, æмæ арæхсгай рафæлдæхта гæххæттытæ. Уыдонæй иу разынд къонверт. Ма- шинкæйæ йыл уыдис адрес фыст: „Пушкины номыл колхоз, Коншакова Екатеринæ Васильев- нæмæа. Катеринæ дызæрдыггæнгæйæ æркæстытæ код- та къонвертмæ. оУый уыди чъизи, скъуыд, йæ тигътæ ихсыд. Йе’нгуылдзтæ ауазал сты, афтæ- мæй къонвертæй раласта нарæг гæххæтты гæ- баз. Бакасти йæ... Æмæ йæм афтæ фæкаст, цы- ма йæ къæхты бын зæхх ныррызти, цырагъ фæ- цудыдта æмæ йыл мигъ æрбадти,уыйау. Катеринæ йæхи уæззауæй бандоныл æруагъта æмæ ма фæ- хæст стъолы тигъыл... Гæзæмæ рухсмæ бадгæйæ æмæ фезмæлынæй тæрсгæйæ, архайдта бамбарыныл: „Уый куыд у, уый?.. Цы чындæуа ныр?! Ау, кæрон æрхæццæ алцæмæн дæр?“ Зианы гæххæтт гæзæмæ урс дардта йæ къухы. Афтæ йæм касти, цыма йын йæ къух судзгæ кæны, уыйау. Катеринæ ма ноджы иу хатт æр- касти гæххæттмæ. Мæнæ йыл фыст дæр ис, кæ- цы бон æмæ мæй æрвыст æрцыди, уый. Куыд зыны, афтæмæй уый раджы уыди... Æмæ ны- ронг ницы зыдта. Санькæ дзы æппæтдæр ба- 237
сусæг кодта... Фæлæ цæмæн? Æмæ уæд Кате- ринæ алцыдæр бамбæрста. Уæдæ уымæн фен- дæрхуызон ис йæ фырт а фæстаг рæстæджы, йæ азтæ куыд нæ амонынц, афтæ дарын йæхи уы- мæн байдыдта... Санькæ æвиппайды фезмæлыди, йæ къухтæ стылдта, цыма йæхи искæмæй хъахъæдта, уый хуызæн æмæ фæсус хъæлæсæй дыгъал-мыгъул кæнын райдыдта: — Макæ, Петушок, макæн, Иу ран лæу! Катеринæ фестъæлфыди. Марды хабары гæх- хæтт фæстæмæ хæдоны дзыппы атъыста æмæ йæ фырты цурмæ бауади. Лæппу фæтынгдæр, йæ цæсгом сыгъди артау æмæ кодта тыхулæфт. Катеринæ хисæрфæн уазал доны схуылыдз код- та æмæ йæ Санькæйы ныхыл æрæвæрдта, иу чы- сыл йæ нывæрзæн абадти, стæй та ногæй бав- нæлдта хæдонмæ. Фæлæ уалынмæ йæ хуыссæны стæлфыди Феня, Никиткæ та хуыссæгхъæлдзæ- гæй дон бацагуырдта. Катеринæйы цæстытыл ауади, ныртæккæ сы- вæллæттæ иууылдæр куыд райхъал уыдзысты, йæ цæсгоммæ бакæсгæйæ кæй базондзысты, цы ’рцыдис, уый, æмхуызонæй куыд сæрдиаг кæн- дзысты æмæ йæхæдæг дæр ниуын куыд бай- дайдзæн. „Нæ, нæ... Уымæй зæрдæйы маст нæ фæ- къаддæр уыдзæн... Уадз æмæ уал уа фыццаджы хуызæн,—ахъуыды кодта Катеринæ.— Уадз æмæ уал сывæллæттæ дæр мацы зоной“. Хæдоны дзыппыты фæстæмæ цæвæрдта Сань- кæйæн йе ’ннæ дзаумæттæ д&р æмæ йæ сын- дæггай бавæрдта йæ бынаты — лæппуйы нывæр- зæн. Стæй йæ цæссыгтæ калгæ, бирæ фæкасти йæ фырты дæрзæг, дымгæхост цæсгоммæ. „Ме ’нкъард хъæбул... æнæхъæн лæг. Фесты дæ са- 238
бийы бонтæ. Афтæмæй та дæуæн нырма хъазын æмæ згъорын афон у\ Рухс кæнын байдыдта. Катеринæ рацыди кæртмæ, радыгъта хъуг, стæй йæ хъомгæсы уадындзы уасынмæ раскъæрдта уынгмæ æмæ ма, йæ къæхтæ тыххæйты исгæйæ, ацыди уæрдонмæ, Санькæйы ры’нчындонмæ аласыны тыххæй. 31 сæр „МАХ СИДЗÆРТÆ НЕ СТÆМ!“ Къуырийы фæстæ Санькæ рацыди рынчын- донæй. — Ох, Саня, бафæлмæцыдтæн[—загъта мад. Цæй ныр куыд у? Сдзæбæх дæ кодтой? Ницы- уал дæ риссы? Ауай ма, Саня, æз дæм бакæсон. Санькæ æнахуырæй ацыди рудзынгæй къæ- сæры онг, стæй æдзынæг бакаст йæ мадмæ. Куыд аивта йæ хуыз ацы фæстаг бонты, йæ цæстытæ бахаудысты, ныггуыбыр, смæллæг, ныггыццыл, ныссау, цигайнаджы хуызæн. — Бæрæг нæу, нæ дыууæ дæуæй рынчындоны хуыссын кæмæн æмбæлди, уый, — тарæрфыгæй загъта Санькæ. — Мæнæн та цæмæн! — йæхи дисгæнæг акод- та Катеринæ. — Тынг тæвд у, хур мæ басыгъ- та... — Æмæ Санькæйæн аходæн æрæвæрдта. Уый фæстæ чырынæй систа фароны æхсæрты дзæкъул æмæ сæ ’ркалдта стъолыл. — Æхсынут, уæ фæллад уадзут... — Æмæ Феняйæн сусæгæй цыдæр адзургæйæ, йæ куыст- мæ ацыди. Фæлæ Катеринæ куыддæр кæрты дуары æт- тейы фæци, афтæ Феня йе ’фсымæры алыфарс йæ иу къахыл гæппытæ кæнын райдыдта æмæ 239
йын йæ мад цы бафæдзæхста, уыдон иууылдæр ралæхурдта. Санькæ, дам, ныр госпитæлы чи фæ- хуыссы, ахæм цæфы хуызæн у, Феня та, ома, санитаркæ, æмæ йæм цæф хъуамæ алцæмæй дæр хъуса — уæззау мацы иса, хæдзарæй макуыдæм цæуа æмæ хуысса йæ хуыссæны. — Æз уын цæф адæймаг зæгъдзынæн!—фæ- мæсты цс Санькæ. — Рацæут, æз уеппæты дæр мæ иу къухæй абырсдзынæн! — æмæ Феня æмæ Никиткæйы сынтæгыл афæлдæхта. Хæдзармæ бакасти Евдокия. Уый афарста Санькæйы йе’нæниздзинадæй, рынчындонæй, ра- уайдзæф ын кодта, ахæм зæрдæйы ахаст æм кæй ис, уый тыххæй. — Искуыдæр ма богъимæ хъæбысæй хæц- гæ фендæуыдй. Дæ тъæнгтæ дын куы акалдтаид, уæд та? Петькæ афтæ тынг фæтарсти æмæ ма ныр дæр фынæйæ богъы кой фæкæны. Æмæ уæ æниу Петушок цæмæн бахъуыди? Цыдаиккат уæ фæндагыл, æндæр. —Евдокия йæ цæст æрны- къуылдта æмæ ма загъта: — Æмæ та ныр кæсаг ахсынмæ кæд цæут? Санькæ йæ цыма нæ фехъуыста, йæхи афтæ скодта. Евдокия æмбæрзæны фале къæбицмæ бакасти. Уым архайдта Феня. Баххуыс ыи кодта пецæй æвзалытæ ракалынмæ, стæй йæ дзыппæй систа патæкæйæ конд сырхбын къафет æмæ йæ чыз- джы къухы фæсагъта: — Æппынæдзух дæр иунæгæй, алцыдæр уæ- хæдæг кæнут... тæригъæддаг сидзæртæ... — Мах сидзæртæ не стæм! — фæмæсты ис Феня.—Махæн фыд дæр ис æмæ мад дæр! Евдокия йæ къух æрхаста феняйы дзык- кутыл, йæ сæр ныттылдта, уый фæстæ Санькæйы сенæмæ акодта æмæ йын сусæгæй загъта: 240
— Ды тагъддæр адзæбæх у. Кæсаг æнхъæл- мæ нæ кæсдзæни. Ныхас кодтон дæ фыды уси- мæ,— уый дæ нæ уромы, фæнды ныртæккæ ацу кæдæм дæ фæнды, уырдæм. — Ныхас кодтай?—ныддис кодта Санькæ. Уæдæ йæ йæ мад зоны, цæуынмæ кæй хъа- выди, уый æмæ йæ нæ уромы. Фæлæ уыцы ног хабар фехъусгæйæ Санькæйæн нæ фенцондæр. „Мæгуыртæ, тæригъæддæгтæ!“ — сфæзмыдта Феня Евдокияйы, æппынфæстаг куы ацыди, уæд. Цæмæн стæм тæригъæддаг! Уæртæ Тимкæйæн йæхи мад у, уæддæрæй фезмæлындæр нæ уадзы. Мæнæн та мама æрмæст иунæг хатт сивæзта мæ хъустæ, æхсыры цъæртты ме ’нгуылдз куы ны- тъыстон, уæд. Æмæ мын уæддæр нæ фæрыстис. Дæумæ та æвналгæ дæр никуыма бакодта. Феня рахъил кодта йæ армытъæпæн æмæ стъолыл æрæвæрдта лæхъир къафет: — Гъа! Ницæмæн мæ хъæуы. Уадз æмæ йæ бындзытæ стæрой. — Æмæ æнкъардæй бакасти йе’фсымæрмæ. — ЦьГрцыди уый нæ мадыл? Адæй- маджы хуызæн дæр нал у. Æхсæв хуысгæ нал кæны. — Æвæццæгæн нæ фыды тыххæй. — Нæ фыды тыххæй, кæй зæгъын æй хъæуы, стæй дæу тыххæй дæр. — Мæн тыххæй? — Зоныс, дæ дзаумæттæ дын дзæкъулæй куы иста, уæд куыд смæсты ис, уый? Цæмæн дæ хъуыдысты мидæггаг дзаумæттæ, хисæрфæн, цырыхъы къалоткæтæ... Ды махæй ацæуынмæ хъавыдтæ нæ? Ацæуынмæ? — Кæдæм цыдтæн?! Мах Петькæимæ кæсаг ахсынмæ цыдыстæм. — Санькæ афтæ ныггуыбыр кодта стъолæмбæрзæнмæ, цыма йыл цы дидин- 16. Стожартæ. 241
джытæ нывæфтыд уыдис уыдон фыццаг хатт уыны æмæ уыдонмæ кæсы, уый хуызæн. — Къалоткæтимæ кæсаг ахсынмæ! — ныу- улæфыди Феня. — Афтæ нæ вæййы. Мама йæ уайтагъддæр базыдта, ды цы кæнынмæ хъавыд- тæ, уый. „Æппындæр, дам, мын аргъ нæ кæны,— афтæ дзырдта мама дæуæй, — афтæ, дам, уæддæр иу хæдзары цæрæм“. „Куыннæ йын кæнын аргъ?“ — ныхъæр кæ- нынмæ хъавыди Санькæ, фæлæ йæм Феня ахæм уайдзæфгæнаг цæстæнгасæй касти æмæ лæппу тынгдæр ныггуыбыр кодта стъолмæ. — „Мах цард, дам, æм ницы кæсы. Адæйма- джы хуызæн, дам, никуы сдзурдзæн. Иууылдæр схуыстытæ æмæ тъæппытæ“, — дзырдта дард- дæр Феня. — Зоныс, мамгйæн иунæгæй куыд зын у, уый! Знон быдырæй куы ’рбаздæхти, уæд къæ- сæрыл æрбадти йæ дзабыртæ ласынмæ æмæ уым бафынæй. Мах Никиткæимæ бирæ фæцархайдтам йæ райхъал кæныныл... — Феня æвиппайды йе’фсы- мæрмæ йæхи балхъывта æмæ йын йæ хъусы тагъд-тагъд дзурын райдыдта: — Ды, Санькæ, æдылы дæ... бынтондæр æнæзонд дæ... Махæн нæ мад сеппæтæй хуыздæр у! Санькæ нæ зыдта, йæ хойы ныхасмæ цы загъ- таид, уый. Афтæ рауади йæ царды мидæг фыццаг хатт. Уый, иннæ хæттытау, нæ ныххудти, нæ ныппыррыкк кодта, æрмæст йæ къух суæгъд кодта æмæ дуары ’рдæм арасти. Къæсæрыл æр- лæууыди æмæ, йæ хомæ нæ кæсгæйæ, сындæггай бафарста: — Векшины участочы мæнæу цы баци... Нæ фехъуыстай? — Машæ дзырдта... уæлæмæ стын кæнын æй байдыдтой, фæлæ йæ стæй ныууагътой. — Цæмæн? 242
— Векшин, дам, еæ нал бауагъта. „Уайтагъддæр æй зыдтон, ницы сараздзысты, уый!“ — мæстыйæ ахъуыды кодта Санькæ æмæ уынгмæ рацыди. Райсомæй æрцыди уарын æмæ дзыхъытæдо- нæй байдзаг сты, цыма зæхх фырзæрондæй хуынчъытæ фæцис æмæ хуынчъыты арв зынди, уыйау. Лæппутæ даргъ уистæй цавтой доны малтæ, кæрæдзиуыл дон пырх кодтой. Санькæ цæхæрадоны смидæг æмæ фæстæмæ ракасти. Нæ йæ фæндыди лæппутæ йæ куы федтаиккой, уый. Цæхæрадоны фаллаг къуымы уæрм ныккалди нал зынди стыр бур дидинджытæй æмæ æрыгон бæрз бæлæстæй; цæхæрадоны кау фæзылын, хæм- пæлгæрдæг æмæ пысыра суанг хуымтæм бахæц- цæ сты. Санькæ цæвæг райста æмæ куыстмæ бав- нæлдта. Пысыра уыди бæрзонд, зæронд, нуар- джын æмæ, зæхмæ хаугæйæ, архайдта йæ сыф- тæртæй Санькæйы басудзыныл. Фæлæ лæппумæ афтæ касти, цыма йæ къухты цæвæг нæ, фæлæ нæртон æхсаргард ис, пысыратæ та зна- джы полчъытæ сты æмæ семæ æнауæрдон тох кæны, уый хуызæн. Уалынмæ цæхæрадонмæ бакасти Феня. — Аппар цæвæг, аппар дын куы зæгъын! — ныхъæр кодта уый, йе ’фсымæры алфæмблай ра- тæх-батæх кæнгæйæ. — Мама дын куыд фæ- дзæхста? Ды рынчын дæ, ды хъуамæ хуысгæ кæнай. Фæлæ Санькæ цæвæг афтæ дард хаста, афтæ тыхджын æй риуыгъта, æмæ йæм хæстæг бацæуæн ницы хуызы уыди. — Æнæ мæн æй зæрæстонмæ куы ’руагътат, 243
цæхæрадон нæ, фæлæ тар хъæды хуызæн ссис,— хъуырхъуыр кодта Санькæ. Феня арауай-бауай кодта, фæхъæртæ кодта, стæй халамæрзæн ссардта æмæ пысыра æмбырд кæнын байдыдта кауы цур дзыхъмæ. Пысыра карст куы фæци, уæд Санькæ кæр- дын байдыдта хæмпæлгæрдæг. Æнæнхъæлæджы Феня фæстæмæ ракасти æмæ ауыдта Федя æмæ Машæйы. Уыдон кауы сæрты цæхæрадонмæ ахæм хуызæй кастысты, цы- ма дзы исты диссаг уыди, уый хуызæн. Машæйы фæстæ лæууыди Долинкæ æмæ йын æууылдта йæ къабайы фæччитæ. Фæлæ чызг ницы фиппайдта. — Кæрды, кæрды, — бадзырдта Машæ Федя- йы хъусы æмæ сфæнд кодта цæхæрадонмæ ба- хизын. Фæлæ кауы цæхкæрмæ хъил разындис æмбыд, чызджы уæз нæ баурæдта, фæсаст æмæ Машæ ныххауд, пысыратæй йе’дзаг цы дзыхъ уыди, уырдæм. Феня сусæгæй ныппыррыкк кодта. Машæ уайтагъд фæстæмæ фестади, æмæ йæ кæд пысыра тынг басыгъта, уæддæр ныххудти. Уый фæстæ базгъордта Санькæмæ æмæ йын йæ къухыл фæ- хæцыд: — Кæрдыс? Нæ? Æмæ дæ ницыуал риссы? Ныр дын алцы кусæн дæр ис? — Ис. Цæттæ дæн уыгæрдæнмæ, фæнды рай- сом дæр, — загъта Санькæ. — Цы хорз у уый, Саня, Мах та афтæ ’нхъæлдтам!.. Федя, ардæм ма рацу!.. Цы хуызæттæ стут уый... Афтæмæй та мын сæхи тореадортæ хонынц! Цæй, кæрæдзийæн æгасцу зæгъут! Лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты, стæй куыд- дæр æнæуæндон хуызæй хæстæгдæр бацыдьь 244
сты æмæ, æцæг лæгтау, кæрæдзийы къухтæ райстой. Машæ æнцонæй сулæфыд: — Афтæ, гъе, раджы уæ хъуыди афтæ ба- кæнын! Лæппутæ кæй бафидыдтой, уый цыма æмбаргæ бакодта, уыйау Долинкæ багæпп кодта цæхæра- донмæ æмæ чъыллиппытæгæнгæ згъорын байдыд- та сывæллæтты алфæмблай. Йæ бынаты нæ лæу- уыди Машæ дæр. Пысырайы сыгъд дудын бай- дыдта æмæ-иу куы кафæгау скодта, куы та, хърихъуппау, йæ иу къахыл лæугæйæ, иннæ къахæй пысырайæ сыгъд уæраг ныхта. — Бæгънæг зæнгтæ ма ’вдис! — ныххудти Санькæ. — Цы уый зоныс, кæм дын риссы, уым ныттутæ кæн, кæнæ та йæ сыджытæй аууæрд. Уый фæстæ иууылдæр гæды бæласы бын æр- бадтысты æмæ Машæ Санькæйæн радзырдта, уыцы къуыри колхозы ногæй цы ’рцыди, уый. Ног хъуыддæгтæ та дзы чысыл нæ уыди. Андрей Ивановичы æвæрынц авдазон скъо- лайы директорæй. Æрæджы Татьянæ Родионов- нæимæ æрæмбырд кодтой, йæ ахуыр чи ныууагъ- та, уыцы сывæллæтты сæ ныййарджытимæ. Ныхас бирæ фæкодтой. Мадæлтæ, искуы иутæй фæстæмæ* сразы сты, сæ сывæллæттæ ногæй ахуыр кæнын цæмæйрайдайой, ууыл. Ныртæккæ Тимкæ Колеч- кин, Ваня Строкин æмæ иннæ сывæллæттæ цæ- уынц ахуыргæнджытæм ахуыр кæнынмæ. Ахуыр кæны Федя дæр. Санькæ джихæй аззадис: лæп- путæ фæстæмæ здæхынц скъоламæ. Гъе уый дын ног хабар. — Саня, ды хорз куы зыдтай уырыссаг æвзаг, Федяйæн ма баххуыс кæн, тынг зын ын у,— загъта Машæ. — Цæй æххуысгæнæг ис мæнæй... Иууылдæр 245
мæ ферох сты, — фефсæрмы ис Санькæ æмæ Машæйы басхуыста, дарддæр дзур, зæгъгæ. — Андрей Ивановичы колхозы правленийы уæнгæй равзæрстой,—дзырдта дарддæр Машæ.— Æрæджыуыди æмбырд. Ныхас кодтой Зæронд Зæ- рæстоны тыххæй. Дæ мад колхозонтæн цавæр- дæр тетрады касти — уым бирæ цыдæртæ фыст ис Зæрæстоны тыххæй. — Уый мæ фыды тетрад у, зонын æй; — загъта Санькæ. -Æмæ цы бауынаффæ кодтой? — Бауынаффæ кодтой Зæрæстон иууылдæр афæлдахын. Татьянæ Родионовнæ æмæ ахуыр- гæнæг районмæ ацыдысты, семæ пълан дæр ала- стой. — Гъе уый хъуыддаг у, гъе! стожарæгтæ афтæ фæкæнынц!—цингæнгæйæ загъта Санькæ. Санькæйы тынг фæндыди фæндзæм кълеткæйы мæнæуы тыххæй афæрсын, фæлæ нæ уæндыди. Уалынмæ Федя йæхæдæг райдыдта мæнæуы тыххæй дзурын. — Фæндзæм кълеткæмæ дæ бакæсын фæнды? Санькæ йæхи фæтар кодта. Искуыдæр ма хæлар афтæ фæкæны, æвзæр фыны хуызæн цы хъуыддаг ферох кæнынмæ хъавай, уый зæрдыл лæууын кæнын хъæуы? Санькæ сыстади æмæ цæвæг райста. Нæ, никуы йын ныббардзысты лæппутæ мæнæуы сæфт. Нæ йын ныббардзысты ас адæм дæр, Андрей Иванович дæр... — Цы ныхъус дæ?Æцæгæй дæ фæрсын,—нал æй уагъта Федя. — Æмæ цæуыл дзурон! Мæнæу фæстæмæ сыстын кæнынæй куы ницыуал рауади... — Ай æппындæр куы ницы зоны! — Машæ йæ^ къухтæ кæрæдзиуыл ныццавта. — Цыма ар- вæй æрхаудта... — Æмæ йын йæ къухыл рахæ- 246
цыд. — Цом тагъддæр участокмæ, дæхæдæг æп- пæт дæр фендзынæ. — Æмæ зæронд Векшин та... Уый мæ... Фæлæ Машæ йæ къух ауыгъта æмæ ных- худти. 32 сæр „КОНШАКОВКÆ“ Участочы сывæллæттæ хъæлдзæгæй амбырд сты Санькæйы алфæмблай. — Æнæниз уай, тореадор! — Куыд у дæ хæстон цæф? — Дæ хуыз скалдтай къазнайы хæринæг- тæй... — Фæлæуут, лæппутæ, бауадзут уал æй мæ- нæуæн салам раттын. — Машæ фæйнæрдæм ас- хуыстытæ кодта лæппуты æмæ Санькæйы ба- кодта фæндзæм кълеткæмæ. — Æгас цæут, æфсир- тæ, æгас цæут, мæнæутæ! Мæнæ уый у Саня Кон- шаков. Зæгъут ын, удæгас, æнæниз кæй стут, уый. Æндæр рæстæг Санькæ, чи зоны, æмæ фæхуд- таид ахæм æнахуыр ныхасыл, фæлæ ныр æнæс- дзургæйæ æфсирты раз дзуццæджы æрбадти.Алы ссæст мæнæуы хал дæр уыд зæххæй уæлæмæ ист æмæ уисмæ мæцъыйæ баст. Ранæй-рæтты æфсиртæ баруадысты, банцъылдтæ сты. Фæлæ дзы ахæмтæ бирæ нæ уыди. Мæнæуы халтæн сæ фылдæр лæууыдысты æмраст æмæ сæ уидæг- тæй зæххыл фæхæцыдысты. Кълеткæйы дыккаг хайы уистæ нал уыди, фæлæ уым дæр мæнæуы халтæ лæууыдысты æм- раст, фидар, цыма сæ Санькæйы уæрджытæ никуы ныссæстой, уый хуызæн. 247
— Зæххæй сæ сыстын кодтат, æви куыд?— сабыргай бафарста Санькæ. — Иу чысыл дзы сыстын кодтам, стæй сæ ныууагътам,—загъта Федя. — Æмæ уæдæ иууылдæр куыд сраст сты? — Уый тыххæй дæ фыдæн хъæуы арфæ кæнын. — Мæ фыдæн? — Санькæ хъуыддагæи ницы ’мбæрста. — Дæ фыдæн... Уый æрзайын кодта ахæм мæнæуы мыккаг.—Æмæ Федя радзырдта: —Дæу рынчындонмæ куы аластой, уæд мах та участок- мæ рацыдыстæм. Гыццыл михтæ сцæттæ кодтам, Тимкæ æмæ Ваня Строкин та нын синæгтæсбыд- той мæцъыйæ. Алы ссæст æфсиры хал дæр уæлæ- мæ исын æмæ уисмæ бæттын байдыдтам. Слæу- уын-иу æй кодтам, хъацæнтæ-иу йыл айзæрстам æмæ-иу ыл дон бапырх кодтам. Æмæ дзы цал мæнæуы халы ис, уый зоныс! Сыстын кодтам иу мин, дыууæ, æртæ мины, фæлæ сын кæрои нал æмæ нал уыди. Сывæллæттæ сæ астæутæ стасын кæнын нал фæрæзтой. Семушкин ма суанг рынчын дæр фæци. Дæ койнæм-иу бирæ хæттыты рауад— æвæццæгæн арæх хæкъуырццæг кодтай. Æртык- каг бон райсомæй участокмæ куы рацыдыстæм, уæд кæсæм æмæ дын мæнæу йæхæдæг стын куы байдаид. Захар æмæ ахуыргæнæг бацин кодтой æмæ нын загътой: „Нал хъæуы ныр уистæ, уый у, хуысгæ чи нæ ныккæны, ахæм мæнæу. Йæхæ- дæг сыстдзæни“. Æмæ æцæгæй, фæндзæм бон мæнæу иууылдæр сыстади. — Зоныс, мæнæу куыд схуыдтам, уый? — бафарста Машæ. — „Æнæфæлдæхгæ’4? — Нæ. — „Стожаровкæ“? 248
— Нæ та йæ базыдтай. „Коншаковкæ!“ — „Коншаковкæ“?! — фестъæлфыдис Санькæ. — Ныр дын дæ фыды адæм никуыуал фе- рох кæндзысты,—сындæггай загъта Федя. Санькæ æргуыбыр кодта мæнæумæ. Уый улæфыди уымæл зæххы, мæнæуы æфсирты зæнгты тæф, йæ зæрдæ æлхыскъ кодта æмæ йæ сæры æвзæрыдысты хорз æмæ арфæйы ныхæстæ йе’мбæлттæн. Фæлае Санькæ ахæм ныхæстæ кæнын нæ зыдта. Уый æрмæст йæ дзыппæй армыдзаг æхсæр- тæ систа æмæ сеппæтæн дæр уарын байдыдта. — Айсут, айсут, махмæ бирæ ис, — Захар æрбацæуы!—æрбазгъордта Семуш- кин,—Санькæйæн цы бакæнæм? — Санькæ махимæ кусдзæн. Афтæ зæгъ- дзыстæм Захарæн дæр... Раст нæ зæгъын?— бафарста Машæ. — Раст æй — раст у, — дызæрдыггæнгæйæ загъта Семушкин,—фæлæ зæронд Захар ахæму æмæ... Чи йæ зоны... Уалынмæ æрбазынди зæрод лæджы урс хæдон. — Æз æм уый фæстæ мæхи равдисдзынæн,— загъта Санькæ æмæ къудзийы фæстæ амбæхсти. Фæлæ байрæджы кодта. Захар бацыди сывæл- лæтты размæ æмæ йæ фындзæй смудæгау ба- кодта: — Аллон-биллоны тæф мæ былтыл уайы. Рацу ма, дыргъты æмæ халсарты знаг, рухсмæ ма дæхи равдис æмæ дзуапп ратт! Санькæ рацыди къудзийы фæстæйæ æмæ æфсæрмыхуызæй йæ хæдоныл æрхæцыд. Машæ базгъордта Захары цурмæ æмæ йæ цонгыл ацауындзæг: — Захар Митрич, мæ зынаргъ, мах дын ха- 249
бæрттæ иууылдæр куы ракодтам... Ма тæрсын кæн Санькæйы! — Иуфарс алæуут, сæрыл дзурджытæ!—йæ къух ауыгъта лæг.—Богъимæ хъæбысхæсты чи бацыд, уый нæ фæтæрсын кæндзынæ. Фæлæ йæ уæддæр хъуамæ бафæрсон... Рауай ма хæс- тæгдæр, Александр...—Захар базмæлын кодта йæ хъуынджын æрфгуытæ æмæ æдзынæг нык- касти лæппумæ.—Цавæр кæсаг ахсынмæ цыдтæ ды цырыхъы къалоткæтимæ? И? Санькæ ницы дзырдта. — Афтæ уæдæ, гъе... Цы зæгъай, уый нæ зоныс, нæ. Цæвиттон хъæуæй æндæр ранмæ цæ- уын фæнд скодтай. Дæ фыд ацы ран фæзылди алы хуыммæ дæр, йæ хид сыл ныккалдта. Артель йæ къæхтыл слæууын кодта, дæуæн та уыдæттæ дæ зæрдæмæ нæ цæуынц... Зæгъæм, ды ацæудзынæ, ацæудзæн Стёпæ дæр, уый фæстæ та Алёшæ, Машæ... Уæд ацæргæ адæм æмæ зæрæдты бына- ты та чи æрлæудзæн? Чи цæудзæн гутоны фæстæ, чи зайын кæндзæн хор, чи зилдзæн зæхх- мæ? Зæхх алкæйы не суазæг кæндзæн, уый хъæуы разæнгард адæймæгтæ, чи йыл ауда, куыст хорз чи зона, ахæмтæ...—Захар йæ армы- тъæпæнæй йæ цæстытæн аууон акодта æмæ арвмæ скасти.—Кæс æмæ йæбахъуыды кæн. Уалæ хъæды сæрмæ арвыл фæзындысты мигътæ. Уый ды хъуыды дæр нæ кæныс, æз та йæзонгæ кæнын, уый уарын кæй расайдзæн. Тагъд æмæ лыстæг уарын. Ахæм уарын сыгъзæринæй зынаргъдæр у. Уый нын рæзын кæны нæ хъæздыгдзинæдтæ. Уæртæ ма кæс — мæнæу æфсир æфтауын байдыд- та, хæрдмæ фæцыди гæн, сысджыйæн дæр йæ зæнг феставддæр. Ацы ран фашистон лæгмартæ ницыуал ныууагътой, бæстæ фесæфтой, фæлæ та мах дыууæ азмæ цас хъæздыгдзинæдтæ сырæзын 250
кодтам! Фæлæу, мæнæ уал не ’фсæддонтæ сæ хæдзæрттæм æрыздæхой, уæд ноджы хуыздæр уыдзæн. Диссаджы зæхх ис махмæ!Æмбаргæ адæй- маг уымæй йæхи никуы фæхæтæгхуаг кæндзæн. Санькæ касти йæ къæхты бынмæ. — Мæнæуы тыххæй дын ницы зæгъын,— дзырдта дарддæр Захар.— Цалынмæ ды рынчын- доны уыдтæ, уæдмæ дын сывæллæттæ дæ тæри- гъæдтæ ссыгъдæг кодтой. Стæй мæнæу дæр стыр хорз разынди, бузныг Егор Платоновичæн.— Захар йæ ронæй кæрдо райста æмæ йæ Сань- кæмæ бадаргъ кодта: — Ахæр... фидаугæ кæй кæнæм, уый охыл! Санькæ хъавгæйае райста кæрдо æмæ йæ йæ дзыппы авæрдта. — Бузныг, Захар Митрич! — Мæ разы йæ бахæр, мæ разы! Йе ’пы- тæ та йын фæстæмæ мæнмæ ратт. Æнæр- хъуыдыйæ дзы макæй аныхъуыр, дæ дæндæг- тæй дæр сæ ма фæцагай. — Уæлдай мацыуал зæгъ, уый сеппæтæн дæр афтæ хæрын кæны,—сусæгæй йæм бадзырдта Машæ. Санькæ уайтагъд кæрдо ахордта æмæ йын йæ морæхуыз бырынцъаг æппытæ Захары армы- тъæпæнмæ ’ркалдта. — Куыд у? — Хæрзад у! — Уæдæ куыд æнхъæлдтай! — разыйæ загъта Захар. — Ныр æнхъæлмæ кæсдзынæн, ды мын ахæм кæрдотæ кæд бахæрын кæндзынæ, уæдмæ. Уалынмæ зæронд лæгæн йæ зæрдыл æрба- лæууыд æнæвдæлон кæй у, уый æмæ ацыди. Федя æмæ Машæ Санькæйы кодтой участокыл æмæ йын амыдтой, кæм цавæр мыккаджы сорт конд ис, цæмæй зындгонд у æмæ сын мыккæг- 251
тæ кæм уыдп, уый. Санькæ хъуыста æнæдзур- гæйæ, лæмбынæг. Æрлæууыд хъæдуры хуымы раз. Хъæдуры дымст æфсиртæй бæрæг дардтой ставд хъæдуры гагатæ. — Уыцы хъæдур „отрадный“, зæгъгæ, хуыйны Локтевойы колхозы йæ бригадирæй ракуырдтам Дæтты бирæ тыллæг æмæ у хус рæстæгæн фæразон. — Ахæм адджын у, ахæм! Фен ма йæ!— загъта Машæ. — Иу æфсир дзы ратон, иу æфсир ницы. кæны,—бар радта Федя. — Кæд фæлварæн хъæдур у, уæд нæ хъæ- уы...—загъта Санькæ. 33 сæр БÆЛЛИЦ Участочы фæзынди Андрей Иванович. Сывæллæттæ йæ размæ разгъордтой. — А, Саня!—ауыдта йæ ахуыргæнæг.—Æрыз- дæхдтæ? Куыд у де ’нæниздзинад? — Бынтон æнæниз, Андрей Иванович. — Гъемæ тынг хорз. Ныртæккæ рынчын кæныны афон нæу. Æз дæр уын районæй хорз хабæрттæ ’рхастон. Кæм ис Захар Митрич? Фæдзурут ма йæм, лæппутæ. Фæлæ зæронд лæг æнæуый дæр тагъд-тагъд æрбацæйуади ахуыргæнæджы размæ. Андрей Иванович æм радта газет: — Бакæс ма, Захар Митрич, Стожарты тых- хæй куыд фыссынц, уый. Санькæ бакасти зæронд лæджы уæхсчыты сæрты. Районы газет „Ленинон фæндаг“ хорзыл ба- 252
нымадта Стожарты колхозы цы патриотон хъуыд- даг райдыдтой, уый — Зæронд Зæрæстон бахуым кæнын æмæ хуымгæнды зæхх фæфылдæр кæ- ныны хъуыддаг. Уый сидти иннæ колхозтæм дæр, цæмæй бафæзмой Стожарæгты хъæппæрис- дзинад æмæ бæстæйæн радтой фылдæр хор. Газеты фæрстыл лæмбынæг фыст уыди Катери- нæ Коншаковайы бригады тыххæй, кæцы хъуыд- дагæй æвдисы Зæрæстон зæххыл цавæр хъæз- дыг тыллæг æрзайын кæнæн ис, уый. — Зарæг амонджытæ суыдзыстæм. Æппæт районы дæр базмæлын кодтам, — схъæлдзæг ис Захар. — Ноджыдæр ма иу æхсызгон хабар, Захар Митрич,—загъта ахуыргæнæг.—Æз уым, районы æвдыстон нæ „коншаковкæйы“. Адæммæ хорз фæкасти. Куыд зыны, афтæмæй уыцы сорт рай- рæзын кæнын хъæудзæн канд нæхицæн нæ, фæлæ æппæт районæн дæр. — Рагæй дæр нæ афтæ цæрын хъуыди! — загъта Захар æмæ бакасти сывæллæттæм, стæй æрыскъæфты хуымтæм.—Æрыскъæфтæ цæуылнæ тонут? Æгæр срæгъæд уыдзысты, февналут ма сæм... Стæй дзы Андрей Ивановичы дæр фæ- хынцут. — Цæуон æмæ Катеринæ Васильевнæйæн ног хабар фехъусын кæнон,—загъта ахуыргæнæг æмæ Санькæйы дæр йемæ акодта. Уыдон араст сты быдырмæ. Андрей Иванович хъуыды кæнгæйæ фæлгæсыд йæ алфæмблай, стæй æрлæууыд: — Кæс ма размæ, Саня, уартæ уырдæм, Зæ- ронд Зæрæстонмæ. Ахъуыды ма кæн, уым цал- дæр азы фæстæ цы уыдзæнис, уый. Мæнæутæ бæзджынæй бæрзонд фæцæудзысты. Ахæм дис- саджы æфсиртæ сыл æрзайдзæнис æмæ-иу сæ рæз- 253
ты чи фæцæйцæуа, уый æрлæудзæн æмæ ба- фæрсдзæн: „Цавæр диссаджы мæнæу у уый?“ — „Уый „коншаковкæ“ у“, — дзурдзысты цæуджы- тæн æмæ æмбарын кæндзысты, зæххыл уыцы мæнæу куыд æмæ кæцæй фæзынди, уый. Æм- барыс, Саня? — Æмбарын, Андрей Иванович,—сдзырдта лæппу. — Ныр та ардæм ракæс, — ахуыргæнæг аца- мыдта хъæуьГрдæм. Зындысты хъамылæй æмæ хъæмпæй æмбæрзт алыхуызон хæдзæрттæ, нæу- уæй æмбæрзт ныллæг ныккæндтæ. — Ам дæрдтыл æрынцайдзæнис нæ хъæу. Ног хæдзæрттæ уæрæх рудзгуытимæ, æппæт рæтты дæр злектрон рухс, сæ алфæмблай цæхæрадæттæ, уынгты тротуартæ. Уæлæ уым къуыбырыл — клуб, театр, уым та почтæ, радиоузел. Æмæ уыцы ног хъæуы цæр- дзæнис Александр Коншаков, уый уыдзæн æры- гон бригадир, кæнæ агротехник, цы йæ бафæнда, уый. Боцъотæ йын нæмаис, фæлæ хъæуы мидæг у, г\ гъ кæмæн кæнынц, ахæм, зæронд лæгтæ йын æгасцуай дзурынц йæ къух исгæйæ, горæтæй йæм цæуынц ахуыргæндтæ, йæ куысты тыххæй йын хъусын кæны радио æппæт бæстæйæн. — Уанцон нæ дæ, Андрей Иванович!—феф- сæрмы ис лæппу. Æгæр бæрзонд мæ исыс. — Æмæ дæ нæ фæнды бæрзонд куы уаис, уый? Ныллæгæй дæм хуыздæр кæсы?—Ахуыр- гæнæг æдзынæг бакасти Санькæмæ. Дæ мад та стыр хъуыддæгтæ райдыдта, нæ тæрсы. Ды та цы кусынмæ хъавыс? Санькæфефсæрмы ис, йæпилоткæ йæ сæрæй систа æмæ йын йæ дысæйсыгъдæг кæнын байдыд- та йе’рттиваг сырх стъалы. — Нæма йæ зоныс? Уæлæ дын æз куыст ссардтон. 254
— Ссардтай? — Аргъæвæн кæмæн нæй, ахæм куыст уал. Кæндзынæ ахуыр. Бацæудзынæ æвдæм къласмæ. —- Андрей Иванович!..—æрхæцæгау фæкод- та Санькæ. — Басабыр у, Саня.—Ахуыргæнæг йæ къух æрæвæрдта лæппуйы уæхскыл,—зонын дæ мас- ты хабар. Дæ хæлæрттæ мын æппæтдæр ра- дзырдтой. — Тимкæ?! — О, уый. Машæ æмæ Федя дæр хъуыддаг зонынц, фæлæ сæм ды мæсты ма кæн. Уыдон хъуамæ афтæ бакодтаиккой. Ныр æй æмбарын, скъолайæ цæмæн рацыдтæ, уый. Дæу фæндыди дæ мадæн баххуыс кæнын, фæлæ хъуыддаг афтæ нæ рауад. Бафхæрдтай йæ. Уый афтæ фæнды, цæмæй алцыдæр уа, Егор Платоновичы рæстæ- джы куыд уыди, афтæ. Цæмæй йын мачи ферох кæна йæ хъуыдытæ, йæ бæллиц. Уый фæнды, цæмæй ды дæр уай, дæ фыды раз куыд уыдтæ, ахæм: дæ мадæнхорз хъæбул, скъолайы фæзминаг ахуыргæнинаг, фидæны та хъæуы мидæг нымад лæг. Ды та де скъола ныууагътай... — Математикæйæ, мæ хъуыддаг хорз нæу, — басасти Санькæ. — Зонын, рохуаты йæ ныууагътай. Фæкæсæг дæм нæ уыди. Фæлæ уыцы хъуыддагæн ис сраст кæнæн. Федя Черкашин дæуæй фылдæр зын- дзинæдтæ федта, фæлæ скъола нæ рох кæны. Æз дын, Саня, зонын дæ зæрдæйы ахаст: куы дæ бафæнда, уæд аййафдзынæ. Математикæйæ фæстейы чи зайы, уыдонимæ ныртæккæ ахуыр кæны Надеждæ Петровнæ. Ды дæр цæудзынæ уымæ. Куы бахъæуа, уæд дын æз дæр баххуыс кæндзынæн. Ахуыргæнæг ауыдта Катеринæйы къахвæн- 255
дагыл сцæйцæугæ æмæ йæ размæ ацыди. Сань- кæ баззади иунæгæй. Дымгæ фæйлыдта мæнæуы хуымтæ. Дардмæ цъæх дардта сысджы æмæ цъæх-цъæхидæй зын- дысты картофы хуымтæ. Рихиджын æфсиртæ фæндагмæ разæбул сты, æмæ хъыдзы кодтой Санькæйы къухтæ; йæ дидинæг кæмæн азгъæлд, уыцы кæрдæджытæн зæхмæ калдысты сæ мык- кæгтæ. Стыр хæмпус мигъ бааууон кодта хуры, фæ- лæ уæддæр йæ тынтæ фаты хуызæн, иннæрдæм хызтысты мигъты. Мæнæ ис йæ райгуырæн зæхх! Ам царди йæ фыд, ныртæккæ дзы фæллой кæны йæ мад æмæ ма Санькæйæн искуыдæр уыцы бынæттæй зы- наргъдæр исты ис. Арвыл бæрзонд зилдух кодта цавæрдæр маргъ. Æвæццæгæн цъиусур, кæнæ хъæрццыгъа. Сань- кæ бирæ фæкасти йæ тыхджын тахтмæ. Стæй бацыди бæрзонд æрхы былмæ. Тыхджын дымгæйы уылæн ныццавта Санькæйы риу, фæ- стæмæ йæ фæцудын кодта æмæ йæ фындзыл ауади хосы, доны кæрдæджы æмæ æхсыры тæф. Æмæ лæппуйы æвипп&йды æрфæндыди йæ тых бавзарын дымгæимæ, донимæ æмæ ма, чи зоны, ноджыдæр цæимæ. Санькæ зæххæй систа уираг тъæпæн дур æмæ йæ йæ тых йæ бонæй фехста, дымгæ кæцæй кодта, уыцьГрдæм. Дур бæрзонд фæцыди æмæ æрхаудта доны фале. Машæ æмæ Федя лæууыдысты, дон къуымау кæм бакъахыр ис æмæ æнæзмæлгæйæ кæм лæу- уыд, ахæм ран. Донæй истой урс хъоппæджытæ æмæ дурындзæгтæ. Доны сæрмæ сбадти цæппузыртæ: куы-иу æй цъырцъыраг йæ базырæй ныццавта, куы-иу ыл 256
цъингуыр аленк кодта, куы та-иу æм бæласæй апп æрхаудта. Санькæ æрхæй дæлæмæ ныггæпп кодта, змис йæ фæдыл ахæсгæйæ, æмæ балæууыд доны был. — Дидинджытæ уын æртонон? — ныхъæр кодта Санькæ. —Æрмæст бирæ, Саня!— бацин кодта Машæ, уымæн æмæ зыдта, уый хуызæн кæй ничи арæх- сыд, æнцад доны арфыты урс хъоппæджытæ æмæ дурындзæгтæ тонын. Санькæ ракодта æнгуыры хъæды хуызæн дар^ъ лæдзæг æмæ йын йæ кæрон фæсаджил кодта. Стæй йæ ауагъта рæсуг доны æмæ лæдзæ- джк саджилæй ацахста дидинæджы зæнг, лæдзæг дойæй систа æмæ урс хъоппæг кæрдæгмæ ’рхауд- та. Уый фæстæ дыккаг, æртыккаг... Урс хъоп- п&джыты фæстæ тонын байдыдта бур дидинджы- таё — дурындзæгтæ. Машæ тыххæйты æййæфта дидинджытæ уидзын. — Æгъгъæд у, æгъгъæд! Цæмæн хъæуы уый бæрц? Æз сæ фæразгæ дæр нæ акæндзынæн,— хъæр кодта Машæ. Æппынфæстаг Санькæ æртыдта фæстаг диди- нæг. — Бафсис дын нæй, Санькæ! Дæу кæддæрид- дæр бирæ хъæуы, — бауайдзæф ын кодта Машæ, йæ цæсгом уымæл, диссаджы тæфгæнаг дидин- джыты ’хсæн амбæхсгæйæ. Санькæ бацыди Федяйы цурмæ æмæ йæ сын- дæггай бафарста: — Уырыссаг æвзагæй дæ хъуыддæгтæ куыд цæуынц? — Ахуыр кæнын... Æрмæст мæ иу чысыл суф- фикстæ бакъуылымпы кодтой. — Кæй не’мбарай, уымæй мæ-иу бафæрс; 17. Стожартæ. 257
æфсæрмы ма кæн, кæд æй хъуыды кæнон, уæд дын æй бацамондзынæн. Æрхы сæрмæ фæзынди Никиткæ. Миты къуы- бырыл тулæгау, уый змисыл æрбырыди суанг доны былмæ. — Саня, нæ хæдзарыл мыды бындзытæ ’рбад- тысты! Æнæхъæн чыргъæды бæрц, — загъта Никиткæ ахæм хуызæй, цыма мыды бындзытæ чыргъæды бадтысты, уыйау. Санькæ фестади. Мыды бындзыты чыргъæд! Уый тынг хорз хъуыддаг у! — Æмæ раджы ’рбадтысты? — Раджы...'Æз дæ агурын, агурын... — Уæдæ згъорæм! — загъта Санькæ æмæ йе’фсымæрмæ йæ сæр фæтылдта. — Æмæ мыды бындзытæ ахсын зоныс, —ба- урæдта йæ Машæ. —Ахстон кæддæр... Мæ фыд сæ-иу арæх ахста. -- Уæд та Захармæ фæдзурæм. — Нæ хъæуы, цæрдæг фæлæудзыстæм, кæн- нод мыды бындзытæ махмæ не’нхъæлмæ кæсдзы- сты, уайтагъддæр атæхдзысты. — Уæдæ мах дæр демæ цæуæм! — загъта Машæ æмæ Федяимæ Санькæ æмæ Никиткæ- йы фæдыл азгъордта. Фæндагыл Никиткæ нымадта, мыды бындзыты чыргъæд куы ауæй кæной, уæд дзы цытæ балхæн- дзысты, уыдон. Фыццаджыдæр уал ын йæ цыры- хъытæ скæнын кæндзысты, стæй Феняйæн ног кæлмæрзæн балхæндзысты, кæд ма дзы æхца баззайа, уæд уымæй та Санькæйæн фæтæн салда- таг рон балхæндзысты стыр урс æргъæвæгимæ, хуымæтæджы цармæй йын цы фыдуынд рон ис, уый бæсты, уыцы рон ыл йæ пилоткæ æмæ йæ хæдонимæ æппындæр нæ фидауы. 258
Разынди Коншаковты хæдзар. Хъахъæнæ- джы хуызæн, хæдзары цур рацу-бацу кодта Феня. Йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп цæугæйæ, Санькæ бауади йæ хойы цурмæ, скасти хæрдмæ æмæ сæ хæдзары тигъыл ауыдта сау къуыбылой, уый кодта æмызмæлд. Æрбазгъордта Никиткæ. Санькæ йæ фæуагъ- та мыды бындзытæ хъахъæнынмæ, цыма куы тахтаиккой, уæд сæ Никиткæ баурæдтаид, уый хуызæн, йæхæдæг бауади хæдзармæ. Машæйæн бафæдзæхста афтид чыргъæд куыд ссара, аф- тæ. Федяйæн — цъылын схуылыдз кæнын, йæ хо- йæн^та æндах æмæ судзин сцæттæ кæнын. Йæхæдæг ссардта зæронд сасир, ратыдта йын йе згæ сыхырна, уый фæстæ голладжы бын алыг кодта æмæ йыл сыхырна бахуыдта. Голлаг йæ сæрыл æркодта, сыхырна йæ цæсгом- мæ куыд æрцыдаид æмæ йын кæсæн куыд уы- даид, афтæ, йæ уæлæ скодта йæ мады бæмбæг- джын къурткæ, йæ къухтыл æрмкъухтæ бакод- та, йæ къæхтыл та валенкæтæ скодта. — Æххуыс мын кæндзынæ? — бафарста Фе- дяйы. Уый йæ сæр разыйы тылд бакодта. — Уæдæ дæуæлæ исты скæн! Чызджытæ Федяйыл дæр скодтой дзаумæттæ. Фæлæ сасир нал ссардтой, æмæ йын уæд йæ сæр стыхтой къуымбил кæлмæрзæнæй. Лæппутæ тыхтытæй æттæмæ рацыдысты. Санькæ Феня, Машæ æмæ Никиткæйы хæдза- рæй дарддæр ацæуын кодта: чи зоны, уæд та цы нæ вæййы. Уый кæд бирæ хæттыты федта йæ фыды мыды бындзыты чыргъæд исгæ, уæддæр Сань- кæйы куыст хицæн кодта йæ фыдмæ хуылыдз цъылын æмæ ведра дæттынæй. 259
Чызджытæ иуфарс ацыдысты, Никиткæ та дыууæ хъæды ’хсæн бамбæхсти. Санькæ хæдзармæ асин сæвæрдта æмæ уæ- лæмæ хизын байдыдта. Федя та доны ведра, цъылын æмæ афтид чыргъæдимæ бынæй лæууыди. Санькæ ’рлæууыди асины уæллаг къахыл. Ныр мыды бындзытæм æххæссыди йæ къухæй. Мыды бындзытæ змæлыдысты æмæ кодтой мæсты гуывгуыв, цыма Коншаковты хæдзары æгæр бирæ кæй афæстиат сты, ууыл мæсты кодтой, уый хуызæн. Мыды бындзыты къуыбыло- йæ-иу бындзытæ стахтысты æмæ, уæлдæфы æрзил- гæйæ, фæстæмæ здæхтысты иннæтæм. — Цъылын, — сусæгæй æрдзырдта Санькæ бынмæ. Федя цъылын ведрайы ахуылыдз кодта æмæ йæСанькæмæ слæвæрдта. Санькæ, йæиу къухæй хæдзары тигъыл ныххæцыд, иннæ къухæй та бын- дзыты донæй пырх кæнын райдыдта. Сæ гуывгуывæй ныссабыр сты. Мыды бын- дзыты базыртæ схуылыдз сты æмæ сæ бон стæ- хын нал уыди. Федя Санькæмæ слæвæрдта афтид чыргъæд. Санькæ сындæггай бындзыты чыргъæд- мæ хафын байдыдта. Фæлæ, æвæццæгæн, хуылыдз цъылын бын- дзыты сеппæты нæ ныххуылыдз кодта æмæ цал- дæр мыды бындзы, чыргъæдæй стæхгæйæ, æрзил- дух кодтой Санькæйы сæрмæ, иу дыууæ та дзы сыхырнайы мидæмæ батахт. Санькæ фæсус хъæр фæкодта, йæ сæр ныт- тылдта æмæ сыхырнайы мидæмæ йæ ных ныц- цавта, стæй та йæ рус. — Донæй сæ бапырх кæн, донæй! —тæри- гъæ^гæнгæйæ загъта Федя, йæ фындз кæлмæр- зæны бынæйрадаргæйæ. Фæлæуыцы минут йæхæ- дæг ныхъæр кодта мыды бындзы хæстæй. 260
Æппынфæстаг Санькæ къуымæй расæрфта фæстаг мыды бындзы, чыргъæд æмбæрзæнæй æрæмбæрста æмæ тагъд-тагъд æрхызти бынмæ. Йæ алфæмблай хуылыдз цъылынæй дон апырх кодта, æнæ ахстæй ма чи баззади, уыцы бын- дзыты сургæйæ æмæ æнцонæй ныххудти: — Агъа, бахаудыстут, фæлæуут, ныр нал аирвæздзыстут... Фестæм, Федя! Лæппутæ сæ цæсгæмттæ байгом кодтой. Сæ размæ æрбацыдысты Феня, Машæ æмæ Ни- киткæ. Машæ бакасти лæппутæм æмæ ныххудти: Санькæйæн йæ цæст ныррæсыд, Федяйæн та йæ фындз. — Цы рæсугъд стут!.. Куыд у, риссы? Тынг уыл фæхæцыдысты? Никиткæ йæ хъус чыргъæдыл авæрдта æмæ цингæнгæйæ сдзырдта: — Куыд гуывгуыв кæнынц, байхъусут ма... Машæ дæр чыргъæдмæ æргуыбыр кодта, йе- ’мбæрзæн дæр ма йын базыхъыр кодта, фæлæ йæ уайтагъддæр фæстæмæ æрæхкæдта. — Цас мыды бындзытæ ссардтай, дыууæ ки- лограммы бæрц уыдзысты. Æнæхъæн чыргъæд фаг сты. Уыдон Захары куы уаиккой! Уый аф- тæ зæгъы, мыды бындзытæ дæр, дам, хоры хуы- зæн сты: иу мыды быидзы чыргъæдæй, дам, бирæ чыргъæдтæ скæнæн ис. Кæмæн сæ уæй кæндзы- нæ> _ фæзылди Машæ Санькæмæ.—Сыхаг колхо- зæн? Æви сæ базармæ ласдзынæ? Нæ фæлæ цы, уый зоныс, Саня? Цæй æмæ дын сæ мах балхæнæм. Сывæллæттæй сеппæтæй дæр æхца æрæмбырд кæнæм æмæ дын сæ балхæнæм. Стæй сæ Захар Митричæн балæвар кæндзыстæм... куыд бации кæндзæн, уый зоныс? Иу-дыууæ азмæ нæм 261
бындздарæн дæр фæзынид æмæ Локтевы колхозы онæй æвзæрдæр нæ уаид. — Ды æхцайы кой ныууадз... — мæсты каст бакодта Санькæ. Стæй æвиппайды фелвæста мыды бындзыты чыргъæд æмæ йæ чызджы къух- ты фæсагъта: — Хæц... Захарæн æй ахæсс! Машæ бакасти Федямæ, ауыдта Никиткæйы тæригъæддаг цæстæнгас, уый фæцæй æвнæлдта чыргъæдмæ. Машæ чыргъæд фæстæмæ зæххыл æрæвæрдта. — Нæ, нæ! Мыды бындзыты чыргъæд сымах у... Æнæмæнг æй ауæй кæн. Сымах иог дзау- мæттæ балхæнын хъæуы — Æз та дын афтæ зæгъын, æмæ йæ ахæсс,— схъæр кодта Санькæ. — Исты дын Петькæ Де- вяткин дæн? Исчи дæр ма йæхи колхозæн уæй кæны! —Æмæ куы бамбæрста, Машæ ма уæд- дæр дызæрдыг кæны, уый, уæд бынтондæр смæс- ты: — Кæд дæ нæ фæнды, уæд æй æз мæхæдæг дæр раттдзынæн! Æмæ ныхас фæудыл банымайгæйæ, Санькæ фæдзырдта Никиткæмæ æмæ хæдзармæ бараст: — Ды та чъынды ма у! Чысыл ис дунейыл мыды бындзытæ? Æртæхдзысты та. Æмæ дын, Никиткæ,уæд æз... Ды æрмæст хъахъæнгæ кæн. — Æмæ... æмæ æз куы ницы зæгъын,—ныу- улæфыд Никиткæ. — Кæй зæгъын æй хъæуы, æртæхдзысты та. Æз сæм ныр тынг кæсдзынæн. 34 сæр ИУ ИННÆМÆН ÆГЪДÆНЦОЙ Санькæ йæ цæст дардта йæ мадмæ. Раздæры хуызæн уый сæумæцъæхæй нал згъордта брига- ды уæнгтæм куыстмæ рацæуыны тыххæй, фæлæ- 262
иу бирæ рæстæг пецы цур фæархайдта, кæнæ та æнæсæрфат рацу-бацу кодта хæдзары. Арæх-иу куыстæй æрбаздæхти улæфты рæстæ- джы агъоммæ æмæ иу йæ дзаумæттæ дæр нæ раласта, афтæмæй схуыссыди. Æрбауади-иу сыхаг ус, цæхсадта-иу къустæ æмæ Катеринæйæн амыдта сеппæт низтæ дæр чи сафы ахæм цавæрдæр кæрдæджы дон нуазын. — Афтæ дæр адзæбæх уыдзынæн, — куыд фæндыйæ дзуапп лæвæрдта Катеринæ. — Æвæц- цæгæн суазал дæн... Уымæл зæххыл ахуыссыд- тæн. Санькæ дис кодта, куыд суазал уæвæн ис, ахæм хус æмæ тæвд бонты, суанг ма изæрыгон дæр зæхх боны хуызæн хъарм куы вæййы, уæд. Иу хатт фæсахсæвæрты Санькæ райхъал Евдокияйы зарæггæнæгау ныхасмæ. Æнæ авг цырагъ кодта гæзæмæ рухс, мад хуыссыди хуыс- сæны, йæхи норста хъæццулы бын, сыхаг ус та бадти йæ дæлфæдтæм æмæ хъаст кодта Татьянæ Родионовнæйæ: — Знон мæм сæрдар фæсидти правленимæ æмæ мын афтæ зæгъы: „Ды, дам, Девяткинæ, æнæниз сыл’гоймаг дæ æмæ акус быдыры, æх- сырласæгæй та, дам, æндæры сæвæрдзыстæм“. Æмæ цæй æнæниздæн æз! Быдыры куыстæй мæ астæуыстæг фæцæй сæтты, мæ зæрдæйы гуыпп- гуыпп ссæуы. Мæнмæ хæлæг кæнгæйæ, мæ фыд- кой кæнынц. Цыма æз базары сæудæджердзинад кæнын... Æмæ æниу уым æвзæрæй цы ис! — Колхозон хорæй ныр нæ фæцæрдзынæ. Стæй мах æнæниздзинадимæ колхозы кусæн нæй. Æз æрæджы уыдтæн горæты ме’фсымæр Яковмæ. Йæхимæ мæ кæны, артельмæ, зæрдæ мын æвæры, къæбицы хицауæй мæ сæвæрын кæндзæн. 263
Цом иумæ, Катюшæ! Дæуæн дæр дзы куыст фæуыдзæн. Санькæ хъуыста лæмбынæг. Уый цы у? Рвдокия мæ мадæн Стожартæй ацæуыны тыххæй лæгъстæ кæны, уый та йæм æнцадæй хъусы æмæ ныхъус, ницы дзуры. — Сывæллæттæн дæр æнцондæр уыдзæн, — дзырдта дарддæр Евдокия.— Петькæ æмæ Сань- кæйы цырыхъгæнджытæм раттдзыстæм, уыдоны рагæй дæр фæнды. Санькæ йæ хуыссæны базмæлыд, стæй сыстади æмæ, бæгъæввадæй пъолыл тъæпп-тъæппгæнгæ, бацыди ведрайы цурмæ, къусы дон систа æмæ йæ хуыппгай, нуазын байдыдта, кæд ын дойкы нæ уыд, уæддæр. — Æмбисæхсæв цы сыстадтæ? — бафарста йæ Евдокия. — Фынæй уыдтæн æмæ мæ райхъал код- тат... — Санькæ цырагъ бæрзонд систа, къулы сахатмæ бакасти, гири уæлæмæ сласта æмæ тызмæг каст бакодта сыхаг усмæ. — Тагъд уас- джытæ уасын байдайдзысты... — Æцæгæй ныр æнафон у, — сыстадис сы- хаг ус. — Уæдæ ахъуыды кæн, Катюшæ. Хорз- дзинад дын зæгъы мæ зæрдæ, æттагон мын нæ дæ. Санькæ йæ фæстæ рацыди, калиткæ къæбæ- лæй сæхкæдта фæстæмæ, хæдзармæ æрбаздæхти æмæ йæ мады фарсмæ ’рбадти. — Цы сусæг ныхæстæуæм ис Евдокияимæ? Цæй арæх дæм цæуын байдыдта? — Ихæн кæнын, Саня... Исты ма мыл æрæм- бæрз, — сдзырдта, Катеринæ. Санькæ йæ мадыл кæрц æрæмбæрзта. „Асайдзæн æй уыцы Девяткинæ, йæ сæр ын разилын кæндзæн“, — сагъæсгæнгæйæ ахъуыды 264
кодта Санькæ æмæ æвиппайды йæ цæстытыл ауади, йæ мад сæ хæдзары дзаумæттæ уæрдоны куыд æвæры, рудзгуытæ куыд æхкæны, дуарыл гуыдыр куыд æвæры æмæ æнæхъæн бинонтæй дæр Стожартæй куыд фæцæуынц, уый. „Уыцы Евдокияйы æз нæ хæдзармæ нал æрба- уадздзынæн, — сфæнд кодта Саня.—Тыргъы схи- зæнтæ хырхæй алыг кæндзынæн, уадз æмæ йæ къах асæтта“. Дыккаг бон Катеринæ афæлвæрдта сыстыныл, фæлæ йæ бон нæ баци. Стæвд ис. Æхсæвы сæнттæ цæгъдын бай- дыдта—дзырдта Егормæ: куы йын лæгъстæ кодта раздæх, зæгъгæ, куы та йын хæрзбон дзырдта. Санькæ æхсæв-бонмæ йæ цæст дæр не’рцъынд кодта. Тыхстхуызæй рацу-бацу кодта хæдзары къуымты æппынæлзухæй æмæ фарста йæ мадьт, цæхджын туацъы нæмыг, кæнæ йæ къуымæл хъæ- уы æви нæ, уымæй. Райсомæй йæ тæвд фæкъаддæр æмæ Катеринæ Санькæйы арвыста сыхаг усмæ хъуг æрдуцæд æмæ пецы арт скæнæд, зæгъгæ. — Нæ нæ хъæуы Евдокия,—загъта Сань- кæ,—мæхæдæг сæ бакæндзынæн. Хъугдуцæн къæрта райста æмæ Феняимæ ра- цыди кæртмæ. Катеринæ хуыссæнмæ хъуыста хъугимæ куыд удхар кодтой, уый. Санькæ хъуджы хуыдта алы уæздан нæмттæй: рæсугъд, зондджын. Иæ фа- джысæй дзаг къæхтæ та йын схуыдта гыццыл рæсугъд къæхтæ. Стæй уæддæр, æвæццæгæн, нæ бафидыдтой æмæ Санькæ хъугыл уыцы иу хъæр фæласта, фыдуаг кæй у æмæ йæ афонмæ дæр æргæвдынмæ арвитын кæй хъуыдис. Уалынмæ æрбазгъордта Машæ æмæ Сань- кæйæн рауайдзæф кодта, раздæр æм кæй нæ 265
бадзырдта, уый тыххæй: æнæуый цыфæнды фæ- уæд, фæлæ хъуццытæ дуцын лæппутæй хуыздæр зоны. Æрбацыдысты Федя æмæ Тимкæ—лæппутæ байдыдтой хæдзары куыстытæ кæнын. Æрбахас- той сугтæ, дон, пецы арт бандзæрстой, стæй хъаугъа кæнын райдыдтой, уæларты картæфтæ æвæрынæн раджыунырма, æви нæ, ууыл. Уалын- мæ цыдæр афæлдæхтой, æвæццæгæн адджын дон, уымæн æмæ пецы сугты цъысцъыс ссыдис. — Мацы бæллæх саразут, æнарæхстытæ...— рахъил кодта Катеринæ.—Фæлтау цæут. Афтæмæй та йын æхсызгон уыди, сывæллæт- тæ йыл афтæ æнувыд кæй сты, стæй Санькæ- имæ афтæ кæй балымæн сты, уый. Æрбацыди Ленæ Одинцова æмæ лæппуты дохтырмæ арвыста, пецы раз уæ ницы хъуыд- даг ис, зæгъгæ, йæхæдæг Машæимæ райдыдта хæдзары куыстытæ кæнын. Æмбисбон Иван Ефимович бабæрæг кодта Катеринæйы. Уый раиртæста, йæ рæуджытæ кæй суазал сты, уый, рафыста йын хостæ æмæ кар- зæй бафæдзæхста йæ хуыссæнæй куыннæ ста, афтæ. Фельдшер куы ацыди, уæд Катеринæ афынæй. Фынæйæ та ногæй сæнттæ цæгъдын байдыд- та. Санькæ иу минутдæр йæ разæй æтгæмæ нæ цыди. Катеринæ райхъал талынггæрæтты æмæ йæ фырты нал базыдта, Санькæ æууæрста хъæц- цулы кæрон æмæ йæ уадултыл уадысты цæс- сыгтæ. — Æдылы... Тæрсгæ фæкодтай?—йæ мидбыл- ты зына-нæзына худт бакодта мад æмæ, хъæццулы бынæй йæ къух радаргъ кæнгæйæ, бавнæлдта Санькæмæ. 266
Фæлæ Санькæ æрхызти сынтæгæй æмæ рудзынджы цурмæ бацыди. — Хуысс, хуысс! Дуар æрбахостæуыд. Санькæ рауади æмæ хæрхæмбæлд фæци Евдокияйыл. — Саня, дæ фыды ус та цы кæны?Афтæ зæ- гъынц, фæрынчын, дам, ис? Æз ын мæнæ кисель æрбадавтон. — Нæ хъæуы,—бустæ хуызæй дзуапп радта Санькæ æмæ хъавыди дуар æрбахкæнынмæ. — Дохтыр афтæ загъта, уæлдай адæм, дам, æм къаддæр цæуæд. — Уæлдай та кæй хоныс, сидзæр?—ныддис кодта Евдокия. — Æдзух „сидзæр, сидзæр“ цы кæныс?— йæхи фæхъуынтъыз кодта Санькæ. Мæн афтæ мауал хон... стæй Феняйы дæр афтæ ма хон! Мах нæ фæнды! — Уæд та уæ куыд хонон, уый мын зæгъут. — Куыд зоныс, афтæ... Стæй мæ мады дæр ма хъыгдар! — Уый цавæр ныхæстæ кæныс? — фæхъыги Евдокияйæн. — Хуымæтæджы ныхæстæ. Цæмæн æй сайыс кæдæмдæр? Кæд колхозы дæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæд цæугæ. Мах Стожартæй никуыдæм цæуæм. Евдокия йæ куырмдзаст цæстытæ тагъд-тагъд æрныкъул-æрныкъул кæнын байдыдта: — Мæнæ цы хуызæн разындтæ... Коншаков! — Ахæм, гъе... Мæ мады мын куы дзæгъæл кæнай, уæд та дыл Татьянæ Родионовнæмæ бахъаст кæндзынæн,—загътаСанькæ, дуар æрбах- кæдта æмæ йæ æхкæнæнæй æрфидар кодта. Из.æры та, Санькæ сæхимæ куы нæ уыдм, уæд Евдокия, цыма æппындæр ницы ’рцыди, уыйау Катеринæмæ бауадм. 267
Санькæ цы бакæна, уымæн ницы зыдта. Машæ æмæ Федяйыл амбæлди æмæ сын рахъаст кодта Евдокияйæ. — Уый æнаккаг у!—фæмæсты ис чызг.— Æцæгæй дæр ма сæ Татьянæ Родионовнæйæн радзур. Уый йемæ аныхас кæндзæн. Чи зоны, æмæ йæм правленимæ дæр фæсида. — Хорз нæу афтæ,—фефсæрмы Санькæ. — Адæм цы банхъæлдзысты! Зæгъдзысты, цавæр бинонтæ сты Коншаковтæ. Раздæр фырт цæуын- мæ хъавыд колхозæй, ныр та мад. — Уый раст у,—сразы чызг.—Саня, ды кæс Девяткинæмæ, хъахъæ дæ мады. — Æз æй æнæуый дæр хъахъæнын... Сымах дæр исты куы бафиппайат, уæд-иумын фехъу- сын кæнут. — Кæй зæгъын æй хъæуы,—йæ сæр батылд- та Машæ. Фæлæ Евдокияйы хъахъæнын æнцон нæ уыд. Иу хатт Санькæ бæхдоны куыста, афтæмæй йæм æрбазгъордта Машæ æмæ йын фехъусын кодта, Евдокия та Катеринæйы цур бады, зæгъгæ. Санькæ азгъордта сæхимæ. Феня цæхæрадоны тыдта къабускайы стыр цъæх сыфтæ, уыдон уыдысты, цыма сæ исчи нæмгуытæй ныххуынчъытæ кодта, уый хуызæн. — Æз дын куыд бафæдзæхстон! — мæстыйæ загъта Санькæ.—Хæдзарæй цæугæйæ дуар æх- кæн, зæгъгæ, дын нæ загътон. Ды та Евдокияйы куы ’рбауагътай! — Æмæ йæ, Саня, æз куы сæхкæдтон. Уый ахæм ус у æмæ, æвæццæгæн, цæхæрадæттыл æрбацыд. Санькæ бацыди талынггомау сенæмæ. Уым кодта бæрз бæласы сыфты тæф. Рахæцынмæ хъавыд дуары хæцæныл, фæлæ дуар æвиппайды 268
фегом æмæ Евдокия, чысыл ма бахъæуа, Сань- кæйыл йæхи ма скъуыра, афтæмæй рагæпп ласта хæдзарæй. Стæй фæзылд, æртæ хатты нытту кодта къæсæрыл æмæ, йæхи мидæг цыдæртæ адзургæйæ, разгъордта уынгмæ. — Цы ’рцыди ам?—аивæй бафарста Санькæ* хæдзармæ бацæугæйæ.—Цæмæ ’рбацыди? — Куы нæ мæ фæрсис, уæд хуыздæр уаид!— йæхи хъæццулæй æмбæрзгæйæ, йæ къух ауыгъ- та Катеринæ. Йæ къухтæ кодтой зырзыр, йæ рустыл фæзынди сырх стъæлфытæ. — Искуыдæм та дæ сайдта? — О... Дæуæй мæ фарста... Цырыхъгæнджы- тæм, дам, кæд цæуыс. Петькæ мадæм ныр дæр æнхъæлмæ кæсы. Санькæ асырх ис. Афтæ йæм фæкаст, цыма дзы йæ мад цыдæр сусæг кæны æмæ мæстыйæ фæхъæр кодта: — Иу цырыхъгæнджытæм дæр нæ цæуын! Уый бамбар! Нæ хæдзар сæхкæнын дæр нæ бауадздзынæн. — Цæй тыххæй зæгъыс уый? Цавæр хæ- дзар? — Кæй зæгъын æй хъæуы, мах, Коншаковты хæдзар. Цæмæн хъусыс Девяткинæмæ! „О“, „о“ йын куы кæныс, йæ ныхасыл ын дыууæ куынæ уал фæзæгъыс. Фæлæу, æз кæмæ хъæуы, уымæ куынæ ныффыссон! — Кæдæм ныффысдзынæ, кæмæ?—фестъæл- фыди Катеринæ. — Кæмæ ныффыссон, уый ис. Мæ фыдмæ. Уый уым хæцгæ кæны, йæ алыфарс нæмгуытæ, минæтæ æхситт кæнынц... Алы минут дæр ын амарынæй тас у... Ды та... Катеринæ йæ сæр схъил кодта æмæ лæгъ- стæгæнæджы каст бакодта йæ фыртмæ: 269
— Цæмæн афтæ кæныс, Саня, цæмæн? Мæ зæрдæ та куы ныссæххæтт кодта. Æз алцыдæр зонын... Федтон, дæ риуы дзыппы цы гæххæтт хæссыс, уый. — Зоныс? Кæцæй йæ зоныс? — æрхæцæгау фæкодта Санькæ æмæ йæ хæдоны дзыппмæ фæ- лæбурдта. Бирæ рæстæг фесты æнæдзургæйæ, алкæмæ дæр уыди хицæн. хъуыдытæ. Уый фæстæ, иу- фарсы ’рдæм кæсгæйаё, Санькæ бафарста: — Ныр дæ уромæг нал ис... Уæдæ æцæгæй ацæудзынæ? — Цæй тыххæй дзурыс?—ныддис кодта Ка- теринæ.—Кæдæм цæуын. Исты дын Девяткинæ дæн? Уый рацу-бацу кæны йæ цард-цæрæнбонты, æнцон куыст агургæйæ. Цы у уымæн колхоз? Бон асадæнгæнæн. Мæнæн мæ хъуыдыйы дæр никуы уыдис Стожартæй ацæуын æмæ уæ фыды хъуыддаг ферох кæнын. Нæ зæххæй хуыздæр зæхх дунейыл дæр нæй. Мæнæн ам алы бæрз бæлас дæр, алы æрдуз дæр зынаргъ у. Æрмæст зианы хабар куы фехъуыстон, уæд тынг фæры- стæн. Ме уæнг ницæмæ уал тасыд. Иннæрдыгæй та мæ ацы Девяткинæ нал уадзы. Мæ цардыл мын хъарджытæ кæны. Уый фæстæ райдыдта колхоз фауын. Æздæрæммæхи нал баурæдтон... Æмæ йын абон хорз фæдæн... — Фæлæу ма, фæлæу!—йæ ныхас ын фæу- рæдта Санькæ. — Уæдæ Девяткинæйы тæргæ акодтай? Хæдзарæй йæ феттæдуар кодтай? Мæ- нæй афтæ ма, нæ къæсæрыл цæмæн тутæ кæны. — Кæй зæгъын æй хъæуы, хъиладзагъдæй йæ нæ атардтон, фæлæ ныр иу цасдæр нæ хæдзар- мæ фæндаг ферох кæндзæн. — Афтæ йын хъæуы,—сразы ис Санькæ.— Æз дæр ын хæрзтæ загътон... 270
— Зонын æй, —йæ мидбылты бахудти мад.— Дæуæй дæр мын рахъаст кодта. Афтæ зæгъы, нæ, дам, мæ нымайы Саня. Уæдæ мæ сæрыл хæцыдтæ? Бузныг. — Æмæ Катеринæ æдзынæг бакаст йæ фыртмæ. — Ныр нæ хæдзарæй никуы- дæм уал ацæудзынæ? Мах ныр хъуамæ æнæ фыдæй кæрæдзиуыл æрхъæцмæ дæр ма хъæцæм. — Ныр нал ацæудзынæн.—Санькæ къæмдзæ- стыгхуызæй иуфарсы ’рдæм акасти. — Уæд æз фæрæдыдтæн, хорз нæ бакодтон... Катеринæ йæхимæ æрбахæстæг кодта йæ фырты æмæ йæ сабырæй бафарста: — Æмæ, Саня, ныр цавæр фæ.ндагыл ныл- лæууыдтæ? Афон дын у фæскомцæдисмæ ба- цæуын дæр. Санькæ сындæггай ныуулæфыд. Цы у йæ бон зæгъын? Уый раджы ныффыста курдиат. Афтæ йæм касти, цыма хъуыддаг бынтон æнцон уыдзæн. Æмбырды радзурдзæн, куыд кусы, цал фæллойбоны йын ис, æмæ иууылдæр сæ къухтæ сдардзысты Санькæйы фæскомцæдисмæ айсыны тыххæй. Фæлæ йын Ленæ йæ курдиат исгæ дæр нæ акодта. „Цалынмæ фæстæмæ скъоламæ ’рбаз- дæхай, уæдмæ дын дæ курдиатмæ не ’ркæсдзы- стæм“, —загъта уый. Æмæ Санькæ курдиат дары йæ хæдоны дзыппы. Рудзынгæй йæ сæр æрбадардта Петькæ Де- вяткин. — Цы дæ хъæуы, Петя?—бафарста Кате- ринæ. — Мæ мад афтæ зæгъы, нæ хъугдуцæн къæрта, дам, ма æриут. Æнæуый дæр æй ныр дыууæ къуырийы дарут уæхимæ. — Ратт сын æй, Саня, уæртæ сенæйы ис æмæ,—йæ сæрæй ацамыдта Катеринæ. 271
— Бынтондæр сæхи ахицæн кæнынмæ хъа- вынц!—ныппыррыкк кодта Санькæ. — Бынтондæр, бынтондæр! — ныххудти мад. — Дæ разы пецы цур сæ цæхæрхафæн æмæ сæ хуынкъ чугунок æмæ сын уыдон дæр ратт. Санькæ сæ уынгмæ рахаста æмæ сæ Петь- кæмæ радта. — Хæдæгай, Коншак, фæстаг хатт ма дæ фæрсын: цырыхъгæнджытæм цæуынмæ дæм æн- хъæлмæ кæсон, æви куыд? — Фæстаг хатт дын дзуапп дæттын — бирæ дæ бахъæудзæн æнхъæлмæ кæсын...—ныххудтй Санькæ. 33 сæр РАЗВЕДКÆ ФЕХЪУСЫН КОДТА Райсомæй Санькæ араст ис участокмæ. Ныр уый ардæм цыди алы бон дæр, искуы иу хаттæй фæстæмæ, æххуыс кодта сывæллæттæн рувынмæ, губагк кæнынмæ, дон пырх кæнынмæ. Фæлæ йæм уый æгъгъæд нæ касти æмæ Санькæ хъуыды кодта ног хъуыддæгтæ. Райдыдта цæхæрадоны куыстгæнæн дзаумæттæ ремонт кæнын, сцыргъ кодта белтæ, кауæн скодта ног дуар. — Захар Митрич, цы ма хъæуы, — фарста зæронд лæджы. — Цыма сæ иууылдæр фæдæ, афтæ мæм кæсы,—дзырдта Захар. — Хъулон уырытæ уæ нæ хъыгдарынц? Æз сын къæппæджытæ скæндзынæн. — Уæлдай дæр ма нæм ис къæппæджытæ. Дæ размæ Алёшæ бацархайдта, — дзуапп лæвæрдта зæронд лæг æмæ, лæппу арæх „коншаковкæмæ,, 272
куыд кæсы, уый бафиппайгæйæ, йæ мидбылты худти: „Эх, æндæр хуызæн фестын кодта мæнæу лæппуйы! Æрсабыр æй кодта“. Участочы-иу æмбисбон тæвды тыххæй куыс- тытæ куы ныууагътой, уæд-иу Санькæ æмæ Федя искуыдæм аууонмæ бацыдысты æмæ чин- гуытæ рафæлдæхтой. Раст зæгъын хъæуы, ахуыр уый бæрц тынг нæ кодтой. Куы-иу чиныгыл бæласæй сыкъаджын цъæх къуыдыр калм æрхаудта. Куы-иу къухыл бур цæрдæг мæлдзыг сбырыд, фындз-иу ныц- цавта хурмæ чи стæвд уыцы туаг кæрдæджы тæф. — Федя, ацы кæрдæг та цы хуыйны? —фар- ста Санькæ, йæ чиныджы кæсын фæуадзгæйæ: кæрдæджытæ йæм иууылдæр кастысты кæрæ- дзийы хуызæн. Федя кæддæриддæр дзуапп радтын зыдта. Хорз ахуыргонд адæймаг чиныджы куыд зона, афтæ уый дæр зыдта бæлæсты, цъиуты, хъæн- дилты тыххæй. Санькæ раздæр фиппайгæ дæр кæй нæ кодта, уыцы чысыл кæрдæгæн Федя зыдта йæ ном, йæ миниуджытæ. Мæнæ æнгуыр- стан-кæрдæг. Уымæй кæнынц зæрдæйы хос. Дзындзалæг, зæгъгæ, кæй хонынц, уыцы кæр- дæгæй баур&мæн ис туг, купенайæ дзæбæх кæ- нынц æндыснæг. — Ай кæрдæджыты дæсны куы дæ, кæрдæ- джыты,—дис кодта Санькæ. — Æз цæй дæсны дæн...—дзуапп лæвæрдта Федя.—Дадайæ цы зæгъыс, уый зæгъ. Уый æр- дзЫ’ дæсны у. Бахæлæг æм кæндзынæ! — Æмæ-иу æвиппайды йæ зæрдыл æрбалæууыд: —Хъус ма, нæ хынцинаг та ныддæргъвæтин уыдзæн. Цæй уæдæмæ нæ алфæмблаймæ мауал кæсæм... Фæлæ Санькæ абон ахæм хъæлдзæгæй æр- 18. Стожартæ. 273
базгъордта æмæ ма йæ Машæ фæрсгæ дæр ба- кодта: — Цæуыл цин кæныс? — Цы, уый зоныс. Знон иу хынцинагыл нæ сæр фæхостам... æмæ ницы! Стёпæ дæр æй не скодта.. Ныр абон райсомæй абадтæн æмæ йæ акодтон. Кæми Федя? — Æмæ ам куы нæ ис. Ацыди. — Кæдæм ацыди? — Никæмæн нииы загъта. Знон изæрæй йæхи арæвдз кодта æмæ ацыди. Зæронд лæг æнкъар- дæй, æнæдзургæйæ рацу-бацу кæны. — Федяйы мады немыц судзгæ мæнæуы хуымы баппæрстой, зæгъгæ, уый æцæгу? —иу цаслæр æнæдзургæйæ алæууыд, стæй бафарста Санькæ. Машæ йæ сæр æруагъта: — Æцæг у. — Æмæ йын хæстæджытæ дæр нал ис? — Федя афтæ, мады хо, дам, ма мын ис. Фæлæ уый дæр ныртæккæ кæми, уый бæрæг нæй.—Машæ хъуыдыты аныгъуылд. — Кæд Федя совхозмæ ацыди искæй агу- рынмæ. — Кæй агурынмæ? — Нæ зонын, Саня...— фæджих и чызг. Уыцы бон участочы куыст рæвдз нæ цыди. Нæ зынди зæронд лæг Захар дæр. Машæ æмæ Санькæ цыдысты æнæдзургæйæ, арæх згъордтой стыр фæндагмæ, кæд Федя искуыцæй фæзынди, зæгъгæ. Санькæ сæхимæ куы ’рбацыди, уæд Катери- нæ уайтагъддæр бафиппайдта, цæуылдæр мæсты кæй у, уый. — Искæимæ та фæхыл дæ? — Куынæ... — Санькæ азылди рудзынджы 274
’рдæм.—Федя Черкашин кæдæмдæр ацыди, ни- кæмæн ницы загъта, афтæмæй. Рудзынджы цур, цыма искæмæн йæ сæрæй кувы, уыйау ратас-батас кодта лыстæг бæрз бæлас. Хуры тынтæ иннæрдæм хызтысты йæ сыфтæрты. Йæ фарсмæ лæууыди æрыгон цъуй бæлас. — Мама! — Санькæ бацыди йæ мады размæ æмæ, тагъд-тагъд дзурын райдыдта: — Кæд ма Федя æрыздæха, уæд æй нæхимæ æрбакæндзы- стæм... махимæ цæрдзæни. Æрбакæндзыстæм æй, мама? Катеринæ æдзынæг ныккасти лæппумæ æмæ йæ мидбылты бахудти: — Æрбакæндзыстæм, Саня, æрмæст уал цæугæ æркæнæд. ... Машæ нæ фæрæдыд. Федя æцæгæйдæр ацы- ди, совхоз „Высокое“-мæ. Фæлæ куы нæ ацы- даид, уæд хуыздæр уыдаид. Сæ чысыл урс хæ- дзары аргæ дæр нал скодта, совхозы адæм уыдыс- ты ног, кæй нæ зыдта, ахæмтæ æмæ Федяйы зонгæ дæр ничиуал бакодта. Федя Стожартæм æрбаздæхт изæрæй. Участок- æй йæ æппæты разæй ауыдта Санькæ. Фæдзырдта Машæмæ æмæ дыууæйæ дæр йæ размæ аз- гъордтой. Æвиппайды Санькæ дзыхълæуд фæкодта. — Цы, уый зоныс, Машæ, цæй æмæ йæ мацæ- мæй бафæрсæм. — Чи зоны, афтæхуыздæр уыдзæни,—сразы чызг æмæ фæстæмæ раздæхтысты. Дыккаг бон сывæллæттæ участокмæ куы ’рцы- дысты, уæд Федя уыди уым. Уый дзуццæджы бадти фæндзæм кълеткæйы раз æмæ мæнæуы халтæй уыгъта цыдæртæ. Дардæй афтæ зынди, цыма æрыскъæфтæ тоны, уый хуызæн. 275
— Ардæм, лæппутæ!—ныхъæр кодта Федя,— мæнæ цы ссардтон! Иууылдæр базгъордтой Федямæ. Уый сæм равдыста банкæ. Банкæйы быныл хылдысты фæ- ныкхуыз фыдуынд хъæндилтæ. — Фу, цы ’лгъаг сты,—иуфарс азылди Зинæ: уый тынг тарсти алыхуызон хъæндилтæй æмæ уаллæттæй.—Куыд дæм цæуы уыдонмæ дæ къух- тæй æвналын! — Æмæ уый цавæр хъæндил у, уый зонут?— бафарста Федя.—Уый у клоп—черепашкæ, зæгъ- гæ, кæй хонынц, ахæм—тæккæ æвзæрдæр знаг- гадгæнæг. — Ныууадз ма, Федя,—загъта Зинæ æмæ йæ къух ауыгъта,—алы хатт дæр ды исты ахæм æнæ ’рхъуыдыгæнгæ нæ фæвæййыс! Куы фæ- зæгъыс зæххы æхсынкъ, куы та—клоп черепа- ховый... — Черепаховый нæ, фæлæ черепашкæ. Афтæ хуыйны. Федя мæнæуыл ссардта клоп—черепашкæ æмæ йæ дзыппæй систа стыргæнæн авг. — Кæсут-ма, уыцы лæвархор цы ми кæны, уымæ. Санькæ райста стыргæнæн авг æмæ йæ æф- сирмæ бахæстæг кодта. — Цы дзы уыныс? Дзур!—бакъуыр-бакъуыр æй кодтой сывæллæттæ. — Йæхицæн æнцад хилы... Ракæс-бакæс кæ- ны... Сабырдæр ут... Кæдæм мыл ныххуыссыды- стут... Кæсут-ма, кæсут, ныллæууыди. Агъа! Йæ хæтæлфындз раппæрста... цы лыстæг у, цы... Нæмыджы фæхуынкъ кодта... Цъиры йæ. Ахæм ма дзы знаггадгæнæг уа! Афтæмæй сын уый сæ сой иууылдæр бацъирдзæн! Санькæ хъавыди æфсирæй гыццыл хъæн- 276
дил райсынмæ, фæлæ йæ Машæ нæ бауа- гъта: — Фæлæу, мах дæр æй фенæм! Стыргæнæн авг къухæй-къухмæ ацыди. Æрбацыди зæронд Захар. Банкæйы ауыдта клоп—черепашкæйы æмæ йæхи фæхъуынтъыз кодта: — Э,-э! Нæ зæронд знаг. Кæм æй ссардтат? — Халсартыл æмæ мæнæутыл. Мæнæ кауы ацы фарс,—бацамыдта Федя. — Уæдæ хъæдæй æрбабырыд. Ныр бирæгæйт- тæй зынын байдайдзысты. — Хуымтæн дзы исты тас у? —бафарста Санькæ. — Искуыдæр ма нæу! Æртын фæндзæм азц уыцы æлгъаг ахæм зиан ракодта æмæ хортыл æфсир нал ныууагъта! — Захар Митрич,—сдзырдта Машæ,—зæгъын хъæуы Татьянæ Родионовнæйæн... — Цы, уый зонут!—Захар йæ цæст ахаста сывæллæттыл:—Степан! Стёпæ фестади æмæ зæронд лæджы цур æф1 сæддоны лæуд акодта. — Демæ акæн дыууæ лæппуйы, æрзилут участокыл æмæ йæ ссыгъдæг кæнут. Дзуапп дæ бацагурдзынæн алы æфсиры тыххæй дæр..1 Фёдор! — Хъусын дæм, дада! — Иннæты иууылдæр демæ акæн æмæ цæу- гæут хуымтæм разведкæйы. Дзæбæх кæсут хор- тæм, черепашкæтæ сыл бирæ ис, æви нæ. Рай- дайут хъæдмæ хæстæгдæр хуымтæй. Æз уыдзы- нæн правленийы. Федя сывæллæттимæ арасти хуымтæм. Сань- кæ иу чысыл афæстиат, стæй Стёпæйы иуфарс акодта: 277
— Цы, уый зоныс... Фæкæс ма ам участокмæ. Курын дæ... — йæхæдæг фæсырх æмæ Федяйы фæстæ азгъордта. Æмбисбон „разведкæгæнджытæ“ æрбазгъорд- той колхозы правленимæ. Къантор адæмæй уыд йе дзаг: зæронд Захар цы хъуыддаг фехъу- сын кодта, ууыл сагъæс кæнгæйæ, Татьянæ Ро- дионовнæ уайтагъд æрбамбырд кодта брига- дирты. — ТатьянæРодионовнæ... Мæнæ!—Тыхулæфт кæнгæйæ, загъта Федя æмæ сæрдармæ балæ- вæрдта æнæхъæн къоппы дзаг хъæндилтæ. — Кæм сæ æрæмбырд кодтат? — Æппæт хуымтыл дæр æрзылдыстæм. Сеппæтæй фылдæр хъæндилтæ ис Катяйы хуымы. — Уыдон хъуаг ма уыдыстæм!— Татьянæ Ро- дионовнæ ныккасти къоппмæ, рудзынгыл æй æрæвæрдта æмæ фидарæй загъта æмбырды уæв- джытæн: — Куыд уынæм, афтæмæй разведкæ раст фехъусын кодта. Хъæндилтæ тæхынц хъæдæй. Фæстиатгæнæн нæй. Адæмы быдырмæ ракæнут, знаггадгæнджыты уидздзыстæм къухæй,—Татья- нæ Родионовнæ бакасти Ленæ Одинцовамæ æмæ загъта:—Катеринæ рынчын у? Хорз нæ рауад... Цы гæнæн ис, Ленæ, райс уал бригад дæхимæ. Сарæхсдзынæ? — Куыд уыдзæн, нæ зонын, Татьянæ Родио- новнæ... Адæм нæм чысыл ис...—Ленæ йæ ныхас æххæстæй нæ фæцис, афтæмæй фæстæмæ ра- касти: Машæ йын йæ дысыл рахæц-рахæц кодта æмæ амыдта йæхимæ, Федя æмæ Санькæмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллæттæ нæм... — Ууыл та ныхас кæнын цæмæн хъæуы!— хъуыддагхуызæй загъта Захар. — Кæд хъæуынц, уæд иууылдæр æрцæудзысты. 278
— Мах хъæндилты сеппæты дæр фесафдзыс- тæм!—зæрдæ бавæрдта Машæ. —Хъæуыл æрзилут æмæ сывæллæттæ фыл- дæр æрæмбырд кæнут,—бауынаффæ сын кодта Татьянæ Родионовнæ. Сывæллæттæ рацыдысты уынгмæ. Къанторы рудзгуыты бын кæрчытæ къуырц- къуырц кодтой зæхх, цыма сын исчи хорз мæнæу акалдта, уыйау. Федя сæм хæстæгдæр бацыди. Кæрчытæ нæмгуытæ нæ, фæлæ уыгътой хъæн- дилтæ. Сæ разы лæууыди афтид зестын къопп. Æвæццæгæн æй исчи рудзынгæй раппæрста. Федя фæдзырдта сывæллæттæм æмæ сын кэерчытæм ацамыдта: — Уыдоны дæр хъæндилтæ уидзыныл бафта- уын хъæуы! — О, уый раст у! Æз кæмдæр кастæн уый тыххæй, — загъта Машæ. Дыккаг райсом Зæронд Зæрæстонмæ æрæм- бырд ис бирæ сывæллæттæ, æнæхъæн командæ. Захар сæсхуыдта „номдзыд æфсад\ Райдыдтой хортæ хъæндилтæй сыгъдæг кæнын. Чысыл фæстæдæр хуыммæ æрбацыдысты Ма- шæ, Федя æмæ Санькæ. Уыдонмæ уыди карзин- кæтæ сæ сæртæ кæттæгтæй баст. — Цæй куыд? Пълан сæххæст кодтат? — хъуыддагхуызæй бафарста Федя. — Кæм æйсæххæст кодтам! -авдкарчы рацах- стон, дыууæ та мын дзы пысыратæм алыгъдис. Сæ фæстæ цас фæратæх-батæх кодтон, мæ къæхтæ дæр ма басыгътон... — рахъаст кодта Машæ. — Æз та сæ ’фтуан хъæдæй райстон, æп- пындæр не ’схъæр кодтой, афтæмæй. Æрмæст сæрхъæн уасæг бæстæ йæ сæрыл систа, — загъта Санькæ. 279
— Уæдæ райдайæм! — загъта Федя. Сывæллæттæ райхæлдтой карзинкæтæ йемæ кæрчыты хуымтæм ауагътой. Кæрчытæ сæ базыр- тæ айтынг кодтой æмæ тарстæй хъуыдатт-хъуы- датт кæнын байдыдтой. Æрбацыди Ленæ. — Мах ма кæрчыты дæр рахастам, смобили- заци сæ кодтам, — базгъордта йæм Машæ. Ленæ колхозы ’рдæм акасти æмæ йæхи фæ- хъуынтъыз кодта: — Æмæ дæ мад æмæ дæ мады мад зонынц уыцы хъуыддаг? Бар дын радтой? — Æххæстæй йæ нæма зонынц, — дызæрдыг- гæнгæйæ загъта Машæ. Кæрчытæ сæ хъуыдатт-хъуыдаттæй нал æнца- дысты, цыма кæрæдзийæн сæ райсомы æнахуыр балцы тыххæй хъаст кодтой, æмæ сæ алыфарс фаджысы обæуттæ æмæ бырутæ нæ, фæлæ дзы уæрæх цъæх быдыр кæй ис, ууыл дис кодтой, уыйау. —. Адон ницы бакæндзысты хъæндилтæн, — ныуулæфыди Санькæ. — Бакæндзысты, хъуамæсын бакæной,—загъ- та Федя, кæрчытæм кæсгæйæ. — Мæ хуры чысылтæ,.. Уæ æдылытæ... Цæу- гæут, ма тæрсут! — лæгъстæгæнгæйæ дзырдта Машæ, кæрчыты сындæггай хортæм æссонгæйæ. — Машæ, ракæс ма фæстæмæ!— сусæгæй йæм сдзырдта Федя. Ауæдзыл, йæ къухы уисы къæцæл, афтæмæй лыстæг къахдзæфтæгæнгæ, сиргæ-сиргæ æрба- цæйуади Машæйы мады мад — Манефæ. — Уæ, æнаггæгтæ! — хъæр кодтауый. — Цы ’рхъуыды кодтат!.. — Нана, — йæ размæ разгъордта Машæ,— ныртæккæ йæ дæхæдæг фендзынæ... Зоныс, 280
кæрчытæ хъæндилтæ куыд уарзынц, уый... Хо- рæй тынгдæр. — Кой дæр мын æй ма скæ... Кæрчыты нæхи- мæ атæр, — хъæр кодта Манефæ. Уалынмæ, Санькæ кæй æрбахаста,уыцы сырх- бын уасæг ссардта иу хъæндил, дыккаг, стæй йæ сæр бæрзонд систа æмæ кæрчытæн хъæрæй фехъусын кодта, ног бынаты дæр хæринаг кæй ис, уый тыххæй. — Райдыдтой, райдыдтой! — фырцинæй гæп- пытæ кæнын байдыдта Федя æмæ уасæджы уаст ныккодта. Фæлæ йын æгæр хъæрæй уаст фæци, стæй уасæджы уасты хуызæн дæр нæ уыди æмæ, чысыл ма бахъæуа, кæрчыты сеппæты дæр фæтæр- сын кæна. Манефæ кæрчытæм сидын райдыдта, фæлæ йæ уыдон хъуыды дæр не’ркодтой, хъæндилтыл цуан кæнгæйæ. — Цæй, мæ фыдбылызтæ сæ хай фæуæнт! Уадз æмæ ахизой, — йæ къух ауыгъта Манефæ. — Нана, ды дæхи ма тухæнæй мар, ацу нæхи- мæ, мах сæ изæры æнæхъæнæй сæмбæлын кæн- дзыстæм, — лæгъстæ йын кодта Машæ. Манефæ иу чысыл алæууыди кæрчыты цур, фæлæ уайтагъддæр æнкъард кæнын байдыдта, бацыдис сывæллæтты размæ æмæ оффытæгæн- гæ, уидзын байдыдта клоп — черепашкæты. Хортыл хъæндилтæ кæй фæзынди, уый фе- хъусгæйæ, Катеринæ нал бабыхста, сыстади йæ хуыссæнæй æмæ сындæггай рацыди быдырмæ. Раздæр ма тæрсгæ дæр фæкодта: хуымы уыди бирæ сывæллæттæ æмæ йæм афтæ фæкасти, цыма йæ уыдон æрмæстдæр ссæндгæ ныккæн- дзысты. Фæлæ куы бакасти, уæд Катеринæ бам- бæрста, хъуыддаг куыд æмбæлы, афтæ кæй цæуы, уый. 281
Сывæллæттæ цыдысты фæрсæй-фæрстæм а^æ хъæндилты æмбырд кодтой, чи консервы къоп- пы, чи авджы, чи къусы. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу бауадысты ауæдзмæ, хъæндилты-иу дзыхъы æркодтой æмæ-иу сæ сы- джытæй æрæмбæрзтой. Арæх хъуысти хъæртæ: — Рахизы ’рдыгæй æрбацу, сæ алфæмблай æртыхсут! — Ма сын хатыр кæнут! Чысыл сывæллæттæ та дон хастой æмæ хъæр кодтой: — Кæй хъæуы суадоны дон, кæйхъæуыдон! Катеринæйы зæрдæ фырцинæй ныссæххæтт кодта. — Мæ зынаргъ æххуысгæнджытæ, — загъта уый, æмæ хъавыди куыстыл æрлæууынмæ, фæлæ æвиппайды мæнæуы астæу ауыдта кæрчыты. Уыдон зыдгæнгæйæ уыгътой хъæндилты. Æрбазгъордтой Ленæ æмæ Санькæ. — Кæрчытæ рахæссын ды ’рхъуыды кодтай,— афарста Катеринæ Ленæйы. — Нæ... уый сывæллæттæ ’рхъуыды кодтой. Хорз æххуыс не сты? Мах ма сихоры фæстæ дæр æрбахæсдзыстæм. — Хуыздæр ма уæдæ цы хъæуы, — йæ мид- былты бахудти Катеринæ. — Цæмæн сыстадтæ ды та? Дохтыр дын цы фæдзæхста? — Санькæ тызмæгхуызæй бакаст йæ мадмæ. — Адæм сеппæтдæр быдыры сты, æз та хуысгæ кæнон! Мæнæ зымæг куы ’рцæуа, уæд фæуыдзæн рынчын кæныны фадат. — Афтæ гæнæн нæй, Катя! Аздæх уæхимæ. Æнæ дæу дæр сарæхсдзыстæм, — загъта Ленæ. 282
— Цыма чысыл дæн, уый ныхæстæ м.ын куы кæнут! — фæхъыг касти Катеринæмæ. — Æз ныртæккæ бригадир дæн. Мæ бон у бардзырд раттын дæр, — хъазгæйæ йæм бартхъи- рæн кодта Ленæ. — Саня, акæ йæ уæхимæ! — Æз кæрты дуарыл гуыдыр сæвæрдзынæн,— загъта Санькæ. — Тых ми кæнут, фыдуаг ми,—йæ мидбылты бахудти Катеринæ æмæ лæппуйы уæхсчытыл æрæнцой кæнгæйæ, ацыди сæхимæ. 36 сæр ИХУАРД Уыдис тынг æнтæф, æнуд бон. Лæппутæ сæхи- цæн бынат нал ардтой. Хорз уыди æрмæст цæу- гæ доны был. Æмæ уыдон дæр уырдæм æрæм- бырд сты. Чи ленк кодта,, чи та-иу доны фæны- гъуылд, чи та былæй донмæ гæпп кодта. Санькæ лæппутæн равдыста йæ уарзон ми- тæ — доны бынты цæуын. • Йæ дзыхы бакодта хъамыл, йæ къухтæм райста стыр дойнаг дур æмæ, доны аныгъуылгæйæ, ацыди доны змисбын- ты. Стæй донæй схызти æмæ Федяйы цур тæвд змисыл схуыссыди. — Тыхджын къæвда уыдзæн, — загъта Федя, мигътæм скæсгæйæ. Уыдон æмбырдтæ кодтой æрвгæрон æмæ-иу уыдысты куы мæсыджы, куы та цъынайы хуызæн. — Æмæ йæ цæмæй зоныс? Мигътæ сайгæ дæр фæкæнынц, — бафиппайдта Санькæ. — Æз æй æрмæст мигътæй нæ зонын... Æн- дæр нысантæ дæр ма ис. Кæс ма уæртæ: клевер йæ сыфтæ æмбæхсы, зæрватыччытæ тæхынц доны тæккæ сæрмæ. Æниу дидинджытæ куыд тæф 283
кæнынц... уыдон уарыны размæ фæкæнынц ахæм тæф. ''•■'. Тæвд змис сыгъта буар æмæ та лæппутæ ногæй бахызтысты донмæ. Девяткин йæ буар байсæрста лæхъир цъыфæй, сбадти доны тæккæ был æмæ цъыфы къуыбæрт- тæ ’хсын байдыдта донæй чи хызти, уыдоныл. Санькæ куыд бафиппайдта, афтæмæй дзы фылдæр уади Федяйыл. Дыууæ хатты хъавыди донæй схизынмæ, фæлæ та-иу ыл Девяткин йæ гуыбын æмæ йæ риуыл, дохты хуызæн, сау цъыф нытъæпп ласта æмæ та-иу Федя фæстæмæ ба- хызти йæхи найынмæ. — Фæраз, хъазахъаг! — худти Девяткин. — Стожарты хъæуы цъыф дзæбæхгæнæн у, курорты цъыфау. Раст ваннæтæй цы кæныс. — Хъазгæ кæн, фæлæ æгъдауыл. Цы йыл ныйичъи дæ? — загъта Санькæ æмæ йæм хæс- тæгдæр бацыди. — Хъахъæнæгæй йæм бацыдтæ! Дæ хæлар цыма род у, уый хуызæн æй дæ фæстæ куы ласыс... — загъта Девяткин æмæ зынæрвæссон чъырт акодта. Федя доны бын цыдæр рацагуырдта, стæй Девяткинмæ баленк кодта æмæ йæм губкæйы хуы- зæн цыдæр уымæл цъæх къуыбар бадаргъ кодта: — Мæнæ уый цы у, уый зоныс? Уый дæр дзæбæхгæнæн у. — Цытæ дзурыс! Хъуына цыдæр куы у... — Æцæг дын зæгъын. Дæхи дзы куы ных- хафай, уæддæ туг схъаздзæни. Бафæлварма йæ.. Девяткин æнæууæнк каст бакодта æмæ иу- фарс алæууыд. — Уый мæтæй мæлын! — Мæнæ цы ис, хъуынайæ та тæрсгæкæны! — ныххудти Санькæ. 284
Федя ма йын ай размæ дæр бацамыдта уыцы губкæ — бодягæйы. Ныр æй Санькæ Федяйæ райста æмæ дзы йæ риу иу чысыл аууæрста. Риу уайтагъддæр фæсырх. — Цы хорз у, — дзырдта Санькæ. Гъер ис- кæимæ дугъы рауай!—Æмæ губкæ Девяткинмæ баппæрста. — Цæй ныр дæр дæ ныфс нæма хæс- сыс? Девяткинмæ хардзау æркаст, райста губкæ, басмыста йæм æмæ йæ æруагъта йæ риуыл. — Тынгдæр! Абанайы мочалкæйæ куыд феу- уæрдынц, афтæ. — Æмæ Санькæ йæ тых йæ бо- нæй дыууæ къухæй æууæрдын райдыдта Девят- кины риу, уæхсчытæ æмæ фæсонтæ. — Гъер ам диссагæй цы ис... æрхъуыды мын кодтой! — дзырдта Петькæ æмæ-иу куы йæ иу фарс бадардта, куы иннæ. Рацыди иу къорд минуты æмæ Девяткины буар иууылдæр ссырх. Æвиппайды уыцы иу гæпп фæласта, йæ бынаты ныззылди, цыма йæ исчи пысырайæ асыгъта, уыйау æмæ Санькæ æмæ Федяйы асырдта. — Ныхас бакодтат? Уыдон худгæ багæппытæ кодтой донмæ. — Æдылы къоппа! Уый бодягæ у! Уымæй адæм сæхи дзæбæх кæнынц, уазал сæ куы ба- цæуы, уæд. Спъиртæй тыхджындæр у, — хъæр кодта доны астæуæй Санькæ. Фæлæ Петькæ ратул-батул кодта доны был, æлгъыста, фæгæпп-иу ласта, Санькæ æмæ Федя- йыл æхста цъыф æмæ та-иу ногæй змисыл атылди. — Донмæ бацу, донмæ! Æмæ дын нал дуд- дзæн, — доны иннæ фарсæй йæм хъæр кодта Федя. Девяткин донмæ багæпп кодта æмæ уайтагъд- дæр йæ буары судзаг ацыди. Фæлæ ма уæддæр 285
Петькæ бирæ фæбадти доны мидæг, æлгъыста Федя æмæ Санькæйы, æвæццæгæн, йæ ныхмæ ныхас бакодтой, зæгъгæ. Сихормæ стыр сау мигътæ æрбацыдысты Сто- жарты сæрмæ. Тыхджын дымгæ кæрдæджы зæххыл ных- хуыссын кодта. Сфæйлыдта хосы мæкъуылты, стыхджын кодта доны уылæнты. — Арв ферттывта, бæрзонд кæмдæр нын- нæрыди, цыма стыр хъуымацы уаццаг аскъуыди, уый хуызæн, æмæ уарыны дон, цыхцырæгау, ныл- лæууыди цæугæ доны сæрмæ. Дон фыцæгау ра- кодта. — Фæдис! — ныхъæр кодта Федя æмæ аз- гъордта фæлварæн участочы ’рдæм. Лæппутæ йæ фæстæ ныййарц сты. Тыхджын, ставдсыг уарын улæфæнтæ ’хкæдта, ракæсын нæ уагъта. Хъæугæронæй, Машæ æмæ Зинæ сæ сæргъы, афтæмæй згъордта чызджыты къорд. Машæ къуыбырыл фæкалди æмæ, ихыл бырæгау, атылди бырынцъаг, цъыф къахвæндагыл. Иууылдæр базгъордтой участокмæ. Мæнæутæ змæлыдысты, куывтой зæхмæ. — Ныццæгъддзæни „коншаковкæйы“, ныццæ- гъддзæни!—ныхъæр кодта Машæ æмæ, участокыл ратæх-батæх кæнгæйæ, йæ чысыл тымбыл къухæй бартхъирæн кодта уарыны мигъмæ:—Фæлæу, æз дын бацамондзынæн, сау хъуынджын мигъ!.. — Уый сармадзанæй кæнæ „катюшæйæ“ фехс, фашистты куыд æхсынц, афтæ, уæд æй уайтагъд- дæр ныппырх кæнид, — æнкъардæй загъта Сань- кæ. Фæлæ хуымтæн цæмæй баххуыс чындæуа, уый’ ничи зыдта. Федяйы зæрдыл æрбалæууыд, парникты рас- 286
садæйы тыхджын уарынæй куыд фæхъахъæнынц, уый. — Халгæут халагъуд! Æмбæрзут мæнæутæ!— ныхъæр кодта Федя. Минуты фæстæ халагъудæй æппындæр ниц- уал аззади. Лæппутæй чи зесты сыф скъæфта, чи фанеры гæбаз, чи фæйнæг дуар æмæ æмбæрзтой „кон- шаковкæ“ кæм конд уыди, уыцы хуым. Фæлæ хуым уæддæр æнæхъæнæй æмбæрзт не ’рцыд. Санькæ мæт кæнгæйæ касти йæ алфæмблаймæ. Кауы æтте къуыбырыл уыдис, уарын кæрдæг- мæ кæй фæхоста, ахæм четæны стыр уадздзæгтæ. Къудзийы бын бадти зæронд ус Манефæ, куыд зынди, афтæмæй уарыны размæ четæны гæбæзтæ æрæмбырд кæнын йæ къухы нал бафтыд. Санькæ рагæпп кодта кауы сæрты. Уыцы минут арвæрттывд, сырх зынг кресты хуызæн, арв дыууæ дихы фæкодта, афтæ сгыбар- гыбур кодта æмæ Манефæ фыртæссæй йæ цæс- гом кæлмæрзæнæй амбæрзта. Куы ракасти, уæд дын кæсы æмæ, цыма, четæнтæ удæгас уыдысты, уый хуызæн цавæрдæр бæгъæввад лæппуйы фæс- тæ фæхилынц. Манефæ хъæргæнгæ сæ фæстæ азгъордта Фæлæ йын кау йæ фæндаг ахкæдта. Цалынмæ зæронд ус кауы дуар агуырдта æмæ участокмæ згъордта, уæдмæ лæппутæ четæнтæй æрæмбæрз- той мæнæуы хуым. Манефæ уис фелвæста æмæ сын сæ фæсон- тыл ралæууыд. — Нана, мах сæ ’рмæст иу минутмæ рахас- там!—ныттыхсти йыл фæстейы Машæ. — Ницы сын уыдзæнис. Тыхджын уарын ихмæ расайдта. Æрæзгъæлдысты бæлæсты сыфтæртæ, четæнтæ 287
урс-урсид адардтой, цыма сыл исчи цæхх бай- зæрста, уыйау. Зæронд Манефæ йæ сæрмæ фæлæбурдта, ны- хъæр кодта æмæ четæнты бын абырыди. Их хоста фанертæ æмæ зестыты, дæлæмæ ивæзта четæнты, цавта сывæллæтты къухтæ æмæ сæртæ. Арæх хъуыстысты сывæллæтты хъæртæ: — Уау, мæ хъус мын ныццавта. — Бронебойнитæй ныл куыд згъалы. — Манефæ, куыд у! Æгас ма дæ? — Гварди, фидар лæуут, мæлæтæй ма тæрсут. — Мæ ныхыл мын æртæ къуызыры асагъта! — Цымæ тагъд фæуыдзæн, æнаккаг! — Чызджытæ,—бардзырд радта Федя,—ацæут. Иууылдæр ацæут! Бамбæхсут! — Уæхæдæг ацæут! — загъта Машæ, æмæ ны- хъæр кодта: ставдих ын йæ къæбут ныц- цавта. Æвиппайды Стёпæ æрызгъордта участокыл, быдыргъытæй хъæмпын худтæ фелвæста æмæ сæ чызджыты сæртыл æркодта. Участочы фæзынди Андрей Иванович плащ- палаткæйы тыхтæй æмæ зæронд Захар, йæ уæ- лæ худ æмæ цыбыр кæрц, афтæмæй. — Гъе уыдон цæргæстæ сты, гъе! — ныхъæр кодта Захар. Ихимæ хъæбысхæсты дзæбæх куы бацыдысты! Фæлæ ахуыргæнæг, уыцы диссаджы хъæбыс- хæст фенгæйæ, йæ мидбылты бахудти æмæ бай- дыдта сывæллæтæн æххуыс кæнын четæнтыл хæцынмæ. Уалынмæ их банцади, хъæды кæрæтты ма иу чысыл аунæр кодта, стæй бынтондæр ныссабыр. Иууылдæр сæ алфæмблаймæ акастысты. Участочы хуымтæ ранæй-рæтты зæххыл ных- 288
хуыссыдысты, фæлæ „ коншаковкæ“ хъыгдард нæ баййæфта æмæ уыцы растæй лæууыди. Захар цин кæнгæйæ бакастис сывæллæттæм: — Нæ зонын, æз уын уый тыххæй... Исты лæвар уын ракæндзынæн... Мыдæй уæ хорз фен- дзынæн... — Бæллæхы адæм сты, ныуулæфыд зæронд Манефæ.—Мæ четæнтæ мын адавтой. — Мах сæ, нана, хъуыддаджы тыххæй ахас- там!—загъта Машæ. — Æмæ уæ æз хъаст, мийаг, куы нæ кæ- нын! Бæллæхы адæм, зæгъын, стут. Уæртæ уæ сæртæ скъуызыртæ сты, цæттæ чылауиты хуызæн. Дугъы сыф сыл авæрут, дугъы сыф... Стæй ма æрхуы суари дæр хорз æххуыс кæны. — Ныр та, ихдзæфтæ, уæ фæйнæ хæдзæрт- тæм,—загъта ахуыргæнæг. — Уæхи бахус кæнут, уæ дзаумæттæ аивут... Хæст, кæй зæгъын æй хъæуы, фæци. — Махæй ницы фæхъуыди хæсты мидæг, Андрей Иванович,—бафиппайдта Федя. — Уый уæлдай нæу, цæугæут!.. Санькæ зæрдæхсайгæйæ касти кауы сæрты быдырмæ. — Андрей Иванович, быдыры та цымæ куыд у, нæ зоныс? — Мæнæ гъер Захар Митричимæ цæуæм æмæ фендзыстæм. — *Уæдæ æз дæр уемæ цæуын. Фæлæ быдырмæ ацæуын бафæндыди сывæл- лæтты сеппæты дæр, стæмтæй фæстæмæ. Уыдон ахызтысты æрхы лакъон доныл, схызтысты Зæ- ронд Зæрæстонмæ æмæ хæрхæмбæлд фесты Ка- теринæйыл. Уый цыди колхозон сылгоймæгты разæй бæгъæввадæй, æнæ кæлмæрзæнæй, йæ сæрыхъуынтæ ныххуылыдз сты, афтæмæй. 19. Стожартæ. 289
— Аирвæзтыстæм, Андрей Иванович, их иу- фæрсты ацыди, нæ нын бахъыгдардта нæ хуым- тæ, уарын та. ма пайда дæр у,— загъта Катери- нæ, ахуыргæнæджы ауынгæйæ, стæй, сывæллæт- тæм бакæсгæйæ, афарста: — Сымахæн та куыд у уæ хъуыддаг? — Махмæ дæр хорз у, Катя!— ныхъæр код- та Машæ. 37 сæр ХОР Мæнæутæ фæбурбын сты. Изæрыгæдты быдыры æмхуызонæй зарыдысты цъæх мæгатæ, цыди уымæл дзулладжы ссады тæф æмæ мæй, æрхуы тасы хуызæн, афтæ ныллæг уыд, æмæ адæймагмæ цыди сгæпп кæ- нын æмæ йыл дур фехсын. Сывæллæттæм афтæ касти, цыма нырма фыд- былызтæ иууылдæр нæ фесты æмæ тас у хуым- тыл исты ’рцæуынæй: их рауарын дæр зоны, кæнæ знаггадхæссæг цъиутæ æрбатæхдзысты; гъе та хъулон уырытæ æмæ мыстытæ, хъæздыг тыллæг базонгæйæ, хуымы фæзындзысты, æппын- фæстаг, хуыйы хъыбылтæ, кæнæ хъомтæ баир- вæзынæй дæр тас у. Сывæллæттæ радыгай бон-изæрмæ хъахъæд- той участок. Кодта дзæбæх бонтæ, арвыл мигъы къуыбар нæ зынди. Цъиуты тæрсын кæныны тыххæй ма Цыппæрдигъон Стёпæ ноджыдæр сарæзта цал- дæр быдыргъы къæркъæрæгтимæ æмæ дымгæ- мæ зилгæ цæлхытимæ. Алёшæ Семушкин алы ран дæр сæвæрдта „мæлæт хъулон уырытæн“, зæгъгæ, цы къæппæджытæ æрхъуыды кодта, 290
уыдон. Хъулон уырыты мæлын уый бæрц нæ фæндыди, фæлæ иу хатт Машæ æнæрхъуыдыйæ къæппæгыл фæлæууыд æмæ йын йæ къах ацахс- та. Уый фæстæ æртæ боны лæдзæджы ’нцой фæцыди. Семушкинæн тынг æхсызгон уыдис Ма- шæ йын, дæ конд къæппæг тæссаг у, зæгъгæ, куы загъта, уæд. „Коншаковкæ“ куы фæбурдæр и, уæд та фæзындысты ног тæссагдзинæдтæ. Машæ бон цалдæр хатты йæ дæндагæй æвзæрста мæнæуы нæмгуытæ æмæ згъордта зæронд лæг Захармæ: — Захар Митрич, мæнæу æгæр сцæттæ уы- дзæн, æрызгъæлдзæн. — Ницы кæны, ницы, уадз æмæ ма иу чы- сыл хурæй йæ хай ратона,—сабыр æй кодта зæ- ронд лæг. Æппынфæстаг „коншаковкæ“ сцæттæ. Мæ- нæуы хæлттæ тыххæйты уырæдтой æфсирты уæз. Сæ рихиджын сæртæ бынмæ æркъул сты; афтæ зынди, цыма мæнæуы гагатæ мæнæ-мæнæ æрызгъæлдзысты æмæ зæххы хай бауыдзысты. Æфсирты сыбарсыбур цыди раст зесты уынæ- ры хуызæн. — Мæнæу хурæй бафсæсти, сцæттæ. Райсом раджы райдайдзыстæм,—загъта Захар. Фæлæ та ам дæр æнæхъаугъа рауайгæ нæ фæци. Санькæ дзырдта, зæгъгæ, Федяимæ кълеткæйы мæнæу уайтагъд ракæрддзысты иу æфсир дæр дзы нæ ныууадздзысты, афтæмæй. Машæ цæхкæр йæ ныхмæ æрлæууыди. Уый сын, мийаг, кæрдæг нæу, фæлæ хорз мыккаджы мæнæу; уыдон та цæвджытæй афтæ риуыгъынц, æмæ мæнæу бынтондæр æрызгъалдзысты. — Нæ, мах Зинæимæ æхсырфытæй кæрд- ’дзыстæм, сымах та — куыристæ бæттут. 291
— Мах... Бæтгæ?..—-фæмæсты Санькæ. — Æмæ раст у,— сразы Захар.— Æмбарын хъæуы, алы гага дæр цæй аргъ у, уый. Ам хъавгæ æвналаг къухтæ хъæуы. Лæппутæн хъыг куыд нæ уыди, фæлæ сын æнæ сразы уæвæн нал уыд. Изæры чызджытæ сцæттæ кодтой бæттæнтæ. Захар сцыргъ кодта æхсырфытæ. Машæ йæхи нал баурæдта æмæ иу дæс кол- хозон хæдзармæ бауади æмæ сын аппæлыд: — Мах райсом „коншаковкæйы“ кæрддзыс- тæм! Фæнды уæ бакæсын? Хуыцаубоны, райсомæй раджы, мæнæу ма уы- мæл æмæ фæлмæн куы уыди, уæд колхозон сылгоймæгтæ æрæмбырд сты участокмæ. Æрбацыди Катеринæ йæ бригадимæ, Татьянæ Родионовнæ, Андрей Иванович æмæ зæронд Ма- нефæ. — Уæ къæхты бын мацы ныссæндут, къах- вæндагæй ма рахизут,— лæгъстæ кодта Семуш- кин, сылгоймæгты алфæмблай рауай-бауай кæн- гæйæ. Мæнæуы кълеткæмæ бацыдысты Машæ æмæ Зинæ Колесова æмæ йæ фæйнæ тигъыл æрлæу- уыдысты. Се’хсырфытæ уыдысты, куыд вæййы, афтæ— се уæхсчытыл. Захар сæм фæтылдта йæ сæр. Чызджытæ райстой æхсырфытæ æмæ, цыма сæ астæутæ фæсастысты, уыйау æмхуызон æр- гуыбыр кодтой. Сæ галиу къухты æрбамбырд кодтой мæнæуы халтæ, рахиз къухтæй сыл æрба- вæрдтой цыргъ æхсырфытæ æмæ уыцы-иу хенцæй ракарстой бурбын уазал мæнæуы хæлттæ, æмæ сæ æрæвæрдтой куырисбæттæнтыл. Аст-дæс армыдзаджы—æмæ цæдтæ куырис. — Федя, бæтгæ кæн!—йæ сæрæй ацамыдта Машæ. 292
Санькæ куыристæ баста Зинæ Колесовайы фæстæ. Уый цырд нæ, фæлæ уæддæр тыхджын æрбалхъывта куырисбæттæн æмæ йæ балхынцъ кодта. — Куыд рæвдз кæрдынц!— сыбарсыбур код- той устытæ, чызджытæм кæсгæйæ. — Сæ астæутæ уæлæмæ нæ тасын кæнынц. — Куыд бирæ ’рбайсынц уыцы иу æвнæл- дæн! — Бæрæг у, колхозон адæм кæй сты, уый. — Хорз мæнæугæрдджытæ сæ рауайдзæн! Ас адæмы ныхæстæй разæнгард уæвгæйæ, Машæ æмæ Зинæ архайдтой сæ тых—сæ бонæй. Сæ къухты ферттив-ферттив кодтой æх- сырфытæ. Фæлæ уалынмæ Зинæ йæ астæу уæлæмæ та- сын кæнын æмæ æууæрдын байдыдта. — Дæ астæу фæрысти! — фæстейы йæм сдзырдта Санькæ.— Уæд та уал аууоны ахуыссис? Ды дæр мын мæнæугæрдæг! Æвиппайды карст хуымы бацыди Катеринæ. Уый бафæлдæхта йæ кофтæйы дыстæ æмæ Ма- шæйы къухтæй æхсырф райста. — Цавæр мæнæу уын у? Арæхстджынæй мæнæуы хæлттæ иумæ рам- бырд кæнгæйæ, Катеринæ армыдзаг ракарста — æрмæст ахæм армыдзаг æмæ ма Санькæ дис дæр ныккодта. Катеринæбæрзондсистамæнæуы хæлт- тæ йæ дыууæ къухæй, бауызта сæ чысыл сывæл- лонау æмæ сылгоймæгтæм акасти: — Уый мæнæу у, мæнæу! Раст цыма уæз- барæнтыл хæцын, ахæм уæз кæны. Æрмæст хуым æгæр гыццыл кæй у — уый хъыгаг. Катеринæ ракарста дыууæ куырисы æмæ æх- сырф радта Татьянæ Родионовнæмæ. — Мах æй æрзайын кодтам æмæ йæ кæрдгæ 293
дæр нæхæдæг æркæндзыстæм! — бустæгæнæгау загъта Машæ. — Ды та чъынды ма у,— ныххудти Катери- нæ.— Алкæйы дæр афæлварын фæнды. Уалынмæ фæндзæм кълеткæйы мæнæу карст фæци иууылдæр. Æмбисбонмæ куыристæ хус кодтой хурмæ, уый фæстæ сæ аластой мусмæ, банай сæ кодтой, мæнæу дымгæмæ сдардтой, ныккодтой йæ голладжы æмæ йæ ахастой кол- хозы правленимæ. Иууылдæр цыдысты хъуыддагхуызæй, хъæл- дзæгæй, æрмæст чысыл лæппутæ згъордтой раз- мæ æмæ хъæр кодтой уынджы: — „Коншаковкæйы“ фæхæссынц!.. „Конша- ковкæйы“! Правленийы уæнгтæ къанторы ныхас кодтой цавæрдæр хъуыддагыл. Лæппутæ голлаг бахас- той агъуыстмæ. — Ардæм æй рахæссут, кадджын ранмæ! — Татьянæ Родионовнæ рацыди стъолы цурæй,рай- ста голлаг æмæ йæ къуымы бандоныл æрæвæрд- та, колхозон зæххыты пълан æмæ Хъæууон хæдзарадон равдысты диплом ауыгъд кæм уы- дысты, уым. — Лæвар чи бахæсдзæнсымахæй?—сусæгæй сывæллæтты бафарста Андрей Иванович. — Саня Коншаков, уымæн йæ фыды мæнæу у, — сындæггай дзуапп радта Машæ. — Нæ,—йæ сæр батылдта Санькæ, — мæнæу Федя фервæзын кодта, æмæ йæ уый раттæд. — Æз æй ницы фервæзын кодтон, уый дада уыди,— не сразы Федя. — Цытæ дзурут уый! — баурæдта сæ За- хар. — „Коншаковкæ“ йæхæдæг йæхи тыххæй зæгъдзæн. Фæлæ уæ кæд исты нымæц базонын фæнды, уæд Машæмæ иууылдæр фыст сты. 294
Машæ размæ рацыди, рафæлдæхта йæ боныг æмæ тагъд-тагъд кæсын байдыдта: фæндзæм кълеткæйы цал мæнæуы гагайы байтыдтой, цал дзы сзади, стæй дзы æрдзон фыдбылызтæй цас фесæфти—уыцы графайы фыст æрцыдысты, их цас ныццагъта, хъæндил цас фесæфта, Долинкæ участокмæ баирвæзгæйæ цы зиан ракодта, Сань- кæ æмæ Петькæ цас зиан æрхастой, стæй дзы цал халы баззади æмæ мæнæу цас райстой, уый. Иууылдæр ныххудтысты. — Уый хынцæг у, хынцæг! Куыд бæстонæй банымадта! Правленийы нæ ахæм куы уаид. Голладжы цурмæ иу иннæйы фæстæ цыдыс- ты бригадиртæ, колхозон сылгоймæгтæ, уыдон сæ армытъæпæны кодтой мæнæу,—уый уыди уæззау, хурæй æфсæст, цыма зæхх йе’ппæт тæвд æмæ рухс дæр уымæн радта, уыйау. — Сыгъдæг сыгъзæрин, æрттывтытæ калы!— дзырдтой адæм цин кæнгæйæ. — Хъæздыг хор! — Тых, хъару! Æмæ та-иу мæнæу хъавгæйæ фæстæмæ æр- калдтой голладжы. Æрмæст зæронд Манефæ нæмгуытæ афу код- та æмæ сæ йæ дзыхы бакалдта. — Уый цы бакуыстай, нана! Æнæхъæн гек- тар фесæфтай! — йæхи йыл ныццавта Машæ. — Æмæ адæм куы ныххудтысты, уæд загъд кæнын райдыдта:—Æцæг-æцæг, æнæхъæн гектар! Хъуы- ды ма кæнут, Егор Платонович цæмæй райдыдта, уый! Æртæ ’фсирæй. Фæлæ зæронд ус ницы хъуыста. Йæ цæс- тытæ бацъынд кæнгæйæ, уый бирæ феууылдта мæнæуы нæмгуытæ, стæй йæ былтæ асдæрдта æмæ йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта: 295
— Хуыцау, дæуæй бузныг... Ныр хæрдзыс- тæм урс чъиритæ. Татьянæ Родионовнæ йæ цæст ахаста, къæсæрыл цы сывæллæттæ лæууыди, уыдоныл æмæ загъта: — Цæй уæдæ, сывæллæттæ... Стыр бузныг уын колхозонтæй. Сымахæн æмæ Захар Мит- ричæн. Хорз мæнæу æрзайын кодтат. Исæм æй хæрзмыккаг мæнæуы фондмæ... Ныффысс æй хынцæн чиныджы, Клашæ,— йæ сæрæй ацамыд- та хынцæгмæ, — фæллойбонтæ банымай æрыгон колхозонтæн, стæй преми, цыдæриддæр æмбæ- лы, уый. — Мæнæуыл радон номер æвæрын хъæуы, æви исты ном?— бафарста Клашæ. — Ном ын ис... хуыздæр ном ын не’рхъуы- ды кæндзынæ.—Егор Платонович Коншаковы номыл æй схуыдтой,—загъта ахуыргæнæг. 38 сæр БРИГАДИР Адджын у райсомæй хуыссæг. Уыны Санькæ дзæбæх, базырджын фынтæ. Цыма уæларвмæ уадзы гæххæттын лент. Дымгæмæ зырзыр кæн- гæйæ уæлæмæ тæхы лент æмæ йæ фæстæ ласы Санькæйы. Æмæ лæппумæ афтæ кæсы, цыма йыл базыртæ ’рзади, уый хуызæн. Мад ын йæ ныхыл йæ къух æрæвæрдта. — Фест, Саня, афон у! Уайтагъд æрбадæлдзæх сты лент, цъæх арв, базыртæ. Фæлæ ма уæддæр хуыссæг фидар хæ- цыди лæппуйыл: Санькæ йæхи мидæг тыхсти, хъæццулæй æмбæрзта йæ цæсгом, змæлын код- та йæ къах. 296
„Куы ма афынæй уыдаид... Нырма бынтон сы- вæллон у...а—ахъуыды кодта Катеринæ, йæ лæп- пумæ уарзон цæстæнгасæй кæсгæйæ. Фæлæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, абон цавæр бон у, уый, æмæ та æргуыбыр кодта Санямæ: — Фест, дæхæдæг мын куы загътай, райхъал мæ-иу кæн, зæгъгæ... Зæронд Зæрæстонмæ цæуæм. Санькæ байгом кодта йæ цæстытæ, йæ ал- фæмблай афæлгæсыд æмæ фестади. Уымæн дæр иууылдæр йæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Уыцы бонты, æппæт районы дæр зæрæстон зæххытæ хуым кæнын куы байдыдтой, уæд уыдоны кол- хоз дæр сфæнд кодта æппынфæстаг Зæронд Зæ- рæстонмæ бавналын. Гъе уымæ гæсгæ абон зæрондæй-ногæй иу- уылдæр аивылдысты Зæронд Зæрæстонмæ. Фыццаг бонты колхозон сылгоймæгтæ лæгъз кодтой къуыбыртæ, къахтой бындзæфхæдтæ, æмвæз кодтой дзыхъытæ. Лæппутæ иу ранмæ ластой пыхсытæ æмæ хъæды кæлддзæгтæ æмæ сыл арт æндзæрстой. Арты пиллон-иу хæрдмæ фæцыди æмæ ниуæгау кодта. Санькæ æмæ Федя æртыты алфæмблай афтæ æнувыдæй архайдтой, æмæ сæ цæсгæмттæ æрт- гуызтау ссырх сты, сæ сæрыхъуынтæ фæздæ- джы тæф скодтой, сæ арыд цæстыхаутæ æмæ æрфгуытæ скъæбæлдзыг стьь сæ хæдæттæ та; артæй цы зынджы стъæлфæнтæ хаудис, уыдо- нæй фæхуынчъытæ сты. Уый фæстæ сыгъдæггонд Зæронд Зæрæстон- мæ рацыдысты гутондартæ. Санькæйæн раздæрау йæ зæрдæ ’хсайдта бæхтæм. Иу хатт Санькæ амбæлди, Муромец ивтыгъд кæм уыд, уыцы уæрдоныл, хъæумæ æрбацæй- 297
цæугæйæ. Уæрдоны бадти Анкæ Спешнева, укй горæтмæ ласта æхсыр Евдокия Девяткинæйы бæсты. Хъуысти æнæсæрст цæлхыты æнкъард хъинц-хъинц, зест бидонты къуырмагæнаг зы- ланг, фæлæ хуыссæгхъæлдзæг бæхтæрæджы хур æрындæвта æмæ æппындæр ницы фиппайдта. Санькæ баурæдта Муромецы, бавнæлдта ивтындзæндзаумæттæм,стæй басхуыста Анкæйы: — Кæс ма: саргъ иуфарсырдæм ныззылын, къæлæт фæстæрдæм абырыд. Сæдæ верстмæ хъуысы цæлхыты хъинц-хъинц. Искуы дæр ма стожарæгты афтæ цæугæ федтай, æз фырæф- сæрмæй зæххы скъуыды ныххауин! — Ды дæр та мын зондамонæг!—сбустæ кодта Анкæ. — Зондамонæг нæу, фæлæ раст зæгъы,— загъта Татьянæ Родионовнæ, сæ размæ бацæу- гæйæ.—Ды, Нюрæ, нæ колхозы ном æгад ма кæн. Адæм куыд фæзæгъынц, уый зоныс,—бæхы дзау- мæттæ, дам, куыд уой, ахæм сты йæ хицæуттæ дæр. Цæй ма, Коншаков, равдис бæх куыд ифтын- дзын хъæуы, уый. Санькæ бæхы феуæгъд кодта æмæ йæ ногæй аивтыгъта: араст кодта къæлæт, куыд æмбæлы афтæ сæвæрдта саргъ, балвæста рагъгæрз. — Афтæ, гъе, хорз!—раппæлыди дзы Татья- нæ Родионовнæ. — Цы уый зоныс, Саня, изæры ма иу правленимæ æрбауай... Аныхас кæнын нæ хъæуы. Æрæгмæ цыди уыцы бон рæстæг. Санькæ ма афтæ дæр банхъæлдта, зæгъгæ, кæд хур аны- гуылыны фæнд нал кæны æмæ иннæ бонмæ дæр кæсдзæн. Уалынмæ æрталынг. Санькæ æхсæвæр хæрын дæр нæ бакуымдта, афтæмæй азгъордта прав- ленимæ. Иу чысыл тыргътыл афæстиат, йæ улæфт 298
суагъта æмæ сындæггай бацыд къантормæ уæз- зау санчъехтæгæнгæ. Татьянæ Родионовнæ иунæг нæ уыд. Стъолы цур бадтысты правленийы уæнгтæ, Андрей Ива- нович, Ленæ. — Мæнæ æрыгон Коншаков дæр, кæй кой кæнай къæсæрмæ,—загъта сæрдар æмæ фæсид- тис Санькæмæ стъолы цурмæ. — Уæдæ, бæхтимæ кусын арæхсыс? — Арæхсын... ницы мын у... — Æмæ дæм лæппутæ дæр хъусыиц? — Уæдæ куыд! — Саня, ам ахæм хъуыддаг ис. Æрхæццæ кæны мæнæу æфснайыны, мæнæу най кæныны рæстæг. Быдырæй хъæуы куыристæ ласын, пад- дзахадæн хор дæттын. Фæлæ нæм адæм фаг нæй. Æмæ мах правленийы бауынаффæ кодтам лæппутæй транспортон бригадæ саразын. Æрмæст сын хисдæрæй кæй равзарæм, уый нæ зонæм. Куыд дæм кæсы, Саня, дæумæ та? Санькæ æрæнкъард. Æвæццæгæн ыл уæддæр æххæстæй нæма æууæндынц... Уый йæ къухты æнцъылдтæ кæнын байдыдта йæ пилоткæ, йæ комы тæф уагъта сырх стъалымæ æмæ йæ йæ хæдоны дысæй сæрфта. — Фæтæригъæд кæн, Саня, де стъалыйæн,— йæ мидбылты бахудгæйæ, загъта Татьянæ Ро- дионовнæ,—æнæуый дæр дын мæйы хуызæн куы ’рттивы. Дæумæ гæсгæ бригадирæй кæй сæвæрæн ис? — Федя Черкашины...кæнæСтёпæКарасевы,— тыххæйты сдзырдта Санькæ. — Уыдон сарæхс- дзысты. — Мæнмæ гæсгæ та Коншаковы, — загъта Ленæ æмæ бакастис Андрей Ивановичмæ. — Уый куыд æмбаргæ у? Цæвиттон, Фæс- 299
комцæдис Коншаковыл æууæнды, нæ?—бафарста Татьянæ Родионовнæ. Ленæ бакасти Санькæмæ æмæ фемдзаст сты. Санькæ кодта фидар æмæ æмбаргæ каст. „Ды мæ куы федтай, куы мæ зоныс“,—зæгъгæ, дзырдта лæппуйы цæстæнгас. — Мах ыл æууæндæм, Татьянæ Родионовнæ. Нæ зæрдæ йыл дарæм,—загъта Ленæ. — Татьянæ Родионовнæ,—Санькæ хæстæгдæр бацыд.— Æз... мах... æз ахæм бригад сараздзы- нæн. Мах мин путы дæр аласдзыстæм... Цы уæ фæнда, уый аласдзыстæм. — Æрмæст афтæмæй,—загъта ахуыргæнæг,— скъола ма ферох кæн. Æнæмæнгæй æвдæм кълас- мæ бацæудзынæ. — Цæттæ кæнын мæхи, Андрей Иванович. Мах Федяимæ иумæ ахуыр кæнæм, — загъта Санькæ. — Хорз, уæдæ,—загъта сæрдар. Дæхи бафис- тæг кæн, æрыгон бригадир, æмæ кусын райдай. Дыккаг бон Санькæ бацыди бæхдонмæ. — Саня, куыд дæ мысыдтæн, уый зоныс?— загъта Седельникова. — Æххуыскæнынмæ мын зæронд Манефæйы радтой æмæ бæхтæм хæстæг бацæуын нæ уæнды. Йæхиуыл дзуæрттæ ’фтауы æмæ сын лæгъстæ кæнын байдайы. Ды дзæбæх, æцæг лæгау, фæкæс. — Уый, æвæдза, афтæ уыдзæн, — сразы Санькæ. Фыццаджы дæр уал ныссыгъдæг кодта бæх- дон, бæхтæн сæвæрдта хос æмæ бæлæгъы ра- уагъта сыгъдæг дон. Санькæ Коншаковы транспортон бригадæмæ бахауын ссис Стожарты хъæуы лæппуты ахс- джиагдæр бæллиц. Фæлæ Санькæ бригадæмæ иста лыстæг æв- 300
заргæйæ, алы бæхтæрæгæй дæр домдта, цæмæй уый цалдæр минутмæ зона фыдуаг бæх Лискæйы æрцахсын, уый уæрдоны сифтындзын æмæ нарæг къæдз-мæдз уынгты ацæуын, уæрдоны сæмæнтæ куыд ницæуыл фæхæцой, афтæмæй; ноджы ма домдта, цæмæй алы бæхтæрæг дæр зона йе’мбалæн баххуыс кæнын æмæ чысыл хъуыддаджы тыххæй дæр ас адæммæ ма дзура. Хортæ ’фснайын райдыдтой. Быдыры алы рæт- тæй ферттив-ферттив кæнын байдыдтой хуым- гæрдджыты кæлмæрзæнтæ, мæнæу кæрдджыты урс хæдæттæ; мæнæугæрдæн машинæтæ, уаритау, стылдтой сæ базыртæ. Мусæй ссыди найгæнæны уынæр. Йæ дæндаг- джын дзыхмæ-иу сæрсæргæнаг тæвд мæнæуы куырис куы бахауд, уæд-иу райдыдта хъуыр- хъуыр кæнын æмæ, цыма, куыдз стæг æхсыны, уый хуызæн-иу фæхуыдыг. Найгæнæны фæстаг хайæ калди рог цыл- лæхуыз хъæмп, йæ фарсæй та бур хъарм мæнæу. Æрыгон бæхтæрджытæн уыд бирæ куыст. Уыдон быдырæй найгæнæнмæ ластой куыристæ, цæттæгæнæн пунктмæ та—хор. Санькæ зыдта фæндагыл алы дзыхъ, алы хæрд æмæ уырдыг æмæ йæобон уыд чырæ цъындæй дæр бахæццæ кæнын. Йæ ном айхъуыс- ти куыд арæхстджын æмæ цæрдæг бригадир. Стожартæй горæтмæ фæндагыл уыди Локте- войы хъæу. Уарынты фæстæ-иу уыцы хъæуы цур сцъымара æмæ-иу дзы ацæуæн нал уыди. Цæлхытæ-иу сæ сæмæнты онг цъыфы аныгъуыл- дысты, бæхтæ кодтой тых хæст. Иу хатт уыцы ран ныссагъди æртæ уæрдоны. Бахъуыди хорæй дзаг голджытæ æккойæ хус бынагмæ хæссын, бæхты суæгъд кæнын æмæ уæрдæтты лæгдыхæй ра- тулын. 301
Лæппутæ тухæнæй амардысты æмæ æлгъитын райдыдтой Локтевы колхозы сæрдар Башлыковы. — Æлгъитæм, ма ’лгъитæм, уæддæр та рай- сом дæр афтæ уыдзæн!—мæстыйæ загъта Сань- кæ æмæ арасти хъæумæ. Бацæуæм, Федя, Башлы- ковмæ æмæ йын зæгъæм... Цъыфæйдзаг, æмæ мæстыйæ лæпиутæ сæрдары баййæфтой колхозы правленийы. Цы дзы агу- рынц, уый куы бамбæрста, уæдБашлыков загъ- та, ныртæккæ йæ фæндаг аразынмæ не ’вдæлы, зæгъгæ. — Уыцы цъымарамæ дур æмæ змис цас ласын хъæуы, уый зонут? Æмæ цæуыл хъуамæ ласон. Кæм ссарон уæрдæттæ? — Æмæ уын мах баххуыс кæндзыстæм, æр- мæг уын æрбаласдзыстæм,—загъта Санькæ. — Кæд афтæ у, уæд хорз,—фæхъæлдзæгдæр Башлыков.—Баххуыс мын кæнут! Бæхтæрджытæ сæ дзырд сæххæст кодтой. Горæтæй афтидæй здæхгæйæ, уыдон алы хатт дæр сæ уæрдæттæ дзаг кодтой дойнаг дурæй, змисæй, уистæй æмæ сæ калдтой цъымарайы цур. Фæлæ Башлыков нæ тагъд кодта фæндаг цалцæг кæныныл. „Фæлæу, мах дын фенын кæндзыстæм!“ — сфæнд кодта Санькæ æмæ иу хатт, æрыгон бæхтæрджытæ горæтмæ куы фæцæйцыдысты, уæд хъæумæ нæма ныххæццæ сты, афтæмæй, фæзылдысты галиуырдæм, цъымарайы раз та фæйнæгыл ныффыстой: „Ам ис цъымара. Цæуын хъæуы галиуырдæм. Колхозы сæрдар Башлыков“. Локтевы колхозы сæрдар уыцы фыст федта æрмæстдæр дыккаг райсом æмæ йæ сæрмæ фæ- лæбурдта. Суткæйы дæргъы цæхæрадæттыл ацыд дæсгай уæрдæттæ æмæ акодтой ног фæтæн фæндаг. 302
Бар-æнæбары Башлыковы бахъуыди цъыма- рамæ æвæстиатæй адæмы рарвитын æмæ йæ дур- тæй, пыхсытæй æмæ сыджытæй сæмвæз кæнын. Уыцы хабар айхъуыстис дардыл. Колхозонтæ-иу Стожарты æрыгон бæхтæрджытыл куы амбæл- дысты, уæд-иу сын фæндаг радтой æмæ, хъазгæ ’мхасæн салам дæттгæйæ, сæ худтæ истой:—Уæ фæндаг раст! Куыд цæры Башлыков уыцы хикри- тикæйы фæстæ? Санькæ-иу изæр сæхимæ æрцыди æрæгмæ, рыгæйдзагæй, хурсыгъдæй. Гыбар-гыбургæнгæ-иу йæ цырыхъытæ йæ фæллад къæхтæй раппæрста, æмæ-иу ас адæймаджы бадт æркодта хæрыныл. — Цæй, куыд у, мæ дарæг, зымæгмæ нæм хор фаг уыдзæн?—йæ мидбылты худгæйæ, фарста Катеринæ. — Æмæ уæдæ куыд... Абон нæ алкæмæн дæр ныффыстой фæллойбоны аст дæсæм хайы, — дзуапп лæвæрдта Санькæ. — Бригадир, хъæрмхуыпп ма дын æркæнон? — Æркæн... Санькæ-иу сæхимæ арæх æрбакодта Федяйы. Уыдон-иу иумæ æхсæвæр бахордтой, стæй-иу сбадтысты ахуыр кæныныл. Катеринæ-иу рагацау схуыссын кодта Феня æмæ Никиткæйы, цæмæй хисдæрты ма хъыгдард- таиккой, уый тыххæй, йæхæдæг дæр-иу уаты цыди йæ къахфындзтыл, стæй лæппутæн гыццыл фæздæггæнаг цырагъы бæсты самал кодта ав- джын цырагъ. Ахуыры фæстæ Федя тагъд кодта йæ фыды фыдмæ, фæлæ-иу æй Катеринæ нæ ауагъта æмæ сæ-иу Санькæимæ иу сынтæгыл схуыссын кодта, райсомæй сын-иу аходæн бахæрын кодта æмæ- иу сæ куыстмæ арвыста. Иу хатт, дыууæ изæры астæу, Коншаковты зоз
хæдзармæ æрбацыд Захар. Катеринæ йæ размæ рауад тыргътæм. — Хорз нæ кæныс, Катюшæ, мæ фырты фыр- ты мын дæхи ’рдæм сайыс, — загъта уый уай- дзæфгæнæгау. — Бакæс ма, бакæс, нæ уасджытæ бынтон- дæр балымæн сты. — Катеринæ рудзынгæй аца- мыдта хæдзармæ. Стъолы уæлхъус бадтысты Санькæ æмæ Федя æмæ ахуыр кодтой. — Æн- хъæлдæн мæ лæппумæ дæр зонд æрцыд, скъола- мæ цæуын байдайдзæн. Захар бакасти агъуыстмæ, стæй сындæггай сæхкæдта рудзынг æмæ æрбадти хæдзары къул- рæбын. Йæ фарсмæ æрбадти Катеринæ дæр æмæ хъуыдыты аны’гъуылд. — Захар Митрич, ногæй та дын зæгъын. Рауадз Федяйы мæнмæ, хъыг дæм ма фæкæсæд, æз æргом дзурын. Ды ныр зæронд дæ, де’нæниз- дзинад дæр афтæ хорз нал у, алкæмæн йæ фыдбылыз йæхи, фæлæ... цы нæ ’рцæуы... Æмæ та лæппу сидзæрæй баззайдзæн.о Уый та нырма æнæбазыр цъиуы лæппын у... Йæ тæккæ мад мысгæйæ. Захар йæ сæр æруагъта æмæ иу дзæвгар ницы сдзырдта. — Федяйæн мæ зæрдæ æвзæрæй ницы зæгъы... Фæлæ мæм хардзау кæсы, Катюшæ: цалынмæ уалдзæг æмæ сæрд вæййы, уæдмæ мæ алыварс змæлд, худт, сывæллæтты хъæлæба. Æмæ мæ- хæдæг дæр, цыма, уыдонимæ сног вæййын... Фæ- лæ фæззæг куы ралæууы, уæд та зыбыты иунæ- гæй баззайын. Катеринæ фæтæригъæд кодта зæронд лæ- гæн. — Æмæ ды дæр махмæ цæрынмæ рацу — æнæнхъæлæджы сдзырдта уый æмæ йæхи нымæр 304
ахъуыды кодта, ныронг дæр ын цæуылнæ загъ- тон, зæгъгæ. — Уæ чысыл хæдзары къуыммæ! — ныддис кодта Захар. — Æнгом бинонтæ цард ссарынц, зæгъгæ, адæм мæнгæй нæ акæнынц, Захар Митрич, исты амалæй дзы бацæудзыстæм. — Нæ, — ахъуыды кæнгæйæ, загъта зæронд лæг. — Кæд уæ фæнды, уæд мæнмæ рацæут цæрынмæ — уæ исбонимæ. Сымахæн цы у? — чысыл хæдзары къуым дыууæ рудзынгимæ, мæ- нæн та уæддæр хæсты агъоммæ арæзт уыд, дугъы дæр дзы рауай. — Æцæг зæгъыс, æцæг, Захар Митрич! — сцин кодта Катеринæ. — Иу бинонты цард кæн- дзыстæм. Цæуон æмæ мæ сывæллæтты афæрсон. 39 сæр АРВЫЛ СТЪАЛЫТÆ Карнизы рæбын сæхицæн сæрддæргъы ахс- тæттæ цы зæрватыччытæ фæкодтой, уыдон абон фæтарстысты: райсомсарæй скъолайы кæрты къордтæ-къордтæй лæууыдысты сывæллæттæ, цæуылдæр хъаугъа кодтой æмæ та-иу скастысты зæрватыччыты ахстæттæм. Фæлæуæдмæ цъиутæ æрынцадысты. Сывæллæттæ иууылдæр кæдæм- дæр ацыдысты æмæ та кæрт ногæй ныссабыр. Уалынмæ фæзындысты дыууæ чызджы æмæ тыр- гъы æрбадтысты. — Куыд æнхъæл дæ, махонтæ экзамен сфæраз- дзысты? — бафарста Машæ Зинæ Колесовайы. — Хъуамæ сфæразой... Сæхи куы цæттæ кодтой!—æмбаргæ дзуапп радта чызг. — Кæй зæгъын æй хъæуы, сфæраздзысты! 20. Стожартæ. 305
Фæлæ цы нæ вæййы... Цæй мадидинæджы сыф- тæй сын афæрсæм. Чызджытæ иу дæс дидинæгæн сæ сыфтæ иугай- иугай тыдтой—„сфæраздзæн, не сфæраздзæн“, „сфæраздзæн, не сфæраздзæн“—дзургæ. Сæ фарстмæ гæсгæ рауади афтæ, цымаФедя æмæ Тимкæ экзаментæ раттдзысты, Санькæ та нæ раттдзæн. — Уый мур дæр ницы зоны! — æрбамæсты Машæ æмæ дидинджытæ фæйнæрдæм ныппырх кодта. — Иууылдæр раттдзысты. Уалынмæ скъоламæ æрбазгъордтой Семушкин æмæ Стёпæ. — Куыд у нæхионты хъуыддаг? Радтой? — Нырма бæрæг нæу, — загъта Зинæ. Сывæллæттæ арауай-бауай кодтой скъолайы афтид къæлидорты, афæлвæрдтой къласмæ ба- кæсынмæ, фæлæ сæм Андрей Иванович мæсты хуызæй бартхъирæн кодта. Бахъуыди сæ бадын æмæ æнхъæлмæ кæсын. Уалынмæ экзаментæ фесты. Ахуыргæнинæгтæ кæртмæ ракалдысты. Тимкæйы хъæлдзæг цæсгом- мæ бакæсгæйæ, Машæ уайтагъддæр бамбæрста, хъуыддаг хорз кæй у, уый. Тимкæ радзырдта, зæгъгæ, сæрды йæхи чи цæттæ кодта, уыцы сывæллæттæ искуы иутæй фæстæмæ ист æрцы- дысты æхсæзæм къласмæ. Æрмæст дыууæйæ ба- цæудзысты фæндзæм къласмæ. Уалынмæ фæзындысты Санькæ æмæ Федя дæр. — Махимæ? Æвдæмтæм? — базгъордта сæм Машæ. Лæппутæ сæ сæртæ разыйы тылд бакодтой. Машæ фырцинæй„ура“ныхъæр кæнынмæ, хъавы- ди фæлæ фæкомкоммæ скъолайы цæхæрадоны ЗСб
цы зæронд бæрз бæлæс задис уымæ æмæ Сань- . кæйы хъусы бадзырдта: — Хъуыды ма кæныс, цы ныффыстай, уый! Фехалын æй хъæуы... Санькæ æфсæрмыхуызæй зулмæ бакаст лæп- путæм: — Хорз... уый фæстæ! Фæлæ Машæ систа авджы саст, базгъордта бæрз бæласы цурмæ æмæ бæласыл фыст дзырд „Хæрзбон“, зæгъгæ, халын райдыдта. Бæласы цурмæ бацыдысты иннæ скъоладзаутæ дæр. Фæлæ бæрз бæласы цъарыл фыст халын нал куымдта. — Иуфарс, æз æй мæхæдæг фехалдзынæн,— загъта Санькæ, Машæйы бæласы цурæй аиу- фарс кæнгæйæ. Стæй йæ дзыппæй систа хæрын- къа, æмæ ныххах кодта „хæрзбон“. Уый фæстæ лæппутыл йæ цæст ахаста æмæ дзы ныффыста ног дзырд. „Æгас цу, скъола!“ — бакасти Федя. — Уыцы фыст мæнмæ дæр хауы æмæ, Санькæйæ хæрын- къа райсгæйæ, бынæй ныффыста йæхи мыккаг дæр. — Æри ма, æз дæр дзы мæ къух æрфыс- сон!—загъта Тимкæ. — Фæтæригъæд кæнут, уыцы мæгуыр бæрз бæласæн! —фæстæрдыгæй æрбацыди Андрей Ива- нович, æмæ лæппутæ кæй ныффыстой, уыдон куы бакасти, уæд йæ мидбылты бахудти. Ахуыргæнæг ма иу чысыл бæрз бæласы цур афæстиат, стæй сывæллæттимæ ацыди Стожартæм. Уыдон схызтысты къуыбырмæ æмæ æрлæу- уыдысты. Уыгæрдæнтæ, быдыртæ æмæ бæлæстæ райдзаст хур бон афтæ рæсугъд уыдысты, цыма сæ стыр бæрæгбонмæ сфæлгонцчындæуыди, уый хуызæн. 307
Дымгæмæ сыбарсыбур кодтой доны был цы пæлæхсар хæрис бæлæстæ зади, уыдон, æмæ се ’взистхуыз сыфтæртæ тыбар-тыбур кодтой. Куы дидинæг æфтаугæ фæткъуы бæлæсты хуызæн, куы урс риу хъазты хуызæн мигътæ ленк кодтой уæрæх арвыл. Доны фале, карст уыгæрдæны ахæм арф æмæ хорз тау ссыди, æмæ дзы кæд хъуццытæ æмæ родтæ хызтысты, уæддæр цъæх-цъæхид дардта. Быдырæй цыди мыды, фых дзулы æмæ ма ноджы цавæрдæр, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм ад- джын æмæ зæрдæйæн æхсызгон тæф. Къæхты бынæй иу фесхъиудтой цъырцъырæгтæ, цыма резинæйæ конд уыдысты, уый хуызæн æмæ-иу цæсгæмттыл сæхи ныццавтой. Алфæмблай уыди хъæлдзæг æмæ рæсугъд. — Æвæдза куыд хорз у! — æваст сдзырдта Машæ. — Цы у хорз? — нæ бамбæрста Зинæ Коле- сова. — Быдыр, алцыдæр... Нæ уыгæрдæн дæр, хъæд дæр, стæй дон. Арвыл мигътæ дæр. Афтæ цæуин æмæ цæуин... Мæнмæ гæсгæ мах Стожар- тæй хуыздæр никуы ис дунейыл. — Мигътæ, быдыр... Цы ис уым диссагæй!— ныххудти Семушкин, — ды нæ зоныс, дунейыл цавæр рæсугъд бынæттæ ис, уый. Мæнæ суб- тропикты ацæр! Мах Стожарты та зонгæ дæр ничи кæны. — Æмæ цæмæй æвзæрунæ хъæу?—загъта Андрей Иванович. — Æз-иу фронты искуы мæ фæллад уадзынмæ куы ’рбадтæн, уæд-иу бацъынд кодтон мæ цæстытæ æмæ нæ хъæу—Стожартæ мæ цæстытыл ауадысты: мæнæ дон фæйлауæнтæ хæссы, быдыры къахвæндаг урс адардта, хоры тæф цæуы. Кæнæ æхсæв арвмæ скæс, уæд ыл 308
иунæг мигъы къуымбил дæр нæ фендзынæ, æр- мæстдæр стъалытæ дзыгуыртæй лæууынц, æмæ сæм адæймаг кæсынæй не’фсæды. Ахæм рæсугъд æмæ уæрæх у арв, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Фæлæ арвмæ лæмбынæг куы скæсай, уæд æмба- рын байдайдзынæ, афтæ рæсугъд æмæ уæрæх цæмæн у, уый. Уæлæ Авд хойы стъалытæ, уым та Тельцы, Геркулесы, Драконы, Козерогы, æмæ дзы алчи дæр ахсы йæхи сæрмагонд бынат, алчи дæр дзы йæ афоныл скæсы. Уыцы уæрæх стъа- лыты дунейы ссардзынæ Стожарты хуымæтæджы чысыл стъалыты дзыгуыр. „О, сымах дæр ам куы стут!“, зæгъгæ, зæгъдзынæ. Нæ ферох код- тат, мæ лымæнтæ, уыцы стъалытæ кæм сты, уый? — Хъуыды ма сæ кæнæм, Андрей Иванович. Мах сæм арæх фæкæсæм, — загъта Машæ. -Тъе афтæ нæ зæххон Стожартæ дæр, — дзырдта ахуыргæнæг. — Уый фæци не’нæкæрон райгуырæн зæххыты астæу æмæ æрттивы адæм- мæ иннæ стыр æмæ чысыл стъалытимæ. Машæ кæрдæджы хал æууилгæйæ, скасти арвмæ, кæд дзы æппындæр стъалытæ нæ уыд, уæддæр, æмæ сдзырдта: — Андрей Иванович, зоныс, мæн цы фæнды, уый? Мæн фæнды, цæмæй мах Стожартæ рухс кæной сеппæтæй тынгдæр... уæлæ Бонвæрнон, кæнæ Цæгат стъалы куыд рухс кæны, афтæ. Цæмæй мах зынæм дардмæ. Цæмæй мах уыной, денджызы чи ленк кæны, хæцгæ чи кæны æмæ Мæскуыйы чи цæры, уыдон дæр. Адæм стъа- лыджын арвмæ скæсгæйæ, афтæ куыд зæгъой: „Цымæ уый афтæ тынг цы рухс кæны? Уый цавæр ног стъалы фæзынди?“ Æмæ сын уæд астрономтæ дзуапп раттдзысты: „Уый ног стъалы нæу уыдон сты рагон стъалытæ —; 309
Стожартæ, зæгъгæ. Æрмæст æй нæхæдæг дæр нæма зонæм, афтæ тынг рухс кæнын цæмæй байдыдтой, уый“. — Уый та уымæн афтæ у, — йæ мидбылты бахудти ахуыргæнæг, — æмæ Стожарты цæрынц ахæм диссаджы сывæллæттæ... — Æмæ куыд æнхъæл дæ, Андрей Ивано- вич! —дзырдта Машæ, сыстад афтæмæй, — мах куы сдынджыртæ уæм, уæд нæ колхозæн алцы- дæр сараздзыстæм! Æз ацæудзынæн ахуыр кæ- нынмæ. Суыдзынæн агроном, кæнæ та селекцийы кусæг. Стæй та фæстæмæ æрыздæхдзынæн Сто- жартæм. Æрзайын кæндзынæн æртæфсирджын мæнæу. Иу хатт байтаугæйæ æртæ фондзазоны фæд-фæдыл хорæрзад исæн кæмæй уа, ахæм. Стæй уыцымæнæу хъуамæ мацæмæй тæрса: нæ- дæр уазалæй, нæдæр тæвдæй, нæдæр ихæй. Æз уыцы мæнæу схондзынæн: „Стожараг æну- сон“ мæнæу. Уый тыххæй уый фæстæ фысдзы- сты ахуыргæндтæ сæ чингуыты. Кæнæ та афтæ... Хуыздæр уыдзæн æз цæхæрадоны куы кусон, уæд. Сараты фале æрзайын кæндзынæн сæнæф- сир, фæткъуытæ. Стыр фæткъуытæ, адæймаг дзы иуæй куыд æфсæда... — Цы зыд у, иууылдæр сæ йæхи бакодта!— йæ мидбылты бахудгæйæ, загъта Санькæ æмæ бакасти сывæллæттæм. — Махæн та ма дзы цы баззайдзæн? — Сымахæн? — ахъуыды кодта Машæ. — Куыст алкæмæн дæр фаг уыдзæн. Зæгъæм, ды дæ цæст дардзынæ боныхъæдмæ. Бадыс каби- неты мигъты тæккæ бынмæ æмæ радиойæ бав- дыстытæ исыс: „Алло-алло, боныхъæды рад- гæс хъусы. Чи дзуры?“ — „Пушкины номыл колхоз“. — „Цавæр боныхъæд уæ хъæуы?“ — „Цыппор фондз минуты уарын куыд рацæуа, 310
афтæ“.— „Цавæр уарын уæ хъæуы? Агъа, лыс- тæг уарын, сæлфынæджы хуызæн, нæ? Хорз. Райстон заказ. Курын æмæ уæхи бацæттæ кæнут“. Æмæтабуафси, рауадздзынæ уарын цыппор фондз минутмæ. — Боныхъæд аразын — уый диссаг у!—худгæ- йæ дзырдта Семушкин. — Æмæ уæд мæнæн та цавæр куыст уыдзæн? Æмæ, æвæццæгæн, зæрдæхæлар Машæ алкæ- мæн дæр ссардтаид зæрдæмæдзæугæ куыст, Зинæ Колесова куынæ уыдаид, æмæ йын афтæ куы нæ загътаид, зæгъгæуыдон иууылдæр фантастикон, Жюль Верны хъуыдыты хуызæн сты, уый, уæд. — Дæумæ иууылдæр фантастикон кæсынц, хуымтьГцынæ зайа, уыдон дæр! — фæхъыг каст Машæмæ. — Фæлæ ма-иу кæс, хæст фæуыдзæн... Æмæ нæ зæхх иууылдæр суыдзæнис рæсугъд æмæ хъæздыг... Раст нæ зæгъын, Андрей Иванович? — Мæнмæ гæсгæ афтæ уыдзæн,— дзуапп рад- та ахуыргæнæг. — Адæймаг стыр хъуыддагыл куы хъуыды кæна, уæд йæ къухы æфтгæ дæр ба- кæндзæн. Уæлдай дæр та нæ зæххы хуызæн зæх- хыл. Стожартæм ныццæугæйæ, сывæллæттæ хæрз- бон загътой Андрей Ивановичæн, фæлæ Сань- кæйы нæма фындыди сæхймæ цæуын. Ахуыргæнæджы цурмæ бацыд Ленæ. Уый йæ хуыдта æмбырдмæ — абон изæрæй фæскомцæ- дисонтæ сæ рæнхъытæм исдзысты ног уæнгтæ. Санькæйæн йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп ссыди. — Ныр мæнæн дæр бацæуæн ис? —бафарста лæппу сындæггай. Ленæ бакасти Андрей Ивановичмæ. — Мæнмæ гæсгæ ис,— загъта ахуыргæнæг, æмæ лæппумæ зулмæ бакасти, — Саня баххæст кодта, цы йын æмбæлди, уый. 311
— Уæдæ йыл æз дæр мæ къух сдардзынæн. Тагъддæр рахæсс дæ курдиат, — йæ мидбылты бахудгæйæ, загъта Ленæ. — Æмæ мæнæн фыст куы у.—Санькæ йæ хæ- доны риуы дзыппæй систа æнцъылдтæ, йæ кæ- рæттæ кæмæн баихсыдысты, ахæм гæххæтты гæбаз.—Нæ, нæ бæззы... æз ног ныффысдзынæн. — Æнæмæнг ног ныффысс, — загъта Андрей Иванович. 40 сæр БИРÆ БИНОНТÆ Хуыцаубоны Коншаковтæ балыгъдысты Век- шины хæдзармæ. Дыууæ уæрдонæй баластойсæ чысыл исбон, бакодтой сæ, хъуг. Ацæуыны агъом- мæ Санькæ йæ мадимæ бацыди цæхæрадоны цы гæды бæлас зади, уымæ. Хорз уаид уый дæр ног бынатмæ рахæссын. Фæлæ бæлас зæххы йæ уидæгтæ арф ауагъта æмæ сæм тæригъæд касти уый хъыгдарын. — Ницы кæны, мах дзы уалдзæджы къалиу ракæндзыстæм æмæ йæ рудзынджы бын ныссадз- дзыстæм,—загъта Катеринæ йæ фыртæн. Сихорыл Коншакс&ты ног стыр бынонтæ хæ- рыныл куы ’рбадтысты, уæд хæдзармæ бацыд Андрей Иванович. — Арфæдын кæнын, Катеринæ Васильевнæ! — Ног хæдзармæ кæй æрбаивтам, уый фæ- дыл? Æмæ мын куы раарфæ кодтай, Андрей Иванович, æндæрæбон. — Нæ, æндæр хъуыддажы фæдыл. Колхозон бинонты ’хсæн хорз æфсин хъæуы. Дæу, Ка- теринæ Васильевнæ, правленийы сæрдарæй æв- зарынц. 312
— Мæн?—Катеринæ сыстади стъолы цурæй æмæ бакасти сывæллæттæм.—Сывæллæтты раз мæ уæддæр ма ’фсæрмы кæн, Андрей Иванович. — Нæ, цæмæн зæгъыс... Æз хъуыддаджы ны- хас кæнын. Татьянæ Родионовнæйы хабар фе- хъуыстай? Махæй йæ районы куыстмæ кæнынц. Æз абон партийы райкомы уыдтæн. Уым дзырд- той Стожарты хъæуы Татьянæ Родионовнæйы бæсты кæй сæвæрын хъæуы, ууыл. Æмæ дæу снысан кодтой. Мæн бафарстой æмæ æз загъ- тон: „Хуыздæр æфсин, зæгъын, не ссардзыстут!“ — Афтæ сын загътай? Кæцæй мæм разындзæн уый бæрц тых? — загъта Катеринæ æмæ лæгъ- стæгæнæджы каст бакодта ахуыргæнæгмæ. — Искæй тыхмæ нæ бахæлæг кæндзынæ, — йæ мидбылты бахудти ахуыргæнæг. Катеринæ хъуыдыты аныгъуылд. — Бауадзут мæ,мæзæрдæ ме’муд æрцæуа... Уыцы бон Катеринæ никуыдæм ацыд, кодта хæдзары куыстытæ, архайдта хуыздæр ахъуыды кæныныл. Изæры Векшины хæдзармæ æрæмбырд сты колхозон сылгоймæгтæ. Афæрстытæ кодтой Ка- теринæйы йæ ног цæрæнбынатæй, сæ цæст ахас- той æфснайд уæрæх уатыл, стæй æрбадтысты даргъ бандоныл. — Мах дæ, Катюшæ, æфсинæй равзарынмæ хъавæм... Татьянæ Родионовнæйы бæсты,—загъ- та Василисæ Седельникова. — Ныртæккæ тынг хъæуыс ды адæмы, æмæ нын зæгъ: сразы уы- дзынæ? — Не сразы уæвыны фæнд ма скæн,— йæ ныхас баппæрста Пелагея Колечкинæ, — адæм уæддæр дæ фарс хъæлæс кæндзысты. Адæмы кæд хъуыддагмæ сразæнгард кодтай, уæд сæ кæронмæ ахæццæ кæн; 313
Катеринæ йæ сæрыл схæцыд. Уымæ кастыс- ты йе’мбал сылгоймæгтæ. Сылгоймæгты фæстæ ауыдта Санькæйы. Æмæ Катеринæмæ афтæ фæ- каст, цыма лæппу йæ сæр разыйы тылд кæны æмæ сындæггай афтæ дзуры: „Райс, райс уыцы куыст! Уый дæу хъуыддаг у\ Катеринæйы зæрдыл æрлæууыдысты, уыцы сылгоймæгтимæ цы зын хæстон азтæ арвыста, уыдон æмæ ацы хаттæй тынгдæр никуы банкъардта колхозон стыр бинон- тæ йын куыд зынаргъ сты, уый. Арф ныуулæфыд æмæ ныхъæбыс кодта йæ цуры чи бадти, уыцы сылгоймæгтæн: — Мæ хæлæрттæ, æз сымахимæ дæн, сы- махимæ... Колхозонтæ ацыдысты. Катеринæ сæ тигъмæ ахæццæ кодта æмæ æрбацыди хæдзармæ. Санькæ лæууыд йæ чъылдым йæ мады ’рдæм, афтæмæй æмæ æдзынæг каст къулыл йæ фыды хуызистытæм. Катеринæ сабыргай фæстæты бацыди æмæ лæппуйы йæ хъæбысы æрбакодта. Санькæ фес- тъæлфыд, фæлæ йæхи иуфарс нæ аласта. — Цæрдзыстæм, Саня! Иунæг нæ дæн æз... Федя дæр уыдзæн махимæ... Ды дæр мын куыд сырæзтæ, раст дæ фыды хуызæн.— Катеринæ æнкъард цæстытæй бакаст лæппуйы цæсгоммæ, æрсæрфта йын йæ дæрзæг сæрыхъуынтæ æмæ сдзырдта:— Уый мын мæ тыхтыл ды бафтыдтай, ды, мæ хъæбул! — Цæрдзыстæм, мама, — фæлмæнæй загъта Санькæ, æмæ-иу уый размæ стыр зынтæй цы ныхас сдзырдта, уый ныр æнцонæй загъта: — Фæцæрдзыстæм, мама! Уый фæстæ рацыди уынгмæ. Дæлбазыры раз лæууыдис Федя. Стожарты сæрмæ, сихорæй нырмæ цы сау мигъ æрбадынмæ хъавыд, уый хъæумæ не’рба- 314
хæццæ, афтæмæй иуфæрсты ацыди, æмæ ныр, цыма истæуыл хъуырхъуыр кодта, уый хуызæн æрвгæроны фале фæцис. Ракодта дзæбæх, сатæг дымгæ, ацыди кæр- дæгыл, цæуылдæр асусу-бусу кодта бæлæстимæ, цыма сæ фаерсгæ бакодта, дыккаг бон райсомыл сæмбæлынмæ цæттæ сты, æви нæ, уыйау, стæй æрсабыр. Арвыл стъалытæ сæрттывтой. Лæппутæ скастысты арвмæ. Дардмæ зынди Æрфæны фæд. Бирæ алыхуызон стъалыты ’хсæн Санькæ ссард- та авд чысыл стъалыйы æмæ сæм бахудти, йæ зæронд лымæнтæм бахудæгау. — Федя, Стожарты ссардтай? — Уынын сæ. — Хъус ма, бирæ сæм куы фæкæсай, уæд тынг стыр зынынц! — Стæй тынгдæр рухс кæнынц. Лæппуты размæ бацыд Катеринæ: — Цы федтат уым арвыл? — Кæс ма, мама, куыд бирæ стъалытæ дзы ис,—загъта Санькæ. Катеринæ скаст уæлæмæ æмæ бирæ фæкасти стъалыджын арвмæ. — Цыма мæнæу ахæлиу чындæуыд, уый хуы- зæн у... Хорз бон уыдзæн райсом!
СÆРГÆНДТÆ фарс 1-аг сæр —Писмо 3 2-аг сæр —Уалдзæг 9 3-аг сæр —Æртæ æфсиры 16 4-æм сæр — Векшины хæдзарад 24 5-æм сæр — Цырддзинад 31 6-æм сæр — Лæппу хъусджын худь{ 42 7-æм сæр —Гæнах , 47 8-æм сæр — Мæхи цæстытæй 56 9-æм сæр —Хъæугæрон 65 10-æм сæр —Почтæйы . • 73 11-æм сæр — Зæхх . - 83 12-æм сæр — Æххуысмæ 92 13-æм сæр — „Аххосæгты сæра 99 14-æм сæр —Æнæхицау хæдзар сидзæр у . . . 109 15-æм сæр — „Хæрзбон, скъола“ 115 16-æм сæр —Æнæдзургæ нæй 125 17-æм сæр —Бæхгæс 131 18 æм сæр —-Дæуæн ардæм фæндаг нæй ... - 139 19-æм сæр — Пилоткæ 145 20-æм сæр — Кæрд, мæ цæвæг 154 21-æм сæр — Уæрдæттимæ 163 22-æм сæр — Уаргæ бон 171 23-æм сæр —Фембæлд 181 24-æм сæр — 5-æм кълеткæ 188 25*æм сæр — Портийæ хъазт 197 26-æм сæр —Мæтыхтæ 205 27-æм сæр — Кæсаг ахсынмæ 212 28-æм сæр — Петушокимæ хæст 220 29-æм сæр — Цырагъы рухсмæ 225 30 æм сæр — Æхсæвыгон 231 31-æм сæр — „Мах сидзæртæ не стæм41 239 32-æм сæр — „Коншаковкæ“ 247 33-æм сæр — Бæллиц 252 34-æм сæр — Иу иннæмæн æгъдæнцой 262 35-æм сæр —Разведкæ фехъусын кодта .... 272 36-æМ сæр — Ихуард 283 37-æм сæр —Хор 290 38-æм сæр — Бригадир 296 39-æм сæр — Арвыл стъалытæ 305 40-æм сæр — Бирæ бинонтæ 312 3*6