Text
                    Цгъойты Хазби
Уацау, новеллазтæ,
радзырдтæ, уацтæ


Цгъойты Хазби Уацау, новеллæтæ, радзырдтæ, уацтæ Повесть, новеллы, рассказы, публицистика © Цгъойты Хазби, 2020 АО «Осетия-Полиграфсервис, 2020
^^^^^^^^^^^^^^^^ч 3 Уæлахизы сидзæртæ Уацау Æнæнхъæлæджы уазæг Арын дзы мæ зынгхуыст хæстон фыд Федыры рухс ном Оххай! Охх, мæнæ мæ цы фын фæлыгъд!» — ныу- уынæргъыдта æз нæ, фæлæ мæ уд. Уыцы æнæхайыр дзы- гъал-мыгъулмæ хъал радæн, фæлæ, цы уыд, уый базонын дæр мæ нæ фæнды — мæ цæстытæ нæ гом кæнын: кæд ма ногæй афынæй уаин, мæ фын йæ фæдджитæй ацахсин æмæ мæ цард-цæрæнбонты кæмæ бæллыдтæн, уый та фе- нин æмæ йæ бафæрсин: — Баба, кæд нæм æрыздæхдзынæ?.. Нæ цæстытæ дæм æнхъæлмæ кæсынæй куы ныуурс сты... Фыццаг хатт æй федтон фыны, фыццаг хатт мæм ба- худт йæ мидбылты. Фæлæ дзургæ ницы скодта. Æрмæст мын йæ стыр армы тъæпæн мæ сæрыхъуынтыл къæбу- ты ’рдæм рæвдаугæ фæлмæн æруагъта. Уый мæнæн ахæм æхсызгон уыд, æмæ йæм сдзурын нал сфæрæзтон: йæ цъæх цæстытæм ын кастæн æмæ кастæн. Уыдон мæм худтысты æмæ худтысты. Цалдæр алыхуызон къам нæм дзы баззад, алы ран дæр дзы йæ къæбæлдзыг бецыкк бæрæг дары, фæлæ йæ фыны нæ бафиппайдтон. Æрмæст ын рахастон йæ цæстæнгас æмæ йæ цинелы фæдджитæ. Куы мæ фæуагъта æмæ тагъд-тагъд къахдзæфтæй куы
4 /^^^^^^^^^^^^^^^ фæцæуæг, уæд ын дымгæмæ цæргæсы базыртау фæйлыд- той. Æз æм ныхъхъæр кæнынмæ хъавыдтæн: — Баба!.. Кæдæм цæуыс?.. Мах дæм ныр хæсты фæ- стæ æхсæзæм аз æнхъæлмæ куы кæсæм!.. Фæлæ мæ дзых бамыр, байгом кæнын мын нал куымд- та... Æмæ дын стæй — ацы æнамонды дзыгъал-мыгъул. Райхъал дæн, фæлæ мæ уæддæр нæ фæнды мæ цæ- стытæ байгом кæнын, боны рухс фенын. Суджы лыггагау хъæццулы бын дæргъæй-дæргъмæ хуыссын, улæфын дæр мæм нæ цæуы. Цымæ дзыцца та кæм ис?! Йæ уынæр нæ хъуысы. Уый раджы сысты æмæ дурын пецы арт банд- зары, стæй хæдзары зылдтытыл афæстиат вæййы. Ныр дæр скъæты кæнæ кæрты, æвæццæгæн, истытæ архайы. О, фæлæ Фæрдыг æмæ Таму та кæм сты? Ацы дзыгъ- ал-мыгъул сæ нæ райхъал кодта? Цыппарæй дæр иу хъæдын сынтæджы хуыссæм. Таму кæстæр у, æмæ йæ дзыцца йæ фарсмæ къулæрдыгæй хуыссын кæны. Мах та Фæрдыгимæ — дæлфæдтæм. Æз — къулæрдыгæй, Фæрдыгæй кæстæр дæн, æмæ мын фынæйæ рахауынæй тæрсы. Кæд, мыййаг, уый дæр сыстад æмæ дзыццайæн æххуыс кæны. Æдзухдæр йæ мийы йæ фарс- мæ ис, хонгæ та йæ фæсæфсин кæны. Дзыцца куысты ис, исты хъуыддаджы фæдыл районмæ ацыд кæнæ — зиан- мæ — Фæрдыг йæ бæсты æфсины митæ кæны, æфснайы, махæн цу-ма кæны. Мах дæр нæ мæгуыры бон зонæм; куы нæ базмæлæм, уæд нын нæ куыстытæ чи бакæн- дзæн, ничи нын ницы ратдзæн. Уымæн æмæ алчидæр тыхцæрдтытæ кæны. «Сæ мæгуыры хъиутæ хæрынц», - афтæ фæзæгъы дзыцца. Йæ зæрдæ балхæныны тыххæй мах æртæйæ дæр фæразæм. Æнæ уый дæр йæ цæссы- гæй йæхи арæх æхсы. Исты хъуыддæгты куы стыхсы, сæ бакæнын йæ бон куы нал вæййы, уæд нæ даргъ бандоныл æрбады, æмæ йæ хъарæг фемæхсы. Мах æй зонæм: баба хæстæй куы сыздæхтаид, уæд нæ кæуид. Уымæн æмæ ныр уый куыстытæ дæр дзыццамæ хауынц. Йæ фæйнæ- фарс æрбадæм æмæ мах дæр йемæ фæкæуæм.
Афтæмæй нæ иухатт не ’рвадæлты ус Анычкæ æрбай- йæфта æмæ дзыццайæн алывыдтæ фæкалдта. Мах æм тынг фæмæсты стæм. Фæлæ дзыцца йæ сæрыл рахæцыд: «Уый мæ йæхицæн ницы агуры. Уымæн йæ лæджы 37- æм азы Сыбырмæ ахастой, æмæ уый дæр дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг сидзæртæй фæхаста. Махæн ма паддзахад цыдæр капеччытæ фиды, уымæн та йæ цот кулаччы «хъы- былтæй» бахъомыл сты. Зынтæн фæразын хъæуы, адæй- маджы уд зæххыл ис — æргуыбыр æм кæн æмæ йæ сис». Фæстаг ныхæстæ æз хорз нæ бамбæрстон, æмæ йæ афарстон: «Дзыцца, уд та циу? Зæххыл цæмæн ис, кæд адæймаджы у, уæд? «Уый нæ æртæйæ дæр йæ хъæбы- сы æрбакодта æмæ загъта: «Мæ хъæбултæ, зонут æй, ацы царды æнцонæй ницы ис! Æнæфыдæбонæй, цæт- тæйæ адæймагмæ ницы хауы, куы йæм æрбахауа, уæд та йæ фарсыл нæ бахæцдзæн. Змæлын хъæуы, кусын; ахуыр кæнын, цæмæй дæ фыдæбоны бæркад фылдæр уа. Зæхмæ æргуыбыр кæнын, барæвдауын уарзы, æмæ дын уæд уый дæр аккаг дзуапп ратдзæн. Æмæ дзы разы уы- дзынæ, разы уыдзынæ дæ бакуыстæй, дæ цардæй. Аргъ дын уыдзæни адæмы æхсæн, æмæ дæ уд райдзæн, цæ- рын дæм цæудзæн. Уымæн æмæ уд у адæймаджы цардыл хæцæг. Фенæн ын нæй, фæлæ мæнæ æз мæ хъысмæтыл куы фæкæуын, уæд мæ уд фæкæуы, скъолайы уæ ахуыр- гæнджытæ кæнæ сыхæгтæ куы раппæлынц, уæд та цин фæкæны. Æмæ æз дæр схъæлдзæг вæййын. Уæ фыды фæдзæхст æххæст кæнын мын кæй æнтысы, уый мын мæ тыхыл тых бафтауы». — Хуысгæ ма кæнут, — æвиппайды айхъуыстон дзыц- цайы хъæлæс, — æмæ мæ хъуыдытæ фескъуыдысты. — Мæнæ ма ракæсут, цы уазæг нæм æрбацыд. Уазæджы æфсарм нæ иууылдæр нæ хуыссæны раба- дын кодта... Фæлæ уаты æцæгæлон куы ничи ис... — Мæнæ, мæнæ... пецы раз, — дзуры дзыцца, — Бедра куы сфæлдæхта, уæд уый хъæрмæ дæр нæ райхъал стут?
6 У^^^^^^^^^^^^^^ Дурын пецы раз зыр-зырзыргæнгæ лæууыд ногзад уæрыкк. — Дзыцца, уазал ын у, — дзуры Фæрдыг — Æри-ма йæ æз æй хъæццулы бын бакæнон. — Фæрдыг, нæ! Ницы йын уыдзæн. Уадз æмæ уал хъарм пецы раз схус уа. Уый фæстæ иууылдæр дæу нæу!.. Йæ мад мын зайгæ-зайын амард. Уалдзæг нал кæны, холлагхъуагæй смæллæг æмæ... Нæ хъуджы æхсы- рæй йæ схæсдзыстæм. Уыцы хуыцаубоны райсомæй фæстæмæ нæ урс къæ- бæлдзыг Уæрко ссис нæ бинонтæй фæндзæм. Фæрдыг æй йæ хъæбысæй дæлæмæ дæр нæ уагъта. Уый дæр ыл афтæ сахуыр, кæрты къуымты дæр йæ фæдыл зылд. Æхсæв-иу куы æрхуыссыдыстæм, уæд æм-иу сынтæгмæ сгæпп ла- ста. Фæлæ йын æй дзыцца йæ фарсмæ хуыссын никуы бауагъта. Дзырдта-иу ын: — Æгæр æй дæхиуыл ма ахуыр кæн, дæ хъæбысмæ йæ ма ис. Смыдул уыдзæн. — Дзыцца, мыдул та цы у? — афарстон æй æз иуахæмы. — Мыдул кæны карчы, бабызы, хъазы, гогызы цъиу, стæй уæрыкк æмæ сæныкк дæр. Дæ къухты, дæ хъæ- бысы сæ куы дарай, уæд сын сæ рæзгæ уæнгтæ æлхъи- выс, рæзын сæ нæ уадзыс. Æмæ уыдон къаннæджытæй баззайынц. Дæрдтыл хъуыды кодта уæд дзыцца. Уæрыкк цæмæй байрæза, стырдæр суа, ууыл уыд йæ мæт. Уый мах базыд- там æрмæстдæр фæззæджы ’рдæм августы мæйы. Уæдмæ та уал цард йæ цыды кой кодта. Æмæ-иу фæсахсæвæр иумæ куы бакъорд стæм, уæд дзы раздæрау алы æхсæв дæр домдтам аргъау кæнæ исты цымыдисаг хабар ракæ- нын. Алы æхсæв дæр нæхи фæдзæхстам Стыр Хуыцау æмæ Бынаты бардуагыл. Хæйрæджыты кой кæнын нæ нæ уагъта. Уыдон, дам, раздæр адæмимæ иумæ царды- сты. Æмæ сæ рæстагæй цæрын нæ уагътой, сайдтой сæ. Уæд сæм Хуыцау смæсты æмæ сæ фæтары кодта. Æргом
ма цæуын сæ бон у æрмæст æхсæвыгон талынджы. Æмæ уæд дæр сæ кæнон нæ уадзынц — адæмæн фыддзинад кæнынц, сæ бакуысты бæркад сын скъæфынц, истæмæй «нал» куы фæзæгъынц, уæд. «Къæрцхъус сты, æхсæвы- гон дуæртты, рудзгуыты хуынчъытæй фæхъусынц, æмæ сæ кой куы скæнай, уæд сын уый æфсон у фыдбылыз ракæнынæн. «Сæ кой ма кæнут æхсæвыгон!» — ныф- фæдзæхста нæ дзыцца. Райсомæй та нæ уасæгойæ тæр- сын кодта. Дзырдта нын-иу: «Хъæуы цæргæйæ райсомæй хъуамæ хурыскастыл æмбæлай. Ирон адæммæ ис ахæм æмбисонд: «Сыхаг сыхаджы хурыскастæй раздæр фены». Сывæллæттæ та хъуамæ уасæгой цалынмæ нæ ныууаса, уæдмæ сыстой. Науæд сæ уасæгой фæсайдзæн. Куы фæу- асы, уæд куыд фæдзуры, уый зонут: «Дидтут, дидтут, фынæйы дзæкъулы ма мæм сдæттут!» Уый дæр кæддæр адæймаг уыд, сывæллонæй йæхи ницæмæй тыхсын код- та, ницæуыл сахуыр æмæ маргъ фестади. — Дзыцца, уый та куыд, радзур-ма нын æй, — æрха- тыдыстæм æм иуахæмы. Уый нын загъта: — Изæры нæ куыстытæ куы бакæнæм, уæд. Æмæ нын фæсахсæвæр ракодта: «Хорз, æфсармджын æмæ фæрныг хæдзары бахъо- мыл рæсугъд, гуырвидауц, зæвæттæм дзыккуджын чызг. Бинонты уарзон, мады хъæбысы хъомылгонд. Ницæмæй йæ фæлмæцын кодтой. Суанг ма йын йæ даргъ сæры- хъуынтæ дæр йæ мад фаста æмæ быдта. Буцхаст, æнæрцæф чызг йæ чындздзон кармæ куы бахæццæ, уæд йæ амонд хорзæй ссардта. Йæ мойы хæд- зары бæрцæй цалдæр боны куы ацард, уæд йæ сæр цæх- сын æрымысыд. Тæвд дон, хуырх æрцæттæ кодта йæ уаты. Иæ сæр цæхсадта, фæлæ йæ даргъ, зæвæттæм сæ- рыхъуынтæ куыд ныффаса, уымæн ницы амал ардта. Сæры астæуæй сыл сæрвасæн æруадзы, æмæ йын уæх- счытæй дæлдæр нал комы, сæры хъуынтæ ныссуйтæ сты. Уырдыгæй дæлдæрты сæм бавналы, æмæ та чысыл
8 ^^^^^^^^^^^^^^^^^ дæлдæры сæрвасæн сæрыхъуынты ныссæдзы. Йæ даргъ сæрыхъуынты райваз-байваз, ратон-батон кæны, æмæ схъуырдухæн, фæлæ сын сæ ныллæгъз кæнынæн ницы фæрæз ары. Сфæлмæцыд сæ. Цы ма сæ фæкæна уыцы хуызы. Раст сыл хæсгард æрбауадз æмæ сæ уæхсчытæй дæлæмæ ахауын кæн, уыцы фæндон дæр æм фæзынд. Фæлæ йæ мадæй нæ бауæндыд. Стæй йæ мойæ, æфси- нæй дæр æдас нæ уыд. Ие ’нæбондзинадæй йæ зæрдæ суынгæг, æмæ хæкъуырццæй кæуын райдыдта. Уыцы рæстæджы йæ хицау къæлæтджыныл бадт тыр- гъы. Йæ чындзы хъынцъым йæ хъустыл æруад, æмæ йæм уаты рудзынгæй аивæй бакаст. Уый хуыссæныл ныд- дæлгом æмæ кæуы. Йæ æрдæгфаст сæрыхъуынтæ йын бафиппайдта æмæ бамбæрста, йæ куыды сæр цæуыл у, уый. Тыргъты йæ лæдзæгæй къупп-къупгæнгæ иннæр- дæм рацыд, йæ чындз æй куыд фехъуыстаид, афтæ, стæй ныхъхъæр кодта: — Гъе, уæлæ фыййау! Дæ фос дæлейæ уæлæмæ раз- дах! Дæлейæ уæлæмæ! О, о! Дæлейæ уæлæмæ. Чындз райдианы йæ хицауы къæхты уынæр æмæ лæдзæджы къупп-къупмæ йæ кæуын фæуагъта, уырдыг алæууыд. Стæй йын йæ хъæр ныхас куы айхъуыста, уæд йæ уаты рудзынгæй хохы фахсыл йæ цæст ахаста, фæлæ дзы фосы рæгъау не суыдта æмæ ныхъхъуыды кодта, хицау кæмæ дзырдта, ууыл. Йæ зонд æрцахста, фый- йауы æфсон уымæ кæй дзырдта, чызг, дæумæ дзурын, чындз, ды йæ бамбар. Ома, сæрыхъуынтыл уæле дæлæ- мæ нæ, фæлæ дæлейæ уæлæмæ фасгæ ссæуын хъæуы, уый. Афæлвæрдта сæ, æмæ йæ зæрдæ барухс. Иæ даргъ сæрынхъуынтæ фаст æмæ дыууæ дзыккуйы быд куы фесты, уæд та йæ сагъæстæ сæ быны скодтой, ныр ма мæ хицауы раз цы цæсгомæй æрлæудзынæн, афтæ æгуыдзæгæй æцæгæлон хæдзары куыд цæрдзынæн, зæгъгæ. Йæ тыхсты хъуырынарæгмæ куы сси, уæд лæгъ- зтæ кæнгæ скуывта:
— О, Дуне скæнæг, ме ’сфæлдисæг Хуыцау. Зæххыл цыдæриддæр ис, уый — дæ фæрцы. Мæ тыхсты мæ иу- нæгæй ма ныууадз. Æфсарм мæ ацы къæсæрæй ахизын нал уадзы, мæ хицауы раз фæхудинаг дæн æмæ мын адæймагæй цæрæн нал ис. Тæхгæ маргъ мæ фестын кæн! Чындзы скуывд Хуыцаумæ фехъуыст. Фæтæригъæд ын кодта æмæ йæ Уасæгой фестын кодта. Маргъ уаты гом рудзынгæй ратахт, тыргъы ма ногæхсад дзаумæттæ ауын- дзæн бæндæныл абадт. Хицау ын йе скуывд фехъуыста æмæ базыдта, йæ чындз Хуыцауы фæрцы тæхгæ маргъ кæй фестад, уый. Йæ чындзыл æнувыд уыд, ауындзæн бæндæнмæ ма йæм батагъд кодта, ацахсон æй, атæхын æй ма бауадзон, зæгъгæ, фæлæ маргъ йæ цæстыты раз ныппæрæст ласта æмæ атахт. Йæхи хæрдмæ систа æмæ ма йæ хицаумæ бауасыд: «Ыхы-ыхы, нæ хицау! Нæ мæ æрцахстай, нæ хицау!» Æмæ ма абон дæр Уасæгой уыцы ныхæстæ фæлхатт кæны йæ уасты, гакк-гукк, гакк-гукк кæнгæ. У уыцы чызгау рæсугъд, схъæл, уæздан, фæлæ йæхицæн ахстон дæр чи нæ кæны, иу бынат чи нæ хъарм кæны, ахæм маргъ. Æгæр мæгуыр æйчытæ дæр æфтауы иннæ мæргъты ахстæтты. Уыдон ын сыл къуыртты фæ- бадынц, цъиутæ сæ рауадзынц æмæ йын сæ схъомыл кæ- нынц. Чызгæй йæ къух уазал доны дæр куыд нæ тъыста, маргъæй дæр у ахæм. Ис ын дзыккутау даргъ къæдзил». Дзыццамæ алцыдæр нымад уыд: æхсæв-боны алы афо- нæн дæр ын зæдтæ æмæ дауджытæ уыд. Уæлдай тынгдæр йæ зæрдæ дардта Уастырджийыл. Баба хæстмæ куы ацыд, уæд ын фыр нывонд дæр скодта. Мах æй нæ хъуыды кæ- нæм. Таму ма гуыбыны уыд, мах та Фæрдыгимæ цыппар æмæ дыууæаздзыдтæ. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй æртæ хæбизджыны скодта, сыхаг зæронд лæгмæ фæдзы- рдта. Фыры скъæтæй кæртмæ ракодта, æмæ зæронд лæг нывондагыл Уастырджийы фарн бафтыдта. Уæд ма хæхбæсты цардыстæм. Бабамæ æнхъæл- мæ кæсгæйæ нывонд фыр сегъау, æмæ йæ иу фæззæг
10 у^^^^^^^^^^^^^^^^ бирæгътæ фæсвæд хизæны бахордтой. Дзыцца арæх мæт кодта, йæ бахъахъхъæнын йæ бон кæй нæ баци, ууыл. Уый, дам, хорзы нысан нæу. Йæ ныфс ын бынтон асаста йæ касинкæйы сæфт. Бабайы æлхæд дзаума. Æмæ йын æй чи адавта, уый йæ сау куы сахорид, цæмæй йын æй дзыцца мауал базыдтаид. Дзыцца йæ бæргæ базыдта, фæлæ йæ сау ахуырстæй кой дæр нал скодта. Алцæмæй дæр нымд кодта, алцыдæр æм нымад уыд. Исты хорз хабар-иу хæстонтæй куы фехъуыста, уæд нын- иу æй изæрæй æнæмæнг радзырдта. — Зонут, дæлæ Арыхъхъы рæгътыл иу хъæуæй фарон цы хæстон ссыд, уый, дам, суанг Германы зæхмæ бахæц- цæ, — дзырдта нын-иу æхсæв, — æмæ, дам, Берлины стыр хæстыты агъоммæ иу мæйрухс æхсæв кæрдæгыл уæлгом- мæ хуысгæйæ бæлиццаг хъуыдытæ кодта: «Ехх, цымæ ма Ирыстоны сæрмæ иу ахæм мæйрухс æхсæв фендзы- нæн?» Фендзынæ, зæгъгæ, йæм куы æрбайхъуысид ны- хас. Лæг рабадт, æмæ йæ разы лæууы урсзачъе зæронд лæг. Фæгæпп æм ласта, æмæ лæг цыдæр æрбаци. Уый Лæгтыдзуар уыд, мæ уыд йæ нывонд фæуа. Уый фæр- цы лæг хæстæй æрыздæхт сæрæгасæй. Табу йын уа! Мах дæр нæ зæрдæ ууыл дарæм.. — Дзыцца, мæ хохæй цæмæ ралыгъдыстæм, - фæрсын æй æз, — баба куы æрыздæха, уæд нæ кæм агурдзæн? Ам цæрæм, уый цæмæй базондзæн? Стæй нæ фехъуы- стай иу хъæумæ фæндагыл, дам, æхсæвыгон иу хæстоны бирæгътæ куы бахордтой. Нæ хохаг хъæумæ фæндагыл хъæд ис? — Ис дзы, ис, мæ хъæбул. Фæлæ районы зонынц, мах уым кæй нал цæрæм, æмæ йын ардæм бацамондзысты. Ардæм горæтæй æнцон æруайæн у. Иу хъæуы сæрты хи- зын æй бахъæудзæн. Æндæр нæ... — Æмæ мах дæр нæ зæрдæ кæуыл дарæм, дзыцца, уы- мæн йæ ном цæуылнæ дзурыс? — фæрсы йæ Фæрдыг — Лæгтæ куывдты куы фæзарынц, уæд æй уыдон хъæрæй куы дзурынц.
— Уый Лæгтыдзуар у, табу йын уа, мæ чызг. Уыдонæн йæ ном дзурын æмбæлы, фæтчы. Сылгоймæгтæ та дзы нымд кæнынц. Ды дæр ын йæ ном макуы зæгъ. Табуйаг у. Уый фæрцы нæм кæд уæ фыд сæрæгасæй æрæздæхид. Бынтон сидзæрæй бахъомыл. Нæ фыды рæвдыд федта, нæ — мады. Фыды æрдыгæй уын нæ нана ис, нæ — дада. Йæ мад, дзидзидай ма куы уыд, уæд амард. Æмæ йæм æй чырынмæ куы бахастой, уæд дзы дзидзи æркуырдта. Ахæм æнæмбаргæ ма уыд. Йæ ныхасмæ адæм нырдиаг кодтой, æмæ уæд уый дæр ныккуыдта. Устытæ йæ йæ фыды æфсымæр Голойы бинойнаг Дзестелонмæ алæв- æрдтой. Загътой йын: «Мæнæ дын дзидзи...» Ома або- нæй фæстæмæ кæй æвджид уыдзынæ, уый. Æмæ йын йæ мады файнусты уæдæй фæстæмæ йæхи сывæллæттæ дæр «Дзидзи» хонын райдыдтой. Сывæллон цы хъусы, уый дзуры. Мæн дæр Голотæ чындз нæ хонынц æмæ мæм сы- мах дæр фылдæр «Чындз» куы дзурут. Уæ фыды уын Голотæ хи хъæбулау бахъомыл кодтой, мæн, стæй ма сымах дæр уыдон куы рæвдауынц. Фæлæ ахуыр йæхи хъару æмæ зондæй скодта. Ахуыргæнæг ссис. Царды цынæ фыдæбон бавзæрста, æвæццæгæн, ахæм нæй. Æмæ ма йын уый та хæст... Цас рæсугъд фæндтæ æмæ хъуыдытæ йæм уыд, цас! Мæ фæрстæ йын фехæлой... Куыд тынг æнхъæлмæ каст дзыцца бабамæ хæсты 6ы- дырæй, тыгъды зæйæ!.. Нæ йæ уырныдта йæ адзал. Кæд Уæлахизы бонæй фондз азы рацыд, уæддæр ма йæм æн- хъæлмæ каст. Æнхъæлмæ йæм кастыстæм мах дæр. Алы æфсæддоны фæстæ дæр-иу кæсгæйæ баззадыстæм. Æхсæв нæ куыдз кæуылдæр тынг рæйы, уæд-иу нæм, баба кæд хæстæй сыздæхтийы хъуыды фæзынд, æмæ иу æхгæд рудзгуыты хуынчъытæй æддæмæ кæсыныл фестæм. Дзыцца уарзта бабайы кой кæнын. Йæ царды алы фæзынд дæр ын бæл- вырдæй зыдта æмæ дзырдта. Мах та йæм хъусынæй не
12 у^^^^^^^^^^^^^^&^^ ’фсæстыстæм. Уый ныхæстæй базыдтам цъæхцæст кæй уыд, бæрзондгомау, йæ сæрыхъуынтæ нæдæр сау уы- дысты, нæдæр бур, æгъдауыл хæст, — уæлдайдæр хи- стæрты æмæ сылгоймæгты раз. Нозтджынæй йæм никуы æрбацыд. Æдзухдæр хъуыддагыл хæст, бæрнонджын. Колхозы сæрдарæй дæр æй уымæн равзæрстой. Æмæ, дам, хъæздгуытæй иу хъæр кодта: «Мæ кæрцы зæрæдты чи схъомыл, ныр мын уый хъуамæ хицау уа!» Фæлæ йæ адæм уарзтой хъуыддаджы лæг кæй уыд, уый тыххæй æмæ йæ сæхицæн сæрдарæй равзæрстой. Сау гæххæтт Дзыцца фарста алы хæстоны дæр йæ бæлццонæй. Нæ федтон, нæ фехъуыстонæй дарддæр никуы ницы дзуапп фехъуыста. Фарста хъæусоветы æххæсткомы сæрдары, йæ фарст бахæццæ æфсæддон комиссарадмæ дæр. Æмæ нæм иуахæмы комиссарадæй æрбахастой йæ сау гæххæтт. Мах скъолайы уыдыстæм. Скъолайæ хæдзармæ фæн- дагыл нæ хъустæ дардæй ацахстой дзыццайы кæуын, æмæ нæ цыд фæтагъддæр кодтам. Хæдзары йæ цалдæр усы сабыртæ кодтой. Дзыцца нæ куы ауыдта, уæд нæ йæ хъæбысы æрбакодта æмæ тынгдæр нырдиаг кодта: — Нал ис уæ фыд, мæ хъæбултæ! Мæ арт бауазал, йæ зынг ахуыссыд! Абон ын йæ сау гæххæтт æрбахастой. Ныр ма куыд цæрдзыстæм!?. Бындурзылд фæуа Гитлер, хæст рауадзæг. Сидзæргæсы ном мыл куыд æнцонæй æр- бадт. Уæ нывонд фæуон, фыды рæвдыдæй æнæхай куы фестут!.. — Сау гæххæтт дæр алы хатт раст нæ рауайы. Дæхиуыл фæхæц, дæхи фæхъæбæр кæн дæ сывæллæтты раз, — æрхатыд æм сыхы устыты хистæр Нуца, — уæлæ Комгæроны иу бинонтæм дæр сау гæххæтт бахастой, стæй цасдæры фæстæ сæ хæстон фæзынд. — О, о! — йæ ныхас ын ацахста Сона. — Тохы, дам, куы бацыдысты, нæмгуытæ ихуарæгау куы кодтой, уæд
мæ алыварс хæстонтæ цагъды кодтой. Мæнæн та, дам, мæ хъусы чидæр дзырдта: «Размæ цу! Размæ цу!». Æз дæр цыдтæн æмæ уацары бахаудтæн». Америкæгтæ сæ суæгъд кодтой. Дзыцца ныхъхъус. Сау гæххæттыл фæдызæрдыг, æв- æццæгæн. Æмæ удыгас адæймагыл кæуын нæ фæтчы. Йæ зæрдæ-иу куы æрбауынгæг, уæд-иу йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ ацы хъуыды иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта. Нæ! Нæ фæндыд дзыццайы, бабайы сæфты хабар æцæг рауайа, уый. Цæмæдæр ма æнхъæлмæ каст. Фарста йæ фыды, хистæрты, хæстонты. Рæстæг цыфæнды зын дæр дзæбæх кæны, кæд носæй баззайы, уæддæр. Æмæ ма фæззæгмæ æнхъæлмæ каст. Уæдмæ хорзæй куы ницы фехъуса, уæд ын сфæнд кодта хæрнæджы фынг æрæвæ- рын, стæй та хистытæ кæнын. Ныууадз уыцы хъуыды, дæлæ уал дæ сидзæртæм æркæс, зæгъгæ, йын дзырд- той чидæртæ. Фæлæ бабайы хъуагæй дзыццайы хъуыры къæбæр нæ хызт. «Ныр кæд уæ фыды раз Мæрдты бæ- сты ницы ис, æмæ искæйы рухсаджы хаймæ æнхъæлмæ кæсы... Мах та ам нæ гуыбынтæ æфсадæм, — йæ уынаф- фæ рахаста махмæ дæр. — Уæ зæрдæтæ мыл ма фæху- дæнт, мæ хъæбултæ. Мæнæн мæ амонд мæрдтæм йемæ ахаста. Зын, тынг зын мын у ацы хъуыддаг бакæнын. Фæлæ æндæр гæнæн нæй. Уæ фыды раз истæмæй ах- хосджын, къæмдзæстыг уон, Мæрдтыбæсты исты хъуаг уа, уый мæ нæ фæнды. Йæхæдæг дæр мыл ахæм æнувыд, иузæрдион уыд. Ехх, цы зæгъон хъысмæтæн!..» Æмæ арф ныуулæфыд... Цы йын загътаиккам мах та, нæ бон цы уыд. Иæ уынаффæ нын уыд иумæйаг. Уæлдайдæр нæм бабайæ сау гæххæтт куы æрбахастой, уæдæй фæстæмæ йын авгау æрхауынæй тарстыстæм. Мады æмæ фыды бынаты дæр нын уый куы уыд, æмæ йæ цу-ма йæн «нæ» зæгъын дæр нæ фæрæстам.
14 /^^^^^^^^^^^^^^^ Сидзæртæ Бабайæ нæм сау гæххæтт куы ссыд, уæдæй фæстæ- мæ ныл сидзæрты ном абадт. Уæлахизы сидзæртæ. Ома, Уæлахиз ныл æрцыд, фæлæ сидзæртæй. Афтæ хуыдтам, йæ фыд хæсты кæмæн фæмард, уыдоны. Ныр мах дæр... Цыдæр капеччытæ дæр нын фидын райдыдтой. Фæлæ раздæрау цардыстæм нæхи фыдæбон æмæ дзыццайы цæгаты æххуысы фæрцы. Нæ егъау цæхæрадон нын-иу галтæй бахуым кодтой. Къæпийæ йын-иу йе ставд пел- тъытæ ныллыстæг кодтам — похцийы фаг бæх кæнæ гал кæм уыд — æмæ дзы-иу байтыдтам нартхор, хъæдур, ныссагътам картоф. Сæ тыллæг хæрынæн, хъæллæгъ та — нæ хъуг æмæ фыстæн зымæг холлагæн. Хосгæрст кæм уыди, стæй нын æй чи ныккарстаид. Мæнæуы ссад стæм уыд æмæ нын адджинагæй уæлдай нæ уыд, нартхо- ры кæрдзынæй фæлмæцыдыстæм. Уæливыхтæ æрмæст- дæр бæрæгбæтты. Уыцы рæстæг фæзынд, æвæццæгæн, ахæм ныхас: «Цæхæраджын — футæгæй, бахордта йæ су- сæгæй». Футæгæй уыд нæ хъæрмхуыпп дæр æмæ дзыхы ад нæ кодта. Зын, хъизæмайраг цардæй цардысты адæм фæсхæст азты. Фæлæ кæрæдзийы фарсмæ балæууынмæ æвзы- гъд уыдысты. Кæрæдзийыл æууæндыдысты, гомдуарæй цардысты. Пайдайы фæдыл нæ цыдысты, фæлæ æгъда- уыл кодтой алцыдæр. Сидзæргæсмæ йæ тыхсты фæкæ- сын лæгдзинадыл нымад уыд. Дзыцца-иу быдыры афтид хъæрмхуыпп куы бахордта, йæ дзулы карст махæн куы æвæрдта, уæд-иу æрыгæттæй ахæмтæ дæр разынд, махæн йæ хай чи рарвыста. Æппæты тынгдæр фæсхæсты хъызт зымæгты уазалæй фæлмæцыдыстæм. Æрдæгарæзт хæд- зары цардыстæм, æмæ дзы дурын пецы хъарм бирæ нæ лæууыд. Колхоз адæмæн радгай ласта суг галтыл, бæх- тыл. Махæн дæр. Фæлæ нын колхозы ласт нæ фаг кодта. Æмæ иу сугхъуаг куы кодтам, уæд нæ разы райсомæй цал хатт æййæфтам бричкæйы фæстæ сыфцæй ласт хъæды
лыггаг, уал хатты нæ рæвдыдтой сæ уды хъармæй. Хатт- иу æй зонгæ дæр нæ бакодтам, чи йæ æрласта, уый. — Чи хъуамæ уыдаид? Уæ мады æфсымæр кæнæ йæ хæлæрттæй исчи, сæ сæрыл хаст фæуон, — загъта нын- иу дзыцца, æмæ-иу æй лыг кæнынмæ, фадынмæ фев- нæлдтам иумæ. Фæрдыг бæллæхы бахаудта — Фæрæзтам алцæмæн дæр. Æрмæст нын Фæрдыг куы фæрынчын æмæ рынчындонмæ куы бахауд, уæд мæ кыфс цыдæр фæци. Алыхуызон хъуыдытæ мæ хордтой: исты йыл куы æрцæуа, мыййаг, æмæ баба хæстæй куы æрыздæха, уæд æй нæ агурдзæн?.. Мæ кæуындзæг мын- иу мæ хъуыр ахгæдта, афтæмæй згъордтон талынджы кол- хозы правленимæ машинæ агурæг, цæмæй йæ тагъддæр рынчындонмæ аласой. Æмæ кæуылты? Хæйрæгбадæн фæрсаг уынджы. Хæйраг нæ, фæлæ мыл уæйыг куы фем- бæлдаид, уæд дæр дзы нæ фæтарстаин. Лæф-лæфгæнгæ бахæццæ дæн бынатмæ. Хъахъхъæнæгæн бамбарын код- тон мæ цыды сæр. Уый кæрты, шофыртæй быдырæй чи æрцыд æмæ йæ машинæ чи æвæрдта, ахæмæн хъуыддаг куы бамбарын кодта, уæд уайтагъд фæраст. Афарста мæ, кæм цæрут, зæгъгæ, æмæ мæ йæ фарсмæ абадын кодта. Хъуыддаг та рауад афтæ: Фæрдыг цу-ма мæ рæвдз уыд, кæд ыл нырма дыууадæс азы йеддæмæ нæ цыд, уæддæр. Уыцы изæр дæр та йæм сыхæгты лæг фæдзы- рдта, мæ цæстытæй рæстмæ нæ уынын дыууæизæрастæу æмæ ма мын мæ цырагъы фæтæген ныккæн, зæгъгæ. Хæстон лæг уыд, цæфтæй сыздæхт, лæдзæджы æнцæйт- ты цыд. Уыцы изæр йæ цардæмбал кæмдæр уыд æмæ æрæгмæ цыд. Фæрдыг изæрдалынгты цырагъ судзгæ баййæфта æмæ дзы фæтæген афтæмæй кодта. Цырагъ йæ къухтæй æрха- уд, фæтæген ыл спырх: йæ цæнгтыл, йæ цæсгомыл, æмæ йын сæ арты æвзæгтæ ацахстой. Гъæ, мæ хæсгæ мæрдтæ,
16 /^^^^^^^^^^^^^^^^ зæгъгæ, ма хæствæллад лæг фæхъæр кодта, йæхи йыл баппæрста, йæ цинелы йæ атыхта. Фервæзын æй код- та, фæлæ йæ районы дохтыртæм ласын хъуыд, йæ сы- гъдтытæ дзæбæх кæнынмæ. Мæ хъустыл ныр дæр ма уа- йынц дзыццайы хъарæджы ныхæстæ: «Сау бон мыл ако- дта. Фæлтау æм мæхæдæг куы суадаин. Мæ чызджы мæхи къухтæй арты баппæрстон», — æмæ та-иу йæ уæрджытæ æрхоста. Машинæйы нæхимæ фæндагыл Фæрдыгыл хъуыдытæ кæнгæ мæ зæрдыл цæмæдæр гæсгæ æрбалæууыд дзыцца нын дыгоппон маргъы тыххæй цы таурæгъ ракодта, уый. Дыгоппон, дам, раздæр чызг уыд. Авд æфсымæры кæ- стæр æмæ ма уымæй дæр иунæг хо. Буц уыди мад æмæ фыдæн. Уæлдай буцдæр та — йе ’фсымæртæн. Æрхъæцмæ йыл нæ хъæцыдысты, чи йæ тынгдæр барæвдауа, ууыл алчидæр архайдта. Æфсымæртæ-иу цыфæнды тых куы- стæй здæхгæйæ дæр хъуыды кодтой сæ хойы зæрдæ 6а- рухс кæныныл. Хиконд хъазæны хорзæй, чындзытæй, рæсугъд тыччытæй æмæ æндæртæй дзаг уыдысты йæ хуыссæны алыварс. Уалдзæджы зæгъай, хосгæрсты афон — цы хуыздæр, хæрздæфгæнагдæр дидинæг хастой сæ хойæн. Дидинджытæй-иу ын рæсугъд сæрдзæгтæ сбыд- той. Уæдæ цы халсары, хæринаджы, дыргъы хорз ахæра, цы рæсугъддæр дзаума скæна — уыд сæ мæт. Иуныхасæй, зæрдæхъæлдзæг, уæнгрог æмæ рæвды- дæй рæзыд авд æфсымæры буц хо. Фæлæ йын цæрын бирæ нæ бантыст. Иу æнамонд бон кæрты хъазгæ-хъа- зын фæкалд, йæ сæр дуры тигъмæ бахаста, маргъау йæ тыбыртæ ацагъта æмæ йæ уд систа. Мад, фыд æмæ йæ авд æфсымæрыл цы фыд æрцыд, уый уæз æвиппайды нæ бамбæрстой, стæй йæ сæ удтæй, сæ зæрдæтæй куы банкъ- ардтой, уæд сæхи марынмæ æрцыдысты, зæхх сын нæ урæдта сæ хъыг. Фыдохы бон сæ хуры тыныл уæлмæрдты сыджыт ныккалой, уый сæ бон нæ уыд, æмæ сæ кæуын сæ еу-додой, марой арвы кæрæттæм хъуыст. Сыхъуыст
уæларвмæ Хуыцаумæ дæр, сфæлмæцыд сæ дзыназынæй æмæ Уастырджийы рарвыста, ныццу æмæ ма базон, куыд сын фæрогдæр кæнæм сæ рисс. Уастырджи æртахт зæх- мæ, уавæр федта æмæ Хуыцауы раз балæууыд. Загъта йын: «Зонын æй, дæ æвастæй дунейыл ницы цæуы, фæлæ æгæрон у сæ хъыг, сæ уарзондæр адæймаджы буар сыджыты бын фæкæной, уый ныфс æмæ хъару сæм нæй. Исты æрхъуыды кæн, дæ хорзæхæй». Уастырджийы лæгъстæ ныхас бахъардта Хуыцаумæ, æмæ авд æф- сымæры иунæг хойы уд фестын кодта маргъ. Уæлмæрды мæрддзыгой адæмы цæстыты раз йæ табæтæй стахт. Адæмы сæрмæ цалдæр зылды æркодта æмæ йæ коцора фæпæлæхсар-фæпæлæхсаргæнгæ атахт. Маргъ та ахæм Дыгоппон, рæсугъд маргъ, — æрдзы рæсугъд хуызтæ æрæмбырд кодта йæ систыл. Мæрддзыгой æмырæй, сабырæй аззад, стæй кæйдæр ныхас райхъуыст: «Уый йæ уд у, маргъ фестад æмæ атахт». Адæм сæ æгуыппæгæй феуæгъд сты, сæ рис фæрогдæр æмæ, ныхас кæцæй райхъуыст, уый алчидæр йæхимидæг агуырдта. Чызджы баныгæдтой. Æмæ уыцы бонæй фæ- стæмæ баззад ахæм хъуыды: чызг куы амæлы, уæд йæ уд фесты тæхгæ маргъ Дыгоппон. Уалдзæджы-иу мæргътæ хъарм бæстæй тæхын куы райдыдтой, уæд-иу ахæм зиан- джын бинонтæ æнхъæлмæ кастысты сæ мард чызджы уды фæзындмæ. Хæдзармæ æввахс къалиуыл-иу Дыгоппон куы абадт, уæд-иу йæ ныййарæджы хъарæг дардмæ хъуыст, мæнæ нæм мæ зынгхуыст чызг Дыгоппоны хуы- зы æртахт, йæ зæрдæ ныл нæ ивы, зæгъгæ. Уæд тынг тарстæн Фæрдыгæн. Дзыцца та йæхицæн бынат дæр нæ ардта. Дохтыртыл дæр не ’ууæндыд. Адæмон хостæ агуырдта йæ сыгъдтытæ бадзæбæх кæны- нæн. Устытæ йын ныфсытæ æвæрдтой. Иу та йын дзы афтæ куы зæгъид: — Гъе мæ хо: фыд амæла, мад, йæ хъæбул уæ макæ- мæн амæлæд. *2
18 ^^ввЗ^^в^^^в^^^ — Уый та дын афтæ цæмæ загъта? — фæрсын æй иу- ахæмы. — Цæмæн хъуамæ амæла мад кæнæ фыд? Махæн баба немæ куы уаид, уæд куыд хорз уаид. Никæмæ хæ- лæг кæниккам. Уæртæ Биботæн сæ фыд иу къахимæ хæ- стæй сыздæхт, æмæ дзы йæ лæппутæ куыд буц сты, уый зоныс? — Зонын, зонын, дæ нывонд фæуон. Уыцы усæн йæ лæппу гыццылæй цæугæдоны бахауд æмæ амард. Хъæбул ын фыд æмæ мады зынæй уæззаудæр кæй у, уый йæ уд бавзæрста. Æмæ йæ цæмæй æз ма бавзарон, уымæ мын куывта. — Дзыцца, æз дæуæй фылдæр никæй уарзын. Дæхæдæг нын куы фæдзурыс, адæймагмæ мадæй æввахсдæр ничи ис. Стæй, дам, мады цæф рисгæ дæр нæ кæны. — Раст дæ раст, мæ хъæбул. — Тамуимæ нæ йæ хъæ- бысы æрбакодта. — Хъусут-ма мады цæфы тыххæй уын цы радзурон. Иу лæгæн, дам, йæ ус амард. Баззад ын иунæг æнахъом лæппу. Фыды куыстæй йæ хъомыл кæ- нынмæ не ’вдæлд. Æмæ иуцасдæры фæстæ дыккаг ус æр- хаста. Лæппу фыдыусы нæ бауарзта æмæ фыддæрадæн митæ кодта. Ус æм-иу куы рамæсты, уæд-иу æй рацъыкк кодта. Æмæ уый усæн йæхи зæрдæмæ дæр нæ цыд. Уæд æм иуахæмы лæппуйы мад фыны рацыд æмæ йын зæгъы: «Дæхи ма æфхæр. Мæхи аххос у, иунæг уыд æмæ йæ скъулбадæг кодтон. Мады цæф нæ риссы, мæнæ дын мæ къух æмæ-иу æй уымæй цæв». Ус фыртыхстæй фехъал. Æмæ уыцы æхсæвæй фæстæ- мæ лæппумæ йæ къух нал систа, цыфæнды фыдуаг ми-иу куы кодта, уæддæр. Лæппу дæр æрсабыр. Ацы хабар уын цæмæ радзырдтон. Мад æмæ фыд цотæн адджын сты. Уыдонæй адджындæр та мад æмæ фыдæн — сæ цот. Гъе ныр, уæ фыд кæд уæлæуыл ис, — йæ фесæфтыл уæддæр не ’ууæндыд дзыцца æмæ мах дæр, — уæд цæры уæ уындмæ бæлгæйæ. Кæд нал ис... - йæ зæрдæ ауынгæг. — Кæд нал ис, уæд уæм цæудзæн уæ фынты. Марды аудындзинад, дам, дзуары аудындзипадæй
къаддæр нæу. Æмæ нын æнæмæнг Фæрдыджы сдзæ- бæхæн аххуыс кæндзæн. Ууыл æууæндут! Ныр та ацæут уæ урочытæ скæнут. Æз нæ хъуг радуцон. Фæрдыг рынчындонмæ куы бахаудта, уыцы изæрæй фæстæмæ дзæвгар фенкъарддæр стæм. Мысыдыстæм æй æртæйæ дæр. Кæд ын тæссаг ницæмæй уыд, уæддæр æм нæ зæрдæ æхсайдта, мæт ыл кодтам, немæ кæй нæй, æцæгæлон адæмимæ æхсæвиуат кæй кæны, уый тыххæй. Æхсæвæры фæстæ-иу уайтагъд хуыссынмæ фестæм. Дзыцца-иу, йæ хæдзары зылдтытæ цалынмæ фæци, уæд- мæ нæ хуыссыд. Мах та æнæуый хуыссæг нæ ахста, æмæ нæм иу загъд кодта, бафынæй ут, райсом уæ скъоламæ раджы стын хъæуы, зæгъгæ. Уыцы æхсæв дæр та нæ хъуыддаг афтæ рауад. Æмæ нæм куы сзагъд кодта, уæд æм Таму фæрæвдз: — Дзыцца, Дыгоппон чызг æцæг уыд? — Кæс-ма, кæс, уый дæр Дыгоппоны хъысмæт æн- цад нæ уадзы, — ахъуыды кодтон мæхимид. — Мæнæй дыууæ азы кæстæр у, ныхасы арæх нæ балæууы, фæлæ йæ Фæрдыджы уавæр мæнау сагъæссаг хъуыдыты баф тыдта. Алы хъуыддаджы дæр разæй фæуынмæ та йыл базыртæ базайы, фæсте аззайын йæ сæрмæ нæ хæссы. Æдзухдæр иумæ у нæ цард, нæ ахуыр. Скъоламæ куы бацыдтæн, уæд уый дæр фæндыд. Фæлæ фондзаздзы- ды чи исы ахуырмæ. Афæдз бафæрæзта хæдзары бадын. Ме ’рбацыдмæ-иу æнхъæлмæ каст рудзынгæй кæсгæйæ. Урочытæ ахуыр кæнын, уæд — ис мæ фарсмæ. Йæ фар- стытæй-иу сфæлмæцыдтæн. Фæлæ, зæгъæн ис, уый дæр фыццæгæм къласы ахуыр кодта мемæ. Кæсын, фыссын базыдта, арифметикæйыл фæцалх. Дзыцца йæ уыдта, зыдта æмæ йын хъазгæйæ афтæ бакодта: «Уæд та дæ æх- сæзаздзыдæй, фæззæджы скъоламæ радтин». Таму уыцы ныхасыл афтæ бацин кодта æмæ йæ æцæгмæ айста. Йе ’ргом тынгдæр аздæхта ахуырмæ.
20 /^^^^^^^^^^^^^^^^^ Дзыццайæн дæр ма цы гæнæн уыд æмæ йæ сæрды скъоламæ цæттæ кæнын райдыдта. — Æмæ дын æй айсдзысты, айсдзысты, æхсæзаздзы- дæй скъоламæ нæ исынц, — бамбарын ын кодта иуахæ- мы нæ сыхæгты ус Гоцъион. — Стæй йæ цы фыдæбонæй марыс? Хæхбæстæй ацы аз чи æрлыгъд, уыдоны цо- тыл дæсгай азты онг цæуы, æмæ семæ иу къласы куыд баддзæн? — Таму дын уый фехъуса: йæ кæуын фемæхст æмæ йын басабыр амал нал уыд. Дзыцца йæ æрбахъæбыс код- та æмæ йын афтæ: — Ма ку, ма, мæ зæрдæдарæн. Уæ фыдыхо рай- дайæн скъолайы директоры мыггагмæ у чындзыцыд, горæты цæры, æмæ йæм уыимæ сæхимæ лæгъстæмæ бацæудзыстæм. Дзыцца æцæгдæр афтæ бакодта. Нæ фыдыхо Тамуйы йæ зонындзинæдтæй куы афарста, афæлвæрста, уæд уый дæр семæ акодтой. Хæстон лæг уыд директор, йæ иу къах — хауд, дыууæ лæдзæджы æнцæйтты цыд. Йæ ус — уырыссаг. Æвæццæгæн, госпиталы хуысгæйæ кæи- мæ базонгæ, ахæм. Нæ фыд хæстæй нæма ссыд, уый куы базыдта, стæй ма Таму кæсынæй, фыссынæй, нымайы- нæй йæхи хорзæй куы равдыста, уæд æй йæхимæ ныф- фыста æмæ загъта: «Фыццæгæм сентябры йæ скъоламæ æрбакæн, ай цæттæ скъоладзау куы у!» Таму ахуырмæ тынг разæнгард уыд, сыгъдæг фондз- тæ иста. Фæлæ йын фыццаг аз скъоламæ, дард нæм кæй уыд, уымæ гæсгæ, зын цæуæн уыд. Уæлдайдæр митджын хъызт зымæг скодта, æмæ-иу райсомы арф миты нæ фæрæзта. Уый тыххæй нæ дзыцца иунæджытæй скъо- лайæ фæстæмæ дæр нæ уагъта. Иумæ уыд нæ фæндаг дыууæрдæм дæр. Райсом миты та дзыцца дæр — немæ. Таму ныр æртыккæгæмтæм цæуы, фæлæ уæддæр скъо- ламæ æмæ фæстæмæ дæр иумæ здæхæм. Раздæр куы ра- цæуы, уæд мæм кæртæй рахизæны æнхъæлмæ фæкæсы.
Æмæ не ’мбæлттимæ иумæ хъазгæ-худгæйæ нæхимæ сфардæг вæййæм. Райдзаст хъарм бон искуы-иу хатт колхозы дзулфыцæныл нæ фæндаг ракæнæм. Нартхоры кæрдзынæй сфæлмæцыдыстæм. Ам та ахæм хæрзад дзул фыцынц, æмæ йæ тæфæй дæр бафсæдæн ис. Сæ рудзынг сын бахойæм, æмæ дæм уайтагъд ракæсдзысты. Кæй цот стæм, уый зонгæ дæр нæ кæнынц, афтæмæй ныл тынг бацин кæнынц, сæхи ма нын фæхъаутæ дæр фæкæнынц, стæй нын хæрынæй кæмæй нæ фефсæдæм, ахæм хæрзад тæвд дзулы хæйттæ радæттынц. «Хæргæ кæнут æмæ та- гъддæр айрæзат, нæ хуртæ», — нын фæзæгъынц. Уый стæм хатт вæййы. Уалдзыгон æмæ фæззыгон рай- дзаст бонты нæ уымæ нæ равдæлы. Цъæх нæууыл нын куы кæм, куы кæм хъæбысæй хæст бацайдагъ вæййы. Рагацау дыууæ къордыл фæдихтæ вæййæм. Стæй мах- мæ бакæс: цъæх нæууыл кæрæдзийы сæрты фæхауæм. Чи тыхджындæр разына, фæуæлахиз уа, ууыл нæ алчи- дæр йæхи фæхъары. Фæлæ-иу уый алы хатт дæр бафтыд Бола кæй къорды уыд, уый къухты. Бола дæр мах карæн уыд, фæлæ йыл махæй ничи тых кодта, афтæмæй та — зæрдæхæлар, никуы нæ никæй бахъыгдардта. Ие ’цæг ном Габе уыд, фæлæ йæ мах Хъаныхъуаты Боламæ гæсгæ Бола рахуыдтам. Æгæр тыхджын кæй уыд, уымæ гæсгæ- иу хистæртæй чидæртæ сусу-бусу кодтой: «Уый фæйнæг- фарс у æмæ уымæн тыхджын у». Сусæгæй та йæ уымæн дзырдтой æмæ, дам, цалынмæ не сдынджыр уа, уæдмæ дзы исчи хъæрæй, фæйнæгфарс у, зæгъгæ, куы зæгъа, уæд амæлдзæн. Болайы ацы зымæджы уазал бацыд æмæ уалдзæджы амард. Мах ыл тынг фæрыстыстæм æмæ нæ уырны, фæй- нæгфарс кæй уыд, уый йæ дзыхы чидæр кæй нæ баурæд- та, хъæрæй йæ загъта, æмæ нæ хæлар Бола æнæмæнг уый фыдæй не ’хсæн нал ис. Фæлæ йæ мах нæ рох кæнæм. Дыууæ къордæй чи фæуæлахиз вæййы, уымæн Болайы м ом радтæм.
22 у^^^^^^^^^^^^^^ О, фæлæ мæн иуахæмы уымæ нал равдæлд. Урокæй урочы æхсæн уæгъд рæстæджы цынæ хъуыддаджы ба- хауæм, ахæм нæ вæййы: чи кæуыл цы æрхъуыды кæна, ууыл дæр ацархайæм. Суанг ахуыргæнджытыл дæр. Æппæты архæдæр та дзурæм Джитъри-митъри, къабуска. Сталин Гитлеры абырста. Уымæй нæ маст исæм Гитлерæй. Уæдæ йæ мады фæ- стæ чи цæуы, кæуы, уыцы сывæллонæн куы фæзæгъæм Фæсхохы къусдон — къалати — Дæ мады фæстæ байраг и, — уæд уайтагъд фæсыкк вæййы. Ахæм æмдзæвгæтæм нæ къласы уæлдай рæвдздæр у Батыр. Бады фаллаг рæгъы, мæнæй дыууæ партæйы раздæр æмæ мæ фæстаг урочы йæ куыст скодта. Мæстæй мæ мары, худы мыл, ахуыргæ- нæгмæ хъусын мæ нæ уадзы. Стæй мæм иу гæххæтты чы- сыл тыхтон æрбаппæрста. Райхæлдтон æй æмæ кæсын: Хаби-хыбли Кæрчытимæ фæхыл и. Гогызтæ йæ фæнадтой, Сæ кæртæй йæ фæсырдтой. Ныр æй бамбæрстон, цæуыл цин кодта, уый. Ома, цы дыл афыстон. Æз æм бартхъирæн кодтон, урочы фæ- стæ ма дæхимæ фæкæс, зæгъгæ, йын бамбарын кодтон. Уый куыддæр дзæнгæрæджы хъæр айхъуыста, афтæ йæ хызынимæ федде. Æз дæр ма йæ фæдыл рагæпп ла- стон. Фæсте йæ сурын, фæлæ мæм адард. Уалынмæ кæ- сын æмæ хæрды Таму йæ разы февзæрд. Æрурæдта йæ. Уæдмæ сæм æз дæр схæццæ дæн. Æмæ хылгæнæг нæ, фæлæ иргъæвæг фæдæн. Таму йæ уæгъд нал уагъта: ау- адз æй, мах хъазгæ кодтам, зæгъгæ, йын цалынмæ нæ за- гътон, уæдмæ. Кæцæй йæ базыдта, йæхицæй дыууæ азы хистæр куы у, уæд дзы тæрсгæ та куыд нæ фæкодта. Ахæм у Таму, æнæбарон, ныфсхаст æмæ æнæуæлдай ныхас. Ныр дæр та Фæрдыгыл йæ зæрдæ риссы, фæлæ
^^^^^^^^^^^^^^^^ч 23 быхсы æмæ фæрсы дзыццайы комкоммæ фарстæй нæ, фæлæ Дыгоппонæй. — Гъæ, уæ сæрыл хаст фæуон, уæ нывонд фæуон, мæ лæппутæ! Уæ хойыл уæ зæрдæ риссы, æмæ алы хъуы- дытæ кæнут. Мауал ын тæрсут, тагъд æй рафысдзысты, æмæ та ам иумæ быгъдулæг кæндзыстут. Йæ хæдзары куыстыты йæ фарсмæ уыдзыстут. Дыгоппоны тыххæй уын цы радзырдтон, уый аргъау у. Адæм исты хорз куы бафиппайынц, уæд ыл базыртæ басадзынц, сæхи дзы фæрæвдауынц. Дыгоппон маргъ фæлыст, арæзт чызгау рæсугъд у, æмæ дзы федтой, рæзгæ чызджытæй цардæй чи ахицæн вæййы, уыдоны фæлгонц. Æз ма уын ракæндзынæн уахъаз — фæлмæн хæххон дымгæ æмæ азæлды хабар дæр. Ныр та уал бафынæй кæнут, райсом уæ скъоламæ раджы сыстын хъæуы. — Нæ, радзур нын æй, гъе ныр нын æй радзур, æмæ уый фæстæ сыпп дæр ницы уал скæндзыстæм, — æрха- тыдыстæм дзыццамæ. Æмæ нын уæд фыццаг хатт æнæ Фæрдыг ракодта ацы хабар: «Азæлд у уынæры бардуаг, уддзæфы бардуаг Уахъæзы æфсымæр. Таурæгъмæ гæсгæ сæ мад амард, Азæлд дзу- рын дæр нæма зыдта, уæд. Æмæ баззад йæ иунæг æна- хъом хо Уахъæзы æвджид. Уый йын уыд хо дæр æмæ мад дæр. Йæ хъомыл кæнын иууылдæр уымæ каст. Уый йæм йæ цæст дардта, рæвдыдта йæ, узæлыд ыл. Ахуыр æй кодта дзуырын, къахдзæфтæ кæнын. Сæ кæрæдзиуыл æрхъæцмæ нæ хъæцыдысты. Цардысты æмæ рæзыдысты кæрæдзийы цинæй. Фæлæ сæ мады фæстæ сæ удæйнцой- дзинад бирæ нæ ахаста. Фыд ус æрхаста. Уый æгъатыр фыдсыл разынд æмæ сидзæрты æнæмæт, зæрдæрай цард фехæлдта, йæ мæрдты удхæссæг федта хо æмæ ’фсы- мæрæй. Схуыст ныхас, рæхуыст йеддæмæ дзы иу рæвдыд ми нæ банкъардта Уахъæз. Сывæллон, дам, зæрдæ зоны — йæ иу фендæй дæр-иу скуыдта Азæлд. Æмæ уымæй ноджы знæтдæр кодта фыдыус.
24 ^^^^^^^^^^^^^^ Уахъæз бонæй-бон тынгдæр мысын райдыдта йæ мады. Кæугæ-дзыназгæ-иу, Азæлд йæ хъæбысы, афтæ- мæй балæууыд хъæуысæр уæлмæрды, йæ мады ингæны уæлхъус-иу бирæ фæбадт, йæ хъæстытæ йын-иу фæкод- та. Иуахæмы та уæлмæрды кæуын æмæ дзыназынæй куы бафæллад, уæд йе ’фсымæры фарсмæ нæууыл æрфынæй. Азæлд дзурын нæма зыдта, æрмæст-иу фæзмæгау иугай ныхæстæ скодта. Зынтæй цыд къæхтыл æмæ уæлмæр- ды кæрон рындзмæ хъавгæ-цудгæ цыдæй араст. Араст йе сæфты фæндагыл. Чи йæ баурома, йæ къух æм чи ба- дара, уый — йæ иунæг хо, фæлæ ууыл куыдвæлладæй хуыссæг фæтых. Азæлд рындзмæ бахæццæ, иучысыл фæцудыд- та, æмæ дæ фыдгул — афтæ... Рындзæй асхъиудта æмæ дæлджинæгмæ фæтæхы. Кæцæйдæр ма хаугæ-хауын йæ хойы номимæ йæ кæуын сыхъуыст. Уахъæз йæ бына- ты фесхъиудта, фехъал æмæ, йе ’фсымæры йæ фарсмæ куы нæ ауыдта, уæд, хъæр кæцæй фехъуыст, уыцырдæм «Азæлд! Азæлд!» — хъæргæнгæ фырадæргæй азгъордта. Хуыссæгхъæлдзæгæй йæ æрбайрох уæлмæрды кæроны рындз æмæ дзы йе ’фсымæры фæдыл асхъиудта. Азæлд æмæ Уахъæзы агурæг хъæубæстæ фæфæдис сты, дæлджинæгæй сæ схастой, фæмарой сыл кодтой, стæй сæ баныгæдтой сæ мады фæйнæфарс. «Саби зæд у», — фæзæгъынц ирон адæм. Сæ хъысмæ- тыл Хуыцауы зæрдæ дæр фæрыст æмæ сын се ’взонг удтæ мæрдты бæстæм нæ ауагъта. Ныууагъта сæ зæххыл. Æмæ ма абон дæр иумæ арвæй зæххы ’хсæн хæтынц. Систы уынæр æмæ уддзæфы бардуæгтæ. Азæлд ныр дæр ма дзурын нæ зоны æмæ фæзмæгау кæны алы уы- нæр дæр. Хъазы, худы, мах дæр йæ митыл цин кæнын кæны. Уахъæз ыл ныр дæр у иузæрдион, йæ хъæбысы йæ радав-бадав кæны хæхты, дæтты, быдырты сæрты, иумæ фæмидæг вæййынц хæхты цъассыты, лæгæтты, нарæг, къуындæг бынæтты, æмæ та уырдыгæй райхъуысы
^^^^^^^^^^^^^^\ 25 уынæры бардуаг Азæлды фæзмæгой хъæлæс. Уахъæз æй рæвдауы, узæлы йыл. Йæ узæлд æнхъæвзы адæммæ дæр. Æнтæф бон ма Уахъæзы узæлдæй хуыздæр цы ис! Йæ андзæвд, йæ улæфт ын уддзæф хуымæтæджы нæ хо- иæм — нæ удтæ нын рæвдауы. Азæлд та нын фæзмы нæ ныхас æмæ нæ худын кæны нæхиуыл». Фæрдыг радзæбæх. Æмæ ма кæд йæ сыгъдтытæ но- стæй зындысты, хостæй ма сæ сæрдын хъуыд, уæддæр æй дзыцца дохтыртæн рафыссын кодта, хæдзары йæм мæхæдæг фæкæсдзынæн, зæгъгæ. Дæ рынчынмæ рын- чындонмæ дæ зæрдæ æхсайа, уый æнцон нæу. Уæлдайдæр та мах хуызæн æвæгæсæг бинонтæн. Дзыццайы хуызæн уарзæгой ныййарæгæн. Æмæ та ныл нæ царды бонтæ иумæ ныддаргъ сты нæ фыдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Цалынмæ дзы сау гæххæтт нæ райстам, уæдмæ. Уый уал- дзæджы уыд. Æмæ ма дзыцца фæззæгмæ каст цæмæдæр. Чи зоны, фæззæг бæркадджындæр у, уый дæр уыд йæ хъуыдыйы. Бабайы хæрнæджы фынгыл уыцы цыбыркъух заман фылдæр истытæ, бæркадджындæр куы уаид, уый йæ фæндыд. Фылдæр та йæ урæдта йæ дызæрдыгдзинад. Уымæй дæр ын нæ фыды æфсымæр, афтæ ма бакæн, мæ чындз, мæнæн ме ’фсымæр мард нæма у, зæгъгæ, цæх- гæр йæ фæнды ныхмæ куы æрлæууыд, уæд. Æнхъæлмæ кæсгæйæ цыдæртæ цæттæтæ дæр кодта. Арахъхъ рауагъ- та, стуртæй кæцы æргæвддзæн, уый сбæрæг кодта æмæ йæм хуыздæр зылд. Махæн дæр æй бафæдзæхста. — Дзыцца, æмæ баба уæдмæ куы æрцæуа, уæд та? — иуахæмы йæ Таму куы афæрсид. — Уæд... — йе ’нкъарæнтæ йын йæ хъуыр ахгæдтой. — Уæд, мæ хъæбул... Дæ дзыхы фарн. Куывдæн æй аргæвд- дзыстæм, — загъта дзыцца æмæ арф ныуулæфыд. Хæсты фæстæйы зын цардæн адæм кæрæдзийы фæр- цы фæрæзтой. Уымæй сæ ныхас кæрæдзийæн ахæм ныф- сы хос уыд, æмæ цыфæнды зын сахат дæр-иу сæ ныхасыл ахæм æмбисонд, æцæг хабар абарстой æмæ-иу зæрдæрыст
26 у^^^^^^^^^^^^^^ адæймаджы дæр тых бауагътой. Дзыцца дæр ахæм ныха- смæ рæвдз уыд. Кæстæртæй-иу йæ ныфс кæмæн асаст, уыдонæн арæх дзырдта: «Цæрын зын у, мæ хуртæ, фæлæ йæ адджын йæ зынтæ кæнынц». Ныхъхъуыды йын код- тон йæ ныхасыл æмæ йæ бафарстон. Уый мын афтæ: — Гъе, мæ хъæбул... Адæймаг куы равзæры ацы ду- немæ, уæд зæхх æмæ хур сты йæ дарæг. Хур кæсы æмæ кæсдзæн. Зæхмæ та æргуыбыр кæнын хъæуы, барæвда- уын, бафыдæбон ыл хъæуы, æмæ дын уæд дæ зæрдæ ба- рухс кæндзæн. Цыбыр ныхасæй, кусын куы уарзай, уæд дæ удæн цард æхцон уыдзæн. Уыцы хъуыдыйыл нæ бафтыдта нæ мад, æмæ нæ хæд- зары, цæхæрадоны куыстыты уæлдай алы сæрд дæр кол- хозы быдырты куысты уæлхъус уыдыстæм æртæйæ дæр. Фæлæ уæддæр нæ цард лæгъз нæ цыд. Æмæ нæм афтæ каст, нæ фыд немæ кæй нæй, уымæн афтæ у. Уæлдайдæр нæ мады фыдæбонмæ, тыхст æмæ кæуынмæ кæсгæйæ, йæ хъарджытæм хъусгæйæ. Кæд сæ сусæгæй кодта, уæддæр сæ-иу æнæфехъусгæ нæ фестæм. Куы нæ-иу бафиппайд- та, уæд-иу йæ цæссыгтæ сæрфынмæ фæци, æрбахъæбыс нæ-иу кодта, стæй-иу афтæ: — Мæнмæ ма кæсут... Мæнæ та мæ тыппыртæ суагътон æмæ мын фенцондæр. Сымах мын дзæбæх куы уат, уæд æз алцæмæн дæр ныффæраздзынæн. Иу сæрдыгон бон та нæ изæрырдæм йæ алыварс æр- бамбырд кодта æмæ нын зæгъы: — Хъуыды-ма кæнут, уалдзæджы нæм мæ мады æрва- дæлтæй чи æрбацыд, уый? — Балойы... — фæцæттæ Фæрдыг. — Уæд нын, уæ цæхæрадон, цас æмбæлы, уымæй фылдæр у куы загъта, æмæ йын дзы сæрмагонд къамис æхсæз сотыхы кæрдын кодта. Цæттæ нартхоры хуымæй. Балойы фæрцы нын дзы уæд дыууæ сотыхы дæр нæ нык- карстой. Уый дæр уыцы къамисы уæнг у. Æмæ мын ныр та фехъусын кодта, ахсæв, дам, кæмæ цал стуры, фысы
ис, уый бæрæг кæндзыстæм, æмæ уæ уæлдай фос, хъа- лон кæмæн нæ фидут, уыдон уал фæсхъæумæ искæдæм атæрут. Хаби æмæ Таму, сымах уæртæ ме ’рвадæлты лæппутимæ сæ фосимæ нæ дыгæрдыг æмæ æртæ фысы фæсхъæумæ аздахут. Мах та Фæрдыгимæ ам уыдзы- стæм. Æмæ нæм куы æрбацæуой, уæд сын нæ хъуг æмæ йæ роды равдисдзыстæм. Къамис нæ сыхæй куы адард уа, уæд уæм фæхабар кæндзыстæм. Æмæ сæ фæстæмæ æрбаздахдзыстут. Бамбæрстат? — Бамбæрстам. Фæлæ... Хæст раджы куы фæци, уæд ма нæ цæмæн хъыгдарынц? — фæрсын дзыццайы. — Нæ балбæлæстыл ацы аз хæрз чысыл æрзад, æмæ нын уый дæр хъалонæн айстой, — йæ ныхас баппæрста Таму. — Хæст раджы фæци, мæ хуртæ, æмæ дзы баззадысты адæмы хуыздæртæ. Чи дзы сыздæхт, уыдон дæр цæфтæй, хæстæфхæрдæй. Æмæ уынаффæгæнджыты æхсæн ба- бирæ сты, уæлæ хæхты цъассыты чи æмбæхст, йæхи рын- чын чи скодта, ахæм ницæйæгтæ. Уыдон адæмы рис не ’мбарынц æмæ сæ фыдæбонæй марынц. Уæ фыд ам куы уаид, уæд сын уый ахæм уынаффæтæ хæссын бæргæ нæ уадзид. Фæлæ цы зæгъæм Хуыцауæн. Ахæм уавæры стæм... Хæстæй та нæ тæрсын кæнынц æмæ цæйнæфæл- тау хæст уа, алцæмæндæр бафæраздзыстæм. Хæсты коймæ мæ зæрдыл æрбалæууыд, дзыцца мæ рæстæгæй-рæстæгмæ кæй афæрсы: «Ахуыргæнджытæ ницы зæгъынц, хæстæй ма тæссаг у?» Æз ахæмæй ницы фехъусын, фæлæ удæй æнкъарын, адæмæн хæстæй тас нырма дæр сæ уæнджы кæй ис. Æмæ мын фадат куы фæвæййы, уæд газеттæм дæр æркæсын. Радио кæмæ ис!.. Æртæ азы фæстæ, дам, уæ хъæумæ дæр бауадздзыстæм, зæгъынц районы разамынд. Хæрæг ма амæл, тагъд сæрд æрцæудзæн. Ныр та уал радиомæ дæр байхъусæн ис рай- оны центры. Ам электрон рухс дæр ис. Ардæм мах цæуæм фæтæген æлхæнынмæ цырагъы рухсæн. Мах, лæппутæ,
28 у^^^^^^^^^&^^^^^^^ районмæ библиотекæмæ дæр ныууайæм. Уалдзæг æмæ фæззæг. Зымæджы хъызты чи цæуы... Нæхи скъолайы библиотекæ иу къуымы ис.Чингуытæй дæр — мæгуыр. Районы библиотекæйæ та кæцы райсон, уый нал фæзо- нын. Уый бæрц бакæсинаг чингуытæ дзы ис! Иуахæмы дзы мæ цæст æрхæцыд чиныг «Война и мир»-ыл. Бацин кодтон, æвæццæгæн ацы чиныгæй базонæн ис, хæст ма уыдзæн, æви нæ. Мæ дæларм акодтон уыцы егъау чиныг. Фæлæ... — Кæцы къласы ахуыр кæныс? — фæрсы мæ библио- текæйы кусæг. — Цыппæрæмты... — дзуапп ын радтон. — Ацы чиныг хистæр кълæсты чи ахуыр кæны, уыдон фæкæсынц. — Мæн дæр йæ бакæсын фæнды, хæст ма уыдзæн, уый базонон. Библиотекæйы кусæг сылгоймаг мын мæ сæрыл йæ фæлмæн арм æруагъта. — Бамбæрстон дæ... О, дзæбæхæй байрæзай. Хæст нал уыдзæн. Хæстыл мауал хъуыды кæн. Ацы чиныджы ныхас цы хæстыл цæуы, уый раджы уыд. Дыууæ сæдæ азæй раздæр. Æрцыд, дзыцца цы фæззæгмæ æнхъæлмæ каст, уый дæр. Фæлæ цæмæндæр нæ тагъд кодта бабайæн хæр- нæджы фынгыл. Йæ зæрдæ нæ куымдта, йæ къух нæ тасыд. Æнхъæлмæ ма каст, æвæццæгæн. Джеоргуыбайы агъоммæ сонтæй фæуазæлттæ æмæ йæ уыцы уавæр фес- хойæгау фæтæрсын кодта. Иу изæр нæхи æмæ нæ мыг- гаджы хистæртæм фæдзырдта æмæ уыдонимæ рахастой уынаффæ: хæстæгдæр сабаты бабайæн хæрнæджы фын- гæй рухсаг зæгъын. Уыцы бон мах скъолайы уыдыстæм. Фæлæ рага- цау зыдтам, уæлмæрдты йын цырт кæм ныссаддзы- сты, уый. Цырт ын æрцæттæ кодта нæ сыхæгты хæстон къуылых лæг йæхи хъæдæрмæгæй. Махмæ суг дæр фаг никуы уыд, фылдæр æхсынæн æмæ хъæллæгъы хъæдæй
арт кодтам, нартхоры хъузгæй дæр нæм-иу фæкастысты. Цырт хæрнæджы размæ уæлмæрдмæ ахастой æмæ йæ уым ныссагътой. Хæрнæг нæма райхæлд, афтæ мах дæр ссыдыстæм скъолайæ. Дзыццайы йæ фыдимæ сæййæфтам хæдзары. Дада мах куы ауыдта, уæд ныл бацин кодта, стæй дзыц- цамæ раздæхт: — Мæ чызг, адоныл уæд дæ сагъæс. Чи амард, уый нал ис, нал раздæхдзæн, цæсфæнды йыл куы мæт кæ- най, уæддæр. Уый бæрц бæркад æрæвæрыны æфсæрм дæр дæ нæ хъуыд. Дæ хæдзары йын фынджыдзаг æрæв- æрдтаис иу фыс аргæвдгæйæ. Стур та уæй акодтаис æмæ дзы дæ сывæллæтты рагъыл зымæгмæ исты хъæрмттæ баппæрстаис. — Нæ, нæ, Адто! Ныр мын фенцондæр уыдзæн. Мæ зæрдæ йæм нал æхсайдзæн, — йæхи йæм æфсæрмытæгæн- I æ бакъултæ кодта Дзыцца. Махмæ та афтæ каст цыма бабаимæ уаргæ бакод- там, йæ хай йын ахицæн кодтам. Æмæ ныл йæ зæрдæ фæхуддзæн. Раздæрау æм нал æнхъæлмæ кæсдзыстæм. Фæлæ афтæ нæ рауад. Уæлмæрдты йын йæ цырт афтид ингæныл куы федтам, уæд та нæ зæрдæты цыдæр ныфс бацыд. Майрæмы куадзæн Дзыцца афæдзы дæргъы иу марды бон дæр бабайы æнæрхъуыдыйæ нæ ауагъта. Йæ фадат куыд амыд- та, ахæм фынджыдзаг-иу скодта. Йæ фадат куыд амыдта, уал адæймагмæ-иу фæдзырдта. Туг суагъта Зæрдæвæрæны дæр. Дыгæрдыг хæссы афæдзы кæндмæ. Гъе фæлæ Майрæмы куадзæн бабайæн рухсаг цæмæй зæгьа, ахæм æргæвдинаг далыс æм нал ис. Уæркомæ бакæсы, хæрззылдæй йын, куыд æмбæлы, уымæй фæ- ^гъаудæр. Фæлæ йæ Фæрдыгæй куыд атона, кард æм куыд ныддарын кæна...
30 /^^^^^^^^^^^^^^^^ Уыдæттыл сагъæстæ кæнгæйæ йæ иу æнцойбон æр- баййæфта се ’рвадæлтæй иу зæронд ус. Кæрæдзийыл куы ацинтæ кодтой, уæд сын зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхас ацай- дагъ. Æмæ иуахæмы зæронд ус афтæ бакодта: — Мæ фæрстæ дын фехæлой, мæ дзæбæх хо, хæрзæ- рыгонæй сидзæргæсæй чи баззад. Цард æгъатыр у, æмæ дзы æгæр фæлмæн ма у, нæ йын бафæраздзынæ. Дæхи фæхъæбæр кæн. Уæрыкк абон уа, райсом — уæддæр æр- гæвдинаг кæнæ уæййаг уыдзæн. Стæй йæ фысæй дæр хæдзары дардзынæ? Дæхи йыл ма хæр. Дæ чызг дæр дæ фæстæдæр бамбардзæн. Куы йæ айрох кæна, уæд... Зæронд усы уыцы ныхæстæ ныфс бауагътой дзыц- цайы. Фæлæ сæ Фæрдыгæн куыд бауырнын кодтаид, уымæн амал нæ ардта æмæ мæтæй йæхи хордта. Йæ зæр- дæ йын фæриссын кæна, уый йæ нæ фæндыд. Хæдзары зылдтыты йæ æнцой, йæ фæдисон Фæрдыг уыд. Мах та — фос аздахынмæ, сæ размæ ауайын æмæ сæ æрбаз- дахынмæ, цæмæй колхозы хуыммæ, макæй цæхæрадонмæ баирвæзой. Цу-майы лæппутæ уыдыстæм. Фæрдыг фæс- æфсинæй уæлдай нæ уыд. Дзыцца колхозы куыстыты ис, уæд уый йæ хъус дары хæдзармæ, мах æгъдаумæ дæр. Хæринаг нын уый кæны, нæ уæлæдарæс нын уый æхсы, уазæджы уый хынцы. Уазджытæ йын йæ фезмæлдыл дис кодтой. Уæлдайдæр та йæ хъæрхуыппы хæрзадыл. Иу уæливыхтæ нæ кодта æндæр уæды мæгуыр рæстæджы æппæт хæринæгтæм дæр арæхст. Мах Уæлахизы сидзæртæ уыдыстæм æмæ нæ алчидæр йæ мæгуыры бон зыдта. Нæ уавæры, нæ азтæм гæсгæ нæ рæзыдыстæм, фæлæ царды фæлварæнты. Тæхуды бæргæ кодтам, йæ фыд хæстæй кæмæн æрцыд, уыдонмæ, кæд уыдон дæр махæй бирæ хуыздæр уавæры нæ уыдысты, уæддæр. Хæсты фæстæ чи райгуырд, уыдон та Уæлахизы хъæбултæ хуыдтам. Нæ хъæбыстæй сæ дæлæмæ нæ уа- гътам: хионæй, æцæгæлонæй. Цæмæн, ууыл хъуыды дæр никуы акодтам. Кæд сæ, мыййаг, нæ фидæн уыдтам æмæ
ууыл цин кодтам. Æви, кæстæртæ кæй уыдыстæм, уый тыххæй. Махыл, йæ кæстæртыл Фæрдыг куыд иузæр- дион уыд, уыйау. Кæд йæхæдæг сывæллон уыдис, уæд- дæриу нæ хъомылады хъуыддæгты бирæ хæттыты балæууыд. Дзыццайæн-иу йæ къух фæрог кодта æмæ ныр мах дæр Уæркойы хъысмæтыл, кæд ыл мах дæр сахуыр стæм, махыл дæр иузæрдион у, нæ фæдыл рауай-бауай кæны, уæддæр Фæрдыджы тыххæй тынгдæр мæт кæ- нæм. Йæ мæт, йæ рыст ын цы хуызы фæкъаддæр кæн- дзыстæм, дзыцца йын æй куы бакой кæна, уæд. Дзыцца та цы сфæнд кæны, уый æнæмæнг сæххæст кæны. Куы нæ йын фæуайы, уæд ма йæ маст махыл дæр акалы. Æмæ нæ алчидæр мысты хуынкъ агурæгау къуымты, сынтæджы бынты æмбæхсынмæ фæвæййы. Кæнæ лидзгæ, нæ разы цы стыр фæз ис, кæм фæхъазæм, уырдæм. Фæсте дæ нæ расурдзæн. Фырнымд у, адæмы æхсæн йæхи ахæмæй нæ равдисдзæн, хъæр ныхас дæр дыл не скæндзæн. Йæ маст куы æрцæуы, уæд дзы мацæмæй уал тæрс. Бацу мидæ- мæ, æмæ ма дæ йæ хъæбысы дæр æрбакæндзæн: куы йæ цæссыгтæ сæрфгæ, куы — худгæ. Иу бон нæм дыууæйæ хибар ранмæ йæхимæ фæдзы- рдта. Æрбахъæбыс нæ кодта, стæй райдыдта: — Сымах нæлгоймæгтæ стут. Ныр уæ иуыл иуæндæ- сæм аз цæуы, иннæуыл та — фарæстæм. Уæ ныфс мын бирæ уа. Тагъд мын адынджыр уат. Нæлгоймаджы зонд фидардæр у, æмæ уæ мад цы уавæры ис, уый сымах хъу- амæ хуыздæр æмбарат. Зонын, Фæрдыг Уæркойыл куыд иузæрдион у, уый. Фæлæ мæн дæр бамбарут. Уæ фыд уыцы бæсты исты хъуаг уа, уый мæ нæ фæнды, мæ фæр- стæ йын фехæлой. Хæст цардхал у, амонд сафæг, чи йæ ракъахта, уыцы Гитлер та авд дæлдзæх ныххауа, дæли- монтæ йын йæ уд арты цæхæрыл куыд дарой. Фæрдыгæн куы бакой кæнон Уæркойы хабар, уæд- иу йе ’вварс ма фæут. Фæлтау-иу мацы дзурут. Мæ чыз- гæн йæ сæрыл хаст фæуон, йæ зæрдæ йын фæриссын
32 /*^^в^^^в^^3^^^^ кæндзынæн... Фæлæ йæ зонут: мах ам цыфæнды зынæй дæр цæргæ, рæзгæ, зæронд кæнæм. Уæ фыд та цы ду- нейы ис, уым рæзгæ нæ кæнынц æмæ зæронд дæр, чызг дзы моймæ нæ цæуы, лæппу ус нæ куры. Æмæ ма уæ баба уымæй уæлдай исты хъуаг уа, искæй фынгмæ бакæс- бакæс кæна, уый мæхицæн нæ ныббардзынæн. Йæхæдæг дæр мыл ахæм иузæрдион уыд. Урс цырагъ ын фестон. Уыцы ныхæсты фæстæ сæ дыууæйæн дæр æмхуы- зон тæригъæд кæнын райдыдтам. Баба дæр æдзух нæ зæрдыл лæууыд, нæ цæстытыл уыцы дунейы цæргæйæ алыхуызты уад. Æмæ дзыццайы фарс кæнын куы рай- дыдтам, уæд Фæрдыджы раз нæхи аххосджынæй æн- къардтам.. Уæлдайдæр-иу æй Уæркоимæ хъазгæ куы федтам, уæд. Мах Уæркойæ нæхи иуварс ласын райдыд- там. Дзыцца дæр-иу æй нæ иннæ дыууæ фысимæ хизын- мæ аздæхта, хæдзарæй йæ кæртмæ сырдта æхсæвыгон. Фæрдыгæй йæ иуварс кодта, фæлæ та-иу уæрыкк уасгæ йæ уæлхъус алæууыд. Фæрдыджы дæр сæрдыгон куы- стытæй Уæркомæ арæх нал æвдæлд. Уыцы уавæрæй фæ- ныфсджындæр дзыцца æмæ ма Майрæмы куадзæнмæ дыууæ къуырийы куы баззад, уæд ын зæгъы: — Фæрдыг, мæ чызг, ацы уæрыччы дæхиуыл æгæр са- хуыр кодтай æмæ йæ ныр Майрæмы куадзæны фæстæ нæ мысдзынæ? — Дзыцца, æмæ Майрæмы куадзæны фæстæ цы фæуыдзæн? — сонт фарст æй акодта. — Цы фæуыдзæн? — ныхъхъус дзыцца, стæй: Цы фæуыдзæн?.. Дæ фыдæн хистæн бахъæудзæн. Фæрдыг иу дзæвгар дзыццамæ кæсгæйæ баззад, стæй ныккуыдта, дзыхыдзаг нырдиаг кодта. Дзыцца йæ йæ хъæбысы æрбакодта, фæхсбандоныл æй йæ хъæбы- сы æрбадын кодта æмæ йæ сабыртæ кæны. Мах дæр сæ фарсмæ балæууыдыстæм æмæ Фæрдыгимæ кæуæм. Дзыццайæн дæр йæ цæссыг фемæхст. Дзæвгар фæкуыд- там... Стæй йæхи загъдау, йæ тыштыртæ куы суагъта, уæд йæхи фæхъæбæр кодта:
^^^^^^^^^^^^^^^^ч 33 — Хорз, хорз! Фосыл кæуын нæ фæтчы. Уæд, дам, адæймагыл кæуынмæ рахизы! Мах та цæрын фæнды. Мæн сымах стыртæй фенын фæнды. Сымах та — мæн :*æрондæй. Афтæ нæу, лæппутæ!? Йæ фæстаг ныхасæй нæм æххуысмæ сидти. Æмæ мах дæр нæхи фæхъæддых кодтам. Фæрдыгмæ ныхас æп- парæнтæ кæнæм, æндæр хъуыдытыл æй бафтауыныл ар- хайын райдыдтам. Сæрд уыд æмæ-иу изæрыгæтты алы сыхæй дæр фæндыры цагъд хъуыст. Фæсивæд-иу хъазт сарæзтой. æмæ уый мах зæрдæтæм дæр циндзинад хаста. Фæрдыг ахæм изæртæ бирæ уарзта, йæ æмгар чызджы- тимæ-иу хъазты кæрон балæууыдысты, кафты бар дæр- иу сæм стæм хатт æрхаудта. Æз ын изæры хъазты кой кæныныл афæлвæрдтон, фæлæ йæ уæддæр йæ æнтъыс- нæг хъуыды уæгъд нæ уагъта. Йæ цæссыгтæ сæрфгæ ра- цыд фæскъулмæ. Мах дæр — йæ фæдыл. Дзыцца нæм йæ цæст дары. Нæ куыдз Мила — нæ æхсæвгæс, нæ хъахъхъæнæг нæ фарсмæ алæууыд. Цинтæ ныл кæны. Фæрдыг ууыл фæци, йæ быны йæ ракодта æмæ йемæ хъазы. Йæ маст, йæ æрхæндæгдзинад æй феуæгъд кодта, æмæ махæн дæр фенцондæр. Куыдзимæ хъазгæйæ кæрты къуымты кæрæдзи расур-басур систам. Нæ кауæй æхгæд кæрт нын скъуындæг æмæ нæ уисæй быд кулдуар фегом кодтам. Ууылты куы æддæмæ, куы мидæмæ тъæбæртт кодтам нæ куыдзы фæстæ. Дзыцца нæм хæдзары дуары рахизæнæй каст æмæ йæ мидбылты худт. Уыцы бонæй фæстæмæ Фæрдыг дзæвгар фенкъард- дæр. Раздæрау æй йе ’мгар чызджытимæ изæры фæн- дырдзагъдмæ йæ къах нал хаста, махимæ дæр хъазыд æвæндонæй. Уый дзыцца бафиппайдта æмæ нæ иу изæр йæ цæгаты сыхы хъазтмæ акодта. Уым уый устытимæ бадт, цæуылдæр ныхæстæ кодта. Мах сæм æввахс хъа- зыдыстæм. Фæрдыг нæ мады æрвадæлты чызджытимæ æнæуый дæр тынг хæлар уыд. Ныр семæ бынтон схъæл- дзæг. Хъазты дæр ма балæууыд. *з
34 ^&^&О&^&ЪО&^&ЪО^ — Бындурзылд фæуа, хæст чи ракъахта, уый, — ацах- стой мæ хъустæ устытæй кæйдæр ныхæстæ. — Адон си- дзæр чи фæкодта. Мæнæн дæ сæрыхицау ахуыргæнæг уыд. Уый фæрцы зонын кæсын, фыссын. — Нæ бригады сæргъы дæр дæ уымæн сæвæрдтой, — ацахста йын йæ ныхас иннæ. — Нæ, фæскомцæдисон дæр дæн, æмæ мын уый хæс- лæвæрд у. Фæззæджы мæ, нæ быдыртæй цы бæркад си- сæн, уымæн дзуапп дæттын хъæудзæн. — Æхсæв, бон дæр уымæн нæ зоныс. Æрулæфын нæ нæ уадзыс. Нæ уд нын сластай... — Ныххудти устытæй чидæр. — Куыстæй ничи ма амард. Ницы уын уыдзæн, — сдзырдта Дзыцца. — Цыппардзæлхыг уæрдæтты дзаг хортæ уæ къутуты куы ныккалут, уæд уæм уыдон уæла- рвæй æрхауынц?! — Сыстад. — Хорз фæуæд. Сымахимæ абадын, аныхас кæнын ма мæ бæргæ фæнды, фæлæ æгæр куы сæнафон уа, уæд райсомæй зын стæн вæййы. Фæрдыгмæ нæ барвыста, ракæнут æй, зæгъгæ. Уый бæргæ нæма фæндыд, фæлæ уайтагъд дзыццайы цур мæ- стæлгъæдæй алæууыд. — Мæ чызг, нæма дæ фæнды? — Нæма! — сонт дзуапп радта Фæрдыг. — Уадз æй ам, — сдзырдта дзыццайы фыды кæ- стæр æфсымæры ус Зами. Ахсæв ын нæ чызджытимæ хъæлдзæгдæр уыдзæн. Кæсыс, йæ фæйнæфарс куыд алæууыдысты. Дзыцца иу чысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй сра- зы. Чызджытæ цингæнгæ хъазтырдæм азгъордтой. Мах нæхимæ рараст стæм. Дзыцца уыцы изæр цæуыл ныхъхъуыды кодта, уый нын райхæлдта Майрæмы куадзæнæй дыууæ боны раз- дæр. Фæрдыгæй нæ фæхицæн кодта æмæ нын дзуры: — Мæ уд бахæрат, мæ чысыл ныфсытæ. Сымахимæ, æндæр кæимæ бауынаффæ кæнон. Майрæмы куадзæн
^^^^^^^^^^^^^^^^\ 35 ацы къуыри уыдзæн, æмæ та уый размæ изæрæй мæ цæгатмæ ацæудзыстæм. Фæрдыджы уым ныууаддзы- ггæм. Дыккаг æхсæв дæр... Æндæр мын йæ зæрдæ исты кæндзæн, Уæркойы æргæвдгæ куы фена, уæд. Йæ ны- ионд фæуон, цард ын фестон. Сымах уæхи ницы зонæг скæнут. Уæрко, уадз, æмæ фыстимæ хиза. Йемæ мауал хъазут. Сыхы сывæллæттимæ фылдæр ут, уæ иумæйаг хъазæн фæзы. Махæн цы бамбарын хъуыд дзыццайы фæндон æмæ нын, куыд загъта, афтæ кодтам. Цæхæрадоны куыстыты, райсомы æмæ изæры хæдзары зылдтыты та цыппарæй дæр иумæ уыдыстæм. Уыцы изæр дæр та нæ фос куы бафснайдтам, изæры зылдтытæ куы фестæм, уæд ацыдыстæм нæ мады æрва- дæлтæм. Бæрæг уыд, устытæн дзыцца кæй бамбарын код- та Фæрдыджы хабар: чи йын дзы йæхи нывонд кодта, чи та йæ бадт ус хуыдта. — Мæ къона, ардæм ма рауай, — фæдзырдта йæм Аничка йæхимæ. Йæ хъæбысы йæ æрбакодта æмæ йын дзуры: — Дæ мады фæндиаг байрæзай. Уый дæ куыд бу зныг у, уый куы зонис. Йæ къух ын рог кæныс, лæппуты æгъдаумæ дæ хъус дарыс. Уæ фыд, бæргæ уæ фарсмæ куы уаид, уæд махæн дæр æнцондæр уаид. Нæ хъæуы дзыхы акæнинаг чи уыд, уыдонæй — уæ фыд иу. Фæлæ хъысмæтæн цы зæгъæм, цы?.. Æз ныхас дзыхы акæнинаг нæ бамбæрстон æмæ дзы нæхимæ дзыццайы бафарстон. Уый мын афтæ: «Хистæртæй ахæм ныхæстæ нырма бирæ фехъусдзынæ. Арф хъуыды кæнынц. Ацы ныхас та амоны, ома, æвзар- гæ хуыздæр». Уыцы æхсæв дæр та Фæрдыг баззад нæ мады æрва- дæлтæм. Дыккаг бон, мах дæр куы равдæлд, уæд æм ссы- дыстæм. Изæрмилты, нæ æдзух мадау чи рæвдыдта, уæ фæхъауæй нæм чи дзырдта, уый Зами, Дзыццайы фыды æфсымæры ус йæхимæ æртæйæ басидт.
36 ^&^Ы0^^&%0&^&%0^ — Байхъусут-ма, лæппутæ, Фæрдыг ахсæв дæр ам уы- дзæн. Сымах, цалынмæ не ’рталынг, уæдмæ ацæут. Уæ мад иунæгæй тæригъæд у. Фæрдыг сцин кодта. Мах та уыцы ныхас йеддæмæ ницы хъуыд. Уайтагъд фæцæуæг стæм. Нæхимæ сыхæг- тæй, хиуæттæй цалдæр усы æрæййæфтам ссадимæ, цыхт æмæ цæхæрайы сыфтимæ архайгæйæ. Мах дæр сæм цæ- мæдæрты фæкастыстæм. Стæй æхсæвæр скодтам. Устытæ куы ацыдысты, уæд нæ дзыцца Фæрдыгæй æрфарста, ома, ницы бафиппайдта. Æмæ та йын йæхи нывондтæ кæнын райдыдта. Райсомæй, кæд нæ скъоламæ цæуын нæ хъуыд, уæд- дæр раджы райхъал стæм. Махæй раздæр та — дзыц- ца. Пецы арт сыгъд, уæларт — чысыл аг донимæ. Мах фæгæппытæ кодтам. Нæ дзаумæттæ акодтам. — Уæхи ахсут, аходæн акæнут æмæ истæмæты фæ- кæсут, — дзуры нæм дзыцца. — Цъайæ дон æрбахæссут. Фæрдыг ам нæй, уый нæ зонут!.. Стæй йæм ацæудзыстут. Цæмæй мацæуыл фæдызæрдыг уа. Дзыцца нын цы дзырдта, уый кодтам. Уæдмæ сыхæг- ты лæг кардимæ фæзынд. Æрбацыдысты нæм нæ хион нæлгоймæгтæ дæр цалдæрæй: æрвадæлтæ æмæ мады æрвадæлтæй. Уæркойы дзыцца цъæх нæумæ нал ауагъта, скъæтæй йæ уасын цыд. Махæн, бакæсæм æм, уый нæ зæрдæ нæ тардта — тæригъæд ын кодтам. Дзыцца уый æмбæрста æмæ нæм дзуры: — Ацæут ныр Фæрдыгмæ. — Кæдæм сæ æрвитыс, ныридæгæн лæгтæ сты, уадз æмæ алцыдæр базоной, — сдзырдта лæгтæй чидæр. — Нæ, нæ!.. Нæма сæ хъæуы, — батыхст дзыцца. Махмæ уæлдай ныхас нал хъуыд, æмæ сæ дзургæ фæуагътам. Фæлæ уæддæр нæ зæрдæ æхсайдта хæдзар- мæ. Нæ мады æрвадæлтæм нæ хъазт дæр нал рæстмæ кодта. Фæрдыг æнкъардæй кæрты къуымты рацу-бацу кодта. Уæд нын сæ лæппу, дæсæм къласмæ чи бахызт, уый, Митя, бакой кодта:
^^^^^^^^^^^^^^ч 37 — Немыцаг уацайраг æфсæддонтæ горæтмæ Дзæуджыхъæумæ цы фæндаг сарæзтой, уый фенын уæ пæ фæнды? — Фæнды!.. Фæнды!.. Фæнды!.. — иууылдæр схор- хор кодтам. — Сихор куы скæнæм, уæд уæ акæндзынæн. Кæд ма иоезд хæстæгмæ дæр фениккат. Уый дæр уырдæм æввæх- сты цæуы. Фæссихор, кæд æнтæф бон скодта, уæддæр араст стæм хъæуы сæрмæ, районы центрмæ фæндаджы арæзтад фе- нынмæ. Раст хохаг сисамадау æвæрд уыдысты йæ дойнаг дуртæ кæрæдзийы фарсмæ. Уæрдоны цæлхытæ йыл гы- бартыбур тылдысты, машинæйы цæлхытæ та — фæлмæн. Машинæтæ стæм уыдысты, уыдонæй стæмдæр та — по- ездтæ. Фæлæ нæ сæ фæздæг æмæ уаст дисы æфтыдтой. Цалынмæ дзы цалдæр нæ федтам, уæдмæ цъæх нæууыл хъазыдыстæм. Уалынмæ арв хъулæттæ кæнын райдыдта. Хуры цæст мигъты æхсæнты куы иу æрдыгæй ферттивы, куы — иннæрдыгæй. — Абон майрæмбон куы у... — сдзырдта хъуыдытæ кæнгæ Митя. — Абон мæрдты бон у — Майрæмы куад- зæн. Изæрырдæм рауары. Фæлæ — хæрз чысыл. Раст цыма хур йæхи фæнайы, уыйау. Ныххуылыдзæй ма фæтæрсут... Фæрдыг Майрæмы куадзæн фехъусгæйæ фæуыргъ- уыйау. Йæхимæ ныхъхъуыста. Стæй: — Митя, цом хæдзармæ. Æз бафæлладтæн. Æрцыдыстæм нæ мады æрвадæлтæм. Сæлфынæгау чысыл рапырх кодта. Нæ буарыл сой уарæгау æхсызгон æртæхтæ хаудысты. Æмæ та хур дæр ракаст. Арвы кæ- ронмæ йæ бирæ нал хъуыд. Зами нæ размæ рацыд æмæ пæм дзуры: — Мæ хуртæ, ацæут ныр уæ хæдзармæ. Уарыд æмæ уæм уæ мады зæрдæ æхсайдзæн.
38 у^^^^^^^^^^^^^^ Нæ хæдзары ма устытæ æфснайæн куыстытæ код- той. Фынгыл — чъиритæ, дзидзаты кæрстытæ, халсартæ, дыргътæ, нуæзтытæ. Фæрдыг аджих, стæй ныккуыдта. Устытæ йыл амбырд сты. Сабыртæ йæ кæнынц. Фæлæ кæм. Дзыццайæ йæхи тоны æддæмæ. — Цы кæныс?.. Худинаг у ацы устытæй. Дæхиуыл фæхæц, мæ чызг. Мæ æнцой ды куы дæ. Чызг кæмæн нæй, уыдон мæм хæлæг куы кæнынц... Мах дæр ма цы акодтаиккам, уый нал зыдтам. Æмæ сæм нæхи æввахс байстам. Фæрдыг дзыццайы ныхæ- стæм фæсабырдæр, фæлæ йæ хæкъуырццæг не ’нцад. Куыдвæлладæй уатмæ бацыд, хуыссæныл йæхи æруагъта æмæ афынæй. Уæдмæ устытæ дæр ацыдысты. Æрталынг. Дзыцца нын æхсæвæр нæ разы фынгисæггæгтæй цыдæртæ æрæ- вæрдта. Чъиритæй бахордтам, дзидзатæм нæ бав- нæлдтам — нæ зæрдæ дзы нæ бакуымдта. Фæрдыг фынгмæ цæугæ дæр нæ ракодта. Йæ дзаумæттæ раласта æмæ æххормагæй схуыссыд. Дзыццайы фын Цалдæр боны дæргъы Фæрдыг хъæрмхуыпп нал ба- хордта, йæхи хызта Уæркойы фыды бас кæм уыд, уыцы цугунæй. Хус къæбæр, цыхт æмæ халсартæ, дыргътæ, картофтæ уыдысты йæ хæринаг. Дзыцца йын цы нæ дзы- рдта, цы нæ кодта, фæлæ коммæ нæ каст. Уый тыххæй йæм мæсты нæ уыд, тæригъæд ын кодта. Уæд нæ иу рай- сом хъæлдзæгæй йæ алыварс куы абадын кæнид æмæ куы райдаид: — Зонут, дысон уæ фыды мæ фыны федтон. Гæзæмæты мæм зынд дардæй йæ цæсгом, худти мæм. Цъæх нæууыл бадт. Йæ ныхас ын хорз хъуыстон, йæ хъæлæс мын цы базонын хъуыд. Дзырдта мæм: «Дæхи мауал хæр, ницы- уал дзы рауайдзæн. Мæн дæр сымахимæ бæргæ фæнды, фæлæ... Ныр æз ам æнæрхъуыды нал дæн. Мæ разы ис алцыдæр. Сывæллæттæн зæгъ, Уæрко дæр ам мемæ кæй
^^^^^^^^^^^^^^^^ч 39 ис. Мауал мыл мæт кæнут». Уыцы рæстæг æм Уæрко кæ- цæйдæр куы разгъорид, бауасыд æм, йæ къухмæ йын ба- смыста, стæй цъæх нæууыл хизыныл фæци. Дзыццайæн йæ цæссыгтæ йæ рустыл æргæр-гæр код- той, æмæ сæ йæ сæрбæттæны кæрæттæй асæрфта. Стæй нæ æрбахъæбыс кодта æмæ цыппарæй дæр æмхуызон ны- е-е кодтам. Дзыццайы загъдау, нæ тыппыртæ суагътам. Фæрдыг дзыццайы ныхæстыл баууæндыд, уый бæл- вырд нæ зонын. Фæлæ куыд нæ ис мады ныхæстыл бау- уæндæн. Уымæй ма йæ куы афæрсид: — Дзыцца, æмæ баба Тамуйы дæр зоны? Хæстмæ куы цыд, уæд уый гуырд куы нæма уыд. — Зоны, зоны... Мæ зæрдæдарæнтæ, мæ хуртæ, мæ хъæбултæ. Йæ уд нæм æрыздæхы. Хæрзаудæн ныл кæны. Уæдæ йæ æз фыны цæмæн федтон. Æмæ йын йæ рухс ном хъуыды кæнут, макуы йæ фæхудинаг кæнут, цæмæй йын Мæрдты бæсты æнцондæр уа. Уыцы бонæй фæстæмæ нын цæрын фенцондæр: Фæрдыг Уæркойы нал мысыд. Хъуыды кодта: уадз æмæ бабаимæ уа, мах ам цыппарæй стæм, уый уым иунæг цæ- мæн хъуамæ уа. Дзыцца бабайы раз йæ хæс бафыста. Афæдзы кæнд ма хъæуы, æмæ уæд цы аргæвда, уый йæм ис. Махмæ та афтæ кæсын райдыдта, цыма баба æдзух- дæр нæ уæлхъус ис, æмæ нæ ныфс нæ саст. Ирон адæм сæхи хуызæн никæй кæнынц, фæлæ сæхæдæг искæимæ цæргæйæ уыдоны хуызæн афтæ тагъд авæййынц, æмæ ныййарджытæ сæ цотимæ цы æвзагыл дзурой, уый нал фæзонынц. Афтæмæй ирæт- тæй бирæ батад гуырдзыйы, уырысы, кæсæджы, мæ- хъæлы, тæтæры æмæ ма суанг Астæуккаг Азийы адæмты æхсæн.
40 у^^^^&^^^^^^^^^^^^ Мæ хъæбул, æви мæ ардбахæрд Новеллæ Дзирæ нæ мæрдтæй уыд, нæ удæгæстæй... Уыцы сау хабар сæм сау халон рудзынгæй куы æрбауасыд, уæдæй нырмæ йæ зонд фæцæуæгау кодта. Сæр сафтид, хъуы- дыйы æртау дзы нал баззад. Æдзæрæг быдыры æрмæст дзæгъæл дымгæ куыд хæта, уыйау ын йæ сæры хъæ- бæртæ иудадзыг хойынц æмæ хойынц, цы тел райстой, уый фыццаг цалдæр дзырды: «Ваш муж Дудар погиб...» «Погиб, погиб», — сфæзмыдта йæхинымæры фыдуацхæс- сæг телы дзырдтæ. «Æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст дæс азы размæ куы банцад, уæд мæхи Дудар кæм бæллæхы хъуамæ бахаудтаид?..» Йæ зæрдæ ныддур, мастæй байдзаг, ныддæнгæл æмæ уынæргъы. Тæхуды, йæ куыстæй куы ныллæууид, куы атонид. Нæ, нæ!.. Цалынмæ Дудары мæрдонвæлурс цæсгом фена, уæдмæ нæ! Уæд та мæнг тел у. Æфсæддон комиссарадæй дæр сæм æрбацыдысты. Загътой сын, йæ æмслужбæгæнджытæ, дам, æй æрласынц. «Гъе, мæ фæр- стæ дын фехæлой, ласгæ мард мын куы фæдæ! Уæд нæ бæллицтæ та. Митæй мæсгуытæ мын амадтай?..» Дзирæ ныууынæргъыдта, ныдздзойтæ кодта, æмæ йæ, зæгъгæ, йæ ходыгъд Зæли нæ ацахста, уæд пъолыл йæ тъæпп фæцыдаид. Хъарæггæнаг устытæй йæм иу асго- мау сылгоймаг æрбауад, йæ хъæбысы йæ æрбакодта, æмæ иумæ диваныл æрбадтысты. — Дзирæ уый цы кæныс?.. Дæхи фæуром... Дæ зæр- дæйы бын цы уд тæлфы, ууыл уæддæр ахъуыды кæн.
Уый Дудары хъæбул у! Дударæй дын уый зайы... Дæ кæуын ма уром, ма йæ ныхъуыр. Кæугæ кæн... Кæуын зæрдæйы рис къаддæр кæны. Мастæй ницыуал раздах- дзынæ. Дæ хъæбул!.. Дæ хъæбулæн цард радт. Райгуырын æй бауадз... Уыцы æхсæв Дзирæ куыдæй арвыста, уый мачи бав- зарæд. Дударимæ иу къласы ахуыр кодтой, бадгæ дæр — кæрæдзийы фæстæ партæтыл. Дудар йæ хæдфæстæ. Æмæ-иу ын йæ дзыкку хъавгæ куы раивæзта, уæд ын цы зонын хъуыд, йæ фенын та йæ кæй фæнды. Дзирæ йæм- иу хатт мæсты дæр раци — ахуыргæнæгмæ йæ хъусын нæ уагъта, æмæ-иу æм йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта. — Фæрысти дын? Дæ дзыккуйыл æгæр тынг рахæ- цыдтæн? — йæхицæн-иу бынат нал ардта Дудар. Кæрæдзийыл афтæ æнувыл уыдысты æмæ, скъола каст куы фесты, уæд сæ дыууæ дæр сæ гæххæттытæ радтой хъæууонхæдзарадон техникуммæ. Каст æй куы фесты, уæд хъуамæ чындзæхсæв скодтаиккой. Дыууæрдыгæй дæр сæм бинонтæ æнхъæлмæ кастысты, разы уыдысты сæ уарзондзинадимæ. Æмæ «нæ!» чи хъуамæ загътаид Дудары хуызæн бонзонгæ, æгъдауджын, сæрæн лæппу- йæн. Сыхы фидыц, хъæуæн номгæнæг йæ ахуыр æмæ куыс- тæй. Кæй нæ бафæндыдаид, Дзирæйы хуызæн хæрзаив æмæ хæрззонд чызг ын йæ къонайы Сафайы рæхысмæ, Сæры зæд æмæ Бынаты бурдуагмæ куы æркуывтаид, уый. Фæззæгмæ æнхъæлмæ кастысты. Уæдмæ та уал Дудар колхозы быдыртæй нæ цыд, Дзирæ — фермæйæ. Техникумы сæ цæуыл сахуыр кодтой, уый фæлвæрдтой куысты, амыдтой сæ хъугдуцджытæ æмæ быдырдзаутæн. Æрлæууыд фæззæг дæр — хорæфснайæнты рæстæг. Уæдмæ æрхæццæ æфсадмæ лæппу фæсивæды кæныны афон. Фæдзырдтой Дудармæ дæр. Æртæ боны æмгъуыд ьгн радтой. Æртæ боны фæстæ дæм цæттæйæ æнхъæлмæ кæсæм æфсæддон комиссарады кæрты.
42 /^^^^^^^^^^^^^^^ Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы дзæнæтон рæстæг Дудар æмæ Дзирæйæн. Кæрæдзийæ нал хицæн код- той. Куыстæй сæ суæгъд кодтой, ничи сæ ницы домдта, ницы хæс æвæрд сыл уыд. Иудадзыг иумæ. Хиуæтты, хæстæджыты, æцæгæлæтты зæрдæ сыл ницæмæй худт. Кæд нæма бафидыдтой, нæма баиу сты, уæддæр кæрæ- дзийы аккаг, кæрæдзийæн кæй сты, абон уа, райсом иумæ кæй уыдзысты, уый зæрдæйæ æнкъардтой. Уыдонмæ кæсгæйæ, кæрæдзийыл сæ æнувыддзинадæй цыма сæ уд- тæм дæр рæвдыддзинад хъардта, рухс æмæ сæм хъарм хаста, афтæ зынд. Фæхицæн-иу сты æрмæстдæр фæсæмбисæхсæв. Æмæ та боныцъæхтæй фæстæмæ — иумæ. Мæйрухс æхсæвтæ скодта æмæ æндæргтау зылдысты хъæугæрæтты, цæу- гæдоны былтыл, æрулæфыдысты-иу цъæхдзаст суадоны фарсмæ хъæдабæ цъæх нæууыл. Æххормаг нæ кодтой, фæллад нæ зыдтой, кæрæдзийы уындæй не ’фсæстысты. Царды иумæ цы цыбыр фæндагыл рацыдысты, уым алы чысыл цау дæр сæ зæрдыл æрлæууыд. — Хъуыды-ма кæныс, уалдзæг-иу хуры тынтæм дæ цæсгомы дзыгъуыртæ тынгдæр куы разындысты, уæд-иу дæ куыд мæстæй мардтой? — иуахæмы йæ афарста Дудар. — Нæ фæзтæ та дидинæг калынц. Фæлæ мæ мæ къап- па-къуппа та цæмæн хуыдтай? — Куыд цæмæн? Бурсæр хъуымбылдзыкку дидинæг нæ дæ? Уалдзæг-иу дын æртонынæй тарстæн, — хъазын- мæ аздæхта сæ ныхас Дудар. Æмæ сæм цæй фæдыл нæ рауад ныхас уыцы æртæ æхсæвы. Сæ дарддæры цардыл. Цин ыл кодтой, сæхи дзы рæвдыдтой. — Хъусыс, Дзирæ, афæдз бафæраз. Æз хорз службæ кæндзынæн. Отпусчы мæ æнæмæнг рауадздзысты. Нæ уæлæсыхы лæппутæй фарон дыууæйæ отпусчы куы уы- дысты. Æз дæр ссæудзынæн. Рагацау нæхимæ фехъусын кæндзынæн, цæмæй уæм минæвæрттæ барвитой. Куы ссæуон, уæд чындзæхсæв куыд скæнæм.
^^^^^^^^^^^^^^^^^. 43 Фæндтæ, хъуыдытæ, ныхæстæ бирæ фæкодтой. Кæрæдзимæ ма сæ фыстæджыты дæр фæфыстой. Уыдис дзы Дударæй æмдзæвгæ «Иунæг хорзæх» А дупейыл ницы ис сенусон — Азгпы цыды бастъæлы æппæт. Цард-цæрынмсе райгуыры сывæллон. Кæс æмæ та азæронд ис. Кæд?! Ацы зæххыл ницы у æнусон — Азты цыды баихсийы хох. Хъуамæ дзы мæ уарзты цæхæр ссудзон! Зæрдæтæй куыд никуы фæуа рох. Æз дæуыл мæ бæллицтæ нывæндын — Уарздзынæн дæ, цалынмæ цæрон! А дунейыл иунæг хорзæх курын: Макуы уæд дæ уарзтæн дæр кæрон! Дзирæ йæ æдзухдæр йемæ хæссы. Ныр дæр æй йæ дзыппы асгæрста. «Уый йæ ныхасæн хицау разынд: «Уарздзынæн дæ, цалынмæ цæрон!» Æз та цы фæуон? — Ныссагъæс кодта. — Ныр ма куыд хъуамæ цæрон? Ард куы бахордтам: æнæ кæрæдзи нын цæрæн нæй, иуыл нæ исты куы æрцæуа, уæд хъуамæ иннæ дæр йæ фæдыл ацæуа. Цæмæй мæрдты бæсты баиу уæм». Уыцы ардбахæрд ноджы тынгдæр сфидар, Дудар от- пусчы куы ссыд, уæд сæ чындзæхсæвы фæстæ. Уыдон кæрæдзийыл куыд иузæрдион уыдысты, уымæ кæсгæйæ, уарзын чи нæ зыдта, уый дæр искæй бауарзтаид. Дæс боны сыл куыд тагъд ацыдысты, раст цыма тæхгæ акод- той, уыйау сæ банкъардтой. Сæ уаг, сæ тыхст сын хъ- æуыхицау бамбæрста, æмæ хорзы тыххæй адæймаг цы нæ бакæндзæн. Сæрмагондæй районы æфсæддон комис- сармæ ацыд, æмæ уый Дудары отпускыл бафтыдта фондз боны. Йæ æфсæддон хайы командирмæ фехъусын кодта йæ усракуырды хабар. Æмæ йын уый бар радта.
44 у^^^^^^^&^^^^^^ Уыцы бонты æхсæв хуысгæ дæр нæ кодтой, сæ рæ- стæгæй хуыссæгæн радтын, атонын сæ цæст нæ уарзта. Сæ уарзтыл, цардыл, сæ фидæныл тæрхæттæ сæ-иу арвы тыгъдадмæ, стъалыты фарсмæ систой, æмæ дун-дуне дæр уыдоны уыд. Уарзты суадонæй нуæзтой æмæ сын дзы бафсисы хъомыс нæ уыд. Уæд æцæг ард бахордтой кæрæдзийæн, иуæн дзы æнæ иннæ цæрæн кæй нæй. Маргъы базыртау дыууæ сты, æмæ маргъæн иу базырæй тæхæн куыд нæй, афтæ уыдо- нæн дæр иугæйттæй цæрæн нæй. Фæлæ цард йæхионтæ домы... Кæд адæймагæн зындзинæдтæ æвзарын кæны, уæддæр дзы æрмæст нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы, дыу- уæ уды æхсæн уарзондзинад кæй райхæлы, уый тыххæй дæр адджын у. Ноджы ма йыл хъæбулмæ уарзт куы баф- ты, уæд ма йæ уый та бæрнондæр кæны. Уыцы мыдамæст æнкъарæнты æхсæвты сæ нæ ферох сæ фидæны фæдон дæр. Лæппу уа, чызг — уæлдай нæу. Ном ын æвзарæн рæстæг дæр-иу сыл скодта. Куыд æй хъомыл кæндзысты, кæй хуызæн сæ уыдзæн, чи йæ фылдæр уарздзæн... «Ныр ын йæ мард сласынц, мæ фæрстæ йын фехæ- лой», — ныккатай кодта æмæ ныккуыдта. Фæссихор уынджы сæ кулдуары акомкоммæ æфсæд- донты егъау машинæ æрлæууыд. Æмæ уайтагъд устыты кæуын райхъуыст. Адæм кæртмæ ракалдысты. Кулдуары дуæрттæ тыгъдæй лæууыдысты, æмæ Дзирæ салдæтты зæхмæ хизгæ куы ауыдта, уæд устытæм хъарæгау бакод- та: «Æрластой мæм æй. Мардæй, мæ бон бакæла. Æз сæм æй хъазгæ æмæ худгæйæ куы арвыстон». Устытæ цалдæрæй йæ фæйнæварс балæууыдысты. Цардыл æй æфтауынц сæ ныхæстæй, бæрнондзинад дзы домдтой. Кæугæ кæн, кæугæ, зæгъгæ, йын дзырдтой, дæ маст суадз. Хъахъхъæнынц æй, йæ сывæллоны ныййа- рынмæ бирæ рæстæг кæй нал хъæуы, ахæм æнхъæлцау сылгоймагæн фыдохы тæссаг та куыд нæу.
^^^^^^^^^^^^^^^^^\ 45 Кæртмæ æрбахызтысты хъæуыхицау æмæ салдæтты командир — афицер. Лæгтимæ цæуылдæр аныхæстæ код- той. Хæдзармæ бахызтысты. Стæй салдæттæм уынгмæ ацыдысты. Уыдон сæрæмбæрзт чырын машинæйæ рай- стой æмæ кæртмæ æрбараст сты. Устытæ ныхъхъарæг кодтой, сæ уæрджытæ æрхостой. Дзирæ цы фæци, уый нал базыдта. Йæхи æрæмбæр- ста диваныл. Рабадт æмæ устытыл фæйнæрдæм ахæцыд, цыма, а-ма, кæм ис, фенон æй, зæгъынмæ хъавыд, уыйау. Æмæ йæ фæндгæ дæр афтæ кодта. Дыууæ æрыгон усы йæ дæлæрмтты бацыдысты, афтæмæй йæ бакодтой Дудары марды уæлхъусмæ. Уæдмæ чырыны сæр систой, æмæ та- бæты æнцад-æнцойæ хуыссыд Дудар. Раст цыма фынæй кодта, уыйау зынд. Дзирæ йыл ныддæлгом, кæугæйæ ны- хас кæны йемæ, цæмæн мæм схæццæ дæ, дæ службæ куы нæма фæци, уæд, зæгъгæ, æз дын дæ фыстæг нырма знон куы райстон. Устытæ йæ кæуын, хъарæг кæнын иудзæвгар бауагъ- той, стæй йæ чырыны рахизфарс къæхты æрдыгæй бан- доныл æрбадын кодтой. Дзирæ æхсæвбадæнтæ дæр уыцы бандоныл арвыста. Ацу искуы æрулæф ын-иу исчи куы бакой кодта, уæд-иу йæ кæуындзæг фемæхст. Æдзухдæр æй Дудары цæсгом- мæ кæсын фæндыд. Афтæ йæм каст, цыма йæм уый дæр каст, уый дæр æй уыны, æмæ-иу æй хатт бафæндыд йæ мидбылты бахудын. Удæгасы хуызæн æм каст. Салдæтты командир та, дам, афтæ дзырдта: «Он геройски погиб. Погиб товарища спасая» Нæ йæ уырны, сысты æмæ та йæм æдзынæг ныккæсы, стæй йæ хъарæг райхъуысы: «Мæнæ мыл цы фæззæг скодта. Фыдвæззæг. Сау бон мыл акодта, Дудар, дæ мæрдæй. Дуне мыл куы баталынг, хур мæ куы нал тавы, ныхас мæм куы нал хъары. Уæд куыд цæрон æнæ дæу?!» Салдæтты командир куыд радзырдта, афтæмæй хæстон-уæлдæфон ахуырты рæстæг хæдтæхæгæй
46 /^^^^^^^^^^^^^^^ парашютимæ гæппытæ кодтой. Иу æрыгон салдатæн дзы йæ парашют нæ байгом, æвæлтæрд у, мæгуырæг, нæ йæм сарæхст. Æмæ йæ уавæр куы банкъардта, уæд «Я жить хочу!» хъæргæнгæ зæхмæ дурау фæцæйтахт. Уый размæ, тæрсгæ кæй кодта, æппæты фæстагмæ дæр уы- мæн рагæпп кодта. Уæдмæ фыццæгтæ, Дудар дæр семæ, афтæмæй зæхмæ æрæввахс сты. Æрыгон салдат Дудары фæрсты æрцæйтахт. Уый йын йæ хъæр куыддæр айхъ- уыста, афтæ архайын райдыдта йæ парашют æм сараз- ыныл. Лæппу куыддæртæй парашют уæле ацахста, æмæ дыууæйы уæзæй йæ цыд зæхмæ фæтагъддæр. Уымæй цъилау зилæгау. Зæххыл куы æрæнцадысты, уæд Дудар æрыгон салдаты бын фæци... Æмæ дæ фыдгул — афтæ. Æрыгон салдат дæр госпитæлмæ бахауд. Ацы ныхæстæ Дзирæ фехъуыста устытæй. Салдæттæ, дам, æфсæддон комиссарады бахсæвиуат кæндзысты. Райсом йе ’вæрæн боны йæ фарсмæ уыдзысты. Райсом?.. Райсомæй фæстæмæ дæ никуыуал фендзынæн, Дудар?.. Дæ цæстыты малы-иу куы ныххаудтæн, уæд ма-иу мæ- нæй амондджындæр чи ^уыд. Ныр сæ ныцъцъынд код- тай, нал сæ гом кæныс. Иæ худгæ былтæ нылхъывта, йæ дзурæн дзых бамыр. Дзирæ боныцъæхтæм йемæ бирæ фæныхас кодта. Сæ мæйрухс æхсæвтæ, цъæхдзаст сæумæтæ, зæрæхсидты хъазт æмæ сæ зæрдæты уарзты, кæрæдзийыл се ’нувыд- дзинады алы къахдзæф дæр ын йæ зæрдыл æрлæууын кодта. Стæй йын ныфс бавæрдта, уыцы бæстæмæ йæ иунæгæй кæй нæ ауадздзæн. Æмæ та уым дæр иумæ уыдзысты. Уыцы ныхæстæ æмæ хъуыдытæ кæнгæйæ-иу æй, раз- дæр йæ райгуырдмæ кæмæн бæллыд, ныр та Дударимæ сæ астæу чи æрлæууыд, уый къахæй куы рацавта, уæд-иу фæхъус, фæкуыддæр. Кæд мын йæхи зонын кæны, æз та дын цы кодтон, зæгъынмæ мын хъавы. «Цы йын кæнон, мæ ардбахæрды сæрты куыд ахизон, Дудары зæрдæхудт
^^^^^^^^^^^^^^^ч *47 куыд райсон, мæ бон бакæла. Мæнæ дыууæ арты æхсæн куыд судзын. Хъæбулы ад нæма базыдтон, фæлæ мын йæ базмæлд базыртæ садзы. Æмæ та уайтагъд æрызгъ æлынц. Мæ ардбахæрд сæ æрфидар кæнын нæ уадзы». Дзирæ ма бирæ фæтох кодта йæхиимæ, дызæрдыг хъуыдытæ йæ йæ уды нарæгмæ скодтой. Мæ хъæбул, мæ хъæбул, кæнгæ ма бирæ фæкуыдта... Стæй боныцъæхтыл Дудары иунæгæй фæуагъта, фенынмæ, зæгъгæ, ма йæм иу каст бакодта æмæ цыдæр æрбаци. Хуыссæгхъæлдзæг устытæй йæ фиппайгæ дæр ничи бакодта, уынджы куыд февзæрд æмæ хъæугæронмæ йæ ных куыд сарæзта, уый. Уыцы сæумæрайсом хъæугæроны æфсæнвæндаджы æрдæм тындзыдта Дзирæ. Поездтæ йыл арæх цæуы, æмæ дзы кæд искæцы разынид йæ марæг. Тындзы, тагъд кæны, цалынмæ йæ ничи бафиппайдта, уæдмæ йæм куы бахæццæ уаид, уый йæ фæнды. Йæхимид Дударимæ дзу ры: «Кæсыс, мæ хъæбулы дæр рауæлдай кодтон. Дæумæ тагъд кæнын. Дæу агурæг цæуын. Тагъд дæ баййаф- дзынæн. Уадз æмæ нæ иу ингæны баныгæной. Уадз æмæ иумæ мæрдон фынæй кæнæм. Нæ не ’райгуыргæ хъæбул дæр уыдзæн немæ». Поезды цæлхыты цъæхст-цъæхст ацахстой йæ хъустæ, æмæ фæтагъддæр кодта йæ цыд, згъордта, цас фæрæзта, уый бæрц. Дардæй йæ бафиппайдта поездскъæрæг, фæгуырысхо йыл и: сæумæдæвдæгæй фæндаджы æрдæм цæмæн тагъд кæны. Æмæ йæ уасынæй нал æнцайы па- ровоз. Фæдис кæнгæ бæстæ йæ сæрыл систа. Хъæу дæр æрыхъал. «Уæртæ, уæртæ, æрбацæуы мæ марæг — мæ уавæрæй мæ ирвæзынгæнæг. Тагъд дæ баййафдзынæн, мæ уд- лæууæн Дудар. Æнæ дæу мæн а зæххыл цард нæ хъ- æуы. Ныртæккæ, ныртæккæ йæ тыхы бацæудзæн нæ ардбахæрд», — лæф-лæфгæнгæ згъоры поезды размæ Дзирæ. Йæ тыхулæфт æмæ згъорын агайынц, йæ зæр- дæйы бын цы уд хæссы, уый æмæ йæхи зонын кæны.
48 /^^^^^^^^^^^^^^^^ Дзирæ æрлæууы, байхъусы йæм, бацин ыл кæны. Фæлæ йыл тых кæны йæ ардбахæрд. Поезд æмæ Дзирæ баиу сты, фæлæ йын æфсæнфæн- дагмæ нал бантыст æмæ иуæрдæм фæцудыдта, æрха- уд зæхмæ. Йæ хъустæ ма ацахстой цæлхыты хъыррыст, банкъардта паровозы фыцгæ доны пырхæнтæ йын йæ цæсгом куыд асыгътой. Стæй йæм кæцæйдæр æрбай- хъуыст сывæллоны кæуын. Æмæ цыдæр æрбаци, ницы- уал бамбæрста. 6*Ф5Х&&®6*3*Э6^^ Ирон æвзаг Ирыстонæн дæтты хицæн республикæ уæвыны бар. Уый фæрцы нæм ис республикæйы сæргъ- лæууæг, хицауад, министрадтæ, парламент. Ирон æвзаг дунейы ахуыргæндтæн сæ куысты ахæм хъæугæ, ахсджиаг у йæ рагондзинадæй, æмæ, Хуыцау бахизæд, фæлæ ирон адæм сæхæдæг куы нал уой, уæд- дæр се ’взаг уыдзæн. Чи адæмы æхсæн æгъдау дæтгæйæ, адæмы уарзгæйæ базæронд вæййы, чи та сын йæ хуыггомæй сæ хуыздæр- тыл цъыф калгæйæ, адæмы фыдæх йæхимæ исгæйæ. Адæймаджы удыхъæды цыдæриддæр æвзæрæй вæй- йы, уыдон сæхи ирдæй равдисынц йæ зæрондæй, æм- бæхсын сæ куы нал фæфæразы, уæд.
^^^^^^^^^^^^^^^^ч 49 Дыууæ дезертиры Радзырд Гæбæр бæх, дам, гæбæр бæхыл йæхи хафы. Уый раст у. Уымæн æмæ сæ иннæ бæхтæ сæхимæ æввахс нæ уадзынц. Æмæ уæдæ цы фæуой. Ацы æмбисонд адæмы царды арæх рæстдзинад нæ æвдисы. Гæбæр адæймаг гæ- бæр адæймагæй хатт йæхи дæрдты фæласы, суанг ма кæрæдзийæн удхæссæг дæр фестынц. Уый кæрæдзийы удыхъæды аиппытæ, хъæнтæ, сæ раздæры рæдыдтытæ, лæмæгъдзинæдтæ, зæрдæхудтытæ, фидиссаг митæ æмæ суанг фыдракæндтæ хорз куы зоной, уæд. Фылдæр дзы кæмæ уа, уымæн йе ’нæуынон у иннæ. Йæ фенд дæр ын уæнгæл фесты. Уымæн æмæ, йæхи сраст кæныны охыл ын йæ цуры йæ митæй адæмы раз исты куы срæцугъа, уымæй тæрсы. Гъе ныр райсæм Цъуцъыр æмæ Хуысийы. Сæ дыууæ дæр Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй сæхи баау- уон кодтой, адæм сæ дезертиртæй зонынц. Цъуцъыр æцæг дезертир у, йæхи фæсхох кæмдæр бамбæхста. Хуыси та æнæбары, йе ’нæниздзинады тыххæй баззад фæсфронт. Цъуцъыр æмæ Хуысийы, сæ дыууæйы дæр хæст иу хъæуы, иу скъолайы ахуыр кæнгæйæ æрæййæфта, хæст- хъомæй, æсдæсгай азтæ сыл æйттæй цыд. Хуысийы би- нонтæ уыцы хъæумæ хæхбæстæй раджы æрлыгъдысты. Цъуцъыр та дзы йæ хиуæттæм цард. Ам базыдтой кæрæ- дзи, æмæ хиуæттæ дæр разындысты. Сæ ныййарджытæ дæр кæрæдзи зыдтой: иутæ дзы — Цъуцъырæн фæсхох цардысты, Хуысийæн та кæддæр — ацы фарс. *4
50 у^^^^^^^^^^^^^^^^ Хæст куы райдыдта, уæд сæ дыууæмæ дæр æрсидты- сты фыццаг Хуысимæ, стæй та — Цъуцъырмæ. Сæ азтæ амыдтой æмæ... Хуысийæн йæ ахсæн риссаг уыд, хæринаг ын нæ тад, æмæ йыл стæг æмæ царм йеддæмæ фыды мур стæм ран уыд. Хæстон комиссар Тембол æй уыцы хуызы куы федта, уæд æм йæхимæ фæдзырдта. Æрфæрстытæ йæ кодта, æмæ иу коймаг разындысты. Загъта йын: — Кæд дæ хæстмæ тынг фæнды, уæддæр дын ныр- ма акæнæн нæй, де ’нæниздзинад æмæ дæ уæзы фыдæй. Ацу æмæ уал хæрдæй, хостæй дæхимæ фæкæс. Стæй фендзыстæм. Хуыси хæстмæ йæ былыцъæрттæ нæ хордта. Цингæнгæ сæхимæ æрфардæг. Сæ хъæуы уынджы йыл Цъуцъыр амбæлд æмæ йын йæ хабæрттæ иууылдæр ра- кодта. Хæстон комиссар Тембол сæ коймаг кæй разынд, уый дæр ын нæ басусæг кодта. Фæдзырдтой хæстон комиссариадмæ Цъуцъырмæ дæр. Æмæ йæ уд йæ къæхты бынæй ауад. Уый æнхъ- æл нæ уыд. Ацы хъæуккаг куы нæ дæн, уæд мæ цæмæй базыдтой, куыд мæ æрфарстой, зæгъгæ, сагъæсы бахауд. Сæхицæй, йæ райгуырæн хъæуæй дæр ног ахуыры азмæ ссæдз боны раздæр рацыд. Уырдыгæй дæр хæстхъомты къордгай кодтой. Дыууæ хъæуы æхсæн йæ зæрды уыд йæхи бааууон кæнын. Фæлæ фæрæдыд: скъоладзаутæй хæстмæ ацæуыны кары чи уыд, уыдоны дæр æрфарстой. Цъуцъыр хæстон комиссриадмæ ацæуыны агъоммæ афæнд кодта хохмæ, йæ райгуырæн коммæ алидзын. Фæлæ иуæй æрцахсынæй фæтарст, иннæмæй Хуысийы ныхас йæ зæрдыл æрбалæууыд, комиссар Тембол сæхир- дыгон кæй у, уый. Уымæ сарæзта йæ ных. — Лæппу, цæмæ æрбацыдтæ? — фæрсы йæ Тембол. — Мæнæ, — æвдисы йæм йæ æрфарсты гæххæтт. — Æмæ цы? Ацу дæлæ иннæтимæ банхъæлмæ кæс. Цъуцъыр æм хæстæгдæр бацыд: — Суртæ кæнын... Стæй уæ хæрæфырт дæн, мæ мад сымахæй у, — йæ æрымысæггаг ныхæстæ ралæхурдта.
— Суртæгæнаг? Æмæ дæм дохтырæй гæххæтт ис? — йæ сау цæсгоммæ йын нымдзаст Тембол, афтæмæй йæ фæрсы. — Нæй... — Уæдæ ныр куыд? Цы чындæуа? Адон, — рудзын- гæй кæртмæ кæсгæйæ дзуры Тембол — райсом изæрæй Краснодары краймæ æрвитæм. Уым сæ хæстон хъуыд- дæгтыл ахуыр кæндзысты, стæй... Иу лæгхъуаг сæ куыд арвитон? Ацу æмæ уæ хъæуы хæстмæ цæуыны карæн лæппутæй искæмæн зæгъ, хæстон комиссариадæй, зæгъ дæм дзурынц. Дæхæдæг та къуырийы æмгъуыдмæ дохты- ртæй гæххæтт куыд æрбахæссай! Цъуцъыр цингæнгæ феддæдуар... Фæндагыл бирæ фæхъуыды кодта, йæ бæсты хæстмæ кæй арвита, ууыл. Йæ ныфс никæмæ бахаста... Фæстагмæ йæ сæры фæ- мидæг: «Цæй æмæ Хуысийæн зæгъон... Уæддæр уый нæ акæндзысты, æмæ мæм ничи фæхæрам уыдзæн» Хуыси хабар куы фехъуыста, уæд уайтагъд Темболы уæлхъус æрбалæууыд. — Цæмæ æрбацыдтæ, лæппу? Цы дæ кæнын хъæуы, уый дын куы бацамыдтон — Цъуцъыр мын загъта, Тембол, дам, дæ агуры. — Кæс-ма уыцы налат, сауцæсгоммæ».. Ацу æмæ йын афтæ зæгъ: «Къуырийы æмгъуыд дын радтон, æмæ зæгъ, афоныл дохтыры гæххæттимæ куы нæ фæзынай, уæд дæм дыууæ салдаты фервитын ахсынмæ. Ды та мын дæхи мауал равдис. Уæлæ дæ фыдæлты райгуырæн хæх- тæм дæхи айс... Дæхи дзæбæх кæн сыгъдæг уæлдæф æмæ сойджын хæринæгтæй. Куы ма дæ фенон, уæд дæ уыцы хуызæнæй дæр хæстмæ фервитын! Бамбæрстай?! — Бамбæрстон, — сирвæзт ма Хуысийæ æмæ феддæдуар. Хуыси йæ хъæуы уыцы-иу цыдæй бараст Цъуцъыры хæстæджытæм. Изæр уыд, æмæ Цъуцъыры хæдзары бай- йæфта. Фæсвæдмæ йæм фæдзырдта æмæ йыл уайтагъд иæхи андзæрста:
52 у^^^^^^^^^^^^^^ — Ды æдзæсгом æмæ æгъатыр дæ!.. Дæхи хæстæй æм- бæхсыс, мæн та дзы тъысгæ кæныс!.. Худинаг дын нæу?.. Тембол дæ агуры, къуырийы æмгъуыдмæ, дам, рынчын кæй дæ, уый тыххæй гæххæтт куы нæ æрбахæссай, уæд, дам, дæм дыууæ салдаты фервитын ахсынмæ. Æмæ дæ хæсты цæхæры балæууын кæндзынæн... Цъуцъыр ницы сдзырдта. Æмæ цы хъуамæ загътаид... Хуыси дæр иу чысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй афтæ бакодта: — Мæн дæр акæндзысты... Иу чысыл, дам, де ’нæниз- дзинадмæ базил, хæххон уæлдæфæй сулæф, хæрдæй дæ- химæ фæкæс... — Æмæ сæхимæ фæцæуæг. Цъуцъыр та лæугæйæ баззад, мæт æмæ сагъæсы бын фæци, хъуыдыты аныгъуылд йæхи цы фæкæна, дохтыры гæххæтт кæм хъуамæ ссара, чи йын æй ратдзæн ацы рæ- стæджы. Æмæ æвиппайды йæ хъусты ногæй ныззæлланг кодта Хуысийы ныхас: «Хæххон уæлдæфмæ сулæф», стæй йæхи æрфарста: «Цы кусын æз ам, ацы фыд рæ- стæджы мæ кæм бахъуыд ахуыр?.. Лидзгæ мæ фыдæлты цæрæн бынат — хæхтæм, цалынмæ мæ хæсты гуылфæны нæ балæууын кодтой, уæдмæ». Уыцы изæр Цъуцъыр йæхи уайтагъд ацæттæ кодта балцмæ. Кæдæм, уый йæ фысымтæн — хиуæттæн дæр не схъæр кодта. Загъта сын, Хуыси йын кæй фехъусын кодта: «Хæстон комиссариадмæ дæм дзурынц»... Хæстмæ мæ кæнынц, æвæццæгæн»... Фысымтæ йыл бамæт кодтой æмæ йæ райсомæй рафæндараст кодтой... Цъуцъыр уыцы бон бахæццæ Алагирмæ. Уым йæ хиуæттæм бахсæвиуат кодта. Стæй дыккаг, æртыккаг æх- сæв дæр. Хæхбæстæм — йæ фыдыуæзæгмæ нæ тагъд код- та. Уырдыгæй дæр кодтой хæстмæ. Æмæ уал фæззæгмæ дæлдæр искуыты куы афæстиат уаид, уыд йæ нысан. Уый фæстæ сæ уæлхох цæрæн бынатмæ цъиу батæхæг дæр стæм вæййы... Иу дзæвгар рæстæг фæци Мызуры дæр, стæй та — Зæрæмæджы. Уæдмæ бæрзонд хæхты
^^^^^^^^^^^^^^^ч 53 цъуппытæ фæурс сты — мит сыл æрбадт. Æмæ Цъуцъыр дæр фистæгæй адардта йæ райгуырæн комбæстæм. Хуыси фылдæр афæстиат йæ хъæуы. Æмæ æвдисæн уыд, Цъуцъыры хæстон комиссариадæй куыд агуырдтой, уымæн. Кæмæ цард, уыцы бинонтæ сын тынг хъæддыхæй дзырдтой, хæстмæ йæ кæй акодтой, уый. Афтæ нын за- гъта, зæгъгæ. Фæлæ хабар комиссариадæй хуыздæр чи зыдта... Хуыси уæд фæтагъддæр кодта йæ ацыды хъуыд- даг, уæд та сын адæм фаг нæ кæны, уæд мæн дæр фæфа- ле кæндзысты, зæгъгæ. Дыккаг бон фæбæлццон ис. Хохы сæ фыдæлты хъæуы сæ хæдзар раджы ныккалд, фæлæ сын дзы нырма хорз хиуæттæ уыд. Уыдон æй суазæг код- той, фæлæ сæ æртæ къаннæг уаты сæ сывæллæттимæ сæхæдæг дæр нæ цыдысты. Æмæ уæд сæ фарсмæ хъæуы библиотекæйы æрцард. Сынтæг дзы сæвæрдта, пец дзы уыд, суг, сæнар — фаг. Хæргæ йæ хиуæттæм кодта. Райдайæны Хуысийæн ницы куыст уыди, хæдзары зылдтытæм фæкæсынæй дарддæр, æмæ чингуытыл йæхи ирхæфсын райдыдта. Иууылдæр йæхи бар уыдысты. Хæсты заман ма чиныг кæй хъуыд. Нæлгоймаг ахуыр- гæнджыты хæстмæ акодтой, æмæ хъæуы скъола дæр нал куыста. Уæд фæцалх ис Хуыси æмдзæвгæтæ фыссыныл. Зæрдæргъæвд уыд алцæмæ дæр. Гъе æрмæст æй йе ’нæ- низдзинад уæлæмæ скæсын нæ уагъта. Хæххон уæлдæф ын æвдадзы хос фæци, йæ зæрдæ рад æрдзы нывтæй æмæ фæзмыдта хуыздæр поэтты. Фæфидар йе ’нæниз- дзинад дæр, æмæ йын иуахæмы йæ хиуæтты зæронд лæг афтæ: — Сосе, хъусыс мæ (Хуыси Сосе хуынди, къæсхуыр кæй хаста, уый тыххæй йæ афтæ хонын райдыдтой. Æмæ йыл йæхæдæг дæр сахуыр. Ныр дæр æрæгмæ бамбæр- ста, зæронд уымæ дзуры, уый). Æз дæумæ дзурын, Сосе, дæумæ. Ам дæ рæстæг куы æрвитай, уæд дæ иу бон хæ- сты балæууын кæндзысты. Фæлтау уæлæ фыййæуттæм
54 ^^^^^^^^^^^^^^^ ацу æмæ сын æххуыс кæн. Фыййæутты хæстмæ нал кæ- нынц. Æфсады, дам, дзидзайæ чи æфсаддзæн. Хуыси кусынмæ зивæг нæ кодта. Уайтагъд сразы йæ хистæры ныхасыл. Фос дардтой бæрзонд хæхты рæгъ- тыл, фаллаг коммæ акæсæн кæцæй ис, ахæм рæтты дæр. Зымæг та сæ-иу æртардтой уæтæртæм. Æмæ сæм уым дæр кæсын, зилын хъуыд, бирæгътæй сæ хъахъхъæдтой. Афтæ иу аз, дыккаг, æртыккаг. Уæдмæ фашисттæ дæр сæргой фесты. Иу сæрдыгон бон та Хуыси хохы фахсыл фосы фæдыл тынг бæрзонд ацыд. Фыййауы лæдзæг йæ къухы, дыууæ егъау куыдзы фосы алыварс зилдух кодтой, хъахъхъæд- той сæ Хуысийы цæстмæ цырддзастæй. Уалынмæ дзы иу рæйгæ рагъмæ ныййарц. Иннæ дæр — йæ фæдыл. Хуыси сæ фæдыл кæсгæйæ баззад, цы бафиппайдтой, зæгъгæ. Йæхи æрцæттæ кодта. Уалынмæ астæумæ кæрдæджы æх- сæнæй кæйдæр удаист хъæр райхъуыст: — Дæ куыйтæм фæдзур! Бахæрдзысты мæ! Ма сæ байрайай! — Мила! Мила! Къобор! Къобор! Ардæм! — фæсидт йæ куыйтæм Хуыси æмæ сæм атагъд кодта. Дардмæ суыд- та æнæдаст лæджы. Хæстæгдæр æм куы бацыд, уæд æм йæхæдæг сдзырдта: — Оу мæнæ диссаг! Уый Хуыси куы дæ! Кæцæй фæдæ? — Æз фосимæ дæн, фæлæ ды кæцæй фæдæ, Цъуцъыр, — йæ хъæлæсы уагмæ гæсгæ йæ базыдта, — хæстмæ, дам, æй акодтой, куы дзырдтой дæ фысымтæ. — Акодтой, о! Мæнæ нæхимæ рафардæг дæн... Хæрынæн бæзгæ кæрдæджытæ агурæг рагъæй сымахæр- дæм куыд фæдæле дæн, уый нæ бафиппайдтон. Æмæ... Уæдмæ фос фахсыл ададжы æрдæм адард сты. Хуысийы зæрдæ сæм ахсайдта, æмæ сын уый адыл аны- хас кæныны фадат нал фæци. Фæлæ сæ дыууæйæн дæр алцыдæр æмбæрстгонд уыд. Цъуцъыр-иу æртæ азы зымæг-зымæджы дæргъы сæхи- мæ уыд, сæрд та — Арсы лæгæтæй чысыл фалдæр Аууоны
^^^^^^^^^^^^^^^^ч 55 лæгæты цард. Зымæг бирæ хæссы сæ комы. Мит сæм лæджы æмбæрц æруары, æмæ сæм цъиу батæхæг дæр нал вæййы. Уыцы афон Цъуцъыр ницæмæй тарст æмæ йæ мады фарсмæ хъарм, æдас бынаты цард. Хъæуы устытæй йæм иутæ хæлæг кодтой, иннæтæ — мæсты. Уыдонæй кæ- мæн йæ лæг уыд хæсты, кæмæн та — йæ фырттæ. Ай та, дам, ам æмбæхсы. Уæлдай диссагдæр æмæ фидиссаг- дæр та сæм фæкаст, гуырдзиаг милиционертæ сæм куы фæзындысты сæ фыййæутты агурæг, уæды рæстæг. Йæ мад сæ куы федта, уæд æрдиаг кæнын райдыдта, мæ лæппуйы мын ахсдзысты, зæгъгæ. Цъуцъыр уайтагъд йæ уавæрыл асагъæс кодта æмæ йæ мадæн афтæ: — Гыцци, кæугæ ма кæн, фæлæ цалынмæ хъæумæ не ’рбахæццæ сты, уæдмæ ма мын дæ ногдæр къаба æмæ сæрбæттæн авæр. Ус æм сæ кæцæйдæр радавта: — А, мæ къона. Цы сæ кæныс? — Цы, уый ныртæккæ фендзынæ. Къаба йæ уæлæ æркодта, сæрбæттæн æрбаста æмæ йæ хæлаф феппæрста. Мад æм кæсгæйæ баззад. Уыцы зама- ны сæм сæ сыхаг ус Нетъа æрбауад æмæ Цъуцъыры къа- байы куы ауыдта, уæд йæ дзых хæлиуæй аззад. — Уый та цы у? — æрæджиау сдзырдта. — Нæлгоймаг къабайы?.. Милицæйы æрбацæугæ нæ федтай?! — фæрæвдз æм мад, — куы мын æй æрцахсой, мæ бон бакæла, — сæрдиаг та кодта. — Гуырдзиаг милиционертæ дæлæ сæ фыййæутты агуырдтой. Махмæ сæ ницы хъуыддаг ис, æмæ дарддæр ацыдысты. Цъуцъыры къабайы сæр бæргæ нæ хъуыд, фæлæ цы æрцыдис, уымæн хос нал уыд. Æмæ уыцы бонæй йæ фæсномыг ссис Къаба. Устытæ йæ йæ фæсвæд сусæгæй афтæ хонын райдыдтой. Фæлæ йæм уæддæр бахæццæ сæ ныхас, æмæ сæ йæ маст куыд райса, уый агуырдта.
56 у^^^^&^^^^^^^^^^^^ Уыцы бон Цъуцъыры ныхъхъуыды кæнын кодта йæ уавæрыл æмæ-иу хохаг цыбыр сæрды рæстæг йæхи ай- ста фæсхъæуæй бирæ дарддæр, хъæу æм хорз кæцæй зынд, ахæм рæттæм, æхсæвиуат та кодта Аууон лæгæ- ты. Бонизæрмæ йын ницы куыст уыд æмæ хохаг кæр- дæджытæ, зайæгойтæ, гагадыргътæ æмбырд кодта. Фылдæр хæрынæн бæзгæтæ. Уæдæ цæмæй цардаид. Искуы-иу хатт-иу æхсæвы тары сæхимæ дæр кæрдзынмæ бауад. Рагфæззæг-иу сæхимæ æрхаста хус кæрдæджытæ æмæ сын сæ нæмттæ устытæй фарста. Фыста сæ йæхимæ. Æмæ æрмæст уыдоны нæ, фæлæ — гуырдзиаг фыййæут- ты дæр. Ныр сын зæрондæй сæ номхыгъд куы скодта, уæд ын дзы гуырдзиаг нæмттæ дæр уымæн ис. Цъуцъыр даргъ хæххон зымæгты тынг хорз базыдта сылгоймаджы куыстытæ дæр хыссæ ракæнынæй суанг къуымæлы онг, хъуг, сæгъ, фыс радуцынæй цыхт рацах- сыны онг. Уæдæ æнхъизæн уа, зад скæнын, скъудайы, цилы æмæ дын цынæ цæхджыны дæсны у, хæндыджы цахæм дон кæнын хъæуы, цæхх — цас. Ацы хъуыддæг- тæм устытæй зæрдæргъæвддæр разынд. Æмæ-иу æй арæх фæрсгæ дæр акодтой, йæ зæрдыл хорз лæууыд алцыдæр. Устытимæ йæ хъуыддаг бæргæ хорз цыд, Къаба йæ куы нæ хониккой, уæд. Уыдон хæсты фæстæ дæр адæй- магæй хынджылæг кæндзысты, сæ лæгтæ, сæ фырттæ куы сыздæхой, уæд мын фидистæ кæндзысты, зæгъгæ. Æмæ сын сæ ныхмæ цы æрæвæра, ууыл арæх хъуыдытæ кодта. Гуырдзиаг фыййæуттимæ-иу дзы лæугæ кæй ауыд- та, ууыл-иу æй уайтагъд æрбаймысыд. Уый тыххæй фый- йæуттæй арæх куырдта сæ дардмæ кæсæн бинокл. Уымæй кæсгæйæ йæм йæ хъæу йæ армытъæпæны цыма ис, афтæ зынд, уыдта дзы устытæ цытæ куыстой, уый. Æмæ сыл фантазитæ кодта. Сæ лæгтæн, фырттæн сын цы дамтæ дзурдзæн, уыдæттæ. Уыцы фантазитæ Цъуцъыры уæд нæ бахъуы- дысты, стæм нæлгоймаг ма æрыздæхт хæстæй сæ
^^в^^З^^^^в^^^ 57 хъæумæ. Йæхæдæг дæр уырдыгæй йæхи райста быды- рмæ. Цæттæдзинады аттестат самал кодта, ахуырмæ бацыд. Стæй кæмыты куыста, уым йе ’мкусджытыл ха- хуыртæ фысгæйæ йын-иу пайда сты ног фантазитæ мы- сынæн — фæлтæрддзинад æм уыд.. Сæ быны сын йæхи никуы бафыста, хæстæй йæхи бамбæхста, уый раргомæй тæрсгæйæ. Ныр, æцæг хæстонтæ ма иугай куы сты, де- зертиртæй дæр чидæртæ сæхи хæстонтæ кæй скодтой, уымæ гæсгæ фæныфсджындæр. Уый дæр базмæлид, хæ- стоны ном балхæнид, фæлæ йын йæ хабæрттæ Хуыси хорз зоны æмæ йын йæ фидиссаг адæмыл ныхъхъæр кæндзæн. Гъе уымæ гæсгæ йæм йæ маст фыцы, йе ’нæуы- нон дзы федта. Йæ фенд нæ, фæлæ йын искуы газеты йæ æмдзæвгæйы сæрмæ йæ ном, йæ мыггаг куы фены, уæд æй ныззыгъгъуытт кæны. Кæд нал уыдзæн, хæсты рæстæг дæр мæлынæй тæссаг кæмæн уыд, уыцы Хуыси, уымæ æнхъæлмæ кæсы. Фæлæ сæ чи фæраздæр уыдзæн, уый бæрæг нæу. Нарты кадджытæ иронау, Къостайы «Ирон фæндыр» æмæ «Ирон æвзаджы дзырдуат» цы ирон хæдзары не сты, уый æххæст ирон хæдзар нæу. Ирон æвзагыл сæхи атигъ кодтой æмæ йæ сæф- ты фидæныл фыццаджыдæр æфтауынц ныййарджытæ. Сæхицæй ма иронау кæрæдзимæ чи дзуры, уыдон дæр сæ цотимæ ныхас кæнынц уырыссагау. Суанг хъæуты дæр. Афтæмæй та йæ дидинæгкалæн бынат ис хъæуты.
58 у^^^^^^^^^&^^^^^^ Æнæхуыр фидыд Новеллæ Ацы хабар æрцыд Ирыстоны Уæрсесемсе баиу кæныпы размæ, ирон адæм ма иууылдæр хæхбæсты хьизæмар цардæй сæ бонтæ, сæ азтæ куы тыдтой, уæд. Æмæ æппæт зынтæн дæр ныффæрæзтой сæ зæр- дæйы хорзæхы, уды фидардзинады, адæймагдзинады рæсугъд æнкьарæнты æмæ сæ кæрæдзийæн аргьгæнæг хьуыдыджын æгьдæутты фæрцы. Уæлхох быдыр. Хъомвос æмæ бæхты рæгъау батыгуыр сты иу фæзы. Бæхтæй иутæ хизгæ кæнынц, иннæтæ ри- вæд кæнынц лæугæйæ. Кæцыдæртæ дзы сæ къубалтæ кæрæдзийыл дзуарæвæрд скодтой æмæ рæдзæ-мæдзæ кæнынц. Хъом æмæ фос тъæпæн хуыссынц цъæх нæууыл æмæ ма дзы кæцыдæртæ сынæр цæгъдынц, иннæтæ тарф фы- нæй баисты цъæх нæууыл. Мæй сыл йæ зæрин тынтæ луары, йæ цалхыдзагæй æрцауындзæг сæ сæрмæ. Сæ фæйнæфарс дыууæ егъау фыййау куыдзы. Сæ хъустæ лыг, къудатæ. Къæбылайæ сын сæ ахауын кодтой, цæмæй сын стырæй бирæгъимæ, арсимæ хæцын æнцондæр уа — сæ хъустæм æмæ къæдзилмæ сын лæбурынц. Æмæ сæ рисæн куыдз нæ фæразы. Рæстæг æмбисæхсæвæй фæкъул. Æппæт дæр у са- быр. Æрмæст чысыл серка куыдз æнцой нæ зоны. Æхсæв фос баргонд кæмæн вæййынц, сырдæй сæ бахъахъ- хъæныны охыл, уый бæзæрхыг, саджы фисынтыл амад
^^^^^^^^^^^^^^^^^\ 59 Артуд йæхицæн цы халгъуд сарæзта, уый алыварс хъы- рнгæ æмæ схæпп-схæпп кæнгæ рæстæгæй-рæстæгмæ æр- зилы. Хуыссæг нæ хæцы Артудыл дæр, зæрдæ цæмæдæр æхсайы, æнкъары æмæ серка куыдзы рæйдмæ йæ хъус дары. Сырдæй тæссаг куы вæййы, уæд æй фыццагдæр уый базоны, стæй ныффæдис кæны, йæхæдæг бамбæхсы. Фæдисы та абырсынц æртæйæ: дыууæ егъау куыдзы æмæ Артуд йæ хъыримагимæ. Уайтагъд кæмтты уæлвонгæй айхъуысы куыйты бæзджын рæйд, стæй та хъыримаджы нæрын. Сæ фосы алыварс æрзилынц, æрбангомдæр сæ кæнынц æмæ сæм сæ хъус суанг боны срухсмæ цырддза- стæй фæдарынц. Артудмæ хъыримаг кæй ис, æхсæв æй уæлхох хизæнты, сæрвæтты иунæгæй дæр уымæн ныууадзынц. Хъыримагæн æрмæст йæ хъæрæй дæр сæргой фæвæй- йынц бирæгътæ,арс дæр хъуыр-хъуыргæнгæ аздæхы йæ фæндагыл. Йæ Баба йын æй Мадзарæй сласта. Уырдæм дыккаг хатт нæмгуытæ, топпыхос æмæ æндæр дзаумæт- тæ ласынмæ йæ саргъы бæхыл куы ацыд, уæд фæстæмæ нал сыздæхт, цыдæр фыдбылыз ыл æрцыд. Æмæ хæ- дзары уæз, бинонты царды мæт, сагъæс йæ мадыл æрæн цад. Уый, цалынмæ Артуд нæ ралæг, уæдмæ. Уымæй раз- мæ дæр æхсæрдæсаздзыдæй хоскæрæдæг, хъæддзау æмæ фыййауæн бæззыд. Йæ кæстæр Алæгыл дæр ныр фынд дæс азы цæуы, æмæ Æнайы цумайы лæппуйæ басгуыхт. Алæг ном дæр ыл уый авæрдта — мады ном. Куыд тагъд мын алæг ис, зæгъгæ. Йе ’цæг ном, йæ номæвæрæн куывды йыл цы ном сæвæрдтой, уый та Соси у. Æниу йæхи Артуд ном дæр йæ мады æвæрд у. Цумамæ æнæзи- вæг кæй уыд, куысты, хъуыддаджы фыцгæ кæй кæны, уымæ гæсгæ-иу мад арæх дзырдта: «Ай артуд у, артуд! Йæ фезмæлдыл цæст нæ хæцы...» Æмæ йæ бинонтæ, сых- бæстæ, хъæубæстæ, стæй комбæстæ æмæ иннæтæ дæр Артуд хонын райдыдтой. Йе ’цæг ном Дзодзи йын бинон- ты йеддæмæ зонгæ дæр ничиуал кæны.
60 ^^^^^^^^^^^^^^^ Артуд йæ халагъудæй хъахъхъæны йæ хъомвосы рæгъау. Бæрнон хъуыддаджы лæуд у: æнæхъæн комбæс- ты фос йæ хъахъхъæнинаг сты. Сæ ком егъау нæу, цæ- рынæн зынвадат у, æрмæст хуымзæхх нæ, фæлæ дзы нæ фаг кæны хосгæрсты тъæпæнтæ æмæ сæрвæттæ дæр. Ам, уæлхох быдыры сæрдыгон фæхизынц сæ фос, хъом æмæ сæ хайуантæй, куыстæн чи нæ фæбæззы, уыдоны. Хос дзы ныккæрдынц. Зымæг мит куы рауары, уæд æй сæ зымæгон скъæттæм мæхъитыл нылласынц æмæ сæ цы хъомвос фæдарынц, уыдонмæ ныхстæры цæуынц радгай. Цардамæлттæ кæнынц, уæдæ цы... Хохæгтæ уæл- дай тынгдæр фæлмæцынц хорхъуагæй. Фылдæр æй ла- сынц быдырæй, сæ хъомвосы хуыздæртыл, бæхтыл æй ивынц фæззæг. Уый тыххæй сæ сæрд дзаджджындæр бынæтты фæхизынц уæлхох быдырты, цъититы дон, суар дæттæ сын фæдарынц. Артудæн ныридæгæн бæрæг сты, йе стуртæ æмæ бæхтæй хорыл кæцытæ ивдзæн, уы- дон. Æмæ быдырмæ фæндаг дæр æдас нæу. Куыддæр комæй ахызтæ, афтæ дзы абырæгæй тæссаг у. Иунæг куы уай, кæнæ хæстхъом куы нæ уай, уæд дын дæ фос байсдзысты, уый иу, иннæмæй дæхæдæг дæр ласгæ мард фæуыдзынæ... Уый зонгæйæ комæй иунæгæй иу дæр йæ фындз нæ адары. Бакъордтæ-къордтæ вæййынц иумæ. Бабайæн дæр æмбæлттæ куы уыдаид, уæд ма абон дæ нæхимæ нæ уаид... Ахæм хъуыдытæ зилдух кодтой Артуды сæры. Æмæ йын сæ æвиппайды асырдта йæ серка куыдзы фæдисы рæйд. Дынджыр куыйтæ дæр срæйдтой, фосы алывар- смæ æнгомдæр сæхи байстой. Артуд йæ хъыримаг райста æмæ халагъудæй рахызт. Фосы размæ дæлæмæ атагъд кодта. Куыйтæ фæныфсджындæр сты, сæ рæйд фæ- тыхджындæр. Иу дзы кæмæдæр абырста. Серка та хала- гъуды фæмидæг. Уыцы-иу рæстæг фæцыд дыууæ гæрахы. Артуды хъустæ ма йæ куыдзы хъыллист ацахстой, стæй карст
куырисау зæххыл æрхауд æмæ иу цъус дуг цыдæр фæци. Йæхи æрæмбæрста йæ дыккаг куыдзы æрдиагмæ. Тыхгæнджытимæ тохы бацыд, йæ хицауы æрдæм сæ нæ уагъта, æмæ та ууыл дæр топп ныццавтой. Артуд йæ хъы- римаг хуысгæйæ йæхимæ æрбайста. Иумæ дзы ныхъхъа выд. Фæцыд гæрах, æмæ лæг фæуæлгоммæ. Йе ’мбал æм куыд æргуыбыр кодта, афтæ та уымæ дæр ныхъхъавыд, æмæ йе ’мбалыл ныххауд. Дарддæр фæлгæсы, мæйрухс йæ куыст кæны, æмæ йæм йæ фос армытъæпæныл æвæрдау зынынц. Æрмæст йæ иуварсыл фæлдæхтæй хуыссы, йæ сæрыл цы куыдз стох кодта, уый. Иудзæвгар афтæ фæхуыссыд, алыр- дæм фæлгæсгæ. Стæй йæ серка куыдз йæ уæлхъус куы алæууыд, уæд бамбæрста, абырджытæ дыууæйæ фылдæр кæй нæ уыдысты. Иæхиуыл хæрдмæ схæцæгау кодта æмæ галиу къахы рыстæй ныккæрзыдта. Нæмыг уæра- гыл сæмбæлд æмæ уæраджы чъири ахаста. Тугæй кæр- дæг схъулæттæ. Йæ хæдон йæ уæле феппæрста æмæ дзы йæ къах бæтты, йæ туг бауромыныл архайы. — Гъей!!! Гъей!!! Цы хабар у?! Уый цавæр топпы гæрæхтæ сты? — дардæй ацахстой йæ хъустæ кæйдæр хъæр ныхæстæ. Æмæ сыл фыццаг нæ баууæндыд. Стæй йæм Уастырджийы ныхæстæ фæкастысты, æмæ йæ бон цас уыд, уый бæрц хъæрæй скуывта: — О, тыхст адæмы сæрылхæцæг Уастырджи, табу дын! Мæ уд дæ фæдзæхст! — Кæм дæ? Фæцæуæм дæм, фæцæуæм! — æрбайхъуы- сти та йæм. — Мæнæ, мæнæ! Мæ туг фæцыд! — ныхъхъæр кодта æмæ та Уастырджимæ кувыныл фæци. Йæ хъæрмæ серка куыдз дæр йæ цурæй фæдисы райд кæнын райдыдта, æх- хуыс агуры. Йæ хицауыл йæ иузæрдиондзинад æвдисы, йæ алыварс рæйгæ зилы. Уалынмæ уæлхохы ’рдыгæй дыууæ лæджы æндæргтæ зынын райдыдтой. Куы йæм æрбахæццæ сты, уæд ма сæ
62 /^^^^^^^^^^^^^^ цы базонын хъуыд: Фаллаг комы цуанæттæ. Цуан кæн- гæйæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фембæлдысты. — Артуд, цы хабар у?! — фæцырд сæ иу. — Хуысгæ цæмæн кæныс? — афарста йæ иннæ. — Ай Габо æмæ Бибо куы стут. Кæцæй фестут? Хуыцау сын нæй ацы абырджытæн, нæ хæхтæм дæр бырсын рай- дыдтой. Маргæ мæ кодтой, маргæ мæ фосы тыххæй, — дзуры сын æмæ къухæй амоны йæ къахмæ. — Мæ галиу къах ныппырх сæ нæмыджы цæфæй. Йæ туг ын исты хуызы куы бауромиккам. Цуанæттæ йæм рæвдз февнæлдтой æмæ йæ халагъу- дмæ бахастой. Стæй йæ фæрсынц. — Дæ марджытæ цы фесты? Лидзгæ акодтой? — Нæ! Дыууæ уыдысты. Мæ дыууæ куыдзы мын амардтой. Мæн дæр бирæ нал хъуыд, фæлæ мын мардæн- хъæл уыдысты, æвæццæгæн. Мæ куыдз мæм сæ æввахс не ’рбауагъта. Уæдмæ мæхи æрæмбæрстон æмæ сыл мæ хъыримаг ауагътон. Дæлæ дæлдæр кæрæдзиуыл хаудæй хуыссынц. Фаллаг комы цуанæттæ тыхгæнджыты мæрд- тæ рахъил кодтой æмæ Габо афтæ бакодта: — Адон махæй куы сты, магусайæ цæлуарзаг дыууæ æфсымæры. — Сæхи никуы фæриссын кодтой, сæ астæутæ куыст- мæ нæ тасыдысты, — загъта Бибо. — Иу хатт немæ цуа- ны куы рацыдысты, уæд нын хæссинаг куы фесты. Ныр искæй фæллой давынмæ сæ ных сарæзтой. Цы агурдтой, уый ссардтой. — Уый афтæ фæуæд, фæлæ махæн нæ цуан фæмæнг, тæрхъус ныл амбæлд. Махæн Артуд, стæй ацы дыууæ мар- ды дæр ам уадзинаг не сты, — загъта Габо. — Æз Артуды комбæстæм фæфæдис кæндзынæн. Ды та нæхиуæттæн фехъусын кæн ацы æнамонд хабар. Цæй мæгуыр сты сæ зæронд мад æмæ фыд, иунæгæй æвæгæсæгæй чи аззад. Сæ фырттæй хъуыддаг дæр ничи бакодта.
^^^^^^^^^^^^^^^^ч 63 Дыууæ комы дæр фæфæдис сты уæлхох хизæнтæм. Артуды комбæстæ бирæ æввахсдæр уыд, æмæ йæ сынт- хъилтыл сæхимæ ныххастой. Сæ хъомвосы фалдæр атардтой, куыйты мæрдтæ æрхы ныппæрстой. Дыууæ æфсымæры та цъæх нæууыл равæрдтой æмæ сæ уæл хъус цалдæр лæгæй фыдохы лæуд æркодтой. Фаллаг комы фæдисонтæ уæлвæзмæ куы схæццæ сты, уæд кæрæдзийæн тæфæрфæс ракæнгæйæ, куыд уыди, цы уыди, чи сæ амардта, фарстатæ сарæх сты. Фæлæ хъуыд- даг Артуд æмæ дыууæ цуанонæй хуыздæр ничи зыдта. Уыдон фæрцы рæстдзинад сбæрæг. Фæлæ... Рагзаманты дзæгъæл гæрахæй нæ, фæлæ-иу адæймаг мард кæй хæцæнгарзæй æрцыд, уый дæр туджджы- ныл нымадтой. Хæрам райхæлд дыууæ комы, дыууæ мыггаджы æхсæн. Кæрæдзиуыл нал æууæндыдысты. Артудæн йæ цæф кæрдæджытæ æмæ арсы сойæ куы сдзæбæх, уæд йæ фæдыл зылдысты. Йæ мыггагмæ йын æртхъирæнтæ кодтой. Дыууæ мыггаджы æхсæн куыры хон лæгтæ хатæг ныллæууыдысты бафидауыны тыххæй, фæлæ тугисджытæ ком нæ лæвæрдтой. Сæхиуæтты азым æмбæрстой, æмæ алы æфсæнттæ кодтой. Уæдмæ сæ цы ракæнон фæсивæдæй чидæртæ хъæхъхъагæй-хъæхъхъаг- дæр кодтой. Фæлæ дзы Артудмæ æргом рацæуынмæ йæ ныфс ничи хаста. Хъыгдардтой йын йæ мыггаджы, уæз- зау цæфтæ дзы фæкодтой цалдæр лæппуйы. Иуахæмы сын фæсæхсæвæр сæ кулдуар чидæр æрба- хоста. Ирон адæммæ æнафоны уазæгмæ сылгоймаг ракæ- сы; уæд та сæм сæ туджджынтæй исчи лæг марынмæ æрбацыд. Сылгоймагæй туг исын худинаг уыд. Артуды мад йæ цырагъимæ кулдуар бакодта, æмæ дзы — ничи. Цырагъ йæ сæрæй бæрзонддæр систа, цæмæй йæ рухс дæрдтыл акæла, æмæ, сæм чи хоста,уый фена. — Чи дæ?! Дæхи цы æмбæхсыс?! — куыд ахъæр код- та, афтæ гæрах фæцыд æмæ нæмыг цырагъ кæцы къухы уыд, ууыл сæмбæлд. Артуд йæ хъыримагимæ рагæпп
64 /^^^^^^^^^^^^^^^^^ ласта. Цырагъ ныппырх, къухы туг æркалд. Гæрах кæ- цырдыгæй фæцыд, уыцы æрдæм цалдæр æхсты фæкодта, фæлæ дзы сыбыртт дæр нæ райхъуыст. Фыдгæнæг зæххы скъуыды ныххауæгау æрæмбæхст. Мад йæ фыртмæ фе- внæлдта æмæ йæ кулдуарæй фæмидæг кодта. Къухы цæф сдзæбæх, кæд ыл арф нос баззад, уæд- дæр. Нос баззад Артуды зæрдæйы дæр, иудадзыг рисгæ чи кодта, ахæм нос. Иæхицæн бæргæ нæ тарст, фæлæ йæ мæт, йæ сагъæс уыдысты йæ иунæг æфсымæр Алæг æмæ йæ мад Æна. «Уыдонæй искæуыл исты куы æрцæуа, уæд мын мæ цард ад нал скæндзæн, æмæ мæ мæхи марын хъæудзæн. Фæлтау мæ исчи амарæд», — арæх-иу йæхи- мидæг йæхицæн ахæм тæрхон рахаста. Нал æй æндæвта, ныр æм афæдзы дæргъы куырдуаты чи æнхъæлмæ кæсы, уый дæр. Уый та ма цы æнамонд кæнон — чындзæхсæв скæнын йæ хъуыдыйы дæр нал уыд. Æна-иу ын бæргæ дзырдта, мæнæ куы бафидауæм, уæд нæ чындзы æрхæс- дзыстæм, сæ бинонтæй, сæ мыггагæй худинаг у, зæгъгæ, уæд æм-иу Артуд æрхатыд: — Æна, хистæр лæгтæй сæм искæйты барвит, æмæ сæ хатыр ракурæнт. Зæгъæнт сын, мах ныр туджджынтæ стæм æмæ уæ аккаг нал стæм. Уадз æмæ сæ чызгæн æн- дæримæ йæ амонд агурой. Артуд уæлдай тынгдæр йæхимидæг сызнæт йæ мады къухы цæфы фæстæ. Йæ мыггагæй дæр æфсæрмы код- та. Никуы йæ ницæмæй фæхудинаг кодта. Ныр дзы дыууæйæ уый фыдæй цæфтæй хуыссынц. Гъе, фæлæ Алæгмæ комкоммæ бакæсын дæр нал фæразы. Бæхыл бадын, хос кæрдын, хуым кæнын, суанг салам дæттын дæр ын йæхæдæг бацамыдта. Алы ранмæ йæ йемæ кодта, йæ хæлæрттæ йыл уыдысты иузæрдион, нымадтой йæ, хуыдтой йæ семæ балцы, чындзæхсæвмæ, куывдмæ. Ныр ын йæ фæндаг йæхæдæг æрæхгæдта. «Æмæ ах- хосджын та цæмæй дæн? — арæх йæхи афтæ бафæрсы. — Мæхи сын амарын кодтаин? Нæ комбæстæйы хъомвос
^^^^^^^^^^^^^^^^ 65 сын сæ разæй скодтаин? Æз сæм куы нæ ныббырстон? Фыццаг æхст дæр мæ уыдон куы фæкодтой. Цы агуырд- той, уый ссардтой. Зæхкусæджы, фосдарæджы тугхæццæ хидæйдзаг фыдæбонмæ чи ныхилы, уый хъуамæ ма рай- гуыра. Куы райгуыра, уæд та ма цæра». Бæргæ-иу йæхи рæстытæ кодта, фæлæ йын дзы ницы уад. Æмæ уæд иу изæр йæ мадæн афтæ зæгъы: — Æна, æз ардыгæй райсом цæугæ кæнын. Мæ бæх, мæ саргъ цæттæ сты Дард балцы цæуын Мадзармæ. Мæ фыды бацагурон. Кæд ын ссарин йæхи, гъе йæ марæджы. Ды адæмыл ахъæр кæндзынæ ацы хабар. Æмæ Фаллаг коммæ куы бахæццæ уа, уæд дзы чидæртæ кæд мæ фæ- дыл рацæуид. Кæд нæ, уæддæр æз ам куы нал уон, уæд ныссабыр уыдзысты. Мад йæ усгур фыртыл йæхи кæугæйæ ныттыгъта æмæ йын дзуры: — Ма бакæн, мæ хъæбул, афтæ... Дæ фыд мын мæ сæр сурс кодта. Ды та мын мæ зæрдæ скъуыныс. — Æна, ма тыхс. Æз дæм иуахæмы æрыздæхдзынæн. Сымах Алæгимæ уæхи хъахъхъæнут фыдбылызæй. Нæ уыныс, цы уавæры стæм, уый? Æндæр гæнæн мын нæй. Афтæмæй сæ маст ссæудзæн, æмæ Алæг, стæй мыггаг дæр æдасдæр уыдзысты. Нæ разы кодта мад йæ хъæбулы ацыдыл, йæ зæрдæ йæ йæ цурæй нæ уагъта, тарстис ын. Мады зæрдæ зонаг у. Артуд цы фæндыл ныллæууыд, уый цæмæйдæр æнкъ- ардта. Алæг дæр йæ мады фарсмæ балæууыд. Хатынц æм, курынц дзы, домынц дзы. Уæд Артуд иуахæмы йæхи фæмæсты хуыз кодта æмæ тызмæгæй сдзырдта: «Алæг! Дæуæн та æз цы зæгъын, уый зоныс?! Ныр æцæг лæг дæ æмæ гогызау дæ фындз ма æруадз! Ды ам Æнайы цур уыдзынæ Бабайы æмæ мæ бæсты дæр. Мæ хъыримаг, Бабайы æлхæд хъыримаг, мæ хорз худ, чындзæхсæвмæ цæуæн уæлæдарæс, къахыдарæс дын уадзын. Стæй ма, — бахудти йæм, — мæ гутон, мæ галтæ, мæ уæрдон...». *5
66 /^^^^^^^^^^^^^^^ Алæг ныххудт æмæ йыл йæхи бауагъта: «Æмæ ма хъæбысæй та кæимæ хæцдзынæн?» — Куыд кæимæ? Æна дын ус куы æрхæсса, уæд уыимæ. Уыцы ныхасмæ æртæйыл дæр худæг бахæцыд, æндæр хъуыдытæм раздæхтысты, æмæ сæ сæ зынтæ æрбайрох сты. *** Артуд боныцъæхтыл фестад, бинонты сусæгæй йæ бæхыл саргъ авæрдта æмæ хъæуы иувæрсты Фаллаг ком- мæ фæцагайдта. Фæсæмбисбон Артуд æрхызт йæ бæхæй Фаллаг комы егъаудæр хъæуы кæрон. Фæйнæрдæм афæлгæстытæ код- та æмæ йæхимид ахъуыды кодта: «Ардыгæй мæм рахылд мæ марæг — залиаг калм æмæ мæ царæфтыд фæкодта. Уый нæ, фæлæ ма мыл лæгмары ном дæр сбадт... — Иу чысыл алæууыд, стæй: — Цæй, цы гæнæн ма ис, кæд æй мæрдтæм мемæ ахæссин, мæ иунæг æфсымæр, мæ мыг- гаджы сæр хъуыды кæнгæйæ». Хъæугæрон фыццагдæр кæуыл фембæлд, уымæн «Дæ бон хорз» загъта æмæ йæ афарста: «Ам фарон сæрды сæ дыууæ фырты кæмæн фæмард сты, уыцы мæгуыр ус æмæ лæг кæм цæрынц?» Хъæуккаг æцæгæлон лæгмæ æдзынæг ныккаст, чи у, цæмæ сæ агуры базонын охыл. Фæлæ ницы рахатыдта æмæ йын къухæй ацамыдта сæ хæдзар. Хохаг хъæу цыфæнды стыр куы уа, уæддæр цас стыр у йæ цыбыр уынгтимæ. Уайтагъд схæццæ, цы хæдзар агуырдта, уымæ. Чи йыл æмбæлд, уыдон-иу, йæ саламæн дзуапп радтгæйæ, йæ фæстæ кæсгæйæ баззадысты, чи у, кæмæ цæуы ацы æрыгон лæппу, зæгъгæ. Æмæ уайтагъд хъус-хъусæй айхъуыст æнахуыр уазæджы хабар. Артуд хæдзары кауын кулдуары цур йæ бæхимæ æрлæууыд. Ехсы хъæдæй йын йе стыр мих бахоста. Хæдзары хицау кæрты къуымы цыдæртæ архайдта æмæ
^^^^^^^^^^^^^^^^^. 67 йæм уайтагъд йе ’ргом раздæхта. Кауын кулдуары сæрты кæрæдзи хорз уыдтой. Зæронд лæг æнахуыр бæлццоны размæ рацыд æмæ йæ фæрсы: — Чи дæ, цы дæ хъæуы? Артуд ницы дзуры. Лæджы цæсгоммæ бакæсын æф- сæрмы кæны æмæ зæхмæ нымдзаст. — Чи дæ?! Цы дæ хъæуы?! — ногæй та йæ хъæр- дæрæй бафарста зæронд. Иудзæвгар та æнæдзургæйæ алæууыдысты. Зæронд ыл йæ цæстæнгас æрхаста æмæ йæхимид ахъуыды кодта: «Цымæ кæй кæстæр у ацы хæрзуынд, хæрзконд лæппу?!» Зæрон уыдæттыл куыд уыд, афтæ йын Артуд ныллæг хъæлæсæй бакодта: — Æз дæн Рæбинаг комæй... Дæ... Дæ туджджын... Æмæ дæм æрцыдтæн... Амар мæ ... — зæронд лæгмæ ба- каст æмæ ма загъта, — æмæ дыууæ мыггаджы, дыууæ комы ’хсæн фыдæх мауал уа. Зæронд йæ бынаты ныррызт, стæй йæ бинойнагмæ бахъæр кодта: — Усай! О, усай! Æддæмæ ма ракæс! Ус уæззаугомау къахдзæфтæй тыргъмæ йæ саударæн дзаумæтты рахызт. — Мæнæ дæ хъæбулты марæг нæ къæсæрмæ æрба- лæууыд... Æмæ мын йæхи марын кæны! — Гъæ бындурзылд фæуай! — йæ хъарæг фемæхст сау- дарæг усæн. — Дæ буррондз фæкалай... Дæ зынг ахуыс- са... Дæ сæр дæ гуырмæ фæдзыназа... Ласгæ мард фæуай... Дæ мад дæ мæрдæй фæбада... Мæн мæ дыууæ хъæбулæй æрттæдæларм чи фæкодта... — йæ маст, йæ хъыг цы амыд- та, йæ дзых цы карста, уый йæ хъарæджы кæугæйæ дзырдта мад æмæ нæ банцад, цалынмæ йыл йæ лæг нæ фæтъæлланг ласта, уæдмæ: — Усай, ныхъхъус у! Адæмæй худинаг у. Адæм цымыдис кæд не сты. Æнæуыйдæр сусæг-æргом аивæй хъуыстой æнахуыр бæлццон æмæ сæ хъæуккаджы
68 у^^^^^^^^^^^^^^^^^ ныхасмæ. Ныр усы хъарæгмæ æмбырд кæнын райдыд- той сæ размæ.Æнахуыр бæлццон чи у, уый куы базыдтой, уæд-иу фырдисæй устытæ сæ дзыхтæ ахгæдтой, лæгтæ та сæ сæртыл фæхæцыдысты. Хабар уайтагъд хъæуы алы хæдзармæ дæр бахæццæ, фосимæ сæрвæтты, хъæ- ды сугласынмæ чи уыд, уыдонæй фæстæмæ йæ алчидæр зыдта. Ныхасы лæгтæ дæр атагъд кодтой бынатмæ, кæ- стæрты рæдыд хъуыддагæй бахизынмæ. Артуды фарсмæ балæууыдысты Габо æмæ Бибо дæр. «Адæм райдайæны æдзæмæй лæууыдысты, стæй кæрæдзийы мидæг алы ны- хас кодтой. Фæсивæдæй, уæлдайдæр та мыггаджы фæ- сивæдæй чидæртæ æртхъирæнтæ æппæрстой Артуды æрдæм. Габо иуварс рахызт æмæ адæммæ æрхатыд: — Мæ хъæубæстæ, уæхиуыл фæхæцут. Алцæмæндæр ис æгъдау. Нæ хъæуы Ныхасы лæгты уынаффæмæ бай- хъусæм. Уыдон куырыхон цардвæлтæрд адæм сты æмæ нæ рæдийын нæ бауадздзысты. Уæдмæ Ныхасы лæгтæ дæр хъæубæсты адæмы цур- мæ æрхæццæ сты. Сæ хистæр Айтег ныхас йæхимæ рай- ста. Иæ хъæубæсты Стыр Хуыцауыл, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытыл бафæдзæхста, стæй сын загъта: — Уæ масты фæдыл макуы цæут, мæ хъæубæстæ. Ацы лæппу фыдгæнæг куы уаид, уæд уæлæ хъæдты æмæ хæхты цъассыты æмбæхсид æмæ нæ, нæ фæллой давгæ, иугай марид. Уый рæстдзинад агурæг æрцыд æмæ уый сæрвæлтау йæ уд радтынмæ дæр цæттæ у. Цæттæ у мæ- лæтмæ, цæмæй макæй туг ныккæлайы тыххæй йæ цард радтынмæ. Стæй раздæхт Артудмæ æмæ йæм дзуры: — Мах, хъæуы хистæртæ, дæ рæстдзинад зонæм, æрмæстдæр, Габо æмæ Бибойы ныхæстæй. Куыд уыди уавæр, радзур-ма нын æй бæлвырддæр дæхæдæг. — Мах, Рæбинаг комы цæрджытæ, сæрды нæ хъом- вос, бæхтæ фæдарæм нæ сæрмæ уæлхох быдыры, — арф ныуулæфгæйæ сабыргай ныллæг хъæлæсæй райдыдта Артур, — уый уæхæдæг дæр хорз зонут. Æмæ сæ æхсæв
дæр бирæгътæй, æрсытæй хъахъхъæнæм радгай. Уыцы æхсæв уыд мæ рад. Æмæ бæллæх куыд æмæ цафон æрцыд, уыдæттæ бæл- вырдæй радзырдта, стæй ма сæм бафтыдта: — Мæн мæ хистæртæ ахуыр кодтой: «Куы смæсты уай æмæ дæ рахиз къухæй дæ хъамайы сæрмæ куы бав- налай, уæд-иу рахиз къух галиуæй ацахс æмæ йыл фидар хæц. Фыдгулæн йæ къух искæмæ аирвæза. Туг ныкка- лын фыдбылызмæ цæуы». Бауырнæд уæ, туг ныккалын мæ фæндон нæ уыд, фæлæ мын æрмæст мæ фос атæры- ныл нæ уыдысты. Мæхи та мын маргæ кодтой. Мæ галиу къахы уæраг сæ нæмыгæй пырх у, уæраджы чъири дæр ыл нæй, раст слæууын ыл мæ бон нал у. Æмæ, зæгъгæ, уæ хъæуккаг цуанæттæ Габо æмæ Бибо уыцы æхсæв цу- аны Сырдджын комы æрдæм æхсæвæддæ нæ ацыдысты, уæд абон уæ разы нæ лæууин... Æмæ, чи зоны, уый хуы- здæр уыдаид дыууæ комæн дæр. — Алцыдæр Стыр Хуыцауæй кæнгæ у. Табу йын уæд! — йæ ныхас ын айста Айтег — Хуыцау дæ нæ мардта, æмæ нæ разы дæ. — Стæй иучысыл фæхъус, йе ’ргом хæдзары хицауы, мæрдджыны æрдæм аздæхта æмæ йæ фæрсы: — Сандыр, дæуæн та уыцы афон Рæбинаг комы сæр- мæ уæлхох быдыры дæ фырттæ цы куыстой? Сандыр, ахæм карз фарст æм раддзысты, уый æнхъæл нæ уыд. Иу чысыл æм æфхæрдау фæкаст æмæ ницы дзы- рдта, цалынмæ йæм Айтег нæ ныууырдыг, уæдмæ. — Уыдон дæр Сырдджын коммæ æхсæвæддæ цуаны ацыдысты... Афтæ мын загътой... — йæхи бакъултæ кодта зæронд лæг. — Раст дын нæ загътой, — йæ ныхас ын айста Габо, — мах сыл никæм амбæлдыстæм. — Фæрсылы фосыкондмæ дын ацыдысты, Сандыр, фæрсылы — искæйы фос ратæлæт кæнынмæ. Цæмæй сæ Кæсæджы æрбауæй кодтаиккой, — адæмæй йæм чидæр бахъæр кодта.
70 ^^^^^^^^^^^^^^ Сандыр йæ сæр æруагъта, йæ усæн та йæ кæуын фе- мæхст. Адæм алы ныхас кодтой, адæм рæстдзинад агуы- рдтой, адæм зæронд лæг æмæ усæн тæригъæд кодтой. Артудмæ Хуыцауы æрвыст лæгау кастысты. Йæ фидар уды хъæд сын базмæлын кодта сæ удты, сæ зæрдæты, зонды æвæрæнтæ, сæ æмбæхст æнкъарæнтæ. Исчи йæм дзы йæ къух сиса, уыцы хъуыды фæлыгъд се ’хсæнæй, суанг йæ фæдыл чи зылд марынмæ, уыдонæй дæр. Ныр сæм арфдæр банкъардтой йæ æмбал цуанæтты Габо æмæ Бибойы ныхæстæ. Алчидæр дзы цæттæ уыд йæ сæрыл рахæцынмæ. Ныхасы лæгтæ Сандыры алыварс æртыгуыр сты, мыг- гаджы хистæртæм дæр фæдзырдтой æмæ уынаффæ кæ- нынц. Уæдмæ хур дæр фæсхох ныттылд, изæрзылдтыты афон æрхæццæ, фæлæ дзы ничи никæдæм тагъд кодта. Алкæйдæр фæндыд, хъæуы Ныхас цы уынаффæ рахæс- са, уый йæ фæндоны аккаг у, уый базонын. Иуахæмы Сандыр адæмы размæ рахызт æмæ йе ’ргом йæ цардæмбалмæ аздæхта: — Усай, ныббыхс дæ зынтæн. Ацы лæппу нæ фыртты марынмæ ардæм не ’рцыд, сæ разы нæ бабадт, марын- мæ йæм уыдон ссыдысты ... Æмæ йын æндæр гæнæн нæ уыд. Мæгуыр, æвæгæсæгæй нæ зæрондæй ныууагътой... Сандыр ныккуыдта йæ хъæлæсы дзаг æмæ йæ цæс- сынг йæ армы тъæпæнтæй сæрфгæ иуварс алæууыд. Йæ бынатмæ рахызт Айтег, йæ лæдзæгыл тынгдæр æрæнцой кодта, стæй йæ цæстытæ асæрфта, йæ арм йæ урс даргъ зачъетыл æрхаста æмæ райдыдта: — Мæ хъæубæстæ, уæ рынтæ бахæрон, уæззау зон- дæй хуыздæр ницы ис царды. Уæззау зонд адæймаджы кæны царды раст фæндагыл. Уый та у рæстдзинады æмæ фæллойы фæндаг. Адæймаг адон йæхицæн куы равзара, уæд никуы фæрæдийдзæн. Абон нæ разы цы ахсджи- аг фарста сæвзæрд, уый дæр уыдоныл æнцой кæнгæйæ куы алыг кæнæм, уæд кæд нæ фæрæдииккам. Иу чысыл
фæлæууыд, стæй хъæрдæрæй загъта: — Нæ уынаффæ та у ахæм: дæлæ кæнæм, уæлæ кæнæм, уæддæр туг нык- калд, Сандыр æмæ йæ æфсин æвæгæсæгæй баззадысты, æмæ туджы фиддон фæуæд ацы лæппу йæхæдæг. Ацы дыууæ зæрондимæ цæргæйæ баззайæд, царды сын æн- цой куыд уа, куыд æй бахион кæной, ууыл бацархайæд. Адæмæн фенцондæр æмæ риуыдзаг сулæфыдысты. Фыдæлтæй хорзæн баззад, Артуд йæ ног хъæубæ- стæн куыд фæадджын, уый. Габо æмæ Бибойы хуызæн хæлæрттæ йын дзы бирæ разынд. Сандыр æмæ Косеры хæдзары, сæ фырттæ кæм бахъомыл сты, уым æрцæрын йæ цæсгом нæ бахъæцыд, æмæ цалынмæ йæ фарсмæ йæ хæлæртты æххуысы фæрцы, зиутæ ракæнгæйæ, æндæр, парахатдæр хæдзар арæзта, уæдмæ йæ алчидæр хуы- дта сæхимæ. Фæлæ уал уый æрцард Габотæм, йæ рагон- дæр хæлармæ. Йæ ног хæдзары æрцард Сандыр æмæ Косеримæ. Зæрондæй та къæбиц сарæзтой. Ацы хабæрттæ иууылдæр байхъуыстысты Рæбинаг коммæ, йæ мад æмæ æфсымæрмæ. Цины хабæрттыл фæ- цин кодтой. Сæрыстыр уыдысты Артудæй: ахæм фидар удыхъæд кæй равдыста æмæ уый фæрцы комы адæм æдыхстæй риуыдзаг кæй сулæфыдысты. Иуахæмы сæ бабæрæг кодта йæхæдæг дæр. Комбæстæн йæ фенд уыди бæрæгбоны хуызæн, сæ хæдзары адæмæй базмæлæн нал уыд. Æна æмæ сын Алæг та фысымтæ фесты. — Мæ хъæбул, алцыдæр йæ гаччы сбадт, хуыздæр ма цы вæййы, — дзуры йæм мад, — фæлæ уыцы чызг куыр- дуаты кæдмæ баддзæн? Йæ мад æмæ фыды размæ 6а- цæуын мæ цæсгом нал хъæцы. Сæ ныхасæн хицау сты ... Стæй сæ дæуæй хуыздæр сиахс нæ хъæуы. Артуд йæ мады басабыр кодта, зæрдæ йын бавæрд- та æмæ йын фæззæджы йæ курдиат сæххæст кодта. Чындзæхсæвы рæбинаг та уыдысты Сандыр, Косер, Æна æмæ Алæг. Уæдæй фæстæмæ баиу сты дыууæ бинонтæ.
72 у^^^^^^^^^^^^^^&^^ Хæлæджы фыдгæнд Радзырд Уый раджы уыд, Уæрæсейы æфсады фыццаг ирон афицертæ куы фæзынд, уæд. Уыдон та фылдæр уыдысты хъæздгуыты фырттæ, стæй, нæ хæхбæстæм фæндæгтæ аразыны æфсон æрдзон хæзнатæ агурæг дæр цы ахуыр- гонд адæм цыдысты æмæ-иу рæстæгмæ кæмæ æрфысым кодтой, уыдоны цотæй дæр искуы исчи. Алык дæр уыдис рæстæмбис цæрæг бинонтæй. Уæрæсейæ сæм фыццаг æр- цардысты æртæ уазæджы. Стæй ма сыл бафтыд дыууæ. Фыццаг æртæ хохæгтимæ фæндæгты арæзтадыл фыдæ- бон кодтой, фæстаг дыууæ та Алычы фыдимæ хæхтыл, кæмттыл зылдысты. Хæстæг ранмæ-иу Алычы дæр семæ акодтой. Алык æнæзивæг, цырддзаст лæппу уыд, æмæ йыл сæ уазджытæ æнувыд уыдысты. Уырыссагау дзурын æй ахуыр кæнын райдыдтой, стæй та кæсын æмæ фыссын. Зæрдæргъæвд лæппу разынд Алык. Уайтагъд кæсын æмæ фыссыныл фæцалх. Уыцы хъуыддагыл йæ ный- йарджытæй сæ уазджытæ фылдæр цин кодтой. Хохæгты цæмæн хъуыд йæ ахуыр, кусын зонæд æндæр... Йæ ахуы- рæй хæхбæсты йæхи нæ фæдардзæн... Æмæ сæм уæд уазджытæ æрхатыдысты, махимæ йæ Уæрæсемæ рауадз- ут æмæ уæм мах хуызæн индзылерæй сыздæхдзæн, фæн- дæгтæ уын араздзæн. Алыкыл уæлдай иузæрдиондæр уыд уазджыты хистæр Михал, зæрдæхæлар æмæ уæззау зонды хицау, Алычьт фыд Бибоимæ уайтагъд кæрæдзи бамбæрстой æмæ сæ
^^^^^5^^^^^^^^^^\ 73 адджын хæринаг æнæкæрæдзи дæр нал хордтой. Фыд æй уымæн бабар кодта. Алык йæ райгуырæн уæзæгмæ ин- дзылерæй не ’рыздæхт, фæлæ афицерæй. Хохаг нæрæмон лæппуйы сæхимæ асайдтой æфсæддонты цардыуаг æмæ кад. Æмæ ныр йæ æфсæддон уæлæдарæс, йæ пъагæт- ты æрттывд, йæ æхсаргард, дамбаца стыр диссагæн аха- дынц йæ коймæгты цæсты. Цинтæ æмæ йын хъæбыстæ кæнынц. Хистæр сылгоймæгтæн сæ фыццаг фарст вæй- йы, ус нæма ракуырдтай, зæгъгæ. Алкæйы дæр сæ бæр- гæ фæнды, ахæм фæлыст æмæ ахуыр сиахс йæ хæдзары къæсæрæй куы æрбахизид, уый. Иæ мад æмæ фыд, йæ хотæ, кæстæр æфсымæртæ ма зæххыл лæууынц, йæ ци- нæй сыл базыртæ базад. Ныббуц дзы сты. Хъæуы зæды бæрæгбоны фæстæ хуыцаубоны йын куывд кæнынц. Фыд фидарæй загъта: «Æз æй уæдмæ никæдæм уадзын, йæ бынатæй йæ куы исой, уæддæр!». Хъæуы зæды бæрæгбон дæр уыд хуыцаубоны. Уый размæ бон Алык йæ бæхыл фæцагайдта фæрсаг коммæ йæ мадырвадæлтæм. Уыцы бон фæстæмæ фездæхын уыд йæ зæрды, фæлæ йæ йæ мадыфсымæр Ботас сдзурын дæр нал бауагъта. Уайтагъд кусарт кæныныл ныллæууыдис. Сыхæгтæм, хиуæттæм фæдзырдта æмæ Алыкыл уæлар- вæй зæд æртæхæгау фæцин кодтой. Ботасы фыд Габойæн уыд дыууæ æфсымæры. Сæ хистæр Тоти. Æмæ цалын- мæ уый удыгас уыд, уæдмæ иууылдæр иумæ цардысты, иу бинонтæй: цотæй, чындзæй, цоты цотæй — æдæппæт 30 адæймаджы, æмæ сæ хъæлæба никуы райхъуыст. Иу хæдзары хицæн уæтты цардысты, иу кæрт сын уыд, иу къона. Иумæ куыстой, иумæ сæ къонайы фарсмæ хордтой æхсæвæр: раздæр нæлгоймæгтæ, стæй та — сылгоймæгтæ. Афтæ цардысты, цалынмæ Тоти удыгас уыд, уæдмæ. Стæй æнæхъынп, æнæсыппæй, кæрдзийы зæрдæхудты нæ бацæугæйæ, ахицæнтæ сты хицæн бинонтыл. Уый дæр Тотийы бинойнаг, сæ хистæр сылгоймаг Сонайы зондæй. Уый æнкъардта, уыцы цардыуаг сылгоймæгтæй кæйдæр- ты зæрдæмæ нæ цæуы, æмæ сæ нырмæ йæ лæг Тотийы
74 у^^^^^^^^^^^^^^^^^ фарн урæдта. Ныр, цæйнæфæлтау хылтæй ахицæн уой, уый бæсты сæ уарыныл ныллæууыд. Æмæ раст бакодта. Уый Алык тынгдæр банкъардта Уæрæсейы цæргæйæ уы- рыссаг æмæ иннæ адæмты бинонты цардыуаг, уавæртæ уынгæйæ. Уыдæттыл хъуыдытæ кæнгæйæ Алык здæхт сæхимæ йæ мадырвадæлтæй. Рагъмæ куы схæццæ уæд æм йæ рай- гуырæн ком йæ армытъæпæнау разынд. Бæх æрурæдта, йæ риуыдзаг сулæфыд æмæ йæ бафæндыд, йæ бакомком- мæ арвыл цы дыууæ цæргæсы зилдух кæнынц, уыдонау йæ базыртæ сисын æмæ сæ фарсмæ балæууын. — Цæй диссаг дæ, райгуырæн уæзæг, цæй диссаг! — æвиппайды сирвæзт йæ дзыхæй. — Баивæн дын куыннæ ис! Цæрын нæ, фæлæ нæ мæлын дæр æндæр ран куыд нæ фæнды!... Мæнæ диссаг! Ныры хуызæн мæм уалдзæджы зæрватыччы цин — цъыбар-цъыбур йæ ахæстоныл, аичы хуылфæй кæм ратылд, кæм схъомыл, ууыл никуы бахъ- ардта. Æз дæр абон фæлтæхæн маргъæй уæлдай нæ дæн. Ардыгæй та атæхдзынæн æмæ та æнæмæнг фæстæмæ æр- батæхдзынæн. Мæ райгуырæн уæзæгмæ! Уыцы хъуыдытимæ ма иу хатт йæ цæстæнгас ахаста йæ райгуырæн комыл, цæугæдоны фаллагварс, комы фахсыл хурварс сæ хъæуы æвæрдыл. Йæ сæрмæ бæрзонд аууон ран иу нарæг тъæпæныл бæлæсты къох — Хъæуы зæды кувæндон. Æцæг зæдба- дæн! Хъæубæстæ йæ кувæндонæн хуымæтæджы нæ рав- зæрстой. Цыдæр æрдзон фæзындимæ баст у, цыдæр дзы бафиппайдтой... Йæ рахизфарс дæрддзæф хохы фахсыл уæле дæлæмæ хъæды таг — Ивары хъæд. Хъæуы ныха- сы лæгтæ дзы суг ласын нæ уадзынц, хъæдæрмæгæн сæ хъæуы, хидтæ æмæ хæдзæрттæ аразынæн, суг дзы чи ракæна, уый иваргонд, æфхæрд æрцæуы. Ивары хъæд дæр æй уымæн хонынц. Уыцы хъуыдытæ кæнгæ Алычы цæст ацахста кувæн- доны сæрмæ фæздæджы пихылæйттæ, æмæ фæуы- рдыг кодта, кæд уый дæр лæггадгæнджытæм истæмæ
фæкæсид, зæгъгæ. Цæугæдоны тæрфы доны хæл-хæл- мæ хъусгæйæ цы зырдурыл бадын уарзта, уый цур дæр бæхæй нал æрхызт, йæ алыварс иу зылд æркодта æмæ йæм раздæрау ахæм стыр нал фæкаст. Алык кувæндоны бынмæ лæггадгæнджытæн æххуысмæ бæргæ тагъд кодта, фæлæ уыдон ахæм æм- хъæуккаджы истæмæ æвналын уагътой. Загътой йын: «Ам нæ фарсмæ бад, лæуу æмæ нын Уæрæсейы, ду- нейы хабæрттæ кæн. Бирæ хæлæрттæ дын дзы ис? Дæ куыст зын у? Цæргæ та кæм кæныс? Мах дæм хъус- дзыстæм зæрдиагæй». Фылдæр йæ зонгæтæ уыдысты, чи дзы — уымæй хистæр, чи — кæстæр. Æмæ цы домдтой, уый кодта. Уыдон æм афтæ зæрдиагæй хъуыстой, æмæ- иу фырдисæй сæ цæстытæ цæхæр акалдтой. Фæлæ сæ кувæндоны фарн æмæ сæ хæс рох нæ кодта. Уæдмæ адæм кувæндоны бын фылдæрæй — фылдæр кодтой. Чи саргъы бæхыл ссыд æмæ сæ цъæх нæумæ Алычы бæхы цурмæ хизынмæ ауагътой, чи та — фи- стæгæй, уæлдайдæр кæстæртæ. Цыдысты сæ кувинæгти- мæ, иумæйаг фыдызгъæл та æрцæттæ кодтой кувæндоны бын нывондаг акусарт кæнгæйæ. Æмбисбонмæ фынг уыд цæттæ. Алчидæр дзы йæ бынат ссардта. Алычы æрбадын кодтой хистæртæм æв вахсдæр, кæд ын уым нæма æмбæлд, уæддæр. Фæлæ хи- стæрты ныхмæ сдзурæнтæ уыд... Иæ хъæубæсты нæлгоймæгты афтæ æмбырдæй лæппуйæ дæр никуы федта. Уæд сын-иу уырдыг дæр алæууыд. Ныр биноныг кæсы сæ алы фезмæлд æмæ мимæ. Раст æфсады куыд у, афтæ хиуылхæцгæ сæхи дарынц. Кæстæр йæ бынат зоны, хистæр бæрнон æмæ хъуыддагхуыз у, уæлдай ныхас дзы никæмæй хъуысы. «Мæнæ диссаг! Ай ирон æгъдау службæйы уставы хуы- зæн куы у!» — ахъуыды кодта йæхинымæры. Фарстой йæ ... Æмæ йæ цæмæй нæ фарстой.. Фæлæ хистæры разæй — ничи. Суанг, йæ ном уырыссагау куыд фыссы, уымæй дæр.
76 у^^^^^^^^^^^^^^^^ Александр сын куы загъта, уæд ыл бадис кодтой. «Уырысмæ Александр ном арæх у, — загъта сын. — Уый, дам, кæддæр стыр паддзахы ном уыд. Æмæ йæ сæ сылгой- мæгтыл дæр æвæрынц. Æцæг — Александрæ». Уыцы уа- гыл тынг бадис кодтой, куыд уа уый та, нæлгоймаг æмæ сылгоймагæн иу ном, зæгъгæ. Уымæй дæр паддзахы ном. Фынгыл хистæр бæгæныйы къус йæ къухмæ куы рай- ста, уæд иууылдæр худаистæй сыстадысты, æмæ сæ «ом- мен» хæхтæ арыдта. Æртæ сидты фæстæ феуæгъддæр сты, æмæ та сын Алычы цæмæйдæрты афæрсынæн фадат фæци. Бадты адæм иууылдæр се ’ргом уый æрдæм аз- дæхтой. Суанг фынджы хистæр дæр. Уыцы уавæр мæсты кодта, йæ уд ын æвдæрста Сабанæн. Цуанон лæг уыд, æмæ-иу æдзух йæ цуано- ны хабæрттæм хъуыстой, дис-иу кодтой, арвæй æрхаугæ згъæрæй цы дзыппыдаргæ кард саразын кодта, уый фы- дызгъæл, суанг æргъиутæ дæр куыд æнцонæй лыг кодта, ууыл. Ныр дæр æй йæ дзыппæй бæргæ фелвæста, уæ- ливыхтæ æмæ та дзы фыдызгъæл æнцонтæй æрлыгтæ кодта. Фæлæ йæ ничиуал бафиппайдта, йæ цуаноны ха- бæрттæй дæр æй ничиуал бафарста. Æмæ йæ маст фыхт. Уымæй фынгыл бадт Алычы бакокоммæ. Алыкæй бирæ хистæр уыд, фæлæ йæ цард ницæуыл ма сахуыр кодта. Фыдзыкъуыр, фыдзонд, загъдкъахæг, æмæ дзы адæм сæхи хызтой, уæлдайдæр къуымæлдзæфæй. Сабан та ныр дæр цалдæр хатты ныхас йæхимæ раз- дахыныл ацархайдта, Арвыкомы йын йæ кард цы соми- хаг сарæзта, уымæн сайын куыд нæ бакуымдта, уымæй та йæхицæй раппæлынмæ ахъавыд, фæлæ йын дзы ницы рауад. Алычы цур сæ йæ ныхæстæ не ’ндæвтой. Иу рæ- стæджы фынгæй сыста æмæ сæхимæ ацæуа дæр афæнд кодта, фæлæ йæм йæ ацыд раст нæ фæкаст æмæ сындзы- тыл бадæгау бадт фынгыл. Иæхицæн дзы бынат нал ард- та, уырыссаг хæцæнгæрзты кой дзы куы райдыдтой, уæд. Алык сын æппæлын райдыдта, йæ кæстæр æфсымæр
Бекийæн цы даргъхæтæлджын топп æрхаста, уымæй. Цуаны цæуынмæ, дам, уымæй хуыздæр хæцæнгарз нæй. — Куыд нæй? — фесхъиудта Сабан, — Мæ хъримагæн æмбал куы нæ ис! — Дæ хъримагæн æз ницы зонын, фæлæ цы зонын, уый дзурын, — загъта Алык. Уый ма дын фехъуса Сабан, йæ бынатæй фестад æмæ цæуыныл ныллæууыд. Йæ дзыппыдаргæ кард фынгыл агуры ... Нæ йæ ары. — Цы фæци мæ кард? — агуры йæ. — Ды йæ нæ ай- стай? — ныууырдыг Алыкмæ. — Нæ йæм бавнæлдтон... — зæгъы йын Алык — Кард мæ куы хъуыдаид, уæд мæ фарсыл дæр ис. — Уæдæ цы фæци?! Бамбæхстай йæ! — Цы дзы кæнын дæ кардæй... Уæрæсейы кæрдтæй фылдæр цы ис..., — загъта та йын Алык. — Уæрæсейы цы ис, уый æз нæ зонын, фæлæ мæ кар- ды хуызæн нæй! Уый зон! Уæларвон згъæрæй конд у. Æмæ йæ æри! Науæд дæ хъуыддаг хорз нæу!.. — Мæнмæ нæй дæ кард. Кæд дæ кард хъæуы, уæд дын мæнæ мæ фарсылдаргæ кард, — сабыртæ йæ кæны Алык. Сабанмæ уый ноджы карздæр æфхæрд фæкаст. Хъæрдæрæй спихылæйттæ ласта, æмæ йын хистæр бау- айдзæф кодта, ма та сызмæнт, зæгъгæ. Сабан дын уый фехъуса, мæстæлгъæдæй йæ бынатæй фестад æмæ цæу- гæ-цæуын Алыкмæ æртхъирæнтæ кæны: — Уый хуымæтæджы кард нæу æмæ дын нæ батай- дзæн!.. Уый зон!.. Алык æй ницæмæ æрдардта, нозт йæ сæры бацыд, æмæ йæ уый абухын кæны, зæгъгæ, йæхимид афтæ ахъуы- ды кодта. Ахæмтæ Уæрæсейы иу æмæ дыууæ федта... Сабан хъæумæ куы фæуырдыг кодта, уæд йæ хæдзар суыдта, йæ цæхæрадоны кæрон дурты цæнд, уæларвæй æрхаугæ згъæр кæм ссардта, уый. Дурты цæнд йæ фыди- мæ скодтой æмæ дзы уыцы райсомæй раздæр куы ницы
78 /^^^^^^^^^^^^^^ бафиппайдта. Уыцы згъæры гæбаз дзы кæцæй февзæрд, кæд уæларвæй не рхаудта, уæд. Сæ сугсæттæнмæ йæ æр- бахаста, фæрæтæй йæ æрдаудта, æмæ фæрæт фæцъула. Иу æрдыгæй дзы къæцæлы хуызæн цы лыстæг хай уыд, уу ыл цас фæтухæн кодта æмæ йын асæттын тыхæйты ба- куымдта. Фæрæты фарсыл æй æруагъта, æмæ йыл æр- фæд кодта. Ай цыдæр диссаджы згъæр у, зæгъгæ, йæ зæрин- гуырд Тушманмæ схаста. Уый йæ арты фæфæлвæрдтытæ кодта æмæ йын афтæ: — Диссаджы хъæбæр згъæр у, кард дзы куы скæ- нын кæнай, уæд ын æмбал нæ уыдзæн. Йæ ас гыццыл у, дзыппыдаргæ карды фаг у, фæлæ йын дурæвзалы хъæуы. Мæнмæ нæй. Арвыкомы Сæнайы хъæуы сæрды- гон ахæм куыст фæкæны иу сомихаг. Сабан хъуыддаг æрдæгыл никуы ныууадзы. Ныр дæр йæ бæхыл бабадт æмæ Сæнайы балæууыд. Сомихаджы баййæфта йæ куысты уæлхъус куырдадзы. Йæ кусинаг згъæр æм равдыста, æмæ дзы уый кард скæныныл сразы. Загъта йын, гъе уæд æмæ уæд-иу æрбацу, зæгъгæ. Куы йæм бацыд, уæд æм цы кард равдыста, ууыл Сабан, йе згъæрæй йæ дзыппы цы чысыл хай хаста, уый æруагъта, æмæ æрфæд кодта. — Нæ! Ай ме згъæрæй конд нæу!.. Кæм ис мæхион?! — рамæсты Сабан æмæ йæ хъримагмæ февнæлдта. Сомихаг фæтарст æмæ йæм уайтагъд йæхи згъæрæй конд кард ра- давта. Сабан та ууыл дæр йе згъæры сæстаг æруагъта, æмæ йыл фæбырыд. — Гъе уый дын мæхион — бахуд æмæ дзы, сомихаг йæ куыстæн цас куырдта, уый йын радта. Уый фондз азы размæ уыд. Уал азы дзы, йæхи фæрæв- дыдта, ныр ын æй уыцы хъуымыздзых афицергонд бам- бæхста... Нал æм ис. Æмæ та йæ маст рафыхт. Уымæн цы хъæуы, уый æз ныртæккæ бакæндзынæн, зæгъгæ, йæ цыд фæтагъддæр кодта. Сæхимæ куы æрхæццæ, уæд æх- стуадæй сæ уаты фæмидæг, йæ цуанон топп къулæй рæвдз
райста, гилдзытæ йæ дзыппы ныккалдта æмæ федде. Йæ ус ма йæ фæстæ рахъæр кодта: — Нæ лæг, о нæ лæг, ацафон ма, тагъд изæр куы кæн- дзæн, уæд хæцæнгарзимæ кæдæм цæуыс?! — Кæдæм цæуын, уымæй дæ ницы хъуыддаг ис æмæ æнцад дæ куыдзы бынаты бад!.. — йæ масты цæхæр ыл бакалдта. Йæхæдæг адаг-адаг хъуызгæ кувæндоны æр- дæм ныййарц æмæ аууон ран йæхи æрæмбæхста. Куывддонтæ къордгæйттæй цæуын райдыдтой дæ- лæмæ хъæуы æрдæм. Цалдæр лæппуимæ бæхы идоныл хæцгæ æрцæйцыд Алык дæр. Цæуылдæр биноныг ны- хас кодтой. Сабаны уый æппындæр никæцы æрдыгæй æндæвта. Йæ катай сси, нæмыг сæ Алык йеддæмæ куыд никæуыл сæмбæла, уый. Ныхъхъавы æмæ та топп æр- уадзы. Уалынмæ лæппутæ кæрæдзи схойгæйæ йæ разæй фесты. Раст уыцы уысм топпы гæрах хæхтæ ныццарыдта, æмæ Алык фæуæлгоммæ. Бæх ныммыр-мыр кодта æмæ йæ уæлхъус лæугæйæ аззад. Лæппутæ, цы æрцыд, уый нæ бамбæрстой, æмæ алырдæмыты кæсынц. Бæхы мыр- мыр сæ Алычы æрдæм фездæхта æмæ йæ фыццагдæр хау- дæй чи ауыдта, уый ныхъхæр кодта: — Алык-к-к! Æмæ иууылдæр уый æрдæм фесты. Базгъордтой йæм... Алыкæн нæмыг йæ риуыл сæмбæлд, æмæ йæ уд систа. Топпы гæрахмæ æрмæст хъæу нæ, фæлæ ком дæр йæ æрвылбоны хъуыдытæй феуæгъд. Алчидæр цыдæр бæл- лæх фехъусынмæ æнхъæлмæ каст. Хъæубæстæ уынгтæм ракалд, æмæ дзы чидæр Сабаны йæ цуанон топпимæ сæ- химæ аууæтты цæугæйæ федта. Куывддзау адæм дурдзавдау фесты Алычы мæлæ- тыл. Кæй къух æм батасыд, уыцы фыдгæнд чи бакодта, уый сын зын базонæн нæ уыд. Æмæ уайтагъд хъæубæ- стыл ахъæр. Алычы мыггаг сæ хæцæнгæрзтæ райстой æмæ Сабаны хæдзары алыварс æрхъула кодтой. Мидæмæ йæм бабырсой, уый сæ сæрмæ нæ хастой æмæ йæм хъæр кæнынц:
80 у^^^^^^^^^^^^^^ — Æддæмæ-ма ракæс, куыдз кæй ныййардта, уый! Дæ усы фæдджийы бын цы бабырыдтæ! Кæд лæг дæ, уæд-ма æддæмæ ракæс! Сабан ныхъхъус. Æрмæст йæ усы хъарæг æмæ æрдиаг куы райхъуыст, уæд та йыл фæхъæр кæны. Кæуынц, дзыназынц, бинонтæй хæдзары чи ис, уыдон иууылдæр. Сабан цуанон лæг æмæ сырдты фæдыл сусæгæй куыд зылд, афтæ йæ аирвæзын фæндыд йæ хæдзарæй æмæ алидзын... Иуахæм та йæм йæ марджытæ куы æрбахъæр кодтой, уæд тыргъмæ рагæпп ласта æмæ йæм кæцырдыгæй дзы- рдтой, уырдæм сыл дыууæ нæмыджы ауагъта. Фæлæ, дзæгъæлы — Дурæмбонды фæстæ æмбæхст уыдысты. Уый хыгъд æй Алычы кæстæр æфсымæр Алычы лæв- ар даргъхæтæлджын топпæй фæрсæрдыгæй æрбахста, æмæ дæ фыдгул дæр афтæ. Йæ уæлхъ тыргъы фæцыд. Бинонтæ йæ рудзынгæй ауыдтой æмæ нырдиаг кодтой. Фæлæ сæ тыргъмæ рахизын ничи бауæндыд. Уæдмæ Сабаны мыггаг дæр топпæргъæвдæй хъæуы уынгты змæлын райдыдтой. Хъæуь; хистæртæ дыууæ мыггаджы æхсæн бацыдысты æмæ сæ æрсабыр кодтой. Фæстæдæр та ирон фидыд бакодтой. Афтæ йæ райгуырæн уæзæгыл йæ мæлæт ссардта Уырысы æфсады афицер Алык. Адæм ыл ноджы зæрдæ- рыстдæр фесты, Сабаны ныгæныны размæ куы надтой, уæд. Йæ дзыппыдаргæ кард кæд разынд йæ мидæггаг хæ- лафæй æддаджы æхсæн. Фыццаг хатт фынгæй ацæуын куы афæнд кодта, уæд æй йæ дзыппы тыхтъыст акодта, лæзæрд хъуымацæй дзыпп фæхуынкъ, æмæ кард бынмæ ныххауд. Хæлæджы ацы фыдгæндыл кæд дыууæ æнусæй фылдæр цæуы, уæддæр адæмæй нæ рох кæны. Суинаг лæппуйы хъысмæтыл сæ зæрдæ фæриссы, Сабаны хуы- зæттæй та сæхи хъахъхъæнынц.
^^^^^^^^^^^^^^^\ 81 Хъæбатыр Тотрадзы таурæгъ Рагон хабар Фыстон æй мæ хорз зонгæ историон наукæты доктор Берозты Батрадзы рухс ном мысгæйæ Хохаг къахвæндаг калмау здыхстытæ кæнгæ уыр- дыджы йæ ных сарæзта комы дымæгмæ. Разæй куы æр- байсæфы, куы та йын зына-нæ зына дард кæмдæр хохы фахсыл фæзилæны йæ кæрон цæст ацахсы, æмæ фæндаг- гоны йæхимæ сайы, цыма комы дымæг æрбаввахс, уый æнхъæл атындзы. Куы та цæстыты раз атъанг вæййы, æмæ йæм афтæ фæкæсы, цыма йын кæрон дæр нæй, цыд ыл никуы фæуыдзæн. Ахæм уавæры Тотрадзы фæллад уæнгтæ бынтон æркæлынц, æмæ йæ акъахдзæф фæуæз- заудæр вæййы. Иу цалдæр бæндæны бæрц ма фæндагæй фæсте фæуадзы уæзбын цыдæй, стæй æрлæууы, йæ фар- смæ йæ чысыл лæнпумæ йе ’ргом раздахы. Уый дæр æм фæрсæгау скæсы, йæ фæллад, фæлмаст цæстыты æрфы- ты йын йæ фæндон фены æмæ йын аивæй йæ къух суа- дзы. Фыд хъавгæ йæ рифтаг йæ уæхскæй æрисы, тъæпæн ран æй фæлмæн æрæвæры, рифтаджы фæсонты ’рдыгæй цы дзæкъулгонд ис, уым йæ æнахъом хъæбулы асгары. Фынæй кæнгæ йæ куы фены, уæд ын йæ улæфтмæ бай- хъусы, хъал, — уæд та йæ цæстæнгасæй барæвдауы. Стæй йæ фарсмæ къуыпп ран кæнæ дурыл æрбады. Къухыл хæ- цгæ цы лæппуйы кæны, уый дæр фæндаджы хъæбæрыл йæхи æруадзы. Хæрыны афон йæ фæснахæй йæ цуаноны *б
82 /^^^^^^^^^^^^^^ кард фелвасы æмæ сын дзы цыхт æмæ къæбæры хæйттæ æрлыг кæны. Сæ къухтæм сын сæ авæры. Йæхæдæг дæр йæхи фæхъуыртхъом кæны. Æмæ сæ фæллад куы ссæуы, уæд та сæ фæндаг адарддæр кæнынц. Тотрадзы йæ уынгæджыйы уавæр суры йæ разæй. Расырдта йæ йæ райгуырæн хъæу Джимарайæ. Æмæ ли- дзы йæ мадæрвадæлтæм Базилæны хъæумæ. Уæдæ ма адæймаг йæ зын уавæры йæхи кæмæ бакъул кæна, кæуыл банцой кæна. Мадæрвадæлтæй мады ад цæуы. Уыдонæн, дæ уды рæбынæй цы цæуы, уый æндæр никæмæн зæгъд- зынæ. Уыдон дæ куыд бамбарой, дæ фарсмæ куыд æрба- лæууой, афтæ — ничи. Тотрадз дæр сæм йæ зын сахаты йæ дыууæ æнахъом сабиимæ уымæн тындзы. Йæ си- дзæрты йын уыдоны хуызæн ничи барæвдаудзæн, ныфс æй хæссы размæ. Хъасарайæ раджы рахызт, Хуырæндæле Окрохъанамæ йæ бирæ нал хъæуы. Кæцæй йæм каст ацы фыдбылыз. Фæлтау къахсаст куы уыдаид æмæ уыцы бон Суатъисы коммæ цуаны куы нæ ацыдаид. Уæд йæ бинонты раз уыдаид, сæ фосы муртæм йæ цæст дардтаид æмæ сæ дард нæ ауагътаид. Йæ сывæллæтты мад, йæ къæбæргæнæг æмæ йæ цард- аразæг уыцы фыдбылызы фæндагыл нæ ацыдаид. Йæ фосы фæдыл... Хæхбæсты фæззæджы æрдæм æрдзыл æууæнк нæй. Къæвда, уымæй дæр уазал, суанг мит дæр, тых дымгæ кæцæй æмæ кæд фæзындзысты, уый ничи рахатдзæн. Уыцы бон арвы хъулæттæ Тотрадз дæр дардæй Суатъисы рагъæй кæсгæйæ федта, фæлæ цы æнхъæл уыди, йæ бинойнаг дзы йæ фосимæ бабын уыдзæн, уый. Ус арвы хъулæттæ куы федта, уæд йæ чысыл дыууæ хъæбулы сыхæгты æвджид бакодта, йæхæдæг сæ фосы муртæ агурæг фæцагайдта. Дымгæ тыхджынæй-тыхджындæр кодта, йæ разы цы æййæфта, уыдон скъæфта, къæдзæх- тыл сæ хоста. Усы дзаумайы фæджджитæм дæр лæбурдта æмæ-иу æй асхуыста. Ус-иу фæцудыдта, фæлæ нæ саст.
^^^^^^^^^^^^^^^ч 83 Ноджы дардмæ суыдта йæ фысты къорд — егъау дуры аууон бамбырд сты. Бахæццæ сæм. Уæдмæ уазал æртæх- тæ кæнын дæр райдыдта. Ус йæ фосыл хъæр кæны, суры сæ хъæуы ’рдæм, цалынмæ уазал уарын нæ ныккалдта, уæдмæ. Уалынмæ сæ фæрсты зилгæдымгæ æрбасыффытт ласта æмæ кæройнаг фысы йæ разæй ахаста рындзмæ. Иннæ фыстæ дæр фезмæлыдысты йæ фæдыл. Ус ма сæ басырдта, сæ раздахыныл ацархайдта. Уыдонимæ архай- гæйæ, йæхæдæг дæр къардиуы былмæ куыд бахæццæ, уый нæ бамбæрста. Йæхи ма дзы иуварс бæргæ фехста, фæлæ йæ уаддымгæ ацахста æмæ йæ арф коммæ фехста. Дæ фыдгул дæр — афтæ. Тотрадз йæ цардæмбалы марды хæрнæгæн цы аргæв- стаид, уый дæр æм нал уыд. Сæ иунæг хъуг йæ мардæн бахъуыд. Адæм хорз сты зын сахаты адæймаджы фар- смæ балæууынмæ. Цæмæйдæрты фæкастысты Тотрадзмæ дæр. Фæлæ зымæг йæ дыууæ æнахъом лæппуимæ цæ- мæй цæрдзæн, уыцы сагъæс æй суры йæ фыдыуæзæг — йæ райгуырæн комбæстæйæ, йæ цуангæнæн бынæттæй. Цуанон та ахæм уыд, æмæ дзы дзæгъæл æхст нæ ирвæзт. Ныр цы? Уыдон ферох кæнын хъæуы, æндæр царды- уаг ын æвзаринаг у. Йæ хъæргæнаг йæ хуыздæр хæларæн уымæн балæвар кодта. Хуры ма фæсрагъмæ бæндæны бæрц дæр нал хъуыд, афтæ бахæццæ йæ мадырвадæлтæм. Иæ уавæрмæ гæсгæ йыл æрхуымæй сæмбæлдысты. Йæ мады æфсымæрты хи- стæр Габо цардфæлтæрд зæронд лæг ын йæ ныхасы афтæ бакодта: «Цард æгъатыр у, мæ хур. Цы дзы æрцæуы, уы- мæн фæразын хъæуы. Дæ кæстæртыл хъуыды кæнгæйæ дæ ныфс фидардæр кæн. Мах кæдфæндыдæр дæ фар- смæ уыдзыстæм. Дæ хъæбултæ мах дæр сты, æмæ мах цæмæй цæрæм, уымæй сæ дæ мады чындзытæ хъуаг нæ ныууадздзысты. Кæд дæ фæнды, уæд сæ ам уадз, дæхæ- дæг та уал быдырмæ цардагур фæцу. Нæ хъæуы лæп- путæ фæззæг хор быдыры ирон хъæуты бакусынц. Тынг
84 /^^^^^^^^^^^^^^^^ æппæлынц Заманхъулы Хъуысаты Хъасайæ. Бонджын у, зæххытæ йæм бирæ ис. Лæппутæ йæм тыллæг æфснай- ынмæ фæкæсынц. Æмæ сæ зæрдæхудт никуы бацыд. Фæцу ма йæм». — Уый хорз фæнд у, — бацин кодта Тотрадз. — Æцæг лæппуты дæр мемæ кæнын. Уыдонмæ зæрдæхсайгæйæ мæ ныфс, мæ хъару сæтгæ кæндзæн. — Хорз, хорз. Фæлæ Арвыкомы фистæгæй быдырмæ кæд ныххæццæ уыдзынæ. Дæлæ нæ бæхтæй иуыл саргъ сæвæр. Æмæ фæндараст! — О, уый æгæр у! — стыхст Тотрадз. — Ницы кæны. Кæд дæ нæ хъæуа, уæд та нæ комы лæппутæй исчитæ Заманхъулмæ нартхор тонынмæ цæу- дзæн. Æмæ-иу æй уыдонæн фæстæмæ цæугæйæ рарвит. Сæ уæргътæ сын фæрогдæр кæндзæн. Тотрадз Заманхъулмæ куы ныххæццæ, уæд хъæуы кæрон бæхæй æрхызт. Уидоны рохтæ хистæр лæппу- мæ радта, кæстæры та йын йæ хъæбысы сбадын кодта. Загъта йын: «Хъусыс, саргъы гоппыл дыууæ къухæй фи- дар хæц». Йæхæдæг бæхы фарсмæ цæугæйæ уынджы уæ- лæмæ араст сты. Иудзæвгар куы суадысты, уæд цалдæр зæронд лæджы бæласы аууон бадгæ сæййæфта. «Уæ бон хорз» сын загъта æмæ сæ бафарста, ам Хъуысаты Хъасай кæм цæры, зæгъгæ. — Хъасай кæм цæры, уый та хъæуы чи нæ зоны, — за- гътой йын æмæ йын æй бæлвырдæй бацамыдтой. Тотрадз Хъуысаты Хъасайы кулдуар бахоста, æмæ йæм уый йæхæдæг кæртæй уынгмæ куы рахизид. Кæрæдзийæн салам радтой, стæй Хъасай æнахуыр бæлц- цæттыл йæ цæст ахаста. Хæхбæстæйæ йæм цынæ хуызы бахойы йæ дуар, фæлæ дзы ахæмтæ фыццаг хатт уыдта. Куырыхон адæймагæн цас базонинаг уыд сæ уавæр æмæ сæ уайтагъд мидæмæ ахуыдта. Йæ фынджы бæркадæй сæ куы фæхъæстæ кодта, уæд сæ бæлвырддæр æрфæрстытæ
^^^^^^^^^^^^^^^ч 85 кодта. Æхсызгон ын уыд, хæхбæсты ирон адæм дæр йæ хорзы кой кæй кæнынц, уый. — Мæ бон дын баххуыс кæнын цæмæй уа, уый дын пæ бахæлæг кæндзынæн, — загъта йын: — Дæ цотимæ уал иу уаты цæрдзынæ. Хæрдхъуаг нæ уыдзыстут. Дæхицæн дын исты куыст бацагурдзынæн, цæмæй къæмдзæстыг ма уай, дæ цоты дарын дæ бон уа. Стæй: бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы — дæхицæн хæдзар саразын дæр кæд дæ бон бауаид. Тотрадз уал хъæуы хъомæн гæсæй ныллæууыд. Хохаг зын цардæй йæм быдыр дзæнæты хуызæн каст. Рæдау æмæ æгъдауджын адæм — йæ алыварс, йæ кæстæрты йын рæвдауынц хи хъæбултау. Хъомгæсы куыст дæр цас зын у. Хъæуы сæрмæ Кæрдойы комы дымæгмæ сæ аздах, æмæ хиздзысты. Ехх, æмæ сывæллæтты мад амы цардæй куы ацардаид, зæгъгæ, цал æмæ цал хатты загъта йæхи- цæн, уæд ахæм фыдбылызы дæр нæ бахаудаид... *** Уыцы рæстæг хъулгъайы хъæутæй иуы иу фыдзонд лæппу, абырæгдзинад чи кодта, ахæм йæ цæст æрæв- æрдта сæ хъæуккаг зæхкусæг, фыдæбонгæнæг лæджы æртæ чызгæй иуыл. Фæлæ йын æй фыд нæ лæвæрдта, йæ астæу куыстмæ кæй нæ тасыд, стигъæг кæй уыд, уый тыххæй. Лæппу мæстæй сыгъд, æртхъирæнтæ кодта, йæхихуызон фондз хæларимæ алыхуызон фыдбылызы фæндтæ кодтой. — Маринаг у (^ыд!.. — иуахæмы сдзырдта фыдзы- къуыр усгур. — Иæ удæгасæй чызг мæ къухы нæ бафтдзæн! — Фæтуджджын уыдзынæ... Æмæ туг тугæй æхсгæ у, — дзырдтой йын йе ’мбæлттæ. — Нæ адæмы нæ зонут: цыфæнды фыдракæнд дæр сын ирæтты аххос фæкæн, æмæ сæ уайтагъд бауырны. Мах дæр афтæ бакæндзыстæм. Ууыл бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ чызджы фыд Арыхъы рæгъты æрдæм хъæдмæ ацыд, æмæ йын йæ мард
86 у^^^^^^^^^^^^^^^^^ уырдыгæй æрластой. Уайтагъд хъæуыл ахъæр, ирæттæ йæ амардтой, зæгъгæ. Йæ ныгæнæн рæстæг йæ марæг йæ фондз æмбалимæ саударæг усы раз балæууыд æмæ йын зæрдæтæ æвæры: — Мах ын йæ туг ирæттæй райсдзыстæм! Раст йæ ингæныл ын дзы искæй сæргæвддзыстæм! Ныртæккæ цæуæм Арыхъмæ. — Ды уый куы бакæнис, уæд ма мæ дæуæй хуыздæр сиахс кæм хъæуы, — йæ маст ракалдта ус. Лæппуйы дæр ма æндæр цы хъуыд... Абырджытæ-марджытæ Заманхъулы сæрмæ Кæрдойы комы дымæджы Берозты Тотрадзы æрбаййæфтой. Хъом ривæд кодтой бæлæсты бын. Тугмондаг æхсæз барæджы сæ бæхтыл æркафыдысты мæгуыр хъомгæсы алыварс. Дзурынц æм иронау æрдæгцъæррæмыхстытæй. — Мах чындзхæсджытæ стæм. Цом немæ Кæсæгмæ! — Æз хъомгæс дæн, нæ кæсут мæ хъоммæ — ривæд кæнынц. Чындзхæссæгæн уын нæ бæззын. Мæ мæгуы- рыл мæ ныууадзут... Лæппутæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой... Ома цы йæ фæрсæм. Дыууæйæ йæ фæрсты бацыдысты, фæгуы- быр æм кодтой, йæ цæнгтыл ын фæхæцыдысты æмæ йæ усгур лæппуйы фæсарц йæ цъæх бæхыл авæрдтой. Стæй йæ басылыхъæй æрбастой æмæ хъулгъайы æрдæм фæцагайдтой. Тотрадз фæуыргъуыйау. Цы уавæры бахаудта, уымæй йæхи фæрсы, ай цы у, зæгъгæ. Стæй ныууынæргъыдта æмæ катайы бацыд: «О, мæ худинаг! О, мæ кæуинаг! Фысы ласт мæ кæдæмдæр фæкæнынц. Ирыстоны ма уымæй худинагдæр, аллайагдæр исты ис». Æмæ хъуы- ды кæны, мадзал агуры йæхи феуæгъд кæнынæн. Йæ рахиз къух сусæгæй басылыхъæй сласта. Бæхæн ды- ууæ барæджы уæззау сты, æмæ фæсте зайы. Тотрадз ын йæ æгъдтæй йæ фæрстæ тынгæй-тынгдæр æлхъивы — хæххон фæндæгтыл цæугæйæ сæ тых бацыд æмæ ныр
^^^^^^^^^^^^^^^\ 87 бахъуыд. Йæ фæснахæй йæм йæ цуанон кард, æз дæр ам дæн, цыма дзуры, афтæ йæм кæсы. Иу гыццыл ма, иу гыццыл... Æнхъæлмæ кæсы, разæй чи цæуы, уыдон сæ бæхтæ кæд фæцагайдзысты, уымæ. Æмæ мæнæ æр- цыд рæстæг. Кæнæ мæлгæ, кæнæ цæргæ! Мæлгæ дæр æгады мардæй нæ! Фæснахæй кард фæцъортт ласта æмæ дзы тыхгæнæджы зæрдæ фæсонты ’рдыгæй ныр- рæхуыста. Рохтæ ацахста. Йæ хæцæнгарз ын æрбайста, хъатара фæлыг кодта æмæ лæджы зæхмæ арæцыгъта. Йæхæдæг саргъыл бабадт æмæ бæхы фæстæмæ фездæх- та. Фæцагайдта йæ. Цалынмæ бæхы къæхты тъæбæртт нæ райхъуыст, уæд- мæ йæ зонгæ дæр нæ бакодтой. Стæй гуыпп-гæрах сарæх. Абырджытæ ма се ’мбалы, мард у æви удмидæг, абæрæг кодтой, стæй йæ фæуагътой, фондзæй дæр Тотрадзы фæ- дыл бафтыдысты. Æхсынц æй. Фæцæф, фæлæ уæддæр тындзы, цы бæласы бынæй йæ сыстын кодтой, йæ сихор æмæ берданкæ аууоны ауыгъдæй кæуыл баззадысты, уы- рдæм. Кæд æм хъæуы адæм фæдисы рацæуиккой. Æрбахæццæ йæм. Бæхæй æргæпп ласта. Топп æмæ хъатара — йæ къухты. Бæласы бын æрхуыссыд. Æмæ йæм фондз барæджы куыд хæццæ кодтой, афтæ сæ къæрцц кæны. Зæронд цуанон æхсын нæ зыдта, æви... Маргъы цæст куы нæ ивгъуыдта. Фондзы дæр сæ бæх- тæй фæд-фæдыл раппæрста. Заманхъулы хъæубæстæ топпы гæрæхтæм фæфæдис сты. Хъуысаты Хъасай — сæ разæй. Тохы бынатмæ куы схæццæ, уæд æм Тотрадз бæласы бынæй йæ туджы мæц- гæйæ дзуры: — Хъасай, мæнæй пайда нал ис, фæлæ мæ сабитæ — де уазæг. — Кæд дæ къухы ницы бафтыд, уæд дын дæ сывæл- лæтты уынгмæ расурдзынæн, дæхи та дын фаджысы ба- ныгæндзынæн, — тызмæгæй йæм сдзырдта Хъасай. — Акæс уæртæ тъæпæнмæ.
88 у^^^^^^^^^^^^^^ Хъасай акаст, Тотрадз ын кæдæм амыдта, уырдæм, æмæ дзы æхсæз бæхы уæгъдуидонæй хызтысты. — Уынын сæ, уынын, Тотрадз. Тыхгæнæгæн афтæ хъæуы, — дзуры йæм Хъасай... Фæлæ бæласы бынæй ны- хас нал райхъуыст. Хъасай æрхызт йæ бæхæй æмæ Тотрадзæн йæ цæсты- тыл æрхæцы. Уæдмæ иннæ фæдисæттæ дæр схæццæ сты. Хъасай сæ размæ рацыд, хъыггæнгæйæ сын загъта: — Хъæбатыры мардæй фæмард Тотрадз, мæ хъæубæ- стæ. Зарæджы аккаг у, фыдгæнæгæн аккаг ныхкъуырд радта, æхсæзы дзы йæ разæй барвыста. Сисут æй æмæ йæ нæ уæлмæрды кадимæ баныгæнæм. Йæ цот та ме ’вджид фæуæнт. Уыцы цауыл бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ заман- хъуйлæгтæ зарæгимæ раулæфыдысты Берозты хъæба- тыр Тотрадзы ном. Бахæццæ йæ кодтой Тырсыгоммæ дæр. Айстой йæ ирон адæм иууылдæр. Зарынц æй иро- нау æмæ дыгуронау дæр. Зарæджы ныхæстæ алы ран уыдысты æмæ сты алыхуызæттæ. Æрхæсдзынæн дзы иу вариант. Зары йæ зындгонд зарæггæнæг, заманхъуйлаг Бæцæзаты Юрæ. Уый куыд зæгъы, афтæмæй йын йæ ныхæстæ æмæ мелоди дæр скодта йæ фыды фыды æф- сымæр Бæцæзаты Габли. Берозты Тотрадзы зарæг Ой, тох, æмæ хæхбæстæй быдырмæ куы рараст вæййы, Ой, ой Берозы-фырт Тотрадз, загъта, ой, Цæуон быдырмæ мæ сабитæн хор агурæг, загъта, ой. Ой, ой æмæ мæгуыр хæххон лæг далæ Заманхъулмæ куы ’рхæццæ вæййы. Ой, ой, Ныхасы зæрæдты куы бафæрсы, зæгъы, Ой% ам Хъуысаты Хъасай кæцы ран цæры, загъта, ой.
;^3^^^3^^^3^^^^ 89 Ой, тпох æмæ Берозы-фырт Хъасаймæ куы бадзуры, уæдæ Ой, ой, мæ сабитæ де уазæг, загъта, ой, мæ сабитæ Де уазæг, мæ сæр дæ нывонд, хорз Хъасай, ой. Ой тох, æмæ дæлæ нын, зæгъы, Кæрдойы комы хæст æстынг ис, лæппутæ. Ой, ой æмæ, зæгъы, цы уыдзæнис, ой, Кæрдойы комы хæст æстынг ис, лæппутæ. Ой, ой æмæ уæртæ нын, зæгъы, чындзхæсджытæ æрбацæуынц, ой, Тотрадз! Ой, ой, уыдон, зæгъы, чындзхæсджытæ куы не сты, уæдæ. Ой, уыдон, зæгъы, мæ удхæсджытæ куы стъи ой, ой тох!.. Берозты Тотрадзы дыууæ фырты Хъуысаты Хъасай бахъомыл кодта хи цотау. Уыдон бинонтæ скодтой. Куындыхаты Муссæ ирон адæмы Туркмæ алидзынæй куы сæрра кодта, уæд уыдон дæр йæ фæдыл ацыдысты. Сæ байзæддаг абон дæр цæры Турчы зæххыл. Мах, ирон адæм, абон, нæ рагфыдæлтæй чи фæхи- цæн, уыцы скифты, сæрмæтты, аланты фæдтæ агурæм Дард Хурыскæсæнæй Европæйы Хурныгылæн бæстæ- ты онг. Нæхи буц куы кæнæм сæ тохты сгуыхтдзинæд- тæй, Англисы къарол Артурæй, сæрмæттæй кæй уыд, уымæй. Уæд нæм цæуылнæ хъары, Хуыцау бахизæд, фæлæ ирон æвзаг куы нал уа, уæд уыдон дæр æмæ мах дæр кæй ничиуал агурдзæн, кæй никæй уал хъæудзы- стæм, уый.
90 у^^^^&^^^^^^^^^^^^ Æнæбасæтгæ Æцæг хабар Ссæдзæм æнусы фæндзайæм азты скъоладзаутæй сæрдыгон куыстам Ногхъæуы Цæлыччы-фырты номыл колхозы быдырты. Сусæны мæйы иу æнтæф бон сихо- ры фæстæ, цалынмæ хур фæкъул уа, æмæ йæ уыраугæ тынты тых чысыл фæсæтта, уæдмæ кауынкъул мæнга- гъуысты бын сатæджы нæ фæллад уагътам. Хъæуæй цы зындгонд адæймæгтæ рацыд, уыдоны кой нæм æрхауд, не ’мбæлттæй нын иу йæ æмдзæвгæ куы бакаст, уæд. Иннæ йæ «поэт Дзаболов» кæй рахуыдта, уымæ гæсгæ сæвзæрд фарст: «Дзаболов та чи у?» «Уый поэт Дзаболаты Хазбийы тыххæй абады ахæм ном, æмдзæвгæтæ фыс- сын чи райдайы, уыдоныл, — ныхас йæхимæ айста хи- стæртæй чидæр. — Нæ хъæуккаг у, ам ахуыр кодта, ныр Уæлладжыры комы æрзæткъахæнты кусы. Æмдзæвгæтæ фыссы, цæуынц ын газетты, журналты. Не скъолайы куы ахуыр кодта, уæд дæр фыста. Æмæ уæдæй нырмæ, æм- дзæвгæтæ чи фæфыссы, ууыл уайтагъд абады ном «поэт Дзаболов». Уый фæстæ ныхас рацыд Цæлыккаты инæлар Хъантемыры тыххæй. Куыд хъæбатыр æмæ уæздан адæй- маг уыд! Украинæйы зæххыл фашисттимæ тохы куы фæ- мард, уæд, кæд хæст нырма йæ тынгыл уыд, уæддæр ын йæ мард йæ райгуырæн Ирыстоныл сæмбæлын кодтой. Ахæм кад ын уыд уæлдæр командирты ’хсæн. Хуымæтæджы йын йæ номыл нæ рахуыдтой поселок æмæ хъæуы колхоз дæр.
«Цæлыккатæм инæлар уыд паддзахы рæстæг Уырысы æфсады дæр, — сдзырдта хистæртæй чидæр — Уæрхæджы фырт Данелбег». Æмæ та мах — кæ- стæртæ — æппæтæй дæр хъустæ фестадыстæм. Болгарийы зæххыл Туркимæ хæсты уый цы диссаджы хъæбатыр- дзинад равдыста, стæй йæ хъæубæстæн, йæ мыггагæн цы хæрзты бацыд, уыдонмæ хъус æмæ хъус. Уæд базыдтон, цы скъолайы ахуыр кодтам, изæрыгæтты кинонывтæ уы- нынмæ цы клубмæ (раздæр мæзджыт уыд) цыдыстæм, уыдон дæр Данелбеджы хъæппæрис æмæ хардзæй арæзт æрцыдысты. Уæд фехъуыстон, дæлдæр уын цы цымыдисаг хабар ракæндзынæн, уый дæр. Хистæртæй нын æй чи радзы- рдта, уый нал хъуыды кæнын. Иæ архайджыты нæмттæ дæр нал хъуыды кæнын, фæлæ дзы хуымæтæг ирон зæх кусæг лæг цы стыр лæгдзинад равдыста, уый мæ зæрдæ мæ афтæ арф ныххызт, æмæ йæ абон дæр нæ рох кæнын. Цæвиттон, 1887 азы уырыссаг æфсады булкъон, Туркимæ хæсты Хъæбатыр Цæлыккаты Уæрхæджы фырт Данелбегæн (Дженайæн) лæвæрд æрцыд инæ- лар-майоры цин. Уый фæдыл йæ райгуырæн хъæуы уыд номыл æмæ дзуринæгты дзуринаг стыр куывд. Хъæугуывд нæ, фæлæ æппæт Ирыстонæй æмæ ма сыхаг адæмтæй, стæй Уырысы æфсадæй хуынд адæм — цыты уазджытæ кæдæм æрцыд, ахæм. Хъæуы астæу фæзы адæмæй фезмæлæн нæ уыд. Алыхуызон аив къаретæты æмæ саргъы бæхтыл саккаг кодтой алыхуызон уазджытæ. Æфсинты фезмæлдыл цæст нæ хæцыд: сылгоймагæй, нæлгоймагæй сæхи хъардтой хуыздæр балæггад кæ- ныныл, цыты уазджыты раз сæ хъæбатыр æмæ уæздан æмхъæуккаджы сбуц кæныныл. Фынгтæ кæм равæрд- той, уырдыгæй иуварс егъау æрхуы агты пæлхъ-пæлхъ- æй фыхтысты, цы галтæ æмæ фыстæ аргæвстой, уыдоны фыдтæ. Фæзыл уылæнтæ кодта физонджыты хъæрмыс. Сылгоймæгты ’рдыгæй хаста хæбизджынты æмæ ирон
92 у^^^^^^^^^^^^^^ фыдджынты хæрздæф. Фысымты кæртæй хъуыст фæн- дыры зæрдæисгæ цагъд æмæ фæсивæды хъæлдзæгдзинад. Уæдмæ лæггадгæнджытæ фынгтæм базылдысты хæрд æмæ нозтæй. Æмæ адæм рабадтысты дзаг фынгтыл хи- цæнтæ-хицæнтæй: цыты уазджытæ æмæ хъæздгуытæ — иу ран, иннæтæ — æндæр дæргъæй-дæргъмæ фынгтыл. Цæст сыл не ’ххæссыд, æрыгон лæппутæ сæ рахиз фæр- сты цырагъау уырдыг лæууыдысты. Иуахæмы фынгыл бадтысты алыхуызон адæм. Семæ — раздæры зындгонд абырæг, рахонæм æй Дзахо. Уый цардфæлтæрд уыд, бирæ федта, бирæ хæтæнты фæхатт Кæсæгæй, зæгъай, Цæцæны, Мæхъæлы, æмæ йæм хуымæтæг адæм цымы- дисæй кастысты. Сæ цæст ыл æрæвæрдтой. Иу чысыл куы бахъæлдзæг сты, уæд æй цæмæйдæрты фæрсын дæр райдыдтой æмæ йын йæ ныхасмæ уæлдай фылдæр æргом здæхтой. Уæд ын хистæртæй чидæр афтæ куы бакæнид: — Дзахо, дæ кой дын рагæй хъусæм. Мæгуырты хъæздгуытæн æфхæрын нæ уагътай. Зонæм æй: бирæ тæссаг фæндæгтыл фæцыдтæ, тыхы сæр дæр дæ-иу ба- хъуыд, æмæ дæ искуы исчи басаста? Исчи дыл ныфсæй, хъаруйæ фæтых? Дзахо, ахæм фарст æм исчи ратдзæн, уый æнхъæл нæ уыд, æмæ иудзæвгар ницы сдзырдта. Бæрæг уыд, кæй ныхъхъуыды кодта, уый. Стæй иуахæмы арф ныуулæфыд æмæ сдзырдта: — О, фæтых мыл хуымæтæг ирон зæхкусæг лæг. Басаста мæ. — Оу-уа! Уый та куыд? — уый æнхъæл ын нæ уыд, фарст чи радта, уыцы зæронд лæг, æмæ иуæй йæ бафар- стыл фæфæсмон кодта, иннæмæй, æнæбасæтгæ абырæгыл дæр чидæр кæй фæтых, уый йæм хардзау фæкаст. — Уый уыдис афтæ, — райдыдта Дзахо. — Иу сæр- дыгон мæйрухс æхсæв Кæсæгæй фæцæйцыдыстæм Мæхъæлы ’рдæм. Мæ къорды бирæ нæ уыдыстæм.
Фылдæр — мæхъæлæттæ. Æрджынарæгæй нæ фæндаг акодтам Зилгæйæ Бæтæхъойыхъæуы ’хсæн быдырты. Иу уæлвонг ран æррæсæн кодтам. Нæ бæхтæ хизыныл баф- тыдысты, мах дæр нæ хæлц — хæссинæгтæй фæсахсæв- æр скодтам æмæ нæхи цъæх нæууыл æруагътам. Бонмæ бирæ куы нал уыд, уæд нæ бæхтæ æрæмбырд кодтам æмæ, куыддæр дарддæр фæцагайæм, зæгъгæ, афтæ Бæтæхъойыхъæуы ’рдыгæй æрбацæйцæугæйæ суыдтам иу барæджы. Мæйы рухсмæ тæмæнтæ калдта йæ урс бæх. Раст цыма ирон симды симдта, уыйау рог æмæ аив уыд йæ акъахдзæф. Схъæлбæрзæй æмæ уарий- ау цырддзастæй каст размæ. Йæ цæфхæдтæ-иу дуртыл куы сæмбæлдысты, уæд-иу сæ дзæхст-дзæхст æгуыппæг уæлдæфы азæлыд. Барæг йæ уæлæ Уастырджийы хуы- зæн зынд, раст цыма тæхгæ кодта, уыйау-иу ын йæ ны- мæт дыууæрдыгæй рог дымгæ базыртау хæрдмæ систа. Иудзæвгар æм иууылдæр æдзæмæй кæсгæйæ баззады- сты, стæй чидæр сдзырдта: «Гъе, уый дын бæх!» «Бæх нæ, фæлæ — æфсургъ, — бафтыдта иннæ. — Лæгау-лæг ахæмыл хъуамæ бада, ахæмыл!» «Ауадзæн ын нæй!», — загъта æртыккаг. Æмæ иууылдæр æмвæндæй йæ размæ фæцагайдтам. Йæ фæндаг ын æрлыг кодтам. Лæг йæ бæх æрурæдта, лидзыны фæнд æм æппындæр нæ уыд. Бæрæг уыд, тæрсгæ нæ, фæлæ хæстмæ йæхи кæй æрцæт- тæ кодта, уый. Йæхи хæрдмæ сæлвæста, йæ рахиз къух хъамайы сæрыл авæрдта. Æз æй бамбæрстон æмæ йæм æввахс никæй бауагътон. Дардæй йæм дзурын: — Дæ бæх радт, æмæ дæ ауадздзыстæм, дæ саргъ дæр ма дын ратдзыстæм. — Ауадзут мæ мæ фæндагыл. Мæ бæх мæ бинонты дарæг у, æмæ уын æй куыд радтон? — загъта барæг, иу- дзæвгар ахъуыды кæнгæйæ. — Дæ бæх фæллад хайуаны каст нæ кæны, ифтыгъд бæх ахæм нæ вæййы. Саргъы бæх кæмæ ис, уый та мæгуыр нæу. Ис ма дæм æндæр бæхтæ дæр, æвæц- цæгæн. Дæхицæн фыдбылыз ма къах.
94 /^^^^^^^^^^^^^^^^ — Раст нæ дæ. Иунæг бæх мын у. Знон дæр ма йыл хъæдæй суг æрластон. Стæй йæ цынадтон, бафсæ- стон. Мæхæдæг дæр иу чысыл афынæй кодтон, ныр та Хуымæллæгмæ мæ каистæм цæуын. Чындзæхсæв сæм уыдзæн райсом, фæкæсын сæм хъæуы, æмæ ацафон уымæн цæуын, боныцъæхтыл сæм куыд бахæццæ уон, афтæ. Ауадзут мæ, уæ Хуыцауы хатырæй. Ме ’мбал мæхъæлæттæй иу тæлтæг лæппу йæхи нал баурæдта, йемæ цы раныхас-баныхас кæныс, ныртæккæ йæ æз бæхæй раппардзынæн, зæгъгæ, йыл йæхи рауагъ- та. Иунæг бæлццон дзы йæхи сонтæй фæиуварс кодта, æмæ лæппу йæхæдæг сæрбихъуырæйттæ кæнгæ дæлæ нæууыл фæтулы. Æз барæгмæ æввахс никæйуал бауагътон, фæлæ мæхи басæттын — лæджы йæ фæндагыл ауадзын мæ сæрмæ не ’рхастон. Фæстагмæ бæтæхъойыхъæуккаг йæ бæхæй æрхызт, саргъы æхтæнгтæ суагъта, саргъ систа æмæ йæ иуварс дуры уæлæ æрæвæрдта. Стæй бæхы дæллагхъуыр бабы- рыд æмæ йын кæуын хъæлæсæй ныхæстæ кæны: «Ме ’фсымæр Æрфæн, мæхæдæг дæ байрагæй бахъомыл код- тон. Ехс дæм никуы систон, уæлдай хъæр дыл никуы скодтон. Дæ хæрд — хæрд, дæ дон — суадоны дон. Æмæ мыл гадзрахатæй никуы рацыдтæ. Уæхскуæзæй куыстам дыууæйæ дæр, иу цæды галтæ уыдыстæм æмæ бинонты дардтам. Ныр ныл мæнæ ам тыгъд быдыры бирæгътæ æрæмбырд сты, æмæ дæ æз уыдонæн удæгасæй нæ рат- дзынæн, фæлтау мæлæт хуыздæр». Йæ хъама кæрддзæмæй фæцъортт ласта, йæ ком йæ къухы мæйы рухсмæ ферттывта, стæй бæхы хурхы аны- гъуылд. Бæх ныххуыррытт кодта, йæ туг фæйнæрдæм ныссæххæтт ласта, стæй фæцудыдта æмæ къала бæласау æрфæлдæхт йæ туджы мæцгæ. Лæг йæ саргъы цурмæ бацыд æмæ ныхъхъæр кодта:
— Бирæгътæ!.. Рацæут æмæ сымах та мæн аргæвдут! Фæлæ мæ æнцонæй не ’рфæлдахдзыстут! Æз дæр уæ хъуамæ искæй мæрдтæм барвитон! Лæгдæр уæ чи у, уый ма мемæ хъамайæ схæцæд!.. Мах цавдцуртау нæ бæхтыл бадгæйæ баззадыстæм. Удисæг бæх æмæ мæлæтмæ цæттæ барæгæй нæ алчи- дæр йæ цæст нал æмæ нал иста. Мæй сыл йæ зæрин тынтæ луæрста, æмæ æрттывтой мæлæг бæхы цæстытæй, йæ туджы лæсæнтæй, барæджы хъамайы фæрстæ æмæ йæ ныхы хиды æртæхтæй. Мæнæ цы ныв ис нæ цуры! Мæнæ цы бакодтам, зæгъгæ, саст æмæ зæрдæрисгæ æнæдзургæйæ рараст стæм нæ фæндагыл. Лæджы уым ныууагътам йæ бæллæхы уацары. Сæрæгасæй. Фæлæ йæ куы амардтаиккам, уæд ын уый цыма æнцондæр уыдаид, афтæ мæм каст. Уымæ æрцæттæ кодта йæхи. Уый æн- хъæлæй раздæр амардта, «йе ’фсымæр æмæ йæ бинонты дарæг» цы бæхы хуыдта, уый. Нæ мæ рох кæны абон дæр уыцы цау, уыцы ныв. Йæ ныфсæй, йæ сæрыстырдзинадæй, йæ уды фидар- дзинадæй басаста мах, Кæсæджы, Ирыстоны, Мæхъæлы æмæ Цæцæны дæр кæмæй тарстысты, уыцы абырджы- ты, зæххы сой адæмы фынгтæм кæй къухæй цæуы, ахæм хуымæтæг ирон зæхкусæг иунæгæй. Æмæ уыцы хъуыд- даг ныууагътон», — балхынцъ кодта Дзахо. Кæстæр фæлтæр хистæр фæлтæры уавæр, сæ цардфæлтæрддзинад бамбары, йæхæдæг уыцы кармæ куы бахизы, æрмæстдæр уæд. Æмæ бирæ цæуылдæрты фæфæсмон кæны уæд!
96 /^^^^^^^^^^^^^^^ Мызæйы топпыхос Арæх ирон ныхасы фехъусæн вæййы, исты дын Гакъайы топпыхос у, зæгъгæ. Ацы дзырдбастæй чи пайда кæны, уыдон ын йæ равзæрдыл, чи зоны, хъуыды дæр нæ акæнынц. Нæ фыдæлтæ ма хæхты куы цардысты, хæцæнгарз æмæ кусæнгарз дæр фылдæр сæхи аразинаг куы уыд, уæд нæ хъæуты уыд дæсны куырдтæ, Куырдалæгонæн табу чи кодта, сæ ном нæртон Бидас æмæ Церекау зындгонд кæмæн уыд, ахæмтæ. Уыдоны арæзт дзывыртæ, гутæттæ, белтæ, агтæ, цæджджинæгтæ æмæ æндæр кусæнгæрзтæй цыд зæххы сой ирон лæджы хæдзармæ. Сæ конд æмæ æхсыст хæцæнгæрзтæй хъахъхъæдта йæ цæрæнбынат, йæ бинонты. Ирон куырдты топпыты хъæр арыдтой митсæр хæхты цъуппытæ. Алы хорз цуанон дæр йæ хъæргæнаг (цуанæтты æвзагыл топп) уыд йæ бинонты дарæг, æмæ йæ хъахъхъæдта цæсты гагуыйау. Удис ын йæхи хъæлæс. Уый та аразгæ уыд йæ хæтæлы дæргъ æмæ уæрхæй, уæлдайдæр та — топпыхосæй. Хæхтæм заводы уагъд топпыхос нæ хæццæ кодта, æмæ фæрæз кодтой æрдзон æрмæгæй — сондонæй фыхтой топпыхос. Уыцы хъуыддагмæ дæр зонд æмæ арæхстдзинад хъуыд. Алкæй къухы йæ хæрзхъæддзинад не ’фтыд. Уымæ гæсгæ-иу кæмттыл айхъуыст арæхстджындæрты нæмттæ. Уыдонæй уыд Гакъа дæр. Сондонæй æмæ æндæр æрмæджытæй цы топпыхос цæттæ кодта, уый-иу ахæм рæвдз, æнцонæй спæрт кодта æмæ æнцойдзинад лæвæрдта цуанонæн, арæпхъахъхъæнæгæп. Иæ уыцы æууæл адæмы зæрдæмæ
фæцыд æмæ дзы царды змæлды дæр абарынæн пайда кæнын райдыдтой. Исты дын Гакъайы топпыхос у, ома, афтæ рæвдз ын скæнæн нæй. Хуыздæр топпыхос уади Уæлладжыры комы сондонæй. Уымæ гæсгæ, ам дæр бирæ уыд дæсны лæгтæ, йæ топпыхосæй зындгонд чи уыд, ахæмтæ. Фæсхох Дзимыргомы дæр уыд Гакъайы хуызæн дæсны топпыхос амалгæнæг, Дзæццойтыхъæуы — Гуырцъыты Мызæ. Мызæйы тыххæй таурæгъ Гуырцъыты Никъойы фырт Данозы ныхæстæй 1965 азы Хæтæлдоны ныффыста ахуыргонд Цагъаты Анастасия æмæ йæ 1998 азы журнал «Мах дуджы» 10 номыры ныммыхуыр кодта. Даноз йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йын ацы хабар радзырдта Мызæйы кæстæр лæппу Смел. Смелыл уæд цыдис 150 азы, Данозыл та — 20-22 азы. Ацы историон таурæгъ æз дæр скъоладзауæй фехъуыстон Данозæн йæ фыд Никъойæ, стæй та — Гуырцъыты Антъон, Миран æмæ Цъубырæй. Фæлтæртæ йæ кæрæдзимæ лæвæрдтой, чи куыд дзырдарæхстдæр уыд, афтæ цымыдисагдæрæй. Сæ фæстагæттæ дис кæнын кодтой Мызæйы хъæбатырдзинадыл, йæ ныфсхастдзинадыл (иунæгæй абырджыты къордимæ куыд схæцыд), йæ зондыл (топпыхос йæхæдæг куыд кодта, хæцæнгарз аразынмæ куыд арæхст). Мæнмæ дæр сæвзæрын кодта диссаджы æнкъарæнтæ, бæлвырддæр хабæрттæ дзы зонын, æмæ сæ æфтауын, Цагъаты Анастасия Данозы ныхæстæм гæсгæ цы æрмæг ныффыста, уымæ. «Мах хохы цардыстæм. Дыууæ хъæуы уыдыстæм кæрæдзимæ хæстæг. Мах хъæу — Гуырцъыты хъæу, уый та хуындис Сачъынатæ. Сачъынатæ уыдысты гыццыл хъæу, — дзырдтой Даноз æмæ иннæтæ. — Фыццаг дуæрттæ фидар æхгæдтой. Бацæуæн-иу сæм нæ уыд. Фæлæ Сачъынатæм иу æхсæв æрцыди фыдгæнджытæ. Фыдгæнджытæй иу, изæрæй хъом мидæмæ куы кодтой, уæд хъомимæ куыддæртæй баирвæзт æмæ уым æрæмбæхст. *7
98 /^^^^^^^^^^^^^^^^ Адæм куы æрæнцадысты, уæд уый дуæрттæ бакодта, æмæ йе ’мбæлттæ æрбацыдысты. Бинонты сыхъал кодтой. Сæ дзыхтыл сын къæбæлтæ бакодтой. Къæбæлтæ уыдысты бæрзæймæ баст, æмæ сын ахауæн нæ уыди. Сæ къухтæ дæр сын фæстæмæ бабастой. Сæ мулк сын рамбырд кодтой. Бинонты сæ разæй акодтой æмæ ацыдысты. Æрмæст ма дзы иу чындз баззади. Кæмдæр хибарæй талынджы йæ сæр фаста æмæ тынуафæны тыны фæстæ æмбæхст. Афтæмæй аззади. Ныр мах та уæлдæр цардыстæм. Гуырцъытæй иу лæг Мызæ хуынди. Уымæн дыууæ усы уыди, æмæ дзы иу йæ цуры хуыссыди фосы раз, хъæуæй æддæдæр, Хъелы цæугæдоны фаллагварс. Цы чындз ма аирвæзти Сачъынатæй, уый йæм уырдæм æхсæвы тары хъæр кæны «Туайоны лæг, фæхасти нæ!» Мызæ йæ усимæ йæ фæллад уагъта хосы куыфы. Уайтагъд фехъал. Ус ын афтæ зæгъы: «Уый хæйрæг у. Ма йæм хъус. Сайгæ дæ кæны». Ахæм цаутæ, дам, цыд хæхбæсты. Фæлæ Мызæ йæ усмæ нæ байхъуыста, ратагъд кодта сæхимæ. Уаты дуары дæгъæлтæ нал ссардта, йæ цуанон топп уым уыди. Дуар асаста æмæ йæ топп раскъæфта. Дуары хъæрмæ йæ æстдæсаздзыд лæппу Парси сыхъал æмæ уый дæр ацыд йемæ фæдисы. Мырзæ хъуыстгонд лæг уыди. Расырдта абырджыты æмæ, рагъмæ куы схæццæ сты, уæд сæ мидæмæ комы багæрах кодта. Тыхгæнджытæй Басил, зæгъгæ, Мызæйæн йе ’мсиахс уыд. Уый йæ бамбæрста, уый, дам, Мызæйы топпы хъæр у, æмæ нæ æвыдæй нæ ныууадздзæн. Асырдта сæ Мызæ, æмæ комы куыд фæхæрд кодтой, афтæ сæ баййæфта. Ныр бон дæр рухс кæнын райдыдта. Парсийыл та урс цухъа уыд, æмæ йæм дзуры Мызæ: «Дæхи бааууон кæн, арвы рухсмæ дæ ныццæвдзысты». Йе ’мсиахсы фæрсты куы суади Мызæ, уæд æм йе ’мсиахс æхсаргард фелвæста. Мызæ йæм дзуры: «Ма мæ ныццæв! Кæд мæ нæ уадзыс, уæд та фыццаг цæфы бар
дæу фæуæд, фæстаг цæфы бар та — мæн!» Басил ын йæ уæхск ныцъцъыкк ласта, æмæ йæ рæуджытæ уырдыгæй сзындысты. Уæд ын Мызæ йæ бæрзæй ныцъцъыкк ласта æмæ йын уыцы иу цæфæй йæ сæр ахауын кодта. Сæр малмæ ныттылд, гуыр уым баззадис. Уæд загъта Мызæ, уæдæ уæ иу дæр удæгасæй нæ ацæудзæн! Фæсвæдмæ йæхи баппæрста. Æхсын сæ райдыдта. Йæ лæппу дæр ын куыд нæ æххуыс кодтаид, æмæ дзы дыууадæс лæджы фæмард кодтой, цыппары та дзы удæгасæй æрцахстой. Уалынмæ фæдис дæр стыхджын, æмæ иннæтæ алыгъдысты. Мызæитæ бинонты дæр, фос дæр уыцы цыппар лæгимæ фæстæмæ раздæхтой. Фæдис куы схæццæ сты, уæд сæм дзуры: «Хæцут мыл, мæ бон нал у!» Адæм йæ дæлæрмтты бацыдысты æмæ йæ сæхимæ æркодтой. Мызæйæн йе ’фсымæр хъæуккаг хосгæнæг уыди æмæ йæ дыууæ къуыримæ сдзæбæх кодта. Уыцы хъуыддаджы тыххæй Мызæйыл зарæг дæр уыд. Ницыуал дзы хъуыды кæнын ацы ныхæстæй фæстæмæ: Науысхъеуы, дам, иунсег арс и, Фæдисы Мызæйæн Йемсе — иунсег Парси». (Науысхъеу — хъæуы ном). Цард цыбыр у, фæлæ дзы адæймагæн бирæ цыдæртæ бантысы хорзæй, адæмы хорздзинадыл куы хъуыды кæна, уæд. Æвзæрæй, æрмæст йæхиуыл куы уа, уæд.
100 /^^^^^^^^^^^^^^ Æнусты фæлтæрддзинад Библийы «Рагон фæдзæхст»-ы фыст ис: «Хуыцау Зæхх æмæ Арв сфæлдыста 6 мины размæ». Ахуыргæндтæ та зæгъынц, Зæхх равзæрд 1,5 миллиард азы размæ, Дунеон срæмыгъды фæстæ. Дæсгай минтæ та йыл цæрынц адæм. Уымæн ирд æвдисæнтæ сты археологон æрмæджытæ. Библи ныффыста дзуттæгты зондджын, зонынджын æмæ куырыхондæр паддзах Соломон. Хъуыраны Соломон у Сулейман, Авраам — Ибрагим, Моисей — Мусæ, Есо Чырысти — Иса. Соломонмæ Хуыцауы комы тæфæй уый бæрц хæццæ кодта, æмæ суанг йæ ном дæр дзут- тæгты æвзагыл амоны фарн. Дзырд салам дæр уый но- мæй равзæрд, æмæ кæрæдзийæн салам куы фæзæгъæм, уæд кæрæдзийыл фарн æфтауæм. «Мæнæ иронау куыд у: «Фарн ам уæд», «Фарн уæ хæдзары», «Фарн уæ ныхасы» æмæ афтæ дарддæр. Соломон, цæмæй йæ адæм кæрæдзийы хъæр бамбæр- стаиккой, уый тыххæй сын ацы чиныджы фылдæр хайы бамбырд кодта рагон адæмты: шумерты, Вавилоны æмæ суанг нæ ариаг рагфыдæлты цардфæлтæрддзинад, адæ- мон сфæлдыстады алы хуызтæ. Уæлдайдæр та — æм- бисæндтæ. Мах ирæттæ дæр дзы уымæн уынæм нæхи æмбисæндтæ, нæ зондахасты хицæндзинæдтæ. Кадджытæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ дæр цардæй равзæргæ сты, кæйдæр цардфæлтæрддзинад æвдисынц. Фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнын та хорзы нысан у. Æмæ хъуамæ мах куыдфæндыйы цæстæй ма кæсæм суанг нæ
^^^^^^^^^^^^^^ч 101 кæрæдзийы фæлтæрддзинадмæ дæр. «Нæ зонын, мæ бон, мæ фадат нæу», — зæгъынæй æнцондæр ницы ис. Бердзенаг ахуыргонд математик æмæ механик, сакъ- адах Сиракузæты (сакъадах Сицили) цæрæг Архимед (цард нæ азнымады размæ 287-212 азты), афтæ чи загъ- та: «Цæуыл æрлæууон, уый мын ссарут, æмæ æз Зæхх йæ бынатæй фезмæлын кæндзынæн», уый та гидроста- тикæйы бындурон закъон рахатыдта ваннæйы йæхи най- гæйæ. Фырцинæй уæд ныхъхъæр кодта: «Эврикæ!» Ома, ссардтон. Æмæ «Эврикæ» уæдæй абонмæ зæлы дунейы æппæт æвзæгтыл дæр. «Эврикæ» ваннæйы хуымæтæджы нæ райгуырд. Архимед йæхи найгæйæ дæр хъуыды кодта гидроста- тикæйы бындурон закъоныл, æмæ йын уым æххуысгæ- нæг фæци дон, уæлæмæ йæ кæй сласта, æрмæст уымæй нæ, фæлæ йын арфдæр ныхъхъуыды кæныны фадат рад- та, йæ хъуыдытæ иу нучы ауадзæгау иу ранмæ цæхгæр сарæзта æмæ, цы агуырдта, уый ссардта. Дон хуымæтæг буаргъæд нæу. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ уый цард нæй — уый фæрцы зæххæй исæм царды- хос, тыллæг. Уый бæлвырд у, фæлæ ма йын ис æндæр хорздзинæдтæ дæр. Дон нæ сыгъдæг дары: цы буарæй, цы дзаумайæ. Уый нæ, фæлæ ма нын сабыр кæны нæ нервытæ, фæлтæры нæ уæнгтæ. Дæ сæр куы рисса, уæд иу чысыл цæугæдоны кæнæ цады, суадоны был абад, дæ цæсгомыл дзы скал, сæрдыгон дзы дæхи цынай, кæнæ дæ къæхтæ ауадз, æрмæст дæ къухтæ дзы куы ныхсай, уæд дæр дын фæахъаз уыдзæн. Дæ цæстытæ куы бафæл- лайой, уæд сыл уазал дон скал æмæ сæ æнцондæрæй ракæсдзынæ. Истæуыл куы тыхсай, дæхицæн бынат куы нæ арай, уæд дæр афтæ бакæн, æмæ дын фенцондæр уы- дзæн. Ахæм фадат дын куы нæ уа, уæд ваннæйы дон — дæ хос. Дæхи æндæр хуызы банкъардзынæ, сæры магъз хуыздæр кусын райдайы,раст цыма мигътæ арвæй сæхи айстой, æмæ дæ сæрмæ раирд ис, уыйау.
102 /^^^^^^^^^^^^^^^^ Дон нæ уарзы, чъизи йæ кæнай, уый. Нæ фыдæлтæ цæугæдоны, цады бырæттæ нæ калдтой, чъизи ми дзы нæ кодтой. Уый хуымæтæджы нæ уыд. Хуымæтæджы нæ куывтой Донбеттырмæ, доны чызджытæм, доны бардуаг Доффамæ, Дон дæр тæргай кæнын зоны æмæ йæ хорз- дзинæдтæ æмбæхсын райдайы. Хæринаг цахæм доныл скæнай, ахæм хæрзад дын уыдзæн. Æмбисондæн ирон бæгæныйы хæрзад хастой. Уырыс æй куы базыдтой, уæд ам Ирыстоны ирон лæгтæн фы- цын кодтой бæгæны æмæ йæ ластой Бетъырбухмæ. Стæй ныхъхъуыды кодтой: бæгæны цæмæн ласæм, бæгæныфыц- джыты аласæм, нæхимæ хор ис, хуымæллæг дæр, æмæ бæгæны уым фыцæнт. Афтæ бакодтой. Фæлæ сæ бæгæны Ирыстоны фых бæгæныйау хæрзад нæ уад, æмæ йæ ныу- уагътой. Уымæн йæ аххос уыд дон, Ирыстоны хæхтæй цы дон кæлы, уый хæрзхъæддзинад. Ахæм æрдзон лæв- ар нын ракодта Хуыцау, æмæ йæ цæстыгагуыйау хъахъ- хъæдтой нæ фыдæлтæ. Ныр та... Ныр та ма нæ цæугæ- дæтты Бынаты бардуаджы фынджы фæлхæрттæ дæр ка- лæм. Худинаг æмæ аллайаг! Цыбыр ныхасæй, дон цы цъайæ нуазыс, уым ма ту кæн, цы цæугæдоны, цады был цæрыс, уый ма чъизи кæн, æмæ дæ цæмæн хъæуой, уымæн æдзухдæр бæззой. Алы дин дæр у политикæ æмæ адæмыл ахады алы- хуызон, кæй къухты ис, уымæ гæсгæ. Кæмæн у йæ адæмы хорздзинадæн кæмæн — йæ паддзахады фидард- зинадæн, кæмæн та, йæхи пайдайæн.
^^З^в^Э^^^^в^^к ЮЗ Рагбонты фыстæджытæ Новеллæ Дыу^æизæрастæу. Тамарæ йæ изæры зылдтытæ раджы фæци. Йе скъоладзау чызг æмæ лæппуйы фæсхæрд сæ уроктыл бафтыдта, рæвдауæндоны кары лæппу та йæ ног хъазæнæй хъазыныл балæууыд. Гъе æрмæст ма йæ сæ- рыхицау Сосланмæ у йæ каст. Йе ’мкусджытæй кæмæн- дæр йæ райгуырæн бон у, æмæ фæстиат кæны. Тамарæ дæр хæдзары зылдтытыл йæхи ирхæфсы, цотмæ йæ цæст дары. Сосланæн æхсæвæр раджы æрцæттæ кодта. Куы ’рбацæуа, уæд ын æй ахъарм кæндзæни. Цыфæнды цæлы фынгыл дæр фæбадæд, уæддæр сæхимæ къофи кæнæ цай ма бацыма, уымæн уæвæн нæй. Тамарæйæн уый дæр æхсызгон вæййы: æгайтма йæ хæрд, йæ нозт æгъдауыл у, уæдæ ма йын Сослан йæ къухты конд хæринаг дæр æрца- гуры. Адджынæн, хæрзадæн дзы саходы. Тамарæйæн йæ цæстытыл ауадысты сæ уарзты раг- бонтæ, æмæ йæ мидбылты бахудт. Диваныл йæхи æруагъ- та, æгæрон цины уылæнтæ йыл æрбакалдысты, базыртæ йыл басагътой, æмæ ма цымæ уымæй амондджындæр зæххыл исчи уыд! Уыцы дзæнæтон уавæры йыл рæстæг куыд атахт, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта, афтæ дын сæ телефон куы ныззæлланг кæнид. — Алло, алло! Тамарæ дæ? — райхъуысти сылгой- маджы хъæлæс. — О, о! Тамарæ дæн. Ды чи дæ? Бахатыр кæн, нæ дæ базыдтон.
104 у^^^^^^^^^^^^^^ — Чи дæн, чи, куы зæгъай, уæд дæ лæджы æмку- сæг. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, уæхимæ нæма ис. Райгуырæн боны фæдыл фынджы фæстæ йæхи æндæр сылгоймагимæ ирхæфсы. Тагъд нæ уыдзæн. Дæумæ йæ нæма ’вдæлы. — Тугтæ йыл ма мыс! Хъахбай, цыдæр! — фæрæвдз Тамарæ. — О, о! Кæд дæ нæ уырны, уæд ма йын-иу йæ пид- жаччы дзыппæй былтæахорæнæй амæстæй йæ фын- дзыкæлмæрзæн сис! — ууыл аскъуыд йæ ныхас, æмæ телефоны бипп-бипп райхъуыст. Тамарæ сагъдауæй аззад, стæй дзы хъæрæй сирвæзт: — Нæ! Уымæн уæвæн нæй! Сывæллæттæ йæм се ’ргом раздæхтой, йæ цæстæнгас сæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ йыл чызг йæхи æрбауагъ- та, æна, цы кæныс, зæгъгæ. Мад æй æрбахъæбыс кодта: — Ницы, ницы, мæ дзыккакъах чызг. Дæ уроктæ конд фæдæ? Тагъд уæ фыд дæр фæзындзæн æмæ уын сæм уый æркæсдзæн. Æз уæ æххæст райсоммæ ацæттæ кæнон. Йæ цоты уæлæдарæсмæ зилгæйæ йæ сæрæй нæ хицæн кодтой уыцы сылгоймаджы ныхæстæ. Нæ, нæ, æз цы Сосланы зонын, уый ахæм нæу, зæгъгæ, йæхицæн ныф- сытæ æвæрдта, уыцы хъахбай нын нæ æнгом цард халын сфæнд кодта. — Ницы йын дзы рауайдзæн! — сдзырдта та хъæрæй. — Мæн ахæм ныхæстæй нæ асайдзысты, нæ мæ сæрра кæндзысты! Чысыл фæстæдæр сæ фатеры дуары гуыпп фæ- цыд, æмæ Сослан мидæмæ æрбахызт. Тамарæйыл цыма хъызт бон хур ракаст, уыйау фæци. Йæ размæ цингæнгæ рауад сæ кæстæр лæппуимæ. Ай-гъай, чысыл раздæр ма йын телефонæй, æндæр сылгоймагимæ ис, зæгъгæ, куы дзырдтой. — Æгæр та афæстиат дæн, не ’фсин, æмæ хатырæй уæд, — сдзырдта Сослан. — Æгъдау та мæ æрцахста. Нæ куысты фылдæр сылгоймæгтæ сты. Нæлгоймæгтæн дæр
^^в^^^в^^^в^^^ Ю5 сæ фылдæр фынджы æгъдауæй сæхи иуварс ласынц. Æ;з та — хъæууон лæппу, æгъдауы бахауын, æмæ дзы ануа- зын дæр фæхъæуы. Бинонтæ та кæрæдзи æрæмбæрстой, æрхъæрмуд сты æмæ дзы алчидæр йæ хуыссæн бацагуырдта. Тамарæ сæ æрбæстонтæ кодта, фæлæ йын уæддæр уыцы сылгой- маджы ныхас æнцой нæ лæвæрдта. Фатер куы нысса- быр, уæд рагъæнæй Сосланы пиджак райста æмæ йын йæ дзыппытæ асгæрста. Ахæм митæ йæ сæрмæ бæргæ нæ хаста, стæй Сосланыл ма æууæнд, истæмæй йыл дызæр- дыг кæн, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Ныр дæр йæ зæрдæ йæхиуыл худт, фæлæ йæ рæстдзинад базонын фæндыд! Пиджаччы галиу дæллаг дзыппы разынд фындзыкæл- мæрзæн. Хæрдмæ йæ дыууæ æнгуылдзæй сласта, хъавгæ йæ райхæлдта. Æргæвст галы тугæй амæстау разынд йæ иу хай. Æвиппайды Тамарæйы къухæй пъолмæ æрхауд. Æлгъ ыл кодта æмæ та йæ йæ дыууæ æнгуылдзæй систа. Сонтæй афæнд кодта йæ моймæ йæ бадавын... Фæлæ уый йæ сæрмæ не ’рхаста, стæй нозтвæллад лæг уайта гъд афынæй, æмæ йæ райхъал кæна, уый йын йæ цæст нæ бауарзта. Сослан ыл гадзрахатæй рацæуа, уый йæ ни- цыхуызы уырныдта. Æрмæст ын йæ рæстдзинад куыдæй райхала, куыд æй сбæрæг кæна, ууыл уыд йæ сагъæс. Бирæ фæрахъуыды-бахъуыды кодта, фæлæ ницы фæрæз ардта... Уалынмæ та йыл ногæй æрбакалдысты рагбонты мысинæгтæ. Сослан историон факультеты ахуыр кодта, Тамарæ та — филологион факультеты. Алы хъæутæй, алы рай- онтæй сæ сæ ахуыры фæндаг университетмæ æркодта. Кæрæдзи никуы федтой, цалынмæ стыр аудиторимæ иу- мæйаг лекцимæ нæ бацыдысты, уæдмæ. Уæд дæр къæ- сæрыл хæрхæмбæлд нæ фесты, зæгъгæ, уæд, чи зоны, абон иумæ нæ уаиккой, сæ цард нæ баиу кодтаиккой. «Нæ! Нæ! Хуыцау бахизæд æнæ Сосланæй цæрын», — йæ хъуыдытæй фæтарсти Тамарæ.
106 у^^^^^^^^^^^^^^^^^ *** Аудиторийы къæсæрæй мидæмæ бахизон, зæгъгæ, куыд загъта Тамарæ, афтæ йæ размæ фæци Сослан, ты- ргъмæ ма цæмæдæр фездæхт. Чызг ын фæндаг дæтты, лæппу та уымæн дæтты. Афтæмæй кæрæдзимæ фемдзаст сты æмæ сæ дыууæ дæр сагъдау аззадысты, кæрæдзимæ сдзурынхъом дæр нал фесты, ды ахиз, зæгъгæ. Уæдмæ Тамарæйы фæстæ мидæмæ цæуджытæ фæзынд, æмæ уый бахызт, Сослан та рахызт. Дыууæйæ дæр кæрæдзи фæ- стæ ракастысты æмæ та фемдзаст сты. Уыйадыл цыдæр æбæрæг хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ базмæлын кодтой æнæрцæф чызджы зæрдæ. Фæлæ сæ лекцийы рæстæг феуæгъд, æмæ та йæ раздæры гаччы абадт. Сослан ын уый фæстæ куыд дзырдта, афтæмæй лек- цийæ æмбаргæ дæр ницыуал бакодта, йæ хъуыдытæ иууылдæр уыдысты чызгыл: чи у, йæ фенын ма мын бан- тысдзæн, зæгъгæ, æмæ лекци куыддæр фæци, афтæ адæ- мы сæрты сæрбихъуырæйттæгæнгæ йæ разы февзæрд. Базонгæ сты... Æмæ уым диссагæй цы ис! Диссаг уы- дысты йе ’нкъарæнтæ, йæ бæллицтæ, йæ рæсугъд æгъдау. Уæгъд æй нал суагъта. Тамарæ йæхæдæг дæр... Ахæм лæппуйы чи нæ бауарздзæн, ахæм æнкъарæнтæм кæй зæрдæ нæ нынкъуысдзæн. Байгом ис чызджы зæрдæ... Æмæ йæ æрмæст йæ ныхæстæ, йе ’рхъуыдыджын митæ не ’фтыдтой дисы, фæлæ йæ фыстæджытæ дæр. Æцæг æм йæхæдæг йе ’нкъарæнты тыххæй никуы ницы ныф- фыста. Сослан та йын канд йæ сыгъдæг уарзт не ’ргом кодта, фæлæ ма — йæ дызæрдыг сагъæстæ дæр, уымæн æмæ-иу чызджы ахуырæй æмæ йæ мад æмæ фыдæй ал- кæд уымæ нæ равдæлд. *** Тамарæ Сосланы фыстæджытæй иу дæр нæ фесæфта, фембырд сæ кодта, æмæ ныр йæ зæрдыл куы ’рбалæууы- дысты, уæд сæ се ’вæрæн бынатæй райста æмæ сæ стыр хæзнайау стъолыл æрæвæрдта. Æрбадт бандоныл æмæ
сæ фæлдахы. Сæ фылдæр — æмдзæвгæтимæ. Иуахæмы йын лæппу афтæ дæр ма загъта: «Афтæ æнхъæлыс, æз филолог нæ дæн æмæ æмдзæвгæтæ фыссын нæ зонын? Уарзондзинад цынæ кæны!..» Фæлдахы фыстæджытæ, кæсы æмæ сæ кæсы. Сæ ныхæстæ йын рæвдауынц йæ зæрдæ. Цæмæн сæ райста, цы мæт ын сæ райсын кодта, уый дæр æй æрбайрох. Мæнæ иу цыбыр фыстæджы кæ- рон йæ цæстытæ ацахстой æмдзæвгæйы цыппар рæнхъы: Уарзтон дæ, уарзтон дæ, бирæ дæ уарзтон: Хурыл дæ, стъалытыл, зседтыл дæ барстон. Амæндты амонд дæ! — загътон мæхицæн. Уый æнхъæл чи уыд — фæуыдзыстæм хицæн?! Сæрды каникулты дыууæ мæйы кæрæдзи куы нал федтой, уæд æй ныффыста. Тамарæйæн йæ мад фæрын- чын æмæ йæ йемæ дохтыртыл рахау-бахауæй Сосланмæ кæм æвдæлд. Æвæдза, адæймаджы дызæрдыг сагъæстæ йæ быны куыд æвиппайды акæнынц. Тамарæ уый нырма уæд фыццаг хатт банкъардта, фыццаг хатт ыл ныссагъ- æс кодта, фæлæ йæм нырæй тынгдæр никуы бахъардтой Сосланы фыстæджы рæнхъытæ. Къулыл сахат дыууа- дæс амоны, фæлæ ма уæддæр Сосланы фыстæджытæй Тамарæйы йæхи атонын нæ фæнды. Хорз хъуыды кæны алы фыстæджы райст дæр. Æрвыста йæм сæ, хъæумæ уа, æмдзæрæнмæ, студентты арæзтадон къордтæй... Мæнæ ацы æмдзæвгæ та æнæкæсгæйæ дæр зоны. Ныйирд. Цъæх арвыл — стъалыты пырхæн, Мæй хуртуангæс у, хъусцæгау æрзæбул. Æрфæныфæд — йæ тæмæнты ныгъуылæн. Зæлдаг тынтæй мæ уарзонæн æхсæвдзу Чындздзон дарæс лыстæг сынкæй хуыйы, Æз та йæ бæсты стъалыгæс лæууын. Фыстæджыты æхсæн бæрæг дары, 8-æм Мартъийы фæдыл æм кæй æрбарвыста, уый. Цæмæдæр гæсгæ йын уæлдай стырдæр аргъ кæны, рæстæгæй-рæстæгмæ йыл
108 у^^^^&^^^^&^^^^^^^ ахæссы йæ цæст, бакæсы йæ æмæ та сног вæййынц йе ’взонджы рæсугъд мысинæгтæ. «Дидинæг. Цал æмæ цал хуызы сты дидинджытæ! Чи дзы кæм зайы, цы уæлдæфæй улæфы, цы æрдзы хъæбы- сы рæзы, уымæ гæсгæ тæф кæны. Мæнæ та ныр дæр уалдзæг æрцыд. Æрхаста йемæ хуры хъарм æмæ дидинджыты хæрздæф, уарзæтты хъынцъым æмæ æхцондзинад. Зæрдæ дзаг кæны рæ- сугъд æнкъарæнтæй, уæлмонц бæллицтæй. Æмæ дын уалдзæджы фыццаг бæрæгбоны — сылгоймæгты æмæ ди- динджыты бон — зæрдæбынæй арфæ кæнын. Дидинæгау уарзон æмæ адджын у адæмæн. Дæ фенд æхсызгон кæ- мæн у, дæ удысконд та — амонд, ахæмтимæ цæр. Æцæг, уардийау у сындзджын, тызмæг, гуырымыхъ, дæрзæг. Де ’нкъарæнтæн дын аргъ кæнын кæй нæ бафæнда, де ’нæр- цæф уд басæттын чи сфæнд кæна, уыдоны ныхы бын, судзин фæныхсæгау, риссаг рæхуыст кæнын дæ бон куыд уа, афтæ. Дæ номы аккаг зæрдæрайæ цæр. Макуы ахуыс- сæд дæ уарзты зынг — цардмæ, дæ алыварс хорз адæм- мæ. Сæйрагдæр та — æдзух дæумæ чи тырны, уымæ!..» Тамарæ каст фæци фыстæг æмæ та хъуыдыты аныгъ- уылд: «Нæ, нæ! Ацы æнкъарæнтæ кæмæ уыд, уый сæ куыд хъуамæ ферох кæна. Чидæр нын нæ цардмæ ныхи- лы, æмæ йын дзы ницы рауайдзæн!» Æмæ та йæхимидæг адзæгъæл, стæй скарста: «Цæй æмæ йын æй йæ зæрдыл æрлæууын кæнон, уадз æмæ йæ бакæса». Фыстæг иуварс æрæвæрдта. Иннæты фæлдахы: Дæу фенынмæ бæллын æдзух — Дæ ныхæстæ нæ кæнынц цух Мæ зæрдæйæ. Фæфæнды мæ: Æрмæст ныккæс дæ зæрдæмæ! Дæ цæрайæ цæрын. Кæнын Табу дæ номæн. Ард хæрын — Дæу дæн! Дæу у мæ цард, мæ зонд, Мæ уд дæ удæн у нывонд.
Мæ уд дæ нывæрзæн — æвæрд. Мæ уд дæ удæн у лæвæрд. Мæ уаг, мæ ми — дæуæн цагъар, Мæ зæрдæ бахæрай, Тамар! Тамарæ ма бирæ фæхъуырдухæн кодта йæхиимæ уыцы æхсæв, Сосланæн йæ рагбонты фыстæджытæй кæцы бакæсын кæна, уый фæдыл. Кæцы сæ равзæрстаид, ра- хицæн кодтаид, уымæн ницы амал ардта. Иæ къухмæ райста, сæ чызг Азауы фæстæ сын лæппу куы райгуырд, уæд æм арæндонмæ цы фыстæджытæ барвыста, уыдон. Мæ уды тавс Æз суадон дæн — рæсуг æмæ сатæг. Кæддæр ра- хъардтон цъæх нæуу фахсы гуыбынæй. Сæрдæй-зымæгæй хуры цæст уыдтон, мæйрухс æхсæвты стъалытимæ хъа- зыдтæн, мæ айдæны сæхи уыдтой цæргæстæ. Хъарм уа- рынты, ихкъæвдаты надтон мæхи, здухгæ митгæлæбутæ уæлдæфы ахстон æмæ сæ зыдæй ныхъуырдтон, æхсæр- дзæнтимæ зарыдтæн, семæ ерыс кодтон. Нæ фæлладтæн лæггад кæнынæй, абухынæй, уарзынæй, цæрынæй... Азтæ ивтой кæрæдзи. Æз тарстæн, иуахæмы мæ мит- хъæпæн йæ быны куы фæкæна, лæсæн мыл куы ракæ- ла, — куы ныххуыдуг уон, куы бамыр уа мæ зарæг. Æз тарстæн... Фæлæ мæм æнæнхъæлæджы Хуыцауы лæварау фæзындтæ ды! Æмæ мæ раздæхтай фæндагмæ. Царды фæндагмæ, фидæныл æууæнчы, фидæнмæ тырнæнты фæндагмæ. Цардмæ! Ды — мæ хæлхæлгæнаг суадон, мæ уды тавс. Æрæджиау чысыл уæлдæр суанджы фахсæй дæхи ратыд- тай æмæ барджын фæд айгæрстай иуырдæм, стæй та — иннæрдæм. Æнæрцæф, æнæбасæтгæ, раст цыма мæн агуырдтай, уыйау тыхстæ, фæйнæрдæм рæдывтай нæу- цъар фахсы риу... Æмæ мæ ссардтай!.. Æрфæд мæм ко- дтай... Ме ’рвхуыз цæстытæм мын ныккастæ, федтай дзы дæхи, ныххуыпп кодтай мæ донæй æмæ мыл рауагътай
110 /^^^^^^^^^^^^^^^^ дæхи. Дæ донæй, дæ цинæй, дæ мæтæй, дæ рисæй бай- дзаг ис мæ гуырæн, мæ уд, мæ зæрдæ. Мæ фыцæны найыс дæхи. Хурмæ та сæрттывта мæ цæст, сабухта мæ цæрæн. Йæ былтæй акалд, æмæ нæ удты монц иу фæдыл уырдыджы стыр цæугæдонмæ ныййарц. Мæ уды тавс, мæ хæл-хæлгæнаг рæсуг æмæ сатæг су- адон, дæ фарсмæ бафтыди мæ тыхыл, мæ ныфсыл, æмæ фæтынгдæр и мæ зарæг. Дæуимæ мæм хъызт зымæджы хъæпæнтæ, тæрккъæвдайы лæсæнтæ нымады дæр куы нæ сты. Куы уай мæ фарсмæ — ныббыхсдзынæн æп- пæтæн дæр, ныссæтдзынæн цыфæнды ныхдуртæ дæр. Уæдæ, цæй ныззарæм нæ иумæйаг зарæг, къæрццæм- дзæгъд хъазты æрзилæм иумæ симды. Иумæ, иумæ аны- гъуылæм хуры тынты, мæйрухс æхсæвы фæлмы, стъалы- ты дзыгуырты. Мæ уды тавс, ды æмæ æз дыууæ суадонæй фестады- стæм иу зараг къададон, иувæды, чындздзон чызджы уарзæгой риуыл ставд æмæ æнгомбыд хъуымбыл дзык- куйау, згъорæм, æмæ нын райхалæн ма уæд! Мæ царды дидинæг Ды чи дæ, уый зоныс? Ды дæ уалдзыгон хъоппæгцæст дидинæг. Райсомы ирдгæ æмæ изæры уддзæф кæуыл узæлынц, хуры хъарм тынтæ кæй рæвдауынц, уый! Рæвдауы дæ мæ уарзондзинад дæр. Дæ сæр куы æркъул кæныс, уæд мæм уалдзæджы фидиуæг малусæджы хуы- зæн фæкæсыс. Ды дæ, райсомы сатæг æмæ хуры тын- ты æнарæхст æвнæлдæй дæр чи баризы, ахæм æрвон малусæг. Ды чи дæ, уый зоныс?! Ды дæ хæххон сæрвæты сырх- хъулон дидинæг-дзæгъдзæгъгæнæг. Уадымс хъазы дæ дæллагхъуыр, æмæ дыл фырцинæй бахæцыд ризæг. Зырзыраг дæр дæ уымæн хонынц. Акæс-ма сæрвæ- ты хъæбысмæ: сырх тæппытæ дари хъуымац фестад. Гъæйтт, тæхуды, дæуæн уымæй æнгом къаба бахуый, дæ
фидыцтæ дын куыд равдиса, дæ зæрдæ хурварс куыд абада! Мæйрухс æхсæв арвы стъалытæ халыл бакæн æмæ дын сæ дæ хъуырыл æрæфтау, Бонвæрнон дын дæ ныхыл бакæн, райсомы æртахæй дыл дзабыртæ скæн, дæ къухыл дын ахæц æмæ дæ акæн аргъæутты бæстæмæ! Ды чи дæ, уый зоныс?! Æхсырхъуыр уарди-дидинæг! Мыдыбындз мыдагурæг кæмæ тæхы, хуры тынтæ кæуыл хъазынц, ахæм зæрдæскъæф дидинæг! Алчидæр дæм йæхи ивазы: баузæлы дыл, рахъавы дæ æртонын. Фæлæ дæуыл ис сындзытæ æмæ сæ къухы ныхсынц — дæхи æртонын нæ уадзыс! Æз дæм хъавгæ æввахс бацыдтæн. Ды дæ сындзытæ амбæхстай, дæхимæ мæ хæстæг бауагъ- тай, æмæ дын дæ урс дидинсыфтæн иугай батæ кæнын, рæвдауын дæ, рæвдауыс мæ ды дæр дæ цæстæнгасæй, де ’рвон тæфæй. Ды дæ мæ царды дидинæг. Дæ уындæй, дæ кондæй зилы мæ сæр, уынын дзы мæ бæллиц, мæ ка- тай, тæрсын дын æртонынæй — æмæ дæ цæстыгагуый- ау хъахъхъæнын. Хъахъхъæнын дæ — мæхицæн нæ! Дæхицæн! Фæнды мæ, куыд дæ, афтæмæй куы баззаис! Де ’нкъарæнтæн, дæ бæллицтæн, дæ уарзтæн кæрон куы нæ уаид!!! Циу цард, куы нæ уарзай, уæд! Ницы! Цард у уар зондзинад! Иу — æлгъыст, дыууæ — фæлдыст, æртæ — æнтыст. Иу — мæгуыр æмæ æрхæндæг, дыууæйæн æртыккаг куы нæ уа, уæд сæ цард у æрхуым æмæ мæтъ- æйлаг. Æртыккаг та у уарзондзинад — цард. Мит фæлдзæгъдæн кæны: Уары, уары ’мæ уары, Раст сыхырнайæ чидæр Мигътсе арвæй луары. Мах дыууæйæ лæууæм Гомдуар арвы бын - иунæг. Мах нæ уарзтæй цæрæм Дунеу стъалыты мидæг. Митгæлæбуты ’хсæн
112 /^^^^^^^^^^^^^^^^ Здухгæ февзæры уадымс, — Сонтæй асхойыс мæн, Худыс, сабийау хьазыс. Митæй дзыккутыл рæвдз Уаргъ æрæвæрдта уарын. О, цæй диссаг дæ, æрдз! Зæрдæ агуры зарын. Кæн дæ фæлмæн ныхас, — Мæн фæцагайы уаз зын. Уадз дæ цæстыты ’нгас Тынгдæр сабуха уарзын. Мах дыууæйæ лæууæм Гомдуар арвы бын - иунæг. Мах нæ уарзтæй цæрæм Дуне, стьалыты мидæг. Азау дунемæ амондджын къах равæрдта — йæ фæстæ сын дыууæ лæппуйы райгуырд. Сослан æм фырбуцæн йæ номæй дзургæ дæр нæ кæны. Дзыккакъах æй хоны, Тамуйы кæхцы йын йæ къах дзыккайы куы атъыстой, уæ- дæй нырмæ. Искæдæм балцы куы фæцæуы, уæд Азауы кæртмæ арвиты, фæзæгъы йын: «Дæуæн дæ къах хорз у, ахизæны дыл куыд фембæлон, афтæ бакæн». Азау дæр та йæхицæй ныббуц вæййы. Сослан бæрнон бынаты кусы, разамонæг у, студентæй дæр æхсæнады хъуыддæгты зæрдиаг архайæг уыд. Горæты разамынд ыл сæ цæст æрæвæрдтой, æмæ куыд- дæр университет каст фæци, афтæ йæ сæхимæ кусынмæ æрбахуыдтой. Тамарæйæн та, цыма, йæ зæрдæ йæхимæ фехсайдта. Сосланæн æй зæгъын хъæуы. Цин ыл цы бакæна, æндæр ын хъыг нæ уыдзæн. О, фæлæ уал ацы фарста райхалын хъæуы... Царды цынæ ’рцæуы, ахæм хъуыддаг нæй... Кæцы фыстæгæй райдайа, ууыл бирæ фæсагъæс кæн- гæйæ сфæнд кодта сæ базонгæйы фæстæ йæм иумæйаг
^^^^^^^^^б^^^^^ч 113 лекцитæй иуы фыццаг хатт къухæй-къухмæ цы чысыл фыст æрбалæвæрдта, уый: «Цæй зын у, цæй зын, æнæ дæу цæрын, мæ уд бафæл- лад дæумæ æнхъæлмæ кæсынæй. Ды та мæ хъуыды дæр нæ кæныс. Мæ иувæрсты ауайыс, салам мын нæ дæттыс, цыма зонгæ дæр не стæм, афтæ дæхи дарыс. Мæ рисыл нæ риссыс, мæ цин дæ не ’ндавы. Æз та дæм æнхъæлмæ фæкæсын, дæ уындмæ фæбæллын. Де сныхас мын амонд куы хæссы, дæ фендæй мæ зæр- дæ райгæ куы кæны!..» Тамарæ йæ иуварс æрæвæрдта, иннæты амбырд кодта æмæ сæ сæ бынаты бафснайдта. Стæй йæ мойы дзыппы ногитуæвæрд фындзыкæлмæрзæн атъыста, былтæахорæ- нæй амæст та бæрæг ран æрæвæрдта. Сосланы фыццаг фыстæг фыссæн стъолыл папкæйы сæрыл бæстон æрæв- æрдта, райсомæй йæ æнæмæнг куыд бафиппайа, афтæ. Йæхæдæг йæ цотыл æрзылд, алкæй дæр дзы абæрæг кодта, сæ хъæццултæ сын арæстытæ кодта æмæ æнæ- хъыпп-æнæсыппæй сæ уатмæ бахызт. Райсомæй дæр ын йæ моимæ аныхас кæныны фадат нæ фæци. Уымæй раздæр фехъал, йæ цотæн, йæ сæры- хицауæн аходæн ацæттæ кодта. Скъоладзауты ахуырмæ арвыста, йæхæдæг кæстæримæ рæвдауæндонмæ фæраст. Стæй та — скъоламæ — йæ куыстмæ. Сослан дæр райсомæй тагъд-тагъд йæхи арæвдзытæ кодта, æгæр мæгуыр цай дæр нæ бацымдта, афтæмæй, фыссæн стъолыл ын цы гæххæттытæ уыд, уыдон иууыл- дæр йæ папякæйы бавгæдта æмæ куыстмæ атындзыдта. Зноны нозтæй йæ сæр нырма дæр уыди цæнгæты хуы- зæн. Нозтфæлладæй куыд кусдзæн, адæмимæ куыд ны- хас кæндзæн, цавæр уынаффæтæ хæсдзæн, уымæн ницы зоны. Йæ кусæн уаты стъолыл йæ гæххæттыты папкæ æрæвæрдта æмæ уæззаугай йæхи бандоныл æруагъта. Папкæ байгом кодта æмæ дзы æппæты уæле, йæ бинойнаг ын цы фыстæг ныууагъта, ууыл йæ цæст æрхæцыд. Йæ *8
114 /^^^^^^^^^^^^^^^ кæддæры къухфыст нал базыдта æмæ йæм фæлæбурдта, ай цы у, зæгъгæ. Зыдæй йæ акаст, фæлæ йын йæ хъуыды рæстмæ нæ бамбæрста. Дыккаг хатт... Æртыккаг хатт æй сабыргай куы бакаст, уæд йæхимæ фарст радта: «Чи йæ кæмæ фыссы? Мæ папкæйы цы кусы?» Æрæджиау йæ зæрдыл æрбалæууыд, сæ фатеры фыссæн стъолæй йæ кæй систа æмæ йæ папкæйы йæхæдæг кæй сæвæрдта, уый. Сагъдауау аззад, цыдæр хъуыдытæ йæ сæ быны афсæр- стой æмæ йæ нозтвæллад цыдæр æрбаци. «Ацы фыстæг не стъолыл цы куыста? Чи йæ кæмæ фыссы?! — фæрсы йæхи. — Тамарæмæ? Æмæ чи?!» Йæ сæр ныттылдта, йæ цæстытыл йе ’рмттæ авæрдта æмæ дызæрдыг хъуыды- ты аныгъуылд: «Чи нын халынвæнд кæны нæ рæсугъд цард?!» — сирвæзти йæ дзыхæй æмæ ныууынæргъыдта. Лæг уыцы бон нæ куыстæй уыд, нæ — хæдзарæй. Фыстæг æй уæгъд нал суагъта, йæ уæлныхты йын хаста йæ гуырысхотæ. «Нæ хицау цыдæр кæны», — уыцы хъуыдыимæ-иу йæ уатæй рахызтысты, йе ’мкусджытæй йæм-иу чи бауад, уыдон. Йæхæдæг, куысты рæстæг нæма фæци, афтæ сæхимæ атагъд кодта Тамарæйæн фыстæг равдисынмæ. — Ай кæй фыст у?! Чи дæм æй фыссы? — фæрсы Тамарæйы, куыддæр фатеры баиу сты, афтæ. — Кæй фыст у зæгъыс?! — ныддис кодта Тамарæ... Стæй фембæрста, йæ къухфыст кæй нал базыдта æмæ ды- зæрдыг кæй кæны. — Мæнæ диссæгтæ! Нал æй базыдта! Ныртæккæ дын æй æз фенын кæндзынæн. — Йæ фы- стæджытæ йын рахаста æмæ йын сæ йæ разы стъолыл æрæвæрдта: — Мæнæ адон кæй фыст сты, уый! Сослан йæхи фыстæг кæй нал базыдта, уымæй хорзау нал уыд æмæ Тамарæмæ хатыр курæгау бакаст. Стъолæй фестад, йæ хъæбысы йæ æрбакæнын уыд йæ зæрды, фæлæ йæ Тамарæ фæурæдта: «Ды ма мын зæгъ... — Сæ уатмæ бауад, кæйдæр былтæахорæнæй амæст фын- дзыкæлмæрзæн йæ дыууæ æнгуылдзæй йыл хæцгæйæ
^^^^^^^^^^^^^^ч 115 радавта æмæ йæ фæрсы: «Ай цы у? Дысон æй дæ дзып- пæй систон. Де ’мкусæг сылгоймæгтæй мæм дысон дæ размæ иу æрбадзырдта æмæ мын æй уый загъта. Æндæр, хорз куы зоныс, æз дыл дызæрдыг никуы кодтон, дæ дзыппытæ дæр дын никуы къахтон». Лæг фæуыргъуйау, цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт. Йæ дзыпмæ февнæлдта фындзыкæлмæрзæн агурæг. — Уым æндæр ис. Дысон дын æй баивтон, — сабыр хъæлæсæй сдзырдта Тамарæ. — Мæнæ диссæгтæ! Æууæнк куыд никæуылуал ис. Кæс-ма, кæс, уыцы налатмæ! — сирвæзти Сосланæй. — Къухтæхсæн уатæй куы рахызт, уæд мæ фындзыкæл- мæрзæн бацагуырдта йæ къухтæ асæрфынæн. Цæмæй, дам, сæ асæрфтаин, уый дзы нæ уыд. Зæрдæхæлар у, фæлæ афтæ цæмæн бакодта, уымæн мæ бон дзуапп рат- тын нæу. — Зæрдæхæлар!? Бынтыдзæуæг, æндæр цы? Дæхи дзы хъахъхъæн! — срæцыгъта ус æмæ йын æхсæвæр æв- æрыныл фæци. Сослан уæддæр йæхицæн бынат нал æмæ нал ардта. Иæхи йæ усы раз æнæ аххосæй куыд сраст кодтаид, уы- мæн ницы хос зыдта... Тамарæ йын афтæ: — Дæуæн мæм сусæг зæгъинаг ис, æмæ мæм лæмбы- нæг æрбайхъус. Мæхимæ та мæ зæрдæ фехсайдта, æмæ мын æй дохтыртæ дæр загътой. Сослан æй йæ хъæбысы фелвæста æмæ йæ ныззылдта. Сабитæ сæ цины хъæрмæ сæ уатæй рауадысты æмæ кæд мад æмæ фыды цин цæуыл у, уый нæ базыдтой, уæддæр сыл ныттыхстысты... Бæрæгбоны хуызæн уыд уыцы изæр Сослан æмæ Тамарæйы фатеры, фырцинæй кæрæдзийæ нал æфсæсты- сты. Иуахæмы лæг йæ усæн афтæ: — Ехх, мæ ныхас æппæт адæммæ куы фехъуысид, уæд сын зæгъин: «Уæ рагбонты фыстæджытæ арæхдæр кæ- сут! Уыдон уын-иу æрмæст уæ уарзт не сног кæниккой, уæхи дæр уын æрыгон кæнынц!»
116 /^^^^^^^^^^^^^^^ Цардыуæз, йæ æнæнцойдзинад Адæймаг æмæ бæх. Фæллойгæнæг æмæ хайуан. Азты дæргъы иу цæды галтау ластой царды уæз. Иу уыдис сæ зын æмæ æнцойдзинад, къаты бон æмæ фæлладуагъд. Сæ иу фæцудыдта, уæд-иу иннæ йе ’нцой балæууыд. Дыууæ æмвæнд-æмзонд лæгау уæхски-уæхск. Æмбуар ластой сæ уæззау уаргъ. Кæд иумæ, уæд — æмдыхæй, æмхæст, æмцыд. Æрмæстдæр афтæ. Фæлæ фæсаджил сæ фæндаг. Фæдисы хъæр азæлыд æппæт бæстæйыл. Цыфыддæр гермайнаг фашизм æрбабырста Райгуырæн бæстæмæ. Бахъуыд æхсар æмæ лæгдзинад ныхкъуырд ын ратты- нæн. Нæлгоймаг æмæ бæх — дыууæ хæдзардарæджы хъуамæ фæхицæн уой. Нæлгоймаг цæуы фæдисы, туг- калæн хæстмæ, Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Бæхы æвджид та зайынц бинонтæ. Дыууæ уаргъы хæс- сын æй бахъæудзæн. Æмæ æрхæццæ кæрæдзийæн хæрзбон зæгъыны рæ- стæг. Уыцы ахсджиаг рæстæджы сæ уынæм Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, ГССР-йы сгуыхт ныв- гæнæг Хъотайты Григорийы конд ньтв «Хæрзбон»-ы. Куыстдзагъд нæлгоймаг æмæ бæх мадзурайæ лæууынц кæрæдзи фарсмæ. Зын фæндаг æмæ зæрдæхсайæн рæ- стæг æнхъæлмæ кæсы лæгмæ, æмæ уæззау хъуыдыты аныгъуылд. Æруæз ыл кодтой æмæ, царды куыд уыд, афтæ та балæууыд йæ бæхы æнцой. Уый уыд куысты, йæ зынты æмæ тых-тухæнты йæ ныфс, йæ хорз æмбал, йе ’мбæлццон, ныр ын, кæд хæрзбон зæгъы, уæддæр ын
ноджы фæахсджиагдæр. Йæ бинонты, йæ хæдзар дарын уымæ кæсы, йæ уаргъ дæр ууыл æрæнцайдзæн. Дыууæ уаргъы та æнцон хæссæн не сты. Нæлгоймаг æмæ бæх кæрæдзийæн æнæсым ныхæ- стæй хæрзбон нæ дзурынц, фæлæ сæ алчидæр хъуыды кæны, йæхи æмæ йе ’мбалы раз цы стыр хæс ис, ууыл. Нывгæнæг сын стыр арæхстджынæй æвдисы сæ мидду- нейы сагъæс æмæ катай. Хъуыдыкæнынадæй, дзырдæй æххæст адæймаг æмæ æгомыг фос? Нæ, дыууæ æмсæр уды, иу мæт, иу хъынцъым, иу æнкъарæнтæ сын æхгæ- нынц сæ зæрдæты дуæрттæ. Уый зыны сæ цæстæнгасыл, цæсгæмттыл, сæ лæудыл. Зæрдæты уыцы ахастдзинадæн ма ноджы иу æвдисæн — фæсте сæм дыууæ цæстæй — дыууæ фæрссагæй кæсы сæ хæдзар. Хъæрмуд æмæ фæл- лойуарзаг бинонты хæдзар уыд. Фæлæ уымæ дæр бакалд хæсты уазал уылæн. Æмæ нырхæндæг йæ хæстоны мæтæй, йæ бинонты рисæй. Ацы нывы ис æрмæст æртæ фæлгонцы. Æртæ дæр — алыхуызæттæ. Сæ равзæрдæй, сæ цардæй, сæ хъысмæтæй. Фæлæ сæ курдиатджын нывгæнæг йæ уа- цмысы афтæ æрбангом кодта, ахæм æнкъарæнтимæ сæ ныв кæны, æмæ сын фæхицæнгæнæн нал ис. Зæгъгæ, дзы иу нæй, уæд уацмысы хъуыды кæронмæ нæ райхæл- даид, кæмдæр къахырæй баззадаид. Æмæ уæд афтæ тынг нæ агаид адæймаджы зæрдæ, царды уæз дзы нæ банкъ- ардтаид æххæстæй. Царды уæз йæхи уæхсчытыл раджы æрæнцад курди- атджын нывгæнæгæн. Хæсты æмæ хæсты фæстæйы фыд азтæ арф фæд ныууагътой йæ царды. Хæрз æрыгонæй йæ сахуыр кодтой зынтæн фæразын, нысанмæ цæуын, йæхиуыл æвæлайгæйæ кусын. Базыдта, курдиат æмæ бæллиц æнæ фыдæбонæй кæй ницы сты, уый. Уый йын фадат радта 1945 азы Цхинвалы нывкæнынады училище тынг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæуынæн. Стыр ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбеджы хъомылгæнинаджы
118 ^^в(5^3^9^^3^ЭС^^^ зæрдæргъæвддзинад æмæ курдиатыл сæ цæст æрæвæрд- той ахуыргæнджытæ æмæ йæ баурæдтой училищейы ахуыргæнæгæй. Бирæ нæ бафæстиат училищейы Хъотайы-фырт. Дарддæр ахуыры фæндаг ын æнцой нæ лæвæрдта, йæ тырнындзинадæн кæрон нæ уыд, æмæ афæдзы фæстæ ссис Мæскуыйы æрмдæсныйы æмæ декоративон аивады институты студент. Кæм ма уыд уымæй амондджындæр! Мæскуыйы, бæстæйы сæйраг горæты хуыздæр уæлдæр скъолатæй иуы ахуыр кæн, дæ ахуыргæнджытæ — зынд- гонд адæймæгтæ. Æрмæст семæ фембæлынмæ дæр бæл- гæ кæмæн кодтай, уыдон! Фæлæ хæсты фæстæ зынвадат цард йæ дæрзæг къухтæ æруагъта цардбæллон ирон лæп- пуйыл. Æмæ дыккаг курсæй йæхи раивын кодта Тбилисы аивæдты академимæ нывкæнынады факультетмæ. Ардæм райгуырæн Ирыстон хæстæгдæр у, æмæ цæрынæн фæрæз агурын кæд æнцондæр уаид, зæгъгæ. Ахуыр кæнын райдыдта зындгонд нывгæнæг, про- фессор Мосе Тоидзейы æрмадзы. Фæлæ йын царды уæз, бинонты зын уавæртæ фадат нæ радтой академи каст фæуынæн. Фæстæмæ æрбаздæхт училищемæ ахуыр- гæнæгæй кусынмæ. Ахуырдзаутæн рæдауæй амыдта, Мæскуыйы, Тбилисы æмæ йæхи училищейы цыдæрид- дæр хорзæй базыдта, уыдон, йæхи фæлтæрддзинад. Уыцы-иу рæстæг æвæллайгæйæ куыста йæ арæхстдзина- дыл. Ахуыр кодта дæсны нывгæнджыты æрмдзæф, цард æмæ фæлвæрдта йæ тыхтæ. Дарддæр сахуыр кæныны хъуыды йæ уæгъд нæ уагъта, фæлæ йын æрмæст цыппар азы фæстæ фæци фадат институтмæ бацæуынæн. Царды фæлтæрд æмæ аивады арæхстджынæй Хъотайы-фырт 1956 азы Ленинграды аивæдты акаде- мийы æнтыстджынæй бахъахъхъæдта йæ дипломон куыст «Наукæ æмæ фæллой». Йæ ахуыргæнæг Г.И.Рублевы разамындæй йæ бацæттæ кодта Ленинграды метрополите- ны станцæйæн. Дипломон куыст къамисы зæрдæмæ афтæ
^^^^^^^^^^^^^^^ч 119 тынг фæцыд æмæ авторæн радтой Нывгæнджыты цæ- дисмæ бацæуыны тыххæй рекомендаци. Цæттæ нывгæнæгæй æрыздæхт Ирыстонмæ Григори æмæ уайтагъд аныгъуылд сфæлдыстадон куысты. Пайда кодта ирон адæмон аргъæуттæ æмæ таурæгъты, уæлдай- дæр та Нарты кадджыты сюжеттæй. Йе ’ргом тынг здæх- та нæ дуджы æмæ историон стыр цаутæ æмæ хъæбатырты сурæттæ æвдисынмæ. Архайдта Фæскавказы æрыгон нывгæнджыты равдыстыты, Мæскуыйы Æппæтцæдисон æмæ Гуырдзыстоны нывгæнджыты равдыстыты. Йæ уа- цмыстæ уыдысты фæсарæйнаг равдыстыты дæр. Уæлдай фылдæр адæм ын федтой ныв «Чындзхæсджытæ» æмæ йын Санахъойы-фыртимæ сæ конд уацмыс «Ног къæсæ- рыл». Кæй æргом нæ аздæхта йæхимæ ныв «Ирон чызг» та! Номхæссæн Джокондæйау нæм уацмысæй кæсы аив, хъуыдыджын, кондджын ирон чызг. Йæ былты æвæр- ды, йæ цæстæнгасы æмбæхсы æбæрæг сусæгдзинад. Адæймаджы нæ фæнды, йæ цæст дзы атона, уый. Иуæй йæ йæ рæсугъддзинад сайы йæхимæ, иннæмæй та афтæ æнхъæлы, куы йæм бакæсон, уæд ын раиртасдзынæн, цы зæгъынмæ хъавы, уый. Хъотайы-фырты сфæлдыстад бирæвæрсыг у. Ис дзы монументалон æмæ бирæфæлгонцджын композицитæ, портреттæ, æрдзы нывтæ, натюрморттæ, графикон уац- мыстæ, бирæ кодта аив фæлгонцады куыстытæ. Йæ алы уацмысы дæр ирдæй зыны рæстæджы комулæфт æмæ, адæмы зæрдæтæ чи агайы, дуджы ахæм ахсджиаг фар- стытæ, царды змæлд, йæ цин æмæ рис. Нывгæнæг йæ ны- вты цæры æрмæст йæ чысыл Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт бæстæты. Æдзухдæр кодта агургæ, ногдзинады фæнда- гыл тырныдта рæстдзинадмæ. Хъотайты нывгæнæг мадау уарзта йæ фыдыуæзæг: йæ æрдз, йæ адæм, йæ истори йын уыдысты йе сфæл- дыстады сæйраг. Уыдонимæ йæ уарзондзинад æв- дисгæйæ, ныв кодта йæ зæрдæйы уаг æппæт бæстæйы,
120 /^^в^^^в^^З^^^^ дунейы адæмтæм, историмæ, сæ цардмæ, сæ хъысмæтмæ. Йæ уацмысты уынæм Ирыстоны истори: Аланты пад- дзах æмæ балхон Ос-Бæгъатыры, Ирыстоны паддзах, Гуырдзыстоны ус-паддзах Тамары мады фыд Худаны æмæ йæ ус Бурдуханы аив æмæ æнкъарæнджын фæлгонцтæй, Ирыстоны зæхкусджыты сыстады разамонджытæ Бега æмæ Томайты Мæхæмæты, зындгонд революционертæ Дриаты Антъон æмæ Харебаты Исахъы портреттæй нæм азты сæрты райхъуысы нæргæ дугты хъæлæс, гуырын нæм кæнынц лæгдзинады, адæймагдзинады æнкъарæнтæ. Хъотайы-фырт ныв кодта Ирыстон нæ, фæлæ æппæт бæстæ дæр сæрыстыр кæмæй у, уыцы ирæтты фæлгонцтæ дæр. Йæ равдыстмæ бацæуæг адæм-иу дзæвгар афæстиат сты Абайты Васойы, Плиты Иссæйы, Кучиты Юрийы, Цыбырты Людвиджы портретты раз, сæ фарсмæ ирон аивады, литературæйы, наукæйы, дохтырты, адæмон хæ- дзарады зындгонд кусджыты, 156 азы фæцæрæг Хъороты Агоры зæрдæмæхъаргæ фæлгонцтæ. Курдиатджын нывгæнæг ирон аивадмæ стыр хай ба- хаста ног дуджы цæлхъытæ æвдисæг нывтæй. Йæ уац- мыстæ «Козаты Разден В.И.Ленинмæ», «Камерæ №7», «Планетæйы гражданин» аккаг бынат æрцахстой ирон нывкæнынады. Æвдисы дзы дунейы фæллойгæнджыты фæтæджы цæрæццаг хъуыдытæ. Стыр лæджы, наукон кусæджы, хуымæтæг фæллой- гæнæджы фæлгонц кæнæ сюжетон егъау уацмыс — алы ран дæр-иу курдиатджын нывгæнæг бавæрдта царды уæз, йе змæлд, йæ æнæнцойдзинад, йæ цин æмæ йæ зынтæ, йæ абон æмæ фидæн. Уыдон мах банкъарæм фæлгонцты мидзæрдæйы хъынцъым æмæ ахастдзинæдтæй. Григори уыд нывгæнæг-патриот! Йæ патриотизм æв- дыста æрмæст йæ уацмысты нæ, фæлæ йæ æрвылбо- ны æхсæнадон куысты дæр: Горсоветы депутат, адæмон университеты ректор, аивадон советы сæрдар уæвгæйæ, иудадзыг хъомыл кодта нывкæнынады национ кадртæ.
Дæс азы уыд Цхинвалы Тугъанты Махарбеджы номыл училищейы директор. Бæрнон æмæ домаг разамонæг, рæдау æмæ зæрдæхæлар хъомылгæнæгæй йæ зыдтой йе ’мкусджытæ. Хуымæтæджы-иу, ацы училище каст чи фæци, уыдон сæ ахуыр нæ адарддæр кодтой Мæскуыйы, Ленинграды, Тбилисы, Киевы æмæ бæстæйы æндæр горæтты аивæдты уæлдæр скъолаты. Дыууæйæ та дзы си- сты Паддзахадон премийы лауреаттæ. Царды уæз, йæ æнæнцойдзинад, йæ цин, йæ рис, йæ истори æмæ нæргæ цыт кæмæй аразгæ уыд æмæ у, уыдон уыдысты Хъотайты Григорийы сфæлдыстады темæтæ. Йе стыр курдиаты фæрцы сæ равдыста ирдæй, зæрдæмæ- хъаргæйæ. Хуызджын ахорæнтæй пайда кодта амалджы- нæй, æмæ фæлгонцы миддуне, фæскъæвдайы ар- выл арвæрдынау разыны уацмысы, фæцагайы нын не ’нкъарæнтæ, схæлбурцъ сæ кæны, æмæ ныл куы æрхæн- дæг æнкъард хъуыдытæ бафтауы, куы та нæ адæймагæй сæрыстыр уæвыны æнкъарæнтæ сæ уæлныхты сисынц. Зын æмæ цины æхцондзинад нын барæвдауы нæ зæр- дæтæ, бауадзы сæ нывы, скæны йæ æнкъарæнджындæр, бафтауы нæ цæрæццаг хъуыдытыл. Ахæм уыд курдиатджын нывгæнæг Хъотайты Григорийы сфæлдыстадон хъару. Советон стыр паддза- хады фехæлды фæстæ гуырдзиаг экстремисттæ Хуссар Ирыстоны цы фыдгæндтæ кодтой, уыдæттæм кæсын нал ныффæрæзта йæ æнкъарæнджын зæрдæ, æмæ афонæй раздæр ахицæн цардæй.
122 у^^^^&^^^^^^^^^^^^ Операци «Осетин» Францы зæххыл Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тымыгъ ирон лæджы дæр Европæйы цынæ къуымы балæууын кодта, ахæм, æвæц- цæгæн, стæм ис. Уацары бахаугæйæ дзы, фадат кæмæн фæци, уыдон концлагертæй мæлæт æмæ царды ’хсæн ауæдзыл лыгъдысты, хъысмæт сæ цы бæстæтæм баппæр- ста, уыдон партизантæм, фашисттæн ныхкъуырддæттæг къордтæм. Бирæтæ дзы лидзгæ-лидзын знаджы нæмыгæй кæйдæр зæххыл ссардтой сæ мæлæт, уым æнусон сусæг- дзинад бафтыд сæ хъæбатырдзинадыл, сæ царды фæстаг уысмыл. Иннæтæ алы бæстæты партизанты къордты ар- хайгæйæ, фæстæдæр лыг кодтой знаджы тыхты «нуæрт- тæ». Уымæй æввахсдæр кодтой Уæлахизы бон. Æрмæст Францы зæххыл партизанты хицæн къорд- ты командиртæ уыдысты Гæбуты Алыксандр, Цопанаты Хъантемыр, Цæлыккаты Барис, Гуыриаты Иналыхъ, Солтанты Андрей. Сæ иуы — Цопанаты Хъантемыры тыххæй абон уыдзæн нæ ныхас. Зæхх, æрдз алы ран дæр адæмыл — сæ хъæбултыл иузæрдион сты. Рæвдауынц сæ, цардхъомыс сын дæт- тынц. Æмæ дзы алчи йæхирдыгонау пайда кæны, йæ намыс, йæ зонд куыд амоны, афтæ. Æмæ хатт уды рæсу- гъддзинад, фарн, рæстаг аззайынц, састы бынаты, чъизи донау сыл раивылы фыдæхзæрдæджынты фыдгæнд, æмæ сысты рын, адæймаджы хъомысæй адæймаг марæг рын. Цардхæссæг туг сцæмтæ вæййы нæ дарæг, нæ уромæг
^З^вс53^^в^^^вЭ^З^ 123 зæххы риуыл, быдыртæ хуртуанау байдзаг вæййынц мæрдтæй. Зæхх фæхъæрзы, æнæсым ныхæстæй скæны хъарæг йæ æдзард хъæбултыл, фыдрынæй фæхъахъхъæ- ны удыгæсты. Хæсты азты бирæ бæллæхтæ федта Францы зæхх дæр. Бирæ æнæзонгæ æвзагыл фехъуыста хъæрзын æмæ удисæн фæстаг ныхæстæ. Йæ хъæдты, хæхты, горæт ты æмæ хъæуты хъуыст ирон ныхас дæр: тохмæ сидæг æмæ рисуромæг дзырдтæ. Ныхъхъуыста сæм Францы зæхх. Ныхъхъуыста æмæ рахатыдта зонгæ зæлтæ кæй сты. Базыдта кæддæры алайнæгты, хурыскæсæны ’рды- гæй йæм дзæвгар æнусты размæ цы бæхджынтæ æрба- гуылф кодтой, ам йæ риуыл цæрæн бынат чи ссардта, йе ’взаг кæмæй байрох, уыцы знæмы æмадæмы фæстагæтты æвзаджы зæл. Æмæ сæ фыдызнагæй æмбæхста йæ хъæд- ты тары, йæ кæмтты цъассыты. Сидти сæм, хуыдта сæ фашизмимæ карз тохмæ. Уым, Францы хуссары хæхтæ йæ райгуырæн Ирыстонау бааууон æмæ суазæг кодтой хохыдзуарыхъæуккаг лæппу Цопанаты Хъантемыры дæр. Уым сæм, мæлæты дзыхæй йæхи байсæгау, алыгъд фа- шистон концлагерæй. Даргъ гуыргъахъ, зын æмæ тæссаг уыд Хъантемыры фæндаг Францы зæхмæ. Хæххон сæрыстыр лæппу цæр- гæсы тæхæнтæм, уады згъордмæ бæллыд. Сæрибардзинад ын Октябры революци æрхаста, уый тæлфтæй тæлфыд йæ зæрдæ. Уый æнтыстытæн лæггад кæнынмæ тырныдта. Скъолайы ахуыр кæнынмæ, кусынмæ, бæхыл бадынмæ йæ ничи æмбылдта. Йæ зæрдæргъæвддзинад, фæллой- уарзондзинад ноджы фæбæрæгдæр сты Тамбовы бæхджын æфсады училищейы ахуыр кæнгæйæ. Æмæ сси афицер. Уайтагъд æй (1939 азы райдайæны) балæууын кодтой Хурныгуылæн Украинæйы. Ам змæстытæ уыд, арæн фидар нæ уыд контрреволюцийы баззайæццæгтæ сырдау лæбурдтой сабыр цæрæг адæммæ. Стæй — фин- нæгтимæ хæст. Рог цæф дзы фæци. Куы сдзæбæх, уæд
124 ^^в^^^в^^З^в^^^ службæ кодта 14-æм бæхджын æфсады Польшæйы арæ- ныл. Ам æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Ам службæ кæнгæйæ, йæ амонд баиу кодта Томайты Дунетханимæ. Фæлæ сæ хъæлдзæг бонтæ бирæ нæ аха- стой. Арæнтæ сабыр нæ уыдысты, цыдæр бæллæх сæм залиаг калмау кæй хилы, уый æмбæрстой арæнхъахъ- хъæнджытæ. Хъантемыр дæр Дунетханы рагацау рарвы- ста Ирыстонмæ. Хæсты фыццаг бонты нæ хурныгуылæн арæнтыл цы бæллæхтæ æрцыд, уый абон скъоладзаутæн дæр зынд- гонд сты. Æнæнхъæлæджы ныббырсты азарæй бирæ сырх- æфсæддонтæ уацары бахаудтой. Уыдонимæ Цопаны- фырт дæр. Æфхæрд æмæ ссæстæй хъизæмæрттæ кодтой знаджы концлагерты. Æгад уыдис, Советты бæстæйы кадджын салдат уæвгæйæ, фашистты дæлбар уæвын, со- ветон афицер уæвгæйæ сын сæ бардзырдтæ æххæст кæ- нын. Фæлæ быхсыдта хистæр лейтенант Хъантемыр. Алидзыны фæнд йæ сæрæй никуы схицæн. Æмæ йын куыддæр фадат фæци, афтæ йæхи бааууон кодта Францы хæхты. Ам францаг мактимæ (афтæ хуыйнынц франца- гау партизантæ) йæ маст иста лæгсырдтæй. Уæндон, рæвдз æмæ æрхъуыдыджын уыд хохаг ирон лæппу. Уайтагъд ын йæ арæхстдзинадыл сæ цæст æрæв- æрдтой францаг партизанты разамонджытæ æмæ йын йæ бар бакодтой хицæн къорд. Уым уыдысты уырыссæгтæ, ирæттæ, сомихæгтæ, францæгтæ, испайнæгтæ, цæцæй- наг æмæ дагестайнаг. Алчидæр аргъ кодта йæ зонд æмæ ныфсæн, йæ арæхстдзинад æмæ ныхасæн. Уымæ гæсгæ иу адæймагау сæхи цæттæ кодтой алы операцимæ дæр. Æмæ бирæ фыдбылызтæ фæкодтой фашисттæн, дзæвгар дзы фæцагътой, хæлдтой сын сæ хæцæн техникæ, срæмы- гътой цæугæдоны Оды сæрты арæзт дыууæ хиды, фæл- дæхтой знаджы поездтæ. 1944 азы, Советон Æфсад фашистон æрдонгтæн бæрзæйсæсттæн цæфтæ куы ныккодта, æмæ знаг сæргой
куы сси, уæд Европæйы бæстæты партизантæн дæр сæ хæстæ фестырдæр сты. Хъуыд æргом хæстытæ, хъæутæ, горæттæ исын. Цопаны-фырт цы партизанты иугонды архайдта,уый ахсджиагдæр хæс уыд горæт Каркассонн æрбалæбурджытæй суæгъд кæнын. Иугонды командир испайнаг æвзыгъд лæппу, Испанийы зæххыл фашист- тимæ тохты фæлтæрд адæймаг (уыд интернационалон бригады бригадир) сфæнд кодта стыр операци райтын- дзын. Хонгæ та йæ ракодта «Осетин». Уый хуымæтæджы нæ. Ирæттæ уæлдай хъæбатырдæрæй сæхи равдыстой Каркассонны зылды, сæ уæндон ныббырстыты кой цыд дзыхæй-дзыхмæ. Операци «Осетин» уыд вазыгджын æмæ тæссаг. Каркассонны уыдис фашистты стыр гарнизон. Хуссары ’рдыгæй цалдæр километры æддæдæр та — æфсæддон хай. Уымæн фадат уыд цыбыр æмгъуыдмæ горæтмæ æх- хуысмæ фæзынынæн. Уымæ гæсгæ операцимæ цæттæ кодтой биноныг, дыууæ къуырийы бæрц. Æппæтдæр сбæрæг кæнгæйæ æмæ сбаргæйæ, парти- зантæ операци райдыдтой, куыд никуыма уыд, афтæ — боны дыууадæс сахатыл. Сæрдыгон зынг хур уæлдæфы тæвд стардта 35 градусмæ. Ноджы тæвддæр уыд опера- цийы цæхæры. Хъантемыры къордæн бабар кодтой йæ тæккæ райдайæн — æфсæнвæндаджы станцæ байсын. — Хæс сæххæст кæнын хъæуы, куыд гæнæн ис, афтæ æнæхъæр — æнæсыппæй. Дæ зæрдыл дар операци «Осетин» кæй хуыйны, уый — мидбылхудгæ фæдзæхста иугонды командир Цопаны-фырты. — Уый фæстæ комен- датурæмæ. Уырдыгæй дæ сигнал æмæ æппæт къордты ныббырст баиу уыдзысты. Боны дыууадæс сахаты æмæ 30 минутыл станцæ æнæхъæлæбайæ уыд партизанты къухы. Разæй стырдыр хæс уыд цопанонты раз. Францаг мактæ граждайнаг уæ- лæдарæсы иугай æрхъула кодтой посты æмæ телеграфы агъуыстыты алыварс. Иууылдæр æнхъæлмæ кастысты
726 л0^^&%0&$3&&&^&&&* Хъантемыры сигналмæ. Фæлæ уый цæмæдæр гæсгæ æрæджы кодта. Командæгæнæн пункты стыхстысты. — Уæ зæрдæ йыл дарут: уыцы ирон та цыдæр æр- хъуыды кодта, хуымæтæджы нæ фæстиат кæны, — йæ ныхас баппæрста командир. Раст уыд командир. Цопаны-фырт станцæйы уавæрмæ гæсгæ фæивта комендатурæ байсыны цыд. Йæ æмтохгæн- джытæ Белеккаты Æхсарбегимæ, Цæлыккаты Барисимæ, Гусаты Солтанимæ, Нартыхъты Черменимæ, Айларты Аджанимæ, дагестайнаг Саид Омаровимæ, цæцæйнаг Аулди Устархоновимæ, дзуттаг Михаил Аровимæ æнæ ба- фиппайгæ бахъуызыдысты горæты астæумæ, немыцæгты комендатурæйы цурмæ. Æртæуæладзыгон агъуысты рæ- бын сусæны мæйы хуры тæвдæй хъахъхъæнджытæ сæхи æрæмбæхстой будкæты. Сæ «сисын» бахæс кодта Аров æмæ Белеккайы-фыртæн. Иуы дзы скуынæг кодтой уай- тагъд, фæлæ уынæрмæ иннæ будкæйæ æд автомат рагæпп ласта иннæ хъахъхъæнæг. Аров ыл гранат бавзылдта, æмæ æд будкæ хæрдмæ фæтахт. Уыцы уысм Францаг горæты уынгты ныййазæлыд тыхджын «Ура»! Æмæ цопанонтæ февзæрдысты коменда- турæйы æртæ уæладзыджы дæр. Æмæ сæ асыгъдæг код- той немыцæй. Уыцы тохы фæцæф партизантæй цалдæр. Уæдæ францаг мактæ бацахстой пост, телеграф æмæ те- лефон. Фашисттæ сæхи лæвæрдтой уацары. Уыдонимæ горæты комендант дæр. Æнтыстджынæй ахицæн операци «Осетин». Горæт Каркассонн уыцы бон иууылдæр баци партизанты къухы. 1944 азы дæсæм августы Цопанаты Хъантемыры пар- тизанты къорд баиу Францы зæххыл советон партизанты фыццæгæм полкъимæ. Йæ командир Александр Казарян. Хистæр лейтенант Цопанаты Хъантемыры сæвæрдтой ротæйы, стæй та — цыппæрæм батальоны командирæй. Полкъæн францаг инæлар Зеллер йæ сгуыхтдзинæд- ты тыххæй саккаг кодта хæстон тырыса. Уый, Францы
зæхх фашисттæй асыгъдæг кæныны фæдыл кадджын па- рады хæссыны бар æрхаудта Хъантемырмæ. Уымæй ма йæ хæстон æмбæлттæ Цæлыккаты Барисæн, Гуыриаты Иналыхъæн Францы хицауад саккаг кодтой ордентæ «Хæстон дзуар» æмæ майдантæ «Франц ссæрибар кæны- ны тыххæй». Хъантемыр Ирыстонмæ æрыздæхт 1947 азы. Фæллад хæстонæй. Йæ мад Зæлигойыл, йæ цардæмбал Дунетханыл уыцы боны хуызæн æхсызгон цау никуы æр- цыд. Ай-гъай! Хæст райдайæнæй фæстæмæ дзы иу хабар никæцæй фехъуыстой. Æбæрæгæй сæфтыл нымад уыд. Ныр сæрæгасæй сæмбæлд йæ хæдзарыл. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста. Афæдзы фæстæ Куырттаты скъолайы хæстон хъуыддаг æмæ фæллойы ахуыргæнæг Цопанаты Хъантемыр уацары кæй уыд, стæй — Францы зæхх фа- шисттæй кæй сыгъдæг кодта, уый тыххæй йæм оргæнтæ цыдæр æнæбындур азым «ссардтой» æмæ йæ æрцахстой. Фондз æмæ ссæдз азы ахæстоны фæбадыны тæрхон ын рахастой. Фæлæ арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Аст азы фæстæ, рæстæг куы аивта, адæймаджы хъысмæт- мæ адæймаджы цæстæй кæсын куы райдыдтой, уæд йæ рæстдзинад сбæрæг, æмæ йæ суæгъд кодтой. Йæ хъизæмæрттæй фервæзт кадджын партизан. Æмæ та кусын райдыдта скъолайы кæстæрты хъомылгæнæгæй. Йæхицæн дæр ис дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг. Царды раст фæндагмæ сæ ракодта. Æппæт хъуыддæгты дæр сын фæзминаг у сæ баба, хæсты æмæ фæллойы ветеран. Æмæ æрмæст уыдонæн нæ, цы скъолайы куыста æмæ кæм цард, уыцы сыхбæстæн стырæй-чысылæй. Зæхх мадау барон æмæ хатыргæнаг у. Зæххæн йæ хъæбултæй уæлдай ничи у, йæхи дзы никæуыл атигъ кæны. Фыдгæнæгыл æмæ хæрзгæнæгыл дæр. Йæ риуыл сын кæмфæнды дæр, кæдæмфæнды дæр уæрæх фæн- даг. Хæрзгæндмæ æмæ фыдгæндмæ дæр. Зæхх мадзу- ра у. «Ма кæн!» — зæгъын нæ зоны. Æмæ йæ хъæбултæ
128 ^&^&&&^&%&&$&&%0^ кæрæдзи куы нал фембарынц, кæрæдзимæ топпы кæсæ- нæй кæсын куы райдайынц, уæд цыдæр æнæбондзинад банкъары йæхимæ æмæ нырхуым вæййы, мидсагъæс æй фæхæры. Саударæг мадау йæ æдзард хъæбулты йæ хъæ- бысы фæнорды, сæ рис æмæ зын сын йæхимæ айсы. Дзæвгар хъыгтæн ныффæрæзта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Йæ риуыл бирæ туг ныккалд. Сæ удисгæ йыл хъæбысгæнæгау бирæ адæм ныддæлгом. Стырæй, чысылæй, нæлгоймагæй, сылгоймагæй. Сæ рухс ном баз- задис уæлæуыл. Сæ хъæбатырдзинадæй æвдисæн сты, адæмы цæгъдæг рыны ныхмæ тохы Уæлахиз чи æр- хаста, сæрæгасæй чи баззад, уыдон. Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрста, бирæ адæмы рис æмæ сгуыхтдзинæдтæ фед- та Цопанаты Хъантемыр дæр. Æппæт уыдон хаста йæ зæрдæйы, йæ удыхъæды. Уыдон æй царды кодтой бæр- нондæр адæмæн лæггад кæнынмæ, хæсты ныхмæ тохы — разæнгарддæр. Уыцы миниуæг ын æнкъардтой сыхбæстæ, мыггаг. Йæ ныхас сын уыд зонды хос, йæ æгъдау — фæз- минаг. Уымæн æй хуыдтой сыхы, мыггаджы хистæр. Уымæн ын — иу бабар кодтой ахсджиагдæр хъуыддæгтæ. Цины, зианы, хæлардзинады, фæрныгады хъуыддæгтæ. Уыдоны-иу алы хатт дæр йæ сæйрагдæр, сидтытæй иу уыд «Дуне сабыр уæд!» Дуне сабыр уæд! Ацы дзырдбасты хъуыды, хæсты мæ- лæтхæссæг тас кæй зæрдæты ахызт, уыдонæй тынгдæр никæмæ хъары. Æмæ йæ мачиуал бавзарæд, уый уыд Цопанаты сгуыхт хæстонæн йе стырдæр арфæ кæстæртæн. Театры æнтыст режиссеры курдиатæй аразгæ куыд у, афтæ нацийы зæрдæдаргæ фидæн та — йæ фыдæл- ты цардвæндаг, фарн æмæ намыс зонын æмæ йын аккаг аргъ кæнынæй.
^^^^^^^^^^^^^^^^х 129 Берлинмæ дзæбæхæй бæргæ бахæццæ... Диссаджы рæсугъд бон скодта. Арв сасирæй фæрсы- гъды хуызæн зыны, иу мигъы къæм ыл нæй. Бæстæ — сабыр, раст цыма дысон æмбисæхсæвмæйы хæст фыны цыд, уыйау. Топпы фæздæг райсомы ирдгæимæ æрбай- сæфт. Уæлахизы тырыса Рейхстаджы сæрмæ уддзæфимæ хъазæгау кæны. Тазрет ма йæм дардæй иу каст акодта, йæ зæрдæ дзы барухс æмæ сæрыстырæй йæ танкмæ ных- хызт, фæлгæсæнæй йæ цæст фæндагыл ахаста, раз- мæ, зæгъгæ, бардзырд радта, æмæ танк йæ бынатæй фезмæлыд. Афтæ ныр фæндзæм аз... Кæрон нал ис ацы цы- фыддæры хæстæн — фæтызмæгхуыз танчы командиры цæсгом: «Уæдæ знаджы лæгæт дысон нæ къухы куы баф- тыд, Уæлахизы тырыса йыл фæйлауы, — ахъуыды код- та, — фæлæ уæддæр фашисттæ сæ тугкалæн хæстыл ныддæвдæг сты, лæбурынц сæ фæстаг тыхтæй. Семæ сты Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй цæуджытæ — власовонтæ. Балбирæгътау бакъорд сты Берлинæй цал- дæр километры æддæдæр æмæ цæф сырдау фæйнæрдæм лæбурынц». Сæумæдæвдæгæй йæм командир фæдзырдта, уыцы къорд басгарын ын йæ хæс бакодта. — Ацæуынæн мын бар радт! — сдзырдта Тезийы-фырт æмæ йæ танчы æрдæм фæраст. Экипажимæ сæ хæстон хæсыл аныхас кодтой æмæ ныр сгарæг фæцæуынц. Тазрет йæ кæсæнæй æцæгæлон зæххыл йæ цæст ахаста. Стыр тъæпæнтæ йæм дзы нæ зынд, фæлæ хаты, *9
1зо /^З^в^^^в^^^^е^^ уалдзыгон хур та йæ мадау кæй æррæвдыдта, уый, æр- мæст æм зæхкусæджы къух нæма фæхæццæ, нæма йыл баузæлд, æмæ тæргайгæнæджы хуызæн зыны. Ранæй- рæтты йæ сармадзаны нæмгуытæ æмæ бомбæтæ, хуыммæ хуытæ куы баирвæзой, уыйау сфæйлыдтой. Афонмæ уалдзæг йæ тæмæны ис Ирыстоны дæр. Дидинæг фестадысты дыргъдæттæ, хъæдтæ. Куырттаты комы сæ зарæг нал æнцайы мæргътæн. Карцайы алы- варс къуылдымтæ цъæх хъæдабæйæ æмбæрзтæй зынынц. Хъæу дыууæ дихы чи кæны, уыцы цæугæдон йе ’нусон зарæг фæтынгдæр кодта. Йæ былгæрон хаста рæз Тазрет. Амондджын уыдысты Тезиаты æхсæз æфсымæры. Уалæй-иу сæ мад Зыгыты уæлхъус куы æрбалæууыдыс- ты, уæд-иу зæронды зæрдæ фырцинæй риуы нал цыд. Гуыппырсар фырттæ йын уыдысты, царды раст фæн- даг — фæллойы фæндаг равзæрстой сæхицæн. Сæрыстыр сæ уыд Зыгыт. Фæлæ дæлдæр фæуæд Гитлер, адæмы сæ фæрныг царды чи бакъуылымпы кодта. Хæст ын иугай фæуыгъта йæ хъæбулты. Æрхæццæ Тазреты рад дæр. Абон дæр ма йе ’хсæрфарсыл æнкъары ныййарæджы цæссыгты хъарм. — Дæхи-иу хъахъхъæн, мæ хур. Арæх нæм-иу фысс! Ныр дæр мæ зæрдæ фыстæджытыл лæууы, — ныффæ- дзæхста йын мад. Ныййарæджы фæдзæхст йæ зæрдæйæ не схицæн Тазретæн. Фыстæджытæ æрвыста йæ мадмæ, йе ’фсы- мæртæм хæсты быдырмæ. Æцæг ын йæхи хъахъхъæ- нынæн фадат нæ уыд — æгаддзинад йæ сæрмæ никуы æрхаста. Краснодары æфсæддон училищейы ацахуыры фæстæ бахауд хæстæн йæ цырыны — Сталинграды бын- мæ. Уыцы хъазуат тохты лæгæй-лæгмæ фембæлд знаги- мæ. Уыд фистæгæфсады хайады командир. Йæ хæстонты цырын кодта фашисттæн ахъаззаг ныхкъуырд дæттынмæ, ныббырстыты æдзухдæр уыд разæй, æвдыста хъæбатыр- дзинад. Уæд æппæты фыццаг йæ риуыл тæмæнтæ скалдта
паддзахадон хæрзиуæг — саккаг ын кодтой Намысы æр- тыккаг къæпхæны орден. Фыццаг тохы уæз, фыццаг хæрзиуæджы цин, стæй фыццаг уæззау цæфы рис дæр бавзæрста Сталинградыл тохты. Размæ бырсгæйæ йæ разы фехæлд сармадзаны нæмыг. Æртæ мæйы фæхуыссыд Ереваны госпитæлы. Уырдыгæй йæ ахуыр кæнынмæ арвыстой Бакуйы тан- кистты училищемæ. Ссис танчы командир, æмæ та — хæсты атагъа. Хæцыд Харьковы, Воронежы бынмæ, Украинæйы тыгъд быдырты. Харьковы бынмæ басыгъ- та æртæ «Тигр»-ы, Фыццаг Белоруссаг фронтимæ ахы- зт Полыпæмæ, иста Варшавæ. Райста Намысы дыккаг къæпхæны орден, майдантæ. Берлинмæ бахæццæ æртык- каг танкыл. Раззаг дыууæ тохы быдыры басыгъдысты. Фыццаг танчы йе ’мбæлттæй дыууæ фæмард, дыккаджы удзиан не ’рцыд. Тынг тæссаг фæндагыл цыд Тезийы-фырт Берлинмæ. Тохы быдырæй кæд нал æрбаздæхтаид, уый бæрæг нæ уыд. Фæлæ йæ хæстон хæсы раз къæмдзæстыг никуьт уыд. Уый нæ, фæлæ ма Райгуырæн бæстæйы сæраппонд тырныдта тугуарæн хæсты цæхæрмæ. Ныр абон Уæлахизы къæсæрыл, Берлин фæсте куы аззад, уæд цыдæр æвæндонæй цæуы сгарæг. Цас æв- вахсдæр кæнынц амынд бынатмæ, уый бæрц тынгдæр хъуысы йæ тугдадзинты дзæхст-дзæхст, къæрцхъусдæр у алы фæзылдмæ дæр. — Уæлахиз нæхи у, фæлæ ма ацы тохы æвыдæй куы баззаиккам, — февзæрд йæ сæры. — Зæрдæ ’хсайы Ирыстонмæ. Ныр цасдæр нал ныффыстон Æнамæ. Нæ уыд рæстæг. Фыстæджытæ нал исын ме ’фсымæртæй. Кæд мæнау карз тохты архайынц, уæд ницы кæны, фæлæ сыл кæд, мыййаг, исты æрцыд. — Галиуæрдыгæй «Тигр»! — йæ хъуыдыты хал ын аскъуыдта танк скъæрæг.
132 ^З^^^^в^^^в^З^ Тазреты цæстытæ йæ ацахстой. Знаг дæр сæ бафип- пайдта, йе ’ргом сæм разылдта. — Наводчик тагъддæр! — фæхъæр кодта Тезийы-фырт. Цæттæ у, зæгъгæ, дзуапп радта наводчик, æмæ сар- мадзаны гуыпп анæрыд. «Тигр»-ы фæздæг скалд. Хорз уæхи раргом кодтат. Ныр уын аирвæзæн нал и, зæгъгæ, сулæфыд Тазрет, фæлæ та кæсæнæй дæрддзæф ауыдта æндæр танк. Сдзурын дæр ын нæма бантыст, афтæ йæ цыдæр тых танчы къулыл ныццавта, æмæ иу уысм, цы баци, уый нал базыдта. Йæхи куы æрæмбæрста, уæд фæздæджы фæцæйхуыдуг кодта. Уæллаг люкыл схизæн нал ис, уый уайтагъд бамбæрста æмæ бынмæ йæхи ай- ста. Галиу къах йæ быны фæдыдагъ. Рисæй буарыл хиды æртæхтæ февзæрд. Сæр разылд, фæлæ йæхи хауын нæ бауагъта. Экипажы иугай асгæрста. Æддæмæ хизгæ, зæгъ- гæ, сын скомандæ кодта, фæлæ дзы иу дæр нал базмæлыд. Фауст — патроны цæфæй мæрдон фынæй баисты. Танчы бинаг люкæй тыхамæлттæй æрлæст. Йæ тæв- дæй ма цалдæр метры иуварс абырыд, стæй зæрдæ бахъарм. Тезийы-фырт йæхи æрæмбæрста госпитæлы. Йæ буар рыст иууылдæр. Медицинон хо йæ алыварс мамазила кодта. Сабыргай афæлгæсыд палатæйыл. Цы кодтон, зæгъгæ, йæхи афарста, æмæ йæ хъуыдыйы сног ис йæ фæстаг балц. Къахмæ йæ зæрдæ фехсайдта. Къухæй йæ асгæрста. — Нал и!.. — Маст хъуыр ахгæдта, стæй уыцы-иу рæдывд æддæмæ ракодта, æмæ палатæйыл азæлыд йæ хъæр. Цæсгом хиды æртæхтæй айдзаг. Дæндæгты къæс-къæс ссыд. — Дæхи ма æфхæр, æнæкъахæй нæ, фæлæ æгас кæй дæ, уымæй бузныг зæгъ дæ ирвæзынгæнджытæн, — зæр- дæтæ йын æвæрдта медицинон хо. — Тагъд адзæбæх уы- дзынæ æмæ — уæхимæ, дæ уарзонмæ. Тазреты йæ къахьт сагъæс æхсæв æрцъынд кæнын нæ бауагъта. Ныр æй куыд фæхабар кæна Æнайæн. Æмæ
сфæнд кодта фыстæг нал ныффыссын. Уæддæр нæхи- мæ тагъд ацæудзынæн, рагацау ма мæ мады зæрдæ цы риссын кæнон, зæгъгæ. Цæмæй зыдта Тазрет, дыууæ хатты дзы Карцамæ «сау гæххæттытæ» кæй райстой. Фæлæ сæ постхæссæг Есиаты Гаврил Зыгытæй басусæг кодта. Æнæуый дæр ный- йарæджы рис чысыл нæ уыд — хæсты бабын сты йæ хъæ- бултæ Хаджумар, Хадзысмел æмæ Хадзымæт. Иу хабар нæ уыд Ибрагим æмæ Тазретæн йæхицæй дæр. Иæ бинонты уæззау цæфтæ Тазрет дæр базыдта, го- спитæлы фæстæ дыууæ лæдзæджы æнцой цæугæйæ Гуысырайы сæрмæ постхæссæг Есиаты Гаврилимæ куы фембæлд, уæд. Хæстоны риуыл тæмæнтæ калдтой йе ’ртæ ордены æмæ майдантæ. Уæлахизæй здæхт йæ райгуы- рæн хъæумæ. Цины уылæнтæ йæ хастой сæ уæлныхты. Ферох æй йæ къахы мæт дæр. Есийы-фыртимæ кæрæ- дзиуыл фæцин кодтой, стæй Тазрет фæрсынмæ фæци. Хорз хабæрттæ нæ фехъуыста, фæндаджы былгæронæй йæ масты уæзæй сыстын нал фæрæзта. Рæстæг цæфтæ дзæбæхгæнæг у, фæзæгъынц. Сдзæбæх сты хæстонты цæфтæ дæр. Æрмæст сæ арф фæд баззад Тазреты зæрдæйы, йæ æнæниздзинады, йæ дарддæры хъысмæты. Уыцы зындзинæдтимæ тохы йæхи æвды- ста æцæг хæстонæй, фæллойыл, цардыл йæ къух никуы ауыгъта. Сæ кæнон бакодтой хæстоны цæфтæ, хæсты ты- мыгътæ. Тезиатæ сæ хæстæфхæрд фыды бавæрдтой Октябрыхъæуы уæлмæрды йæ æдзард æфсымæртæ Хаджумар, Хадзысмел æмæ Хадзымæты афтид ингæнты фарсмæ. Æмæ ныр, уæлмæрдмæ бахизгæйæ, цæстæнгас ацахсы цыппар хæстоны, цыппар æфсымæры цыртытæ. Уыдонæй адæммæ сæрыстырæй кæсынц сæ æнæхин сурæттæ.
134 у^^^^^^^^^^^^^^ Хæстоны удисæн Хуымæтæг уат. Рæбынæй сынтæджы Хуыссы фæлахс зæронд лæг. Йæ рис æй бакодта уынгæджы. Мæрдонвæлурс... Æсмæллæг. Мæлы хæстон. Нымад сты йæ бонтæ. Йæ уд бынтон æснарæгу Цырагъау судзы, — фæуыдзæн сонтæй: Ныммарой кæндзæн хьарæг. Куы ’рæмбары йæхи, уæд йе ’мбæлтты, Йæ тохы бонтæ мысы: Цыма та хæст æстынг. Тæссаг рæтты Фыдгул хьуызгæ æрбырсы. Фæдис ныхьхъæр кодта, стæй йæхæдæг Рæвдз аивта йæ бынат. Тыгьды зæй рацыд: æфсæн æссæртæг. Лæсæнау хылд фыдызнаг. Йæ развæд æндон уартау Сырх Æфсад Ныхæй-ныхмæ ныббыцæу. Сæтты æзнаг, йæ хъару бастад... Сæргой æсси — фæлидзæг... Хæцæн æрæнцад, — ныссабыр бæстæ. Цæфæй хуыссы уæлгоммæ. Æрчъицы: фæздæгхæццæ æврæгътæ Тæрккъæвдайау — йæ сæрмæ. Æдзæм быдыр — хъæдгæмттæ. Йæ дзаума Йæ алыварс — пыскъуылтæй. Фыдгулы мæлæтхæссæг сармадзан. Ныууагъта йæ цæнкуылтæй.
^^в^^^в^^^в^^З^ 135 Генералиссимус Сталины дæс бæрзæйсæттæн цæфы знагæн Историон ахсджиаг цаутсе Адæймагæй æнаххосæй цасфæнды тугтæригъæд- тæ куы фæдзурай, «цъыфы» йæ куы сæвдулай, уæддæр искуы йæ рæстдзинад сбæрæг уыдзæн, адæммæ ирдæй разындзæн. Йæ амардæй абонмæ Сталинæй æвзæрæй, фыддзинад æмæ фыдракæндæй цы нал загътой, ахæм, æвæццæгæн, нал баззад. Фылдæр æрымысæггаг ха- бæрттæ. Суанг ма нæ телеуынынадæй дæр райхъуыст, Мæздæджы район нæ республикæ рагæй агуырдта, фæлæ нын æй Сталин нæ лæвæрдта, зæгъгæ. Æмæ, дам, Сталин куы амард, уæд нын æй радтой. Афтæмæй та Мæздæджы район Цæгат Ирыстоны сконды ис 1944 азæй, Сталин та амард 1953 азы. Уæрæсейы чидæртæ сæхи тынг хъарынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахиз Г. Жуковимæ ба- бæттыныл, Сталин, дам, дзы ницы сахадыдта. Ома, шах- мæттæй хъазæг нæ рамбылдта, фæлæ фигурæтæ. Уыцы æнæбындур хатдзæг фæсарæнты ахуыргæндтæ дæр ма ницæмæ дарынц, æмæ дзы иуæн цалдæр азы размæ Англисы рацыд чиныг ахæм сæргондимæ: «Сталинский маршал Жуков». Амæй бæрæг у, чи дзы кæмæй уæлдæр у, уый. Уæдæ дзы йæ цыфыддæр знаг æмæ æрмæст уый нæ, фæлæ æппæт дунейы рæстзæрдæ адæмы цыфыддæр знаг Адольф Гитлер та афтæ загъта: «Сила русского наро- да состоит не в его численности или организованности, а
136 ^^в^^^вВ^З^в^^^ в его способности порождать личности масштаба Сталина. По своим политическим и военным качествам Сталин на- много превосходит и Черчилля и Рузвельта. Это един- ственный мировой политик, достойный уважения. Наша задача — раздробить русский народ так, чтобы люди масштаба Сталина больше не появлялись». Ацы хъуыдытæй бæрæг у, Гитлер кæимæ хæцыд, йæ размæ цы стыр хæс æрæвæрдта, уый, зыдта æмæ йе ’ппæт хъарутæ, фыдзонды тæрхæттæ дæр сарæзта фæуæ- лахиз ыл уайы нысанмæ. Фæлæ йын дзы ницы рауад. Сталин ын цы бæрзæйсæттæн цæфтæ ныккодта, уыдоныл базгъæлæнтæ сты йæ тыхтæ æмæ йæ кæнонтæ. Хæсты ве- терантæ æмæ иннæ хистæр фæлтæртæ хорз хъуыды кæ- нынц уыцы бæрзæйсæттæн дæс цæфы. Æрцыдысты 1944 азы Баренцы денджызæй Сау денджызмæ дæрддзæджы. Уыдон сæргой фæкодтой фашистты, æмæ лидзæг фесты дард хурныгуылæнмæ. Фыццаг цæф сыл æрцыд 1944 азы январы Ленинграды бынмæ. Хæцыдысты дзы Ленинграды фронт (командæгæ- нæг — æфсады инæлар Говоров), Волховы фронт (коман- дæгæнæг — æфсады инæлар Мерецков). Дыккаг цæф — январы кæрон — февралы Украинæйы Рахизфарсы. Хæцыдысты дзы Украинаг 1-аг, 2-аг, 3-аг фронттæ (командæгæнджытæ — маршæлтæ Жуков æмæ Конев). Æртыккаг цæф — апрель æмæ майы. Хъырым ссæри- бар. Хæцыд дзы 4-æм Украинаг фронт (командæгæнæг — æфсады инæлар Толбухин). Цыппæрæм цæф — июны Карелы зæхкъубалæджы. Хæцыдысты дзы Ленинграды фронт (командæгæнæг — æфсады инæлар Говоров) æмæ Карелы фронт (коман- дæгæнæг — маршæл Мерецков). Фæндзæм цæф — июлы Белоруссийы æмæ Литвайы. Хæцыдысты дзы Белоруссаг 1-æм фронт (командæгæ- нæг — маршæл Рокоссовский) Белоруссаг 2-æм фронт
^^^^^^^^^^^^^^^^^^ч 137 (командæгæнæг, æфсады инæлар Захаров), Белоруссаг 3-æм фронт (командæгæнæг — æфсады инæлар Черняховский), Прибалтикæйы 1-æм фронт (командæгæ- нæг — æфсады инæлар Баграмян). Æхсæзæм цæф — июлы æмæ æппæт сæрды. Суæгъд Хурныгуылæн Украинæ. Хæцыдысты дзы Украинаг 1-æм фронт (командæгæнæг — маршæл Конев), стæй Ковпак æмæ Вершигорайы партизанты иугонд. Æвдæм цæф — августы. Ясско-Кишиневы къордтæ. Румын суæгъд кæныныл. Хæцыдысты дзы Украинаг 2-æм æмæ 3-æм фронттæ (командæгæнджытæ — æфсады инæлар Малиновский æмæ маршæл Толбухин). Æстæм цæф — сентябры-октябры. Суæгъд Прибалтикæ. Хæцыдысты дзы Ленинграды фронт æмæ Балтийы флот. Фарæстæм цæф — 1944 азы сентябрь-октябрæй 1945 азы февралмæ. Украинаг 4-æм фронты хæстонтæ абыр- стой размæ цæугæдæттæ Тиссæ æмæ Дунайы æхсæн зæххытыл, суæгъд кодтой Венгри, баиу сты Югославийы æмцæдисон æфсæдтимæ (командæгæнæг — маршæл Б.Тито) æмæ суæгъд кодтой Фæскарпаттæ. Дæсæм цæф — 1944 азы октябры. Сырх Æфсад æмæ Цæгатаг флот абырстой цæгаты ’рдæм æмæ Заполярьемæ, фашисттæ дæрæнгонд æрцыдысты Норвегийы. Адон хуымæтæджы «Æмбал Сталины знагæн бæрзæй- сæттæн цæфтæ» нæ рахуыдтой. Уый разамындæй сæ снысан кодтой, уый зондамындæй æххæстгонд æрцыды- сты. Æмæ Гитлеры æрдонгтæн сæ хъару асаст, Берлинмæ бабырсын ахæм зын нал уыд. Уæдæ Н. Хрущевы хуы- зæн æнæхсæст æмæ сæлхæр политиктæ, Сталин, дам, æфсады размæбырстытæ глобусмæ гæсгæ лыг кодта, хæ- сты райдайæны та, дам, фæтарст æмæ цалдæр боны йæхи нал равдыста, уыдон дæр æрымысæггаг даутæ кæй сты, уый дæр рабæрæг. 2018 азы 7 апрелы бæстæйы Хицауады телеканалæй Подольскæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
138 /&&^&&&$&&^&$^&&^ архивтæй цы репортаж æвдыстой, уым бæлвырд доку- менттæм гæсгæ хæсты фыццаг æхсæв Сталинмæ йæ кабинеты немыцаг фашистты æрбабырсты фæдыл уыд Хицауады æнаргъæвгæ æмбырд. Цæуыл дзырдтой, цы уынаффæтæ рахастой, уыдон фыстæй лæууынц архивы. 1935 азы францаг фыссæг Анри Барбюс уыд Советон Цæдисы. Æрзылд бæстæйыл, фембæлд Сталинимæ. Куыд фæзæгъынц, йæхи цæстытæй цы федта, йæхи хъустæй цы фехъуыста адæмæй, уый ныффыста иу чиныджы. Хонгæ та йæ ракодта «Сталин». Уырыссаг æвзагмæ йæ ратæлмац кодтой. Æрхæсдзынæн дзы, Сталинæй цы дзу- ры, уыдонæй иу хабар: «Сывæллонау худын чи зоны, уый сæ уарзы. Уымæн сты æртæ — хъомыл Яшæ, ды- ууæйæ чысылтæ: цыппæрдæсаздзыд Вася æмæ астаздзыд Светланæ. Йæ цардæмбал Надеждæ Аллилуева фарон амард... Сталин йæхицæн фырт загъта Артем Сергеевæй, йæ фыд æнæнхъæлæджы фыдбылызы бахауд 1923 азы æмæ фæмард. Фыдау рæвдауы Джапаридзейы дыууæ чы- зджы, сæ фыды сын англисæгтæ фехстой Бакуйы». А. Барбюс Сталины тыххæй йæ чиныг та балхынцъ кæны афтæ: «Человек с головою ученого, с лицом рабочего, в одежде простого солдата». Хæсты фæстæ Генералиссимус И. Сталины Иуæндæсæм цæфыл та нымад æрцыд, АИШ-ы доллæрыл йæ къух кæй систа, уый. Уæд доллæрæн аргъгонд цыд сыгъзæринæй. Советон Цæдисы банкты цасдæриддæр АИШ-ы доллæртæ уыд, уыдон сын иууылдæр арвыста æмæ сæм сыгъзæринæй цас цыд, уый бæрц æрбаласын кодта. АИШ-ы доллар ныртæккæ гæххæтт йеддæмæ ницы уал у, афтæмæй йын ис стыр аргь, æмæ дзы дунейы бæстæтæй хъазы, йæхи хъæздыг кæны. Уымæй ма сын уынаффæтæ дæр кæны. Уымæн нал быхсынц Уæрæсейы Федераци, Китай, Инди æмæ иннæ стыр бæстæтæ. Архайынц, кæрæдзийы мидæг сæхи æхцатæй базар
^З^^^З^^^^в^^В^ 139 кæнын райдайыныл. Уым стыр хъæппæрис æвдисы УФ- йы Президент В. Путин. Гъе, ахæм стыр лæг лæууыд егъау бæстæ Советон Цæдисы сæргъы йæ тæккæ зындæр рæстæг — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман, æмæ фæуæлахиз адæймагады цыфыддæр знаг гермайнаг фашизмыл. Хæсты фæстæ та сарæзта, историйы чи нæма уыд, ахæм егъау импери, йæ ахадындзинад æмæ хъомыс зæххы æппæт континенттæм кæмæн æххæссыдысты. Йæ амар- ды фæстæ йæ фехалыныл ныр 60 азæй фылдæры рæ- стæг архайынц Уæрæсейы мидбæстон æмæ фæсарæйнаг знæгтæ æмæ сын хæлд нæма фæци. Уæдæ йын йæ са- разын йæ алыварс сусæг-æргом знæгты æхсæн йæ къухы куыд зынтæй бафтыд, уый абоны санкциты уавæрты В. Путинæй хуыздæр чи хъуамæ æнкъара! Йæ ном та æнгом баст у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты не Стыр Уæлахизимæ, фæхицæнгæнæн сын нæй. Иу хъуыдыйы уацары бахауæг адæймаг зондхъуаг кæны Нацийæн, адæмыхаттæн сæ сæйрагдæр æвдисæн у сæ мадæлон æвзаг. Уый сын ис, уæд сæхæдæг дæр сты. Сæ мадæлон æвзаг фесæфтой, уæд сæхæдæг дæр нал сты. Æнæвзаг адæмыхатт æнæнымад адæм сты.
140 ^з^9^^^в^^3^е5^^ Уæлæмхасæн Ирон адæмы йеддæмæ æхсæнады йæ мадæлон æвза- гыл дзурын æфсæрмиаг никæцы адæммæ кæсы. Царды исты чи ахады, уый йæхицæй никуы раппæл- дзæн. Куы дзы æппæлай, уæд та ныфсæрмы уыдзæн. Ирон адæмæй: ир,дыгур, къуыдар, туал, чысан чи кæны, уый дзы йæхæдæг кæцæй у, уыдоны дæр нæ уар- зы æмæ сæ йæ адæмы цæсты æфтауы. Адæм се ’взагыл уæлæхох куы кæной, уæд сæхи ныхмæ цæуынц, сæ фидæныл сæ къух исынц. Уый хъуыдыйаг у абоны ирон адæмæн. Завод фехæла, хид... Ногæй та йæ сараздзысты. Æвзаг куы нал уа, уæд ын раздахæн нал вæййы. Æмæ йæ адæмыл мæрдырох бафты. Цард зындзинæдтæ æвзарæн у, æмæ дзы адæмæй иутæ æнæхъинц уæрдонау фыдæбоныл сты, стæй ма сын иннæтæ дæр сæхи буц кæнынц, куыд зын цæрæн сын у, цæрын сæм кæй нæ цæуы, уый цыма уыдоны ах- хос у, уыйау. Йæхицæй разы чи у, уымæн æнцондæр у цæрын. Фæлæ йæм æдзух афтæ кæсы, цыма йын адæм аккаг
^^^^^^^&^^^&^^ 141 аргъ нæ кæнынц. Æмæ йæ уыцы хъуыдыйы мæт иуда- дзыг хæры. Мæсты кæны, йæхиуыл нæ кусы, размæ нæ тындзы æмæ мидбынаты цоппай кæны. Йæхицæй разы чи нæу, уый æдзух йæхиуыл кусы, æмæ йын фылдæрæй-фылдæр æнтысы. Уæддæр æм афтæ кæсы, цыма йын йæ фыдæбонæн адæм æгæр стыр аргъ кæнынц, æмæ йæхи хъары уыдоны хъуыдыйы ак- каг суæвыныл. Хорз адæймаг адæмæн — хæринаг. Лæмæгъ хицау йæ алыварс æмбырд кæны, йæ ныха- сæн ын «о» чи кæна, ахæмты. Хъуыддаг та рæзы бы- цæуы хъуыдытæ кæрæдзийыл баргæйæ. Æвзæр хорз никæй хоны, хорз та ма æвзæртæм дæр цыдæр хорздзинæдтæ агуры. Намысджын фыды ном йæ цотæн адæмы зæрдæты дуæрттæ гом кæны, фæлæ йæ бæрнондзинад дæр стыр у. Мады уарзтыл чъизи нæ хæцы. Хæлар ахаст куырм йæ зæрдæйы цæстытæй уыны, къуырма йæ зæрдæйы хъустæй хъусы. Цард æрмæст хорз æмæ æвзæрæй, «о» æмæ «нæ»- йæ чи бары, уый, æнæмæнг, рæдийы. Уымæн æмæ йæм нымады не сты хорз æмæ æвзæры, «о» æмæ
742 ^&$^&&^&&%0&$^&%0!^ «нæ»-йы æхсæн чи æмæ цы ис, уыдон. Уыдон та хорз æмæ æвзæрæй «о» æмæ «нæ»-йæ дзæвгар фылдæр сты. Цард куыд хæрзхуымæтæг æмæ цыбыр у! Афтæмæй йæ адæймаг ницæййаг хъуыддæгтыл, хæрам митыл цымæ цæмæн хардз кæны?! Рæстаг æмæ сæрибар адæймаг уый у, йæ ныхас æмæ йæ архайд æрмæстдæр йæхи пайдайы фæдыл кæмæн не сты. Адæм раст ныхасæй мæнгтæ дзурæгыл тынгдæр æууæндынц. Царды цы æрцæуы, ууыл ма къæхтæ æмæ къухтæ куы бафтауай, уæд уыдон та рох никуыуал фæкæндзысты. Ирон æгъдау чи нæ зоны, уый йæхи афтæ æвдисы, цыма йæ ницæмæ дары, æмæ йæ базонынмæ нæ тырны, фæлæ йæхи мидæг мæсты кæны, рæсугъд æй чи кæны, уыдонмæ. Мах æгъатыр дуджы цæрынц æгъатыр адæм. Ирон мадæлтæй йæ цотмæ иронау чи нæ дзуры, уы- дон сты ирон æвзаджы цыфыддæр знæгтæ. Ахæмты тыххæй хатт ирон æвзаг мадæлон æвзаг рахонын зæрдæ нал фæкомы.
СÆРГÆНДТÆ Уæлахизы сидзæртæ 3 Мæ хъæбул, æви мæ ардбахæрд 40 Дыууæ дезертиры 49 Æнæхуыр фидыд 58 Хæлæджы фыдгæнд 72 Хъæбатыр Тотрадзы таурæгъ 81 Æнæбасæтгæ 90 Мызæйы топпыхос 96 Æнусты фæлтæрддзинад 100 Рагбонты фыстæджытæ 103 Царды уæз, йæ æнæнцойдзинад 116 Операци «Осетин» Францы зæххыл 122 Берлинмæ дзæбæхæй бæргæ бахæццæ 129 Генералиссимус Сталины дæс бæрзæйсæттæн цæфы знагæн 135 Уæлæмхасæн 140
Цгъойты Хазби Уацау, новеллæтæ, радзырдтæ, уацтæ Повесть, новеллы, рассказы, публицистика Редактор — Короева Л.Г. Корректор — Короева Л.Г. Верстка — Газзаева З.Б. АО «Осетия-Полиграфсервис» 362015, г. Владикавказ, пр. Коста, 11. Тел.: 25-96-18. Сдано в набор 9.01.2020 г. Подписано к печати 20.01.2020 г. Формат бумаги 60x84 1/16. Бумага офсетная. Гарнитура шрифта «АЕ КисказЬоу». Печать офсетная. Усл.п.л. 9. Учетно-изд. 8,37 л. Тираж 150 экз. Заказ № 791.