Text
                    1
Фатъи йе ’фсымæр Былуйæ æртæ азы кæстæр у. Нырма
уалдзæг у, фæлæ фæззæг куы ’рцæуа, уæд Былу райдайдзæн
скъоламæ цæуын. Фатъи æмæ Былу цæрынц сæ мад æмæ сæ
фыдимæ чысыл горæты цыппаруæладзыгон хæдзары. Фынæй
ма вæййынц, уæд сæ фыд кусынмæ ацæуы. Куыстæй хæдзармæ
кæд æрбацæуы, уый никуы базонынц сабитæ. Стыр кæтта-
гæмбæрзт машинæйыл кусы сæ фыд, дард кæдæмдæр цыдæртæ
аласы æмæ уырдыгæй фæстæмæ æндæр цыдæртæ æрбаласы.
Сæ фыды ницæмæ ’вдæлы, фæлæ сæ сæ мад стыр горæтмæ
куы сæ иу Нана æмæ Дадамæ аласы, куы сæ иннæ Нана æмæ
Дадамæ. Къуырийы размæ ам уыди сæ мады фыд æмæ афтæ
загъта: «Абон — хуыцаубон, иннæ хуыцаубоны уæ хъæумæ
ласдзынæн».
Мæнæ ралæууыди хуыцаубон. Фатъи æмæ Былу раджы
фестадысты сæ хуыссæнтæй, сæ дарæс æнæзивæг акодтой, цæ-
мæй Дадайы æрцыдмæ цæттæ уой. Кæртмæ сæ фæндыди, Да-
дайы æрбацыд тагьддæр базонæм, зæгъгæ, фæлæ къæвда уары-
ди æмæ сæ мад нæ ауагъта.
з


Фатъи æмæ Былу æнхъæлмæ кæсынæй куы бафæлладыс- ты, уæд тыргътæй æрбайхъуысти дзæнгæрæджы зæлланг, æмæ уырдæм азгъордтой. Æрбацыди сæм сæ мады мад. — Мæ чысыл хуртæ мæ размæ разгъордтой! — Нана хуы- лыдз зонтыкк ваннæмæ бахаста, пæлæхсарæй йæ æрæвæрдта кафель пъолыл æмæ, йæ пæлæзы цæппæртæ уæгъд кæнгæйæ, цинæйдзаг цæстытæй сабитæм касти æмæ дзырдта: — Ныртæккæ мын адджын хъæбыстæ акæндзысты мæ чы- сыл хуртæ, — йæ цæнгтæ Фатъимæ байвæзта, ома, ды уал мæ гæбомæ дæхи раздæр æрбаппар. Чызг æнцад лæууыди æмæ æдзынæгæй дуармæ касти, йæ хæмпус чысыл къухтæй На- найы цæнгтыл иуварс ахæцыд æмæ сдзырдта: — Алæ-ма, ныртæккæ Дада æрбацæуа. 4
— Уæ Дада уæм абон не ’рцæудзæн, — загъта Нана. — Сайæгой Дада, сайæгой! — кæуынхъæлæсæй сдзырдта Былу æмæ мидæмæ азгъордта. , — Æппындæр æй нæ уарзын Дадайы! — йæ къах пъолыл æрцавта Фатъи æмæ уый дæр мидæмæ цæуынмæ фæци. Фатъи стыр уаты нæ баййæфта Былуйы, — уый тынг куы фæтæргай вæййы, уæд сæ мидæггаг уаты сынтæджы бын ба- быры æмæ уым дæлгоммæ ныххуыссы. Фатъи дæр фæтæргай, фæлæ йæ кæуын нæ бафæндыди. Стыр уаты диваны рагъыл дæлгоммæ ныххуыссыд. Нана æрба- цыди уатмæ, æмæ Фатъи йæ сæр къулы ’рдæм фæзылдта. — Цы фесты мæ дзибатæ? — загъта Нана. — Æз дзиба нæ дæн! — сдзырдта чызг. — Мæ къæбæлдзыг, мæ пумпусиуадул чызг тæргæйттæ куынæ фæкæны. Æви ды дæр Былуйы фæзмыс? — Нæ фæзмын... — диваны рагъыл рабадти Фатъи, йæ къæхтæ æрзæбул сты, æмæ Нанайæ йæ цæст нал иста. Нана бандоныл æрбадти, стъолæй газет райста, касти йæм æмæ дзырдта: — Гъемæ хорз. Мæ чызгимæ иучысыл абаддзынæн æмæ фæ- стæмæ цæуын горæтмæ. Нана сабитæн æдзухдæр адджинæгтæ æрбахæссы, куыд сæ уыной, афтæ сæ искуы æрæвæры. Ныр сын, æвæццæгæн, ницы æрбахаста. — Къафеттæ нæ балхæдтай? — бустæхуызæй афарста чызг æмæ йæ армæй диван æртъæпп ласта. — Балхæдтон, уæдæ нæ! — загъта Нана æмæ та газет афæл- дæхта. — Æмæ кæм сты? — ноджы хъæрдæрæй сдзырдта Фатъи. — Мæ пæлæзы дзыппы... Тыргътæй æрбайхъуысти дзæнгæрæджы зæлланг. Фатъи чысыл уатмæ Былумæ бауади. Уый рудзынгæй уынгмæ касти. в 5
— Цом-ма, кæд Дада æрбацыди, — загъта чызг, æмæ тыргъ- тæм ауадысты. Æрбацæуæн дуар уыди гом. Къæсæры æдде лæууыди, хæ- дзары цæрджытæ сæхæдæг цы сара сарæзтой, уый чъылдыммæ авджы хъуырæй бæгæны æмæ водкæ чи фæнуазы, уыцы лæг- тæй иу. Йæ хъусджын худ ныххуылыдз, æмæ Былумæ афтæ касти, цыма дон йæ сæрмæ дæр ныхъхъардта. Худы хъустæ дæлæмæ æрбырыдысты æмæ йæ сæр дынджыр зынди. Зæронд гом хызыны цур цалдæрæй дзуццæджы сбадынц æмæ фæнуа- зынц. Иубон сарайы æдде Былу æмæ йе ’мбæлттæ футболæй хъазыдысты. Ацы лæг авг йæ дзыхыл куыд сдардта, афтæ сæ пурти адоны ’рдæм батахти æмæ йæ цонгыл суади. Авг йæ къухæй æрхауд æмæ асасти. Лæг сыстади, пуртимæ къахæй ныхъхъавыди, фæлæ йæ къах иувæрсты ауад, æм’æ лæг уæл- гоммæ ахауди. Уæд иннæ лæгтæй иу фестади, пурти мæстыйæ ныкъкъуырд- та, æмæ йæ нал ссардтой. — Хатыр курын, — загъта хъусджынхудджын, ацамыдта йæ цуры бæттæнæй цæхгæрмæ баст гæххæттын къопмæ. — Уæхимæ уал-ма йæ æрæвæрут. Тагъд æй ахæсдзынæн. — Цы дзы ис, цы? — бафарста сабиты мад. — Гыццылтæ сты, — загъта лæг, йе ’нгуылдзтæй амонгæйæ. — Цы сты? Ном сын нæй? — сбустæ кодта сабиты мад. — Мæнкъи дзибатæ æмæ бабитæ. Мæ мады хойæн сæ хæс- сын. Йæ дуар æхгæд разынд. Нана сæм рауади æмæ сзагъд кодта лæгмæ: — Ацу, дæ хорзæхæй!.. Цынæ фыдбылыз цæуы ацы рæс- тæг... Уæд та дзы бомбæ сæвæрдтай?.. Лæг дзуццæджы сбадт, райхæлдта къоппы баст, сыгом ын кодта йæ сæр. Базмæлыдысты нырма пакъуыфæлмæн чысыл бабитæ æмæ, сисбынтæ равæрдтой, ахæм дзибатæ, сæ чысыл дзæмбыты къæрццытæ дзæбæх хъуыстысты. 6
— Стыр хатыр уæ курын, — загъта лæг, фæцудыдта фæс- тæмæ, йæ рахиз цонг къулмæ фæбыцæу, æндæр уæлгоммæ ахаудаид. — Уæ сенæйы сæ гыццыл бауадзут. Æдде уазал у. — Фыдбылызы нæ æппарыс сыгъдæгæй дæр, — сбустæ код- та Нана мæстыхъæлæсæй. — Куы нæм смидæг уой æмæ куы бафæрсой: адон та уын кæм уыдысты? — Нæ-гъа, базары сæ балхæдтон. Ныр дæр ма сæ машинæ уым лæууы, — лæджы цæстытæ сæ къуырфыты æрзылдысты. — Æвзæрæй мацы банхъæлут. — Ахæсс сæ, дæ хорзæхæй, — Нана йæ къух кæрты ’рдæм тылдта. — Ацу, ацу. — Нана, дзибатæн уазал у, — сдзырдта Фатъи. — Тæригъæд сты. Былу та зыдта: Нана нуазаг лæгты нæ уарзы. Ацы лæг та ныр дæр йæ къæхтыл дзæбæх нæ лæууыди. Ноджы ма сын куы радзырдтаид, сæ пурти сын кæдæмдæр чи ныкъкъуырд- та, уый цы æвзæр ныхæстæ загъта, æмæ ацы лæг дæр авджы хъуырæй уыдонимæ кæй фæнуазы... Омæ лæджы ма æрбауа- дзæнт, фæлæ чысыл дзибатæн уазал нæу? — Нана, уазалæй амæлдзысты, — загьта Былу. — Дада фарон цæф уæрцц куы ’рбахаста, æмæ йæ куы сдзæбæх кодтай... — Цæй-ма, Нана, — сдзырдта Фатъи. — Æз дзибатæ æмæ бабиты бирæ уарзын. Ницуал загъта Нана. Былу федта, уыцы лæджы Фатъимæ бахудын куыд тынг фæндыди, фæлæ чызджы цæстытæ æндæр кæдæмдæр кастысты. 2 Нана горæтмæ ацыди. Былу æмæ Фатъи гæххæттын къоп- пы цур гыццыл бандæттыл сбадтысты æмæ дзибаты уындæй нал æфсæстысты. Æхсыр дæр сын раттаиккой, катлеттæ дæр, адджын цай дæр, фæлæ сын сæ мад загъта: «Алцы дæттæн 7
сын нæй». Æмæ сын уæд дзулы удæст муртæ къопмæ нып- пæрстой. Уыцы изæр æнафонмæ фенхъæлмæ кастысты Былу æмæ Фатъи, фæлæ дзибаты хицау не ’рбацыд. Нæ фæзынди дык- каг бон сихормæ дæр. Æмæ уæд æртæ бабийы æмæ фондз дзибайы къоппæй систой æмæ сæ цæлгæнæнмæ бахастой — сæхи аирхæфсой, рухсмæ кæрæдзи феной. — Уыцы лæг сайæгой у, — загъта Фатъи. — Йæ дзибатæм нæ цæуы. — Æмæ кæд фæрынчын ис, уæд та? — загъта Былу. — Йæ мады хо, æвæццæгæн, сæхимæ нæма ’рбацыд, — загъ- 8
та сабиты мад. — Фæлæ сæ, цымæ, йæхи хæдзармæ цæуылнæ ахаста? — Æмæ йын кæд хæдзар нæй? Кæд æнæхæдзар у, уæд та? — загъта Былу. Дзибатæ æмæ бабитæн та пластмассæ тæбæгъы хус дзулы удæст муртæ æрæвæрдтой. Уыдон сæ сæ бырынчъытæй къуырц- цытæ райдыдтой, алкæй дæр сæ фæндыди тæбæгъы астæумæ баирвæзын — сегасы фаг нæ рауади тæбæгъ, æмæ кæрæдзи схуыстой. Дзибатæ цæрдæгдæр уыдысты æмæ-иу бабиты рагьмæ дæр сгæпп ластой. Дон сын хъæрмустæй æркодтой Фатъийы хъазæн тæбæгъы. Цалдæрæй йæ иу кæронмæ сгæппытæ код- той. Тæбæгъ фæкъул æмæ йæ дон акалд. Уæд сын сабиты мад æрбахаста зæронд тебæ, æмæ сын уым дон ныккодтой. Тебæйы былыл лæугæйæ дæр банызтаиккой дон, фæлæ ба- битæ, æвæццæгæн, гыццылтæй дæр донуарзаг вæййынц æмæ та тебæмæ багæппытæ ластой. Сæ дойны дæр састой, фæлæ ма сæ ленк кæнын дæр фæндыди. Æмæ-иу ацархайдтой сæ пака къæхтæй, æрмæст дон тæнæг рауади. Дзибатæ дæр донæй нæ тарстысты æмæ тебæмæ бахызтысты. — Уыцы лæг куынал æрбацæуа, уæд дзибаты æмæ бабиты хъæумæ аласдзыстæм, — загъта Былу. — Дзибатæ æмæ бабитæ мæн уыдзысты, — хъæрæй сдзырд- та Фатъи. — Æз сын дæтдзынæн хæринаг. — Ды хæринаг дæтдзынæ дзибатæн, — загъта Былу, — æз та — бабитæн. — Нагъ, иууылдæр мæн сты! — фæхъæр кодта Фатъи. — Дæуæн Дада байраг балхæндзæн æмæ дын уый фаг у. — Дзибатæ иууылдæр дæуæн? — рамæсты Былу æмæ йæм йæ хистæр æнгуылдз февдыста. — Мучъу дын! — Мæн сты, ма сæм кæс! — чызг фесхуыста Былуйы æмæ уый фæуæлгоммæ. — Ма та райдайут, хабедзентæ! — фæхъæр сыл кодта сæ 9
мад æмæ сабитæн пъолмæ ацамыдта. — Нырма къоппæй ныр схызтысты æмæ цал раны æрæппæрстой сæ чъизитæ. Сабиты мад къопп ныссыгъдæг кодта, хъармдæрæн дзы Фатъийы зæронд къаба байтыдта, уый уæлæ — газет, æмæ сæ къоппы сæвæрдтой. Нæ фæзынди хъусджынхудджын къуырийы фæстæ дæр. Хуры цæст цалдæр боны йæхи нæ равдыста æмæ уазал рæс- тæг хаста. Цæлгæнæны батарейыл къух авæр, æмæ — хъæр- муст. Фенкъард сты дзибатæ æмæ бабитæ, кæрæдзи бынты бырыдысты, сæ хъуырдухæн змæлдæй нал æнцадысты. Æмæ та сæ уæд къоппæй систой. Кæмæйдæр цармы гæбаз ракуырд- та сабиты мад, байтыдта йæ батарейы бын пъолыл, æртæ бало- ны тæвд донæй байдзаг кодта, батыхта сæ пысултæй — дзи- батæ ма басудзой — æмæ сæ цармы кæрæтты сæвæрдта. 3 Фатъи райхъал ис, фæлæ йæ сыстын нæма фæндыди æмæ æнцад хуыссыди. Уалынмæ айхъуыста йæ мады хъæлæс: — Баби, ницы хæрыс, суазал дæ? Æмæ дын ныр куыд акæнон? Йе ’хсæвхуыссæн дарæсы сынтæгæй æргæпп ласта Фатъи, йæ фæлмæнхъус дзабырты йæ къæхтæ атъыста æмæ рæвдз ауади. Былу нырма фынæй кодта стыр уаты диваныл. Чызг бауади цæлгæнæнмæ. Йæ мад бадти гыццыл бандо- ныл. Йæ дыууæ армы — бабийы лæппын. Фатъийы къухтæй лидзгæ фæкæнынц, фæтæлфынц, куы феуæгъд уаин, зæгъгæ. Мады къухты баби базмæлыди, йæ цæстытæй ракасти æмæ та сæ фæстæмæ æрцъынд кодта. Мад алюмин уæлæнгай къусмæ бабийы бырынкъ нындзæ- вын кодта æмæ рæвдауæнхъæлæсæй дзырдта: — Ахæр-ма, ахæр. Айчы муртæй рауидз. Фатъи бауади стыр уатмæ, йе ’фсымæры басхуыста: 10
— Былу, баби фæрынчын ис æмæ хæргæ нæ кæны. Лæппу йын цалынмæ йæ ныхæстæ бамбæрста, уæдмæ йæ дзурынæй нæ банцади Фатъи. Цæлгæнæнмæ бацыдысты иумæ. Мад йæ уырзтæй бабийы бырынкъ базыхъхъыр кодта æмæ йын йæ дзыхмæ цыдæр ныттагъта. — Цы йын радтай? — афарста Былу. — Йæ хъуыры иу æртах дон уæддæр куы аирвæзид, — загъ- та мад. — Фосы дохтырмæ хостæм цæуын хъæуы, — хъарм æй кодта йæ æрмтты æмæ дзырдта: — Сидзæр дæ, баби, æндæр дын дæ мады базыры бын бæргæ хъарм уаид! — Æмæ йын мад куы уаид, уæд нæ фæрынчын уыдаид? — бафарста Былу. — Нæ фæрынчын уыдаид, нæ. — Æмæ йын Нана куы уаид, уæд дæр нæ фæрынчын уыда- ид? — ныццымыдис Фатъи дæр. — Йæ Нана дæр æй нæ бауагътаид рынчын кæнын. Сабитæ аходæн куы бахордтой, уæд сын мад ныффæдзæхста: — Уæхи дзæбæх дарут! Æз дохтырмæ азгъорон. Сæ мад куы ацыди, уæд Былу дисхуызæй загъта: — Дохтырæй хос куы ’рбахæсса бабийæн, уæд та сын искæ- мæй мад ракурæд. — Æз æрхъуыды кодтон! — ныццин кодта Фатъи. -Цы? Чызг ын дзуапп нал радта — азгъордта цæлгæнæнæй. Фæс- тæмæ тагъд фæзылди йæ куклаты къоппимæ æмæ загъта: — Ныртæккæ æз бабийы адзæбæх кæндзынæн. — Йæ кук- латæ радыгай къоппæй иста æмæ сын-иу сæ къабатæм æркас- ти. Иннæ дзибаты уынæр хъуысти гæххæттын къоппæй. Рынчын баби æндзыгæй лæууыди балоны цур. Фатъи фелвæста йæ куклатæй иуы дарæс. Раздæр уал рын- чын бабийыл райдыдта чысыл хæлаф кæнын. — Йæ къах ын сæттыс! — сбустæ йыл кодта Былу. 11
— Ма дзур, мæ баби у. Къаба дæр æй хъæуы. Куы схъарм уа, уæд адзæбæх уыдзæн. Хъæлæбагæнгæ сæ æрбаййæфта сæ мад. Цыдæр хос бабийы хъуыры ауагъта. Изæрæй Фагьи æмæ Былу кастысты телевизормæ. Уæлæрв- тæм тæхæг науты хъуамæ сбадтаиккой лæппутæ æмæ чыз- джытæ. Цыдæр уæззау дзаумæттæ скодтой æмæ иууылдæр сæмхуызон сты. Фатъи сæ афæлмæцыд æмæ стыр уатæй ацы- ди. Цæлгæнæны дуары фæстæ амбæхсти — мад куы рацæуа, уæд æм фæхæпп кæндзæн. Цасдæр дзуццæджы абадти æмæ дуары авджын цæстæй мидæмæ бакасти. Мад бадти стъолы цур, стъолыл — баби йæ фарсыл фæлдæхтæй. Уыйфæстæ та ауыдта, йæ мад йæ цæссыгтæ куыд сæрфы, уый. Фатъи базгъордта стыр уатмæ æмæ Былуйы хъусы ба- дзырдта: — Цом-ма, мамæ кæуы. Былу йыл йæ къух ауыгъта: — Ауай, ма мæ хъыгдар. — Баби амарди, æмæ мамæ кæуы. Былу экранмæ тынг æнувыдæй касти æмæ Фатъийы ныхæ- стæй ницы бамбæрста. Фатъи цæлгæнæнмæ куы бацыди, уæд мад йæ цæссыгтæ асæрфта. Чызг ын йæ цонгыл атыхсти. 4 Хур дзæбæх тавта, æмæ Былу æмæ Фатъийы сæ мад кæртмæ рауагъта. Сыхаг сабитæй дзы ничи разынд, æмæ Былу загъта: — Æз æрхъуыды кодтон. Цом-ма æмæ, ибон кæй не ссард- там, уыцы пурти бацагурæм. — Мамæ нæм куы ракæса, æмæ ам куынæ уæм... — загъта Фатъи. 12
— Уæдæ æз фæтæхын. Афтæ-иу зæгъ, сарайы фæстæ ис. Сарайы фæстæ раздæр дзыхъхъытæ-къуыппытæ уыди. Слæгъз æй кодтой æмæ дзы бæласы талатæ ныссагътой, æмæ Былу дæр базыдта, ам парк кæй уыдзæни, уый. Ранæй-рæтты ма зæххæй зындысты æфсæйнаджы гæбæзтæ. Фæщ>æх ис кæр- дæгæй æмæ йæм чи йæ фысы ракæны хизынмæ, чи — йæ го- дойы. Кæрчытæ дæр дзы фæхизы. Ног парчы фале — ныллæг хæдзæрттæ, æмæ сæ цæрджытæ фос дæр дарынц, мæргътæ дæр. Былуйæ рох нæ уыди, сæ бабитæ æмæ дзибатæн мад кæй хъæуы, уый. Сæфт пурти дæр дзы айрох ис, футболæй хъа- зæн фæзмæ дæр нал баздæхт. Йæ зæрдæ ахсайдта иууæла- дзыгон хæдзæрттæм. Кæрчытæ чи дары, ахæм хæдзар ссар- дзæн, бахойдзæн сæм æмæ зæгъдзæн: «Нæ бабитæй иу амар- ди, æмæ иннæтæ дæр куы фæрынчын уой... Цалынмæ сæ хъæу- мæ ласæм, уæдмæ нын карк раттут, йæ базырты бын сæ ба- кæндзæн, æмæ нæ фæрынчын уыдзысты. Уæ карчы уын фæ- стæмæ æрбахæсдзынæн». Къахвæндагыл цасдæр бауади Былу æмæ галиуырдæм фæ- зылди. Уæлæ уæлдæр фæхизынц фыстæ æмæ родтæ. Кæрчы- ты дæр уырдæм рауадзынц... Былу иу ран лæнкаумæ нызгъордта. Аргъауы уæйыг дæр кæй нæ систаид, ахæм стыр дуры цурты куыд суади, афтæ дуры фæстæйæ райхъуысти... Лæбурæг куыдзы хæппы хуы- зæн æм фæкасти. Цыдæр йæхи хæрдмæ куыд сæхста, уый ма ауыдта. Ныртæккæ йын йæ хæлафы фадыг ацахсдзæн. Цас- дæр азгъордта лæппу, фæлæ йæ фæсте ничи сырдта, æмæ бам- бæрста, йæхæдæг та йæхи кæй фæтæрсын кодта. Ам бирæгъ дæр æмæ рувас дæр никуы ничи федта. Хуыцау хорз, æмæ сæ кæрты лæппутæй йæ цуры ничи фæцис, æндæр ыл сæхи худæ- гæй схастаиккой... Æрлæууыди Былу æмæ стыр дуры ’рдæм фæкасти. Дæлæ карк дуры рæбын лæууы. Дзибатæн кæй агуры, ахæм карк! 13
Фырцинæй йæ тымбылкъухтæ йæ рустæм нылхъывта. Дуры ^рдæм сабыргай ацыди. Карк не змæлыди, æмæ йæм лæппу рæвдауæнхъæлæсæй басидти: — Дзиба, дзиба, дзиба! Карк сгæпп ласта æмæ фæфæлдæхти. Йæ къахæй баст уыди, уый ауыдта. Сындæггай йæ цурмæ бацыди. Дзыгъуыр каркæн æцæгæй дæр чидæр йæ рахиз къахыл бæттæн бафтыдта, йæ кæрон та хæцыди, зæххæй цы тæстытæ тел зынди, ууыл. Спæррæстытæ кодта карк, уæддæр æй ра- цахста Былу. Дзæбæхдæр ын æркаст йæ къахмæ æмæ федта — бæттæн кæй хуыдта, уый разынди цалдæр халæй быд æрхуы тел. Йæ суйтæ кæроны карчы къах нынныхст, йæ иннæ кæрон 14
та — зæххы къуырд къæбæлыл баст. Уæртæ уыцы ныллæг хæдзæрттæй кæйдæр карк у, уый уырныдта Былуйы æмæ йæ уырдæм ахæссинаг уыди, ракурон æй, зæгъгæ, фæлæ йæм уайтагъд фæзынди æндæр хъуыды: «Нæхимæ уал æй ахæс- сон. Дзибатæ куы адзæбæх уой, уæд сын æй ратдзыстæм». Каркыл йæ цæнгтæ æрбатыхта Былу æмæ сæхирдæм аз- гъордта. Ардæм цы къахвæндагыл æрбацыди, уымæ ныххæццæ, сæ- хирдæм фæзылди æмæ ауыдта, йæ ныхмæ чи æрбацæйцыди, уыцы дыууæ лæджы. Куы сæм баввахс, уæд сæ базыдта — адон дæр сæ сарайы фæстæ авджы хъуырæй фæнуазынц. Сæ иуы сæрыл уыди къепкæ, иннæ — бæгъæмсар. Сæ палтоты цæппузыртæ дæр æвæрд нæ уыдысты. Сæ иувæрсты фæцæй- цыди, фæлæ йæм бæгъæмсар йæ къух фæтылдта: — Ардæм-ма рауай! — Нæхимæ тагъд кæнын, — загъта Былу. — Цæстфæлдахæг! — мæстыйæ сдзырдта бæгъæмсар, йе ’нгуыл- дзæй ныддодой кодта. — Кæй карк радавтай? — Нæ йæ радавтон. — Хъыпп-сыпп! — фæхъæрдæр бæгъæмсары хъæлæс. — Ныр- тæккæ фæцæуыс милицæмæ. Дæ фыды мызд дын цалдæр хат- ты бауромдзысты. — Чысыл лæппуйыл ма хъæртæ кæн, — загъта иннæ лæг æмæ Былуйыл æрхæцыд. — Ацы хатт дын хатырæй фæуæд. — Карк айста. — Ныр сæпп кæн уæ хæдзармæ. Дæуыйас лæппу дзæгъæл ралли-балли хъуамæ ма кæна. Былу сæм куыд рамæсты! Афтæ сыл дуртæй ралæуу, сæ ныхты туг куыд акæла. Иу дур фелвасын дæр нæ бауæндыд лæппу, æмæ йæ цæссыг нызгъæлди. Цасдæр куы азгъордта, уæд сæм ныртхъирæн кодта: — Фæлæуу, æз уæ мæ фыдыл сардаудзынæн! — æмæ къах- вæндагыл рæвдз азгъоринаг уыди, фæлæ ауыдта, дзибатæ æмæ 15
сæм бабиты чи æрбахаста, уыцы лæджы. Ныллæг хæдзæртты -рдыгæй æрбацæйцыди. Былуйы æфхæрджыты раз къахвæн- дагыл æрлæууыди, йæ зæнгтæ фæтасыдысты, фæцудыдта, фæлæ æмраст алæууыд æмæ лæппумæ ацамыдта: — Сывæллонæн йæ карк раттут. — Кæс-ма, Дзæбикъуыр карк æмæ цицыры кæрæдзийæ нал иртасы, — загъта бæгъæмсар. — Йæ аргъ уын дæттын, — загъта фæлмæндæр хъæлæсæй Дзæбикъуыр, — æмæ карк раттут. — Цицыр у, Дзæбикъуыр, — загъта къепкæджын. — Цицы- ры сомтыл ничи уæй кæны. Доллæртæ дæм ис? — Ис мæм доллортæ, — йæ дзыпмæ нывнæлдта Дзæбикъуыр, фæстæмæ акъахдзæф кодта æмæ сæм дамбаца фæдардта. — Карк раттут! Сатæгсау дамбаца уыди, бæгъæмсары риумæ дзы ныхъ- хъавыди Дзæбикъуыр. Былу, цы акодтаид, уый нал зыдта. Ныртæккæ гæрах ныннæрдзæн, æмæ йæ хъустæ акъуырма уы- дзысты. Бæгъæмсар лæг æрхаудзæн, уыйфæстæ та... — Ма йæ фехс! — йæхимæ гæсгæ тынг азæлыди йæ хъæлæс, уæддæр Дзæбикъуыр дамбацайæ хъавыди. — Нал мæ хъæуы карк! Къепкæ кæуыл уыди, уый Дзæбикъуыры ’рдæм — гæпп, æмæ йын йæ къухæй йæ хæцæнгарз акъахта. Æркасти йæм, фæкъæппытæ дзы кодта æмæ йæм æй фæстæмæ баппæрста: «Гъа, дæ хъазæн дæхи уæд». Дыууæ лæджы ацыдысты, карчы дæр ахастой. Къепкæ- джын-иу фæстæмæ фæкасти æмæ та-иу ныххудти. — Лæппу, кæсыс, зæххыл цытæ цæры, — загъта Дзæби- къуыр. — Дæхи карк уыди? — Уæлæ йæ уым ссардтон, — загъта Былу æмæ лæджы цонг басхуыста. — Нæ мæ базыдтай? — Ды мæ зоныс? — афарста Дзæбикъуыр. Лæппу йæ сæр батылдта, о, зæгъгæ, æмæ та йæ лæг бафарста: 16
— Кæй лæппу дæ? — Иубон бабитæ æмæ дзибатæ кæмæ бахастай, уыдоны лæппу. — Æнхъæлмæ мæм кастыстут, фæлæ уæм нал фæзындтæн, — дзырдта лæг. — Дзибаты фæстæмæ чи æрвыста, уый та .чи уыди? — Мæ Нана. — Æмæ дæ Нана, мыййаг, чъынды нæу? Кæрдзынхъус? Æххормаг адæймагæн къæбæр чи ратты æмæ йын æй фæс- тæмæ йæ къухтæй чи акъахы, уыдонæй нæу? — Нагъ, чъынды нæу æппындæр. Æххормаг адæймагæн хъæрмхуыпп дæр раттид, чъири дæр ын скæнид. — Уæдæ, дзибаты кæмæн хастон, уый ахæм мæрддзæст у... — фæхъус и Дзæбикъуыр, Былуйы уæхскыл йæ къух æрæвæрд- та. — Цæй, уыдон дæ хуызæн лæппуйæн дзурыны аккаг ны- хæстæ не сты æмæ дын сæ нæ дзурын. Фæлæ мæрддзæст у мæ хæстæг æмæ мæ йæ цæсты кæронæй дæр нал фендзæн. Зæххыл цытæ цæры, зæххыл... О, уыдоны кой — нал, фæлæуыцы гыц- цыл чызг дæ хо у, уый базыдтон. Æмæ йæ ном цы хуыйны? — Фатъи. — Фатъи хорз чызг у. Зæгъ-иу ын, уыцы лæг, зæгъ, дæуæн дæтты дзибаты æмæ бабиты. Бамбæрстай мæ? — Бамбæрстон. Бузныг. Уыцы рæстæг æм сæ хæдзары ’рдыгæй райхъуысти: — Былу-у-у! Лæппу уыцырдæм фæкасти æмæ ауыдта йæ мад æмæ йæ хойы. 5 Дада иубон фæзынди æмæ Фатъи æмæ Былуйы хъæумæ аласта. Нана сæ ныццыдмæ уым уыди. Гæххæттын къоппы сæвæрдтой, дзæбæхæй ма чи баззади, уыцы дыууæ бабийы æмæ æртæ дзибайы. 2 Бшгьоты Гриш 4 п
Хъæуы сæ хæдзар уыди стыр доны был. Тæнæг сыхы. Изæ- рæй æрæджиау ныххæццæ сты хъæумæ. Бабитæ æмæ дзиба- тæн Нана хæринаг лæвæрдта. Дада Фатъи æмæ Былуйы хæ- дзармæ бахуыдта æмæ сын дзырдта: бирæ, тынг бирæ азты размæ хохæй ардæм ралыгъдысты Дадайæн йæ фыд, йæ мад æмæ йæ Нана. Ныггæнд ныкъкъахтой, йæ сæр ын сæхгæдтой æмæ уал зæххы бын цардысты. Тасмачъи пецы арт кодтой, арты рухсмæ-иу бахордтой. Зымæг дæр уым фæцардысты. Иурæстæг арты хъарммæ къулæй калм рабырыди, æмæ йæ амардтой. Уыйфæстæ Дадайы фыд сахъарикъул хæдзар са- рæзта. Мæнæ ныр цы хæдзармæ æрбацыдысты, уый та сарæз- той Дадайы фыд æмæ Фатъи æмæ Былуйы Дада. Горæты ку- сын куы байдыдта сæ Дада, уæд æй кæмæндæр ауæй кодтой, ныр та йæ фæстæмæ сæхицæн балхæдтой. Уыйфæстæ сæ Дада ахуыдта, сæ рæзты дæлбылты чи кал- ди, уыцы къанаумæ. Къанауы дуртæ дзæбæх зындысты. Фатъи æмæ Былуйы Дада йæ дæлæрмтты фелвæста æмæ сæ, дуртыл цæугæйæ, иннæ фарсмæ бахаста. Уым федтой морæ бæхы. Йæ раззаг къæхтæ уыдысты баст. Кæрдæг-иу стындтытæ кодта æмæ та-иу агæпп ласта. Фатьи иурæстæджы Дадамæ балыгъди æмæ ацамыдта, бæхы рæзты чи æрбасыффытт кодта, уымæ: — Уæртæ-ма, цыдæр богъыли-догъыли! — Ма дзы тæрс, тæппуд! — сдзырдта Былу. — Уый ацы бæхы байраг у. Байраджы барц уырдыг лæууыди, йæ хъустæ — хъил, йæ къæдзил æркъæлæт. Хъуыды дæр сæ не ’ркодта, сæ рæзты æрбадугъ ласта. Згъорынæй æппын нал æмæ нал æфсæсти. — Æмæ байраг кæрдæг нæ фæхæры? — бафарста Фатъи. — Йæ мады æхсырæй æфсæст у, — загъта Дада. — Куы сыстыр уа, уæд кæрдæгыл хизын байдайдзæн, æмæ йæ мах нæхимæ æрбакæндзыстæм. 18
— Махæн æй ратдзæн йæ хицау? — фырцинæй сгæппытæ кодта Былу. — Балхæндзыстæм æй, — загъта Дада. — Нæхæдæг уæрдон сараздзыстæм, сифтындздзыстæм æй æмæ уæрдоны бабад- дзыстæм. — Æз-иу ын хæринаг ратдзынæн, — загъта Былу, — æмæ мыл сахуыр уыдзæни. — Æз та йын къафеттæ ратдзынæн, — загъта Фатъи, — æмæ мемæ хъаздзæн. 6 Уыцы райсом бабитæ æмæ дзибаты Дада бауагъта сæ ног цæрæнмæ. Сæ размæ ацы хæдзар горæтæгтæ балхæдтой, искуы иу хатт- иу æруадысты хъæумæ æмæ-иу цæхæрадоны цы акуыстой, æндæр хæдзармæ нæ зылдысты. Кæрт æхгæд нæ уыди, æмæ чысыл мæргътæ цæхæрадонмæ куы баирвæзтаиккой, уæд агу- ринаг фæуыдаиккой. Сыхæгты ус сын дзырдта: «Гæркъæрæгтæ чысыл дзибаты кæртæй дæр ахæссынц». Цалдæр боны дзи- батæ æмæ бабитæ кæрты тута бæласы бын фесты — Дада сын фæтæн фæйнæджытæй бынат скодта, æмæ сæм æдзухдæр цæст дарын хъуыди. Дада атагъайæ сласта уистæ æмæ сын сбыдта цъупхуды хуызæн стыр къалати. Къалати знон изæрæй сцæттæ, æмæ сабитæ Дадайæн ныффæдзæхстой: «Цалынмæ сыстæм, уæдмæ дзибаты сæ хæдзармæ ма бакæн». Уыцы райсом раздæр фестадысты хо æмæ æфсымæр. Дада цьиуты сæ къоппы рахаста. Кæрты æрæвæрдта къалати. Ныр- рухс сты сабиты цæсгæмтгæ. Дзибаты æмæ бабиты дæр къала- тимæ тьшг кæй фæнды, уый дæр сæ уырныдта. Æдасæй сæхицæн хъаздзысты, гæдытæ æмæ гæркъæрæгтæй дæр нал тæрсдзысты. 19
Дада къоппы сæр нæма сыгом кодта, афтæ Фатъи сдзырдта: — Мæн фæнды къалатийы абадын. Тынг мæ фæнды, тынг! — Æмæ уым куы абадай, уæд адынджыр уыдзынæ? — сбустæ йыл кодта Былу. — Цæй æмæ йæ бауадзæм, — загъта Дада. — Уый дзибатæн сæхицæн дæр æхсызгон уыдзæн. — Гъемæ уым семæ цæрæд, — сбустæ кодта Былу. — Гъер, Былу, дæу дæр тынг фæнды къалатийæ ракæсын, — загъта Дада. — Гъемæ ды дæр уырдыгæй ракæсдзынæ. Чызгæн къалати парахат рауади, сгæппытæ дзы кодта, уæд- дæр къалатийы цъуппыл йæ сæр не сныдзæвыди. Уæлгоммæ дæр дзы ахуыссыди, дæлгоммæ дæр. Лæппу та раздæр лæджирттæг кæрдæгыл уæлгоммæ схуыс- сыд æмæ йæ къæхтæ адаргъ кодта. — Сæттыс дзибаты хæдзар! — фæхъæр ыл кодта Фатъи. Дада дæр æм йе ’нгуылдзæй бартхъирæн кодта. Уæд Былу слæууыди, йæ сæрыл систа къалати — хорз æм фæкасти æмæ кæрты иуырдæм-иннæрдæм азгъордта. — Ахъазыдыстут, æмæ хорз, — загъта Дада. — Амæй фæс- тæмæ сæ хæдзар уыдзæни æрмæстдæр сæхи. Уыцы бон дзибаты æмæ бабиты Нана бафсæста сæ буц хæ- ринагæй. Къуыдырфых æйчытæ лыстæггондæй сызмæста нарт- хоры лыстæг лæхурæгимæ æмæ сын æй сæ уæрæх тæбæгъы тæнæг байзæрста. Дон дæр сын ныккодта. Кæрдæг сæ куы бахъæуа, уæд сæ быны — лæджирттæг. Ныр сын ницæмæйуал тарстысты, æмæ Нана чъиритæ кæныныл балæууыд. Дада цæхæрадонæй æрбахаста алыхуызон кæрдæджытæ, сарайы сæ ныллæг стъолыл æрæвæрдта, сабитæм фæдзырдта æмæ сын афтæ зæгъы: — Знон уæ Нана цыдæр кæрдæджытæ хæргæ федта. Æнæ фæрсгæйæ мацæмæ ’вналут. Нæ цæхæрадоны цъæххалæй хæ- рынæн чи бæззы, уыдон зонут: басгæрдæг, киндзæ, хъæдын- 20
дзы сыф, хъонтхора, хъыцъы... Уыдон нæхи сагъд сты. Мæнæ кæй æрбахастон, уыдон дæр хæрынæн бæззынц, фæлæ адон сæхæдæг æрзайынц. — Дада фæнымадта, сæхи цæхæрадоны, доньгфаллаг фарс æмæ атагъайы æрдузты цы хæрынæн бæзгæ кæрдæджытæ зади, уыдоны нæмттæ: гæнгæлы, кæрог, дзындзалæг, цъиудзæхæ- ра, сæнк, мæнтæг, æхсæвæрæг, цæвæгхос... Йæ ныхас куы фæци, уæд æм Нана арынджы цурæй æрба- дзырдта: — Хæфсыкъах дæ ферох, хæфсыкъах. — Нæ мæ ферох, — загъта Дада. — Уый доны былты зайы. Хæрынæй дзы-иу не ’фсæстыстæм. Ныр донмарæнтæ фæца- рæзтой, хизæнтæ бульдозерæй фезмæстой, æмæ дзы ницыуал зайы. Фатъи кæрты иуырдæм азгъордта гæппытæгæнгæ, иннæр- дæм азгъордта, æмæ йæм сæ хъус куынæ дардтой, уæд уынгмæ ауади. — Абон дзибатæн бæрæгбон у æмæ сын хæрыны кæрдæ- джытæ листæг скæрдæм, — загьта Дада, йæ армы кæрдæджытæ нылхъывта æмæ сæ фæйнæгыл карста. — Фатъи та нын цы ’рбаци? — иурæстæджы сæм æрбадзырд- та Нана. — Былу, марадз, акæс æм, къанауы та æд дзабыртæ ма бацæуæд. Былу уынгмæ ауади, дæлæмæ-уæлæмæ ахъахъхъæдта — Фатъийыл йæ цæст не ’рхæцыд. Къанауы ’рдæм азгъордта. Уæлбылæй куыд ныккасти, афтæ чызг къахвæндагыл сцæй- цыд. Йæ дыууæ армы цыдæр æмбæхста. — Кæсаг æрцахстай? — ныдздзырдта йæм лæппу. — О, тъепа æрцахстон! — йæхицæй раппæлыди Фатъи æмæ йæ къухтæ йæ аууон акодта. — Равдис-ма дæ тъепа, — загъта Былу. — Доны — бирæ, дæхæдæг æрцахс. 21
Лæппу йын йæ развæндагыл алæууыд: — Тъепа равдис! — Уæдæ дзуццæджы æрбад æмæ дæ цæстытæ бацъынд кæн. Былу дзуццæджы æрбадти, фæлæ йæ цæстытæ нæ бацъынд кодта. — Уæдæ дæм æй не ’вдисын, — сдзырдта Фатъи æмæ хæ- дзармæ азгъордта. Былу йæ баййæфта æмæ йыл йæ цæнгтæ æрбатыхта: — Цы дæм ис, уый равдис! — Дæ цæстытæ бацъынд кæн æмæ дæ къух æрбадар. — Гъы, хинæйдзаг, исты бæркъа мын сæвæрдзынæ мæ къухы. — Ма тæрс, бæркъа нæу. Былу йæ цæстытæ сæхгæдта, йæ арм байгом. Фатъи дзы хæфс сæвæрдта. Былу ракасти æмæ фæхъæр ласта: — Уауу! — æмæ хæфсы æрæппæрста. Дада сæм уынгмæ рауади: — Цæуыл хъæлæба кæнут? — Былу тæппуд у! — Фатъи хæфсы фелвæста æмæ йæ Да- дамæ æвдисы. — Мæнæ цæмæй фæтарсти. — Тæрсгæ нагъ, — загъта Дада. — Æлгъ ыл кæны. Фæс- тæмæ йæ ахæсс æмæ йæ доны ауадз. — Æз æй дæуæн хæссын. — Æмæ дзы æз цы кæнын? — Афтæ нæ загътай, хæфсыкъах бирæ уарзын? Дада ныххудти æмæ Фатъийы йæ хъæбысы фелвæста. Са- рамæ куы бацыдысты, Дада ма уæд дæр худти. Нана сæм ныццымыдис. — Мæнæ нын цы хорз чызг ис, Нана, хæфсыкъæхтæ нын æрбахаста, — чызджы æрæвæрдта Дада. — Цу, дæ Нанайæн дæр дзы ратт. Нана йæ чъири куыд тъæпæн кодта, афтæ чызг хæфсы стъо- лы кæрон æрæвæрдта. Хæфс Нанайы ’рдæм багæпп кодта, 22
арынджы фарсыл йæхи сцавта æмæ фæуæлгоммæ. Нана фес- тъæлфыд, йæ тарст хъæруынгмæ дæр айхъуыстаид. Æрæ- джиау ууыл дæр худæг бахæцыд. Цыдæр зæгъын æй фæнды- ди, фæлæ йæ бон дзурын нал уыд. 7 Дыккаг бон стыр уынджы иу хæдзары уыди куывд, æмæ Дада уырдæм ацыд. Нана æмæ Фатъи ныццыдысты, сыхæгты сæнæфсиры бын чи бадти, уыцы устыты цурмæ. «Цæмæйдæр сæ афæрсон æмæ фæстæмæ рацæудзыстæм», — загъта Нана, фæлæ йын устытæ алæгъстæ кодтой, иучысыл немæ абад, зæгъгæ. Æмæ сразы Нана. Цыдæр ныхæстæ кодтой, фæлæ Фатъийы уыдонмæ хъусын нæ бафæндыди æмæ сæхимæ ра- цыди. Былу сæ уæле æрдæгарæзт хæдзары цур лæппутимæ зми- сæй хъазыди. Фатъи бацыди къалатийы размæ, бакасти ба- битæ æмæ дзибатæм æмæ йæм цыдæр æнахуыр рæсугъд фæкас- тысты. Фатьийæн иухагг йæ мад былтæахорæны хуызæн къаба бал- хæдта. Æмæ йæ уыцы къабайау срæсугъд ис къалати, срæ- сугъд сты бабитæ æмæ дзибатæ дæр. Бабитæй иу тæрсаг уыди, æмæ Фатъи сæ цуры куы алæууыд, уæд уый къалатийы иннæ кæронмæ алыгъди. Иннæтæ сабыр уыдысты, сæ иугай цæсты- тæй-иу афынæй сты, иннæ цæстытæй та гудзитæ кодтой. Фатъи ахъуыды кодта: «Цæй æмæ сæм мидæмæ бахизон æмæ æз дæр тынг срæсугъд уыдзынæн. Иннæтæ мæ алидздзы- сты, фæлæ Нанайыл чи фæцахуыр, уыцы Дзиба нæ фæтæрс- дзæн». Чызг дæлгоммæ ныххуыссыди кæрдæгыл æмæ та ахъуы- ды кодта: «Иуырдыгæй схæцдзынæн къалатийыл æмæ рæвдз фæмидæг уыдзынæн». Йæ сæр бæргæ фæмидæг, фæлæ къалати йæ хъуырыл æрхау- 23
ди. Уисты цыргъ кæрæттæ йæ буары ныхстысты, æмæ къала- ти иуварс аппæрста. Дзибатæ æмæ бабитæ тарст цъипп-цъипгæнгæ фæйнæрдæм алыгъдысты. Фатъи сыстади æмæ ауыдта: дзибатæ æмæ ба- битæ цæхæрадоны бамидæг сты. Бабитæ цæхæрайы сыфтæ хæрыныл фесты, иннæтæ картофы хуымы амбæхстысты. Фатъи фембæрста, тынг аххосджын кæй у æмæ йæ фыдуаг чызг кæй хондзысты. Хъуамæ ныртæккæ сегасы дæр рацахса. Радыгай сæ гæххæттын къопмæ давдзæни. Бахъуызыди сабырдæр ба- бимæ. Уый агæпп ласта, фæлæ цæхæрайы сыфтыл бахауди. Рацахста йæ æмæ йæ къоппы авæрдта. Разгъордта ма, фæлæ сæ иуыл дæр йæ цæст нал æрхæцыди. Нартхоры æвзартæ Былуйæ дæр фæбæрзонддæр сты. Хъæдур хъилтыл бæрзонд схылди æмæ уым дæр — бирæ æмбæхсæнтæ. Фатъи азгъордта уынгмæ, Нанайы сыхæгты устыты ’хсæн ауыдта æмæ йæм ныдздзырдта: — Нана! Ноджыдæр ма йæм фæдзырдтаид, фæлæ йæм тынг кæуын æрцыди. Кæртмæ базгъордта чызг, æмæ йæ цæссыгтæ гæр- гæрæй æркалдысты. Нана тагъд æрбахæццæ, дардæй йæ афарста: — Цы кодтай, мæ къона? Истæмæй фæтарстæ? — Дзибатæ алыгъдысты цæхæрадонмæ, — фæлдæхт къала- тимæ ацамыдта Фатъи. — Нал сæ ссардтон. — Чи йæ афæлдæхта? — Къалатимæ мæ фæндыди, — загъта чызг. — Басабыр у. Ныртæккæ сæ æрцахсдзыстæм. Былу æмæ Нана æрцахстой æртæ дзибайы. Тæрсаг бабийы ма сыхæгты цæхæрадоны дæр фæцагуырдтой. Дада куывдæй куы ’рцыди, уæд æй уый фæцагуырдта, фæлæ никуыцæй разынди. Нада æмæ Дада Фатъийы нæ фæнадтой, загъд дæр æм нæ кодтой. 24
— Уæдæ ма мæнæн фесæфтаид баби, кæддæра мæ нæ фæ- надтаиккат, — бустæхъæлæсæй дзырдта Былу. — Ды ныр лæг дæ, — загъта Дада. — Скъоламæ цæудзынæ. — Фатъийы сæр æрсæрфта йæ хъæбæр æнгуылдзтæй. Дадайы къухтæ ныскъуыдтæ, ныддæрзæг сты, уæддæр æхсызгон вæййы чызгæн, йæ фæсонтæ йын куы æрсæрфы, йæ тыппыр рустæ йын фæндыры тæнтау куы айвазы, уæд. — Фатъи, зæгъ-ма, хизынмæ ауагътай дзибаты? — Къалатийы рæсугъд уыди, дзибатæ дæр — рæсугъд, æмæ мæ семæ хъазын фæндыди. — Ацы бон уæлдай рæсугъддæр фесты дæ дзибатæ? — бафарста Дада. 25
— Æнæнтыст Фатъи! — ныддис кодта Нана æмæ Дадамæ бакасти. — Цæмæй зæгъы, уый зоныс? Къалати сырх хæцъи- лæй бамбæрзтон, аууон сын уа, зæгъгæ, æмæ дзибатæ уыцы сырх рухсы æцæгæй дæр ныррæсугъд сты. Изæрырдæм Дада картофы сыфтæ хæраг хъæндилты уыгъта æмæ иурæстæджы айхъуыста гæркъæраджы уасын. Кæсы æмæ дæлæ арæны бæлæстæй иуы къалиуты æхсæн фæныгъуылди. Касти ма йæм, фæлæ йæ нал федта, йæ уасын дæр нал рай- хъуыст. Уалынмæ уыцы бæласы ’рдыгæй райхъуысти лæп- пын цъиуы удаист уасын. — Гъæ, дæлæ къæрных! — фæхъæр ласта Дада, къуыбар фелвæста æмæ йыл æй ныззыввытт кодта. Йæ къухы æрмттæ зæлланг къæрццытæгæнгæ азгъордта Дада. Арæнмæ куы бав- вахс, уæд гæркъæраг нартхæртты æхсæнæй стахти, сыхæгты цæхæрадоны сæрты ныллæджыты атахт æмæ бæлæсты аууон фæци. Гæркъæраг æрдæбон цы бæласыл абадти, уымæ хæстæг нарт- хоры хуымы Дада ауыдта бабийы лæппыны дæлгоммæ хау- дæй. Йæ чысыл сæры астæу — хуынкъ. Гæркъæраг æй йæ цыргъ бырынкъæй фæхоста. Дада дзыхъ ракъахта æмæ йæ баныгæдта — куыдз кæнæ йæ гæды ма бахæра. Уæд уыдон дæр чысыл дзибатæм лæбурдзысты. 8 Уыйразмæ бон дæр, уыцы бон дæр мард бабийы тыххæй ницы загъта Дада. Фæсахсæвæр хуыссæны йæхи куы ’руагъ- та, уæд ын сабитæ аргъæутты чиныг йæ риуыл авæрдтой æмæ йæ фæйнæфарс хуыссæны абырыдысты. — Мæ цæстытæ сасмæй сæрсты хуызæн сты, — загъта Дада. — Куы йæ зонут, куыддæр кæсын райдайон, афтæ афынæй уы- дзынæн. Уæ Нана уын бакæсдзæн. 26
— Нана цалынмæ тæбæгътæ æхса, цалынмæ æфснайа... — загъта Былу. — Ды нын бакæс. — Нана нын чиныджы бонæй фæкæсы, — загъта Фатъи. — Бонæй та мах нæ бабийы агурдзыстæм. — Ахсæв искуы бафынæй кæндзæни, — загъта лæппу. — Цы бæрæг ис, кæд не сыстынмæ нæхимæ æрбацæудзæн, уæд та. Дада уæддæр не скодта мард бабийы кой. Сабитæ ма цы- дæртæ дзырдтой, фæлæ уæдмæ Дада афынæй. Дыккаг бон райсомæй Дада мæстджынхъæлæсæй афтæ зæгъы: — Уыцы къæрных гæркъæрæгтæ бынтондæр ницæмæйуал тæрсынц. Фаллаг сыхы Гуыситы кæртæй ныр æртæ цъиуы ахастой. Нæ дæллаг сыхаг Дыдар сæ гогызы æд цъиутæ хи- зынмæ рауагъта, иуварс кæдæмдæр фæкаст, æмæ йын дзы иу йæ фындзы бынæй аскъæфтой. — Дада зæронд шифанерæй райста дурæхсæн æмæ йæ батылдта. — Ныр мах Былуимæ уыцы къæрныхтæм æркæсдзыстæм. Былу ныхъхъæлдзæг. Ацы дурæхсæн сыхаг лæппутæй кæмæдæр уыди, æмæ йæ йæ машинæтæй иуыл баивта Былу. Уый знон уыди. Æрбаз- гъордта сарамæ æмæ цинæйдзаг хъæлæсæй сдзырдта: «Гæр- къæрæгты дзы мардзынæн!». Дада ницыма загъта, афтæ йын Нана йæ дурæхсæн айста æмæ сабыр хъæлæсæй афтæ: «Дæ цæсты кæронæй дæр æй нал фендзынæ, лæппу. Нал нæ хъæуы бабыз дæр æмæ карк дæр. Искæй цæст дзы куы скъахай! Хуыцау бахизæд!». Ныр мæнæ уыцы дурæхсæн — Дадайы къухы. Дада загъта: «Нæ бабызы лæппын гæркъæраджы амæттаг баци. Знон кар- тофы хъæндилтæ куы уыгътон, уæд ын йæ уасын айхъуыстон. Кæсын æмæ гæркъæраг уыцырдыгæй бæласыл абадти. Ца- лынмæ бабимæ згъордтон, уæдмæ йæ æрбамардта. Нана дæр 27
тынг смæсты гæркъæрæгтæм, Былу, æмæ дæм дурæхсæн дæт- тæм. Æрмæст дæ зæрдыл бадар — уынгмæ йæ никуы ахæс- дзынæ. Лæппутæ дæ куы фæрсой, уæд-иу зæгъ: фесæфти. Дурæхсæн дæм дæтдзыстæм къæрных гæркъæрæгты марынмæ. Æввахс бæлæстыл куы абадой цæхæрадоны, уæд-иу сæм ба- хъуыз». Уыйфæстæ Былу къанауы былæй йæ хæлафы дзыппыты дзаг схаста тыччы-дуртæ. Дада дуртæй иу дыдагъгонд сæра- чы авæрдта, галиу къухæй æрхæцыд саджилæгыл, рахизæй сæрак æрæлхъывта æмæ сарайы тутабæласмæ скасти. Уым теннисы валан къалиуыл фæхæцыди æмæ йæ сабиты бон æрæп- парын нæ баци. Дадайы фыццаг æхст фæдзæгъæл, дыккагæн æй æрæппæрста. Ныр Фатъи дæр сцыбæл æмæ Дадамæ бахатыд: — Æри-ма, æз дæр дзы иу æхст фæкæнон. — Уый чызджы хъазæн нæу! — сбустæ йыл кодта Былу. — Ивазын дæр дын нæ бакомдзæн. — Иу æхст, иу æхст! — нал æнцад Фатъи. — Нæ загътон, фыдбылызы хъазæн у, зæгъгæ, — мæстыйæ сдзырдта Нана. — Уæ Дада йæ сабибонты фыдуаг митæ æры- мысыди, йæхи аирхæфса, æндæр гæркъæрæгты мыггаг уымæй сыскъуынинаг стут? — фæхæцыди чызджы къухыл. — Кæсгæ дæр æм куынникуал бакæнай, афтæ! — Цæхæрадоны аууон ранмæ бацæуинаг уыдысты Дада æмæ Былу, фæлæ, ног хæдзар чи арæзта, уыцы сыхаг лæг Дадайы ахуыдта, дуар æвæрынмæ, дам, мæм фæкæс. Былу уайтæккæ цæхæрадоны фæмидæг— Нана йын йæ ду- рæхсæн куы байса, уымæй тарсти. Кæдæм æй фæнда, уырдæм хъавдзæн, хъуамæ сдæсны уа æхсынмæ æмæ, гæркъæраг куы амара, уæд æм сыхы лæппутæ хæлæг кæной. Йæ дурты фыл- дæр хай æхст фæци, афтæмæй цыма æхсын нæма райдыдта. Гæркъæрæгтæ дæр æппын нал зындысты. 28
Ныллæг мыртгæ бæласы бын кæрдæгыл сбадти Былу, ду- рæхсæн йæ хъæбысы сæвæрдта æмæ ныхъхъуыста. Гæркъæ- рæгтæ дыгæйттæй дæр фæтæхынц, æртыгæйттæй дæр. Искæй къæр-къæр уаст сæ куы райхъуысы, уæд, æвæццæгæн, йе ’мбæлттæн фæдзуры, кæм хъуамæ абадой, уый. Былу æнцад бадти. Дада йын фæдзæхста: «Дæ улæфт дæр дын куыннæ хъусой, афтæ-иу æнцад бад». Бадти æмæ йæм афтæ касти, цыма тынг рагæй бады. Бафæндыди йæ акъуыбылеццытæ кæнын. Уалынмæ йæм уынгæй æрбадзырдæуыд: — Былу, хъазынмæ рацу! Нана лæппумæ йæ хъус дардта, федта, мыртгæ бæласы бы- нæй куыд разгъордта æмæ зæронд бæласы аууонмæ куыд ба- уад, уый. Уым чысыл афæстиат æмæ уынгмæ азгъордта. Зæронд фæткъуы бæласы бын кæрдæджы Нана ссардта дурæхсæн æмæ йæ хæдзармæ бахаста. Уыцы рæстæг Фатъи сыхаг чызджытимæ сæ хæдзары цур змисæй хъазыди. Былу æмæ йе ’мбал лæппутæ та бæласмæ сбырыдысты æмæ ту- татæ хордтой. Хордтой æмæ сæ дзурынмæ дæр нал æвдæл- ди. Былу æрхизынмæ хъавыди, афтæ айхъуыста гæркъæ- раджы къæр-къæрæй уасын. Уынджы сæрты æрбатахтысты дыууæ къæрныхы æмæ сæ цæхæрадоны æввахсдæр бæлæс- тæй иуыл абадтысты. Рæвдз æрхызти Былу бæласæй æмæ сæ зæронд фæткъуыйы бынмæ базгъордта. Дурæхсæн йæ бынаты нал разынди. Сарамæ бауади æмæ мынæгхъæлæсæй Нанайæн афтæ: — Нæ бæласыл — дыууæ гæркъæраджы. Ратт-ма мын ду- рæхсæн, амарон сæ. — Мæнмæ йæ радтай? — Цæй-ма, алидздзысты. — Мæнæй йæ ма агур. — Уæдæ йæ бæласы бын мыст ахордта? 29
9 Иннæ бонтау та Былу æмæ Фатъи фæсаходæн дзибатæ æмæ бабитæн кæрдæджытæ æртыдтой, сæ дон сын аивтой. Уалынмæ сæм сыхæгты лæппу æрбадзырдта. Былу Нанайы цур алæу- уыд æмæ алæгъстæ кодта: — Ауадз нæ, нæхи цур хъаздзыстæм. Никæдæм ацæудзыс- тæм. Хо æмæ æфсымæр рæвдз азгъордтой уынгмæ. Былу афтæ фæкæны: сыхæгты лæппутæ семæ цы хъазæнтæ æрбахæссынц, уый фены æмæ сæхи хъазæнтæй ахæссы, тынг сæ чи бахъæу- дзæн, ахæмтæ. Былумæ уыди «джип»-машинæтæ — стыртæ æмæ гыццылтæ. Йæ уæзæгтæисæн машинæйæн йæ фат шофыры кабинæйы сæрты размæ адаргъ ис. Уыди йæм чысыл «мерседес»-тæ, «то- йотæ»-тæ, «рено»-тæ, армытъæпæны йæ амбæхс, ахæм чысыл машинæтæ. Иннæ лæппутæ дæр-иу æрбахастой алыхуызон машинæтæ. Фæлæ дзы Былуйы хæдтулгæ, хæдæвдæлонгæнгæ машинæйыйас никæмæ уыди. Фатъи-иу ын йæ гуыффæйы сбадти, æмæ-иу æй Былу аласта. Сарайы къуымы æвæрд зæронд шифанеры бинаг тæрхæ- джы æфснайдтой сæ хъазæнтæ хо æмæ æфсымæр. Былу рæвдз фегом кодта шифанеры дуар. Кæсы, æмæ дæл- лаг тæрхæг — афтид. — Хъазæнтæ та цы фесты? — афарста Былу Нанайы. — Кæм сæ ныууадзут, уым-иу сæ агурут, — загъта Нана. — Ам иунæг хъазæн дæр куынæуал ис, — сбустæ кодта Былу. Дада цæхæрадоны уыди, æмæ лæппу йæ хъаст уымæ дæр бахаста. Зæронд лæг йемæ æрбацыди, хъазæнтæ æвæрæнмæ нæ бакасти, фæлæ шифанеры сæрæй райста дыууæ тыртыра- джы æмæ дыууæ тутулийы. Дада, тыртырæгтæй иу размæ дар- гæйæ, кæрты азгъордта — тыртыраг ныззылди, цæст ыл нал 30
хæцыди. Тутулитæ уыдысты сывæллонласæн уæрдоны цæл- хытæй арæзт. Дада цалхы хуынчъы тел аласта æмæ йæ æлæт таст æркодта, цæмæй йыл цалх ма ’ндзæва. Телы цыбыр кæ- рон дæр — таст, цалх æддæмæ ма хауа. Телы иннæ кæронæй цæг рауад, афтæ йæ æртасын кодта, уый та — йæ хæцæн. Фатъи тутулитæй иу фелвæста, йæ разæй йæ фæкодта æмæ азгъордта кæрты. Цалх зыррытт-тылдæй уыцы раст атылди. Чызг сцыбæл ис, æрфæндыди йæ тынг тагъд азгъорын. Да- дайы «Жигули»-йы цалхæй йæ тутулийы цалх рæвдздæр куыд атула. — Гъа, ахæссут сæ æмæ хъазут, — загъта Дада æмæ Былу- йæн бафæдзæхста: — Иу тыртыраг æмæ иу тутули де ’мбæлт- тæн ратт. — Æмæ нæ хъазæнтæ дæр хъæудзæн, — загъта Былу, ома дæхи ницымбарæг цы скодтай. — Дæлæ-ма лагъз фен, иунæг дæр дзы нал ис. — Дысон куы бафынæй стут, уæд сæ уæ Нана ахаста. Иннæ нанатæ дæр уынгмæ рацыдысты æмæ хъазынтæ байдыдтой, гъе... Уæ Нана сегасы дæр амбылдта. — Сайыс! — сдзырдта Былу. — Дыууæйæ сæ бамбæхстат æмæ ницы дзурут. — Æз æндæр ницы зонын, — загъта Дада æмæ зæронд дива- ныл йæхи æруагъта. — Чысыл аулæфон. Тыртырæгтæ æмæ тутулитимæ уынгмæ ахызтысты Фатъи æмæ Былу. Нана бафарста Дадайы: — Сæ хъазæнтæ сын цæмæн бамбæхстай? — Змис куы æрбаластон, ууыл ныр дæс бонæй къаддæр нæ цæуы. Æмæ цы? Змисæй хæдзæрттæ аразынц. Доныбылæй села дуртæ фæхастой æмæ мæсгуытæ амайынц. Сбадынц, сæ маншнæтæ сæ къухтæй иуырдæм атулынц, иннæрдæм атулынц, дзыхæй гуыв-гуыв, дутт-дутт. Сæ бон сыл афтæмæй ацæуы. Змæлын сæ фæсонæрхæджы дæр нал ис... Æндзыгниз цыдæр 31
æй хонынц. Кæд сыл уый ныххæцыд. Уыдоны карæнæй мах тæлфынæй чи бафсæстаид. Нана уынгмæ акæсаг уыди, сывæллæтæм æдзухдæр йæ хъус дардта. Ныр дæр уынгмæ ауади. Куы ’рбаздæхти, уæд загъта: — Згъорынц тутулиты фæдыл, фæлæ цыдæр æнæбарыго- мау. Цасдæр рæстæг куы рауади, уæд та Нана акасти уынгмæ. Фæстæмæ ’рбацыди æмыр худтгæнгæ: — Тыртырæгтæ æмæ тутулитæ аппæрстой æмæ та змисæй мæсгуытæ амайын райдыдтой. — Маншнæтæ куы сарæх вæййынц, уæд, æвæццæгæн, адæй- маджы змæлын нал фæфæнды, — загъта Дада. Цыдæр машинæ бибипгæнгæ сæ рæзты сындæггай æрцы- ди. Уый та цæлхытыл тулгæ дукани уыди, сидти æлхæнджы- тæм. Сæ сарайы чъылдымты ныттылди æмæ сæ дæллаг сыхæг- ты дуармæ æрлæууыди. Нымад минуттæ рацыдаид, афтæ Фатъи тъæбæрттæй æрбазгъордта. Кулдуары разæй йæ цины хъæлæс æрбайхъуысти: — Дада-а-а! Нана-а-а! Бабитæ! Бабитæ! Чысыл бабитæ уæй кæнынц. Нæ бабийæн иунæгæй æнкъард у. Æмбæлттæ йæ хъæуы. — Цæй, цы? Куыд кæнæм? — афарста Нана Дадайы. — Балхæн дзы, — загъта Дада. — Цæй-ма, машинæ ацæудзæн! — сгæппытæ кодта чызг. — Цу, згъоргæ, — загъта Дада, — фæуром æй. Нана балхæдта дыууæ чысыл бабийы, се рæгътæ фæтар- хуыз сты, æндæр æгасæй дæр — пумпуси бур тинтычъийы чысыл къуыбæрттæ. Былу дæр хабар бамбæрста æмæ уайтагъд кæрты æрбами- дæг. Хъуамæ сæхи цæстытæй феной, сисбазыр стыр баби йæ ног æмбæлттыл куыд цин кæндзæн, ноджы сæ, цыма, дзибатæ дæр бауарздзысты... 32
Сабиты цин бахъардта Нана æмæ Дадамæ дæр. Цыппарæй дæр къалатийы алыварс дзуццæджы æрбадтысты. Къалатийæн бынæй Дада æрæджы æвдузæнджын дуар са- рæзта. Дзибатæй искæй ахсын куы бахъæуы, уæд æм дæ къух байваз æмæ йæ рацахс. Дада байгом кодта къалатийы дуар, бауагъта мидæмæ пум- пуси рæсугъд бабиты. Æмæ мæнæ — æнахуыр диссæгтæ! Ног бабитæ, æвæццæгæн, стыр бабийы сæ мад фенхъæлдтой æмæ йæм базгъордтой. Фæлæ чысыл бабиты раздæр дзибатæ ауыд- той æмæ æртæйæ дæр къалатийы кæронмæ — лидзгæ. Йæ сис- базыртæ фæхъил ласта бабызы стыр лæппын дæр æмæ цъиуты фæдыл алыгъди. Ныцъцъипп-цъипп, ныббапп-бапп кодтой 3 Бицъоты Гриш зз
хъомылтæ, цыма сæ ныртæккæ уыцы чысыл бабитæ ахæр- дзысты, уыйау. Уæддæр чысылтæ сæ фæдыл згъордтой, хъо- мылтæ æрлæууинаг нал уыдысты: кæрæдзи сæрты — пæррæс- тытæ, гæппытæ. Чысыл бабиты фæстæмæ райста Дада. Кæд, дам, сыл сын- дæггай фæцахуыр уаиккой. 10 Сæумæрайсом сын сыхæгты ус æхсыр æрбахаста, æмæ дзы Нана сихормæ макъаронты хъæрмхуыпп сфыхта. Хистæртæ хæрд фесты, уæддæр ма Былу æмæ Фатъи сæ тæбæгъты раз бадтысты. Хъæрмхуыпп куы сфыцы, уæддæр ма йæ Нана сæрæмбæрз- тæй бауадзы: «Аулæфа, уæд ноджы хæрзаддæр уыдзæн». Гъемæ цалынмæ улæфгæ кодта, уæдмæ цъар авæрдта. Уыцы цъары чысыл гæбæзтæ бæрæг дардтой Былуйы æмæ Фатъийы тæбæгъты. Сывæллæттæ рæвдауæндонмæ цыдысты сæ дыууæ дæр, æмæ-иу сын æхсыры хъæрмхуыпп куы æрæвæрдтой, уæд- иу сывæллæтты цæсгæмттæ нынхъырдтæ сты. Былу йæ уидыгæй Фатъийæн тæбæгъмæ амыдта: дæлæ мæ хъæрмхуыппы цас цъæрттæ ис! Уæд Фатъи дæр йæ уидыг йæ тæбæгъы фæтъыста, ома мæ тæбæгъы къаддæр нæй. — Гъемæ хорз, — загъта Нана. — Ацы бон уæ къафетт йæ цæстыкæронæй дæр ничиуал фендзæн. Мард æм рабаддзæн, ахæм æмбисонды хæринаг, æмæ нервæссонтæ кæнынц. Былу æмæ Фатъи хус дзулæй сæхи бафсæстой, цай бацымд- той. Дада сыхæгтæй бæхуæрдон ракуырдта æмæ Былуимæ сæ цæхæрадоны быруйæн цæджындзтæ ласынмæ ацыдысты ата- гъамæ. Нана сарайы зымæгмæ кампоттæ фыхта, Фатъи та хæ- дзармæ бацыд «Абеты» чиныджы нывтæ уынынмæ. Сæ чингуытæ рудзынгыл рагъамадæй лæууыдысты, фæлæ 34
дзы иу дæр нæма рафæлдæхта Фатъи, афтæ йæ зæрдæ На- найы арф æвæрæнмæ ахсайдта. Къафетттæ сын ардыгæй ахæс- сы Нана, æмæ сæ ардæм цæуын нæ фæуадзы. Æмæ йын Фатъи хъуамæ йе ’мбæхсæн ссара. Чызгæн йæ комыдæттæ æруадыс- ты, цыма апельсины адгæнаг къафеттæ баппæрста йæ дзыхы. Куы сæ ссара, уæд дзы иу армыдзаг сисдзæн. Нагъ. Былуйæн дæр ма дзы иу уыйбæрц сисдзæн. Æмæ райдыдта Фатъи Нанайы æмбæхсæн агурын. Целло- фан дзæкъулы вæййынц, æмæ йæ истæйы бын атъыстаид. Шифанеры тæрхæджытыл æвæрд дзаумæтты æхсæнты бас- гæрста. Бинаг тæрхæджыты ницы разынд, бандоныл алæу- уыд æмæ уæллæгты æхсæн агурын райдыдта. Иу ран — цал- дæр къоппы. Сæ иуы, Дада денджызы былæй кæй схаста, уыцы æмдымбыл сау дуртæ. Иннæ къоппы разынди селаарæзт хуынкъ дуртæ. Æртыккаджы — сæтæлхъузджытæ. Сæтæл- хъузджытæй иу йæ хъусыл авæрдта Фатъи — Дада дæр афтæ фæкæны, — йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ айхъуыста доны сæр-сæр, уылæнты цæллахъхъытæ. Гом форточкæйæ дывдывгæнгæ цыдæр æрбатахти, рудзын- гæмбæрзæнæй авджы æхсæн фæмидæг. Чызг æй ауыдта — стыр сау хъæндил. Фæстæмæ йæ атæхын фæндыди, форточкæ нал ардта æмæ уат йæ дыв-дывæй байдзаг. Бауади йæм Фатъи, куыд æнхъæл уыди, хъæндил уымæй бирæ стырдæр разынди. Рудзынгæмбæрзæныл рахæцыд, хъæндил ратахти æмæ сенæйы бамидæг. Чызг чиныг йæ разы сæвæрдта — куы йæм тæха, уæд æй æрцæвдзæн. Цасдæр нал райхъуыст хъæндилы дыв-дыв. Ныр Фатъи сгарын райдыдта тыхт хъæццулы æхсæн. Йе ’нгуылдз дзы цæуылдæр андзæвыд, раласта йæ æмæ... Былу машинæйыл кæй баивта, уыцы дурæхсæн! Айхъуыста та хъæндилы дыв-дыв, йæ тæккæ сæрты æрба- тахти, цыма йыл йæхи ныццæвинаг уыди. Рамæсты йæм ис чызг æмæ йæ фæстæ адзырдта: 35
— Æз дæ ныртæккæ куынæ фæгæрах кæнон. — Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Дадайы тымбыл сау дуртæ. Цалдæр дзы радавта, сифтыгъта дурæхсæн æмæ банхъæлмæ касти. Хъæн- дил абадти сенæйы рудзынджы сæрмæ. Куы йæ амара, уæд Былуйæн зæгъдзæни: «Федтай, æз куыд рæстдзæвин дæн. Ды та иу гæркъæраг дæр нæ амардтай». Ныхъхъавыд Фатъи хъæндилмæ, рахиз къухæй саджилæ- гыл ахæцыди. Резинæтæ ивæзтысты, ивæзтысты, æмæ сæрак феуæгъд кодта. Дур суади сенæйы уæллаг рудзынджы цæс- тыл... Базгъæлæнтæ авг, кæртæй ма æрбайхъуысти сæстæгты къæрццытæ. 36
— Фатъи! — чызг айхъуыста Нанайы удаист хъæлæс. Дзуццæджы абадти Фатъи æмæ йæ сæр йæ уæрджытыл авæрдта. Йæ разы пъолмæ æрхауди дурæхсæн. Фатъи æмбæрста, тынг фыдуаг ми кæй ракодта æмæ йын хатыр кæй нæ уыдзæн. Йæ мад афонмæ йæ цуры алæууид, йæ цонгæй йæ фелвасид æмæ йын йе ’рбадæнтыл къæрццытæй ралæууид. Никуы йæ фæнадтой Нана æмæ Дада, фæлæ йыл ныр уыдон дæр нал бацауæрддзысты. — Фатъи! Кæм дæ! — æввахсæй æрбахъæр кодта Нана, йæ уæлхъус алæууыд æмæ йæ йæ хъæбысмæ фелвæста, йæ цæс- гом ын ауыдта æмæ дзырдта: — Мæ удæй мæ мидæг ницуал аззади. Мæнæ фыдбылызы чызг! — рудзынгмæ ацамыдта. — Æдде исчи дур æрбахста? — Æз æй асастон!.. — ныккуыдта Фатъи, йæ сæр Нанайы дæллагхъуыр амбæхста. — Куыд æй асастай? — ныццымыдис Нана. — Дæлæ уымæй, — дурæхсæнмæ ацамыдта чызг. — Нæ сын дзырдтон, нæ, цæттæ фыдбылыз у, зæгъгæ. Æмæ ды дæр цавæр чызг дæ, фыдуаг лæппутæй фыддæр куы фæдæ! Дада дæр нæ фæнадта Фатъийы, æрмæст загъта: «Лæп- пуйы дзаумæттæ йын балхæнæм, цымæ ма нын цытæ равди- сид». Æппæты тынгдæр æм смæсты Былу. Ныр, дурæхсæн кæй фесафдзысты, уый гуырысхойаг нал уыди, æмæ мæстыйæ загъта: — Хъазæн дæр дын нал ратдзынæн, демæ дæр никуал ахъаз- дзынæн. 11 Нана ма иу хатт бауагъта дыууæ чысыл бабийы къалатимæ, æмæ та стыртæ кæрæдзи сæрты хауын байдыдтой. Уæд Дада чысылтæн фæтæн фæйнæджытæй хæдзар скодта сарайы къуы- 37
мы, æмæ сын уым хæринаг лæвæрдтой. Бирæ бонтæ нæ рауа- ди, афтæ чысыл бабитæ æрбарынчын сты, сæ къубæлттæ ивæз- той, сæ хъуырты цыма цыдæр ныссагъд — хуыррытты хуызæн уынæртæ сæ-иу схауди. Сыхæгты устытæ дæр дзырдтой, нæ чысыл бабитæ фæрынчын сты, зæгъгæ. Сæ хъуырты, дам, цы- дæр зулчъытæ равзæры, хъихъниз сыл фæзыны. Рынчын бабиты дзæбæх кодта Нана. Бабийы бырынкъ-иу базыхъхъыр кодта æмæ-иу дзы пипеткæйæ хосы æртах ныт- тагъта. Хæринаг та сын Фатъи лæвæрдта, æмæ дзы Дада рап- пæлыди: «Кæсут-ма Фатъимæ, куыд хорз сæм арæхсы!». Тынг зылдысты бабитæм, уæддæр сæ иу амарди. Нана, Дада, Фатъи æмæ Былу кастысты дзæбæх дзибамæ æмæ уыдтой, куыд нынкъард, куыд тæригъæд уыди... Дада загъта: — Ацы лæппын иунæгæй бынтондæр ныдздзæллаг уыдзæн æмæ йын куыд бакæнæм? — Горæтмæ йæ аласæм дохтырмæ, — загъта Былу. — Ныр та Фатъимæ байхъусæм. Цы фæуа дзиба? — Хицæн хæдзар сын сараз, — загъта чызг. — Æмæ стыр бабиимæ цæрæнт. — Стыр бабийæн зæгъæм: худинаг дын фæуæд, цæуылнæ йæ уарзыс? Афтæ, нæ? — загъта Дада. — Нана, дæумæ та цы хъуыды ис? — Нæ сыхæгтæн æй раттæм, — загъта Нана. — Уыдонмæ чысыл бабитæ ис æмæ йæ бауарздзысты. — Дада, — сдзырдта Былу, — дæу та куыд фæнды? — Æз дæр зæгъын: сыхæгтæн æй раттæм. Уыцы изæр сыхæгтæн ныххастой чысыл бабийы. Фатъи федта, йæхи хуызæн пакъуы-фæлмæн бабитæм куыд баз- гъордта æмæ се ’хсæн куыд фæмидæг. Сæ иу дæр дзы нæ фæтарст. 38
* * * Фатъи куыддæр райхъал ис, афтæ йæ къаба^ акодта æмæ кæртмæ рауади. Нана къалатийы цур чысыл бандоныл бадти, гом дуарæй йæ къух байвæзта æмæ цъиутæн рæвдауæн ны- хæстæ дзырдта. Дзибатæй иу Нанайы армæй цыхты муртæ иста. — Сабыргай æрбацу, Фатъи, — загъта Нана. — Знæт змæлд нæ уарзынц. Ацы дзиба мын куыд зæгъы, уый зоныс? — Æмæ дзиба дзурын куынæ зоны. — Зоны, зоны. Фатъи, дам, тæлфаг у, фæлæбуры, дам, мæм, рацахсы мæ æмæ мын мæ къæхтæ фæцæйсæтты. Сабыр- гай сæм-иу æрбацу, дзæбæх сæм сдзур, цыма дæ семæ хъазын фæнды, æмæ дæ армæй дæр муртæ хæрдзæн. — Цы худæг дæ, Нана, дзибайы ныхæстæ дæр æмбарыс, — сдзырдта чызг æмæ ныккæл-кæл кодта. — Æмбарын, уæдæ не ’мбарын! — загъта Нана æмæ бабызы лæппынмæ бацамыдта. — Кæс-ма йæм, уæдæй нырмæ йæ бы- натæй не сызмæлыд. Ма фæрынчын уæд? — Кæд ыл гыццыл бабийы низ бахæцыд? — бафарста Фатьи. — Цы бæрæг ис. Уæд ын хостæ æрбахæссын хъæуы, — загъта Нана. Æцæгæй дæр лæппын бабыз фæрынчын. Нана æмæ йын Фатъи хостæ æрбахастой æмæ йæм зилын райдыдтой. Кæр- дæджыты дзæбæхтæ йын карстой, хæринаджы адджындæртæ йын лæвæрдтой. Дзибатæн дæр-иу авæрдтой уыцы буц хæри- нагæй. Æмæ цы бафиппайдтой — фых айчы муртæ-иу хæло- фæй рауыгътой, кæрæдзи схуыстой, нартхоры лæхурæгæй та- иу иугай муртæ ауыгътой... Кæцыдæр бон лæппын бабыз къуылых цæуын байдыдта, æмæ йæ къалатийæ æддæмæ рауагътой. Ныр лæппын бабыз гæркъæрагæй фестырдæр, æмæ йын уымæй нал тарстысты, 39
фæлæ йæм уæдцæр сæ хъус дардтой. Уæвгæ та сæ тынг фæнды- ди, цæмæй базмæла, цæхæрадоны-иу исты кæрдæджытæ стона. Рынчын бабыз-иу къуылых-къуылых ацыди, йæ къæхтæ- иу йæ быны фæдыдагъ сты. Цыдæр амæлттæй-иу бахæццæ цæхæрайы хуыммæ. Дада цæхæраджынтæ бирæ уарзта, са- битæ дæр, æмæ сыфтыл ауæрста Нана. Фæлæ-иу лæппын ба- быз цæхæрайы сыфтæй дзæбæх куы стындтытæ кодта, уæд сын æхсызгон уыди. Фæстæмæ-иу къалатийы цурмæ æрба- тырныдта. Йе ’ртæ æмбал бæдулы куыд уына, сæ уынæр сын куыд хъуса, афтæ-иу къалатийы цур æрбадти. Бонтæ цыдысты, хæстæгæй-хæстæгдæр кодта Былуйы скъо- ламæ цæуæн бон. Фæфидар сты лæппын бабызы къæхтæ æмæ йæ дзибатæм бауагътой. Дада загъта: — Бабызмæ Нана дæр хорз зылди, фæлæ тынгдæр Фатъийы руаджы адзæбæх. Чысыл дохтыр у. Æмæ чызг йæхицæй ныббузныг. 12 Æмæ мæнæ ралæууыди скъоламæ цæуæн бон. Хъæуæй къуы- ри раздæр ссыдысты хо æмæ æфсымæр сæхимæ, горæтмæ. Куы цыдысты, уæд Дада загъта: — Къалатийы цæрджытæн æнкъард уыдзæн, дыууæйæ дæр куы ацæуат, уæд. — Былуйы-иу мамæимæ скъоламæ ахондзыстæм æмæ йæ- хæдæг фæндаг куы базона, уæд æрцæудзынæн, — загъта чызг. Сæумæрайсом мад Былуйы сынтæджы раз дзуццæджы æрбадти, йæ сæр ын фæлмæн æрсæрфта, ома райхъал уа. Былу йæ иннæ фарсыл æрзылди. Уæд æй мад рахаста йæ хъæбысы стыр уатмæ. Диваныл æй æрæвæрдта æмæ загъта: — Эльбрус, мæ гыццыл къона. Сыхæгты лæппутæ æмæ чыз- джытæ арæвдз сты, ныртæккæ дæм æрбадзурдзысты. 40
Ныр æй хæдзары дæр Эльбрус хондзысты, цæмæй йæм скъо- лайы Былу-номæй мачи дзура. Айразмæ йын мад йæ ахуыргæ- нæгмæ фæцыди æмæ йын фæдзырдта: «Нæ лæппу æнæзонгæ адæймаджы раз æфсæрмы кæны æмæ ныссуйтæ вæййы». Ахуыргæнæг загъта: «Ахæм лæппутæ æмæ чызджытæ ахуы- рыл æнувыддæр вæййынц». Чысыл уатæй сæм бæгъæввадæй разгъордта Фатьи, йæ хъæц- цул — йæ хъæбысы. Диваныл ахуыссыд, йæхи æрæмбæрзта æмæ сæм касти. — Фатъи дысон æрæгмæ бафынæй, — загъта мад. — Фæлæ, кæсыс, йæ тарф фынæйæ райхъал, йе ’фсымæр скъоламæ куыд рæвдзæй ацæудзæн, уый фенын æй тынг фæнды. Чызджы дзыхæй иу дзырд дæр не схауди, фæхъуыста, фæ- касти сæм æмæ фæстæмæ афынæй. * * * Уыйфæстæ бон дæр федта Фатъи, мад Былуйы скъоламæ куыд рæвдз кодта. Стæй ма ноджы цалдæр хатты. Чызг иуизæр йæ мадмæ дзуры: «Æз дæр раджы бафынæй уон æмæ Былуйы иумæ скъоламæ ахондзыстæм». Бирæ хæттыты ма йæ ахуыд- той иумæ, стæй уæд мад чызгæн загъта: — Абон æз æмæ ды дæр урочы баддзыстæм. Ахуыргæнæг нæ хоны. — Æз Былуимæ сбаддзынæн, — фæрæвдз Фатъи. — Эльбрус æй хон, — загъта мад. — Уый иу лæппуимæ фæбады, æмæ сæ мах нæ бахъыгдардзыстæм. Къласæн йæ цар уыди бæрзонд, йæ рудзгуытæ — стыртæ. Фатъи ахæм рухс уат никуыма федта. Фæстаг рудзынджы раз сын уæгъд стъолмæ бацамыдта ахуыргæнæг, æмæ мад æмæ чызг уым сбадтысты. Эльбрус бадти уыцы рæгъыл дыккаг стъолы уæлхъус. Тынг кæй ныфсæрмы, уый Фатъи ардыгæй 41
дæр уыдта. Ныгъуылдхуызæй бадти, цыма стъолы бын ам- бæхсын йæ зæрды уыд. Фатъи къласы лæппутæ æмæ чызджытыл афæлгæсыд, тынг- дæр та ахуыргæнæгмæ касти. Уартæ йæ къухмæ систа «Абе- ты» чиныг. Знон дзы Эльбрус бирæ фæкасти. Йе ’нгуылдз-иу чиныджы фарсыл абырыди, æмæ йын мамæ афтæ: «Дæ къухтæ æдзух æхсад нæ вæййынц æмæ дæ чиныг счъиллон уыдзæн». Ахуыргæнæг йæ цæст ахаста лæппутæ æмæ чызджытыл, Фатъийы дæр ауыдта. Йæ сæрыхъуынтыл баст уыди сырх, цъæх æмæ урс лентытæ. — Кæсын кæй фæнды, уый йæ къух сдарæд, — хъæрæй загъта ахуыргæнæг. Уыцы тагъд фæхъил кодтой сæ къухтæ лæппутæ æмæ чызджытæ цалдæрæй. Фатъи дæр сдардта йæ къух. Стъолæй уæлæмæ дзæбæх нæ зынди æмæ слæууыди, науæд æй ахуыргæнæг куынæ фена. Ахуыргæнæг загъта: — Эльбрус йæ къух не сдардта, фæлæ йæ афтæ ма бамба- рут, æмæ æдзæттæйæ æрбацыд. Фæлæ-ма кæсут, йæ гыццыл хойы тынг фæнды, куы йæ бафæрсин, уый. Иууылдæр фæстæмæ разылдысты æмæ цымыдисæйдзаг цæс- тытæй Фатъимæ ныккастысты. Йе ’фсымæр дæр æм йе ’ргом раздæхта, фæлæ уайтагъддæр размæ азылди. — Дæ ном-ма нын зæгъ, — загъта ахуыргæнæг. — Фатъи. — Фатъимæт, цы радзурын дæ фæнды? — бафарста ахуыр- гæнæг. — Нæ бабиты æмæ дзибаты тыххæй радзурдзынæн, — сдзырд- та чызг. — Æмæ уæм кæркдон дæр ис? — Дзæбикъуыр нын сæ æрбахаста, æмæ нæ цæлгæнæны цар- дысты, æмæ сын уазал уыди, æмæ фæрынчынтæ сты, æмæ бабитæй иу амарди, æмæ мамæ куыдта... 42
Лæппутæ æмæ чызджытæ худтысты. Эльбрус та, фырæф- сæрмæй цы фæуыдаид, уый нал зыдта. Мад уый бафиппайдта æмæ Фатъийыл сбустæ кодта: — Гæркъæраг куы фестадтæ. Æгъгъæд у. — Хорз, хорз, — загъта ахуыргæнæг. — Ахуырмæ рæвдз уыдзынæ. — Æз «Гино» дæр зонын, «Дзедз æмæ дзедз» дæр, — æнæ- къуызгæйæ дзырдта Фатьи, ахуыргæнæг цы зæгъдзæни, уымæ дæр нал банхъæлмæ касти æмæ дзурын байдыдта: Уæлæ халон фæтæхы, Дзедз æмæ дзедз. Йæ дзыхы та цы хæссы, Дзедз æмæ дзедз... — Уый диссаджы чызг куы дæ, Фатъимæт! Æмдзæвгæ дæр тынг хорз дзурыс. Сæ къухтæ цалæй сдардтой, уый федтай? Æмæ уыдон дæр кæсын фæнды. Фатъи ма цыдæр зæгъинаг уыди, фæлæ йын мад йæ хъусы бадзырдта: «Æгъгъæд у, къæбæда». — Йæ цонгыл ын æрхæ- цыди æмæ йæ сбадын кодта. 13 Былу-иу цалынмæ йæ уроктæ скодтаид, уæдмæ йæ кæртмæ нæ уагътой. Фатъиимæ дæр нæ хъазыди. Фатъи-иу нынкъард и. Йæ хъазæг æмбал чызджытæ сывæллæтты рæвдауæндонмæ цыдысты, æмæ горæты цы куыстаид, уый нæ уыди. Хъæумæ- иу æй Нана æмæ Дадамæ цæуын тынг фæндыди. Бабызы лæппын бынтондæр сдынджыр уыдаид. Нанайы къухæй чи хордта, уыцы бæдул Фатъийыл дæр фæцахуыр уыдзæни. Бирæ бонтæ ма рацыди, уæд сæм Дада æмæ Нана сæхæдæг фæзындысты. Фатъи Дадамæ базгъордта, уый йæ йæ хъæ- 43
бысмæ куы фелвæста, уæд ын йæ цæнгтæ йæ хъуырыл æрба- тыхта. — Æри-ма, мæ пумпуси чызджы гæбо мæн дæр тынг хъæуы, — загъта Нана æмæ йæм йæ цæнгтæ байвæзта. — Фæлæуу-ма! — йæ къух ыл ауыгъта чызг. — Дадаимæ адзурон. — Радзур-ма мын, радзур истытæ, Фатъи, — загъта Дада. — Ницы дын дзурын. — Чызг ын йæ къухæй йæ риуæн — гуыпп. — Цæуылнæ нæм цыдтæ? Мæн хъæумæ тынг куы фæн- дыди! — Æмæ хъæуы куы нал вæййæм, Фатъи, — загъта йын Дада. — Нæ хæдзары пец дæр нæй. Газ æм куы бауадзæм, батарейтæ дзы куы сæвæрæм, уæд зымæг дæр уым цæрдзыстæм... — Æмæ уæдæ бабитæ æмæ дзибатæ сæхæдæг иунæгæй цæ- рынц? — Мæдитæм сæ аластам. Уыдонмæ ис кæрчытæ, гогызтæ æмæ бабызтæ. Афонмæ семæ балымæн сты. Мæди Фатъийы мады хойы чызг уыди, цардысты хъæуы. — Æз Мæдитæм цæуын! — хъæрæй загъта Фатъи. — Хорз, райсом дæ аласдзынæн, — зæрдæ йын бавæрдта Дада. — Мæн ныртæккæ фæнды. — Æмæ Былуйы нæ ласæм? — Уый не ’вдæлы. — Æнæ уый ма ацæут, тынг хъыг ын уыдзæн, — загъта сабиты мад. — Ныртæккæ сæ фæстаг урок райдайдзæн. — Цомут, скъолайы цур æм банхъæлмæ кæсæм, — загъта Нана. Скъолайы цур сæ машинæ куы ’рлæууыди, уæд Фатъи сдзырдта: — Æз сын сæ кълас зонын æмæ Былуйы рахондзынæн. — Къласмæ мидæмæ бацæудзынæ? — бафарста Дада. 44
— О, мах мамæимæ къласы ахуыр кодтам. Мæ урок ра- дзырдтон. — Цу, уæдæ, æмæ рахон Былуйы, — загъта Дада. Былуйы кълас уыди дыккаг уæладзыджы. Асинæй схиз æмæ рахизырдыгæй — фыццаг дуар. Дуар ын æнцонæй фе- гом. Къæсæрæй бахызти Фатъи. Дуаргæронæй ацагуырдта Былуйы æмæ йæм бадзырдта: — Мауал бад, рацу. Дада æмæ Нана дæм æнхъæлмæ кæ- сынц. — Фатъимæт, æгас нæм цу, — загъта ахуыргæнæг. — Искæ- дæм цæут? — Мæдитæм, стыр хъæумæ. — Дæ Дада æмæ Нана кæм сты? — Дæлæ уынджы машинæйы æнхъæлмæ кæсынц. — Æмæ урочы кæронмæ нал фæлæудзыстут, зæгъыс? — Рухсæй нæ цæуын хъæуы. Нæ бабитæ æмæ дзибатæ дæр уым сты æмæ сæ талынджы куыд фендзыстæм. — Эльбрус, ацу, Фатъимæты курдиат æххæстгæнинаг у. Лæппутæ æмæ чызджытæ худтысты, фæндыди сæ, Фатъи ма исты ныхæстæ куы зæгъид, уый. Былу та ныфсæрмы, ахуыр- гæнæгмæ дæр нал бакасти, хæрзбон дæр нал загъта. Фатьи тыргъ- тæм куыд фæцæйцыд, афтæ къласы лæппутæй иу сдзырдта: — Дзедз æмæ дзедз! Æмæ иууылдæр ныххудтысты. Хъæумæ, Мæдитæм, ныххæццæ сты талынггæрæтгы. Фатъи уайтагъд афарста: — Кæм сты мæ дзибатæ? — Æгайтма дæ фæнды сæ фенын, — загъта Мæдийы мад. Сегас дæр бацыдысты кæркдонмæ. Цырагъ ссыгъди æмæ кæркдон ныррухс. Кæркдонæн иуырдыгæй йæ къулрæбынты уыди цæуæн. Иннæ иууылдæр — кæрчытæн æфтуанхъæдтæ. Зæххæй цары 45
бынмæ ссыдысты тымбыл хъæдтæ, цæхгæрмæ сыл — уистæ хуыд. Уыдоныл бадтысты кæрчытæ, бирæ кæрчытæ. — Фатъи, ды къуымтæм дзæбæх кæс, — загъта Мæдийы мад. — Дæлæ сты мæ бæдултæ, мæ бабыз! — рахиз къуыммæ ацамыдта чызг. Уым хибарæй бакъорд сты бабызы лæппын æмæ æртæ бæдулы. — Фатъи, цирчы диссæгтæ! — Нана ма ноджыдæр æндæр цины ныхæстæ дæр дзырдта, йæ къухтæ-иу кæрæдзиуыл æр- цавта... — Уыйбæрц фæцардтæн æмæ уынгæ дæр никуы фæкодтон æмæ хъусгæ дæр ахæм диссæгтæ. Уыйас бæдултæ æфтуан- хъæдмæ ма сгæппытæ ласой æмæ ма сбадой, уый кæд фендæ- уыди! Фæлæ, кæсут-ма, бабыз æфтуанхъæдмæ нæ хизы, æмæ йæ бæдултæ иунæгæй нæ ныууагътой. Кæрæдзийы хъарммæ сын куыд хорз у æмæ куыд лымæнæй баззадысты! Былу æмæ Фатъи, сымахмæ дзурын, гъеуыдæттыл ахъуыды кæнут æмæ сæ уæ зæрдыл дарут. 46