Text
                    ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1960


ФАРНИЕВ ДЗИБУШ РЯДОМ С ЛЮДЬМИ Рассказы и повесть на осетинском языке Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидзе * 1960
ХÆХТЫ ХИЦАУ Хъуынабын ауындзæг къæдзæхы рæзты йæ комы фынккалгæ знæтæй бырсы æмæ схъиуы хохаг æрра дон. Къæдзæхы фарсмæ доны былыл скæсæнырдæм айтынг рагон хæххон хъæу Горга. Хъæуы кæронæй бæрæг дары дæргъæй-дæргъмæ дыууæ æддæгуæлæ хъæдæй арæзт ног хæдзар. Уый у колхозы правленийы агъуыст. Агъуысты райдзаст фæ- тæн къæридоры рацу-бацу кæны цыбыргомау бæзæрхыг лæг. Йæ уæлæ сау хæдон æмæ хæлаф, къæхтыл уæззау цырыхъхъытæ. йæ астæуыл къамбецдзармæй бæзджын рон. йæ фæтæн уæхсчытæ, йе ’ставд бæрзæй, йæ булкъдаст нарст сырх цæсгомыл бæрæг уыд, йæ цардæй разы кæй у, йæ зæрдæмæ кæй цæуы. Уый у колхозы сæрдар Гарситы Дзига. Дзига йæ мидбынаты алæууы, бынмæ фæндагмæ нымдзаст вæййы. Зын бамбарæн нæу: кæмæдæр æнхъæлмæ кæсы. Правленийы фæстæ фыдæлтыккон зæппадз. Зæп- падзырдыгæй æрбайхъуыст къæхты хъæр, хъолойы сыф- ты сыбар-сыбур, адæймаджы хуыфт. Дзига зæппадзы- рдæм йæ сæр адардта æмæ, сывæллон йæ мады дард балцæй æрцæугæйæ куы ауына, уыйау йæхи мидæг сцин кодта, бахудти. — Куадзæи куы уыдаис, уæд дæм адæмы цæстытæ æнхъæлмæ кæсынæй ныйирд уыдаиккой. Кæд æмæ дæм кæд арвыстон? Куыд æрæгмæ зындтæ? — сдзырдта цæ- уæгмæ Дзига, дуар ын цырдгомау бакодта æмæ йыл æфсымæрау ныттыхсти. — Цæй куыд у? Фæдæ каст де скъола? — афарста æрбацæуæджы колхозы сæрдар. 3
ч — Фæдæн, ныр бынтондæр æрыздæхтæн... 4 Уый дзæгъæл цæуæг нæу. Уый а хъæуккаг у, Асæбе. йæ уæлæ сæрдыгон урс дарæс, йæ сæрыл хъæмпын худ. йæ цæсгомы бакаст къæсхуыр, ранæй-рæтты фен- цъылдтæ. Йæ фындзы бын халасхуыз цыбырæлвыд ри- хитæ. Асæбе йæ царды фылдæр бонтæ арвыста æхсæнады куыстыты. Фыццаг фæскомцæдисы, стæй та партийы рæнхъыты. Куыста районы кусæндæтты, Горгайы уыди хъæусоветы сæрдар, колхозы хицау. Стæй йæ æртæ азы размæ арвыстой , горæтмæ, колхозон скъоламæ ахуырмæ. Кæд ыл дзæвгар азтæ цæуы, йæ сæр фæурс и, уæддæр тынг зæрдиагæй касти скъолайы. Фæци йæ æмæ ныр дысон æрыздæхти йæ райгуырæн хъæумæ. Дзига æмæ Асæбе рагæй фæстæмæ хæларæй цæ- рынц, æрдхæрдтæ сты. Сæ хъысмæт, сæ царды фæндаг сæ бирæ хъуыддæгты сбаста иумæ. Ацы хъæуы иумæ арвыстой сæ сабийы бонтæ, иумæ-иу згъордтой скъола- мæ, бирæ фыдбонтæ, фыдæхсæвтæ арвыстой кулактимæ тохы, немыцаг фашистты ныхмæ хæсты заманы дæр ба- хаудтой иу раимæ, иу æфсæддон хаймæ. Сæ иу иннæйы зæрдæхудт никуы райста, кæрæдзи-иу куы нæ федтой, уæд сын сæ цард ад дæр нæ кодта. Дзига ныр къуы- рийы дæргъы æрхъæцмæ дæр нал хъæцыд: зыдта, Асæ- бейы æрцæуæн тагъд кæй у, уый. Дзига абон правленимæ куы æрбацыд, уæд ын æй адзырдтой, Асæбе æрцыди, зæгъгæ. Дзига фыццаг афæнд кодта, мæхæдæг æм бауайон. Фæлæ ахæм зама- ны дæрддаг бæлццоны æрцыдмæ æфсин арахъхъ æмæ бæгæны ма нывæрдтаид, уый гæнæн нæй. Ноджы сы- хæгтæй куыд ничи æрбауайдзæн æмæ æнцонты нæ раир- вæздзæп, нозтыл куы фæуа, уæд æнæхъæн бон дзæ- гъæлы фесæфдзæн. Æмæ Дзига нæ бацыд. Фæлæ Асæ- бейæн йæхи æрбацыдмæ æнхъæлмæ каст. Æмæ мæнæ ныр фæзынди. Дыууæ лæджы уынæрмæ алырдыгæй правленийы кусджытæ æмæ цалдæр колхозоиы ра- уадысты. Асæбейæн салам радтой, фарстой йæ ног ха- бæрттæй. — Цом-ма мидæмæ, хибарæй истæуылты адзу- рæм, — йæ цонгыл ын фæхæцыд сæрдар æмæ уазæджы йæ кабинетмæ бакодта. 4
Стъолы фæйнæ фарс æрбадтысты. Иу-дыууæ сахаты бæрц сын бацайдагъ дæргъвæтин ныхас. Асæбе ра- дзырдта йæ ахуыры хабæрттæ. Дарддæр дзырдтой Горгайы колхозы тыххæй: йæ хуымгæнд, йæ хосгæрст, адæмы цард? фосдарыны пълантыл... Дзига йæ пъартфелæй æнцъылдтæ газет систа, ра- фæлдæхта йæ æмæ йæ Асæбемæ Оадардта: — Бакæс-ма цы фыст дзы ис, уый. Советон хица- уад адæмы раз цы стыр хæс æрæвæрдта. Хæрз цыбыр рæстæгмæ царв, дзидза, æхсырæй нæ бæстæ хъуамæ дунейыл суа æппæты хъæздыгдæр. Хъуамæ фыццаг бы- нат бацахсæм алцæмæй дæр... Æмбарыс? — Æмбарын, æмæ уыцы хъуыддагæй Горгайы хъæу- мæ ницы хауы, фæсвæд фæуыдзæни? — Асæбе уы- дæттæ хорз æмбæрста, уæддæр газетмæ кæсгæйæ афарста Дзигайы. — Мах дæр лæгтæ стæм, зындзинæдтыл раджы са- хуыр стæм. Хъуамæ колхозы нæ фæллойы ахадындзи- над фæбæрзонддæр кæнæм, фæсте нæ баззайдзы- стæм, — ныфсджынæй дзырдта колхозы хицау. — Ома куыд, цы дæ фæнды, мæнæн дæр æй бам- барын кæн, куыд хъуамæ фæфылдæр кæнæм нæ колхо- зы исбон? — хынцфарст кодта Асæбе. Дзига фарстæн цæхгæр дзуапп нæ радта. Йæхими- дæг фæтыхсти... — Ды фæллад уыдзынæ, иу мæй уал баулæф, стæй дæ нæ колхозы цы хуыздæр бынаты фæнда, уым сæ- вæрдзыстæм. Бар дын уыдзæн. Æмæ уæд иумæйаг тых- тæй бавналдзыстæм нæ дарддæры цард фæхуыздæр- мæ, — йе ’рфгуытæ бæрзонд систа, æмæ худæндзастæй йæ хæлары уæхск æрхоста колхозы сæрдар. Асæбе йæ сæр разыйы тылд бакодта. Йе ’мныхас- гæнæгмæ бахудти йæ зондджын цæстытæй. Афтæ ба- худын зоны, æрмæст йæхицæн дæр æмæ искæмæн дæр аргъ кæнынмæ чи арæхсы, ахæм адæймаг. Дыккаг бон фæсаходæн Асæбе хæдзарæй уынгмæ рахызти. Фæндыди йæ искæимæ алæууын, хъæуы лæг- тæй искæй фенын. Фæлæ уынгты гыццыл сабиты йед- тæмæ змæлæг нæй. Ахæм диссаджы хурбон, майы мæйы, хæдзары кæй ссардзынæ! Адæмæй чи хуымты ис, чи хъæды, чи бийы хосгæрдæнмæ мæхъитæ, чи та 5
фиййау у... Асæбе ныхасы æмбондгæрон хъæды лыгга- гыл æрбадт. Тамако дымдта... Чысыл фæстæдæр сы- стад. Ахызти хъæуæй, донбылты уæлæрдæм арасти. Дурын æмбонды сæрты бахызти фæсхъæумæ, хъугом- мæ. Хъугомы сæрмæ бæрзонд рагъ. Асæбе гакъон-ма- къон къахвæндагыл фæхæрд кодта. Æнтæф. Иæ хид калди. Цъæнутджын рагъмæ куы схызти, уæд ыл рог дымгæ æрбандзæвыди. Афтæ æхсызгон æм фæкасти æмæ йæ йæ къах дарддæр ничердæмуал хаста. Сап- пыл æрбадти. Зыдæй улæфыд хæххон сыгъдæг уæл- дæф. Мингай дидинджыты адджын тæф æндзæвыди йæ былтыл. Алы ран дæр бæрæг уыд уалдзæджы ком- улæфт. Асæбе йæ цæстæнгас ахаста йæ зонгæ бынæттыл, Горгайы комыл. Комы цъæх-цъæхид уыгæрдæнтæ, иу дур, иу къуыбыр дзы никуыцæй зыны. Кæн- дыс йæ сæр сдардта, къуыбыр дары. Уыгæрдæнты сæрмæ ранæй-рæтты донхæрисы къутæртæ, иугай бæрз бæлæстæ. Куыд уæлæмæ æдзæрæгхуыз хæхтæ, лæ- бырдтытæ, чыстæ. Чыстæ хурмæ цинкау фæлурсæй æрттивынц. Хæхты цъуппытыл бады цъæхбын фæлм. Уыгæрдæнты фале мидæгæй зынынц комы нарджытæ, фосхизæн сæрвæттæ. Комы нарæджы фæстæ фæсрагъ, ардæм нæ зыны, фæлæ йæ Асæбе хорз зоны. Уым ис уæлхох — уæлвæзтæ, æнæкæрон цъæх даригъуыз фæ- тæнтæ. Комы аххæлтæ æмæ къуылдымтæй бынмæ æм- бырд кæны дон, куыд дæлæмæ фæфылдæр æмæ арды- гæй фыдуаг, знæтæй згъоры уырдыгмæ Горгайы рæзты. Комрæбын бæрзонд къæдзæхы раз æнусон бурбын цъити. Алы зымæг, алы уалдзæг бæрзæндтæй райхæ- лынц митын зæйтæ. Зæйтæ азæй-азмæ кæрæдзиуыл срæдзæгъд сты, хуры тынтæ сын сæ батайынæн ницы тых ссарынц. Гъе уымæ гæсгæ дзы цъити æрбынат кодта. Цъити у хъæбæр, ныммæстæг. Хатгай фæрæтæй кæрдын дæр нæ фæкомы. Асæбе цæстæй рæвдз уыди. Уыцы зæй йын цæмæдæр гæсгæ йæ цæстæнгас йæхимæ аздæхта. Лыстæг ныккасти æфцæгрæбынмæ æмæ рав- зæрста цъитийыл кæй ис бирæ хъомрæгъау. Чи æнцад лæууы, чи дзы ратæх-батæх кæны. Асæбе фæбадти са- хат, дыккаг дæр... Фæлæ хъом зæйæ ничердæм аккуыр- стой. Уыцы хабар æм диссаг фæкасти. Ацы зæхх, ацы 6
. арвы бын схъомыл. Кæд алы сæрд алы бон Гор- гайы стурвос афтæ фæхъизæмар кæнынц митыл, уæд- дæр æй ныртæккæ йедтæмæ никуы æрхъуыды кодта. Афтæ маст æм никуы æркасти. «Цымæ сæ чи хизы, чи сын у хъомгæс, фенон æй»,— загъта йæхинымæр лæг, сыстад æмæ тæссæртты ара- сти комы мидæмæ. Зæйæ дзæвгар æддæдæр донхæрисы къутæр. Къу- тæры раз даргъ лæдзæг, лæдзæджы саджилыл ауыгъ- дæй зыпы хъуынджын урс сæныкдзарм хызын. Асæбе комкоммæ уырдæм бараст. Кæсы—къутæры бын аууоны йæ нымæтыл уæлгоммæ хуыссы йæ сыхаг лæг Миша. Миша у карз фынæй. йе ’нæдаст цæсгом фырхуыссæ- гæй ныддæнгæл. Йæ фындз уасæджы къоппайау ныссырх. Миша хуыссыд афтид мидæггаг хæдоны. Йе ’ддаг хæдон уыд йæ нывæрзæн. Уыд бæгъæввад. Йæ батинкæтæ ластæй йæ фарсмæ æвæрд. Æнæгуырыс- хойæ бæрæг уыди ацы хъомгæсы сатæджы рафт-бафт æмæ хуыррытт фынæйы йедтæмæ кæй ницы мæт уыди. — Байриай, мæ сыхаг! — сдзырдта йæм Асæбе. Миша фыццаг бахъырнæгау кодта, стæй базмæлыд. Ие ’ставд æнгуылдзæй йæ цæстытæ аууæрста. Рабадти. — О, Асæбе куы дæ, æгайтма дæ дзæбæх æнæни- зæй уынын, — бауызæлыд фосгæс лæгыл æмæ йæ ком ныйивæзта. Миша йæ дзаумæттæ скодта. йæхи уазал донæй æрыхсадта. Дыууæ лæгыл бацайдагъ ныхас. — Нæ колхозы фермæйæн дæ хъомгæс? — афарста йæ Асæбе. — Ай-гъай, зæддаг хъом æз хизын, — дзуапп рад- та Миша. — Цал дуцгæ хъуджы дæм ис? — Цыппарыссæдз, — лæгхуызæй загъта Миша æмæ йæ лæдзæджы бырынкъæй нæудзар æрриуыгъта. — Цал азы сæ хизыс? — Дыккаг аз... — Дæ фæллойбонтæм царв æмæ цыхт цас рай- сыс? — иогæй та йæ афарста Асæбе. — Цы райсын? Ницы. Хъæуæй сæрвæтмæ сæ фæ- дыл къахихсыд бадæн, гъе уый дзы райсын. Адон цæй хъуццытæ сты. Къæбутæй æргæвдын сæ хъæуы. Сæ 7
ратæр-батæры аргъ не ’сты. Сæ мыггаг æвзæр у. Ехх. хъуццытæ, дам, Швецарийы ис, зæгъынц, сыгъдæг æх- сыры цад, сæ фæздæттæ хæссын, дам, нæ фæразынц, — ныуулæфыд Миша æмæ фæстæмæ, фæлвых гæнгæлы- йау, зæххыл йæхи æруагъта. Асæбемæ цыдæр изгард хуызы бакаст, ома æнæхайыр фæу, цы мæ хынцфарст кæныс, мæ хуыссæгæй мæ фæхауæг кодтай. Асæбе хъуццытæм нымдзаст. Сæ фæрсчытæ, кауха- лæнтау, уырынгтæй бæрæг дардтой. Сæ зымæгон фист нырма сæ уæлæйæ нæ ахицæн. Уæйлаг нымæтау, сæ фæрстыл ныууад æмæ ныхъхъæбæр. Сæ фæздæттæ сæгъы фæздоны йæстæ. Хъуццытæ иу ран нæ лæууыды- сты. Удаистæй сæ къæхтæ цагьтой. Мингай дзынгатæ æмæ къогъотæ сын, цъулбертау, сæ туг цъырдтой. Хъом фæлмæцыдысты тæвдæй, дзынæзтой. Сæ пыхцыл къæдзилтæ се ’рæгътыл сæвæрдтой. Фæдис згъорæгау дыууæрдæм кодтой. Фæлæ сын уæддæр уазал миты сæрæй хуыздæр сæрфæцæвæндон никуы уыдис. Ми- шайы уыдон мæт уыд? — Фынæй цæмæн кæныс? Фос æгас бон миты рагъыл хъизæмар кæнынц. Уый раст нæу. Сыздах сæ уæлæ уыцы цæгатварс æрхыты æмæ хизой, — æххор- маг фосмæ кæсгæйæ, уайдзæф кодта Асæбе Мишайæн. — Мæнæ мæ лæдзæг æмæ хызын айс æмæ сæ ды хиз, кæд мæм хæлæг кæныс, уæд. Фыдæй фыртмæ фос ам хызтой æмæ сæ æз дæр ардæм скъæрын, æндæр сын цы кæнон? — фæтызмæг Миша, йæ сыхагмæ зна- джы цæстæй бакасти. — Æмæ ацы хъуыддаг дæхимæ раст кæсы? — Кæс-ма, ай змæнтæг, ардауæг ма разына. Ууыл дæ ахуыр кодтой æртæ азы? Сæ дзыхтыл сын хæцын, кæд хизынц, уæд? Исты сыл цъуттатæ æвæрд ис? Мæ аххос дзы цы ис? — фæкарз кодта йæ ныхас ноджыдæр хъомгæс, йæ хуыссæнуатæй фелвæста йæ нымæт, йæ хызын æмæ фаллаг фарсырдæм йæхи айста. Асæбе Мишамæ ницыуал сдзырдта. Арасти дард- дæр уæлæмæ æфцæджы бæрзæндтæм. Фæтезгъо кодта рæгътыл, стæй изæрырдæм бынмæ коммæ рауырдыг кодта. Хур ныгуылæны рæгътæм æрæввахс. Хæхты ау- уæттæ донгæрæттæм æрхæццæ сты. Æрбауазал. Фер- мæйы хъуццытæ сæ бынатæй фезмæлыдысты æмæ фæ- е:
тæны рапырх сты. Хизыныл фесты. Фæлæ æххормаг дзынгахæст фосы цин бирæ нæ ахаста. Æрбаизæр. Хъом дæр хъæумæ скъæрын хъæуы. Афойнадыл хъуа- мæ ныххæццæ уой. Кæннод дуцджытæ загьд байда- йынц. Сæ дуцын талынгмæ куы ацæуы, уæд стыхсынц... Комы рæбынæй хъæумæ у æхсæз километры. Ауа- йын дзы хъæуы. Миша хъуццытыл рахъæр кодта, уыдон сæ хизыныл ныр сты, фæлæ сæ йæ разæй тæры Горга- мæ. Хъом нæ куымдтой, иутæ дзы размæ сарæзтой сæ гуыры конд, иннæтæ фæстæмæ здæхтысты. Кæрдæгмæ хæлæфæй лæбурдтой. Миша сæ фæстæ, хæйрæджджы- нау, ратæх-батæхыл сси. Йæ тых-йæ бонæй сыл хъæр кæны. Йæ хурхысæртæ фæцæйрæмыгътой. Мæсты код- та, æлгъыста. Стонг хайуантæ размæ нæ æккуырстой. Сæ гуыбыны катай йедтæмæ сæ хицауы хъæр ницæмæ дардтой. Миша сæм аздæхта хуытæрæн цым лæдзæг. Цавта сæ дуртæй дæр. Асæбе лæмбынæгæй касти уыцы æбуалгъ диссагмæ, мæстæй тъæпп хаугæ рарасти хъæумæ. * Колхозы правленийы фарсмæ чысылгомау фæз. Фæзы арæзт ис сæрдыгон хъомдон. Дурæй амад быру. Хъомдоны бахизæны бандоныл бадынц колхозы хъуг- дуцджытæ, æрыгон сылгоймæгтæ, чызджытæ. Сæ уæлæ урс халæттæ, урс сæрбæттæнтæ. — Уе ’зæр хорз уа, нæ хотæ! — сæ цурмæ бацæу- гæйæ Асæбе салам радта йемхъæуггæгтæн. Сылгоймæгтæ лæджы куы ауыдтой, уæд фестады- сты, бахудтысты æмæ йын уыдон дæр салам радтой. — Цы хабæрттæ уæм ис, уæ куыст куыд цæуы? — афарста сæ Асæбе. — Æмæ-гъа, ацы изæр нæ хъуццытæ æрæгмæ цæ- уынц æмæ тыхсæм, — дзуапп радтой дуцджытæ. Хуры фæстаг тынтæ агъуысты æмæ бæлæсты цъуп- пытыл нал тыбар-тыбур кодтой, афтæ тигъæй æрба- зындысты фермæйы хъом. Миша сæ фæдыл фæдисонау тындзыдта. Хъом кæрты фæмидæг сты. Сæ рæгътыл хид халасау сбадти, дзынгатæ сæ алыварс гуыв-гуыв 9
кодтой. Сæрвæтæй хъæумæ семæ æрхæццæ сты. Хъуц- цытæ иу ран не ’рлæууыдысты. Иутæ сисы сæрты æд- дæмæ хæмпæлмæ ивæзтой сæхи, иннæтæ знæтæй ра- тæх-батæх кодтой кæрты къуымты, кæрæдзи сыкъайæ цавтой. Дуцджытæ сæ хъуццытæ дуцынмæ бавнæлд- той. «Цыппарыссæдз хъуджы! Уый хынджылæг, мий- йаг„ нæу! Уыдон стыр хæзна сты», — Асæбе лæмбы- нæг йæ цæст ахаста фосыл... * * * Хæхтыл æрынцад æгомыг мæйдар æхсæв æмæ Гор- гайы хъæуы йæ хъæбысы æрбатыхта. Хæдзары сыгъди электрон цырагъ. Асæбе стъолы фарсмæ бадти. Куы-иу арф ныуулæфыд, куы та-иу йæ сæр йæ цонгыл æруагъ- та, бæрæг уыд цæуылдæр сагъæс кодта, уый. Йæ ус Хъызмыдæ пец æмæ арыпгимæ архайдта. Бинонтæн цæттæ кодта æхсæвæр. Бинонтæ, зæгъгæ, фæлæ цас бинонтæ? Ус, лæг æмæ сæ иунæг фырт Хабос. Хабос, гъеуый сæ ныфс, сæ зæрдæдарæн у. Саулагъз къæс- хуыр лæппу. Йæ мыдхуыз сæрыхъуынтæ суанг йæ фæс- хъустæм æххæссынц. йæ пинджак йе ’уæхсчытыл, афтæмæй бады йæ фыды дæле. Стыр зæрдиагæй кæсы чиныджы. Чиныджы сырх кърандасæй бахæххытæ кæ- ны. Ацы аз, растдæр зæгъгæйæ, ацы бонты фæуд кæны дæсæм кълас. Ис ма йын цалдæр экзамины æмæ рай- соммæ йæхи цæттæ’ кæпы, архайы. — Нæ лæг, дæхæдæг каст фæдæ, фæлæ Хабос дæр рæхджы астæуыккаг скъола каст фæуыдзæн, аттестат райсдзæн æмæ уый кой дæр хъæуы. Уæгъды бадгæйæ куыд нæ баззайа, кæннод иуæй иу чызджытæ æмæ лæп- путæ скъола каст куы фæвæййынц, уæд дзæгъæл лек- кайыл схæцынц, уый мæимæ худинаг кæсы, — духов- кæйы раз æрзоиыгыл кæнгæйæ, дзырдта йæ моймæ Хъызмыдæ. — Тынг раст зæгъыс, дæ фæнд мæ зæрдæмæ цæуы. Куыд у, лæппу, дæ хъавд, чердæм? Бамбарын ма мыи æй кæн, — йæ фыртмæ йе ’ргом раздæхта Асæбе. Ха- бос йæ сæрыл схæцыд. йæ фыдмæ бахудти. 10
— Куыд уæ фæнды, афтæ, цы мын бауынаффæ кæ- нат, уый сæххæст кæкдзынæн... йе ахуырмæ, йе кусын- мæ, — сдзырдта йæ фыдмæ уæззаугай скъоладзау. — Мæ коммæ бакæсдзынæ? — аджих Асæбе. — Искуы ма нæ, — дзуапп радта лæппу. — Колхозы фосфæхизынмæ дæ ныфс хæссыс? — афарста йæ Асæбе тагъдгомау. — Ау, исты мард дæн, куыд нæ хæссын! — йæ цæс- гом фæрухси Хабосæн. — Цы хъауджыдæр у, кæм фæнды бабæзз царды мидæг, — рæвдаугæ хъæлæсæй сдзырдта Хъызмыдæ. Бинонтæ æхсæвæр хæрыныл æрбадтысты. Ннчиуал сæ ницы дзырдта. — Цы уый зонут? Мæнæ чысыл фæстæдæр уæ дыу- уæ дæр курортмæ афардæг ут. Уæ иу дæр æмæ иннæ дæр хорз бафыдæбон кодтат, каст фестут уе ’скъола- тæ. Куыд хæдзары æфсин, афтæ уын бар дæттын ис- куы иу мæй курорты баулæфут. Уый фæстæ кусынæн дæр бирæ бонтæ уыдзæн, — загъта зæрдæбынæй Хъыз- мыдæ йæ мой æмæ йæ лæппуйæн. — Ныртæккæ улæфыны заман нæу. Æз уал правле- кийырдæм цæуын, — загъта Асæбе. Фынджы уæл- хъуоæй сыстад æмæ уынгмæ рахызти. Æхсæв. Талынг у бæстæ, цалынмæ правленимæ цы- ди, уæдмæ адæм, æвæццæгæн, сæ хæдзæрттæм ацыды- сты. Никæйыуал дзы баййæфта Асæбе колхозонтæй, æр~ мæст ма йæ кабинеты бадти Дзига, фыста цыдæр. Æд- дейы рацу-бацу кодта æхсæвгæс. Дыууæ лæджы кæрæдзийæн хъазгæ, худгæйæ са- лам радтой. Бацайдагъ сын ныхас. Бадтысты, дымд- той тамако. — Æз дæм иу хъуыддаджы тыххæй æрбацыд- тæн, — æрæджиау йæ цæсгом фелхынцъхуыз кодта Асæбе. — Уагæр циу? — Мæ бон афтæ уæгъды бадын нæу. Цы пайда ис дзæгъæл хъеллауæй? Кусын куы райдаин колхозы, уый мæ фæнды, — сабыргай дзырдта Асæбе. — Бар дæ ис, уый махæн пайда у, фæлæ æз дæ- уæй куы уаин, уæд уал гъæйттæй искуыты азилин, мæ фæллад суадзин, — йæ сæр батылдта сæрдар. 11
— Ницæмæн мæ хъæуы ахæм улæфт, иугæр мæ зæрдæ исты хъуыддагимæ куы Дзура, куы йæм æх- сайа, уæд. — Фыццæгæм бригады бригадиры æрвитæм ахуыр- мæ партион скъоламæ. Мах ам, правленийы, фæуынаф- фæ кодтам æмæ йæ бæсты бригадирæй дæу æвæрæм. Куыддæр ацæуа, афтæ райдай кусын. Бригады мидæг куыст хорз æвæрд у. Æрмæст æй дарддæр хæсс, куыд æмбæлы, афтæ, уый дын амонын нæ хъæуы. Ныфс мæ ис мæ хуыздæр æххуысы æмбал ды кæй уыдзынæ, — загъта сæрдар Асæбейæн æмæ йæм бузныгхуызæй ба- касти, ома лæг дæ æмæ дæ лæджы бынаты æвæрæм. Дзига йе ’стъолы лагъзæй систа Горгайы колхозы пълан. Асæбейæн кърандасы бырынкъæй амыдта пъла- ны бригады уыгæрдæнтæ, хъæдтæ, картофы, мæнæуы хуымтæ, цæхæрадоны зæххытæ, дыргъдæттæ. йæ разы йын æрæвæрдта бригады адæмы номхыгъд. Аоæбе сæрдары гæххæттытæ æрбатыхта æмæ йын сæ фæстæмæ йе ’стъолы лагъзы ныппæрста. — Мæнмæ æндæр хъуыды ис, æмæ йæ хъуамæ сæх- хæст кæнон, — фæурæдта сæрдары ныхас Асæбе. — Цавæр хъуыды ма дæм ис? Бригадирæй дæ сæр- мæ нæ хæссыс? Ныллæг бынат дæм фæкасти? — йæхи фесхъæл кодта уасæгау Дзига, нымдзасти лæгмæ æнæууæнк хуызы. — Колхозы зæддаг хъом цы уавæры сты, уый дын зындгонд у? — йæ ныхæстæ йын ницæмæ æрдаргæйæ бафарста Асæбе. — Миша сæ бон-изæрмæ хизы. Æхсæв та сæ уалæ кæрты бакæнæм. Цы уавæр ма сæ хъæуы, сæ дзыхы дæгъæлтæ искæмæ сты? — куыдфæнды хуызæй дзуапп радта сæрдар. — Курæг дæ дæн æмæ уыцы цыппарыссæдз хъуджы мæ бар куыд бакæнай, æз сæ мæ фырт Хабосимæ хиз- дзынæн. Мишайæн æндæр исты куыст ратт,—зæрдиа- гæй загъта Асæбе. — Æртæ азы скъолайы уыдтæ æви æррадоны? — уайдзæфы бын фæкодта Дзига лæджы, куы йæм ба- каст æмæ куы бамбæрста æцæг дзуры, уæд. — Кæс-ма куыд талынг хъуыдытæ дæм ис. Фæ- стейы баззадтæ. Нæ фыдæлтæм-иу æвзæр æгуыдзæг 12
гуырд куы рахъомыл, уæд-иу æй хъомгæс, кæнæ фий- йау’скодтой. Æмæ уый раст уыд? Уыцы рæстæг фæци. Фосы дзугтæ æмæ хъомы рæгъæутты фæдыл æхсæвæй- бонæй чи рахау-бахау кæны, адæмы фарн æмæ амон- дæн йæ иу хай уыдоны къухты ис. Сымах та цы сарæз- тат? Миша! Уымæй магусадæр а хъæуы лæг куынæ ис. Уалæ йыл йæ уæлхæдзар куы æркæлы, алы къæвдайы æдде куыд фæтæдзы, мидæгæй йыл йæ хæдзары дæр афтæ куы фæмизы, уæд ахæмы бар цыппарыссæдз хъу- джы бакæн? Бон-изæрмæ сæ сыдæй мары, — йæ хъæлæс фæбæрзонд кодта Асæбе, йæ амонæн æнгуылдз уæлдæ- фы тилгæйæ. Дзига хъуыддаг хъазынырдæм аздæхта, Асæбейы дзурын нал уагъта. Фæлæ Асæбе хынджылæгыл нæ уыд. Уый радзырд- та, йæ дыууæ цæстæй цы федта, уый: хъом æрвылбон куыд тæригъæдæй марынц, стæй хъæуæй коммæ дыу- уæрдæм ратæр-батæрæй куыд сфæлмæцыдысты, æхсыр куыд нæ кæнынц. Ахæм хуызы, ахæм уавæры сæ фыдæ- боиы аргъ не ’сты. Адæмы дæр ма фыдæнхъæл фæкæ- ылнц... Асæбе афтæ зæрдиагæй æмæ фæндфидарæй дзырдта æмæ колхозы сæрдары бауырныдта — цы бауынаффæ кодта, уый нал ныууадздзæн. — Хорз уæдæ. Дæ иыхас фæуæд. Мишайы сисдзы- стæм, уадз æмæ хос кæрдæд, ссивæд. Хъуццытæ дæ бæрны уæнт æмæ сын уæд цы дæ зæрды ис? — бафар- ста Дзига. — Зæддаг хъом ардыгæй бынтон аивæм уæлæмæ, æфцæгмæ. Уым сæ дуцæм. Саразæм дзы рæстæгмæ цыхтахсæн. Æфцæгыл хъæд хорз ис. Цас цæхх, цас кæрдæг дзы сæфы хæрз дзæгъæлы? — амыдта Асæбе йæ рагон æрдхордæн. Дзига стъол йе ’нгуылдзтæй æрхойæгау кодта. Иу дзæвгар ныхъхъус. Асæбемæ сæрæй къæхты бынмæ лæмбынæг æркасти. — Раст хъуыды кæныс. Уый хорз фæнд у. Сараз- дзыстæм æй. Фæлæ ды фосгæс уай, уый раст нæу. Ды хъуамæ хицау уай. Нæ хъæуы разагъды лæг дæ,—рай- дыдта та йæхионтæ Дзига. — Правленийы ахуыргонд адæймæгты куы бауро- 13
мæм, — дзуапп ын лæвæрдта Асæбе, — уæд уымæй уавæр нæ фæхуыздæр уыдзæн... Дыккаг бон хабар хъæуыл айхъуысти. Адæм ыл дис кодтой. Кæй нæ уырныдта, чи та фырхудæгæй ба- къæцæл. Иутæм ма афтæ дæр касти, цыма Аоæбе исты хиндзинад æрæмысыд. Иу райсом Асæбе фиййауы дарæсы, йæ дæлармы сау уæйлаг нымæт, афтæмæй хъомыл æфцæгмæ ахъæр кодта. Йæ фæдыл араст сты хъугдуцджытæ, пълотник- тæ æд фæрæттæ цыхтахоæн хæдзар аразынмæ. — Хъомгæсæй йæ афтæ дæр баурæдтаиккам. Æр- тæ азы ма уæлдæр скъолайы та цы удхар кодта? — кæ- рæдзи хъусы сыбар-сыбур кодтой чидæртæ. Уый уыдис июлы райдайæны. Боны рухс Горгайы хæхтыл ахуыссыд. Раджы аны- гуылди хур. Сабыр, æнцад æхсæв æрфысым кодта а бæстыл. Фæлæ уый куырм уæйыджы хуызæн цъынд- дзаст мæйдар æхсæв нæ уыд. Цалхыдзаг мæй рухс кодта комы къуырфытæ, хæхты цъассытæ. Уыцы афон комы мидæмæ тыидзыдта саргъы бæхыл колхозы сæр- дар Дзига. Йæ хъал бæх йæ быны хæрдмæ хаудта. Га- къон фæндагыл, нæудзарыл хуыррыттытæгæнгæ йæ барæджы скъæфта. Цас рæстæг рацыдаид... Мæйы бæрц. Дзига нæма федта æфцæгыл хъуццыты бынат. Стæй абæрæг хъæ- уы, Асæбе цы мигæнæг у, уый... Комы нарджытæ фæсте аззадысты. Миша хъом бон-изæрмæ кæм дардта, уыцы цъитийы сæрты æрба- хызти. Бæх фæхæрд кодта æфцæджырдæм. Дзæвгар суайын дзы хъуыд. Фæци æфцæджы хæрд. Дзига бахызти уæлхохы фæтæнмæ. Йæ цæстæнгас ахаста æго- мыг рæгътыл. йæ бæх фæурæдта. Фæйнæрдæм ай- хъуыста. Фæндыди йæ колхозоитæй искæй феныи. Уай- тагъд тигъы фалейæ йæ хъустыл ауад маторы гуыв- гуыв. — А-а, æввахс сты ам кæмдæр! — бацин кодта æмæ йæ бæхы фæцагайдта. Тигъы фале, бынæй, тъæпæнгомау фæз. Фæзы 14
агъуыст. йæ рудзынгæй кæлы рухс. Хæдзары цурмæ ба- хæццæ. Бæх нæууыл суагъта. — Гъей, фысымтæ, æнафоны уазæг уæм фæцæ- уы! — бахъæр кодта лæг къæсæрæй. Дзигайы хъæрмæ разгъордта бурдзалыг бæрзонд чызг Фузæ, урс халаты мидæг. Дзигайы мидæмæ ба- кодта. Уый уыди Горгайы фермæйы кусджыты агъуыст. Ам сты дуцджытæ, цыхтахсджытæ, хъомгæстæ. Сæ сæр- дары куы ауыдтой, уæд се ’ппæт дæр бахъæлдзæг сты. Сæ цæсгæмттæ барухс сты. Ныр æй æнæхъæн мæй нæ федтой. Алчи дæр дзы йæхицæй цыдæр бузныгхуыз уыд. Алкæй дæр фæндыди Дзигаимæ алæууыи, йемæ аныхæстæ кæнын, хъæуы цы ног хабæрттæ ис, уымæй афæрсын. Фæлæ дзы уæгъды лæуд, æвдæлон ныхæс- тæн фадат нæй. Алчидæр у æнæвдæлон. Куыст йæ тæк- кæ тæмæнмæ бацыд. Дзига лæмбынæг акасти йæ алфамбылаймæ. Иутæ гæрзты змæстой инджын, иннæтæ даргь стъолыл сы- хырнайыйас хъæдын къусты ахстой цыхтытæ. Æддæдæр къуымы æфсæйнаг саджилджытыл егъау гарз æвæрд. Йæ сæр æнгом æхгæд. Уый уыд царвцæгъдæн, Дыууæ чызджы йæ радыгай зылдтой. Цагътой царв. Агъуысты бахизæны — сепаратор. Уагътой дзы æхсыр. Сепаратор зылди æмæ йæ куыст кодта. — Феи-ма, кæддæра куыд арæхсæм! — загъта Фу- зæ Дзигайæн æмæ йын алырдæм къухæй ацамыдта, стæй йæ сарайыйас къæбицы смидæг кодта. Дзига джихæй аззади, æмæ куыд нæ! Тæрхæджытыл, ауыгъд фæйнæджытыл куыройыфыдыйас цыхтытæй къухба- кæнæн нæ уыд. Мигæнæнты бур-бурид царвæй йе’дзаг. — Мæнæ мæймæ цытæ бакуыстой! — дисы бафтыд сæрдар. — Чи кува, уый Асæбейы цæрæнбонæн кувæд. Ин- нæтæ дæр дзы сты ахуыргоид лæгтæ! Алчи дзы пъарт- фелмæ, хицауы бынатмæ фæхъавы. Нæ хъуццыты ам бон æртæ дыгъды райдыдтам, уый зоныс? Дæлæ хъæ- уы та тæригъæдæй мардысты, — дзырдта Фузæ. — Ацы цыхтытæ æмæ царв райсом хъæумæ къæ- бицтæм, хæндгуытæм ласын хъæуы, ног кæй ахсæм, уыдонæн æвæрæн бынат нал ис, — йæхицæй бузныг хуызæй загъта Фузæ. 15
— Раджы нæ кæнын хъуыди афтæ... Æрвылаз, кæс дæ хорзæхæй? — йæ сæр тылдта Дзига. Уый кусджытыл йæ цæст ахаста, йæ зæрдæ сæ ба- хъæлдзæг, разыйы худт сæм бакодта. Стæй афарста, Асæбе кæм и, уымæй, куы йæ фенид... — Уæлæуыцы къæмбырджын рагъы фæстæхъуццы- тæ хизы йæ фыртимæ, — ацамыдтой йын мæйрухсы Асæбе кæм ис, уый, иугæр дуармæ куы рацыд, уæд. — Цафон хызт у, æмбисæхсæв? — фæдис кодта сæрдар. Дзига лæдзæг райста. Сабыргай къæмбырджын къуылдымы фæстæмæ арасти. Дзига ацы æфцæгыл иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд. Фæзилæнтæ йын зындгонд сты. Æмбисæхсæвæй аивгъуыдта. Цалхыдзаг мæй цъæх арвы тыгъдады ныгуылæнырдæм ленк кодта. Адæймаг йæ алфамбылай дзæбæх æвзары алцыдæр. Къулы зын цæуæн у, уæлдайдæр цырыхъхъыты мидæг. Дзига куы фæбыры лæгъз цъæнут кæрдæгыл, куы сысты. Иæ къæхты бынæй иугай дуртæ фесхъиуынц æмæ чысыл фæстæдæр кæмдæр бынæй хуыртыл сæ гыбар-гыбур ссæуы. Гыццыл рæстæг æхсæвы æнцойад фехæлы, фæ- лæ та уалынмæ йæ гаччы абады. Дзига тигъыл слæууыд. Кæсы, æвиппайды æддæ- уæз ауыдта арт. йæ фæндаг комкоммæ сарæзта уыр- дæм. Йæ лæдзæг цæттæйæ дары. Цы бæрæг ис, мий- йаг, искуыцæй куыдз йæхи куы рауадза... — Гъей, уæ куиты ма рауадзут! — сдзырдта лæг, артмæ куы баввахс, уæд. — Ма тæрс, æввахс рацу, чи дæ? — райхъуысти арты цурæй æмæ уалынмæ йæ размæ разгъордта Ха- бос. Дзига уайтагъд лæппуйы базыдта æмæ йыл ба- цин кодта. — Куыдтæ стут? — бафарста колхозы сæрдар. — Тынг хорз, нæ бынат раст дзæнæты хуызæн ран, диссаджы хæххон æрдз, цыфæнды курортæй хуыз- дæр! — æппæлыд Хабос. Дзига арты фарсмæ бæрзы къуындзихыл æрбадти. Фæйнæрдæм касти. йæхимидæг агуырдта Асæбейы. Куыддæр йæ дзых сцæйхæлиу кодта, ома Асæбе кæм ис, афтæ фæд-фæдыл райхъуысти топпы гæрæхтæ, Хæхтæ ныццарыдтой. 16
— Уый цы хабар у? — фæсонтхуыз лæг. Ноджыдæр райхъуыст дæргъвæтин æхситтытæ, хъæртæ. Хабос йæ централкæ йæ къухтæм фелвæста. Гæрæхтæ кæцæй фæцыд, уыцырдæм азгъордта. Дзига дæр йæ бадæнæй фестад, йæ мидбынаты арауай-ба- уай кодта, стыхсти, фæлæ кæдæм цыдаид, уый нæ ха- тыдта. — Гъе, гъе, хъом æрхы сæрæй аздахын хъæуы!— Дзигайы хъустæ ацахстой Асæбейы дзурын дардæй. Гыццыл фæстæдæр хъуццытæ артуатырдæм æры- здæхтысты. Фыд æмæ фырт февзæрдысты Дзигайы раз, Асæбе æмæ колхозы сæрдар кæрæдзийæн салам радтой. Арты фарсмæ къуындзихтыл æрбадтысты. — Чи гæрæхтæ кодта? Исты тæссаг хъуыддаг уы- ди? — бафарста Дзига. — Искуы ма нæу тæссаг! Æртæ хатты нæм фæлæ- бурдтой бирæгътæ. Фæлæ сæ къухы ницы бафтыд. Ныр дæр та сæ иу мæ уæлеты фугæты фæсенк ласта. Фæлæ йæ иукъорд æхсты куы фæкæнай, уæд сырд дард лидзы. Топпы хъæрмæ нæ уæнды, — дзырдта фæлладхуызæй Асæбе. — Кæд афтæ тас у, уæд сæ кæрты бакæн, бон-изæр- мæ сæ гуыбын дзаг нæ фæхизынц. — Ахæм æхсæв æхсыргæнæг хъуджы кæрты ба- тæр, дуæрттæ йыл сæхгæн, уый тæригъæддзинад у. Боныгон тæвд вæййы. Кæрдæг хус кæны. Дзынгатæ сæ хизын нæ фæуадзынц. Аууæттæм сæхи фæласынц. Фæ- лæ кæсыс, ныртæккæ æртæх æрæвæрдта, кæрдæг ба- уымæл, боны тæвд фæци. Æмæ фосæн сæ хизыны рæс- тæг ныр у, ацафон — изæрыгон æмæ æхсæв, бон та улæфгæ кæнæм. Æртæ хатты сæ æрдуцынц бон, бам- бæрстай? — амыдта хъомгæс сæрдарæн. — Уый раст у, фæлæ уын тæригъæд кæнын, æхсæв æнæхуыссæгæй зын у, — тæригъæд кодта Дзига фыд æмæ фыртæн. — Зын у, хъуамæ йæ æмбарат. Алчи йæ хъарм, фæлмæн хуыссæны куы фæфынæй кæны, уæд мах та æд хæцæнгæрзтæ нæ колхозы хъомы алыварс фæзи- лæм. Зын у, фæлæ фынæй кæныныл куы схæцæм, уæд нын чи цы ратдзæн. Алчидæр нæ исчердыгæй хъуамæ фидар лæууа, кæннод цардæн размæ цæуæн нæй, — 2 Адæмы æмрæнхъ 17
загъта Асæбе, æмæ артыл æхсидæвтæ æрæвæрдта, стæй йæ фыртмæ бакасти. — Бар дæ уыдис алцæмæй дæр. Лæгъстæ дын куы кодтон бригадир, кæнæ æндæр исты бынаты ныллæуу, зæгъгæ, — фелхыскъ кодта Дзига Асæбейы. — Ды куыд хъуыды кæныс, Дзига, уый раст нæу. Ды мæн бæрзонд бынаты æвæрдтай, уый тыххæй стыр бузныг! Фæлæ æз та хъуыддаг æндæр хуызы æм- барын. Кæд коммунизм аразæм, фидæны рухс цард, уæд мæнмæ гæсгæ фидæны хорз цард йæхæдæг не ’рцæудзæн. Уый абон махыл баст у. Махæй аразгæ у. Стæй коммунизммæ хæдтæхæджы тæхгæйæ нæу. Стыр æмæ йæм зын фæндаг ис. Зæххыл куы цæрай, уæд ыл æнæсæрфат дзæгъæл лекка кæнын пе ’мбæлы. Алы адæймаг дæр ыл хъуамæ йæ бынат ссара. Алчидæр хъуамæ йæхи æппара, фæллой кæм рæзы, фæллой кæм кæнынц, уырдæм. Пъартфелтæ не ’ппæты ницæмæн хъæуынц. Афон у уый бамбарынæн. Ацы æгомыг фос æртæх-кæрдæгæй куы бафсæдынц, боцкъатæ æхсырæй сæ былтæм куы кæлынц, уæд фырцинæй сырæзын, — уæззаугай дзырдта Асæбе, дзырдта æмæ-иу арты рухс- мæ бæрæг дардта йæ ныхы æнцъылдтæ-иу кæрæдзимæ сæхи куыд æрбалвæстой, йæ цæсгомыл-иу куыд фæ- зынди цавæрдæр бæллиццаг хъуыдытæ. — Дзига, мæнæ уал нымæтыл дæхи æруадз, æр- фынæй кæн, мах хъом иу рапмæ æрбаздахæм, кæн- нод фæйнæрдæм ныппырх уыдзысты, — загъта Асæбе æмæ арты фарсæй сыстад, йæ иымæт уазæгæн радта, йæхæдæг Хабосимæ хъуццытырдæм азылди. Дзигайы ацы æхсæв хуыссæг нæ ахсы. Æдзынæгæй хъусы алырдæм æгомыг хæхтæм. Хъом гъæйттæй хи- зынц бынæй лæнчы, стæй йæ бакомкоммæ цæгатварс. йæ хъустæ дзæбæх ахсынц стурты уæззау улæфт. Сæ дæрзæг æвзæгтæй сойджын кæрдæг зæххæй куыд рæду- вынц æмæ куыд æууилынц, уый. Бæрзонд æфцæгæй цъититы ирдгæ кæцæйдæр скъæфы æхсæрдзæны сæх- сæх, хæххон суадæтты хæл-хæл. Дард ран кæмдæр ца- ды фæцыдис цæйдæр тъыллупп. Кæцæйдæр аууонæй бауасы уыг, стæй та фæсабыр вæййы. Мæй фæсрагъы- рдæм йæ авдæнмæ фæтулы. Скæсæнырдыгæй арвы кæ- 18
рæттæ æнæбын денджызау цъæх-цъæхидæй сæхи æв- дисын байдыдтой. Асæбе раджы фæаууонис. Фæлæ Дзигайы цæстæй уый уæддæр нæ хицæн кæны. йæ разы хæххон мæсы- гау фидарæй лæууы. Уый у сабырæй хъæбатыр, хиппæ- лой митæ кæмæ нæй, ахæм лæджы миниуæг. Дзига йæхицæй фефсæрмы. Хъомгæсы бынат дзы куы куырдта, уæд æй æрра хуыдта. Фæлæ гъеуый æр- ра ми нæу. Æнæхуыссæг æхсæв... Ацæргæ фыд, сонт лæппу! Дзига бирæ хæттыты федта бархийæ зын куысты- тæм чи бацæуы, ахæмты. Уыдонæй бирæтæ фæраст кæ- нынц сæ рæдыдтæ; науæд та иуæй-иутæ сæ хицæутты раз сæхицæн ном фæкæнынц, цæмæй уæлдæр схизой... Хæххон æхсæв ныссабыр, æрдзы йæ фынæйæ фе- змæлын нæ фæнды. Æнусон бæрзæндтæ ныхъхъус сты, лæууынц æгомыгæй, сæрыстырæй. Æрмæст Асæбе йæ лæппуимæ нæма баулæфыд, нæма æрбадт. Цыма Асæ- бе ацы хæхты хицау у, уыйау сæ риуыл ныфсджынæй къахдзæфтæ кæны. Уый схъæр кæны хъомрæгъауыл, куы дзуры йæ уарзон хъæбулмæ. Æмæ йæ уынæрмæ хæхтæ змæлынц. Дзига арты цурæй сыстад. Нымæт йе ’уæхсчытыл æрбакодта. йæ цæстæнгас ахаста тигътыл, къахыртыл æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма ацы хæхты хицау Асæ- бе у, рагæйдæр уый æрцыдмæ æнхъæлмæ кастысты. Цæмæй сæ фæтæн риуыл цард базмæла, цæмæй рай- хъал уой сæ æнусон карз фынæйæ.
ФÆЛТÆРД КЪУХТÆ 1 Горæтыл сæхи æруагътой изæрмилтæ. Рог уæлдæф алырдыгæй скъæфта гудочы уасын, поезды цæлхыты гыбар-гыбур, трамвайты динг-динг. Радиойæ хъуысы- дысты рæсугъд музикæйы зæлтæ. Уынгтæй цыди хъæл- дзæг зарджытæ æмæ лæппуты ныхас, худт. Цæхæрриу арвыл ленк кодта бæрæгбонхуыз мæй. Тæмæнтæ калгæ, мидбыл худгæ, кастысты зæхмæ æнæкæрон бирæ стъа- лытæ. Мингай цырæгътæ ссыгъдысты горæты уынгты æмæ бонæй æнæрайдзастдæр нæ уыдысты. Ахæм изæр зын фæбадæн у хæдзары, адæймаджы цыдæр тых ласы æддæмæ, адæммæ. Æз кусын арæзтады тресты. Уыцы изæр раджы æрбацыдтæн нæхимæ. Мæ зæронд мады фарсмæ кæрты бандоныл мæхи æруагътон. Бадтæн, фæлæ мæм бадын нæ цыд. Æмбæрстон, цыдæр мæ фæн- дыд, уый, фæлæ бæлвырдæй цы, уый нæ хатыдтон; иу- дзырдæй, мæ зæрдæ æнцад нæ уыд. Æз рахызтæн нæ кæрты дуарæй. Араст дæн уын- джы, хъуыды æппындæр ницæуыл кодтон. Мæ къух- тæ мæ фæсонтыл сæвæрдтон. Схæццæ дæн тигъмæ æмæ мæм уым цæхгæрмæ уынгæй райхъуысти ирон фæн- дыры цагъд. Фæндырдзæгъдæг, æвæццæгæн, хорз арæхсти йæ фæндыримæ, йæ цагъд мæм диссаджы рæ- сугъд фæкаст. Йæ цагъдмæ цыма мæ карз фынæйæ фехъал дæн, уыйау мæ мидбынаты фæлæууыдтæн. Фæндыры цагъд цыди нæ районы культурæйы хæдза- 20
рæй. Цы бакæнон, ууыл хъуыды дæр нæма акодтон, афтæ мæ мæ къæхтæ уыцырдæм ахастой. Æмæ æр- мæст дуармæ куы бахæццæ дæн, уæд бамбæрстон хъазтизæрмæ кæй цæуын, уый. Мæхимæ цырагъы рухсмæ аивæй æркæстытæ кодтон, Æмæ мæ зæрдæ мæхимæ куы ницæмæй фехсайдта, уæд мæ урс хæдо- ны æфцæггот зынгхуыз галстукæй æнгом æрбалвæстон æмæ мидæмæ бацыдтæн. Дуаргæрон æрлæууыдтæн. Залы адæмыл мæ цæст ахастон. Æрыгон фæсивæд — чызгæй, лæппуйæ — уыдысты цинхуыз æмæ симдтой. Мæ зонгæ лæппу фæндырдзæгъдæджы раз лæууыд æмæ æмдзæгъд кодта. Мæн симын нæ фæндыд æмæ мæ куыд нæ фена, афтæ иуварсырдыгæй æрбадтæн, кæннод мыл уайтагъддæр ныххæцыдаид æмæ мæ æнæ асимгæ нæ ныууагътаид. Симджытæм куыд кастæн, афтæ дуарæй сындæг- гай æрбахызти иу чызг. Уый уыд бæрзондгомау, на- рæгастæу. Иæ аив гуырыл рæсугъд фидыдта дидинæг- джын къаба. Фæлæ гуырмæ кæсыныл уыйас нæ бафæ- стиат дæн, фæкомкоммæ дæн йæ диссаджы цæсгоммæ. йæ цæстытæ цыма розæ, дидинджытæ хуры тын- тæм байгом сты, уыйау æрттывтой, сырхварс рустыл уыди чысыл дзыхъгæндтæ. Роцъо æмдзæхгæр нæ, фæ- лæ куыддæр тымбылæй дæллагхъуырмæ æрзылди. Ных уыди бæрзонд, йæ сæрмæ къуыбарзæлдагхуыз дзыкку- тæ ставд быдæй оæрыл æртыхстысты. Чызг мæ рæзты æрбацыд, къуымы бандоныл æрбадт æмæ уый дæр симджытæм касти. Кæд æм комкоммæ нæ кастæн, уæддæр æй уыдтон: адæмы цинмæ уымæн дæр йæ цæсгомæй рухс калди, хатгай-иу зына-нæзына мидбыл бахудти. Мæ зæрдæйыл цы ’рцыд, уый хъуыды дæр нæ код- тон, æрмæст мæм æнцад бадын æмæ симдмæ кæсын кæй нал цыд, уый бамбæрстон, æнæмæнг мæн дæр бафæндыд симын, æрмæст кæимæ фæнды нæ, фæлæ æрмæст дæр уыцы чызгимæ, кæсгæ дæр мæм чи нæма ракодта, фæлæ мæхæдæг мæ цæстытæ кæмæй нæма райстон, уыимæ. Æз мæ бынатæй сыстадтæн, æмæ мæ мæ зонгæ лæп- пу уайтагъд бафиппайдта. Йæ мидбылты бахудт æмæ, йе ’мдзæгъд нæбауромгæйæ, мæ размæ1 æрбацыд. 21
— Дæ къубал цы ивазыс, симын хъæуы, симын. — Стæй мын ыæ цонгыл фæхæцыд. — Цом-ма, æз дæ иу дзæбæх чызгимæ акафын кæнон, усгуртыл нымад куы дæ. Æз мæ къæхтæ размæ ныццавтоы æмæ мæ зонгаэ- йæн чызджырдæм сæрæй ацамыдтон. — Кæд æнæ симгæ нæй, уæд æрмæстдæр уыимæ. Мæ зонгæ мæ уайтагъд чызджы раз балæууын кодта æмæ йын уæздан хуызæй загъта: — Табуафси, иу симд ракæн, — æмæ мæ йæ размæ схойæгау бакодта. Чызджы цæстыхаутæ гæлæбутау фестъæлфыды- сты, йæ цæсгом фæсырх æмæ нæм æфсæрмыгæнгæ скаст. Иу чысыл уыди æнæзмæлгæ, стæй сыстад. — Бахатыр кæн, — загътон æз æмæ йын йæ дæ- ларм æрхæцгæйæ симджыты халы кæронмæ бацыд- тæн. Мæ зæрдæ уыдис хъæлдзæг, фæндыдис мæ чызгæн исты зæгъын, цыма кæрæдзийы рагæй зонæм, уыйау мæм касти. Аивæй-иу ын йæ цæсгоммæ дæр бакас- тæн — фæкаст мæм фыццагæй цинхуыздæр. Хатт мæм- иу афтæ дæр фæзынд, цыма мæ къæхтæ ныссуйтæ сты æмæ мын размæ симынæн ницы æнтысы. Уæд-иу мæ къæхтæм æркастæн. Чызг симы æви нæ симы, уый та æнкъаргæ дæр нæ кодтон. Мæ амондæн мæ ничи аивта, æмæ цин кодтон, йемæ зæрдæйы фæндиаг кæй симын, ууыл. Цалдæр хатты сфæнд кодтон чызгмæ сдзурын, фæлæ æвзаг коммæ нæ касти. Хъазтизæр куы фæци, æрмæст уæд сси мæ бон зæгъын: — Бар мын ратт, дæу уæхимæ бахæццæ кæнынæп. — Дæхицæн цæмæн зын кæныс... Диссаг, цæмæн афтæ тынг рæсугъд мæм фæкаст йæ хъæлæс, хъуыстаин æм æпæкæронскъуыдæй. Фæлæ дзургæ мæхæдæг фылдæр кодтон, фæндыди мæ алцæй тыххæй дæр зæгъын: хъазтизæр куыд хорз уыд, æх- сæвы рæсугъддзинад зæрдæ йæхимæ куыд скъæфта... Фæндыд мæ ноджы зæгъып ме ’мбал куыд рæсугъд уыд, уый тыххæй дæр, фæлæ мæм уыйбæрц ныфс нæ разынд. Терчы сæрты ахызтыстæм, фыццаг цæхгæрмæ уын- 22
джы уыди ме ’мбалы хæдзар. Æмæ сæ дуармæ куы бахæццæ стæм, уæд æй бафарстон йæ номæй. — Мæдинæт, — загъта, уый. — Хæрзæхсæв, Мæдинæт!.. — Хæрзæхсæв... Циндзинад мæ йæ уарлныхты систа æм-æ мæ нæ кæрты дуармæ зæххыл æрæвæрдта: æрмæст уым бам- бæрстон зæххон цæрæг ма дæн, уый... «Мæдинæт»... фы- нæй дæр уыцы хъуыдыимæ бадæн. 2 Изæр. Мæ куыст фæдæн æмæ нæхимæ æрбаздæх- тæн. Уый размæ боны цинæй ма мæ зæрдæ йе ’дзаг уыд æмæ, кæд изæр уыд, уæддæр мæм уынг райдзаст фæкаст. Æмæ уыцы райдзаст уынджы сæмбæлдтæн мæ бæллиццыл — ме ’рбакомкоммæ æрбацæйцыд Мæди- нæт. Æз йæ цурмæ баввахс дæн. Фæндыди мæ, куы мæм фæзылдаид. Уый та æндæрырдæм касти. Сдзурин æм æмæ йæм, миййаг, хъыг куы фæкæса. Лæппу æмæ чызг хъазты никуы симдтой! Уый тыххæй йæ хъуамæ искуы æруромай, ныхас æппарæн æм кæнай. Мæнæ диссаг! Цыма мын исчи ме ’уæнгтæ хъадаманæй æр- балвæста, уымæй хъауджыдæр нал уæндыдтæн. Ехх, цыдæриддæр уа! Æмæ йæм сдзырдтон: — Де ’зæр хорз, Мæдинæт!.. — Де ’зæр хорз, Аслæпбег... Æз ын радзырдтон, кусынæй кæй цæуын, мæ уын- дæй мæхæдæг æфсæрмы кодтон. йæ ирд къабайы раз мæ кусæн дзаумæттæ кæй нæ фидыдтой, уый мын цы бамбарын хъуыд. Чызг мæм дызæрдыггæнгæ æр- бакаст æмæ йын уæд загътон: арæзтады тресты инже- нерæй кусын. Чи зоны, йæ фенд мын мæ зæрдæ афтæ тынг куы нæ сфæйлыдтаид, уæд чызджы цæсгом чы- сыл куыд фендæрхуызон ис, уый бафиппайдтаин. Фæ- лæ уарзоидзииад саугуырм у, æз та чызджы уарзгæ кодтон, уымæй размæ куыд никуы уарзтоп, афтæ тынг. Æрмæст бафиппайдтои, уынджы рагъыл кæй лæууæм, уый æмæ фефсæрмы дæн. — Цом, атезгъо кæнæм, — загътон æрæджиау чыз- гæн. : - . Л 23
— Нæ мæ ’вдæлы. Нæхимæ мæм æнхъæлмæ кæ- сынц, — æрбакасти мæм уый хатыр курæгау. — Гъемæ уæхирдæм цом, уыцы рæстæг мын куы балæвар кæнай, уæд цас диссаг уыдзæн, — бахуд- тæн æз. Мæдинæт дæр бахудт. Сразы мæ фæндоныл. Æмæ араст стæм фæрсæй-фæрстæм. Фыццаг хатт сæмбæлгæйæ мæ ныхасæн кæрон нæ уыд, æнцонæй дзырдтон Мæдинæтимæ. Фæлæ уыцы изæр мæ дзыхæй дзырд нал хауди, багоби дæн, æр- мæст-иу ныуулæфыдтæн æмæ та-иу ме ’мбалмæ бака- стæн. Цалдæр хатты нæ цæстæнгастæ дæр кæрæдзи- уыл сæмбæлдысты æмæ-иу дыууæйæ дæр бахудтыстæм. Мæхинымæр хъуыды кодтоы: гъæй-джиди алы изæр дæр афтæ æмбæл Мæдинæтыл, уымæн æмæ æгас ду- нейы дæр никæуыл уал баууæндыдаин, нæ йæ уарзын мын куы загътаид, уæд. Фæлæ йыл куыд сæмбæлдзы- нæн, афтæ-иу æм уынджы æнхъæлмæ кæсдзынæн? ■ Æмæ уæд сфæнд кодтон: — Бахатыр кæн, ды кæм кусыс, кæнæ ахуыр кæ- ныс? — бафарстон æй хъавгæ. Мæдинæт æвиппайды дзуапп нæ радта. Сагъæс- хуызæй ныуулæфыд. Æрбакасти мæм, йæ цæсгом фе- змæлыди. — Мединституты ахуыр кæнын. — Гъеуый мæ зæрдæмæ цæуы, хорз хъуыддаг у, — сдзырдтон тагъд-тагъд, æхсызгон мын кæй уыд, уымæ гæсгæ. Медицинæйæ цыдæртæ ’мбарын. Стæй бирæ уар- зындохтырдзинад... Адæймаджы хатгай ингæны былæй чи раздахы, уый дæсиыдзииад мæм хорз касти. Мæди- нæт мæ цæсты æнæкæрон фæкадджын. Æз фæрсынмæ хъавыдтæн, фæндыди мæ йæ ахуыр куыд цæуы, уый базонып. Фæлæ чызг фенкъард, йæ рæсугъд цæсгом фæтар, сагъæсты аныгъуылди. Дисы бафтыдтæн, цы йыл æрцыд, зæгъгæ, фæлæ йæ уымæй куыд бафарс- таин. — Цæй, бахатыр кæн, мæн цæуын хъæуы, — æвип- пайды загъта Мæдипæт. Æмæ йæ куыд баурæдтаин, йæ дуармæ та куы бахæццæ стæм æмæ йæм йæ бинон- тæ æнхъæлмæ куы кастысты, уæд? Уромгæ нæ, фæлæ йæ фæрсгæ дæр нæ бакодтон — фендзынæн ма йæ ис- 24
куы æви нæ. Æз ма уæддæр цыдæр сдзурынмæ хъа- выдтæн, фæлæ уый ацыди. Æз та дзæвгар рæстæг йæ фæдыл баззадтæн кæсгæйæ. Тамако ссыгьтон, æрбад- тæн дурыл. Цæугæдоны æрра уылæнтæм нымдзаст дæн. Доны сонт уылæнтау мæ хъуыдытæ мæ сæры хæл- бурцъ кодтой. Фæлæ мæйы фæлурс тынтæ доны уæл- цъар, стæй былгæрæттæ куыд барухс кодтой, афтæ мæ хъуыдытæ барухс сты иу хъуыддагæй: мæхимæ амонд- джын фæкастæн, ахæм диссаджы кондджын, уынд- джын, зондджын чызгимæ кæй базонгæ дæн, уымæй. Афтæ мæм фæкаст, цыма мын царды æппæты фыц- цаг хатт мæ зæрдæйы дуæрттæ Мæдинæт байгом код- та, цыма йæ дæгъæлтæ уымæ лæвæрд уыдысты, рагæй уымæ æнхъæлмæ кастæн. Æмæ йыл цæй æрæгмæ æм- бæлдтæн! 3 Иу райсом цыдтæн мæ куыстмæ, цы арæзтады тресты уыдтæн, уырдæм. Уыцы бон мæ фæндаг аив- тон. Раджы ма уыд æмæ тагъд нæ кодтон, мæ фæндаг акодтон мединституты рæзты. Ме 'уæнгтæ кæрæдзи- уыл нæ хæцыдысты. Æхсæвы нæ бафынæй дæн, мæ хуыссæг фæлыгъди. Цæф хæстонау, сынтæгыл рафт- бафт кодтон. Мæ цæстытыл уадысты Мæдинæты химæ- лвасæг дыууæ сау цæсты. Мæ зæрдæйæ, мæ сæнттæй нæ хицæн кодта чызг. Куы-иу æрцæйфынæй кодтон, уæд та-иу мæ цуры февзæрд æмæ та-иу фырцинæй фестъæлфыдтæн: фæсонт-иу дæп æмæ мæм-иу афтæ фæкаст, цыма Мæдинæт ног чындзæй нæ къуымы йæ чындздзон дарæсы алæууыд. Стæй-иу цыдæр æрбаци... Ногæй-та иу мæм æхсæвы тары кæцæйдæр бахудт. Афтæмæй мæ риуы, мæ сонт сагъæсты цардæгас кодта йæ хуыз, йæ фæлгонц. Институты агъуысты дуæрттæм æдзынæг кас- тæн. Кæд-æппын уыцы хуры æнгæс чызджы искуы ауынин. Æрмæст дæр æй куы феиин, мæ къух æм куы батилин, йæ сæрæй мын куы акувид, куы мæм баху- дид æндæр мæ зæххыл ницы хъæуы хуыздæр лæварæн! Кæд сæххæст уыдзæн мæ фæндон? Æз инженер, уый— дохтыр. Иумæ-иу куы рараст уæм кусынмæ, иу афо- 25
ныл-иу мæ ныййарæг мады раз куы æрбалæууæм! Уæд иууылдæр дуне мæн уыдзæн, мæн! ^æй, никуыцæй зыны Мæдинæт... Хур арвыл дзæвгар суади. Уалдзыгон сæууон рог уæлдæф зыдæй улæфыдтæн. Арæзтады цурмæ, бæр- зонд хæдзæрттæ кæм суагътам, уырдæм ныххæццæ дæн. Кусджытæ иугай-дыгай цыдысты, æмбырд код- той. Куыддæр сæ цурмæ ныххæццæ дæн, афтæ мæ размæ фæци тресты къанторы кусæг сылгоймаг. — Хицау дæм дзуры. Чысыл фæстæдæр райдзаст агъуысты лæууыдтæн нæ тресты хицауы раз. Нæ ныхас уыд цыбыр. Æз ны- сангонд æрцыдтæп æндæр ранмæ: горæты кæрон цы фæлладуадзæн хæдзар арæзтой, уый мын мæ бæрны бакодтой. Уыцы бон ацыдтæн мæ ног бынатмæ æмæ арæзтадыл зылдтæи. Зонгæ кодтон кусджытимæ. Арæз- там фондзуæладзыгон хæдзар. Шофыртæ машинæтæй ластой хъæдтæ, фæйнæджытæ, агуыридуртæ, рудзын- джы æвгтæ, змис, чъыр. Сисамайджытæ амадтой къул- тæ, пълотниктæ æвæрдтой пъолтæ, рамкæтæ... Хызтæн уæлæмæ иу æддæгуæлæйæ иннæмæ. Æппæты уæле иу дуаргæрон æрлæууыдтæн. Дыууæ чызджы дзы архайд- той, сæ иу бæлæгъы мидæг фиййагæй змæста чъыр ■æмæ змис. Иннæ чызджы къухы ведра. Ведрайы чъыр æмæ змисы змæст сæвгæдта æмээ’ æд ведра аси- ныл схызт æмæ чъыры змæст къултыл сæрдын рай- дыдта. — Байриат, чызджытæ! — сæ цурмæ куы бахыз- тæн, уæд сæм сдзырдтон æмæ уæле цы чызг архайдта, уымæ фемдзаст дæн. Уый тынг фефсæрмы ис, уайтагъд мæ базыдта. Куыннæ йæ базыдтон æз дæр — уый уы- ди Мæдинæт. «Ау æмæ институт та?» — уайтагъд ахъуыды код- тон æз. — Цы хабар у? Ам цы ми кæны... Кæй уындмæ бæллыдтæн, уыцы рæсугъд Мæдинæт чъырæйдзæгтæй... Нæ, ахæм уавæры йæ фендзынæн, уый никуы æн- хъæлдтон. Æз цы фидауцджын уæнгтæ бауарзтон, уы- доныл уыд кбмбинезон. Мæдинæт асинæй æрхызт. Афтид ведра пъолыл авæрдта æмæ йе ’мбалы фæстæ аууоны слæууыд. Иæ къухы æнгуылдзтæ куыд рызтысты, уый уыдтон. 26
— Ам фæкусут? — афарстон чызджыты. — Ам кусæм, — мидбылхудгæ, фæлæ æфсæрм- дзастæй дзуапп радта Мæдинæты æмбал. Æз ницыуал загътон æмæ бынмæ æрхызтæн. Мæ уагыл нал уыдтæн. Уый та куыд? Фыццаг хатт бауарз- тон — фыццаг хатт сайды фæдæн! Мæдинæтмæ мæсты кодтон. Мединститут... дохтыр, ахуыргонд ус... Мæхи- цæн гæххæттæй базыртæ рагацау куыд басагътон? Уый та сыджытызмæнтæг, сисамайæг у! Цымæ йæ цæмæн бахъуыди мæн асайын? Мæн фæриссын кæнын. Фæлæ зæрдæ цæй хивæнд у! Мæдинæтмæ цæйбæрц тынгдæр мæсты кодтон, уыйбæрц мæ хъуыдыйæ нал хызти; йæ конд, йæ фæлмæн æнгас арфæй-арфдæр цыди мæ зæрдæмæ, мæ тугмæ, мæ сæрымагъзмæ. Тын- гæй-тынгдæр мæ фæндыдис йæ фенын... Рацыдис цалдæр боны. Фæндыди мæ хибарæй Мæ- динæты фенын, фæлæ мæ къухы не ’фтыд. Ноджы куы базыдта сæ хицау ныр æз дæн, уый, уæд-иу фæскуыст лидзынмæ фæци. Нæ, хибарæййын иу-дыууæ дæрзæг ныхасы куынæ зæгъон, уæд мæ мæрдтæм дæр ницы ба- хæццæ уыдзæн. Хъуамæ зона, мæнгард ныхæстæ кæ- нын кæй не ’мбæлы, уый. Афтæ зондæй хъуыды код- тон. 4 Иу изæр къантормæ Мæдинæтмæ фæдзырдтон. Куыст фæци æмæ уатгонды мæхи йедтæмæ ничиуал уыди. Куы æрбацыди, уæд та йæ федтон диссаджы рæ- сугъдæй. Комбинезоны бæсты йæ уæлæ уыди дзæбæх тæнæг къаба æмæ йыл хорз фидыдта. Мемæ цы изæр симдта, ахæм хъазты чызгæй та агæпп ласта. — -Куыд у дæ дохтырдзииад? Хорз институты кæ- сыс, ницы дын у, — бафарстон Мæдинæты æцæгхуы- зæй. Мæдинæт фæсырх, йæ сæр æруагъта æмæ ныуулæ- фыд. Иæ бинаг был йæ дæндагæй нылхъывта. Æл- хынцъæрфыгæй мæм æрбакасти. Æз уайтагъд мæ ны- хæстыл фæфæсмон кодтон, ногæй та цы загътаин, уый зонгæ нæ кодтон. Афтæ алæууыдыстæм æнæдзургæйæ, стæй мæ чызг бафарста: 27
— Хъуыддаджы тыххæй мæм бадзырдтай? * Æз фæтарстæн, куы ацæуа, уымæй. — Нæ, Мæдинæт, фæлæ дæ рагæй нал федтон..* Цыма мæ дæхи æмбæхсыс. — Бузныг, — æмæ ацæуæнмæ аздæхти. —- Мæдинæт, — йæ размæ æрлæууыдтæн æз. — Ма ацу, иучысыл мæм байхъус. Æз сфæнд кодтон зæгъын мæ уарзондзинады тых- хæй, бамбæрстон, дарддæр сусæг кæнын æй мæ бон кæй нал бауыдзæн. Фæлæ ам, кусæн бынаты... Нæ, уый хорз нæу. — Уæхимæ цæудзынæ... Цом иумæ. Мæдинæт мæм дисгæнгæ æрбакаст, фæлæ дзургæ ницыуал скодта æмæ ацыдыстæм. Æмæ уæддæр нал фæлæууыдтæн æмæ йæ бафарстон: — Цæмæн загътай мединституты ахуыр кæнын, зæгъгæ. Чи дæ, уый зæгъын дæ сæрмæ нæ хастай? Мæ бафарст æфхæрды хуызæн рауад æмæ мæхæдæг мæхимæ æдылы фæкастæн. Мæдинæт дæр афтæ æн- хъæл уыд, æвæццæгæн, уымæн, æмæ, загъта: — Ныххатыр мын кæн, фæрæдыдтæн... Хæрзизæр... Уый фæстæ никуал скодтон ахæм æдылы ныхæс- тæ, æдзух архайдтон, цæмæй Мæдинæты зæрдыл лæу- гæ дæр мауал æркæной. Ноджы йæ бонæй-бонмæ фыл- дæр уарзтон. Æппындæр æнæ йæ фенгæ нал фæрæзтон. Æмæ арæхæй-арæхдæр æмбæлын райдыдтам, нæ ал- чидæр нæ зыдта кæрæдзийы кæй уарзæм. Иу изæр Мæдинæты сæхимæ куы бахæццæ кодтон æмæ куы æрыздæхтæн нæхимæ, уæд мæ мады бай- йæфтон тынг мæстыйæ. Раздæр мæм æппындæр ницы сдзырдта. Кæд, зæгъын, æиæфæразгæ у æмæ йæ афарс- тон. Уый мæм зул цæстæй æрбакаст. — Мæ инженер фыртæй мæхи буц кодтон, мæ хъæ- дзармæ мын йæхи хуызæн адæймаг чындзæн æрба- кæндзæн, зæгъгæ, хъуыды кодтон. Ды та мын уæлæ сыджыт чи змæнты, йе ’ккой дуртæ чи лухы, уымæ бахъавыдтæ. йæ тæппал къухтимæ куыд нæ сфидау- дзæн нæ хæдзары. — Цы хабар у, цы кæныс?—джихæй баззадтæн æз. — Куыд цы кæнын? Дæ фыды амарды фæстæ дæу тыххæй ныббадтæн сидзæргæс, мæ комы-комдзæгтæй 28
дæ фæхастон æмæ æз цы зæгъон, уый хъуамæ уа! — Мады, куыд æй федтон, афтæмæй никуы зыдтон. — Æвзæрæй цы ракодтон, цы худинаг дæм æрхаст тон? — Худинагыл ма сыкъатæ вæййы. Æгас сых ныл худынц. Цавæрдæр æнахуыргонд, хуырым чызгимæ сбæндæн дæ, уæгъд æй нал уадзыс! — дзырдта мад. — Чи дын загъта, ардæм ма йæ ракæн! — Адæм бирæ сты, мингай цæстытæ сыл ис. Клуб- тæм йемæ куы цæуыс, горæты уынгты йемæ дзæнгæда куы цæгъдыс, фæскуыст æй куы æруромыс, уæд дæ, æнхъæлыс, ничи фены? — йæ раздарæнæй сæрфта йæ цæссыгтæ. Хъыг мын уыдысты мады ныхæстæ; ау чызг йæ куысты тыххæй йæ цæсты æгад у. Æмæ мæхиуыл æр- худтæн: цæмæн фæзынд мæхимæ дæр иухатт ахæм зонд, цæмæн у ахæм мæ мад. 5 Раджы, хæрз раджы сыстадтæн ацы райсом. Кæд мæ мæ мад цыфæнды æфхæрдтытæ бакодта, уæддæр мæм Мæдинæты тагъддæр фенынæй фылдæр ницы цы- ди. Æмæ тагъд-тагъд кусынмæ ацыдтæн. Арæзтадмæ куыддæр бахæццæ дæн, афтæ Мæди- нæты кусæн ранмæ бауадтæн. Фæлæ чызг уым нæ ра- зынди æмæ дисы бацыдтæн: уæдæ кæм уа. Кæд цы- фæнды æнæвдæлон уыдтæн, уæддæр æм цалдæр цыды бакодтон. Стæй йын æрæджиау йе ’мбалы бафарстон. Уый дæр æй нæ зыдта, Мæдинæт кæм ис, уый. Æмæ уæд сфæнд кодтон сæ хæдзармæ бацæуын. Чызджы баййæфтон сæхимæ, уыдис кæуынвæллад, сырх цæстытæ кастысты тарстхуызæй. йæ мад дæр лæууыди йæ разы æмæ тæригъæдгæигæ касти йæ чызг- мæ, куы та-иу мæнмæ дæр æрбакаст: хицау ын йæ чызгмæ куы хæца, куыстмæ кæй нæ рацыди, уый тых- хæй. Чызг цы кодта, уый мад нæ зыдта, мæ зæрдæ цы уавæры уыд, уый та æппындæр нæ зыдтаид. Стæй мæ мæстыйæ куынæ федта, уæд ацыд. Æз æмæ Мæдинæт иунæгæй баззадыстæм. $
— Цы хабар æрцыд, Мæдинæт? — Ницы... Мæ куыстæй мæ суæгьд кæн. Мæ бон уым кусын нæу. — Цы кæныс, æвиппайды цæмæн афтæ фæдæ? Æмæ мын æй радзырдта. Мæ мад мын афтæтæ ба- кодта: мæнæн дæр алывыд фæкалдта, Мæдинæтмæ та æфхæрæн ныхæстæ барвыста. Мæ зæрдæ тынг стыхсти, ахæм зонд дæр мæм уыд: мæ хъæбысы йæ, зæгъын, си- сон æмæ йæ нæхимæ ахæссон, мæ мады размæ... Дыккаг бон та Мæдинæт куыстмæ рацыд æмæ кæд æнкъардгомау уыд, уæддæр мæм йæ мидбылты бахудт. Уæд мæм афтæ фæкаст, цыма мæм афтæ никуы-ма ничи бахудт, куы цæрын,^ уæдæй фæстæмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ мадмæ дæрзæг ныхас не ’скодтон, фæлæ цалдæр бопы куы рацыд, уæд мæ цыма уыцы ныхас ферох, уыйау ын йæхи цард йæ зæр- дыл æрлæууын кодтон. Уый мын радзырдта мæгуыр хæ- дзары куыд схъомыл æмæ цы тухитæ бавзæрста, уы- дæттæ, суанг сывæллонæй кусын райдыдта, æмæ кусгæ та цы нæ кодта! — Гъемæ дæ фæллойы тыххæй искуы æгаддæр фæ- дæ? — бафарстон æй æз. — Цытæ дзурыс, мæ къона, рæстзæрдæйæ куыстæн æмбал дзы нæй, фæллой чи уарзы, хæдзар дæр уый аразы. — Уæдæ мæ уыцы чызджы тыххæй куиты хæринаг куы бакодтай, — бахудтæн æз. Бахудт мад дæр, мæ хин ми мын бамбæрста. — Æз дын дæхицæи тæригъæд кæнын, дæ аккаг, миййаг, куы нæ рауайа. Мæ мадимæ та фыццагау æргомдзырд сдæн, фæлæ йын Мæдинæты тыххæй ницыуал загътон. Не ’хсæн цы ныхæстæ рауад, уыдон мæ уарзонæн куы радзырдтон, уæд бацин кодта, кæд æргом ницы загъта, уæддæр йæ цæстытæй бæрæг уыд. Æмæ йыи уæд мæ фæндон схъæр кодтон: мæ минæвæртты дын дæ бинонтæм фервитын. Мæдинæт иуцасдæр нæ разы кодта мемæ, мæ ма- дæй тарсти. Æмæ сфæнд кодтон уымæн дæр исты хин- ми бакæнын, куыд нæ мыл фæгуырысхо уа, афтæмæй. ( Арæх-иу изæрыгæтты мæ мад нæ сыхы устытимæ, 30
нæ дуармæ бæлæсты бын цы бандон сагъд уыд, ууыл бадти. Æмæ йæ иу бон ракъахтон, изæры та цы кус- дзынæ, зæгъгæ. — Мæхи хуызæттимæ та нæ дуармæ баддзынæн, изæр уæдæ цы архайон, исты мæ чыидзыл цинтæ кæн- дзынæн. «Хорз уæдæ, æз дын чындзы хъуыддаг бакæндзы- нæн», — ахьуыды кодтон æз æмæ цингæнгæ куыстмæ ацыдтæн. Мæдинæтыл куы сæмбæлдтæн, уæд ын загъ- тон: — Изæры дæм уæ дуармæ æнхъæлмæ кæсдзЬшæн. — Æмæ дæм куынæ рацæуон, уæд та? — бахудт чызг. — Уæд уæм балæбурдзынæн æмæ дæ аскъæфдзы- нæн. Изæры оæмбæлдзыстæм. Æвæццæгæн æй зæрдæ ра- гацау фæзоны хъуыддаг. Уыцы изæр дæр та мæм рæ- сугъд æмæ аив фæкаст Мæдинæт. Цыма йæ зонгæ код- та, мæ мадмæ йæ æвдисдзынæн, афтæ йæхи дардта, мады зæрдæмæ фæцæуын æй цыма тынг фæндыди, уы- йау. Афтæмæй ницы æмбæрста. Мæдинæт, æз кæм цардтæн, уый нæ зыдта, æмæ йæ æнцонæй нæ уынгты асайдтон. Дардмæ дæр бафип- пайдтон нæ дуармæ устытæ кæй бадынц, уый æмæ сцин кодтон, мæ фæнд, зæгъын, мæ къухы бафтыд. Стæй сæ размæ дæр ныххæццæ стæм. Мад мæ федта æмæ, æвæццæгæн, хъуыддаг бамбæрста, сыстад æмæ нæ размæ цалдæр къахдзæфы ракодта. Уæддæр ма Мæдинæт ницы æмбæрста. Æз мæ мид- былты бахудтæн æмæ хъæрæй загътон: — Уый та дын дæ чындзаг, мæ мады хай. Мæдинæт сагъдауæй аззад. Мæ мад æй йæ хъæбысы æрбакодта. Уæдмæ иннæ устытæ дæр нæ размæ æрба- цыдысты æмæ мæм хъазгæйæ хæцыи райдыдтой: — Кæсут-ма ацы æдзæсгоммæ, йæхæдæг æй куыд æрбакодта... Æмæ кæд æфсæрмæй мæ сурхид акалд, уæддæр разы уыдтæн ме ’ппæт царды дæргъы ахæм уайдзæф- тæм хъусыиыл. 31
ЦАРДЫ ГУЫЛФÆНТÆ 1 Куыддæр æрбабон вæййы æмæ хуры тынтæ хæхтыл æрбандзæвынц, афтæ йæ хуыссæны нал фендзынæ зæронд Андийы. йæ дзаумæттæ скæны, йæхи æрыхсы, йæ лулæйы тамако ссудзы æмæ фæздæгкалгæ азилы цæхæрадоны, дыргъбæлæсты бынты. Йæ цæстæнгас ахæссы хæдзары алфамбылай. Исты акусын æй фæ- фæнды, фæлæ хæдзары алцыдæр йæ уагыл у, алцыдæр æфснайд. Анди уыыджырдæм ахизы... —• Æхсæвыцъæхæй цавæр раджы фестыс? Цып- парыссæдзаздзыд зæронд лæг дæ, ничиуал дын ницы кусын кæны, хуысс, дæ фæллад уадз, — фæзæгъынц Андийæн алыхатт йæ фырттæ, йæ чындзытæ. Фæлæ, адæймаг рынчын куынæ уа, уæд цы хуызы хъуамæ рафт-бафт кæна хуыссæны аходæн афонмæ? Уый дын диссаг! — смæсты вæййы Анди. Цыппарыссæдз азы! Уый чысыл рæстæг, миййаг, нæу. Уыйбæрц афонтæ кæуыл аивгъуыйы, уыдонæй бирæтæ зæххæй хал сисынхъом дæр нал вæййыиц. Фæ- кувынц сæ адзалмæ, тагъддæр сæ сыджыты хайыл ’æрынцайынмæ. Фæлæ ис æндæр лæг дæр, æндæр гуырд æмæ цыфæнды зæронд куы бавæййы, азтæ йæ цыфæн- ды цъист кæнынмæ куы фæхъавынц, уæддæр ма царды гуылфæнтæм йæхи фæхъары. Кæд ыл уæлгоммæ хуыссын йедтæмæ ницыуал æм- бæлд, уæддæр та райсомæй раджы сыстади Анди. Ахо« 32
дæн куы бахордта, уæд азылди Кæрты, стæй ацыдн ныхасмæ. Фæлæ уынджы æнахъом сабиты йедтæмæ ничи уыд. Сæрдыгон бон. Сусæны мæй. Адæм иууыл- дæр сты куысты, хуымты. Æмæ уæд Анди та йæхи цы. фæкæна. Бирæ бонты фæсагъæс кодта æмæ æрхъуыды кодта иу хъуыддаг... Анди йæ хъæмпын худ йæ сæрыл æркодта, йæ урс хæдон æмæ хæлафмæ æркæстытæ кодта, йæ æнцъылд- тæ рустыл, йæ урс рихитыл, йæ цыргъ боцъойыл йа* уырзтæ дауæгау æруагъта. йæ кæсæнцæстытæ йæ фын- дзы хъæлыл æрфидар кодта æмæ фæсхъæу сæрвæты- рдæм афардæг. Бæрзонд цъæх обауы сæрмæ схызти. Æрбадти нæууыл. Афæлгæсыд сæрвæтыл, бæрзонд фæ- тæнтыл,- цъæх-цъæхид хъæдыл. Ехх, æвæдза, ам лæппуйæ цас фæхатти фосы фæдыл, цас-иу фæзарыд бон-изæрмæ! Искуы базæронд уыдзæн, уый æнхъæл уыд? Ацы обауы цъупмæ лæдзæджы æнцæйтты хиз- дзæни... «Адæм се ’ппæтдæр кусынц, зæронд лæгтæн дæр сæхицæн звеио ис. Хъæуы ма æрмæст æз баззайын. Ай мын чердыгон бадт у?» — мæсты кодта Анди йæхимæ æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, зымæджы йын райко- мы секретарь цы ныхас загьта, уын: — Афон дын у æмæ ныр баулæф, цард дын æй ак- каг кæны. Ай-гъай, раст ын дзырдта: Анди дæс æмæ дыууис- сæдз азы бакуыста ахуыргæнæгæй. Йæ кьухæй чп ра- цыд, уыдон ныр сты инженертæ, афицертæ, стыр ахуыргæидтæ. Никуы дзы ничи рахъаст кодта. Цалдæр хатты йын радтой стыр хæрзиуджытæ. Анди бирæ уарзта сывæллæтты, скъолайы. Нæ пæ фæндыд йæ куыст иыууадзын, пенсимæ ацæуын. Фæлæ фæзæропд... Зæронд дæр ма, фæлæ ацы цæстытæ, ай! Сайын æй байдыдтой... Хорз нал æвзæрста чиныг. «Уæдæ хæрын æмæ фынæй кæпын йедтæмæ ницæ- мæнуал бæззып?» — йæхи мæсты фарст акодта, зæхх лæдзæджы бырынкъæй æрхойгæйæ. Æмæ куыннæ! Коммунизм аразыны хъуыддаг йæ тæккæ тæмæны куы бацыд, дуиейы разæй фæуыныл Советон адæм ерысæй куы сыстадысты, сæ дыстæ арф куы батылдтой, куыст алыран куы æхсиды. Æмæ фæл- 3 Адæмы Æмрæнхъ аз
лойы хъæбултæм сидынц хæхтæ, быдыртæ, хъæдтæ, арæзтадтæ. Ау, уæд Анди уыцы стыр хъуыддагмæ йе ’вæрæн ма бахæсса?! Уый та куыд. Афтæ хъуыдыгæнгæ Анди обауы сæрæй нымдзаст уæлæрдæм. Уым уыд пыхсбын. Пыхсбыны раз егьау- гомау лæнк. Цыма йæ исчи сæрмагонд цадæн скъах- та, уыйау уыцы тымбыл уыди. Æрмæст йæ астæуы цалдæр къуыбыргонды. Фалдæр æрх, æрхы згъоры чы- сыл цæугæдон. Уыцы рæстæджы обауы рæзты хъæдырдæм фæцæй- цыд къорд лæппуйы. Хъæрæй ныхас кодтой. Цæуыл- дæр-иу ныххудтысты. Лæппутæ Андийы куы ауыдтой, уæд сæ фæндаг цæхгæр фæзылдтой, сæ алчидæр сæ бирæ уарзта йæ уарзон ахуыргæнæджы. — А-а-а, адон мæхи хуртæ куы сты, кæдæм рараст стут? — бацин кодта Анди дæр йæ раздæры ахуыргæ- нинæгтыл. — Афтæ разылдыстæм, нæхи аирхæфсæм каникул- ты рæстæг, — дзуапп радтой скъоладзаутæ. Скъоладзаутæ сæ раздæры ахуыргæнæджы цур æрбадтысты. Бацайдагъ сын зæрдиаг ныхас. Æмæ цæй кой не ’скодтой, сæ экзаминтæ куыд радтой æмæ ныр цы ми кæныпмæ хъавыиц, уыдæттæй «æппæтæн дæр. — Æвæдза, ныртæккæ махæн не ’ппæтæн дæр дзæ- гъæл бадт кæнын раст нæу, — сабырæй сдзырдта Ан- ди æмæ йæ цæстæнгас сабитыл ахаста. — Мах алы аз дæр нæ ныййарджытæн феххуыс кæнæм, кусдзыстæм та быдыры. Нырма дыууæ боны йедтæмæ уæгъд ие ’стæм, — къæмдзæстыгхуызæп дзырдтой лæппутæ. — Уый хорз у, фæлæ иу хъуыддаг иумæ куы сара- зиккам, уæд куыд уаид? — хинхуызæй загъта Анди æмæ сабитыл йæ цæст ахаста. Скъоладзаутæ лæджы хыпцфарст кæнын райдыд- той. Куыд, цы, æмæ йæм æдзынæг нымдзаст сты цы сын дзурдзæн, уымæ æнхъæлмæгæсгæйæ. Зæронд ахуыргæнæг сывæллæттæп се ’ргом обауы æдде лæнкмæ, стæй дарддæр æрхы донырдæм аздæхта. — Уæртæ уыцы лæнк цæттæ цадуат пæу? Æрхæй йæм дон куы рауадзиккам, уæд дзы стыр цад сырæйид. Цады былыл ис сара саразæн. Уый хорз цæмæн уаид. 34
уый зонут? Мингай бабызтæ дзы суадз æмæ уый кол- хозæн цæйбæрц пайда уаид: дзидза, айк, бумбули, — мидбылхудгæ фæрсæджы каст бакодта йæ ахуыргæни- нæгтæм. — Уый хорз уаид... Фæлæ кæй бон у? — сирвæзт æнæбары сæ иуы дзыхæй. — Куыд кæй бон у? Не ’ппæт æмбæлттæн дæр зæгъдзыстæм! — Саразæм! Куыд пын амонай, афтæ кæндзыс- тæм, — схор-хор кодтой фæйнæрдыгæй, æнгомдæр æр- балæууыдысты, сразы сты сæ зæронд ахуыргæнæджы фæндоныл. — Цом уæдæ хъæумæ. Уе ’мбæлттыл азилут, хъуыд- даг бамбарой. Изæры скъолайы кæртмæ æрæмб’ырд уæм, уым бæстон баныхас кæндзыстæм, — афтæ бауы- наффæ кодтой æмæ фæраст сты хъæумæ. Куыддæр чы- сыл рауадысты, афтæ фæсте рог машинæйы уынæр райхъуыст. Уый Андийыты цурмæ куы æрхæццæ, уæд фааурæдта. — Анди, немæ сбад, уæхимæ дæ ныххæццæ кæ- иæм, — радзырдта машинæйæ, цыбыргомау бæзæрхыг, саулагъз лæг, колхозы сæрдар. - — А-а-а, нæхи Хазби куы дæ, Хазби... Дæ хорзæ- хæй рахиз-ма, чысыл ныхасаг иæ ис демæ, — машинæ- йы размæ бацæугæйæ, фæсидти Анди сæрдармæ. Хазби кæддæр уыди Андийы ахуыргæнинаг, сы- вæллонæй дзы куыд æфсæрмы кодта, ныр дæр дзы афтæ фефсæрмы. Рагæпп ласта йæ бадæнæй, Аидийы цур худгæ алæууыд. Зæронд лæг бамбарын кодта, Хаз- бийæн йæ сæры цы уыпаффæ сæвзæрд, уый. — Омæ, Анди, дæ фæллад та кæд уадздзынæ, кæд, афтæ дæр нын бирæ куы бакуыстай... — Уыцы пыхæстæ йыи куыд кодта сæрдар, афтæ йæ Анди дзурын нал суагъта, мæнæн улæфын, бадыи амонын нæ хъæуы, зæгъгæ. — Иттæг раппæлинаг хъуыддаг æрхъуыды кодтай. Æрмæст кусæнгарзæй уæ цы хъæуы, уый мæнæй агу- рут, фæлæ дыи кусджытæй баххуыс мæ бон нæу, адæм быдырты сты, пæ къухтæм дæр ма æмхасæптæ куы кæнæм, — сразы зæронднмæ сæрдар. — Кусджыты тыххæй дæ пицы бахъыгдардзынæн, 35
мæнæ адонмæ нæ кæсыс—-æнæхъæн æфсад куы сты,— бацамыдта Анди скъоладзаутæм... Изæры ахуыргæиипæгтæ скъолайы кæрты æрæм- бырд сты. Куыддæр Андийы ауыдтой, афтæ йæ алы- варс æрдзыгуыр сты, мыды бындзытæ мыдыл куыд æрæмбырд уой, афтæ. Хъуыддаджы тыххæй кæрæ< дзийæн фæдзырдтой, æмбæрстгоид сын уыд. Зæронд ахуыргæнæджы бирæ ракæ-бакæйы сæр нæ бахъуыд. Иæ хабар сын лæмбыпæг куы бамбарын кодта, уæд æмхъæлæсæй сдзырдтой: — Райсом иууылдæр лæнчы уыдзыстæм. Æмæ цын, Анди, куыд бауынаффæ кодтай, афтæ бакæндзыстæм. — Уæдæ иыхасгонд стæм. Райсом раджы рахæссут белтæ, къахæнтæ, фæрæттæ, сыджыт хæссæнтæ, уы- мæй дарддæр цы хъæуа, уыдон ныи колхозы сæрдар сæрвитдзæн, æз ын загътон, — уæззаугай загъта Анди йæ кæстæртæн. Стæй куы ацыд, уæд скъоладзаутæ дзырдтой: ~- Зæронд кæнынæн цы æвгъау у пырма! — Куыд хъуыдыджын у! 2 Диссаджы кусæн бон скодта. Сæрдыгон арв æв- рхгътæй уыд æхгæд. Рог дымгæйы уддзæф хурыскæсæ- нырдыгæй цадæггай дымдта. Лæнк æмызмæлд кæны адæмæй. Андийы зæрдæ сæ бакаст, сæ уындæй ба- рухс. Азилы сыл, фæрсы сæ, ауынаффæтæ сып кæны. Хаттæй-хатт йæ цæсгом фæтар вæййы. Сагъæсты аны- гъуыльг. Миййаг дзы куы ннцы рауайа, адæмы цæсты йæхи дзæгъæлы куы бафтауа. Анди æртæ лæппумæ фæсидти, уыдон хъуыддагхуы- зæп йæ разы алæууыдысты. Сæ иу уыди фарæстæм къласы ахуыргæнинаг цъæхдзаст лæппу Агуыбе, иннæ- тæ æстæм къласы ахуыргæнинæгтæ — мæллæгтæ арæзт Бадте æмæ ныллæггомау Геор. — Сымах уыдзыстут мæ хæстæгдæр æххуысгæн- джытæ. Ныртæккæ нæ адæмы æртæ къордыл фæдихтæ кæнын хъæуы æмæ уæ уæд алкæмæндæр бæлвырд хæс ратдзынæы, — загъта сын Апди. Лæппута? се ’мбæлтты æртæ къордыл адихтæ код- 36
той. Алы къорды дæр уыдис ссæдз адæймаджы. Æдæп- пæт та уыдысты æртиссæдз. Анди сын загъта: — Ацы ран ис æртæ сæйраг хъуыддаджы: цадуат ссыгъдæг кæнын. донмарæн саразын, рæстæгмæ сара саразын. Æмæ уымæ гæсгæ адæмы адих кодта æртæ брига- дыл. — Агуцбе, ды уыдзынæ цадуат сыгъдæггæнджыты бригады. Еадте, ды уыдзынæ донмарæн аразджыты хнцау. Георги, ды та сара аразджыты бригадир, — амыдта сын Анди, æмæ уайтагъддæр æртæ бригадæй алчидæр нæ куыстмæ бавиæлдта. Алчидæр бамбæрста, цы йæ кæиын хъæуы, уый. Иутæ ацыдысты чысыл уæлдæр пыхсбыны сæрмæ хъæдмæ, сарайæн михтæ, уистæ, хъайвантæ кæнынмæ— бабызты бынатæн. Иннæтæ ралæууыдысты æрхыбын фæзмæ донмарæн къахыныл. Агуыбеиы бригад баззад бынæй лæнчы. Æппæты зындæр увдис уыдопæн лæнчы астæу цы къуыбыртæ уыд, уыдон ныкъкъахын; бирæтæ дзы фæзивæг кодта, иал сæм цыд дзурын дæр. Æмæ Анди хорз бакодта: колхозы сæрдаримæ знон бадзырдта, æмæ сæм æрба- рвыста дыууæ бæхы гутоны ифтыгъдæй. Анди лæппу- тæй дыууæ равзæрста æмæ сын бацамыдта, гутонæй куыд къахой, уый. Æмæ уыдон уайтагъд уыцы куыст- мæ бавнæлдтой. Иннæтæн ныр бирæ фенцондæр. Уæв- гæ дзы хъаугъа дæр рауади: лæппутæй бирæты фæн- дыди гутон æмæ бæхтимæ архайын, кæд дзы бирæтæ гутоныл никуы æрхæцыдысты, уæддæр. Зæронд ахуыргæнæг лæдзæджы æнцæйтты цæуы. Бæрæг кæны, йæ цæст дары бригæдтæм. Æрхæй хъуы- сы фиййæгты хыррытг, дурты гыбар-гыбур, æфсæн ломты æмыр гуыппытæ, къахæнты дзæхстытæ. Уæлдæр хъæдæй хъуысы фæрæты æнæрынцой къупп-къупп, бæ- лæсты сыбар-сыбур, ахуыргæнинæгты-хъæддзауты хъæлдзæг уынæр. Уайтагъд хъæддзаутæ дыууæ дихы фесты, иутæ фæрæттæй архайдтой, иннæтæ уырдыгмæ ластой уйстæ, михтæ, хъæдтæ. Бынæй лæнк ивта йæ хуыз. Гутон ын йæ риу гæрста, йæ иæуу, нæ хуыр ын ластой кæрæттæм. — Куыд æпхъæлут, фопдз бонмæ нæ куыст фæуы- 37
дзыстæм? — афарста ахуыргæнæг йе ’мбæлтты, аходæ- пыл æрхы доны был-куы æрæмбырд сты, уæд. — Сыбыртт дæр дзы нæ хъæуы, ноджыдæр раз- дæр, — райхъуыстысты фæйнæрдыгæй хъæлдзæг хъæ- лæстæ. Лæгæн йæ зæрдæ барухс, мидбылты бахудти. йæ лулæйы тамако ссыгъта. Къæйыл æрбадт, æрыгон гуырдты цардбæллоп цæсгæмттæм иыккаст. Æвæццæ- гæп, хъуыды кодта — сæрибар тыхæн, хæвзонг удæн цæй бирæ хорздзинæдтæ саразæи ис, цас хъуыддæгтæ йæ бои бакæнын у... — Изæры колхозы сæрдарæн зæгъдзынæн, фондз бонмæ цыппар мии бабызы лæппыны куыд æрбаласой инкубаторæй, — хъуыдыгæпгæ ныфсджынæй загъта лæг. — Фермæйы хицау ды уыдзынæ, Анди, мах та дыи æдзухдæр æххуыс кæпдзыстæм, æхсæв дæр æмæ бон дæр, — сдзырдта Агуыбс. — Æнæмæнг афтæ, афтæ! — айстоп кæрæдзи дзы-. хæй ныхас æмæ та ногæй æрлæууыдысты сæ куыстыл. 3 Бон æрбацъæхтæ. Цæст дзæбæх æвзарын райдыд- та. Анди фехъали æмæ уæпгрогæй акодта йæ дзаумæт- тæ, æрыхсадта йæхи. Уын кæддæриддæр раджы стаг уыди. Æмæ йыи ныр дæр ахуыр хъуыддаг уыд. Фæлæ ныр цы фæуа, бон ыл куыдтæй аивчгъуыйдзæн, ууыл нал катай кæньь йæ лæдзæг райста æмæ арасти ба- бызты фермæмæ. Уын ныр сæ хицау у. Арв, сæгъы цæстау, лæууы сыгьдæг, цъæх-цъæхи- дæй. Хуры тыптæ æрбандзæвыдысты хæхты цъуппы- тыл. Анди ахызти хъæуæн, æмæ фермæмæ куы фæхæс- тæгдæр, уæд иппæ боптау та ацы райсом дæр йæ хъус- тыл ауад бабызты уасын. Куыддæр цады былмæ схæццæ, афтæ æрлæууыд æмæ йæ зæрдæ барухс. Сæууон дымгæнæ цад уылæнтæ кæны. йæ сæрыл ленк кæныпц мингай бабызтæ. Цыма йæ хъæбултæ уы- дысты æмæ сæм цыдæр сдзурыпмæ хъавы, уыйау сæм кæсынæн нал æфсæст. 1 Уыцы рæстæджы сарайæ Андийы размæ рауадысты
фондз скъоладзауы. Дысон уыдоны рад уыд мæргътæ хъахъхъæнын. — Куыдтæ сты уæ хабæрттæ? — афарста сæ Анди. — Иттæг хорз. Бабызты сæумæцъæхæй бафсæстам. Ныр та цæуæм хъæды æххæлтæм, ногдзыд кæрдæг сын ныккæрдæм, — загътой скъоладзаутæ æмæ, æхсырфы- тæ райсгæйæ, ацыдысты мæргътæн кæрдæг кæрдыпмæ. Анди касти хосдзауты фæстæ. Сæрыстырæй бахудт æмæ йæ цæстытыл ауад, ныр цад кæм ис, уым хæрз æрæджы дæр ма куыд гæмæх, сыгъд æмæ уырыд уыд, йæ хъæлидуртæ, йæ къæмбыртæ, уæлмæрды дуртау, адæймаджы зæрдæйы мæгуырдзинад уагътой. Ныр та дзы райгуырд, базмæлыд цард. Æрхы мидæг æнусты дæргъы знæтæй дзæгъæлы цы дон згъордха, ууыл хъæ- батыр лæппутæ архъан æрбавæрдтой, аивта йæ фæн- даг,* ссардта ныр бынат йæхицæн. «Цас хорз хъуыддæгтæ саразæн ис, цас лæгдзиыæд- тæ равдисæн ис зæххыл? Гъей-джиди, æмæ ма ну хатт ногæй райгуыр!» — йæ уæнгтæ ныиивæзта Анди, фæп- дыди йæ æрмæстдæр цæрын æмæ цæрын, кусын, фæл- лой кæнын. Хуры тынтæ æрбандзæвыдысты цады уæлцъарыл. Мингай мæргьтæ сæ хъæлæстыдзагæй уасыдысты. Сæ зæрдæйы дзæбæхæн цагътой сæ базыртæ, ленк кодтой. Дон иу ран нал лæууыд, æнкъуысыд, уылæнтæ кодта. Фæл-æ уый хуымæтæджы знæт уылæн нал уыд; уыдон уыдысты ног царды, ног замаиы фæйлауæитæ. 1958 аз.
ÆРВАДÆЛТÆ Цыбыргомау стæвдтæ ус Дзыгыда дуары зыхъхъы- рæй йæ сæр радардта. Хъуамæ рахызтаид æддæмæ, фæла? куыддæр уынгмæ ракастис, афтæ æвнппайды дуар фæстæмæ ахг-æдта. йæ сау къаба йæ гуырыл æр- дзæбзёхтæ кодта, йæ хъулон сæрбæттæн йе ’стыр сæ- рыл æнгомдæр æрбалхъывта; йæ нард цæсгом асырх, адымсти лалымау. йæ бур æвзыд æрфгуыты бынæй æнæуынон æнгас лæвæрдтой йæ лакъонхуыз цæстытæ. Хæдзары къуымты рауай-бауайыл схæцыд, карк йæ æфтуан куынæуал фæары æмæ ууыл куыд скатан вæй- йы, афтæ. «Чи зоны махмæ не ’рбацæуы»,—хæдзармæ бацæу- гæйæ ахъуыды кодта Дзыгыда æмæ рудзынджы æм- бæрзæны аууонæй акасти уынгмæ. Фæлæ фæфыд- æнхъæл. Кæмæй тарсти, уый цыди комкоммæ уыдонмæ. «Тынг мæ хъуыдтæ, емынæйы къæртт!» — йæхины- мæр дзырдта ус æмæ рудзынджы разæй рацыди. Дзы- гыда æрттæдæлармæй, æрхæндæгхуызæй бандоныл æр- бадти. Цыма мæрдадзы кæуынæй бафæллад, уыйау пыуулæфыди. — Хæдзаронтæ, ам уæ ничи ис? — кæрты дуар лæ- дзæгæй æрбахоста æрбацæуæг. — Ам дæн æмæ дын æрцæттæ кодтон. Цымæ нæм цæмæ æрбабыры, никуы йæ федтон! Уæнгæлы ад мын кæны, мæ удхæссæг дзы уынын, халер! — хъуыр-хъуыр кодта ус. Цæуæгмæ æддæмæ куы ничи касти, уæд йæхæдæг бакодта кæрты дуæрттæ æмæ мидæмæ æрбахызт. — Кæм сты дæ хорзæхæй, уæд та сын исчн сæ хæ- ’дзар фæхаста, — дзурын ссыди къæсæры æддейæ, 40
— Еу дæ къона æмæ дæ фæнык! йæ гуыбын та йе ’ккой æрбахæссы, æдзух куыдзау хæрди-хæрд зилы! — ссыф-сыф кодта Дзыгыда, калмы сæрыл цæхх куы æр- кæнай æмæ уый куыд сыф-сыф фæкæны, йе ’взаг ра- дав-бадавгæнгæйæ, афтæ. — Уазæг нæ уадзут! — уыцы ныхасмæ дуар байгом. Хæдзармæ æрбахызт иу лæг. Асæй уыд рæст- æмбис. Цыдаид ыл дыууиссæдз азы. йæ къæхтыл их- сыд цырыхъхъытæ, йæ уæлæ дæрдджын сау костюм æмæ хæлаф. Уый уыди Хайманты Быдзыго. — Уæ бонтæ хорз, куыдтæ стут, ме ’рвадæлтæ? — салам радта лæг Дзыгыдайæн хъæлдзæгæй, йæхæдæг йæ галиу къухæй йæ бур кепкæйыл хæрдмæ фæхæ- цыд, рахизæй фелвæста къухтæсæрфæн æмæ дзы æр- даудта йæ фæтæн ных, йе ’стыр уадултæ, йæ гуыбыр фындз æмæ йæ даргъ роцъо. — Æнæмаст у! — йæ бынатæй сыстгæйæ æнæбары дзуапп радта Дзыгыда. — Исты дæ риссы, дæ хуыз йæ бынаты нæй ацы хатт? — афарста усы Быдзыго. — Рыст æмæ стъæлд нæ дæн, уæдæ цы дæн, — загъта, иннæрдæм йæ бырынкъ акъуыргæйæ, сылгой- маг. \ Быдзыго йæхи хион хуыдта, æнæфæрсгæйæ пецы цурæй къæлæтджын бандон райста æмæ къулгæрон стъолы фарсмæ æрбадтис. йæ худ стъолы кæрон æрæ- вæрдта. Систа тамакойы пачкæ, спичкæтæ æмæ уай- тагъд йæ бапъирозы фæздæг скалди. — Бечыр уын кæм ис? — афарста лæг Дзыгыдайы йæ дзыхæй фæздæг раулæфгæйæ. — Цы йын зонын, Бечыр йæ секреттæ мæнæн фæ- дзуры, — æнæрвæссонæй дзуапп радта ус. Дзыгыда дæр æрбадти. Йæ даргъ æнгуылдзтæ йæ роцъомæ бы- цæу сæвæрдта æмæ-иу, йе ’рфгуытæ фелхынцъгæн- гæйæ, Быдзыгоимæ фемдзаст. Æвæццæгæн ын æмба- рын кодта, бæстон бадтыл цы схæцыдтæ, тагъддæр ар- дыгæй ахъуытты у, зæгъгæ. Дыууæйæ дæр иу дзæвгар ницы дзырдтой. — Дзыгыда, мæнæн æххормаг у, ницы хæринаг уæм ис? — барджын фарст бакодта Быдзыго сылгой- маджы. 41
— Ды цæрай, æз дæр ууыл скатай дæн, хорз уыни- наг уазæг бæргæ дæ, фæлæ ныртæккæ ахæм тыхст стæм. Ныр дыууæ къуырийы куырæйттæ нал зилынц, дæлæмæ фæхауой, æмæ нæм ссады тæпп нæй, — тыхст- хуызæй, Быдзыгомæ кæсгæйæ, дзырдта ус. Сылгоймаг уæззаугай сыстад, цыма йыл къодæхтæ баст уыд æмæ сæ нæ фæрæзта, уыйау. Бацыд къæбиц- мæ. Æппын æрæджиау, цыма йæ куыдзæн æппæрста, уыйау сыгъд нартхоры кæрдзын æмæ чысыл хъæдын къусы мидæг къæдор рахаста. — Ацы нартхоры кæрдзын дæр абон уæртæ нæ сы- хæгтæй æфстау райстон. Æндæр кæд нæ рæбыны исты ис, уæд мын сæ мæ бинонты хисты адæмыл байуа- рæнт, — фынгыл хæринæгтæ æвæргæйæ карз сомы ба- кодта Дзыгыда. Ус уазæджы иунæгæй хæргæ фæуагъта. Сарайы фæстæты цæхæрадонмæ бахызти. Фæткъуы бæласы бын йæ мой Бечыр уæлгоммæ хуыссыд æмæ хъолойы сыфæй йæ бындзытæ сырдта. — Де ’рвад ам ис, уæртæ хæдзары, — фехъусын кодта ус йæ лæгæн. — Цавæр æрвад? — бахудти Бечыр. — Быдзыго! Куыдцæр Быдзыгойы кой фехъуыста лæг, афтæ уы- циу гæпп фæласта йæ бынатæй. йæ дзыхы ныхас нал бадти, тылдта йæ цæнгтæ, цыма искæуыл исты ныццæ- вынмæ хъавыди æмæ нал арæхст, йæ къухы цæвæн- гарз не ’фтыд, уый хуызæн. Дзыгыда нымдзаст дæр- гъæй-дæргъмæ лæг Бечырмæ; йæ хæтæл зæнгтæ куыд рызтысты, йæ лыстæг къубал иуран куыннæуал уагъта, уымæ. Ноджы йын йæ мæллæг æнæдаст бурдзалыг цæсгомыл туджы сырх тæппытæ куы ауыдта, уæд афтæ фенхъæлдта, зæгъгæ, кæд йæ мой фæхæйрæдж- джын. — Тагъд мæ хæдзарæй куыд фесæфа, афтæ, ницæ- мæн хъæуы мæн ахæм æрвад! — æрæджиау йæ мусту- чъийыйас фæлурс фындзæй футт-футгæнгæйæ сдзырд- та Бечыр. — С-с-с... ацæудзæни, æрра фæдæ! Исчи дæ хъусы... — Æрра нæ, фæлæ уымæн ацы кардæй йæ сæр къуыринаг у; æз ыл искуы хъæды фæсвæд ран куы фем- 42
бæлин... Иу аз ма, хъуыды кæныс, хъæдгæс куы уыд, уæд тæрхондонмæ уый зондæй лæвæрд æрцыдыстæм. Нæ фыс фидтон бафидыны тыххæй куы ауæй кодтам. Гъеуый дын йæ хорздзинад! Фондз уæладзæны æнæ билетæй ракодтон æмæ уый цас диссаг уыд, — йæ фар- сыл цы стыр кард уыд, уый хойгæйæ, лæхурдта Бечыр. — Уый рагæй æнамонд зондыл хæст у, æз æй нæ зонын æнхъæлыс? — йæ моймæ хæрдмæ кæсгæйæ загъ- та Дзыгыда. — Дон дæр ын ма ратт, уый куыдз у, ахъуытты уæд, кæннод ын ныртæккæ йæ хæдон йе рагъæй ралас- дзынæн, — йæ маст нал æнцад Бечырæн. — Уæдмæ дæр йæ тъæнгтыл хæцæд, цалынмæ йын уазæджы митæ кæнон, — бустæхуызæй бакодта ус. — Гъей, уый хин æмæ кæлæн у, уæйгæнæг. Иу аз районы хицæуттæ фос куы фыстой, уæд нæ сырх хъу- джы къæбицы хосы фæстæ нæ бамбæхстон... Æмæ кас- тæ, куы йæ базыдта, уæд аивæй хицæутты ацардыдта. Гъеуый ахæм Быдзыго у! — йæ комы фынк калгæ дзырдта Бечыр. — Дæу агуры, цы йын зæгъон? — Ацы бæсты тæфтыл, зæгъ, никуы ис. Йæ фенд раст мæ цæстысындз у, — загъта лæг. Дзыгыда æнæдзургæйæ фæстæмæ хæдзары фæми- дæг. Быдзыгойæн æххормаг уыд. йæхи дзыхæй дæр хæ- ринаг уымæн ракуырдта. Зæрдиагæй архайдта хæры- ныл, фæлæ йæ къухы не ’фтыд. Нартхоры кæрдзын уы- дис сыгьд, хъæбæр. Раст бæхы сæфтæгæй куыд ницы ратонæн ис, уымæй хъауджыдæр хæрын нæ куымдта. Быдзыго хус къæдорæй йæ дзыхы бакæлдтытæ кодта, ахордта дзы. Фæлæ куыддæр Дзыгыда къæсæрæй æр- бахызти, афтæ къæдор йæ хъуыры фæбадт, доиы на- рæджы хъæдтæ куыд ныццæхгæр вæййынц, ’афтæ. йæ фæсонтæ къухæй бахоста, йæ дзыхы йе ’нгуылдз фæ- цавта, фæлæ комдзаг ничердæм бырыди, раст цыма йæ развæидагыл исчи джебогъимæ бадти æмæ уымæй тарст, уыйау ныууоцани. Быдзыгойæн йæ цæстытæ фæдзагъыр сты. Тых- хæй ма улæфыд. Иæ къухæй Дзыгыдамæ ацамыдта «дон æри», зæгъгæ. Дзыгыда йын агуывзæйы дон ра- 43
хаста. «Мауал сулæф, — æлгъыста йæхинымæр се ’рвады». Лæг дон анызты фæстæ сулæфыд. Ныууагъта йæ хæрын. Иу дзæвгар бадт æнæсыбырттæй. Цыма зондджын ныхасзæгъынмæ хъавыд, уыйау йæ сæр йæ цонгыл æруагъта æмæ кæдæмдæр рудзынгæй æддæмæ нымдзаст. — Мæн бирæ бадынмæ не ’вдæлы, цæугæ кæнын, æхсызгон хъуыддаджы фæдыл æрбауадтæн, — загъта æрæджиау Быдзыго Дзыгыдайæн. — Цавæр хъуыддаг дæ ис?—æнæбарыгомау сдзырд- та ус. — Фатер агурын, хъуамæ тæккæ райсом мæ би- нонты ардæм æрбаласон, æмæ, зæгъын, кæд искæмæ зоныс дзæбæх уат, уæд мын феххуыс кæн, — дзырдта уæззаугомау Быдзыго. — Цæмæн дæ бахъуыди афтæ æхсызгон? — Ау, ницыма фехъуыстай? — Ды цæрай, ницы! — Æртæ боны размæ мæ обкомæй ацы районмæ снысан кодтой райкомы секретарæй. Иннæбон кусыы райдайдзынæн, — загъта Быдзыго. — Цытæ дзурыс! — дисы бафтыди ус. Лæг йæ пинджаччы дзыппæй цавæрдæр гæххæтт систа. йæ иу фарсыл уыд сырх чернилайæ цыдæртæ фыст. Быдзыго тетрады сыф Дзыгыдамæ бадардта, ома кæд дæ нæ уырны, уæд фен мæ гæххæтт, зæгъгæ. Сыл- гоймаг скъолайы къæсæрæй никуы бахызт, чиныджы кæсын нæ зыдта. Фæлæ уæддæр цымыдис хуызæй лæг- мæ бацыд, гæххæттмæ йæ сæр хæрз æввахс •■ æркъул кодта, æркаст æм лæмбынæг, суанг ма йæм смудгæ дæр бакодта. — Уæдæ куыд æнхъæлдтай, искуы мæн дæр стыр бынатмæ хъæудзæн, уый нæ зыдтай, — йæ риу хойгæ- йæ æппæлыд лæг. Дзыгыдайы цæсгомæн йæ тархуыз фæцыдæр. Цыма йæ ахуырст ссыд, уыйау уайтагъд æрфгуытæй дæллаг- хъуырмæ цæсгомыл февзæрд цинады нысæнттæ. Хурау ферттывтой цæстытæ, худти. — Дæ фæхъхъау куыд фæдæн, афонмæ дæр мын æй загътаис æмæ бахъæлдзæг уыдаин, кæннод мæ зæр- дæ æдзух æрхаандæг куы у, — загьта ус, 44
Дзыгыда æддæмæ рауад. Цæхæрадоны йæ мойы цурмæ атындзыдта. Быдзыгойы ног хабар ын ракъæр- къæр кодта, къæхтæ æмæ йыл къухтæ афтыдта, афтæ- мæй. — Молодец, уый... уый хуымæтæджы лæг у, хуы- мæтæджы?! Æрмæст иуæй-иу хатт... мм-м-хм-хым... Цы нæ йын бантысдзæн. Лæгдзинад йæхицæй никæмæ ауадздзæн, Быдзыгойæ дæ алцыдæр уырнæд, — бæла- сы бын, йæ хуыссæнæй фестгæйæ мидбылхудгæ, дзырд- та Бечыр. Ус æмæ лæг иумæ рацыдысты хæдзармæ. Бечыр куыддæр къæсæрæй йæ фындз бадардта, афтæ цыма ногбоны арфæтæ кодта, уыйау бахъæр ласта: — Аллæбон æгасцу, цы хур-цы къæвда ма дæ æр- хаста! Ныр нæ иу афæдзы дæргъы куы никуыуал абæ- рæг кодтай, исчи ма афтæтæ кæны. Бечыр йе ’рвадыл ныттыхсти. Цинтæ, диссæгтæ! Кæ- рæдзи хабæрттæй фæрсыныл фесты. — Значит, уæдæ ныр нæ районы хицау уыдзынæ? — Уæдæ куыд загътай?! — Афтæ дзы хъæуы, адæймаг хъуамæ гуымыдза- йæ, хуымæтæджы кæрдзын хæрынæй ма фæцæра, хъуа- мæ адæмы астæу разагъды лæг уа, кадджын! Æгайт- ма дæм ахæм хъару разынд, ме ’рвад! Æз æй рагæй дæр зыдтон дæуæн стыр ныхыдзуар кæй ис æмæ дард кæй акъахдзæф кæндзынæ, — дзырдта Быдзыгомæ худгæйæ Бечыр. — Усай сур ныхæстæй ницы. Исты нын фен, нæ туг, не ’стæгæй ма хуыздæр кæуыл бацин кæндзыстæм! Сæфтæг нартхоры кæрдзын, хус къæдор стъолæй фæиуварс сты. Цæсты фæныкъуылдмæ фынгыл февзæр- ди графииы тæккæ дзаг стад арахъхъ. Царвы хуызæн, бур-бурид цыхт, цъæх хъæдындзтæ, æрдæгцæхджын джитъритæ. — Фæйнæ уал аназæм,—арахъхъ агуывзæты уадз- гæйæ, сдзырдта Бечыр. — Мæн бирæ бадынмæ не ’вдæлы, — рудзынгмæ кæсгæйæ, загъта Быдзыго. — Ахсæв дын ауадзæн нæй, дæ уындмæ кæдæй ныр- мæ нæ былыцъæрттæ хæрæм, уый зоныс? — кæрæдзи дзыхæй ныхас скъæфгæйæ, дзырдтой лæг æмæ ус. 45
Стонг Быдзыго æнауæрдонæй февнæлдта хæрынмæ, нуазынмæ. Куывта йæ æвзаг цы карста, уымæй. Уæд- мæ фысыйас гогыз кæй хуыдтой, уымæн йæ сæр акъуырдтой æмæ уадидæгæн уæларт пæлхъ-пæлхъгæн- гæ аджы февзæрд. — Ахæр дæ хорзæхæй, хорз уазæг нæм куы фæзы- на, уæдмæ йæ хастам ацы гогызы, — дзырдта худгæйæ Бечыр, иугæр Дзыгыда маргъы фыд тæбæгъы амадæй Быдзыгойы размæ куы æрхаста, уæд. Бечыр уый размæ бæласы бын йе ’рвадмæ рæхойы- нæй цы кардæй æртхъирæн кодта, уый ныр йæ кæрц- цæмæй сласта, гогызы дзидзатæ дзы лыг кодта æмæ сæ йе ’рвадырдæм ссыдта. «Районы хицауæн» ноджы Дзыгыда кæцæйдæр æрбаскъæфта сатæгсау æнхъизгæ уазал бæгæны. — Фатеры тыххæй дæ сæр дæр ма сриссæд, мæнæ дæ нæ уæттæй кæцыйы фæнды, уым æрцæр, — духов- кæйæ дзаджджын уæлибæх рацæйисгæйæ, загъта Дзы- гыда. — Цæр сæ, цас дæ бафæнда, уыйбæрц, уæдæ дæ нæхицæй искуыдæм уадзыи. Мæнæ дын агъуыст, тæккæ райсом æркæн дæ бинонты, — фæцырд Бечыр дæр. Дыууæ æрвады кæрæдзимæ сидтысты нозтæй. Æрымысыдысты горæтты, хъæуты, хæхты, хуымты, хъæды зæдтæ æмæ дзуæртты нæмттæ. Суанг ма сæ ин- гæнтæм адæмы фæндаг кæмæн схæмпæл, уыцы фыдæл- ты тыххæй дæр рухсаджы нуазæнтæ фæнозтой. Быдзы- го цалдæр хатты ус æмæ лæджы къухæй банозта буц нуазæнтæ. Рацыд сахат, дыккаг, æртыккаг. Бечыр гаджидæут- тæ уадзы. Амал ын куы уыдаид, уæд йе ’рвады роны абырыдаид, ахæм фæлмæнзæрдæ, ахæм рæдаудзинад æвдыста, кæд ын уый размæ йе ’рагъæй йæ хæдон ра- стигъипаг уыд, уæддæр. — Ныронг дæр нæхионтæй иу дæ хуызæн нæ цуры куы уыдаид, уæд нæм исчитæ сæ ныфс хæссиккой! — арахъхъы графин ногæй къæбицæй рацæйхæсгæйæ дзырдта, йæ къух тилгæ, Дзыгыда. — Ау, æмæ уæ чи хъыгдары? — йæ расыг цæс- тытæй цармæ дзæгъæл каст кæнгæйæ, афарста Бы- дзыго. 46
Уыцы ныхасмæ фысымтæ, цыхцырæгау, фемæхсты- сты. Фаудтой районы кусджыты, колхозы хицæутты. Уымæй размæ Бечыр колхозы шофырæй куыста. Аст мæйы размæ йæ фæсырдта сæрдар йæ бынатæй. Уæ- дæй нырмæ курдиат кæдæм нæ балæвæрдта, ахæм нал баззад, фæлæ йæ машинæйы рульмæ æввахс нал уа- дзынц. — Уастæи сæ бындур фехæла, алы пайдаджын бы- нæттæм бабырыдысты æмæ адæмы фæллой хæрынц. Мах та дзы рахау-бахауы фестæм, — дзырдтой фы- сымтæ «райкомы хицауæн». Фæлæ Бечыр алыбон нуаз- гæ кодта, æнæхыл, æнæзагъдæй никуы здæхт хæдзар- мæ, стæй фæстаг хатт расыгæй машинæ кæй афæлдæх- та, уый кой цæмæн хъуамæ скодтаид! — Æз дæ мæхимæ райсдзынæн шофырæй. Мæнæн «Волгæ» ратдзысты æмæ ууыл кусдзынæ. Уый дын мæ быгъдуан, — куыдфæнды хуызæй загъта Быдзыго æмæ гогызы базыг æхсынын райдыдта. — Дæ ныфс, дæ цæрæнбон бирæ, æгайтма ныр ды дæр хицауадмæ бахаудтæ. Ам дзы бирæйæн йæ рох- тыл æрхæцын хъæудзæн. Чи дзы циу æмæ цы ми гæ- иæг у, уый дын джиппы æвæрдау дæ разы æвæрдзы- нæн. Нырыонг дæр мын ахæм гæнæнтæ куы уыдаид, — раст цыма сæ хæдзармæ фæсхохæй авдсæрон урс уæ- йыг æрцыд æмæ бæстæ йæ хъуыры аирвæздзæни, уыцы ныхæстæ кодтой Бечыритæ, нуæзт сæ сæры куы бацы- ди, уæд. Изæр æрæввахс. Быдзыго æркаст йæ сахатмæ. Сы- стад. Цудтытæгæпгæ рацыд, хæкъуырцгæнгæ йе ’рва- дæлтæн хæрзизæр загъта. — Æнæ хион хуыцау лæджы ма амарæд, — уын- джы йæ фæдыл кæсгæйæ йæ мойæн сæрыстырæй загъ- та Дзыгыда æмæ кæрæдзимæ фæлмæн худт бакодтой... Бонтæ цыдысты. Ахицæн мæй дæр. Алчи йæ куыст кæны. Фæлæ Бечыры æрвад Хайманты Быдзыгойы рай- комы кусгæ ничи федта, йæ кой никуыцæй райхъуыст. 1955 аз.
АДÆМЫ ÆМРÆНХЪ Чысыл повесть 1 Тъæпæнсæр хæдзарæй кæртмæ сабыргай рахызти лыстæджытæ арæзт бæрзонд лæппу. Йæ былтæ ас- дæрдта, стæй сæ къухтæмæрзæнæй адаудта. Бæрæг уыд, йæ зæрдæйы фæндиаг хорз кæЧ бахордта, уый. Сау пинджакы мидæгæй уалдзыгон хурмæ æрттывта сырх зæлдаг хæдоны æфцæггот, хæлафы къæхтæ цырыхъхъы хъусты æнгом тъыст. йæ мыдхуыз сæрыхъуынтæ æр- хæццæ сты уæхсчыты онг. йæ сæры тенкайыл зулаив конд цъиуы ахстоныйас кепкæ. йæ фыпдзы бын зы- гуымы мурты хуызæн æнæбары рихитæ. йæ донгъуыз цæстытæй алырдæм акаст. Даргъ бапъироз йæ дзып- пæй систа æмæ йыл зынг бафтыдта. Уый уыди Цъы- лынгаты Муссæ. Муссæ куыддæр уынджырдæм йæхи райста, афтæ фæстейы йæ хъустыл ауад: — Кæдæм та араст дæ, кæдæм! Иу бон ма дæ хæ- дзары дæр æрбад. Уæртæ дæ рынчын фыдмæ цæхæра- доны кæрæттæ æхгæнынмæ уæддæр фæкæс. Уалдзæг у, æмæ ма ды дæр зæхмæ æртас. Муссæ фæздæгкалгæ фæзылд, ауыдта йæ мады цæ- хæрадонырдыгæй æрбацæйцæугæ. Фалдæр, цæхæрадо- ны кæрон, архайдта йæ зæронд фыд. йæ уæлæ æм- пъызтытæ сгæллад цъæх куырæт. йæ астæуыл басы- лыхъхъ баст. Ныггуыбыр. йæ уæнтæ бæрæг дарынц. ’Хуыфыд æнæрынцойæ. Фæрæтдзæгатæй æнæбары хуы- 48
зæн кауы михтæ хоста. Йæ хид калд, сæрфта йæ ных, йæ фындзыхъæл. Йæ тыхулæфт хъуысти. — Мæрдтæ стут! Уистæ кæрæдзиуыл æрхылы-мы- лы уæ бон нæу, уæ куыст мæн куы скодтат! — фæтъæнг кодта Муссæ йæ мадыл. — Мæрдтæй хъауджыдæр не ’стæм, рынчын зæрæд- тæ иикуы федтай? — уайдзæф кодта ныййарæг йæ фыртæн, фæлæ йын Муссæ йæ ныхæстæ ницæмæ æр- дардта æмæ афардæг уынджы уырдыгмæ. Хъæуæй куы ахызт, уæд йæ фæндаг доны былтыл дæлæрдæм дардта. Дон цыди змæстæй. Кæцæйдæр арф уынгæг кæмттæй гуылфгæнгæ бырста ацы быдырты дард денджызмæ. Муссæйыл цыди ссæдз азы, фæлæ уыди сывæлло- нау æнæмæт, йæ армы тымбыл, лæгъз дуртæ æмбырд кодта æмæ сæ донмæ зыввыттыл схæцыд. Иу цалдæр раны доны был дæр фæбадти, зарыд æхситтæй, стæй та-иу уæнгуагъдæй дарддæр арасти. Доны былæй гыц- цыл æддæдæр нæууыл хъилæй лæууыд, бур хъуына кæ- уыл схæцыд, ахæм егъау дур. Муссæ схызти дуры сæр- мæ. Сбадти йыл. Кæй зæрдæ нæ барухс уыдаид уалдзæ- джы комулæфтæй, доны былгæрæтты хæрис бæлæсты уро къуыпайæ, дардæй цъæх-цъæхид цы фæззы- гæндтæ дардтой, уыдоиæй! Доны фаллаг фарс дæр- гъæй-дæргъмæ колхозы фермæтæ. Кæцæйдæр æнæ- рынцойæ гуыр-гуыр кæнынц трактортæ. Зæххы риуыл алыран гуыры, æхсиды цард, алцы дæр тырны хурмæ. Фæлæ Муссæйы зæрдæмæ уыдæттæй ницы хъард- та; йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыдысты, цыма ар- вæй æрхаудта æмæ никæуыл æрвæссыд, уыйау уыди йæ бакаст дæр. Муссæйы хъустыл ауади адæймаджы хуыфын, фа- роны хус сыфтæрты сыбар-сыбур, æмæ къæцæлты къæрццытæ. Фыццаг фæкаст, дуры рæзты цы къахфæн- даг цыд, уымæ, стæй фæндаджы æдде цы пыхсбын уыд, уырдæм. Муссæ ауыдта: къутæрты æхсæнты комкоммæ æрбацæйцыд урсбоцъо, схъæлрихи, асæй рæстæмбис зæронд лæг. Йæ сæрыл сау нымæтхуд, йæ уæлæ бур бæзджып хъуымацæй уæрæх хæдон æмæ хæлаф, къæхтыл æфсæддон фидар цырыхъхытæ. Лæдзæг йæ къухы. 4 Адæмы æмрæнхъ 49
Уый уыди Муссæйы сыхаг Гагкаты ДЪдти. Иæ иу бакастыл дæр бæрæг уыд йæ заманы фæсте кæй никуы æрлæууыд, лæгдзинадæй хъуаг кæй нæ уыди. Муссæ йæ куы федта, уæд йæхи æндæрырдæм кæсæг скодта, цыма никæй уыны, фæлæ Додти куыддæр йæ размæ æрбахæццæ, афтæ схуыфыд, комкоммæ бакаст лæп- пумæ. — Кæцæй та ферттывтай, мæ сыхаг! Куыникуыуал дæ федтон æрæджыты а бæсты æмгæрон, — сдзырдта хъæрæй Додти. — Куыдтæ дæ, цы хæхты, цы бæсты та тахтæ уынæг? — хъазгæмхасæнты Муссæйы уæхск ба- уыгъта Додти æмæ йæ фарсмæ æрбадти. — Ме ’уæнгтæ хыссæйæ уæлдай кæрæдзиуыл нæ хæцынц, мæ сæр зилы. Æртæ боны дæргъы Елхоты уыдтæн. Замманай чындзæхсæв æмæ номæвæрæн куывды дзы мæ бырынкъ скъуырдтон. Сæн, арахъхъ карчы фыд, уæлибæх — къубалмæ, ацардтæн та, — цыма йæ кæстæримæ дзырдта, уыйау æнæфсæрмæй ралæхурдта, йæ сæр размæ уæзгæнгæ, Муссæ. Муссæ йæ дзыппæй тамако систа, йæ дзыхы йæ бацавта. Йæ дзыппы спичкæтæ агуырдта æмæ йæм куы- иæ разынд, уæд æнæфсарм зæронд лæгæй бацагуырдта. «Цытæ рахъомыл вæййы дунейыл», — ахъуыды кодта йæхинымæр Додти, фæлæ йын уæддæр спич- кæтæ радта, стæй йæм мæстæйсудзгæ æдзынæг нык- касти. Æмæ куыннæ? Додти Муссæйы зоны цы бон райгуырд, уæдæй нырмæ. Зоны йын йæ дæргъ дæр æмæ йæ уæрх дæр. Иæ ныййарджытæн уыдис иунæг æмæ фырбуцхастæй скъулыбадæг. Мад æмæ фыд куыд зæ- ронд кодтой, афтæ сæ коммæ нал каст. Стæй йæ фыд рынчын хаста, арæх йæ сæрæн ше уыд. Лæппуйы æр- выстой скъоламæ. Архайдтой йæ сахуыр кæныныл, фæ- лæ оцани бæхау йæ къæхтæ ныццавта. Цыдæр ма- дзæлттæй æвдæм къласы онг фæцыд, стæй йæ ныууагъ- та. Фæцайдагъ тамакойыл, къамæй хъазыныл, арахъхъ нуазыпыл, бон-изæрмæ уынгты хъеллау кодта. Куыст- мæ не ’ртасыд, схъæластæуæй баззад. Уый хыгъд хуын- дзауы сæр кæдæм бахъæуы, науæд чындзхæссæг, хъаз- ты хъæр кæм фехъуысы, арахъхъы смаг йæ былтыл чердыгæй æрбаидзæвы, уырдæм æй арвы цæхæр дæр • нæ бауромдзæн. Хæдзары цы ачры, уый æввонгæй хæры, 50
давы. Тызмæг, æнæуаг дзыхæй дзуры йе ’схæссæг ный- йарджытæм. Æфсадмæ дæр æй нæ акодтой. Зæронд мад æмæ фыдæн иунæг хъæбул у, сæ ныфс, се ’скаст. Æфсæддон хицæуттæ цæмæй зыдтой, йæ мад, йæ фыды уд стæнæг кодта, рæмпæгау сæ цармы балæсти, уый. Дыгай-æр- тыгай мæйтæ кæм фесæфы, уый ничи фæзоны. Куы за- воды февзæры, куы дыргъдонгæстимæ алæууы. Стæй та кæцæйдæр гæбæр рувасау фæзыны. Фæззæджы сæ дыргъбæлæстæй дæс голладжы фæт- къуы æртыдтой. Уый сæ кæдæмдæр уæймæ аласта. Мад æмæ фыд æнхъæлмæ кастысты. Никуыуал уыд йæ кой- йæ хъæр. Фæлæ уæддæр иузаман фæзынд, хус арм, афтид дзыппæй. Зæрæдтæ сæхиуыл æнæмард æрдиаг фæкодтой, хостой сæ уæрджытæ. Куы йып ской код- той «нæ фæллой цы фесты», уæд сыл сæлхæрау ныцъ- цъæхахст ласта: «Æнцад куыиæ уат, уæд уæ цептрал- кæйæ ныффу кæндзынæн». Ныр уалдзæг у. Алчи куыстыл æрлæууыд. Муссæмæ уыцы хабар нæ хъуысы. Уынгты зилы, хъæуи-хъæу зи- лы авдæнбæттæнтыл. Æмбисбонмæ не ’сты йæ хуыссæ- нæй. — Куыд у дæ хъуыддаг, бынаты нæма ныллæууыд- тæ? — афарста йæ æрæджиау Додти. — Æмæ ацы ран цы куыст ис? Стæй адæймаджы хуызæн адæймаг хъуамæ ам фæлæууа, ацы фæстæзад талынг къуымы арвита йæ цард? — цыма йын йæ рай- гуырæн хъæу æцæгæлон уыд, ахæм хуызы дзуапп радта лæппу. — Цæмæн афтæ зæгъыс? — Амы цард ницы у. Цард æддейы ис, сымах та кæрæдзийы хъуынхъис хæрут, сæрыстырæй загъта Муссæ. — Фегæр æй кодтай. Ау, иу дæ хуызæн не ’хсæн нæй. — Ныууадз, дæ хорзæхæй, ай хæдмæл цард у, исче- рдæм та хи айсын хъæуы. Лæг — сынт, бæстæ — хо- лы, — дзырдта уыцы иухуызонæй Муссæ. — Уæддæр дæ хъавд кæдæм у? — хынцфарст та йæ райдыдта зæронд лæг. — Дæлæ нæузæххытæм кусынмæ æрвитынц æмæ 51
кæд раздæр фæндаггаг иу-дыууæ мины радтой, уæд Казахстаны батæлфдзынæн, стæй та бæрæг уыдзæн, — йæ фæнд схъæр кодта Муссæ æмæ йæ сахатмæ æркас- ти, цыма искуыдæм æрæджы кодта, уыйау. Додти йæ сæр додойгæнæгау банкъуыста. Хъæрзæгау ныуулæ- фыд. Зæронд фемдзасти лæппуйы цæсгомы æнæуаг ахастмæ. «Ахæм æнæгъдау, хæлд адæймæгтæ уæгъдибарæй кæй хъеллау кæнынц, уый мах аххос у, адæмæн се ’ппæты аххос. Ахæмтæн сæ бар сæхи куы ауадзай, уæд ноджы фыддæр кæнынц. Ныууигъын æй хъæуы. йæ хæрам зондыл ын арт бандзарын æмбæлы. Ныууигъын æй хъæуы! Уæд лæг ма фæхуинон... Æндæр ницы- уал бакусдзынæн», — афтæ сфæнд кодта урсзачъе зæ,- ронд. — Æмæ’ уæд дæ зæронд мады æмæ фыды та кæмæн уадзыс? Мæнæн! Уæвгæ сын цы æххуыс дæ, маст, зæр- дæниз йедтæмæ. Куынæ дæ уыной, уæд сын æнцондæр уыдзæн, — йæ къух ауыгъта Додти. — Уый та куыд! Хистæр дæ æмæ дæ кад хъахъ- хъæнын зон, цæмæн дæ бахъуыди дзæгъæл иыхасы сæр! — хылмондаг уасæгау йæхи фæпыхцыл кодта Муссæ. — Куыд дзæгъæл ныхас у? Магуса дæ, хуыскъас- тæу, дæхи раппар-баппар кæныс, кæм нæ балæууыс, цы куысты нæ февзæрыс æмæ дæ кæцæй иæ ратард- той, ахæм ран ма дын баззади! — йæ зæрдæйы уидæг- тæ йын бацагайдта Додти. Муссæмæ афтæ æргом никуыма ничи бауæндыд æмæ раздæр куыддæр хæлиудзыхæй аззад. Стæй йыл цыма исчи цæхæр бакалдта, уыйау пиллон суагъта, йæ сурхид акалд, цывзыйау цæсгом фæсхъусты онг асырхи, адæнгæл. Загъд кæныныл схæцыд, лæгмæ йæ цæстытæ тугдзых хъæрццыгъайау фæдзагъул кодта, алывыд калынмæ йын фæци. «Мæнæн зонд амонын нæ хъæуы, алчи уæ йæхицæн зонæд, кæд дæм искуы кæр- дзынгур бацæуон!..» Хъæр кæныныл схæцыд, стæй сцæйстади, лидзынмæ хъавыд. Фæлæ йын Додти йæ фæдджийыл фæхæцыд. йæ цæст æриыкъуылдта, хин ,худт бакодта. 52
— Æрбад, æнæбадт байрагау схъиудтытæ цьг сис- тай! Муссæ фæстæмæ йæхи æруагъта, фæлæ йæ маст уæддæр нæ цыди. Тамако спъæртт-спъæртт кодта. Додти йæ ныхас дарддæр кодта: — Ныр дæ мæхицæн исты агурын, афтæ дын зæ- гъын — хæдон мын балхæн, кæнæ куырæттаг? — фæл- мæн сдзырдта Додти æрæджиау. — Загъд къахыс æмæ мæм мауал дзур, кæннод...— куыддæр йæхинымæр базмæлыд Муссæ. — Æз дæ карæнæй хæдзар дардтон, мингай фыс- тæ-иу хызтон, æххуырсты цыдтæн. Ссæдзаздзыдæй та Германы хæстмæ бахаудтæн. Цыппар азы фæхæцыд- тæн, уæллæгъи, цыппар азы... Дæ фыдкой куы фæкæ- нынц уынгты, быдырты, æмбырдты, уæд мын хъыг вæй- йы. Де ’нгуылдзыйас хъару кæмæ нæй, уыдон дæр дыл худынц. Иубон газеты дæ ныв федтай? Дзæбæх дæ ра- уагътой уæлгоммæ хуысгæйæ. Дæ нывæрзæн арахъхъы боцкъа, дæ къухты къамтæ, бындзытæ дыл дзыгуыр кæнынц. Дæ быны дын цы ныффыстой. «Муссæйы скъо- ла». Адæймаг хъуамæ йæ ном афтæ дæллоз макуы æруадза, — дзырдта сабыргай Додти. Муссæ ныссабыр, ныфсæрмы. Афтæ æнхъæлдта, æмæ йæ газеты кæй рауагътой, уый Додти нæ зоны, ома зæронд лæг ахæмтæн цы æмбары æмæ ныр хорзау нал фæци. Муссæ Казахстанмæ цæуын куы загъта, уæд æй Додти бамбæрста. Фæндаггаг æхца йæ къухы куы баф- та, уæд цæугæ акæндзæн, рацу-бацуйыл фæлтæрд у, фæлæ куыстæй йæхи афæливдзæн. Æмæ йын уымæ гæс- гæ загъта: — Æмæ кæд нæузæххытæ кусын мондаг дæ, уæд дзы ам, нæхимæ гыццыл ис! Дæ хъару æмæ дæхæдæг. — Цæй нæузæххытæ ис ам, — ату кодта Муссæ. — Стæй мын ам æхца чи ратдзæн. Додти йæ бынатæй сыстад, йæхи аивæзта. Дуры ра- зæй фæндагмæ рахызт. йе ’ргом уæлæрдæм сарæзта. Æдзынæг кæсы рæгътæм... Рæгътыл цъæх-цъæхид хъæ- ды тæлм. Хъæды бынæй суанг доны былмæ айтынги дæс æмæ ссæдз гектары бæрц зæхх. Ам кæддæр зади хъæд, фæлæ йæ фæрæт сихсийын кодта. Уый бæрæг у, 53
цы бирæ бындзæфхæдтæ дзы ба’ззад, уымæй. Зæххы риу бацахстой лыстæг цъыхыры къутæртæ, донхæрис, тырты, иымæткъуы, какон сындз. — Цом, ацы пыхсбынты атезгъо кæнæм. Уалдзæг у æмæ æрдзы дзæбæх тæфæй аулæфæм, — бахудти зæ- ронд зæрдæхæларæй æмæ Муссæйыл схæцыд. Лæппу фæкъæмдзæстыг. Стæй сыстад æмæ йемæ араст, кæд æй тынг нæ фæндыд, уæддæр. Иуцасдæр ауадысты æмæ иу лæнкауы æрлæууыдысты. — Кæс-ма, кæс, цы саумæр сыджыт у, раст фа- джысджын хуымы хуызæн, — Додти йæ армытъæпæ- ны сыджыт систа æмæ йæ Муссæмæ равдыста. Лæппу ницы сдзырдта. Куыдфæнды хуызæй бакаст лæгмæ ома, сыджыт никуы фенди, дæ зонд фæцыд æви цы, зæгъгæ. — Куыд фæлмæн æмæ хæмпус мæр у? >Къах дзы кæй онг ныхсы, дарддæр йæ ныхас кодта Додти. — Кæд дæ нæузæххытæ кусын фæнды æмæ сæм дæ ныфс хæс- сыс, уæд мæнæ дæ цæстыты раз куы сты. — Цытæ дзурыс, нæузæхх ахæм вæййы? — æнæ- рвæссонæй ныххудти лæппу. — Уæдæ йæ цы æнхъæлдтай, хæдхæргæ йæ хоныс? — Уый мæнæ афтид хъуырауы дæ цонг куы нытъ- тъыссай, уый хуызæн у. Цы дзы рауайдзæн? Лæг дзы уыргæфтыд фæуыдзæн фыргуыстæй. Уæд нæ фыдæлтæ сæлхæр уыдысты, уыдон æм цæуылнæ бавнæлдтой, — йæ къух ауыгъта Муссæ. — Афтæ æнхъæлыс æмæ никæйы хъуыдыйы æрæф- тыд ацы хъуыддаг. Æз æй ай размæколхозы сæрда- ры хъусты бацагътон: пыхсбынæй, зæгъыи, спайда хъæуы. Æмæ мын куыд загъта уый зоныс: нæ иннæ быдыртыл, дам, куынæ æххæссæм, кусæг тых нæм фаг куы нæ ис, уæд, дам, ма уыдонæн та цы бакæнæм, — зæгъы Додти. Гъе афтæ сын бацайдагъ ныхас. Додти дзырдта, ахæм зæхх, дам, дзæгъæлы лæууынæн æвгъау у, нæ- дæр, дам, хизæнуат у, нæдæр хъæд, нæдæр уыгæрдæн. — Ехх, ацы æнæхæрд хъæдбын зæхх рагон заман- тæй фæстæмæ цæхæрцæст гуырды фæзындмæ æихъæл- мæ кæсы, цард æм чи æрхæсса, йæ царм ын чи фæзы- гъуыммæ кæна. Куыд арфæйаг уаид уыцы гуырд, ацы 54
зæхх йæ мæрдон фынæйæ чи æрыхъал кæнид, æрмае- рины дæргъæн æфсир дзы чи æрзайын кæнид,—дзырд- та зæронд лæг æмæ йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой. Додти Муссæмæ касти. Уый ницы дзуапп лæвæрдта. Цавæрдæр æбæрæг хъуыдыты афардæг. Йæ цæстæнгае- иу куы иуырдæм сарæзта, куы иннæрдæм. — Цæй æз æмæ йæм ды бавналæм. Колхозæй ма- шинæ ракурдзыстæм. Зæронд дæн, фæлæ кæд дæ фæр- цы де ’мхæст акæнин, — ныфсджыпæй Додти фæрсæ- джы каст бакодта лæппумæ. Уыцы ныхæстæм Муссæ фестъæлфæгау кодта æмæ куыддæр сæрæнхуызæй йæ фарсмæ цæуæгмæ бакасти. Додти æмæ Муссæ хъæуырдæм куы раздæхтысты, уæддæр зæронд йæ ныхас нæма фæци. Муссæ йæ’м æдзынæг хъуыста. Цыма дунейы æфсарм йе ’уæхсчы- тыл æрынцад, уыйау ныггуыбыр. Уыцы бонæй фæстæмæ Додти уæгъд нал уагъта Муссæйы. Цыди сæ хæдзармæ, хъуыддаг бамбæрстой зæронд ныййарджытæ дæр. Æмæ сын æхсызгон уыди. Додти лæппуйæн куы лæгъстæ кодта, куы уайдзæф. Муссæ ныууагъта йе ’знæт ныхæстæ. Фæлæ искæй ком- мæ бакæсдзæн, уый зын бамбарæн уыд, уымæн йæ дзы- хæй иу дзырд нал хаудта. 2 Куыддæр хуры тынтæ хъæуыл æрбандзæвыдысты, афтæ йæ хуыссæнæй рабадт Муссæ. Скодта йæ дзау- мæттæ, йæхи ныхсадта. Ацымдта ног дыгъд хъарм æх- сыр. Дуармæ рахызт. Лыстæг æркаст йæ дарæсмæ: куринаг чызгау йæхи дзæбæх æрцарæзта. Уыцы афон уынгты адæм тындзыдтой быдырмæ. Кæмæп йæ къухы бел, кæмæн чыргъæд. Бричкæтæ къуыр-къуыргæнгæ быдырмæ аивгъуыдтой. Сæууон уæлдæфы хъуысы, азæ- лы мингай цины мыртæ. — Тæхудиаг фæуат, йæ цот дæр нывыл кæмæн фæ- вæййынц. Адæммæ цы диссаджы хорз лæппутæ ра- хъомыл, фырхæлæгæй сæм мæ цæсты фиутæ тайынц. Уæд та куынæ райгуырдаис, уæд мын алчи тæригъæд кодтаид, æвæд у, зæгъгæ. Цымæ та чердæм сæрысæфт кæныс, кæцырдыгæй та дæ былтыл ауад холыйы 55
смаг? — хъæрзгæ, хуыфгæ æрбахызт, фæсхæдзарырды- гаей Муссæйы зæронд фыд, йæ фыртимæ загъдгæнгæ.- Муссæйы дзыхæй ацы хатт йæ фыдмæ сыбыртт нæ сирвæзти. йæхимидæг базмæлыд, стæй æфсæрмхуызæй уынджырдæм рарасти. Кулдуары раз æрлæууыд. Кæсы æмæ уæлæсыхырдыгæй æрзынд Додти. Тындзы... Мус- сæ базыдта, зæронд лæг сæумæйæ уымæ кæй æрцæуы, уый. Дысон ын талынгæй загъта: райсом раджы трак- тор рæвдз уыдзæн æмæ дын æнæ рацæугæ нæй, мæ урс сæрыхилтæй мыи уæддæр фефсæрмы у, хъæуы æндæр уæгъдибар адæймаг иæй, чи мын феххуыс кæна? Мус- сæ ракæ-бакæйæ дарддæр ницы дзуапп радта. Уый- хыгъд æнæхуыссæг фæци. Дысон’ ын цыдæр йæ хуыс- сæг фæсырдта. Цыма йын хæдзары къултæ фæйнæрды- гæй афтæ дзырдтой: «Макуыдæмуал фæцу. Дзæгъæл нæ мауал ныууадз, кæннод дæ фæстæ ниугæйæ базза- йæм». Ноджы йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Додтийы уай- дзæфтæ: «Дæ зæронд мад æмæ фыды мæпæн уадзыс?» Уыцы хъуыды йæ зæрдæйы арфæй-арфдæр цыди. Ныр ноджы йæ фыды уайдзæфтæ йæ хъустыл куы ауады- сты, уæд цыма йæ зæрдæ ихы къæртт уыд æмæ тайын- мæ фæци, афтæ йæм фæкаст. Иннæ бонтау æм йæ цæс- гом фæстæмæ тызмæг сдзурын нал бахъæцыд. Додти йæ цурмæ куыд æввахсдæр кодта, афтæ Муссæйы сур- хид калди, ныфсæрмы. — Цæй, цом, далæ тракторист махмæ æнхъæлмæ кæсы, знон-изæрмæ йын лæгъстæ кæнын, — баййард- та зæронд лæг лæппуйы. Муссæ ма сдзурынмæ хъавыд: «Цы хæйрæг дæ мæ- ныл бафтыдта, кæд кусыс, уæд бакус, мæ хъуыддаг дæ цы ис?» — фæлæ йæ къухы нал бафтыд. Цыма йæ исчи размæ фесхуыста, уыйау Додтийы фæстæ æнæба- ры арасти. 3 Тракторы уынæр райхъуысти пыхсбынæй. Быдыры æнцойад фехæлд. Цъыхырыцæгъдæн, уидагæппарæн трактор йæ разæй ахæссы, цæуылдæриддæр андзæвы, уыдон. Æнусты дæргъы ацы зæххы риу цы æнæсæр- 56
фат зайæгойтæ бацахстой, уыдонæн фыдызнагау скъуы- ны сæ цард, ласы сын сæ уд. — Кæсыс, нырыккон техникæ цытæ кæны, адæйма- гæн цы митæ æнтысы? — дзырдта Додти Муссæйæн. Додти касти, трактор цы æрыгон лæппу скъæрдта, уымæ. Уый йæ машинæимæ хъæбатыр тохы бацыд, тыз- мæг хъæддаг æрдз ацы зæххы риуыл цы фыдфæлгонц- тæ сфæлдыста, уыдоны ныхмæ. Додти йæ мидбылты бахудт, афтæ йæм касти, цыма аргъуаны уæйгуытæй кæцыдæр райхъал æмæ быдыры царм фырмæстæй стигъы, лæджы æмбæрц къуындзих- ты сæ бындзарæй рæдувы. — Уыныс, ацы тракторист дæуæй кæстæр у, фæлæ йын цы февнæлд, цы уæигты ахаст ис, — Муссæйы уæхск æрхоста зæронд лæг. — Уомæ цæй, цы кусæм, афтæ лæудзыстæм,—тыхст- хуызæй сдзырдта Муссæ, иугæр та йæ зæронд куы фелхыскъ кодта, ацы тракторист дæуæй кæстæр у, зæгъ- гæ, уæд. — Цыдæриддæр трактор лыг кæны, уыдоныл хъæ- уы арт æндзарын, — загъта Додти. Дыууæйæ дæр бавнæлдтой. Пыхс æмбырд кодтой, æндзæрстой йыл арт. Муссæ хъæбысы дзаггай хаста тыртытæ, дурвæткъуы бæлæстæ, пыхс, дæргъæй-дæргъ- мæ уидæгтæ. Артыл сæ-иу бакалдта, сæ цæхх-цæхх-иу ссыд, арты æвзæгтæ сæхи бæрзонд истой. Муссæмæ цыдæр æхсызгон фæкасти уыцы хъуыддаг, хæмпæл-иу зынджы амæддаг куы фæци, уæд-иу цымыдис сывæл- лонау бахудти. Уайтагъд та-иу ауади, æрбамбырд-иу кодта æнæхъæн æргъом æмæ та-иу æй цæхæрыл æрæп- пæрста. — Молодец, хуыцауыстæн, тынг арæхсыс, кæд ба- фæлладтæ, уæд бадгæ дæр æркæн, — æппæлыд Дод- ти йе ’мгусæгæй. Муссæ-иу тамако дымыныл лæугæйæ чысыл афæс- тиат, стæй та-иу ногæй фæцырди кусынмæ. Аулæфын æм бæргæ цыди, фæлæ йæм йæ фæллад равдисын хардзау касти. Додти дæр архайы æнæрын- цойæ. Пыхсытæ калдта артыл, иу ранмæ æмбырд кодта дуртæ. Ау, уæдæ, ахæм æрыгон лæппу зæронды цур йæ дæрмæ бадын хæссы? 57
Фæлæ нæ, кæд Муссæ йæхи афтæ дардта, цыма йыл куыст æппындæр нæ уæз кæны, уæддæр изæры- рдæм бафæллад. Стæппæлттæ сты йæ къухтæ. Йæ уырзтæ сындзæй байдзаг сты, йæ ныхбынтæй туг хъард- та. Спыхцылтæ сты йæ сæрыхилтæ. Хид калди йæ къæмисæнтæй, счъизи, срыг. Муссæ æнæдзургæйæ доны былмæ афардæг. Ныц- цагъта йæ дзаумæтты рыг, ныхсадта йæ къæхтæ, йæ цæсгом; ссыгъта тамако æмæ æрбадти. Додти бамбæрста хабар. Муссæ хивæнд у. Бафæл- лад. Сдзырд æм нæй. Кусыныл ма йæ куы дома, уæд тас у, куы йын фæтæргай уа, куы алидза, кæнæ дзы хыл куы ракъаха, уымæй. Додти дæр иыууагъта арт æндза- рын. Муссæйы цурмæ æрбацыд, йæхи цæхсадта. — Исчи йæхи афтæ фæлмæцын кæны, цал хатты дын загътон баулæф, райсом дæ афтæ тыхархайд нал бауадздзынæн, сабыргай кæнын хъæуы алцыдæр, — рæвдауæн ныхас кодта зæронд, фæллад лæппуйы тыз- мæг цæстытæм кæсгæйæ. — Мæ къухтæ куынæ стæппæлттæ уыдаиккой, уæд ахæм куыстытæ хъуыды дæр не ’ркодтаин, — сæрысты- рæй дзуапп радта Муссæ, кæд æгасæй бастади, уæд- дæр. Афтæ куыста Муссæ алы бон дæр. Къуыримæ æнæхъæн быдыр асыгъдæг кодтой. Стæй йыл ауагътой трактор æмæ дзы нартхор байтыдтой. 4 Хуыцаубон. Æртæ къуырийæ фылдæр рацыд, Мус- сæитæ сæ хуым куы байтыдтой, уæдæй нырмæ. — Цом-ма иæ иартхорырдæм ныззилæм, æркæсæм æм, кæддæра нæ фыдæбоиæй цы рауад, — бакой кодта Додти. Лæппу уæлдай ницы сдзырдта. Арасти йæ урс- боцъо æмбалимæ. Цыдысты доны былты. Цъæх-цъæ- хид ногдзыд кæрдæджы тæф былтыл æхсызгонæй æидзæвыди. Дурты æхсæнты доп ерысæй йæ комы- фынккалгæ тындзыдта. Хуры зæлдаг тынтæ фæзты, быдырты тыдтой цард. Хор æмæ кæрдæг хæрдмæ быр- стой. Нæ фæдзæгъæли Додти æмæ Муссæйы хъиамæт ’дæр. Куыддæр сæ хуыммæ баввахс сты, афтæ сæ зæр- 58
дæтæ сгуыпп-гуыпп кодтой. Цыма йын фæдæлдзæхæй тарстысты, уыйау дзы сæ цæстытæ нал истой. Уый раз- мæ бонты диссаджы фæлмæн къæвдатæ рауарыд. Со- йау ахъардта сыджыты, бафæлмæн. Гъеуымæ гæсгæ хуымы иунæг нартхоры гага дæр нæ фæмæпг и. Æрæ- джы дæр ма хæмпæл æмæ тыртыйы бын цы зæхх лæу- уыди, уый ныр æмгуыппæй сæвзæрди, тарбынцъæх æв- зар суагъта, раст давоны сыфы хуызæн. Дыууæ лæджы зылдысты конд хуымы. Додти-иу арæх фæгуыбыр код- та. Нартхоры æвзартыл-иу йæ арм асæрфта, цыма йæ хъæбултæ уыдысты æмæ сыл узæлгæ кодта, уыйау. — Æллах, кæс-ма, далæ нын нæ хуым кæйдæр фос куыд сафынц! — фæхъæр кодта лæппу æмæ Додтийæн ацамыдта къухæй, æрхырдыгæй хуыммæ фос кæй æр- баирвæзтысты, уый. — Тæхгæ, бабын нæ чынди! Муссæ азгъордта. Йæ гæппыл цæст нæ хæцыди. Уайтагъд фысты æмæ сæгъты цур февзæрди. Цъæхснаг уисæй сыл ралæууыд. йæ хъæр райхъуыст, алывыд ка- лынмæ фæци... — Маргæ дзы макæй акæн, мауал сæ цæв!—лæгъс- тæмæ фæци Додти, йæ цурмæ куы ныххæццæ, уæд. — Дæлæ ма, куыдзы хъæвдын, сæ фиййау кæм ныффынæй! — фемдзасти Муссæ, æрхæн фале цъæх- нæууыл, бæласы бын чи бафынæй, уыцы лæгмæ. Уый уыдис сыхаг хъæуы фиййау. Афынæй æмæ йæ фыстæ радзæгъæл сты. Муссæ йæм базгъордта æмæ йыл фæхъæр кодта. Фиййау уыд цыбыргомау ацæргæ сау лæг. Фесхъиуд- та, йæ цæстытæ аууæрста. Фестади. «Цы хабар у,-цы æрцыд?» — Фен-ма, ныр, куыд нын фесæфтой дæ фос нæ нартхор? — йæ æфцæгготмæ йын фæлæбурдта Муссæ, йæ хъæлæсы йæ загъдгæнгæ рахаста, хуымы йæ æрба- лæууын кодта. Фиййау ныффæлурс. Йæ къухæй ахауд- та йæ лæдзæг. Æвзары къубал тынд кæм уыд, уырдæм Муссæ мæстæйдзагæй амыдта. — Куыддæр афынæй дæн, бафиддзынæн уын сæ!— лæгъстæмæ фæци фиййау, лæппуйы афтæ мæстыйæ куы федта, уæд. 59
— Уалдзæджы дæргъы ам мæ хид калдтон, мæ ных- бынты туг дзы мызти, æмæ йæ ныр æввонгæй ды хъуа- мæ фесафай! — сдзырдта та тагъд-тагъд лæппу æмæ фиййаумæ бавзыста, искуы ма дæ куы æрыййафон, уæд дæ хабар хорз нæ рауайдзæн, зæгъгæ. Муссæ æрхырдæм куыд каст, афтæ Додти йæхиуыл аивæй дзуæрттæ æфтауынмæ фæци — «Табу хуыцауæн, йæ фынæйæ райхъал, лæджы фыдæбон æмæ фæллойæн аргъ кæнын райдыдта». Додти йе ’мбалы æрсабыр кодта. Амыдта йын, ахæм æнæуаг æвзагæй дзурын кæй не ’мбæлы, стæй адæйма- гæн гуымиры митæ кæнын раст нæу, сабыр, рæстзæр- дæйæ хуыздæр ницы ис, зæгъгæ. — Нæ колхозы зæххытæй афтæ никæцы фесгуыхт. Инназ нын ацы зæхх æгасæй дæр бакæнын хъæуы, дзæгъæлы сæфтæн æвгъау у, — дзырдта Додти, зæх- хæй ма æнæкондæй чи баззад, уымæ амонгæйæ. — Ныр та кæнгæ кæй бакодтам, уый дзæгъæл уадзæн нæй. — Ома куыд? — афарста Муссæ. — Куыд, хъахъхъæнын æй хъæуы... фæлæ йæ чи бауæнддзæн, хъæды хъæбыс у æмæ лæджы æхсæвыгон сырдтæ бахæрдзысты; — къахæн хуызы йæ уæхсчытæ кæрæдзимæ æрбалхъывта лæг. Муссæ мидбылты бахудти æмæ бакаст Додтимæ. Æмæ кæд худгæ бакодта, уæддæр ын фæхъыг, Додти йын тæппуд æнхъæл кæй уыди, уый. — Ау, лæгтæ не ’стæм, куыд нæ бахæрдзысты сырд- тæ? Уый нæ чи фехъуса, уый цы зæгъдзæн. Ныртæккæ уалæ хъæды хъилтæ ракæнæм æмæ нæхицæн халагъуд саразæм. Ам лæуу, æз фæрæттæ схæссон хъæуæй. — Муссæ азгъордта хъæумæ æмæ уайтагъд æрдавта цыргъ фæрæттæ. — Аразæм уæдæ нæхицæн халагъуд? — бахудт Додти. , — Аразæм! — æмæ чысыл фæстæдæр хъæдæй рай- хъуысти фæрæты къупп-къупп... Изæрмæ хуымы кæрон арæзт фæци халагъуд. — Кæсын æм нал хъæуы, рувинаг у нæ хуым, — загьта иу изæр Додти. — Культиватор нæ куынæ уа, уæд нæ стыр хъару 60
равдисын бахъæудзæн, — йæ сæр банкъуыста Муссæ, хуымыл йæ цæстæнгас ахæсгæйæ. «Стыр хъару равдисын нæ бахъæудзæн», ацы ны- хас Додтийæн тынг æхсызгон уыди. Ахæм хъуыдытæ сæвзæрдзæн ацы дзæгъæл хæтæг адæймаджы сæры, уый зыи бауырнæн уыд. Чи зоны йæ талынг хæлд зонд- мæ исчердыгæй хуры рухсы тын бахызти? Додти рацыди колхозы правленимæ, культиватор ракурынмæ. 5 Бон æрбацъæх æмæ бæстæ базмæлыд. Хъæдæй, донбылтæй мингай мæргъты уасын райхъуысти; хуры- скæсæнырдыгæй арвы риу сырх-сырхидæй дардмæ æрттивы: хуры тынтæ хуры развæд ныррухс кодтой. Цъæхнæууыл, бæрзонд хæрис бæласы бын, хъæм- пæй æмбæрзт халагъуд. Мидæгæй кæрæдзи комкоммæ дыууæ хуыссæны. Сæ иуыл хуыссы Додти, иннæуыл Муссæ. Рæбинаг цæджындзыл цуанон топп ауыгъд, гилдзытæ, бынæй ведра, аг, астæуæй фæйнæгæй арæзт зæхмæ фидаргонд стъол. йæ уæлæ хæринæгтæ. Муссæйы хъустыл ауади маторы гуыв-гуыв. Йæ мидбынаты фестъæлфыд. Рабадт, йæ цырыхъхъытæ йæ къæхтыл акодта. йæ сæр дуарæй радардта. Æрба- цæйцыд трактор æмæ чысыл фæстæдæр халагьуды раз æрбалæууыд. — Гъей, уæ райсом хорз! — худгæйæ йæ бадæнæй рагæпп ласта æрыгон тракторист. — Дысон хъæды æрдузы хуыссыдтæ, куыд раджы фæзындтæ? — хъазæнхуызæй йæм сдзырдта Муссæ, фæлæ йæм хорз иæ фæкаст, йæхи йын фынæйæ кæй баййæфта, уый. Уæдмæ сæм бацыд Додти дæр. Хъуыддаг æмбæрст- гонд уыд. Хуым рувынмæ правленийæ æрцыд трактор. йæ фæдыл культиватор баст. — Раст топпы фаты хуызæн æмраст рæнхъæй сагъд у æмæ йын цы зоныс, уый кæн, — загъта трактористæн Додти. Трактор æд культиватор хуымы уæйыгау абухгæ арасти. Æфсæн дзыргъатæ базмæстой, нартхоры рæн- хъыты æхсæнты цы уæгьд зæхх уыд, уый. 61
Муссæ æмæ Додти рахастой сæ къæпитæ, æрлæу- уыдысты фæйнæ рæнхъыл. Зæронд ныггуыбыр кодта. Æвналы, архайы сыджы- тимæ. Йæ къухты къæпи сцырын, йæ дзæхст-дзæхст •цыд. — К’æс, æмæ дын бацамонон, куыд рувын хъæуы, уый, — амонæджы хуызы бакаст лæппумæ. Муссæйæн йе ’мбалы ныхæстæ хъыггомау уыды- сты. — Æппындæр мын ницы æнхъæл дæ? Æви рувгæ никуы федтон? Уый тыххæй дæр академийы ахуыр кæиын хъæуы? Муссæ райдыдта кусын. Культиваторы æфсæн кæ- дæм нæ сарæхсти, уыцы рæтты æвзарты алыварс йæ къæпи ног чындзау бæстонæй зылди. Кæрдæджы мыг- гаг скъуыдта, фæйлыдта саумæр; нартхоры æвзартæ дзыгуыртæй цы раи сзадысты, уым сын-иу сæ фæрс- сæгты акъуырдта. Додти йе ’мгусæджы арæхстдзинад куы бафип- пайдта, уæд йæ ныхасыл фæфæсмон кодта. Дзæгъæлы Муссæйы бафхæрдта. Фæлтау дзы æппæлгæ ракæ æмæ дын алцыдæр бакæндзæн. Хур куыд уæлæмæ цыд, афтæ йæ тынтæ Муссæитæм ныккомкоммæ сты. Сæ фæстæ кæрдæг фæлвых кодта, сыгъди. Æмбисбонмæ æнтыстджынæй фæцархайдтой. Додти хатын байдыд- та, Муссæ тыхулæфт кæй кæны, уый æмæ арæх йæ къæпийы хъæды æнцой æрлæууы. Йæ хид кæлы, ныс- сырх, йæ армытъæпæнтыл фу-фу кæны, стæппæлттæ йыи сты. — Баулæфæм уал, стæй та изæрырдæм нæ хъару æмæ нæхæдæг, — арф ныуулæфыд зæронд æмæ хала- гъудмæ рараст. Муссæ цыма уыцы ныхасмæ рагæй æнхъæлмæ кас- ти, уыйау Додтийы фæстæ фæрасти. Цалдæр комдза- джы хæринаг акодта, дон анызта, стæй куыддæр хуыс- сæны йæхи бауагъта, афтæ тарффынæй баци. Бæрæг уыд тынг кæй бафæллад. Изæрмæ æввахс рауазали. Рувынæн æрæджиау хорз рæстæг скодта. Додти Муссæмæ бакаст. Иæ цæст- æй райхъал нæ бауарзта, уадз æмæ баулæфа, зæгъгæ. Æмæ куыстыл иунæгæй æрлæууыд. 62
Хур рæгъты фæсчъылдым æрныгъуылд. Æризæр. Æрбауазал. Муссæ фехъал, йе 'уæнгтæ ныйивæзта. Дуармæ ракасти. Додтийы рувгæ куы ауыдта, уæд феф- сæрмы. Йæ къæпийыл йæхи ныццавта. Фæлæ Дод- тийы цурмæ куыд фæцæйхæццæ кодта, афтæ уый (фæс- таг риуыгъд æркодта къæпийæ æмæ рарасти. йемæ раздæхти лæппу дæр. — Цæуылнæ мæ райхъал кодтай? — къæмдзæстыг- хуызæй бакасти Муссæ зæрондмæ. — Ды нырма æрыгон дæ, æгæр куы батыхсай, де уæнг куы фæрисса, уæд уый хорз пæу. Ас лæг куы уаис, уæд æндæр хабар у, — рæвдаугæ йып загъта зæронд. Уыцы хæлар, уарзæгой ныхæстæ Муссæйы зæрдæ- йыл афтæ æхсызгопæй сæмбæлдысты, æмæ йын цыма, Додтийæ хæстæгдæр адæймаг нæ уыд, уый йедтæмæ йæ ничи уарзта, стæй йын тæригъæд дæр уый йедтæ- мæ ничи кодта, афтæ йæм фæкаст. Фæлæ йын иннæрдыгæй та хъыг уыди, кæй йæ иæ райхъал кодта кусынмæ, йæ зæрдæ йыл кæй нæ дары, уый тыххæй. — Кæд кусæм, уæд иумæ. Искуы ма мæ фæстейы куы ныууадзай -æгуыдзæг хуызы, уæд æз хуым дыууæ дихы акæндзынæн, æмæ-иу дæ хайы тезгъо кæн. Фен- дзынæ, кæддæра дæуæй фæстæдæр баззаин, — æрт- хъирæнау загъта Муссæ. 6 Мæй йæ цалхыдзаг симы арвы астæу. йæ рухс тын- тæ тауы бæрзонд хæхтыл, æгомыг хъæдтыл, фæзтыл. Кусгæ бон раджы ахицæн; зæххыл алцыдæр æрсабыр. Никæй фæнды йæ тарффынæйæ фезмæлыы. Ничерды- гæй ис дымгæйы уддзæф. Цыдæр фæллад, фæсус хъæ- лæсæй хъуысы цæугæдоны уынæр. Нæ хуыссы æрмæст Муссæ. Халагъуды дуармæ бады æмæ æхсызгонæй фæлгæсы дунейыл, арвы цæхæрриу тыгъдыл. Додти мидæгæй фынæй у. Муссæйы зæрдыл æрбалæууыд, абон хуымы алывæрсты куы зылди, уæд хъæды тæккæ хъæбысы кæй федта хъуыдыды æфсиры хæрдтытæ, згъæлæнтæ. Цалдæр раны нартхор ныссæстæуыд. Уы- 63
цы хъуыддаг æрцыди дысон. Уый размæ дзы никуы ни- цæмæ бавнæлдæуыди. Цы уыдаид, цавæр знаггад? Ис- кæй хъуг æрбаирвæзтаид, кæнæ искæй сæгъ? Ау, æх- сæвыгон чи ныууагъта йæ фос дзæгъæл быдыры? Хорз нæу, ардыгæй тонын афонмæ знаггад куы фæцарæх уа, уæд. Цыма дзы аирвæздзæн, æмбис æй фæкæн- дзысты. Адæймаг æнæ аулæфгæ, æнæ афынæйæ дæр кæм фæвæййы? Афтæ сагъæстæгæнгæ Муссæйы хъустыл хъæдырды- гæй ауад хус къæцæлты къæрццытæ... Муссæ фестад. Байхъуыста. Æхсæв у æнцад. Хъæдрæбынырдыгæй та фæцыд цавæрдæр сыбар-сыбур. Муссæ йе ’мбалæн ни- цы загъта, афтæмæй бауад мидæмæ. йæ астæуыл хъа- тара æрбаста. Райста йæ топп æмæ æнæ сыбырттæй нартхоры хуымы дæлæмæ арасти, стæй хæрдмæ хъæды- рдæм фæзылд. Хъуызын райдыдта. Бæлæстæ æмæ хуым кæм баиу сты, уырдæм схæццæ. Æрбадти. Лæмбынæг хъусы. Иу афон фалдæрæй хъæллæгъты хыбар-хыбур фæцыд. Но- джыдæр хæстæгдæр бахъуызыд йæ къахфындзтыл. Мæйрухсы бæрæг дары алцы дæр. Æхсæвгæсы хъустыл уайы цъæм-цъæм. Цыдæр нартхор сæтты, хæры. Хæ- цæнгарз æргъæвдæй дары. Цы уа, стур? Æмæ стур фуд- тытæ фæкæны? Цы ми бачындæуа? Муссæ иу бæласы бынмæ балæууыд. Кæсы æмæ стыр куыдз хъуыдыды æвдæрзы. Муссæ хъуыды кæны: хъæуæй стонг куыдз фæцайдагъ, æмбæлттæ дæр ма йын куы фæуа, уæд фæллой хæлæттаг фæуыдзæн. Маргæ! Фæхъавыд. Гæрах! Æхсæвы æнцойад фе- хæлд... Ныннæрыд бæстæ. Уайтагъд богъ-богъ рай- хъуыст, æхсæвдзау хуыснæг ныууынæргъыдта. йæ фæс- таг къæхтыл фæлæууыд. Гæрах! Аау-ау-ауу... сыхъуыст та йæ уынæргъыы... Уый уыди арс! Кæцæй йæ æхста, уыцырдæм йæ ных куыд сарæзта цудтытæгæнгæ, афтæ Муссæ ногæй гилдз авæрдта топ- пы. Гæрах! гæрах! Рызтысты йæ къухтæ, йæ сурхид акалд. Арс ахауд, зæххы рафт-бафтыл сси... Уæдмæ дæлейæ халагъудæй райхъуысти топпы гæ- рæхтæ, Додтийы фæдис хъæр: «Цы хабар у? Цы, æр- ,цыд?» — æмæ уадидæгæн гæрзифтонгæй Муссæйы цур æрбалæууыд. 64
— Цы æхсыс æмбисæхсæв? Циу? — фарста тых- улæфтгæнгæ Додти. Муссæ фæтарст, тугдзых сырдимæ йæ тох бахъæу- дзæн, уый кæцæй зыдта... Бæласы æнцой слæууыд, арс зæххы йæ гæндзæхтæ куыд цагъта, уымæ тарстхуызæй касти. — Ардæм, ардæм, Додти! — фæдзырдта лæгмæ. Муссæ йе ’мбалæн хъуыддаг бамбарын кодта. — Сырдыл æууæнк нæй, ныммарын æй хъæуы æх- хæст, — æмæ йыл Додти дæр дæнг-дæнгæй ралæууыд. Арс нал стæлфыд. Ногæй ныссабыр бæстæ. Топпы хъæртæ æхсæвы фæлмы бамыр сты. 7 Хъæд æмæ кæрдæгæн сæ цъæх дарæс ныллæзæрд. Тæфсæгæй рынчынау бæстæ ныббури. Фæззæг! Фæззæг æрбавдыста йæхи, æрфысым кодта быдырты. Сæ хуы- мы раз лæууынц Додти æмæ Муссæ. Кæрæй-кæронмæ йыл фæлгæсынц. Нартхорæн йæ хъæд схус. Йæ сыф сбури. Алы зæнгыл дæр дыууæ-æртæ ставд æфсиры. Æфсиртæ бынмæ æруæз кодтой, зæххырдæм æргуыбыр сты. Уыцы рæстæджы фаллагфарсырдыгæй доны æрба- сæррæтт ласта рог машинæ. Куыддæр Додтииты размæ æрбахæццæ, афтæ æрлæууыд. Машинæйæ рахызти къæсхуыр бæрзонд лæг. Уый уыди колхозы сæрдар Хъамболат. Додтиитæн салам радта. Кæрæдзи афарс- той хабæрттæй. Бацайдагъ сын хъæлдзæг ныхас, сæ цæсгæмттæ уыдысты цинхуыз, худæндзаст, цыма æх- сызгон хъуыддагæй райгæ уыдысты, уыйау. — Цæй, æмæ уæ фыдæбонæй цы равзæрд, уымæ æркæсои, — бахудти сæрдар æмæ бæрзонд нартхоры бацыди. Æртыдта дыууæ егъау нартхоры æмæ загъта: — Куыд хорз хъуыддаг сарæзтат? Цæй дзæгъæлы сæфти пыхсы бын цард-цæрæнбонты ацы диссаджы зæхх! Куыд æвгъау уыд. Уæ æнæзæрдæхудт фæллой уын нæ ферох кæндзыстæм. — Мæнæ Муссæ, Муссæ, удуæлдай архайд æмæ ту- хæн уый фæкодта. Æз зæронд дæн, æрмæст ын хъузон æмбал уыдтæн, — Муссæмæ амонгæйæ, загъта Додти. 5 Адæмы æмрэенхъ 65
— Æмæ Муссæ æдых, æнæхъару у? Йæхи ауагъта, мæ йæ фæндыд кусын, уый йедтæмæ. Молодец, Муссæ, æгайтма дæм ахæм ныфс, ахæм хорз æрхъуыды ис! Адæймаг хъуамæ афтæтæ кæна, афтæтæ, — зæрдырайæ дзырдта Хъамболат лæппуйæн. Муссæ фефсæрмы. Ницы сдзырдта, йæ сæр дæлæмæ æруагъта æмæ Додтийы аууон балæууыд. Нартхор тонинаг у. Кæсын æм нал хъæуы. Хъам- болат зæрдæ бавæрдта райсом нартхор тонæн машинæ ам кæй уыдзæн сæумæцъæхæй. — Акæс-ма, цас зæххытæ сæфы нырма кусæджы фыдæй, — æрхæн æддейы цы лыстæг къутæрджын фæ- тæн зынди, уырдæм кæсгæйæ загъта Хъамболат. Лæппу зæрондмæ бакасти æмæ йæхицæй разы уæв- гæйæ загъта: — Додти мын кæд бакоммæ кæса, уæд уымæ дæр бавналдзыстæм, æз цæттæ дæн. Додти сæрдармæ йæ цæст æрныкъуылдта, ома кæ- сыс кæстæртæ мыл куыннæуал æууæндынц... 8 Сыкъаджын мæй тæнæг мигъты æхсæн ныгъуылд- тытæгæнгæ ленк кодта. Æрхуыссыны размæ Муссæ сфæнд кодта сæ хуымыл æрзилын. Додти куы бафы- нæй, уæд халагъудæй рацыд. Фемдзаст мæйы хъазæн митæм æмæ йæхинымæр цыдæр зарæг кæнгæ сабыргай цыди. Бахæццæ æрхы цурмæ æмæ æвиппайды тигъæй хус нартхоры сыфты сыбар-сыбур фæцыд. Ноджыдæр цæйдæр къæрцц фехъуыст. Муссæ йæ сæрæй йæ зæвæт- тæм ныддыз-дыз кодта. Кæд та арс у? — æмæ йæ топп сæввонг кодта. Сыбар-сыбур кæцæй райхъуыст, уыр- дæм оæввахс. Хъусы. Нартхæртты тындæуы. Лæппу хæстæгдæр бабырыд. Адæймаджы улæфын æм хъуысы. «Къæрных! Æхсæвæй-бонæй, хурæй-къæвдайæ цы фæллойыл удхар кæнæм, уый æввонгæй давы... Хатыр нæй, чи фæнды фест, уæддæр дын ауадзæн нæй, уæд лæппу ма уон!» — ахъуыды кодта æмæ йæ судзгæ маст йæ хъуырмæ схæццæ. Муссæ давæджы федта. Уый нартхор æртыдта’ æмæ ’æргуыбыр кодта. Муссæ йыл, хъæрццыгъайау, фæсте- 66
йы йæхи ныццавта. Цæстыфæныкъуылдмæ йын ацахс- та йæ цæнгтæ, фездыхта йын сæ йæ фæсонтырдæм. Къæрныхы дзыхæй сонт хъæр сирвæзт, йæхи арæдувы- ныл архайдта, хæрдмæ схъиудта. Фæстæмæ къахæй цавта, сæрæй тъæпп кодта, йæ уæхсчы сæрты размæ раппарынмæ хъавыд Муссæйы. Фæлæ хæрз дзæгъæлы. Муссæ йын йæ къухтæ йæ синтæм æрыздыхта... стæй йæ æрныуæрста йæ быны. — Чи дæ, цы агурыс ацы æнафоны ам? — ныттылд- та лæппу давæджы. Давæг ницы дзырдта. Æвæццæгæн аирвæзынмæ хъавыд, фæлæ йын амал куы не ’рцыд, уæд æнæбары йæ дзыхæй сирвæзт: ,— Æз дæн, суадз мæ... Мусоæ джихæй аззад. Уый уыд Алымбег. — Сыст, мæ разæй цæугæ æд голлаг милицæмæ!— схъæр ыл кодта Муссæ. — Дæ быны мæ куыд скодтай, худинаг дæм нæ к’æ- сы, дæхицæй не ’фсæрмы кæныс? Суадз, хынджылæг ма скъæр! — хионы дзырд кодта Алымбег. Алымбег уыди Муссæйы æмбал, бурдзалыг, дзыгъуыр лæппу. Æвзæрдæр цы ми, цы хъуыддаг уыд, уыдон уый кодта. Нуазы, къамæй хъазы, æфсæрм æмæ æгъдау цы сты, уый йæ хъуыдыйы дæр нæй. йæ удхæссæг у скъола. Магусайæ цæлуарзаг. Давы, цæуыл æмбæлы, гæиæн ын кæм фæвæййы, уым. Суанг ма сæ бинонты æвæ- рæнтæм дæр нæ фæлæууы. Фарон сæ сыхæгты хъазтæ радавта. Фæсахсæвæр сын хæмпæлы сæ къубæлттæ куыд рæмыгъта, афтæ йæ ацахстой. Афæдз фæбадти ахæстоны. Ныр та давы колхозы нартхор. Муссæмæ хуымæтæджы не ’сдзырд- та: «Суадз, хынджылæг ма скъæр». Муссæ æмæ Алым- бег кæрæдзи рагæй зонынц. Бирæ дзæгъæл хъеллау фæкодтой иумæ. Иу æмæ дыууæ хатты нæ адзæгъæл сты сæ гуыбыны фæдыл хъæуи-хъæу. — Мæ нартхор мын цæмæн давыс, исты йæ ды бакуыстай? — йæ раздæры æрдхорды тызмæгæй æр- фарста Муссæ. — Кæс-ма йæм, снартхорджыни! Исты дæу у, кол- хоз >æй аласдзæн æндæр, — куыдфæнды дзуапп радта хуыснæг. 67
— Мæн у, уæдæ кæй у! Ам мæ уырзты туг калди, уый зоныс. Ай размæ мæ арс куы аскъуыдтæ кодтаид, уæд мын ды исты фæуыдаис! Сæрддæргъы æнæхуыссæг дæн. Куы мæ хур судзы, куы мæ къæвда æмæ дымгæ хойынц. Дæу та ныр æввонгæй хъæуы? Нæ, нæ дын бантысдзæн, — æмæ Алымбеджы йæ уæрджытæй зæх- мæ æрæлхъывта. — Фæлæуу-ма, байхъус мæм, кæрæдзи фыццаг хатт уынæм? Æз дыл мæ зæрдæ куы дардтон. Уæлæ хъæу- бын иу усмæ арахъхъ уæййаг ис. Дыууæ путæн четверт арахъхъ дæтты. Голладжы дзагæй дыууæ четверты райсдзынæн æмæ сæ ам иумæ ныххуыфдзыстæм. Суадз- мæ, — сæргом кодта йæ балцы сæр давæг. — Кусгæ цæуылнæ кæныс, кусгæ? Зæхмæ æртасы- нæн дын афон нæма у? — смæсты ноджыдæр Муссæ, йæ сæр сæрмæ цы адæймаг фæхæссы, уый куыд фæ- мæсты кæны, афтæ. — Цæй ныууадз, стæй мын хъахъатæ кæн, кæдæй нырмæ скусаг дæ? Ацы зылды цы уæрм, цы кæркдон нæ басгæрстай, ахæм дын куынæуал аирвæзт. Алæ, иуырдæм! Абонæй фæстæмæ ды — дæхицæн, æз — мæхицæн! — иугæр æй зæхмæ куы æрылвæста Мусоæ, йæ риуы хæр-хæр куы ссыд, уæд тæргайы хуызы уай- дзæфтыл схæцыд Алымбег, сызмæлыд, йæхи феуæгъ- дыл архайдта. Стæй йæ Мусоæ уæддæр суагъта. Топп æм сарæз- та, афтæмæй йын загъта: — Сыст, дæ голлаг де ’ккойы скæн æмæ мæ разæй цæугæ. — Алымбегæн йæ зæрдæ барызти. Йæ хабар кæй сæвзæр, уый бамбæрста. йæ буар ихы къæрттау ауа- зал, мæйрухсмæ топп фехсын æввонгæй йæхимæ арæз- тæй куы ауыдта, уæд. «Додти мæ куы базона, æнæхатыр у, уæд та ногæй ахæстонмæ...» — скатай къæрных. Алымбег куыддæр йæ голлагмæ æргуыбыр кодта, афтæ бынты, хæйрæджджынау, Муссæйыл йæхи ба- скъæрдта. Топпы хæтæл хæрдмæ сриуыгъта. Фæхæцы- ди йыл йæ къухтæй, стонынмæ йын æй хъавыд. Фæлæ Муссæ нæ фæцудыдта... Лæууыд цæттæйæ, хъæддых. Фæхъæбысæй-хъæбысмæ сты. Мæлæтдзаг тох сын ба- 68
цайдагъ. Муссæ ныхъхъæр кодта Додтимæ. Топпы мæнгкъахыл фæхæцыд. Гæрах!.. Æрвгæрæттæ ныцца- рыдтой. — Цы хабар у? — сыхъуысти дæлейæ зæронды удаист хъæр. — Тагьддæр ардæм, мæнæ иу абырæг! — ныййазæ- лыд Муссæйы хъæлæс. Додти уайтагъд сæ цуры февзæрд. Фанарæй срухс кодта æм-æ бамбæрста хабар. Æмæ уæд дыууæйæ Алымбеджы æрсабыр кодтой. Цы гæнæн ма йын уыд æмæ лæппу æд голлаг сæ разæй араст. 9 Хуры фыццаг тынтæ бæрзонд хæхтыл андзæвыды- сты. Бæстæ базмæлыд. Сæууон уæлдæфы райхъуысти адæмы уынæр. Машинæты гуыв-гуыв, бæхты цæфхæд- ты къыбар-къыбур. Додти арты фарсмæ бадт, йæ лулæйы тамако нын- надта, дымдта... Нымдзасти Алымбегмæ, уый йæ сæр йæ уæрджытыл æруагъта, фыркатайæ мысты хуынчъы дæр алæстаид. Ацы бæллæх дзы куы нæ айхъуысид, уæд фæлтау йе ’ккой дуртæ хæссид. Фæлæ байрæджы. Раздæр ыл æмбæлди ахъуыды. Хъæуырдыгæй гуыр-гуыргæнгæ фæзынди машинæ- тæ. Уыдоны хæдфæстæ æрбацыд сæрдары машинæ дæр. Хъамболат рахызти. Алымбеджы куы федта, уæд æй афæрсынмæ хъавыд, фæлæ уæдмæ йæ размæ æрбацыд Муссæ: — Гъей, хорз адæм, мæнæ ма ацы лæгмæ æрбакæ- сут, æмæ ам цы агуры, уымæй йæ бафæрсут! — загьта уый мæстыйæ. Фæлæ Алымбег ницы дзырдта, сæргуыбырæй лæу- уыди. Муссæ йын йæ голлагæй нартхор æркалдта æмæ радзырдта дысоны диссаг. йæ хæцæнгарз дæр ын иста, уый куы бамбæрстой адæм, уæд фæйнæрдыгæй сæ къæс-къæс ссыд, туджы зылдысты сæ цæсгæмттæ фырмæстæй. Колхозонтæ дис кодтой. Алымбег хæлд æмæ даваг у, уый рагæй зонынц. Стæй йæ голлагимæ æрцахстой, уый дæр сæм диссаг нæ каст. Дис кодтой æндæр 69
хъуыддагыл. Муссæ, раздæры æвзæргæнæг, æвзæрдзи- нады ныхмæ куыд рацыд? йæ хæлар-иу куы уыд Алым- бег, уæд ыл йæ къух куыд систа, стæй йæ цы ран фæ- мидæг кодта... Хуры зæлдаг тынтæ быдыртыл сæхи æрбасæрфтой. Нартхор тонæн машинæ скуыста. Зад хуымы арасти. Куыддæр-иу йæ бункер айдзаг, афтæ-иу æй автомашн- нæйы гуыффæйы иыккалдта. Уайтагъд дыууæ машинæйы урс-урсид нартхорæй айдзаг сты. — Исчи-иу немæ рацæуæд хъæумæ, барæны цур лæууын фæхъæуы, — фæдзырдта шофыртæй иу Дод- тимæ. — Мæхæдæг, мæхæдæг! Æз хъуамæ зонон цы дæт- тæм, цы бакуыстам, уый! — фæцырди Муссæ æмæ шо- фыры фарсмæ абадти. Машинæтæ фезмæлыдысты. Муссæйы уæнгтæ барог сты. Чысыл сабийау цин кодта, худти йæ мидбылты. йæ цæстытыл хъазыди амонды рухс цæхæр. Цард æм абоны хуызæн рæсугъдæй никуы зынди. Ныртæккæйы хуызæн цæрын никуы бауарзта. Додти машинæты фæдыл касти. Иæ урс зачъе худ- гæ адаудта. Сæрыстыр уыд йæхицæй. Æмæ куыд нæ! Ницæййаг адæймаг чи уыд, уый адæмы хæрзты æм- рæнхъ æрлæууын кодта, райхæлдта йын йæ цæстыты баст...
СÆРГÆНДТÆ Хæхты хицау 3 Фæлтæрд къухтæ » 20 Царды гуылфæнтæ 32 Æрвадæлтæ . - 40 Адæмы æмрæнхъ (чысыл повесть) 48
Фарниев Дзибуш Федорович Рядом с людьми Редактор У. Л. Богазов Художник Л. М. Ллбегов Художественкый редактор У. /С. Кануков Технический редактор Е. У. Датриева Корректоры М. Б. Савкуева, В. Т. Дзодзикова Сдано в набор 9/11-1960 г. Подписано к печати 25-111-1960 г. Формат бумаги 84х1081/32- Печат. листов 4,10. Учетно-изд. листов 3,21. Заказ № 533. Изд. № 20. Тираж 1500. ЕИ 00378. Цена 1 р. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, пр. Сталина, 11. Республиканская книжная типография, г. Орджоннкидзе, ул. Джанаева, 20.