РАДЗЫРДТÆ
Нæ цæугæ мæсыг
Æз дын мæ чызджы ратдзынæн
Мæсчъыхъæуы
Дзыллæйы сагъæстæ
Æнæхуыссæг æхсæв
Æхсины лæг
Фæстаг æхсæв
Йæ худындзæг фæкъæртт
Рæстмæ чи нæ фæци, ахæм лæвар
Æхсызгон улæфт
Терчы был
Уасил, уасил
Сынкъ
Хистæры лæвар
Лæгæй-лæгдæр
НЫВÆФТЫДТÆ
Дыууæ хохы
Фæд
Зæрдæйы рухс
Худынц сывæллæттæ
Нæры зæхх
Хуры тын
Фондзы кæстæр
Кæмæ куывта фыд?
Ног тала
Мады къухтæ
Аууон
«Хуыснæг»
ПОВЕСТТÆ
Нæ фехъуыстон ма зæгъ
Балцы зарæг
Text
                    цдгæрлты
/илкси/и
ЦÆГ^Т ИРЫСТОНЫ
ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪД АД
«» ■• >«. ЛК <» ■« Н ШС »■ >1 « С


С(Осет.) Ц 13 МАКСИМ ЦАГАРАЕВ Я ВЕРЕН СЕРДЦУ ТВОЕМУ Произведения на осетинском языке Северо-Осетинское книжное издательство Орджоннкндзе * 1966
Мæ цин, мæ хъыг, мæ сагъæстæ Дæуыл сты, мæ Ирыстон!
БÆЛЦЦОНЫ ХЪУЫДЫТÆ Нæ урс сæрыхилтæ... Хъæуа, нæ хъæуа — уæ кой уын æнæ рйкæнгæ нæ фæвæййæм. Хистæры нысан, хистæрыл комдзог... Кæм афонæй раздæр фæзынут, кæм та æрæгвæззæджы миты фыццаг гæбынатау бынтон æрæджиау æрбадут сæрыл. Хуры тынтæм уæд та куы таиккат. Уæд та рæстæгмæйы уазджытæ куы уаиккат... Æз кæсын мæ фæлтæры урс хилтæм. Лæгдзинады урс хил- тæ! Цымæ кæд фæзындыстут? Хæсты быдыры? Уæззау цæф- ты фæстæ? Фыд-зæрдæйы фыдрæхуыстытæй? Æви адæмы мæт, адæмы рыстæй. Кæддæр мах цымыдисæй кастыстæм нæ хистæрты урс хил- тæм. Сæрыстырæй дзырдтам нæ хистæрты хъæбатырдзинады хабæрттæ. Ныр та мах урсытæм кæсынц кæстæртæ. Мах тых- хæй кæнынц сæ бирæ таурæгътæ. Афтæ у цард. Адæймаджы адджын цард. Кæм нæ фыдуаг тымыгъты акæны, кæм гуыргъахъ фæндæгтыл, кæм нæ æвæд тæссæртты асайы, кæм та дидинæгæй фæлыст уыгæрдæнты. Цард дæр уымæн хуыйны, — алыхуызон у, йæ хорзæн дæр, йæ зынæн дæр кæрон нæй. ...Рæсугъд уалдзыгон бон. Хърупсы хъæугæрон. Кæд- дæр бæгъæввадæй, бæгъæмзæнгæй родтæ кæм хызтон, уыцы фæз. Цалдæр сабийы. Сæ хызынтæ кæрæдзиуыл самадтой, сæ хæдæттæ хъæддаг кæрдойы цонгыл сауыгътой. Гæлæбутау ра- тæх-батæх кæнынц. Бæстæ сæ сæрыл систой. Аивæй сæм кæ- сын. Хæрзхуыз, æфснайд лæппутæ. «Тæхуды, сымах карæн ма чи у!.. Цæй, æмæ мæ дзабыртæ фелвасон. Ау, нæ сæ баййафдзынæн? Æмæ уæд мæ сæры ур- сытæ та? Зæрондырдæм йæ зонд фæцыд, зæгъгæ мын куы зæ- 5
гъой, уæд та?» — хъуыды кæнын æз æмæ мæ мæ хъуыдытæ сæ уæлныхты систой, сæ рог базыртыл мæ ахастой мæ сабийы бонтæм. 1929 аз. Уæллаг Зджыд. Æргъайзæн. Æрæгвæззæг. Мигъ æнгом ныббадти комы, æрæнцад хæхтыл. Уазал сæлфынæг. Къæхтæ дудынц. Зæронд уæйлаг нымæт дæр сын ницыуал ахъаз у. Фос мигъы бынæй нал зынынц. Чысыл мæсты дæн мæ фыдмæ, дыккаг аз мæ иунæг хатт дæр кæй нæ бабæрæг кодта, уый тыххæй. Ме ’мбæлттæ афонмæ скъолайы хъарм уа- ты бадынц, æз та ме ’скъуыдтæ нымæты бæгъæввадæй фосы фæдыл... Бирæгъы амæддаг фæуæнт, иу дæр сæ мауал баз- зайæд! Мæ кæуындзæг мæ хъуыры ныббадт. Къостайы уæлыгæ- сау мæ фæлидзынмæ бирæ нал хъуыд. Стæй мæ зæрдыл æр- балæууыд, абон райсом мын не ’рвадæлты лæппу Геор цы чиныг радта, уый. Арæхстгай йæ систон мæ хызынæй, цæмæй ма ныххуылыдз уа, уый цыххæй йæ нымæты къабазæй æрæм- бæрзтон. Чиныджы фарсæй та мæм æнкъардæй скасти ме ’нæ- зонгæ куырм лæппу. Бызгъуыртæ дарæсы. Æнæ худæй, бæ- гъæмвадæй. Йæ къухы хъисын фæндыр. Цыма мæм афтæ дзырдта: «Цы та цæмæй тæрсыс, мæнау куырм куынæ дæ, миййаг? Фыд, мад, æфсымæртæ дын...» Уæд та чиныджы ныхæстæй исты куы зонин! Æрмæстдæр йæ нывтæ. Уыцы куырм лæппуимæ. Кæм — иунæгæй, кæм та адæмы æхсæн... Цалдæр боны фæстæ, мæ чиныг мæ хызыны, Уæллагкомæй Хъивоны æфцæгыл мемæ цы хъæдын къоппа рахастон, уый йæ фарсмæ, афтæмæй ныууагътон Æргъайзæн. Фæрсгæ дæр никæй бакодтон, хæрзбон дæр никæмæнуал загътон. Мæ хъустæ мæ сæры хъуынты бынæй нæ зындысты, афтæмæй æр- фардæг дæн Хърупсмæ, нæ хæдзармæ. Æз уæд йедтæмæ никуы федтон мæ фыды цæстытæ уымæ- лæй. Йе ’вастæй кæй æрцыдтæн, уый йын кæд цыфæнды хъыг уыди, уæддæр мæм схуыст ныхас не ’сфæрæзта. Кæрты астæу лæууыд æмæ æнæ исты дзургæйæ каст, бинонтæ мыл куыд цин кодтой, уымæ. Дыккаг бон нæ сыхы лæппутимæ скъолайы балæууыдтæн. Сындзытыл бадæгау фæбадтæн иу урок, стæй мæ дыккаг уро- чы ахуыргæнæг сыстын кодта. — Кæй лæппу дæ? Ардæм æнæ фæрсгæйæ цæмæн æрба- цыдтæ?.. 16
Фыццаг мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззад, стæй йын загътон, чи дæн æмæ скъоламæ цæмæн æрбацыдтæн, уый. Ахуыргæнæг йæ урок ныууагъта æмæ мæ скъолайы хицау Би- тарты Евджинмæ бакодта. — Æмæ нырмæ кæм уыдтæ? Ахуыры аз мæй æмæ æрдæ- джы размæ куы райдыдта, — тызмæгæй загъта скъолайы хи~ цау, стæй мæ уæд фæрсынтæ систа. Фиййауæй нымайын чи нæ зоны, уый цæй фиййау у? Æз дæр сахуыр дæн фос нымайыныл. — Хъусыс, мæйы æмгъуыдмæ дæ уадзын. Кæд де ’мбæлт- ты баййафай, уæд хорз, кæннод иу мæ хъаст ма ракæн, — йæ ныхас фæци скъолайы хицау æмæ мæм йæ кæсæнцæстыты сæрты æрбакаст. Æз Евджины дуар мæ сæрыл рахастон. Цыппæрвадæй — нæхимæ, уырдыгæй — дуканимæ. Стæй, мæ ног чингуытæ мæ дæларм, афтæмæй фæстæмæ скъолайы смидæг дæн. Урокты фæстæ мæнмæ бакæсын — цыма хъæуы мæнæй яæгдæр ничи уыди, уый хуызæн сæрыстырæй цыдтæн нæхимæ, тагъд кодтон. Мæ фæзындмæ бинонтæ стырæй, чысылæй мæ размæ ракалдысты. Æз уыциу тъæбæртт баластон æмæ мæ мады хъæбысмæ мæхи баппæрстон. Изæры суанг æмбисæх- сæвмæ нал бафынæй сты мæ кæстæртæ — фæйнæрдыгæй мын мæ чингуытæм лæбурдтой, фарстой мæ... Афтæ райдыдтой ме ’скъолайы бонтæ. Афтæ ныууагътон хохы мæ гыццыл фиййауы лæдзæг, мæ саунæмгуыты, мæ мæц- къуыты, Æргъайзæны дидинджыты, мæ хъуынтъыз фæззыгон бонты, мæ хуыздæр хæлар Георы... Скъолайы бæлвырддæр базыдтон, Æргъайзæны мæм чи- ныджы цъарæй цы лæппу касти, уый — Короленкойы «Куырм фæндырдзæгъдæг». Цыппæрæм къласы ахуыргæнгæйæ, фыццаг хатт ныффыс- тон районы газет «Раздзогмæ». Мæ бон цас уыд, уыйбæрц раппæлыдтæн нæ хъæуы дуканигæс Габанты Хаджумары хорз куыстæй. Дыккаг бон мæ уацхъуыд рæсугъд рамкæйы фæ- зынд йæ дуканийы къулыл. Æнæуый дæр лымæнæй царды- стæм Габанты бинонтимæ, фæлæ уæдæй фæстæмæ уæлдай хæ- лар сыстæм. Мæ фыд ма мын цалдæр хатты уайдзæф дæр ба- кодта, Хаджумар та дæ фарста, цæуылнæ йæм бауайыс, зæгъ- гæ. Æмæ æцæг хорз адæймаг уыди, бирæ йæ уарзтой хъæуы адæм. Фæлæ хъуыддаг уыцы фыстыл нæ ахицæн — скъолайы 7
мыл уацхæссæджы ном авæрдтой. Евджин мæм фæсидты æмæ фæстæдæр къулы газеты бын мæ ном æмæ мæ мыггаг редак- торы бынаты февзæрдысты. Ныр дæр ма мæ гæххæттытимæ æфснайдæй лæууынц Хуытъинаты Цыппу æмæ Дзадтиаты Тотырбеджы къухфыстытæй хуынды билеттæ. Уæд уыдон дыууæйæ дæр куыстой «Раздзоджы» редакцийы. Уыцы бонты районы уацхæсджыты æмбырды базонгæ дæн, æфсымæртау кæимæ фæцардыстæм, иу хæдон дæр нын уæрæх кæимæ уыд, уыцы сыгъдæгзæрдæ, курдиатджын лæппу — Ба- ситы Дзаххоттимæ. Иумæ ацыдыстæм Дзæуджыхъæуы педагогон рабфакмæ дæр. Уым «схъæр кодтам», мах дæр æмдзæвгæтæ кæй фыс- сæм, уый. Кочысаты Мухарбег, Калоты Хазби, Мыртазты Ба- рис, Цæрукъаты Алыксандр, Цырыхаты Михал — бирæ фæ- сивæд уыди уыцы азты Дзæуджыхъæуы, литературæмæ йе }ргом чи здæхта, ахæмтæ. Кæд не ’ппæт иу ран нæ уыдыстæм, уæддæр ахæм изæртæ бирæ не ’скодта, не ’мдзæвгæтæ кæрæ- дзийæн кæд нæ бакастыстæм, суанг фæЬæмбисæхсæвтæм (кæ- нæ та боныцъæхтæм!), нæ уарзон хистæр фысджыты хорзы кой кæд нæ фæкодтам. Кæмæй раппæлыдаиккам, ахæм хис- тæртæ та нын бирæ уыд—Дзанайты Иван, Хуытъинаты Цып- пу, Ардасенты Хадзыбатыр, Мамсыраты Дæбе, Хъайтыхъты Геор, Плиты Гриш, Гулуты Æндрей, Боциты Барон, Хозиты Яков... Уыдонæн се ’ппæты сæр лæууыди Къоста — нæ ра- загъд, не ’скаст, не ’фсарм, нæ цæсгом. Пушкин, Лермонтов, Байрон, Фет, Надсон — æнæ уыдон нæм цард æххæст рæ- сугъд нæ касти. Фарстам сæ нæ зыны сахат, нæ цины рæстæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, алчидæр йæхирдыгонау. Уыдис не ’хсæн рæстæгмæйы адæймæгтæ дæр, рифмæгонд ныхæстæй-иу йæ сæр кæмæн разылди, зæххыл кæй цæуы, уый иу кæмæй ферох, ахæмтæ. Бирæйы фаг сын нæ систы сæ «къæ- бæлдзыг» ныхæстæ, уайтагъд ахуыссыд сæ «поэтикон зынг». Нæ кæрæдзийы циныл цин кодтам, не умбалы лæмæгъдзи- над та хъыгыл нымадтам не ’ппæт дæр. Æмæ-иу «Рæстдзи- нады», «Мах дуджы» Мыртазты Барисы, Кочысаты Мухарбе- джы дзæбæх æмдзæвгæтæ куы бакастыстæм, уæд кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг уадыстæм, сыгъдæг зæрдæйæ цин кодтам не мгæртты сгуыхтыл. Кæм та карз быцæутæ, æргом ныхас лæ- мæгъ уацмысты тыххæй. Стæй... (О, уыцы «стæй»! Алы хатт йæ фæдыл исты æнæ расайгæ нæ вæййы!) Нæ фæндæгтæ алырдæмты фæцыдысты. 8
Кæй Белоруссийы тар хъæдтæм асайдтой, кæй Украинæйы уæрæх быдырты ахастой, кæй та Берлины судзгæ уынгты. Уый уыди Фыдыбæстæйы хæст — лæгдзинады, хъæбатырдзи- нады, уарзондзинады, æнæуынондзинады рæстæг. Æмæ дард фæндæгтыл ацыдысты, мæйрухс æхсæвтæ, æхсæрдзæнты хъазт, чызгайы сау цæстытæ афтæ бирæ чи уарзта, уыцы æрыгон фысджытæ дæр. Сæ адæмы маст, сæ адæмы рыст ахастой семæ. Ныууагътой рæстæгмæ се ’мдзæвгæтæ. Стæм хатт ма-иу топпыхосы тæфимæ гæххæтты гæбæзтыл се устыр балцæй сыздæхтысты сæ зарджытæ. Кæм уынгæгзæрдæйæ, кæм та — тохмæ сидæгæй. Зонгæ хъæлæстæ, зонгæ зарджы- тæ... Цин сыл кодтой дзыллæ, сæ нывæрзæнты сæ æмбæхстой кæстæртæ, чызджытæ, сæ сусæг уарзæттæ. Стæй иуахæмы аскъуыд иутæн сæ зарæг. Знаджы нæмыг ахызт Кочысаты Мухарбеджы, Калоты Хазбийы, Баситы Дзаххотты, Таболты Хадзымырзæйы, Хуадонты Иссæйы зæрдæты... Ныфсхаст, хъæбатыр лæппуты зæрдæты. Лæгтæй сыздæхтысты фæстæмæ иннæтæ сæ хæстон цинелты. Сластой семæ сæ тызмæг зар- джытæ, Афтæ уыдысты нæ фæлтæры уæззау фæндæгтæ. УыцЬь срæндæгтыл ацыдтæн æз дæр. Институт, Сталинград, Курск, Украинæ, Белорусси, Румын, Венгри... Кæуылты нæ фæцыды- стут, кæуылты нæ фæзылдыстут, салдаты гуыргъахъ фæн- дæгтæ! Цы бирæ диссæгтæ федтам, уыдон радзурын хъуыд нæ кæстæртæн, нæ адæмæн. Иу радзырд иннæйы фæдыл, иу чи- ныг иннæ чиныджы фæдыл. Иу лæджы цард æгæр цыбыр у уыцы диссаджы хабæрттæ сæрæй бынмæ ракæнынæн. Ныртæккæйы кæстæртæй иуæй-иуты нæ бауырндзæн, хæс- ты фæстæ нæ хистæртæй бирæтæ гутоны сæхи кæй сивтыгъ- той æмæ хуым кæй кодтой, уый. Нал уыди, æнæхъæн хъæуы зиан йæ сыджытыл чи сæмбæлын кодтаид, уæлмæрдмæ йæ чи схастаид, ахæм кæстæр. Фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста — фæуæлахиз ыл стæм. Басастам не ’ххормаг, нæ мæгуырдзинад. ..'.Хур акъул. Æз фæстæмæ здæхын Хърупсы доны бы- лæй. Иунæгæй нæ — мæ хъæуы «къæбæдатимæ», цъæхх нæу- уыл хъазгæ кæй æрбаййæфтон, уыцы цæрæццаг сабитимæ. Дыргъ бæлæстæ нын сæ сæртæй кувынц. Сæхимæ нæ сайынц агуыридурæй амад уæладзыг хæдзæрттæ, ног скъолатæ. Нæ разæй згъоры лæгъз фæндаг... 9
«Фыссæг... Цымæ ногæй цы кусы ныртæккæ?» — лæппутæй иу иннæйы сабыргай фæрсы. Уый йын йæ сæры батылдæй дзуапп дæтты, нæ зонын, зæгъгæ. Фыссæг... Афтæ мæ хонынц уыдон, афтæ мæ хъуамæ рахо- ной сæ хистæртæн дæр. Цы ма ис уымæй кадджындæр, стыр- дæр ном. Тæхуды, уыцы номы аккаг чи вæййы, йæ зарæг адæ- мы зæрдæмæ кæмæн бахъары! Хур акъул. Æз цæуын мæ кæстæртимæ. Аивæй мын кæ- сынц мæ сæры урсытæм. Ма сæ фæтæрсут! Иунæгæй мæ ма ныууадзут! Æз кæддæриддæр уемæ уыдзынæн! ЦÆГÆРАТЫ{ МАКСИМ 1966 азы \4-æм январь ©
КОММУНИСТ Мæрзойты Сергейæн ыстæг сæлфынæг кæны. Кæуы фæззыгон арв. Ставд цæссыгтæ згъалы нæ зæронд æнгуз бæлас. Иæ быны чыртæ-чыртæй лæууынц адæм. Æнæ- змæлгæ, æнæдзургæйæ. Сæ сæрмæ дымгæхост, æргъæвст мигътæ. Зæххыл нытътъæпæн сты. Бæстæ сæ быны скодтой. Хъуынтъызæй, дондып- пырæй кæсынц. Мæнау, мæрддзыгойау æнкъард сты уыдон дæр. Сæ уазал комытæфæй улæфынц. Цæуынц адæм. Лæгтæ. Устытæ. Зонгæтæ. Æцæгæлæттæ. Цыма Иры дзыллæтæ æгасæй сызмæлыдысты — кæрон бæрæг сын нæй. Кау- рæбынты рæнхъæй ралæууыдысты. Сарайы бын къахæрæвæрæн нал и. Уынджы дæр афтæ. Ма- шинæтæ. Саргъы бæхтæ... Фæйнæрдæм тоны нæ кæрт. Мæ фарсмæ, уым рæбынæй, лæууынц нæ мыггаджы хистæртæ, нæ сыхы ацæргæдæртæ. Кæсынц æрцæуæг адæммæ, амонынц сæ кæрæдзийæн: — Куырттаты комæй... — Уæлладжырæй... — Дæргъæвсгомæй... — Арыхъхъæй... — Адæмимæ цæрæг лæг уыди Темырцы... Уый мæ фыдæй зæгъынц. Мæ фыд Темырцы- йæ... Сæ фарсмæ дæр мæ уымæн слæууын кодтой. Тæфæрфæс дæр мын уымæн кæнынц. Мæнæн, йæ зæнæджы кæстæрæн... 13
Кæуынц мæ фондз хойы. Сæ чызджытæ, сæ лæппутæ. Се ’рфгуытæ сæ худты бын æмбæхст, афтæмæй рауай-бауай кæ- нынц ме ’сиæхстæ. Йæ сырх чырыны хуыссы мæ фыд Темырцы. Тыргътæм æй рахастой уаты æнудæй. Йæ уæлхъус лæууы мæ мад Афассæ. Йæ иунæг хойыл йæхи бакъул кодта. Сау сæрбæттæн ыл, сау дарæстæ. Змæлынц йæ тæнæг былтæ. Йæ лыстæг æнгуылдзтæ зыр-зыр кæнынц йæ кæлмæрзæны къабæзтыл. Кæсы мæ фыды уазал цæсгоммæ. Цыдæр æм дзуры. Цæмæйдæр æй фæрсы. Цæмæй цымæ? Змæлынц ма мады былтæ. Ныцъцъæх сты. Туджы цъыртт сæ нал ис. йæ цæсгом тымбыл къухыйас дæр нал у. Кæсы æдзынæг нæ хæдзардарæджы æхгæд цæстытæм. Иæ былты змæлдæй йын дзуры: «Иу каст ма мæм уæддæр ракæн. Куыд ницы зæгъыс атæппæт адæмæн? Дæумæ куы æрцыдысты... Дæ фондз чызджы куы æрвыстай, уæддæр дæм уыйбæрц дзыллæ куы никуы æрæмбырд. Хохæй, быдырæй кæцæй не ’рцыдысты, иу ахæм куы нал баззад. Дæ куырттатаг кæнгæ æфсымæр Ба- бо... Кæс-ма, æнæхъæн ком йæ фæдыл куы раивылдысты. Адæм ыл сæ цæстытæ куы æрæвæрдтой. Иннæ ахæм дæ арыхъхъаг æрдхорд Хъасболат. Дæ удисыны катайы куы уыд- тæ, уæддæр ма йæ кой куы кодтай. Горæты хицауадæй иу фæс- те куынæуал баззад... Дæ иунæг фыртмæ, дæ фондз чызгмæ ма иу каст уæддæр ракæн. Исты ма сын уæддæр зæгъ... Æви та дæ уыдонмæ не ’вдæлы? Кæд ма дæ равдæлдзæн уæдæ?.. Æмæ дæ уæвгæ кæд равдæлди дæ бинонтæм, дæ сывæллæт- тæм? Цал æхсæвы бафынæйтæ сты де ’рыздæхтмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ? Цал райсомы дæ агуырдтой дæ афтид хуыссæны?.. Æцæг бæрæгбон-иу сын æрцыд, демæ-иу куы уыдысты, уæд. Алцæмæ дæр дæ хъуыддаг уыд, алцæуыл дæр тыхсгæ кодтай. Æвæццæгæн дæ коммунист дæр уымæн хуыдтой. Чи мæм топ- пыкæсæнæй каст, чи мын козбау митæ кодта, чи та мыл æр- хъæцмæ нæ хъæцыд... Уыдис, алцы дæр уыдис нæ царды. Хъуыды ма кæныс, топдзæфæй, тугæрхæмттæй дæ куы æрбахастон, уый? Цæй тыххæй? Колхозы хордæттыл сæ арт æндзаргæ кæй æрцахс- тай, уый тыххæй. Æмæ сæм уæдæ, дæхи загъдау, арфæтæм бацыдаис? Цъулберты дыууæ нæмыджы... Цас дыл азтæ фылдæр цыд, уыйбæрц ды къуылыхæй-къуылыхдæр кодтай, дæ ныхы нос арфæй-арфдæр ныгъуылди. Кæм сты ныр Мæсыкатæ? 14
Куыд ничи сæ æрбацыд дæ зианмæ? Уæвгæ уыдонæй йæ цæс- гом никæмæн æрбахъæцдзæн. Исчи сæ куы æрбацæуа, уæд- дæр — адæмы цæстмæ. Ныр скувдзысты æртæ чъирийы. Ар- гæвддзысты сæ фæстаг хъуг дæр. Цин кæнæнт, сæ хур сыл скаст. Сæ цæстысындз нал ис. Æвæццæгæн, афонмæ сæ рудз- гуыты зыхъхъыртæй кæсынц адæммæ. Æмæ та уæд йæ фæллад цæстытæ мæнырдæм разилы. Адæмы æхсæн мæ рацагуры, цыма мæ фæрсгæ фæкæны: «Разындзæн дæм адæмы аккаг ныфс? Дæ фыды номæй сæ разы балæууын бафæраздзынæ? Бафæраздзынæ! Уымæн æмæ йæ туг дæ, йæ хъæстæ...» О, уыцы цæстæнгас! Æнæбафæрсгæйæ йыл сахуыр дæн. Суанг ма Темырцы йæхæдæг дæр, мæ фондз хойы, се ’хсæр- дæс хъæбулы... Гыццыл дыууæ сау цæсты. Цас тых, цас зынг сæ судзы кæддæриддæр! Мауал кæут, мауал риссын кæнут уæхи, мæ мады гыццыл цæстытæ! Зæронд коммунисты фырт дæн æз, Темырцыйы фырт. Уыныс, нæ мыггаджы хистæртæ мæ сæ фарсмæ куыд слæууын кодтой. Хæдзары хистæрыл мæ нымайынц... Ницы йæм дзуры Темырцы. Хуыссы фæлладæй, рыстæй. Иæ халас рихитæ не ’змæлынц. Ныссалдысты йæ цæстыхау- тæ... Ныттыппыр мæ кæуындзæг. Мæ хурхыуадындзтæ цыма рæсигæ ныккодтой. Мæ цæстыты цыма туг ныббадти. Тыххæй- ты уромын мæ уæззау сæр. Мæ зæрдæ мын кæдæмдæр фæхæс- сынц мæ фондз хойы хъарджытæ... Ме ’мгæртты афтæ хъуыддагхуыз, афтæ тыхстæй никуы- ма федтон. Уæлдайдæр Мæрзаты цыбыр Бадилайы. Ныр дык- каг бон æнцад нæма æрбадти. Хъæргæнæг, кæстæриуæггæ- нæг. Хистæртæ дæр уымæн цума кæнынц. Уæртæ асины къа- хыл лæууы. Хъæусоветы тырысайыл цавæрдæр сау хæцъилы гæбæзтæ бæтты. Лæппутæй куы иу февзæры йæ разы, куы ин- нæ. Цыдæр сын амоны. Иæ сæры батылдæй, йе ’рфгуыты змæлдæй. Цы фæци, цы? Æд тырыса кæм æрбайсæфт? Кæй комы хъарм тæф æрбакалд мæ хуылыдз бæрзæйыл? — Мæнæ уал уый дæ уæлæ æрбакæн, уазал дæ бацæу- дзæн,— ме ’уæхсчытыл мын кæйдæр халат æрбаппæрста Ба- дила æмæ йæ уынгæ дæр нал акодтон. Алцыдæр куыд зоны Бадила, алцæмæ дæр куыд арæхсыГ Цæмæй йын бафиддзынæн æз та йæ хæрзтæ? Æрмæст Бади- лайы хæрзтæ нæ, атæппæт адæмы фыдæбон? Кæнæ мемæ чи 15
кусы, уыдон. Сæ дзаумæттæ дæр нæ раивтой, ныууагътой сæ трактортæ. Кæуы, ставд цæссыгтæ згъалы не ’нгуз бæлас. Сæхи хо- йынц уарыны æртæхтæ кæйдæр кæттаг халатыл. Мæ хъусты гуыр-гуыр кæны сылгоймæгты саумарой. Адзæгъæл вæййын. Цыма иунæгæй аззайын не ’стыр кæрты. Æмбисæхсæвтæ. Нæ уынджы тигъ. Дард кæцæйдæр хъуысы бæхты къæхты хъæр. Уый та, æвæццæгæн, Темырцыйы саргъы бæхы къæхты хъæр у. Куыд æрæгмæ хæццæ кæны? Стæй къаххъæр кæмдæр хъæу- гæрон аскъуыд... Цы фæдæ, кæдæм афардæг дæ, Темырцы? Ау, колхозы сæрдар хъуамæ æхсæвыгон дæр йæ быдыртыл зила, фиййæутты бæрæг кæна? — Цом мидæмæ. Дæ фыд тагъд æрбацæудзæн, — æнæ- нхъæлæджы мæ хъустыл æрцыд мæ мады фæлмæн хъæлæс,— æвæццæгæн та искуы фиййæуттимæ бафæстиат. Фысы хъус дын æрхæсдзæн... Æнæбары бараст дæн мæ мады фæдыл. Бадын мæ хуыс- сæны, æнхъæлмæ кæсын Темырцыйы æрцыдмæ, фысы хъус- мæ... Чидæр мын мæ дæллагхъуыртæ хъыдзы кæны. Райхъал дæн, Темырцы... Æз хуыссын мæ фыды сынтæгыл, мæ фыды хъæбысы. Ныттымбыл дæн йæ хъуынджын риуыл. Цыма йын искуыдæм алидзынæй тæрсын. Ие ’ставд цонг мыл æрбатых- та. Хъусын, йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп куыд цæуы, уымæ. Та- макойы тæф кæны. Уый дæр мын æхсызгон у. Мæ нывæрзæн дзыхъхъынног сырх батинкæтæ. йемæ мын сæ æрбахаста. Райсом та мæм хæрзаг хæлæг кæндзысты нæ сыхы лæппутæ. «Æниу мæнæн мæ фыд колхозы сæрдар куы уаид»,— мæс- тæй та мæ мардзæн исчи. Цæмæйдæрты ма мæ фæрсы, æрдæг ныхæстæ ма дзы хъу- сын. Стæй мæ йæ риумæ æнгом нылхъывта æмæ йæ хуыр- хуыр ссыд. Цал ахæм æхсæвы мыл аивгъуыдта мæ фыды хъарм хъæбысы!.. — Лæппу, дæхимæ кæс,— мæ фарс мын схойы нæ мыгга- джы хистæртæй иу. Æз, цыма мæ тарф фынæйæ фехъал дæн, уый хуызæн хæрдмæ фæхаудтæн. Мигъ йæхи систа. Уарын гæзæмæ фен- цад. Мæ уæлхъус лæууынц цалдæр нæлгоймаджы. — Рухсаг уæд...— Мæ зæрдæйы та иннæрдæм ахызтысты уыцы судзгæ дыууæ дзырды. Æмраст слæууыдтæн. Ме ’рфгуыты бынты сæм кæсын. Ни- 16
кæйы дзы зонын. Тæфæрфæс ракодтой, стæй Темырцымæ комкоммæ бацыдысты. Гыцци ныккуыдта. Ныккуыдтой мæ хотæ дæр. — Кæсгон уазджытæ. Угъалыхъхъатæй...— мæ хъустыл æрцыд хистæрты ныхас.— Сæ бæхтæм сын фæкæсын хъæуы. Фæдзырдтой Бадиламæ. Уый уайтагъд сæ уæлхъус фев- зæрд æмæ сын цæхæрадонырдæм йæ сæрæй ацамыдта. Бæлæсты бын цалдæр бæхæн сæ фæрстæй сæ фæздæг калд. Лæппутæ сын сæ сæргътæ истой, хъæллæгъы куыристæ сын сæ разы æвæрдтой. «Суанг ма Кæсæгæй дæр...» — загътон мæхинымæр æмæ мæ кæуындзæг мæ хъуыры фæбадт. Ноджы уыцы сахат кæр- ты дуарыл кæугæ æрбахызтысты фермæйы кусджытæ. Уыдон ма фехъуыстой Темырцыйæн йæ фæстаг ныхæстæ. Уыдонмæ ма баирвæзт быдырæй. Уыдон цур æрхауд тулдз бæласау. Йæ сау сынтыл дæр æй уыдон æрхастой æндæрæбон хъæумæ. Æнæдзургæйæ, æнæзмæлгæйæ, куыствæлладæй... Иу ныхас дæр нал сфæрæзта. Иæ цæстытæй ма мæм цыдæр амыдта, цы- дæр ма мын дзырдта. Стæй æмбисæхсæв ахицæн... Зонгæ дæр æй нæ бакодтон, мæ цæстытæ та донæй куыд айдзаг сты, уый. Кæцæй æвзæрынц уыйбæрц?.. Суадæттæй уæлдай куы не ’сты. Æндæрæхсæвæй нырмæ куыннæ байсы- сынц, куыннæ бахус вæййынц? «Не ’мбæлы, лæгæн уыйбæрц кæуын не ’мбæлы. Ды та ныр лæг дæ. Адæм дæуæн тæфæрфæс кæнынц. Темырцыйы иунæг фырт Созырыхъойæн». Зонын æй, уыйбæрц дзыллæтæ кæмæ æрцыдысты, уый кæуинаг нæу. Фæлæ... Цы у уый та? Фæндыры цагъд? Къæрццæмдзæгъд? Кæм? Мæсыкаты кæрты? Темырцыйы ныгæнæн бон? Кæд мæ хъус- тыл исты уайы?.. Нæ, æцæг фæндыры цагъд. Æмдзæгъд. Адæм дæр уымæн фегуыппæг сты. Се ’ргом доны фаллаг фарсырдæм уымæн аздæхтой. Агуылф кæнын æввонгæй уыцырдæм кæсынц. — Гъей, мæ хæсгæ мæрдтæ! — мæ цæстытæ атартæ сты, цавæрдæр тых мæ йæ базыртыл фелвæста. — Æнцад, дæу сæр дзы ницæмæн хъæуы! — мæ цонг мын йæ тыхджын къухæй ацахста чидæр. Мæ алыварс амбырд сты хистæртæ. Бабо мæм æлхынцъæрфыгæй æрбакаст, тызмæгæй мын загъта: •— Лæппу, æз дын фидардæр æнхъæл уыдтæн... «Фидардæр!..» Цы ма вæййы фидар? Мæсыкатæ мæ фыды 2 Дæ эæрдæмæ хъуыстон 17
ныгæнæн бон хъазт сарæзтой, къæрццæмдзæгъдæй кафьшц, сымах та мын мæ цæнгтæ сбастат. Хуыздæр ма мæ кæд ба- хъæудзысты? Уæд та сæ бафæрсон, цы сын кодтам? Фынддæс азы мæ фыд сæ топдзæфтæй кæй фæхъæрзыдта, уый тыххæй цин кæнынц? Сыбырмæ сæ кæй ахастой, уый тыххæй дзы сæ маст исынц? Æмæ сæ уæд фыдгæнæгæй, адæмы стигъæгæй цæрын дæр нæ хъуыди. Немыцæн куывдтæ, кусæрттæ ма код- таиккой,—мæ зæрдæ йæхи къултыл хойы, мæ буар дыз-дыз кæны, афтæмæй кæсын Бабойы тызмæг цæсгоммæ, нæ мыг^ гаджы хистæртæм. Мæ маст тыххæй ныхъуырын, мæ зæрдæ мын фæйнæрдæм фæтоны. Цы гæнæн ис—хистæр тыхджын у. Нылхъывтон мæхи, ныххæцыдтæн мæ масты хурхыл, аивæй ме ’ргом аздæхтон Мæсыкатырдæм. Сæ ракомкоммæ хидыл мæ цæст æрхæцыд Хъасболатыл, Бадилайыл. Семæ ма цал- дæр лæджы. Тагъд-тагъд фæцæуынц. Мацы фыдбылыз сара- зæнт! Хъасболат сын сæ дуар ныххоста. Æрæджиау сæ раз- мæ рацыд Мæсыкаты зæронд бирæгъ Джамботт. Хъасболат æм уæздан ныхасæй цыдæр дзуры, махырдæм ын амоны. Уый йын гæды митæ кæны, йæ худ систа, йæ цонгмæ йын æвналы, мидæмæ йæ хоны... Стæй фæндыры цагъд, къæрццæмдзæгъд ноджы хъæрдæ- рæй райхъуыстысты. Цалдæр сылгоймаджы йемæ, афтæмæй тыргъты æд фæндыр февзæрд Джамботты горæтаг чызг. Фæн- дыр тыхивæзт кæны... Бадила быруйы сæрты уыциу сæррæтт баласта, уайтагъд тыргъты февзæрд. Фæндыр сылгоймаджы къухтæй стыдта. Фæйнæрдæм æй арæдывта. Кæмдæр ма доны был уирагдур- тыл йæ хъинц фæцыд. Фæндыры скъуыдимæ цыдæр фæци Джамботт дæр... — Фæлæуу, зæронд бирæгъ!.. Нырма мæ дæумæ нæма æв- дæлы! — Иæхи арсау схъуынджынтæ кодта, афтæмæй ныл- лæг хъæлæсæй загъта Бабо æмæ мæ йæ рæмбыныкъæдзæй æр- басхуыста.— Лæппу, дзæгъæлтæ ма кæн... Ноджыдæр та æнæзонгæ тæфæрфæсгæнджытæ: — Рухсаг уæд... — Раст лæгæй фæцарди... Уый мæ фыдæй зæгъынц. Мæ фыд Темырцыйæ...— Ныфсы мæсыгау слæууы мæ разы уыцы хъуыды æмæ уæд мæ сæрыл схæцын, мæ рыст къабæзтæ фæрогдæр вæййынц. ...Мигътæ фескъуыдысты. Хур нæ зыны, фæлæ арв туджы пырхæнтау сырх-сырхид дары. Зæхх хъæрзы адæмы къæхты 18
бын. Сæ сæртæ æркъул кодтой фыдохы тырысатæ. Сæ кæрæт- тыл æрхауынæввонг ныхъхъус сты уарыны иугай æртæхтæ. Бæрзонд систой Темырцыйы. Сæ къухтыл. Бабо, Хъасбо- лат, Бадила, йæ кæсгон æрдхæрдтæ. Сæ фæдыл æнкъардæй кæсы нæ зæронд æнгуз бæлас. Фæстаг цæстысыгтæй кæуы Темырцыйыл.
НÆ ЦÆУГÆ МÆСЫГ 1 æуы астæу ныхасы гыццыл фæзы æрлæууыд ба- рæг. Бæхæй æрхызт, ехс йæ галиу къухмæ райс- та, йæ сæр йæ риуыл æруагъта æмæ исдугмæ йæ мидбынат сагъдауæй баззад. Йæ сау æлвæст бæх йæ тæнтæй улæфыд, йæ уæрæх фындзы- хуынчъытæй фæздæг калд, йæ даргъ нæстыхау- тыл чырс æрбадт, йæ хъустæ ныттынг сты, аф- тæмæй йæ тарст цæстытæ дыууæрдæм радав- бадав кодта. Адæм иугай-дыгай ныхасы фæзмæ æмбырд кодтой. Цы ’рцыд, уымæй бафæрсын ничи уæн- дыд. Сæргуыбырæй лæууыд барæг дæр. Йæ къуызыртæ лæдзæг йæ дæларм, йæ хъуынджын уæлдзармхуд йæ халас æрфгуытыл æнцад, йæ иу къахыл цудæгау кодта, афтæмæй ныхасмæ æрбацыд бæрзондгомау, къæсхуыртæ зæронд лæг. Уый уыд барæгæн йæ фыд — Цæргæсаты Ауызби. Йæ дымгæйæ хост бæзджын былтæ зы- на-нæзына змæлыдысты, дымгæ йын йæ урс боцъо фæйлыдта, афтæмæй йæ фырты цурмæ бацыд. Кæстæртæй йын чидæр йæлæдзæг айста. йе’ставд, нуарджын æнгуылдзтæ зыр-зыр код- той, афтæмæй ныллæг хъæлæсæй бафарста йæ фырты: — Цы кодтам?.. — Ахицæн... Нывонд кæмæн хастай, уый нал ис...—йæ кæуындзæг кæмдæр хурхыуадындз- ты ныттыппыр, афтæмæй дзуапп радта ф,ырт
æмæ йæ цъæх бухархуд систа. Сæ худтæ систой иннæтæ дæр. Зæхмæ ныккастысты. Иу сыбыртт, иу уынæр нал хъуыст ны- хасы. Æрмæст дымгæ миты гæбынатæ хаста, æмæ уыдон зил- дух кодтой адæмы сæрмæ. — Хорз адæм! — йæ худ йæ къухы, афтæмæй размæ ра- цыд Ауызби. Ие ’уæнгтыл бæргæ схæцыд, йæ сæр бæрзонд бæргæ систа, фæлæ йын улæфт нал сфаг. Схуыфыд. Лæдзæ- гыл æрæнцад, фæлæ йæ уый дæр фæсайдта. Фырт ын йæ цонг ацахста. — Нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг... Лæппу, æмæ æххæст зианимæ цæуылнæ баззадтæ? Хъæуæй дзы куы ничи уа, уæд худинаг у... Стæй мæнæ фæсивæдæн зæгъ, æмæ уыцы уæны- гæн исты бауынаффæ кæнут. Гъе, уæу-уæй, гъе... Ахæм бонмæ йын æй бæргæ нæ хастон,— загъта зæронд лæг æмæ йæ сæр ныттылдта. — Дзæуджыхъæуы нæй, Мæскуыйы фæзиан,—дзуапп рад- та фырт æмæ йæ басылыхъхъы къабаз йæ хъуырыл æрбатых- та. Стæй уымæн дæр хуыфæг йæ хурх ацахста. — Батырбег! — хъæргæнæджы размæ бацыд хъæуы хис- тæртæй иу. — Ардыгæй фæстæмæ цины фæндæгтыл цу, мæ хур. Хорз хабæрттæ хæсс дæ хъæубæстæм. Кæд æй æвæрынц, уымæн ницы базыдтай?.. — Майрæмбоны... Дысон ахицæн...— дзуапп радта Батыр- бег æмæ та ногæй хуыфæг йæ хъуыры фæбадт. Суанг изæрдалынгтæм лæууыдысты хъæуы адæм ныхасы гыццыл фæзы. Къулбæрзæйтæй кастысты, тъæнджымæйы фыдуаг уад тыхджынæй-тыхджындæр куыд кодта æмæ къæн- цылары сæрмæ сау тырыса куыд фæйлыдта, уымæ. Тырыса цы сау уыд, уымæй йæ ноджы саудæр кодта тохынайы фæз- дæг, хатгай-иу бынтондæр фæздæджы бын фæци. Æмæ Ауыз- бимæ афтæ каст, цыма тырыса дæр кæугæ кæны. Исдугмæ-иу тырыса йæхи хуызæн нал уыд. Зæронды цæстытыл-иу тыры- сайы бæсты ауад йæ фырт Батырбеджы æнæдаст цæсгом... Тъæнджы мæй дæр æм ацы изæры хуызæн хъызт никуы- ма фæкаст, къæрид кæрцы дæр ницуал тафс уыд, дымгæ дзы суых-суых кодта, йæ сындз дзæмбытæй лæбурдта зæронды буармæ. Ныссалд, ныддæвдæг Фæзыхъæуы гыццыл ныхас. Мит-хъæпæн æй йæ быны скодта. Æхсæвы ирдгæ рагацау тъæнджытæ хауын кодта хæхты, хæдзæртты дурын фæрстæ. Ныйих сты, ныддæвдæг сты фæндæгтæ. Фæзыхъæуы нарæг уынгты зилгæдымгæимæ хъазыд миты 21
рыг. Ныргъæвст, ныккука хъæуы сæрмæ фахсыл нæзыты къох. Цыма тымыгътæй ахæссынæй тарст æмæ хохы фарсыл йæхи уымæн нылхъывта, афтæ зынд уыцы изæр Фæзыхъæу. Фæзыхъæу... Цымæ йæ чи схуыдта афтæ? Дурджын ныха- сы йедтæмæ дзы адæймаг нывыл кæм рацæуа, ахæм бынат дæр куынæ ис. Иæ хуымты нарæг уадздзæгтæ, йæ залгъæд- джын уыгæрдæнтæ рагъы аууонæй зынгæ дæр куы нæ кæ- нынц. Кæд дзы искуы ахæм фæз уыди, уæд хъæуы хæдзæрттæ кæрæдзийы æккæйтты цæмæн сбадтысты? Уынгтæ афтæ на- рæг, афтæ къуындæг цæмæн сты? Уæд та кæд хъæуы бын æр- тæ фæндаджы цы гыццыл лæгъзы баиу сты, уымæ гæсгæ афтæ хуины? Гъе та кæд йæ сыхаг хъæутæй донмæ хæстæгдæр кæй æрæнцад, уымæн æй схуыдтой Фæзыхъæу?.. Ниуы, къуыс-къуыс кæны уад. Ауызбийы тъæпæнсæр хæ- дзары дуæртты къæс-къæс цæуы. Цырагъы рухс змæлы, æмæ йæ аууæттæ хæдзары дурын къулыл дзедзырой кæнынц. Мы- нæг рухс кæны къонайы арт дæр. Нæ хуыссы Ауызби. Чысыл раздæр ссыд скъæтæй. Уæныгæн луарæны муртæ ныххаста. Куыддæр скъæты дуарæй бахызт, афтæ гайлаг футтытæгæнгæ йæ размæ разгъордта, йæ дæрзæг æвзагæй астæрдта йæ хи- цауы армытъæпæн. Зæрондæн йæ зæрдæ суынгæг. Лидзæгау ракодта скъæтæй. Æмæ ныр, йæ къухтæ йæ кæрцы дысты тъыст, афтæмæй рацу-бацу кæны йæ зæхбын хæдзары. Къæн- цыларæй нæма æрбаздæхт Батырбег. Цымæ цы бауынаффæ кодтой? Изæрсарæй цæуыл тæрхæттæ кæнынц? Цыфæнды уæд, — Ауызбимæ йæхи пълантæ ис. Æрмæст лæппу тагъд- дæр куы æрбацæуид, уæд сæ уымæн дæр бамбарын кæнид. Лæппу сразы уыдзæн йемæ. Уыдон дæр Ауызбийæ хуыздæр не ’рхъуыды кæндзысты. Æрбадти къонайы фарсмæ. Арт бадзæбæхтæ кодта. Дуар не ’нцайы йæ къæс-къæсæй. Дымгæ ниуы йæ сæрмæ, хæдзары нарæг тохынайы. Ниуы, къуыс-къуыс кæны дымгæ. Афтæ ма ниудта, йæ фыд цы æхсæв амард, уыцы æхсæв дæр. Гыццыл лæппу ма уыд уæд Ауызби. Авдаздзыд. Сыхы устытæ ма цалдæрæй баззадысты хæдзары. Куыдтой. Сæ хъарджытæй рызтысты къултæ. Æр- мæст Гыцци кæугæ нæ кодта. Уый æппынæдзух æдзынæг каст Бæппуйы фæлурс цæсгоммæ, йæ былтæ змæлыдысты, фæлæ дзургæ цы кодта, уымæн ницы бæрæг уыд. Стæй æваст хæ- къуырццæй ныккуыдта, йæ судзгæ цæстысыгтæ ныггæр-гæр кодтой Ауызбийы пыхцыл сæрыл. Мад йæ риумæ нылхъывта 22
йæ нунæг фырты, йæ роны цыдæр сызмæлыд. Уый уыди мады зæрдæ. Иæхи къултыл хоста, куыдта... Фæстаг хатт ма фарс- та бинонты дарæджы: — Кæмæн ма нæ ныууагътай уæзæджы къæйыл? Цы ныф- сæй ма цæрдзыстæм?.. Стыхст зæронд лæг. Сыстад. Йæ къухтæ та кæрцы дысты атъыста æмæ рацу-бацу кæны хæдзары къуымты. Къæрццы- тæ кæнынц бæрзы хус къалиутæ. Сæ цъыс-цъыс цæуы æхсæ- лыйы уымæл уидæгтæн. Цыма кæугæ кæнынц, уый хуызæн сæ саст къабæзтæй иугай æртæхтæ хауы арты цæхæрмæ. Æд- дейы та дымгæ йæ къуыс-къуысæй не ’нцайы. Цырагъы мы- нæг рухс цы у, уымæй мынæгдæрæй ферттивы зæронды мæл- лæг цæсгомыл, йæ урс-урсид боцъойыл. Дымгæйы къуыс-къуыс кæдæмдæр йемæ скъæфы зæронды хъуыдытæ. Йæ цæстытыл уайынц йæ удхайраг бонтæ, йæ би- рæ æфхæрдтытæ. Сидзæр. Иунæг... Кæй хæдзарæй нæ ракаст, кæй фосы фæдыл нæ ахатти, кæм нæ балæууыд цардагур! Куыд бафæрæзта, куыд бирæ тых æм разынд. Æвæццæгæн, Къоста дæр Ауызбийы тыххæй фыста: «Æфхæрдæй, уæд на- дæй цы нæ бавзæрста...» Бæргæ, иучысыл æй раздæр куы æр- баййæфтаид ацы цард. Фæлæ, хуыцауæй разы, цы æрцæуа, уый хорз. Æгайтма лæппу адæмы рæнхъы рацыд. Уæдæ зæ- ронд дæр нырма йе ’гъдынцæйттæ нæма суадздзæн. Мæнæ уалдзæг быдырмæ ацæуа, уым йæ къабæзтæ аиваздзæн Ауыз- би. Адæймаджы цардæй цæрын нырма ныр куы байдыдта... Ниуы, къуыс-къуыс кæны дымгæ. Хæдзары дуæрттæ сæ къæс-къæсæй не ’нцайынц. Нæй, Батырбег зынæг нæма ис. Кæйдæр æдылы уасæг фæсусхъæлæсæй уасы. Чи зоны, цы афон у? Зæрдæ дойнагдурау ныхъхъæбæр. Уæззау хъуыдытæ кæрæдзийы ивынц сæры магъзы. Ивылд доны уылæнтæй уæл- дай не ’сты. Нæ кæсынц Ауызбийы коммæ. Риссынц зæнгтæ. Уæлдайдæр галиу зæнг. Дуды. Хъарм, æрмæстдæр хъармæй фæсабыр вæййы йæ риссынæй. Æмæ та къонайы фарсмæ æр- бадти Ауызби. Æдзынæг ныккаст, зынгты уæлæ хуылыдз æх- сæлыйы уидагæн йæ дон куыд кæлы, уымæ. Р1æ цæстытыл та ауад кæддæры хъуынтъыз фæззыгон бон. ...Лæууы Ауызби йе ’мбæлттимæ ныхасы фæзы. Гуыбаты гуылæвзаг Майрæм кæцæйдæр саурасыгæй æрбацыд саргъы- бæхыл. Ныхасы æрфистæг. Иæ урскъах, игæрхуыз бæхы ех- сæй цалдæр цæфы ныккодта. Бæх нарæг уынджы фатау атахт, йæ цæфхæдты цæхæр скалд æмæ ма Бадеты къахыр мæсы- 23
джы аууонæй йæ къаххъæр æрбайхъуыст. Майрæм йæ ехсы фындзæй йæ уæлдзармхудыл хæрдмæ схæцыд, йæ донхуыз цухъхъайы фæдджитæ — йæ ронбасты тъыст, ныхасы астæу- мæ бацыд æмæ сæрыстырæй загъта: — Байлиат, Фæзыхъæуы хъал фæсивæд! Æз мæ балцæй æлбаздæхтæн... Сымах та... Искæй налд фынгмæ та стæджы мултæм æнхъæлмæ кæсут? Цомут, дунейыалдыстæн, Гуыбе- йы фылт уæ бафсаддзæн... Дыууæ фысы йедтæмæ ма уæ хъæ- уы? Майлæмы цыппалфондзыссæдз фысæн уыдон сæ хъуылд- ты дæл нæ фæзындзысты... — Фæндагыл цæуыс, æмæ дзæбæхæй дæ хæдзар бацагур. Науæд ма исты куы срæдийай, миййаг. Дæ фыстæ нæ, фæлæ ма дæ Гуыбе дæр ферох уыдзæн—йæхи нал баурæдта Ауызби. — Гъо-о!.. Ауызби куы дæ! Зæгъын, ныхасы сæналы сма- гæй бацæуæн цæуылнæуал ис. Бахатыл кæнут, не ’ххуылст ам ис, уый нæ зыдтон. Куыдзæй чи лайгуылд!.. — Иæ ливор фел- вæста Майрæм.— Æз дæм лагæй дæл!.. Гæрах фæцыд, æмæ фæздæджы къуымбил уæлдæфы ауыгъдæй аззад. Ауызбийæн йæ галиу зæнг цыдæр фелхыскъ кодта, фырмæстæй йæ цæстытæ тугæй айдзаг сты. Иæхи уы- циу скъæрд бакодта Майрæмыл. Зыгуымы голлагау æй хæрд- мæ фелвæста æмæ Гуыбейы къуыдипп фыртæн ныхасы къæй- дуртыл йæ тъæпп фæцыд, фыццаг, каркæн йæ сæр куыд акъуырай, афтæ йæ гæндзæхтæ ацагъта, амардта мæ, зæгъгæ, ма ныхъхъæр кодта, стæй йæ туг йæ хъæлæсæй фемæхст. Йæ цъæх цæстытæ дзагъырæй аззадысты. — Цом, дæу ам ныртæккæ ницы хъуыддаг ис,— цалдæрæй йæ уæлхъус алæууыдысты Ауызбийæн.— Мах дзурдзыстæм семæ... Гуыбеимæ, мыггагимæ... — Нæ, кæд дзургæ, уæд кæронмæ! Дзуапп æз хъуамæ рад- тон,— загъта Ауызби æмæ, йæ галиу фарс чи лæууыд, уыдо- нæй иуырдæм фæцудыдта.— Мæ зæнг... Истæмæй ма мын æй æрбабæтт... Дыууæ боны дæр нал ахаста, йæ фыды цыппарфондзыс- сæдз фысæй йæ сæр бæрзæндты чи хаста, хъæуы фæсивæдыл былысчъилтæ чи кодта, уыцы Майрæм. Баззад йæ фыд Гуыбе. Уый арт уагъта. Лæбурдта. Æртхъирæнтæ кодта. Зылди Ауызбийы фæдыл. Фæззыгон мæйдар æхсæвты хъæумæ хæс- тæг фæндæгтыл фæзынд æнахуыр адæймæгтæ. Уыдон Гуыбе- йы æлхæд адæймæгтæ кæй уыдысты, ууыл дызæрдыг ннчи 24
кодта. Хъæуы фæсивæд цалдæр хатты фæндæгтæ æрцахстой, фæлæ сæ къухы нæ бафтыдысты. Ауызби сæ йæхæдæг дæр хъахъхъæдта, фæлæ дзы иуыл дæр нæ фæхæст. Хъæуы хис- тæртæ ирон фидыд агуырдтой Гуыбейæ. Не ’сразы. Йæ къæ- сæрæй сæ кæсын дæр нæ бауагъта. Ауызби йæхи айста. Иæ къахы хъæдгом дзæбæхдæр нæма байгас, афтæмæй ныууагъта йæ бинонты: йæ зæронд мад, йæ ус æмæ йæ фынддæсаздзыд фырты. Афтæ бафæндыд йæ мады. Афтæ загътой йæ хуыздæр хæлæрттæ дæр. Иæ цæуыны раз- мæ ма йæ сыхбæстæн загъта: — Афтæ мæ куы бамбара Гуыбе, фæтарсти Ауызби, ныу- уагъта йæ бинонты æмæ йæ тæппуд сæр кæмдæр хохы цъас- сы бамбæхста... Уæхæдæг æвдисæн,— æз тыхгæнæг нæ дæн. Тыхгæнæг нæ уыд мæ фыд дæр. Фæлæ ме ’фхæрд Гуыбе нæ,— хуыцауæн дæр нæ ныббардзынæн. Гуыбейæн та-иу афтæ зæ- гъут, мæ бинонтæй искæйы сæрæй иунæг æрду дæр куы фæ- хъæуа, маст сын куы скæна, уæд ын йæ мыггаг сыскъуын- дзынæн! Кæд æй лæгæй-лæгмæ хъæуын, уæд æз — цæттæ цы- фæнды афон дæр. Цæмæй сæ бон уыд, уымæй æххуыс кодтой бинонтæн Ауыз- бийы хæстæджытæ, йе ’рдхæрдтæ. Хъæуы дзырдтой, зæгъгæ, Ауызби кæмдæр абырджытимæ баиу. Уыцы ныхæстæ тас уагътой Гуыбейы æмæ исдугмæ йæхи ныхъхъус кодта. Сæ джеттырайæ ныссабыр сты йе ’лхæд лæгтæ дæр. Ноджыма чидæр Гуыбейы хъусты бацагъта, дæхи хъахъхъæн, Ауызби- йы фыдбылыз дæ афтæ уæлæнгæйтты нæ ныууадздзæн, тынг дæм æртхъирæн кæны, зæгъгæ. Гуыбейы гæды рувас уыцы ныхæсты фæстæ йæ фæсоны нуæрттыл атылди хъæуы хистæрты раз. Йе ’взаг суагъта: — Мæныл уæззаудæр бон никуыуал скæндзæн. Мæ зæ- ронд æнæ бавæрæгæй баззад. Кæй ма хъæуын? Цæмæн ма у мæ цард? Аххос, кæй зæгъын æй хъæуы, махоны аххос уыди. Загъд уый ракъахта. Фæлæ... Æз фидаугæ никæимæ кæнын. Æрмæст Ауызбийæн фехъусын кæнут, йæхи лæг куы хоны, уæд цæуыл рамбæхс-бамбæхс кæны?.. Гуыбе хъæуы зæрæдтæн се ’нæзонгæ Гуыбе куы нæ уыд, миййаг. Ничи йын баууæндыд йæ ныхæстыл. Ауызби та, би- рæтæ куыд æнхъæлдтой, афтæ хæхты нæ, фæлæ Уæлладжы- ры комы йæ мадырвадæлтæм уыд. Уым фæлымæн, Федыр, зæгъгæ, иу лæгимæ. Иуæй-иу ныхæстæ йедтæмæ иронау нæ зыдта, фæлæ кæйдæрты æххуысæй фæфарста Ауызбийы йæ 25
царды хабæрттæй. Уымæй базыдта, тагъд цавæрдæр ног дуг кæй ралæудзæн, хъæздгуыты, адæмы тугцъирты кæй фæсур- дзысты, сæ зæххытæ сын мæгуыр адæмæн кæй ратдзысты, ног дуг саразыныл ам, Ирыстоны, дæр кæй тох кæнынц. Æппæты фыццаг уымæй фехъуыста Ауызби, изæры йæ сау хабар кæ- мæн æрбахастой æмæ ныр къæнцылары сæрмæ сау тырыса кæмæн ныссагътой, уый ном... ...Ниуы, къуыс-къуыс кæны дымгæ. Æрмæст Ауызбийы йæ хъуыдытæ афтæ дард ахастой, афтæ ныдздзæгъæлтæ, æмæ дзæбæх нал хъусы дуары къæс-къæс. Раджы фæци сыгъд бæрзы хуылыдз лыггаг. Бады-ма уæддæр Ауызби арты фарсмæ. Йæ дæрзæг къухтæй æууæрды йæ зæнджы цæф. Æр- мæст ын уазал йæ фæсонтæ куы ныццавта, уæд фæстæмæ ра- каст. Хæдзармæ æрбахызт Батырбег. — О, ды дæ, лæппу? Цы бауынаффæ кодтат? — бафарста зæронд. — Майрæмбоны дæлæ æртæ фæндаджы лæгъзы æмбырд аразæм. Иннæ хъæуты дæр æрхондзыстæм. Стæй Бæрзджы- ны ног скъолайыл йæ ном сæвæрынмæ хъавæм,— дзуапп рад- та Батырбег æмæ артмæ хæстæгдæр æрбалæууыд. — Бæрзджыны скъола зæгъыс? Уый хорз æрхъуыды код- тат, тынг хорз. Иннæ хъæуты адæммæ кæй арвыстат, уымæй дæр хорз бакодтат. Зиан адæмæн иумæйаг зиан у. Фæлæ мах дæр исты æрхъуыды хъæуы. Æз æмæ дæу, нæ бинонты... Цу, дæ фæллад суадз, райсом нæ раджы цæуын хъæуы. — Кæдæм, Бæппу? Мæн районæй сæрмагондæй уыцы хъуыддаджы тыххæй куы рарвыстой,— батыхст фырт. — Фæсивæдыл сæ афæдзæхсдзынæ. Æз æмæ дæу æхсыз- гон хъуыддаг ис. Цу. Хабæрттæй дæр дæ нал афарстон. Стæй... Исты дæ риссы, миййаг? Фыдхуыз дæ... Хуыфгæ дæр куы кæныс, лæппу?..— загъта фыд æмæ йæ бынатæй сыстад. Кæрцы йæхи арфдæр æрбатыхта, дуарырдæм араст.— Æз ма уыцы родмæ бакæсон. Æнхъæлдæн æмæ мын æнæ бастæй баз- зад. Фыд йæ нывонды бæрæг кæнынмæ кæй нæ цыд, фæлæ йæ- хи барæй кæй айста, уый Батырбег бамбæрста. Æз æй дæ бæсты абæрæг кæндзынæн, зæгъгæ, йæм сдзурынмæ хъавыд, фæлæ йæхи баурæдта. Ахæм заман зын ныхас кæнæн вæййы Ауызбиимæ. Æмæ æцæг Ауызби скъæтмæ нæ бацыд. Кулдуары æдде æмронды уазал дуртыл банцой кодта æмæ кæдæмдæр æдзы- 26
нæг каст. Дымгæ нæма басабыр. Æрмæст арв мигътæй асыгъдæг, æмæ, цыма стъалытæ уазалæй ныцъцъæх сты, уый хуызæн тыбар-тыбур кодтой. Мæй, æвæццæгæн, цалынмæ Ауызби мидæгæй уыд, уæдмæ аныгуылд. Æрмæст ма гæ- зæмæ рухс кодта Цъæриты цъитийы цъупп. Раздæрау къæнцылары сæрмæ фæйлыдта сау тырыса. Ауызбимæ афтæ каст, цыма ныртæккæ дымгæ йемæ аскъæф- дзæн тырысайы, ахæсдзæн æй кæмттыл, хæхтыл, хъæутыл. Æмæ, нырма уыцы сау хабар чи нæма фехъуыста, уыдонæн дæр æй радзурдзысты тъæнджымæйы фыдуаг дымгæ æмæ фыдохы сау тырыса. Тæхгæ, уæдæ, дæ бон цас у, уымæй, къуыс-къуыс кæн, ниу, тъæнджымæйы уад-дымгæ! Ахсæв дæ рад у. Ахсæвы хуызæн фыдохы уац никуыма æрхастай ды! Ниу, уæдæ, ноджы æнæ- хатырдæрæй, къуыззитт кæн!.. 2 Нарæг комы фæхæрд кодтой фыд æмæ фырт. Сæ кусæн- дзаумæттæ се ’ккæйтты. Фыд — разæй, фырт — йæ фæстæ. Уæлиау хæхты цъуппытыл сызгъæринау æрттивынц райсомы хуры фыццаг тынтæ. Митмæ цæстытæ нæ лæууынц. Арв — сыгъдæг. Дымгæ басабыр. Æрмæст райсомы уазалæн йæ тых нæ сæтты, æлхысчъытæ кæны фыд æмæ фырты цæсгæмттæ. Мит хъæрзы къæхты бын. Цъити дон ныйих, ныддæвдæг бын- тондæр, ранæй-рæтты айдæнау æрттивы. Цæуы фыд разæй. Йæ фæтæн фæсонтæ гуыбырæй хæссы. Ницы дзуры. Уæвгæ цы дзура? Сæхицæй куы рараст сты, уæд фыртæн бамбарын кодта æппæт дæр. Хъуамæ Дзæбидырджы- ны комæй раласой цырты дур. Майрæмбонмæ йæ сцæттæ кæ- ной. Дзæбидырджыны комы та раджы кæддæр, дзугæй чи фæкъорд, ахæм фысты фæдыл зилгæйæ диссаджы дуртæ фед- та Ауызби. Дысонизæр, цалынмæ фырт къæнцыларæй здæхт, уæдмæ Ауызби уыдоныл хъуыды кодта. Цæхæртæ калдтой, афтæмæй уадысты йæ фæллад цæстытыл. Æрмæстдæр уыцы дуртæй хъуамæ ныссадзой цырт фыд æмæ фырт сæхи номæй!.. Хатгай фыд фæстæмæ ракæсы. Æрлæууы. Йæ ныхы хид йæ кæрцы дысæй асæрфы æмæ та, йæ бæрз лæдзæгыл æрæн- цайгæйæ, араст вæййы дарддæр. Цæуы фырт йæ фæдыл. Кæ- сы, фыд хъæбæр митыл йæ къах куыд фидар, куыд арæхст- 27
джынæй æвæры, уымæ. Фыццаг хатт нæ цæуы Батырбег ахæм зын фæндагыл. Иæ фыдимæ уыдис ацы комы дæр, æрмæст дзы, Ауызби цы æрттиваг дурты кой кæны, уыдон никуы фед- та. Æвæццæгæн, тынг дард, тынг арф ран сты, Ауызбийы йед- тæмæ кæй ничи зоны, ахæм ран. — Лæппу, къахвæдтыл цу. Фæбырынæй хъахъхъæ,— дзу- ры фыд. — Хорз, Бæппу. Мæнæн ма тæрс,— дзуапп дæтты фырт æмæ иувæрсты кæсы размæ: йæхинымæр агуры фыды æртти- ваг дуртæ. —Дзирийы рагъ ма хъуыды кæныс? — Кæнын, фæлæ уый... Уый раджы уыд. Йæ иунæг фырты йемæ арæх кодта Ауыз- би. Лæппу-иу йемæ куы уыд, уæд йæ фæллад дæр ницæмæ дардта, бон дæр бирæ цыбырдæр уыд. — Куыст, æрмæстдæр куыстæй фидауы хæхбæсты адæй- маг. Куыстыл та афоныл куы на сахуыр уай, уæд æм уый фæстæ астæу нал фæтасы. Лæгæн та йæ астæу тасгæ куы нæ кæна, уæд æй лæгыл нæ нымайынц,— афтæ-иу дзырдта Ауыз- би йæ гыццыл фыртæн. Æмæ Батырбег йæ зæрдыл бадардта йæ фыды ныхæстæ. Сæрдыгон бон-иу куыддæр цъæхтæ кæнын байдыдта, афтæ-иу æй фыд йæ хъарм хуыссæнæй рабадын кодта. Йæ ком ивазгæ, йæ цæстытæ æууæрдгæ-иу сыстад. Цъынддзастæй-иу скаст йæ фыдмæ, цыма йын-иу афтæ дзырд- та: æрмæстдæр-ма иунæг минут, хæрз чысыл ма мæ бауадз... Æмæ-иу фыд фæстæмæ схуыссын кодта фырты. Иунæгæй-иу ацыд кусынмæ — хос кæрдынмæ, мæкъуылтæ амайынмæ, суг ласынмæ... Лæппу-иу йæхицæн бынат нал ардта, æнхъæлмæ-иу каст, уæдæ кæд æризæр уыдзæни æмæ Бæппу кæд æрцæудзæн, зæгъгæ. Мæцкъуытæ, мæнæргъытæ, мыды- бындзыты къуск... Æмæ-иу цынæ æрхаста йемæ уыгæрдæн- тæй, хъæдæй Ауызби йæ иунæг фырт Батырбегæн! Дзирийы рагъ... Мæнæ ныртæккæ куыд цæуы, афтæ цыд уæддæр йæ фыды фæстæ гыццыл Батырбег. Сæрдыгон хур дзæвгар суад арвыл. Рæгътæ дидинæгæй тыбар-тыбур кодтой. Гæлæбуты пæр-пæр, мыдыбындзыты гуыв-гуыв дард кæдæм- дæр сайдтой лæппуйы. Æмæ-иу хатгай йæхи нал баурæдта, нарæг къахвæндагæй-иу ахызт, гæлæбуты фæдыл-иу ныййарц. Тынг цин кодта Батырбег, уыцы бон æй Ауызби йемæ хос кæрдынмæ кæй ракодта, ууыл. Æрмæст йæ дзабыртæй тынг тыхсти. Ног кæрдæгыл цъыгъгъуыттытæ кодтой. Бæргæ сæ 28
раластаид, бæгъæввадæй бæргæ асырдтаид уыцы фыдуаг гæ- лæбуты, фæлæ йæ фыд нæ уагъта. .— Лæппу, фæндагмæ рахиз. Фæбырдзынæ æмæ дæлæ ко- мы доны дæ тъæпп фæцæудзæн! — цалдæр хатты йын загъта фыд. Фæлæ Дзирийы рагъыл гæлæбутæ афтæ рæсугъд уыды- сты, æмæ лæппуйы сæ ныууадзын нæ фæндыд. Стæй йæ дыу- уæ къахы дæр уыциу бырд фæкодтой, æмæ рагъæй уырдыгмæ атахт. Ницуал бамбæрста. Фæстæдæр йæ фыды хъæбысы æр- чъицыдта. Байгом кодта йæ цæстытæ. Иæ судзгæ русыл змæ- лыдысты йæ фыды уазал былтæ: — Фидар лæуу... Дæуыйас лæппу кæугæ нæ фæкæны. Ныр- тæккæ адзæбæх уыдзынæ... Нарæг комы фынккалгæ цы цъити-дон уади, уымæй дудæ- гау кодтой лæппуйы рустæ, сæр. Рысти рахиз цонг, цыма йыл дур ауыгъд уыди, уый хуызæн сисын нал куымдта. Стæй фыд йæ мидæггаг хæдоны дыс ратыдта, цавæрдæр уазал кæрдæ- джытимæ бабаста лæппуйы сæр, цæсгом, рахиз цонг. Иæ хъæбысы йæ æрхаста фæстæмæ хъæумæ... «Бæппу ма мын, æвæццæгæн, гыццыл гаги æнхъæл у... Дзирийы рагъæй дæр мæ уымæн фæрсы?» — хъуыды кæны йæхинымæр Батырбег, æмæ фыдмæ хæстæгдæр бацæуы. Тæр- сы, фыд куы фæбыра, йæхи истæуыл куы ныццæва. Разæй цæ- уыныл дæр афæлвары, фæлæ фыд ууыл нæ разы кæны. • Рахизырдыгæй хохы цъуппыл урс мигъы бындзыг фæзынд. Къухаууонæй йæм акаст Ауызби. — Хорз нæу... Тагъд кæнын хъæуы, лæппу,— загъта фыд æмæ йæ бæрз лæдзæджы фындз миты ноджы арфдæр æрсагъ- та, рогæн багæпп кодта дурты сæрты. Æмæ, æцæг, чысыл фæстæдæр урс миты бындзыг хохы цъуппыл атад. Арвыл æрбагуылфæн кодтой сатæгсау мигътæ. Комы баталынг. Стæй дымгæ рацыд. Миты гæбынатæ уæлдæ- фы сæмхæццæ кодта. Фæстæмæ скъæфта фыд æмæ фырты ко- мытæф. — Æрбахæццæ стæм, — æппынфæстаг загъта фыд æмæ бæрзонд гæмæх хохмæ хæрдмæ скаст. Йæ къахæн, йæ фæрæт къæдзæхрæбын æрæвæрдта æмæ, чысыл дæлдæр донвæд кæм зынд, уыцырдæм араст. Фырт дæр скаст хохмæ. Иннæ къæ- дзæхтæй хъауджыдæр уæлдай æрттывд нæ кодтой уыцы къæ- дзæхы былтæ. Æрмæст дымгæ хъазыд сæ фæрстыл æмæ сæ кассаджы хуызæн чырс уырдыгмæ згъæлд. • ^«Æвæццæгæн, ацы хох у, фæлæ кæм сты йе ’рттиваг дур- 29
тæ?» — Æдзынæг кæсы Батырбег æмæ, зынгау чи судзы, уьг- цы къухтæй сæрфы йæ уымæл ныхы хид. — Лæппу, къахæн-ма рахæсс!— къæдзæхты къултыл æна- хуыр зыланггæнгæ атахтысты Ауызбийы ныхæстæ. Фырт, къа- хæн æмæ дзæбуг йе ’ккой, афтæмæй ныццыд йæ фыды цурмæ. Ауызби дæргъæй-дæргъмæ дуры цур лæууыд, йæ кæрцы фæд- джийæ йын йæ миттæ сæрфта. — Уæлæ къахыр уыныс? — хохы фарсмæ йæ къухæй ба- цамыдта Ауызби.— Ацы дуртæ дæр, æвæццæгæн, уырдыгæй рахаудысты. Сæрдыгон сæ дон куы æрæхсы, æцæг æрттывд уæд фæкæнынц... Фыд, цыма сызгъæрины къæртт ссардта, уый хуызæн зæх- хыл нал хæцыд. Дуры алывæрсты зылд. Мит фæйнæрдæм калдта. Стæй дур сыгъдæггонд куы фæци, уæд йæ кæрцы ды- сæй та йæ хид асæрфта, фыртмæ бакаст æмæ загъта: — Лæппу, йæ цыргъ тигътæ йын дзæбугæй æрлæгъз кæн, йæ бырæн фарсыл æй рафæлдахын хъæуы. Кæд æй дæлæ на- рæджы дурты цæнд нæ баурома, уæд чысыл фæстæдæр раст хъæуысæр балæудзæн. Уæвгæ дурты цæндæй хъæумæ дард нал у. Искæйтимæ йæм суайдзыстæм... Батырбег йæ тых-йæ бонæй ныццавта дуры цыргъ тигъ. Стыргомау къæртт дзы иуварсырдæм атахт. Систа йæ. Дуры, цыма цæст тыххæй кæй уыны, ахæм гыццыл цырæгътæ сыгъд, уый хуызæн æнæнымæц æвзист цæстытæй æрттывта, тæмæн- тæ калдта. — Ай æцæг диссаджы дур куы у... Нырмæ йæ куыд ни- куы никæмæн бацамыдтай? — цингæнгæ загъта фырт æмæ нæ фыдмæ бакаст. — Ахæм диссæгтæ бирæ ис, лæппу, нæ хæхты. Амонгæ нæ, фæлæ ма дзы цалдæр къæртты æрвитгæ дæр акодтой...— йæ бынатæй сыстад фыд.— Тагъддæр кæ, кæд ма рухсæй ных- хæццæ уаиккам. Æнхъæлмæ нæм кæсдзысты... Дыууæ мæцъисæй рафæлдæхтой дур йæ бырæн фарсыл. Фес’хуыстой йæ, æмæ æваст ком ныццарыдта. Ныййазæлыды- сты хæхтæ. Митын рыг фæздæгау сыстад. Нæргæ, гыбар-гы- бургæнгæ атахт нарæг донвæдыл цырты дур. Йæ фæд-йæ фæд араст сты фыд æмæ фырт. Дымгæ сын хоста сæ хид цæсгæмт- тæ. Миты гæбынатæ тадысты фыд æмæ фырты рустыл. Бынæй та, дард кæмдæр комы, уæззау нæрд кодтой къæдзæхтæ. Бафæллад Ауызби. Йæ зæнгтæ йæ быны дыдæгътæ код- той. Цыд уæддæр, тагъд кодта фырты разæй. Иу фæзилæны, 30
гыццыл-ма бахъæуа, былæй ма ахауа. Иæ кæрцы фæдджийæ ма йæ æрцахста Батырбег. Тыхтæ-амæлттæй, къæдзæхы салд фарсыл сæ ныхбынты туг калд, афтæмæй ныйирвæзтысты фæ- зилæны. Ранæй-рæтты цырты дурæн йæ фæд æппындæр нал зынд. Арф миты бынты-иу фатау атахт. Цалынмæ-иу дæлдæр йæ фæд нæ разынд, уæдмæ йæ миты бын агуырдтой. Хур аны- гуылд. Изæрдалынгтæ кодта, атфæ ныххæццæ сты, Ауызби цы цæнды кой кодта, уымæ. Цырты дур, цыма фыд æмæ фыртмæ æнхъæлмæ каст, цыма йæ хъæумæ фæндгæ нæ кодта, уый хуызæн нарæджы ныццæхгæрмæ. Иæ бырæн фарс æвзист цæстытæй æрттывта. Цæнд дыууæ дихæй лæууыд. Ауызби ду- ры алыварс цалдæр зылды æркодта. Стæй йæ дæллаг фарс тигъыл æрбадт æмæ йæ къухтæ миты ауагъта. — Лæппу, йæ быны дуртæ йын асыгъдæг хъæуы... Цуркау сæ салд зæххы куыд ныкъкъуырдта,— загъта Ауызби æмæ йæ сынæгæй цырты дурыл анцад. Дур змæлгæ дæр нæ фæкодта. Æрмæст зæронды, йæ къæхтæ кæмæ сбыцæу кодта, уыцы дур фæсайдта æмæ миты хъæпæнмæ уырдыгмæ атахт. Фервæзын та йæ кодтой йæ фæлтæрд къухтæ. Ныххæцыд цæуылдæр. Но- джы фырт уайтагъд йæ уæлхъус февзæрд æмæ йæ миты бы- нæй скъахта. — Лæппу, мæнæй дын пайда нал ис... Дæхæдæг ын исты амал кæн,— загъта Ауызби æмæ иуварсырдыгæй къæдзæхрæ- бын æрбадт. Дур та ногæй йæ бынатæй фезмæлыд, ком та фæстæмæ ныннæрыд. Фыд йæ къæхты бынæй ныуулæфыд æмæ хъæрзгæ ныхасæй загъта: — Ныр ын тас нал у. Ныр хъæумæ хæццæ кæндзæн. Лæп- пу... Мæ зæнг... Æрлæууын мæ нал уадзы... Фырт фæтарст фыды фæлурс цæсгомæй. Иæ разы йæ зон- гуытыл æрхауд. Тагъдгомау февнæлдта фыды зæнгмæ. Зæнг афтæ ныррæсыд, æмæ фæсмын зæнгой фæйнæрдæм тыдта... 3 Дыккаг райсом Ауызби нал сыстад. Зæнджы зæронд цæф йæ ногыл дæр афтæ тынг нæ рыст, афтæ нæ риуыгъта зæрдæ- йы. Æхсæв-бонмæ йыл тæвд дуртæ февæрдтой, хоры цъата- имæ йæ бабастой, уæддæр æй боны цъæхтæм йæ цæст æр- цъынд кæнын нæ бауагъта. Райсомæй иучысыл афынæй. Иæ 31
фыны федта Майрæмы, хъамалвæстæй йæм лæбурдта. Гуыбе дæр чысыл фалдæр æмбонды фæстæ æрæмбæхст. Фыртмæ дзырдæппарæн кодта. Ардыдта йæ. Сабыр дзыхы ныхасæй йæм дзырдта Ауызби. Стæй Майрæм æгæр-æгæр куы кодта, уæд ыл йæхи баскъæрдта. Йæ хъама йын срæдывта, куыри- сау æй йæ дыууæ къахæй хæрдмæ фелвæста. Ныр æй зæххыл ныццæвон, зæгъгæ, афтæ йæм Гуыбе æмбонды фæсте рагæпп кодта... Стæй дыууæйæ дæр фæтымбыл сты... Стыхст йæхинымæр Ауызби. Фехъал. Йæ цæф зæнгыл йæ къух арæхстгай æрæвæрдта. Арф ныуулæфыд. Фынмæ гæсгæ, йæ зæрдыл æрбалæууыд, æндæраз фæззæг Гуыбе къæнцыла- рыл куыд бандзæрста, куыд æй æрцахстой, æнæдаст, йæ къух- тæ фæстæмæ баст, афтæмæй йæ хъæуы уынгты кæдæмдæр ахæстонмæ куыд фæцæйкодтой, уый. «Фæлæуу, Ауызби, æз дын мæ фыстæ, мæ зæххытæ, мæ фырты туг дæ фындзыхуынчъытæй сласдзынæн! Дæ фырт Ба- тырбег хъæуыхицау кæй сси, къæнцыларыл дæр уымæн бан- дзæрстон. Мæ рахиз цæст куы схаудаид, æмæ Батырбеджы къæнцылары куы сфизонæг кодтаин... Абон уæ рад у, фæлæ та уын а дыууæ боны уе ’фсондз уе ’фцæгыл бафтаудзы- сты!» — фæстæмæ ма хъæр кодта Гуыбе. «Раст зæгъыс, абон мах рад у! Цæрæнбонты ныхасы бар кæмæ нæ хауд, уыдоны рад у абон! Цы æфсондзы кой кæныс, уый мах раджы басыгътам, йе ’ртхутæг та йын, йе ’схъистæ йын дымгæмæ ныддардтам! Нæ фындзыхуынчъытæм нын чи хъава, уыдонæн та сæ сæртæ ныхасы къæйдуртыл хойдзыс- тæм!» — дзуапп ын радта Ауызби æмæ йæ рахиз къухы æн- гуылдзтæ армытъæпæны амбырд сты. Кæртæй хъуыст æфсæйнаджы зæланг, уæззау гуыппытæ, Ауызби йæ зæнг фысдзармы батыхта, йæ зæрдæ нал фæлæу- уыд æмæ лæдзæджы æнцæйтты тыргътæм рахызт. Батырбе- джы цалдæр лæппуимæ цырты дуримæ архайгæ куы федта, уæд сæ цурмæ бацыд. Иудзæвгар æнæ исты сдзургæйæ фæ- каст, стæй бафарста: — Лæгъз æй хорз куы скодтат, уæд ма йæ къахгæ та цæ- мæн кæнут? — Ныхæстæ йыл фыссæм, Бæппу... — Цавæр ныхæстæ? — Иæ ном æмæ йæ мыггаг. Стæй йын цырт чи сæвæрдта, уыдоны номæй... — Æмæ йыл кæй номæй фыссут? 32
— Фæзыхъæуы цæрджыты номæй,— дзуапп радта лæппу- тæй иу. Ауызби исдугмæ цæуылдæр ахъуыды кодта, стæй йæ фыртмæ фæсидт æмæ йын аивæй загъта: — Лæппу, æмæ райсом иннæ хъæутæй чи æрцæуа, уыдо- нæй худинаг нæу? Цы зæгъдзысты? — Æз сын бæргæ дзурын, адæмæн æй се ’ппæты номæй схонæм... Хæххон мæгуыр адæмы номæй, — йæ ныхас ын айс- та иннæ. — Æмæ цы кæны, афтæ хуыздæр уыдзæн,— дзуапп радта Ауызби æмæ йæ фыртырдæм йе ’ргом аздæхта. — Лæппу, уыцы уæныджы кой дæр бакæнут. Уæд та йæ райсом... Куыд хуыздæр уыдзæн? — Уалдзæджы. Иæ гуырæн бон. Афтæ хуыздæр уыдзæн. Ауызби зæхмæ ныккаст. Исдугмæ ницуал сдзырдта. Стæй цыртырдæм азылд æмæ загъта: — Мæхимæ дæр афтæ хуыздæр кæсы. Уалдзæджы... Цу ныр де ’мбæлттæм. Лæгъздæр хъуаг ма уын у... Майрæмбоны, кæд боныхъæд тынг æвзæр уыд, уæддæр хъæуы фæсивæдæй ничи фæзивæг кодта, сæумæцъæхæй æрæм- бырд сты æртæ фæндаджы фæзмæ. Йæ мит ын ныммарзтой. Асыгъдæг ын кодтой йæ дуртæ. Суадоны сæрмæ фæллад бæлццонау Батырбеджы нымæты тыхтæй лæууыди цырт. Ауызбимæ афтæ каст, цыма ныртæк- кæ цырт йæ нымæт сисдзæн, комкоммæ йæм æрбацæудзæн, йæ къух ын райсдзæн æмæ зæгъдзæн: — Уый ды дæ, Цæргæсаты Ауызби? Æз уæдæ дæу фенын- мæ æрбацыдтæн. Хæххон адæмы фенынмæ... Зыдтон æй, æн- хъæлмæ мæм кæй кæсут, уый... Ахæм хъуыдытæ иу хатт æмæ дыууæ хатты не ’змæлын кодтой Ауызбийы зæрдæйы. Адæмæн уыйбæрц хæрзтæ чи ра- кодта, æппæты фыццаг сæм сæ номæй чи сдзырдта, уый сæ иуахæмы кæй бабæрæг кæндзæн, ууыл дызæрдыг нæ кодта. Æрмæст, кæд ссæудзæн, уый бæлвырд нæ зыдта, уæддæр йæ- хи цæттæйæ дардта: цы ныхæстæ йын фæкæндзæн, йе ’рдхæрдты, йæ хæстæджыты куыд æрхондзæн, хъæугуывд ын куыд скæндзæн... Уыдон иууылдæр нымад уыдысты Ауызби- йæн. Иæ нывондаджы дæр йæ комыкомдзæгтæй уымæн хаста. Стæй йын иухатт Батырбег загъта: — Бæппу, дæ зæрдæхудты бацæуын мæ нæ фæнды. Æз дæр йæ уындмæ дæуæй къаддæр нæ бæллын. Фæрсыс мæ æмæ 3 Дæ эæрдæмæ хъуыстон 33
дын зæгъын: хъуамæ ссæуа. Фæлæ ма дæхæдæг ахъуыды кæн, æз æмæ дæу хуызæттæ цал ис дунейыл? Се ’ппæтыл куыд аххæсдзæн?.. — Æмæ мах... Мæнмæ гæсгæ дзы мах хуызæн хæсджын ничи у. Уадз æмæ нæ фена. Уæлдæфмæ иучысыл йæ фæллад суадза...— дзуапп радта Ауызби, стæй æрæджиау Батырбеги- мæ сразы.— Бирæ хъуыддæгты лæуд кæй у, мах хуызæттæ йын бирæ кæй ис, уый æз дæр æмбарын. Гъемæ йын, уæдæ, йæ нывондæй куывд скæндзыстæм. Ие ’сгуыйы хай æмæ йын йæ бæгæныйы кæхц уырдæм арвитдзыстæм... Суадоны был лæууы Ауызби æмæ къулбæрзæйæ кæсы цыртмæ. Суадон хæрдмæ цæвы, æнхъизы, чысыл дæлдæр ихы бынæй йæ хъуыр-хъуыр цæуы. Батырбег, цырты бын ма цы чъыры муртæ аззад, уыдон иу ранмæ æмбырд кæны. Разы у Ауызби фæсивæдæй, йæ фыртæй. Хорз ран æрхъуыды кодтой цыртæн. Æртæ фæндаджы астæу. Суадоны хæдсæрмæ. Сæрд сысгæ нæ кæны суадон, зымæг та — их. Ардæм цæуынц хъæ- уы дондзæуттæ. Ам æруромынц фæндаггæттæ, æртæ комæй быдырмæ чи цæуы, æртæ коммæ быдырæй чи здæхы, уыдон. Сихæрттыл фæзы адæмæй къах æрæвæрæн нал уыд. Сæ сау тырысатимæ æрцыдысты иннæ хъæутæй дæр. Хъæуты дзырддзæугæ лæгтæ цырты раз фæкъорд сты. Батырбег дæр семæ. Цыдæр æхсызгон ныхас сын кодта. Стæй, абонрайсом цырт амайынмæ чъыр кæм æрластой, уыцы галуæрдонмæ схызт, йæ худ систа, адæмыл йæ цæст ахаста æмæ загъта: — Хорз адæм! Абон дунейы фæллойгæнæг дзыллæтæ фæн- дараст зæгъынц сæ ахсджиагдæр хъæбулæн. Сæ сæртæ ныл- лæг æруагътой йæ сынты раз. Ард хæрынц йæ марды уæлхъус, уый цы стыр хъуыддæгтæ райдыдта, уыдон кæронмæ сыгъдæ- гæй кæй ахæсдзысты, ууыл. Дунейы фæллойгæнæг адæмты зæрдæты рухс чи ссыгъта, талынгæй сæ уæрæх фæндагмæ чи ракодта, се ’нусон цагъардзинадæй сæ чи фервæзын кодта, уымæн мæлæт нæй. Ахæм лæг нæ мæлы. Уый фæлтæрæй-фæл- тæрмæ цæрдзæн, цы домбай болыневикты парти сарæзта, уый зæрдæйы, дзыллæты зæрдæты, махæн не ’ппæты зæрдæты... Бæгъæмсарæй лæууыдысты адæм. Сæ цæстæнгас сарæзтой цыртмæ. Хъуыстой Батырбегмæ. Лæууыд Ауызби дæр. Лæм- бынæг хъуыста йæ фырты ныхæстæм. Касти йын йæ фæлурс, æнæдаст цæсгоммæ. Ахæм стыр хъуыддаджы тыххæй райо- нæй йæ фырты кæй æрбарвыстой, утæппæт адæмы раз дæсны ныхас кæй кодта, уый æхсызгон уыд Ауызбийæн. Йæ фæллад 34
цæстытæ доны зылдысты, йæ зæрдæ æрхуым кодта. Стæй цалдæр лæппуйы нымæт систой, цæхæртæ скалдта цырты дур. Батырбег æм йе ’ргом аздæхта æмæ уынгæг хъæлæсæй загъта: — Ард дын хæрæм, хæххон адæм дæ амынд фæндагæй иу- варс кæй никуы аздæхдзысты, уый тыххæй!.. Фæсивæдæй иу-цалдæр, сæ худтæ сæ къухты, афтæмæй ца- вæрдæр уырыссаг зарæг ныззарыдысты. Батырбег дæр семæ. Диссаг фæкаст уый Ауызбимæ. Никуыма федта зианы бон заргæ. Уæлдайдæр ахæм судзаггаг зианы бон... Иæ фарсмæ чи лæууыд, уыдонæй иу æрыгон лæппуйы йæ рæмбыныкъæ- дзæй басхуыста, зæгъ сын æмæ басабыр уой, зæгъгæ. — Уый, Ленин йæхæдæг арæх кæй зарыд, ахæм зарæг у. Дунейы фæллойгæнджытæм фæстаджы тохмæ чи сиды, ахæм зарæг,— йæ хъусы йын сусæгæй бадзырдта лæппу. Ауызби ницуал загъта. йæ размæ æрбацыд æндæр хъæуккаг æртæ зæ- ронд лæджы. Цыма зиан æрмæст Ауызбийы зиан уыди, уый хуызæн ын тæфæрфæс ракодтой: — Дæ хъиамæттæ, дæ фыдæбæттæ йын хæлар уæнт... Буз- ныг, Ауызби, дæ хорздзинад дын никуы ферох кæндзыстæм. Не ’ппæты хæс дæр ды дæхимæ айстай, æмæ дын бузныг зæ- гъæм!.. Тæфæрфæсгæнджытæ хъæуы хистæрты разæй уымæн цæ- мæн арфæ кодтой, уый исдугмæ дзæбæх нæ бамбæрста Ауыз- би. Стæй уазджытæм хæстæгдæр бацыд, сæ къухтæ сын райс- та æмæ загъта: — Цины хъуыддæгты цæут ардыгæй фæстæмæ... Æдзынæг каст цыртмæ Ауызби. Иæ урс-урсид боцъо йын фæйлыдта дымгæ. Зæнджы рыст зæрдæйы рыстимæ баиу. Иæ хъусты та къуыс-къуыс кодта фыдуаг хæххон уад. Ниудта, дзынæзта иу комæй иннæмæ, иу хъæуæй иннæ хъæумæ, иу зæрдæйæ иннæ зæрдæмæ. Хæхты уарыд мит... •
ÆЗ ДЫН МÆ ЧЫЗДЖЫ РАТДЗЫНÆН... азы фæззыгон фæлмæн изæр адæм æмызмæлд кодтой Грознайы уынгты,— сæ боны куыстæй здæхтысты. Кæд ма музейы кусджытæй искæй йæ бынаты баййафин, зæгъгæ, тагъд кодтон на- рæг уынджы, хæдзæртты къултæм скæс-скæс кæн- гæйæ. Мæ цæуыны размæ телефонæй ныхас код- тон музейы директоримæ æмæ мын кæд байрæ- джы, уæддæр мæ зæрдæ дардтон, музейы мæм исчи æнхъæлмæ кæй кæсдзæн, ууыл. Уынджы тигъыл хæдзары дуармæ баййæфтон æрыгон сылгоймаджы. Цырагъы рухсмæ йæ хæмпус сау сæрыхъуынтæ, цыма сæ исчи æвзист донæй бапырх кодта, афтæ æрттывтой. — Бахатыр кæн, фæлæ музейы ничиуал ис? — хæдзары къулыл æрттиваг дзамгъæтæй фыстмæ хæрдмæ скæсгæйæ, бафарстон æз. Сылгоймаг мыл йæ цæстæнгас æрхаста, стæй уæд дзуапп радта: — Ис. Дзæуджыхъæуæй нæ дæ, миййаг? — Дзæуджыхъæуæй... Нæ машинæ фæндагыл цыдæр кодта æмæ уый тыххæй... — мæхи сраст кæныны зæрдæйæ загътон æз æмæ йын йæ къух райстон. Сылгоймаг ницы сдзырдта, йæхимидæг батых- сæгау кодта, стæй мын йæ къухæй ацамыдта: — Мидæмæ. Æз директорæн телефонæй фе-
хъусын кæнон. Фæдзæхсгæ мын кодта. Нырма чысыл раз- дæр ауад... — Дæ хорзæхæй, ма йæ тыхсын кæн. Райсом фендзыс- тæм... — загътон æз, фæлæ мæм уый кæронмæ дæр нал бай- хъуыста, афтæмæй сызгъордта музейы дурын асинтыл. Æз дæр йæ фæдыл мидæмæ бахызтæн. Чызг телефоны хæ- тæл систа æмæ директоры фатер ракуырдта. — Хадзыбечыр дæ? О, нырма ныртæккæ. Фæцæуæм... Ис- ты йын зæгъыс? Уæхимæ? Хорз,— загъта чызг æмæ телефоны хæтæл фæстæмæ йæ бынаты æрæвæрдта. — Сæхимæ дæм æнхъæлмæ кæсы. Цом, æз дæ бахæццæ кæндзынæн. — Ацы рыгæйдзæгтæй?.. Дæ хорзæхæй, кæд дын зын нæу, уæд мын гостиницæ ацамон,—мæ рыгæйдзаг палтойы рæзтæм æркæсгæйæ, загътон æз. Чызг мæм йæ бæзджын сатæгсау æрфгуыты бынты æна- хуыр каст æрбакодта: — Гостиницæ, зæгъыс? Нæ, æз дæ Хадзыбечыртæм бахæц- цæ кæндзынæн, стæй-иу уæд хæдзары хицауимæ дæхæдæг ны- хас кæн,— æмæ фæлмæн мидбыл худт ахъазыд чызджы сау- лагъз, тымбыл цæсгомыл. Рацыдыстæм музейæ. Нæ сæрмæ телыхъæдтыл, хæдзæрт- ты тигътыл сыгъдысты электрон цырæгътæ. Изæры уддзæф хъазыд чызджы сæрыхъуынтæй. — Æмæ уæдæ ды дæр мидхæсты историйыл кусыс? — иуцасдæр æнæ исты дзургæйæ куы рауадыстæм, уæд бафарс- та чызг. — О, фæлæ йæ ды та цæмæй зоныс? — фæдис кодтон æз. — Хадзыбечыр мын дзырдта. Цы æрмæг агуырдтай, уый дын æрцæттæ кодтон, — дзуапп радта чызг. — Де ’рбацыд мын ахæм æхсызгон уыд, æмæ дын æй куыд зæгъон, нæ зо- нын... Мæн дæр тагъд сымахмæ цæуын хъæуы. Ды цы хъуыд- дæгтыл архайыс, уыдон фæдыл. Æрмæст дæ рагацау курын, ма’иу схъыг у, хынцфарст дæн. Стæй дæ ныр кæм базыдтон, уым дæ иу ран нал ныууадздзынæн. — Дæ хорзæхæй... Дæ хуызæн чызгæн мæ уд дæр...— ме ’взаджы кæроныл ма тыххæйты ацахстон уыцы ныхæстæ. — Æвæццæгæн, афонмæ Хадзыбечыр катайы бацыд, мæс- ты мæм кæны, йæ уазæджы йын цы фæкодтон, зæгъгæ, — йе ’рфгуыты бынты мæм аивæй æрбакаст чызг. — Тыхсгæ ма кæн, æз дæ сраст кæндзынæн. Афтæ хæстæг 37
цæры, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Ахæм дзæбæх изæр...— дзуапп радтон чызгæн æмæ æнæнхъæлæджы мæ улæфт мæ хъуыры фæбадт. Чызг ницы сдзырдта. Æрмæст, æз æй куыннæ бафиппайд- таин, афтæ йæ мидбылты бахудт. Дзæнгæрæджы хъæримæ нæ хъустыл æрцыд сылгоймаджы хъæлæс. Дуар байгом æмæ нæ размæ рацыд бæрзондгомау æрыгон сылгоймаг, йæ къухтæ хыссæйæдзаг. — Мидæмæ. Хадзыбечыр та ма уæ размæ ацыд. Нæ уыл амбæлд? — бацин ныл кодта сылгоймаг æмæ йæ куатæйы фæдджийæ йæ къухтæ асæрфта. — Мидæмæ, уый дæр ныр- тæккæ ардæм хъæуы... Чысыл фæстæдæр æз æмæ чызг бадтыстæм дзæбæх æфс- найд уаты. Æфсин къæбицы хæринаджы хъуыддаг кодта. Ха- дзыбечыр зынæг нæма уыд. Ме ’мбал чызг цалдæр хатты къæ- бицмæ азгъордта, йæ зæрды уыд æфсинæн аххуыс кæнын, фæ- лæ уазæг иунæгæй æнкъард кæндзæн, зæгъгæ, æфсин йе ’ххуы- сыл не ’сразы. — Дæ хорзæхæй, æфсинæн зæгъ æмæ йæхи ма тыхсын кæ- на, — ракуырдтон æз. — Нæ, уыцы хъуыддаджы дын мæ бон баххуыс кæнын ни- цæмæй у. Хъусгæ дæр мæм нæ бакæндзæн. Тамарæ, уазæг цы зæгъы, уый зоныс? Дæхи, дам, ма тыхсын кæн. Нæхионы хæ- ринаджы йедтæмæ, дам, никæй конд хæринагыл æрвæссын,— § дуарырдæм ахъæр кодта чызг æмæ бахудт. — Æгонгæй, ма- цæуыл бацауæрд. Уазæгæн нæ зонын, фæлæ мæнæн мæ комы дæттæ ныххус сты. Тагъд уыдзынæ?.. Къæбицæй райхъуыст Тамарæйы худын. — Чысыл ма бафæраз, Заремæ. Æз дæ ныртæккæ хорз фендзынæн ирон уæлибæхтæй... Бирæ сæ куы уарзыс. Уазæ- джы уал истæмæйты аирхæфс. Æнæуи гæркъæрагæй уæлдай куы нæ дæ, уæд дыл ныр цы æрбамбæлд? Ирон æмбисонд куыд у, уый нæ зоныс? Иу цъиу, дам, авд æвзаджы зыдта, фæлæ йæ цъиусур куы æрсырдта, уæд дзы иумæ дæр нал са- рæхст. Хъусыс, мæ мадырвадæлтæ æнкъард чызджытæй се ’сæфт уынынц... — О, хæдæгай, дæ мадырвад куы у. Афтæ æнувыдæй дæр уымæн архайыс, уымæн,— загъта та чызг æмæ йæ сау цæсты- тæ мæнырдæм разылдта, цыма мын афтæ дзырдта: «Æгæр къæйных ныхæстæ кæй кæнын, уый тыххæй мын бахатыр кæн. Дæ хæрæфырты курдиат æххæст кæнын. Рог чызг æнхъæл 38
мын ма у». Стæй... Стæй ма ноджы цыдæр æмбæхстой мæнæй уыцы æнæкæрон арф, цæрдæг цæстытæ... Кæрæдзимæ-иу куы фемдзаст стæм, уæд-иу мæхи æндæрырдæм кæсæг акодтон. Фефсæрмы-иу чызг дæр. Æрмæст йæ фæлмæн мидбылты худт бамбæхсын йæ бон нæ уыди, æппынæдзух хъазыди йæ рæ- сугъд саулагъз цæсгомыл. Дуары хъæр фæцыд æмæ уатмæ æрбахызт Хадзыбечыр, йæ палтойы дзыппытæй хæрдмæ зындысты шампайнаг æвгты æрттиваг хъуыртæ. Иæ хъæбысы—цавæрдæр гæххæтты тых- тон. Йе ’рбаздæхтæй йæ ныхас фæраздæр: — Уазæг, алыбон æгас нæм цу! Тамарæ, дæ уазджытæ æн- къардæй куы бадынц... — Каст ма хæдзары хицаумæ уыди, — Хадзыбечыры хъæ- бысæй гæххæтты тыхтон райсгæйæ, æфсины бæсты дзуапп радта Заремæ. Чысыл фæстæдæр мах цыппарæй бадтыстæм дзаг фынджы уæлхъус. Заремæйæн фыццаг сæны агуывзæйы фæстæ йæ цæсгом туджы хъазыди, хъæлдзæг ныхас кодта. Йæ размæ, царвы цы уæлибæхтæ ленк кодтой, уыдонæй æппæлыди. Та- марæйы Хъæриуы цъупмæ систа. — Тамарæ, ахæм уæлибæхтæ никуыма скодтай. Æвæццæ- гæн, дæ мадыфсымæр ам кæй ис, уымæн дын афтæ хорз рауа- дысты,— дзырдта Заремæ æмæ та-иу аивæй мæнырдæм æрба- каст, цыма мæ фæрсгæ кодта, дæуæн та дæ зæрдæмæ куыд цæуынц, зæгъгæ. Заремæ бадти мæ комкоммæ. Иуахæмы нæ нуазæнтæ кæ- рæдзиуыл куы бакъуырдтам, уæд мæ зæрдæ ныссæххæтт код- та. Гыццыл ма бахъæуа, мæ агуывзæ мæ къухæй æрхауа. Æз фемдзаст дæн чызджы галиу къухмæ. Кæстæр æнгуылдз йе ’рдæгæй æддæмæ уыди хауд. Чызг æй, æвæццæгæн, бамбæр- ста æмæ йæ къух сабыргай тæбæгъы аууон амбæхста. Йæ цæсгом фæсырх. Заремæ... Галиу къухы кæстæр æнгуылдз... Æмæ уымæн мыдхуыз къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ куы уыди. Стæй саулагъз куы нæ уыд. Ау, афтæ тынг аивтаид йæ хуыз? Ау, йæ фыды марды бон тыргъты чындзытæй чи хъазыд, уыцы гыццыл За- ремæ у?..— хъуыдытæ кæрæдзийы ивтой æмæ мæ цæстытыл ауад пыхцылсæр, фыдуаг Заремæ. «Æнæ бафæрсгæ мын æй нæй»,— загътон мæхинымæр, фæ- лæ уыцы сахат телефоны дзæнгæрæг ныццагъта. Чызг йæ са- хатмæ æркаст. 39
— Уый Нани уыдзæн... Фатеры дæгъæл мæнмæ ис,— тыхстхуызæй загъта Заремæ æмæ Тамарæйы фæдыл телефон- мæ азгъордта. Фаллаг уатæй йæ ныхас райхъуыст: — Цæуын ныртæккæ!.. Цæй, мæнæн бахатыр кæнут. Нани мæм уынджы æнхъæлмæ кæсы. Хъæуы нæ хæстæджытæм уыди æмæ нырма ныртæккæ схæццæ, — хатыр курæгау загъта Заремæ æмæ дуарырдæм атагъд кодта. Фæстæмæ ма фæзылд æмæ йæ ны- хасыл бафтыдта: — Райсом фембæлдзыстæм... Суанг фæсæмбисæхсæвтæм нал бафынæй дæн. Уаты мæхи йедтæмæ ничи уыд. Рахъавыдтæн-иу Хадзыбечыры райхъал кæнынмæ æмæ йæ Заремæйы хабæрттæй бафæрсынмæ. Уæвгæ ма мын нæ хуыссыны размæ цы загъта, уымæй уæлдай цы загътаид? Сидзæр чызг. Иунæг мад ын... Уаты талынг къуымæй мæм хъуыст сахаты иугæндзон цъыкк-цъыкк. Мæнмæ афтæ касти, цыма æддейы уаргæ кæны æмæ уарыны ставд æртæхтæ хæдзары сæр хойынц. Фæлæ нæ, уый сахаты цъыкк-цъыкк нæ уыд, уарыны æртæхтæ дæр нæ хостой хæдзары сæр. Уый мæм ме ’взонг бонты къахдзæфты уынæр хъуысти. Ссæдз азы размæ мæйдар æхсæвты, гуыр- гъахъ фæндæгтыл хистæрты фарсмæ чи бырста, уыцы æвзонг лæппуйы къахдзæфты уынæр... «Заремæ, къæбæлдзыгсæр, фыдуаг Заремæ!» — мæ хъуы- дытæ мæ дæрдтыл ахастой. Мæ цæстытыл ауад фæззыгон мæйдар æхсæв. Бæстæ, цыма мæрдон фынæй баци, уый хуы- зæн тар, æнæ уынæр. Æрмæст ма хъæдбынæй рæстæгæй-рæс- тæгмæ райхъуысы урсыты пулеметты къæр-къæр. Мах пад- дзахвæндаджы был къанауы хуыссæм æртæйæ: мæ фыд Фи- дар, йæ мæхъхъæлон æрдхорд Мæхæмæт æмæ æз. Чысыл раз- дæр быдырæй цы мæнæуы хъæмп æрбахаста, уый зæххыл ныт- тæбæкк, ницыуал тафс дзы ис. «Цалынмæ нæма фæзындысты, уæдмæ лæппуйы хъæумæ акæнын хъæуы»,— загъта Мæхæмæт. Фыд не ’сразы. «Тагъд сæ ардæм хъæуы. Æмæ нын аирвæздзысты, мий- йаг»,— тызмæгæй дзуры мæ фыд æмæ мæ талынджы йæ къу- хæй агуры. Æз уазалæй гæртт-гæртт кæнын. Æдзынæг кæсын фæндаг- мæ, хъуынтъыз арвыл иугай стъалытæ куыд тыбар-тыбур кæ- нынц, уымæ. Гыццыл сыбыртт куы фæцæуы, уæд мæ мидбы- 40
нат хæрдмæ фæхауын. Мæхæмæт мæ йæ кæрцы фæдджийæ æрбатыхта æмæ та хъазæнхуызæй загъта: «Фидар лæуу, мæ гыццыл æрдхорд... Мæнæ тагъд урсыты ныддæрæн кæндзыстæм. Басабыр уыдзæн бæстæ æмæ дын æз байраг балæвар кæндзынæн... Мæ къæбæлдзыгсæр чызджы дын ратдзынæн... Цавæр чызг у, уый зоныс? О-о! Знон-бонмæ быдырты фæзылдтæн, хъæды дæр уыдтæн, фæлæ дзы мæ къæ- бæлдзыгсæр чызджы хуызæн иу ран дæр нæ федтон». Мæ цæстытыл уайы, Мæхæмæт мын цы байраджы кой кæ- ны, уый. «Уыцы урсытæ куы фæзыниккой æмæ хъæумæ тагъд- дæр куы ацæуиккам... Цымæ цы хуызæн у уыцы байраг? Хæр- заг хæлæг мæм кæндзысты лæппутæ, нæхимæ йæ куы нылла- сон, уæд»,— хъуыды кæнын мæхинымæр æмæ та ноджы æдзы- нæгдæр ныккæсын, мæйдары зынгæ дæр чи нæ кæны, уыцы фæндагмæ. Фыд ницы дзуры. Йæ кæрцы дысы аууон тамако дымы æмæ фæндагмæ йæ хъус дары. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма фыд кæугæ кæны æмæ мæ сусæгæй йæ цæстысыгтæ сæрфы. Æмæ, чи зоны, кæугæ дæр кæны. Уæдæ хатгай афтæ бынуæзæй цæ- мæн ныуулæфы. Æнкъард у фыд. Мæсты. Æнæдаст. Цола. Мæхæмæт ын зæрдæтæ бæргæ æвæры, фæлæ уый йæ бæзджын æрфгуытæ æлхынцъæй дары æмæ мæстджынæй дзуры: «Лæппуйы мæт мæ куы нæ уаид, уæд мæ уынаффæтæ конд сты, Мæхæмæт. Зилдзынæн, æхсæвæй-бонæй иу ран нал æр- баддзынæн. Кæмдæриддæр сыл хæст кæнон, уым сын куиты цагъд кæндзынæн!.. Æгæр судзаг хъæдгæмттæ мын ныууагъ- той мæ зæрдæйы. Мæнæн ныр мæ маст Терчы дон дæр нал аласдзæн». «Æфсымæртæ кæм загътам, ард кæм бахордтам, уым æз дæр мæхи дард нæ аласдзынæн. Дæхæдæг мæ куы зоныс. Фæ- лæ лæппу... Лæппуйы нæхимæ акæнын хъæуы. Кæдмæ немæ рахау-бахау кæндзæн?»—дзуапп дæтты Мæхæмæт. Фыд къæрттæй цъула не ’ппары. «Зæххыл мын уый йедтæмæ ничиуал ис. Мемæ куы уа, уæд мын æнцондæр уыдзæн. Лæппу хъуамæ гыццылæй фидар кæна. Уадз æмæ уына, сидзæрæй кæй тыххæй баззад, йæ хъарм хуыссæны бæсты æмбисæхсæв уымæл зæххыл йæ гыц- цыл къабæзтæ кæй тыххæй ризынц, уыдонæй йын йæ маст куыд исдзынæн, уый. Раст зæгъы, лæппу, Мæхæмæт. Фидар лæуу. Зынтæн лæг хъæуы»,—дзуры фыд æмæ йе’стыр дæрзæг 41
къух ме 'уæхскыл ризы, йæхæдæг дард кæдæмдæр æдзынæг кæсы. Æз мæхи æнгом нылхъывтон Мæхæмæты зæнгмæ. Кæрцы Æынæй кæсын мæ фыдмæ æмæ йæ ныхæстæм мæ цæстытыл ногæй уайы нæ хæдзары пиллон. Мах Гыцциимæ лидзæм цæ- хæрадæтты. Фæстейы нæ æрбасырдта цавæрдæр пъагонджын барæг. «Нал фæлидздзыстут, партизаны къæбылатæ!» — ныхъ- хьæр кодта барæг æмæ Гыццийыл дамбацайæ ралæууыд. Карст нартхоры хуымы дæлгоммæ бахауди мад. Дзургæ дæр ницыуал скодта. Стæй уыцы сахат кæцæйдæр фæд-фæдыл цалдæр гæрахы фæцыд. Пъагонджын ма йæ хъæлæсыдзаг цыдæр ныхъхъæр кодта, иуварсырдæм ныццудыдта æмæ бæ- хæй атахт. Размæ бахаудтæн æз дæр... «Æвæццæгæн та мæ сусæгæй Гыццийыл кæуы»,— хъуыды кæнын мæхинымæр æз æмæ мæ фыды къух мæ дæллагхъуыр акодтон. Уый хуызæн фæлмæн æмæ хъарм къух никуыма фед- тон уыцы æхсæвæй фæстæмæ. Æрмæст ма Гыццийы къухтæ уыдысты афтæ фæлмæн æмæ хъарм. Мæ фыд æмæ Мæхæмæт ныллæг хъæлæсæй цæуылдæр ны- хас кæнынц. Цавæрдæр Сергойæ арæх æппæлынц. Æз сæм лæмбынæг хъусын æмæ мæм афтæ кæсы, цыма уыцы Серго, мæнæ аргъæутты кæй кой фæкæнынц, ахæм хъæбатыр лæг у. Стæй та æнхъæлмæ цы урсытæм кастысты, уыдоны кой кæнын райдыдтой: «Штабы куыд дзырдтой, афтæмæй бирæ не ’сты. Хæрз чы- сыл къорд. Бирæгътæн сæ тæккæ тугдзыхдæрты равзæрстой æмæ æхсæвыгæтты сусæгæй лæбурынц. Сæ хъавд кæдæм у, уый зоныс?» — фæрсы фыд. «Аслæмбеджы штабмæ, — дзуапп дæтты Мæхæмæт.— Фæ- лæ ауылты рауæндой, уый æнхъæл нæ дæн. Куы цæуой, уæд- дæр хъæдрæбынты кæнæ фаллаг фæндагыл». «Уым сæ размæ бадджытæ ис. Цæугæ ракæнæнт, æндæр сыл æмбæлæг уыдзæн,— дзуры фыд æмæ зæххы æмбуар фæн- дагмæ кæсы. — Кæй кой кæнай — къæсæрмæ. Цыма сæ уы- нæр мæ хъустыл уайы». Мæхæмæт дæр зæххыл æрхуыссыд, фæндаджырдæм æдзы- нæг ныккаст. йæ хъуынджын уæлдзармхуд йæ сæрыл арф- дæр æркодта æмæ, йæ берданкæйы бын хъæмпы гуцъула акæнгæйæ, дзуапп радта: 42
«Уыдон сты... Раззæгты мæ бар уадз. Ды фæстæгтæм хъав». «Хорз. Æрмæст цалынмæ нæ комкоммæ схæццæ уой, уæд- мæ иунæг гæрах дæр нæ. Цы нæ вæййы, кæд уыдон не ’сты, уæд та?» — загъта фыд æмæ къанаурæбынты дæлæмæ-дæлæ- мæ фæхъуызы. Фæстæмæ ма мæм радзырдта: «Лæппу, ды æнцад бад. Тæрсгæ ма кæн. Хъусыс, къана- уæй дæ сæр ма сдар». «Цалынмæ дын æз зæгъон, уæдмæ дæ бынатæй змæлгæ дæр ма фæкæн. Хæц, дæхи схъарм кæн. Уæддæр мæнæн хъыг- дарыны хос йедтæмæ ницы у», — йæ кæрц мыл æрбакодта Мæхæмæт. Бæхты къæхты хъæр хæстæгæй-хæстæгдæр кæны. Æз къа- науы рæбын мæхи нылхъывтон. Тæссæй ме ’уæнгтæ ризынц. Фæндаджырдыгæй æрбайхъуыст бæхы уасын, æнуд хъæрзын. Мæ сæрты æхситгæнгæ æрбатахтысты цалдæр нæмыджы. Мæ- хæмæт æхсгæ-æхсын мæхъхъæлонау цыдæртæ дзуры, фæлæ йын йæ ныхæстæн ницы æмбарын.Æвæццæгæн, урсытæн мард, æгас нал ныууагъта. Фыд мæм нæ зыны, фæлæ кæм бады, уырдыгæй иу иннæйы фæдыл хъуысы гæрæхтæ. «Æл-л-л-æх!» — мæ хъустыл ауад кæйдæр хъæр. Афтæ мæм фæкаст, цыма уый мæ фыды хъæр уыд. Кæрцы бынæй мæ сæр сдардтон. Къанауы гуыбыр-гуыбыр фыдырдæм фæ- цæйзгъордта Мæхæмæт. Гыццыл ма бахъæуа, йæ фæдыл аз- гъорон æз дæр. Фæлæ та уыцы минут нæмгуытæ æхситгæнгæ æрбатахтысты æмæ мæхи зæххыл фæтъæпæн кодтон. Уай- тагъд Мæхæмæт фæстæмæ фездæхт, мæ разы йæ зонгуытыл æрхауд, цалдæр гæрахы фæкодта, стæй мын мæ къухы дамба- ца фæсагъта: «Æхсар, фидар лæуу! Дæ бынатæй змæлгæ дæр ма фæ- кæн. Æз ныртæккæ фæстæмæ фездæхдзынæн», — цыма йæ хъуыры исты фæбадт, уый хуызæн æрхæц-æрхæцгæнгæ загъ- та Мæхæмæт æмæ та фыдмæ азгъордта. Æз дамбацайыл мæ дыууæ къухæй ныххæцыдтæн æмæ йæ фæндаджырдæм сарæзтон. Кæд дзы фыртæссæй æхсгæ фæ- кодтон, уæддæр æй нал хъуыды кæнын. «Æхсар, цы фæдæ?» — мæ хъустыл та æрцыд Мæхæмæты ныхас. Æз фыццаг мæ мидбынат хæрдмæ фæхаудтæн, стæй йæм фæстæмæ акастæн. Уый ма мæм хæрз ныллæг хъæлæсæй цыдæр сдзырдта, фæцудыдта æмæ размæ бахауд. Æз ыл мæ- хи баппæрстон. 43
«Цы кодтай, Мæхæмæт!» — мæ кæуын нал баурæдтон æз. Мæхæмæт исдугмæ ницы сдзырдта. Иæ галиу къухæй йæ ри- уыл хæцыд, уæззау хъæрзыди, стæй тыххæйты сыстад, топп пе ’ккой æрцауыгъта, иннæ топпыл æрæнцой кодта. «Дæ дамбаца цы фæци? Сис æй... Цом ардыгæй... Тæрсгæ ма кæн. Æз дæ бирæгътæн нæ ныууадздзынæн... мæ хъаймæ- ты æрдхорд Фидары иунæг лæппуйы»... Боныцъæхтыл бахæццæ стæм хъæугæронмæ. Мæхæмæт ма каурæбынмæ тыххæйты баирвæзт, мих йæ хъæбысы бакодта æмæ йыл æрцауындзæг. Æз кæройнаг хæдзармæ азгъордтон. Кæрты цыбыргомау, æнæдаст зæронд лæг кæрц йе ’уæхсчы- тыл, афтæмæй хъæдын сагойæ хосы муртæ æмбырд кодта. «Мæхæмæт!..» — мæ ком ныххус, афтæмæй зæронд лæгæн ацамыдтон, Мæхæмæты кæм ныууагътон, уыцырдæм. Зæронд лæг исдугмæ фæтæрсæгау кодта, стæй мæ разæй гæппытæгæнгæ уынгмæ разгъордта. «Ух днеен дык саг»1—мæхъхъæлонау сдзырдта зæронд, цы- ма Мæхæмæт чи у, уый мæнæн æмбарын кодта. Кæртытæй нæ размæ згъордтой нæлгоймæгтæ, устытæ. Мæ- хæмæты сæ къухтыл систой æмæ йæ уынгты ахастой. Дамба- ца мæ ронбасты тъыст, афтæмæй цыдтæн æз дæр сæ фæдыл, кастæн Мæхæмæты фæлурс, æнæдаст цæсгоммæ. Уый йæ цæс- тытæ дыууæрдæм радав-бадав кодта, адæмы æхсæн кæйдæр агуырдта, стæй мæнмæ куы фемдзаст, уæд сæ æрæхгæдта æмæ та уæззау ныхъхъæрзыд. Адæм фылдæрæй-фылдæр кодтой. Æрмæст уыдонимæ нæ уыд мæ фыд... «Кæм и? Мæхæмæт тыхст куы у, уæд æй уæртæ уыцы лæг- ты бæсты мæ фыд цæуылнæ хæссы?» — хъуыды кодтон мæхи- нымæр.Фæлæ мын фæстæмæ дзуапп ничи лæвæрдта. Мæ фыд зынæг нæ уыд... Сихæрттæ дæр нæма уыд, адæм ма кæрты æмбырдæй лæу- уыдысты, афтæ мæн бакодтой Мæхæмæты цурмæ. Уый мын йæ уазал, фæлурс къух ме 'уæхскыл æрæвæрдта, мæ цæсты- тæм мын комкоммæ ныккаст æмæ фæсус хъæлæсæй загъта: «Фидар лæуу, лæппу... Зынтæн лæг хъæуы.— Стæй йæ алы- варс чи лæууыд, уыдоныл йæ цæст ахаста æмæ та сдзырдта: — Фидары лæппу у. Сидзæр. Иунæг. Ме ’рдхорд Фидары. Иæ- хæдæг мын фæдзæхстæ... Мæ иунæг фырт де ’уазæг... Сидзæ- Дунейы аргъ лæг. 44
рæй йæ ма ныууадзут, хорз адæм... Хорз лæг уыд, хъæбатыр лæг уыд йæ фыд... Хорз æрдхорд...» Мæхæмæтæн йæ цæстытæ донæй айдзаг сты. Йæ цонг ме ’уæхскæй хуыссæнмæ æрхауд æмæ ма ноджы иу хатт загъта: «Мæныл æй фæдзæхста Фидар... Æз æй сымахыл фæдзæх- сын... Сидзæрæй йæ ма ныууадзут...» Уыцы бон фæссихор ахицæн Мæхæмæт. Йæ хæд уæлвæд сау уæйлаг нымæтыл æрбахастой мæ фыды дæр. Адæмы ра- зæй кæртмæ бахызт бæрзондгомау, саурихи лæг. Иæ худ йæ галиу къухы. «Серго... Серго...» — дисгæнгæйæ дзырдтой адæм. Фæлæ æз- ууыл нал уыдтæн. Мæ хъæлæсыдзаг ныккуыдтон æмæ мæ фыдыл ныддæлгом дæн... Чидæр мæ систа, мæ сæрыхъуынтыл мын йæ фæлмæн къух æрхаста. Æз æм хæрдмæ скастæн. Мæ уæлхъус æлхынцъæр- фыгæй лæууыди, Серго кæй хуыдтой, уый. Иæ къухæй мын мæ сæрыхъуынтæ æрсæрф-æрсæрф кодта, цыма мын уый дæр афтæ дзырдта: «Фидар лæуу, лæппу. Зынтæн лæг хъæуы...» Æз баззадтæн Мæхæмæты хæдзары. Иæхи хъæбулы хуы- зæн мæ уарзта йе ’фсин Амынæт. Æнувыд мыл уыдысты сых- бæстæ дæр. Уæлдай æнувыддæр та мыл уыди Мæхæмæты къæ- бæлдзыгсæр, цыппараздзыд Заремæ. Æнæ мæн иу къахдзæф никуыдæм кодта. Диссаджы чызг уыди Заремæ. Мад-иу ын райсомæй йæ къæбæлдзыг сæр куы ныффаста, сæнтурс бант-иу ыл куы ба- баста, уæд уымæ бакæсын, — гæлæбуйау-иу кæрты къуымты ратæх-батæх кодта, кæрдæджы æхсæнæй-иу быдираг диди- нæджы хуызæн æрттывта. Мæ фыд мæ нæхицæй куы кодта, уæд мæ роны рахастон Къостайы «Ирон фæндыр» æмæ дзы уый та бынтон нæ рох кодта. Лæгъстæ кæнын мын-иу байдыд- та, исты мын дзы бакæс, зæгъгæ. Иу-цалдæр хатты мын æй давгæ дæр акодта, цалдæр сыфы дзы кæмдæр бамбæхста. Стæй иу бон цæуылдæр æнкъард уыдтæн æмæ йæм, æвæццæ- гæн, афтæ фæкаст, цыма чиныджы сыфтыл æнкъард дæн. Кæ- цæйдæр мæм сæ æрбадавта, мæ уæлхъус стыр азымджыны ’лæуд акодта æмæ загъта: — Æхсар, мæнæ сты... Нæ сæ счъизи кодтон... Мæ фыны арæх уыдтон мæ фыд Фидары, Мæхæмæты. Æмæ 46
иу бон сфæнд кодтон, мæ фыд кæм фæмард, Мæхæмæт кæм ’фæцæф, уырдæм ацæуын. Мæнмæ афтæ каст, цыма сæ мар- джытæ уæдмæ уым бадтысты. «Къанауы сæ размæ бабаддзынæн. Фыццаг сын сæ хицауы амардзынæн, стæй уæд иннæтыл дæр ралæудзынæн. Ацы хатт тæрсгæ нал». Амынæт йæ хæстæджытæй кæмæдæр ацыд. Хæдзары ма баззадыстæм æз æмæ Заремæ. Райстон дамбаца æмæ Заре- мæйæн загътон: «Заремæ, хъусыс, кæртæй макуыдæм ацу. Æз тагъд æрба- цæудзынæн». «Æз дæр демæ цæуын», — йæ гыццыл сау цæстытæ доны разылдта, афтæмæй мын мæ къухыл ныххæцыд Заремæ. «Нæ, ды ам лæуу. Амынæт дæ агурдзæни, стæй дæм хæц- дзæн. Æз тагъд æрбаздæхдзынæн, мемæ дын къафеттæ æрба- хæсдзынæн»,— дзырдтон Заремæйæн æмæ йын йæ къæбæл- дзыг сæр мæ хъæбысы æрбакодтон. Чызг къафетты коймæ чысыл фæхъæлдзæгдæр и. Дамба- цайы æрттиваг хæтæлмæ йæ галиу къухæй бавнæлдта æмæ ныллæг хъæлæсæй загъта: «Дæ хъазæн ма мын ратт, Æхсар». «Ратдзынæн. Фæстæмæ куы æрбаздæхон, уæд»,—зæрдæ йын бавæрдтон æз æмæ уыцы сахат мæ хъусты ныййазæлыди дамбацайы гæрах. Заремæ ныцъцъæхахст кодта æмæ иуварс алыгъд. Йæ галиу къух тугæй нал зынд. Тарст сывæллоны мæ хъæбысы фелвæстон æмæ йæ хæдзармæ бадавтон. Иæ цæсгом ныффæлурс. Адæргæй афынæй, йæ тымбыл ру- сыл æрттывта цæссыджы æртах. Æз ма йын йæ русæн иу пъа ныккодтон æмæ кæртмæ разгъордтон. Дамбацайы фарсмæ кæрдæгыл лæууыди Заремæйы галиу къухы кæстæр æнгуылдзы æрдæг... Дамбаца фелвæстон, фæс- тæмæ ма иу каст фæкодтон æмæ ралыгътæн. Мæ чиныг рахæс- сын дæр мæ ферох... Æнæхуыссæг æхсæвы фæстæ æз бонырдæм афынæй дæн. Уатмæ бинонтæй чидæр цалдæр хатты кæй æрбацыд, мæ фарс- мæ стъолыл гæххæттытимæ кæй архайдта, уый мæ мидфынмæ æмбæрстон. Ракастæн. Стъолы уæлхъус йæ дæргъытæ пи- жамæйы лæууыди Хадзыбечыр. — Райхъал дæ кодтон, æнхъæлдæн? — хатыр курæгау загъта Хадзыбечыр. — Нæ, æз дысон-бонмæ фынæй дæр нæ бадæн... Афтæ бо- 46
нырдæм иучысыл арæдзæ-мæдзæ кодтон,— дзуапп ын радтон æз æмæ хуыссæны рабадтæн. — Кæд, миййаг, æнахуыр бынаты... Стæй уынджы маши- нæты уынæр...— къæмдзæстыгхуызæй загъта Хадзыбечыр. — Ахæмтыл ахуыр дæн бæргæ. Хадзыбечыр, хатыр бакæн, фæлæ дæ иу хъуыддагæй бафæрсын ис мæ зæрды. Нæ дæм бауæндыдтæн, æндæр дæ дысон дæр райхъал кодтаин. Заре- мæйы мад куыд хуины? — Бамбæрстон дæ... Зæгъын, кæд уазæгæн йæ фысымтæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты... Уый та, мæгуыр, дысон-бонмæ кæйдæр чызджы тыххæй рафт-бафт фæкодта,— хъазгæмха- сæн дзуапп радта Хадзыбечыр. — Нæ... Уæвгæ раст зæгъыс... Дæ хорзæхæй, кæд ын йæ мады ном зоныс, уæд мын æй зæгъ. Науæд та йæ телефонæй бафæрс. — Телефон та ма цæуыл хурхæй марæм? Æз дын æй æнæ телефонæй дæр зæгъдзынæн: Амынæт... Мæхæмæт-пехуымпа- рæй дын ард хæрын, сиахсыл тынг æнувыд уыдзæн. Уæлдай- дæр, йæ иунæг чызджы тыххæй æхсæв хуыссæг кæй нæ ахсы, ахæм сиахсыл,— йæ мидбылты бахудт Хадзыбечыр æмæ уæз- зау къахдзæфтæй чингуыты скъаппырдæм араст. — Дæ хорзæхæй, Хадзыбечыр, фенын мын æй кæн. Тынг мæ фæнды йæ фенын,—загътон æз æмæ фырцинæй мæ уа- дултæ ссыгъдысты. — Уый дын мæ быгъдуан. Æз дын æй ам æрбалæууын кæндзынæн,— дзуапп радта Хадзыбечыр æмæ мидæггаг уаты фæмидæг. Уайтагъд йæ ныхас райхъуыст: — Заремæ дæ? Æмæ Амынæт кæм и? Уым ис, зæгъыс? Гъемæ ма уæдæ афтæ бакæн: йæ къухыл ын рахæц æмæ йæ ам æрбалæууын кæн. Тынг æхсызгон хъæуы. Уазæг? Дысон- бонмæ æппындæр нæ бафынæй. Дохтыр? Нæ, дохтыр нæ уыд... Æнхъæлмæ йæм кæсæм. Æрмæст тагъддæр у. О, ардыгæй иу- мæ ацæудзыстæм. Саламтæ? Мæ бар уадз... Тамарæ аходæн æрæвæрдта. Каст ма уыд Амынæт æмæ Заремæмæ. Хадзыбечыр мæ Тамарæйы раз амæстæй марын- мæ хъавыд, фæлæ йæ дзæнгæрæджы хъæр бахъыгдардта. Разæй æрбахызт Амынæт. Радыгай ныл йæ цæстæнгас ахаста, цыма нæ фæрсгæ кодта, цы мæ кодтат, зæгъгæ. Æз мæхи нал баурæдтон, йæ цурмæ бауадтæн, йæ къух ын 47'
райстон, йæ æрвхуыз цæстытæм ын комкоммæ ныккастæн æмæ йæ бафарстон: — Амынæт... Нал мæ хъуыды кæныс? Æз дæм фæдзырд- тон ардæм. Бахатыр кæн, кæй дæ фæцæуын кодтон, уый тых- хæй... Дзæбæхдæр ма мæм æрбакæс... Нал мæ хъуыды кæ- ныс?.. Уый мæм, æнæ исты дзургæйæ, æдзынæг каст. Бæрæг уыд, цæуылдæр дызæрдыг кæй кодта. Стæй æваст йæ ныхы æн- цъылдтæ фæйнæрдæм фæпырх сты, аивæй йæ чызджы галиу къухмæ бакаст æмæ мыл йæхи æрбаппæрста. — Фидары лæппу!.. Æхсар!.. — уынгæг хъæлæсæй ма дзырдта уый. Æз мады уæхсчы сæрты кастæн Заремæмæ. Уымæн дæр йæ сатæгсау цæстытæ доны разылдысты. Иу цæссыджы æртах æрхауд йæ русыл. Æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма ссæдз азы размæ йæ цæфы адæргæн куы афынæй, уæд йæ тыппыр ру- сыл цы цæссыджы æртах æрттывта, уый у... •
МÆСЧЪЫХЪÆУЫ ё||) уар æрбахостæуыд. Дзуапмæ дæр нал банхъæл- 5Я8 мæ каст, афтæмæй уатмæ æрбахызт бæрзондго- _^_ —^1 маУ> ИУ Ф0НД3 æмæ ссæдз азы кæуыл цыд, ахæм \^Ш=: ■^^г/ сырхцъар лæппулæг. ^-" ^ — Бахатыр кæн,—йæ рыгæйдзаг цырыхъхъы- тæм æркаст, афтæмæй мын салам радта лæппу. Стæй хъавгæ цыдæй æрбацыд бандонмæ. Йæ цъæх галифе хæлафы рыгтæ ацагъта æмæ æр- бадт. Уымæй размæ никуы федтон лæппуйы. Кæд мæ рагон зонгæтæй исчи у æмæ йæ хъуыды нал кæнын, зæгъгæ, йæм аивæй бакастæн. Нæ, никуы йæ федтон. — Гъы, хабæрттæ? Кæй бафæрсæм — иууыл- дæр дзæбæх?— лæппу йæхæдæг куы ницы дзырд- та, уæд æй бафарстон æз. Уый мæм дисгæнæджы цæстæй æрбакаст æмæ дзуапп радта: — Кæй нæ фехъуыстаис, ахæмæй ницы... Фæлæ мæ фæрсгæ кæмæй кæныс? Нæ хъæуы дын хæстæджытæ, зонгæтæ ис, миййаг? — Кæцы хъæуæй дæ, уый уал мын зæгъ, стæй бæрæг уыдзæн. Кæд уæ хъæу иууылдæр ме ’рдхæрдтæ сты, уæд та? Мæсчъыхъæу... Хъусгæ йæ фæкодтон, фæлæ дзы, раст зæгъын хъæуы, уæвгæ никуы уыдтæн. Æмæ, бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ цы хъуыддаджы фæдыл сæмбæлдтæ? 4 Дæ эæрдæмæ хъуыстон 49
Лæппу мæм йæ бандон хæстæгдæр æрбакодта æмæ дзуапп радта: — Куыд дын æй зæгъон, нæ зонын... Кæйдæртимæ ныхас кодтон æмæ мæ дæумæ сардыдтой, уый, дам, дын сараздзæн дæ хъуыддаг. Гъемæ æз дæр комкоммæ дæумæ смидæг дæн. Раст зæгъын хъæуы, мæ ныфс дæр уыйбæрц нæ хастон. Хъуыддаг афтæ у... Цæвиттон, мæнæн мæ фыдыл кæддæр за- рæг скодтой. Хорз зарæг у. Йæ ныхæстæ дæр, йæ музыкæ дæр тынг рæсугъд сты. Æрмæст æй заргæ нал кæнынц æмæ дæм цæугæ дæр уый тыххæй æрбакодтон. Дæу фæндгæ бакæ- нæд, æндæр та йæ зарын байдайдзысты. — Уæ хъæуæй дарддæр ма искуы зонынц дæ фыды за- рæг? — бафарстон æз. — Уый тыххæй дын бæлвырд ницы зæгъдзынæн. Фæлæ йæ, æвæццæгæн, зонгæ кæндзысты. Æмæ йын хуымæтæджы зарæг æнхъæл дæ? Нæ хохы дзуæрттыстæн, лæг æм хъусынæй не ’фсæды. Фæнды дæ, æз дын æй заргæ дæр акæндзынæн. Хъус- гæ ма йæм бакæ, хъусгæ. — Нæ, бузныг. Бахатыр кæн, æз зарджытæм дæсны нæ дæн. Зарджытæм дæсны композитортæ сты. — Нæ, нæ! Æрмæстдæр æм чысыл байхъус. Дæ зæрдæмæ фæцæудзæн,— æмæ лæппу йæ фæсусгомау ныллæг хъæлæсæй сабыр базарыд. Æвæццæгæн дзы куыдфæстæмæ кæм ис, уый айрох æмæ хъæрдæрæй-хъæрдæр зарын байдыдта. — Дæ хорзæхæй, кæд гæнæн ис, уæд сабырдæр. Куысты рæстæг кусæндоны афтæ хъæрæй зарын аив нæу. Иу, иннæ... Æнахуыр исчи нæ заргæ куы æрбаййафа, уæд цы зæгъ- дзæн? — мæ къухты амындæй куы ницы уад, уæд ын тызмæ- гæй загътон æз. Уый мæ цыма хъусгæ дæр нæ кæны, уый хуызæн зарæг уæлдæрæй-уæлдæр исы. Йæ къухæй мæм амоны, ма мæ хъыг- дар, ныртæккæ фæуыдзынæн, зæгъгæ. — Хорз зарæг у, — раппæлынæй уæлдай йæ басабырæн мæ бон кæй ницы бауыдзæн, уый зонгæйæ загътон æз. — Æмæ дын уæдæ æз цытæ дзурын? Уагæры ма йæ хъæр- дæрæй куы ныззарыдаин. Дæхи загъдау, кусæндоны... Уый артисттæй исчи куы ныццæлхъ ласид, уæд ацы къултæ æмри- зæджы ризиккой. Зарæг æцæг рæсугъд зарæг уыди, кæд æй уымæй размæ никуы фехъуыстон, уæддæр мæ зæрдæмæ фæцыд. Æрмæст ын 50
йæ ныхæстæн ницы бамбæрстон. Ногæй та бафарстон лæп- пуйы: — Нæ композитортæй никæимæ ныхас кодтай? Цы зæ- гъынц? Лæппу йæ къух ауыгъта, дисгæнæджы цæстæй мæм æрба- каст æмæ йæ цыма исчи куы фехъуса, уымæй тарст, уый хуы- зæн ныллæг хъæлæсæй дзуапп радта: — Никæимæ. Стæй дын æнæ гæды ныхас... Цæй, дæуæй йæ цы æмбæхсон? Нæ сыл æууæндын. Сæхирдыгæй йæ куы фæ- кæной, уымæй тæрсын. Æндæр мын æй агурджытæ бирæ уы- ди. Дæумæ дæр уый тыххæй æрбацыдтæн. Дæу æрмæстдæр фæндгæ бакæнæд, æндæр æй радиойæ разарын кæндзынæ. Дæ хорзæхæй, — замманай зарæг фесæфдзæн. Нырмæ дæр афтæ- мæй лæууæд! Æмæ кæй тыххæй? Кæйдæрты фыддзыхæй. Зæ- ды хуызæн сабыр лæджы уæлæмæ скаст нæ уадзынц. Хардзау сæм кæсы... — Æмæ чи сты? Зарæджы ныхмæ чи æрлæууыди? — ха- бар дарддæр базоныны зæрдæйæ бафарстон æз. — Ис дзы ахæмтæ. Уæллæгъи, æндæр лæг сæм афонмæ зæронд лалымы тъæпп акодтаид. Дæ хорзæхæй, искуы ма кад фæлгъаугæйæ у? Цæй, ныхæстыл дæ дарын, — дæ мад, дæ фыды хатыр бакæн æмæ мын уыцы хъуыддаг сараз. Адæм ыл зарæг скодтой æмæ йæ хъуамæ хъусгæ дæр фæкæной. Дæ хорздзинад дын никуы ферох кæндзыстæм. Радиойæ йæраза- рын кæн. — Радиойы тыххæй дын ницы зæгъдзынæн, фæлæ зарæ- джы ныхæстæм æркæсдзынæн. Кърандас æмæ гæххæтт мæ размæ æрæвæрдтон. — Зарæгæн ма мын йæ ныхæстæ радзур, — ракуырдтон лæппуйæ. — Ныхæстæ зæгъыс? Æмæ дын, раст куы зæгъон, уæд сæ дзæбæх нæ хъуыды кæнын. Заргæйæ сæ зонын, фæлæ дзур- гæйæ,.. Лæппу та ногæй зарæг куы ныццæлхъ ласа, уымæй æдас нæ уыдтæн. Афоныл æм фæцарæхстæн: — Уæд та сæ искæмæн ныффыссын кæн. — Уый дын мæ быгъдуан. Æрмæстдæр мын æххуыс ба- кæн, æндæр сæ æз чернилайæ фыстæй тæккæ райсом ам æр- балæууын кæндзынæн,— йæ бынатæй рог фестгæйæ дзуапп радта лæппу.— Райсом-иу дæм цы афон æрбауайон? Æрмæст мæн тыххæй дæхи хъуыддæгтæ куыннæ бакъуылымпы уой, 51
афтæ. Мæнæн уæлдай нæу, кæддæриддæр зæгъай — ам уы- дзынæн... — Боны дыккаг æмбисы. Иу æртæ сахатыл. — Хорз,— загъта лæппу æмæ дуармæ куы ахæццæ, уæд æваст фæлæууыд. Цæуылдæр ахъуыды кодта, стæй хатыр ку- рæджы къултæ бакодта йæхи. — Бахатыр кæн, дæ хорзæхæй. Нырма йæ ныртæккæ ахъуыды кодтон: райсом мæ куы нæ равдæла, миййаг. Æн- дæр искæимæ дæм æй куы рарвитон, уæд исты кæны? — Рарвит. Дыккаг бон ничи фæзынд. Рацыд цалдæр боны, фæлæ за- рæджы ныхæстæ хæссæг нæ уыд. Æрмæст иу райсом ме ’стъо- лыл æрбаййæфтон, æвæццæгæн, кæйдæр дзыппы бирæ чи фæлæууыд, ахæм æнцъылдтæ писмо. Райхæлдтон æй. Тетрады сыфæн йæ иу фарсыл хылы-мылы фыстытæй тыхтæ-амæлттæй бакастæн зарæджы ныхæстæ. Сыфы дыккаг фарсыл фыст уыди: «Бахатыр кæн, мæхи- цæн бауайыны рæстæг не ’сси. Бамбардзынæ мæ: сæрд йæ тæккæ тæмæны, кæм хос кæрдын, кæм ссивын... Иу бон уым куы уыдтæн, уæд мæ зæрдæмæ тынг фæцыдтæ. Мæ зæрдæ дыл дарын, а дыууæ боны ацы зарæг радиойæ кæй разарын кæн- дзынæ, уымæй. Æрмæстдæр æй иунæг хатт фехъус, æндæр æй пластинкæйыл дæр ныффыссын кæндзынæ. Диссаджы зарæг у. Иæ ныхæстæм ын кæсыс, кæрæдзиуыл куыд хорз бадынц!.. Дæ хорздзинад дын никуы ферох кæндзыстæм. Ау, мах дæр мад æмæ фыдæй куы райгуырдыстæм. Дæуæй куы æрбаздæх- тæн, уæд мæ фыд Бибойæн дæ ныхæстæ ракодтон. Уынгæ йæ куы фæкодтаис, уынгæ! Зæххыл дæр ма дын хæцыди, цы! Уы- цы сахат йæ хъуг æрбаргæвдыныл дæр фæстæмæ нæ фæхæ- цыдаид. Æрмæст дæ уый курæг дæн æмæ йæ дæ разы адæмон зар- джытæ чи фæкæны, уыцы артист азарæд. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы йæ хъæлæс. Æрмæст зарæджы ныхæстæй мацы ферох кæнæд. Дæ разы фæстаг ныхæстæ чи сты, уыдон-иу хъæрдæ- рæй азарæд. Стæй, куыддæр зард фæуа, афтæ-иу æй сæхимæ дæр мауал ауадз, — уыцы иу цыдæй-иу ардæм рацæут...» Æз писмо кæсын фæуагътон æмæ, лæппу цы ныхæсты кой кодта, уыдонмæ ногæй æркастæн. Уым уыди афтæ фыст: Фæсхохы бабыз Гогызæй тарсти. Куытаты Гагуыдз 52
Се ’скъæтæй касти. Гъей тох, гъей тох уæрæйдæ! Зарæг иуварс æрæвæрдтон æмæ дарддæр кастæн писмо. «Уе ’рбацыдмæ цæттæ уыдзыстæм, — фыста лæппу. — Ард дын хæрын (уæвгæ дзы ард хæрын дæр цæмæн хъæуы, нæ зонын!), куыддæр комы нарæгæй æрбакæсат, афтæ уын уæ фындзыхуынчъытæ физонджыты хус тæф ныццæвдзæн. Уый дзы куынæ уа, уæд-иу нын «пуй, налат» зæгъут æмæ фæстæ- мæ комы нарæгæй уæ фæд-уæ фæд аздæхут. Цæй, æнхъæлмæ уæм кæсæм. Артисты-иу ма ныууадз». «Цавæрдæр къулбадæг!» — мæстыйæ загътон мæхинымæр. Чысыл ма бахъæуа, Бибойы зарæг дæр, писмо дæр лыстæг пырхытæ ма ныккæнон. Фæлæ мæхиуыл ныххæцыдтæн. Стæй, зæгъын, лæппуйæн йæ ном, йæ мыггаг куы базонин, зæгъгæ, писмомæ ногæй æркастæн. Фæлæ сæ нæ равзæрстон. Кæд цыфæнды мæсты уыдтæн, уæддæр писмо фæстæмæ ба- тыхтон æмæ йæ ме ’стъолы лагъзы бафснайдтон. Иу-цалдæр боны фæстæ мæм газеты редакцийæ мæ зонгæ телефонæй æр- бадзырдта: — Миййаг дæм Мæсчъыхъæуæй исчи зарæг æрбарвыста? «Бибойы зарæг»? — Æрбарвыста. Ды та йæ цæмæй зоныс? — бафарстон æй æз. — Цæмæй куы зæгъай, уæд дыл мæнæ редакцимæ æнæ- хъæн гобаны цъарыйас гæххæт ныффыста. Хъаст дыл кæны... — Чи у? Йæ ном æмæ дзы йæ мыггаг нæ фыссы? — Писмойы бын цавæрдæр хылы-мылы хæххытæ ис, иæ сæ æвзарæм. — Уæдæ мæнмæ дæр раст ахæм гæххæтт куы æрбарвыста. Йæхи йын федтон, фæлæ йын йæ ном æмæ йæ мыггаг нæ зо- нын, æндæр æм афонмæ дæр дзуапп арвыстаин. — Куыд дæ зæгъы, уый зоныс? — йæ фырхудæгæй ферхæ- цыд редакцийы кусæг. «Зарæджы рифмæтæ йæхирдыгæй куы фæкæна, йæхи номыл сæ куы раскъæра, уымæй тæссаг у. Ахæ- мы каст кæны. Æвæццæгæн сæ нырмæ дæр йæхимæ уымæн дары. Газетырдыгæй йæ фесхойын хъæуы, науæд сæ йæхир- дæм фесхойдзæн...» — Гъы куыд у? Хорз дæ нæ фесхуыста? — кæл-кæлæй ныххудти мæ зонгæ. — Тынг... — Хъус-ма, ме ’рдхорд. Куыд дæм кæсын, афтæмæй дæ 53
пъеро къуымых кæнын байдыдта. Саг дын фæрæтмæ куы æр- цыд, уæд ма цæмæ кæсыс? «Дæ пъеро къуымых кæнын байдыдта»... Уыцы ныхæстæ мæ куыннæ бацырын кодтаиккой? Æмæ дыккаг бон Мæсчъы- хъæумæ фæраст дæн. Мемæ айстон, лæппу редакцимæ цы писмо ныффыста, уый дæр. Сихæрттыл бахызтæн комы нарæгæй. Зын фæндаджы фæс- тæ мæ размæ байгом, аргъæутты кæй кой фæкæнынц, ахæм диссаджы хæххон æрдз. Æрмæст лæппу цы физонджыты тых- хæй фыста, уыдон хæрзад тæфæн дзы сæ кой дæр нæ уыд. Стæй сæм, æнæ гæды ныхас, æнхъæлмæ дæр нæ кастæн. Комы нарæгæй дзæбæх зынд Мæсчъыхъæу. Нæусæр къæ- дзæхы фарсыл, цыма кæрæдзи æккæйтты бадтысты, уый хуы- зæн зындысты хъæуы къæйдурæй амад тъæпæнсæр хæдзæрт- тæ. Хъæуы фæйнæфарс бæрзонд айнæг хæхты цъуппытыл лæууыдысты дыууæ рагон мæсыджы. Цыма хъæуы уындæй сæ цæстытæ фæрыстысты кæнæ сæ иунæджы хъарджытыл уы- дысты, уый хуызæн сæ хæлд тигътæй куырм уæйгуытау уыр- дыгмæ кастысты хъæумæ, комы нарæгмæ. Уæлдæр, хъæуы сæрмæ, нарæг къахвæндаг кæуылты цыд, уырдыгæй суанг ай- нæджы рагъмæ схылди цъæх-цъæхид нæзы хъæд. Хъæды сæр- мæ тæмæнтæ калдтой копырадзхуыз цъититæ. Хъæуы бынты фынк калгæ, дуртимæ хъуырдухæнгæнгæ, уади цъитидон. йæ комы тæф тæнæг фæлмæй бадти йæ сæрмæ. Комы нарæгæй куы бахызтæн, уæд мын цыма исчи мæ улæ- фæнтæ байгом кодта, цыма мын исчи мæ фæллад йе ’нæуын- гæ къухтæй систа, уый хуызæн ме ’уæнгтæ аивæзтон. Диссаг- мæ кæсæгау кастæн мæ алывæрстæм. Хъæумæ хæстæг доны был æрбадтæн. Мæхи ауазал кодтон. «Ныр хъæумæ дард нал у. Хæццæ кæндзынæн», — загътон мæхинымæр æмæ тамако ссыгътон. Фæлæ уыцы сахат доны фаллаг фарсæй, уæлиау кæцæй- дæр, рагъæй мæ хъустыл æрцыд цавæрдæр рæсугъд зарæг. Æз рагъмæ скастæн. Мæ цæст никæуыл æрхæцыд. Æрмæст бæрз бæлæсты ныллæг къутæрты æхсæнæй, нымæтхуды гоп- пытау, зындысты хосы мæкъуылтæ. Уыдонæй рахизырдæмдæр, рагъыл, ныппырх сты хъæбæрхоры, мæнæуы хуымтæ. Цыма сæ исчи сызгъæрин донæй бапырх кодта, уый хуызæн хуры тынтæм æрттывтой. Зарæг кæцæй цыд, уый нæ равзæрстон. Афтæ мæм каст, I цыма мæ алыварс æрдз иууылдæр заргæ кæны. Стæй уый, бы- 54
дираг зарæджы хуызæн, сабыр, æнæзмæлгæ уддзæфы базыр- тыл нæ тахт, æмыргомау нæ уыд, фæлæ сæртæг зыланг код- та. Зарæгæн къæдзæхтæ дæр фæрсаг кодтой, цъитидоны уы- нæр йемæ иу кодта æмæ хæхтыл азæлд. Адæймаджы йæ фæ- дыл сайдта айнæг хæхты цъуппытæм. Чысыл фæстæдæр мæ бакомкоммæ, доны тæккæ былмæ цы нарæг адаг æрцыд, ууылты æрхызти барæг. Йæ ныллæг- гомау, бæгæныхуыз бæх цыма доны хъæстæ рагæй нал фæци, уый хуызæн дурты æхсæнмæ уымæл хæмхудтæ уыцы-иу цавд фæкодта. Йæ фæрстæ, фæндыры тæнтау, сулæфыдысты. Ба- рæг æм цыдæр схуыст ныхæстæ скодта, фæлæ сæ доны уынæ- рæй нæ фехъуыстон. Бæх дон нозт куы фæци, уæд йæ цыбыр хъустæ фæгæмæл кодта æмæ йæ хицауы ныхасмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй доны æрбалæгæрста. — Уазæг, дæ фæндаг раст, — бæхæй роггомау æрхизгæ- йæ, загъта барæг æмæ мæм йæ фиййаджыйас къух æрбадаргъ кодта. — Арфæгонд у, — сыстадтæн барæгæн. — Дардæй цæуæджы хуызæн дæ, — лæг гæрзын дзылар- бос бæхы раззаг къахыл абаста æмæ донбыл дзуццæджы æр- бадт. Йе ’нæдаст тымбыл цæсгомыл цалдæр армыдзаджы дон скалдта. Йæ сырх бæрзæй йæ хурсыгъд къухтæй аууæрста. Цавæрдæр æхсызгон улæфт ныккодта æмæ загъта: — Ард дын хæрын, цыфæнды дохтыры хосыл дæр æй нæ баивдзынæн... Уалæ скъолайы æркомкоммæ хид уыныс? Изæ- рыгон уыцы хиды был иу сахат абадын йæхæдæг дунейы аргъ у. Донмæ куы кæсай, уæд раст æхсыры ца-д куыд уа, афтæ фыцы. Дуртыл йæхи куы ныццæвы, лыстæг пырхæнтæй фæй- нæрдæм куы фæцæуы, уæд ма лæг уымæй дзæбæхдæр цæмæ бакæса. Нæ, ард дын хæрын, дон нæ, фæлæ хъуазы æхсыр, æв- дадзы хос... Иу метры æрдæгæй къаддæр чи нæ уыди, ахæм сырх къух- мæрзæнæй йæ цæсгом, йæ бæрзæй ныссæрфта, афтæмæй нæу- уыл мæ фарсмæ æрбадт мæ ног зонгæ. — Цæй, ныр кæд гæнæн ис, уæд мын иу тамако ратт æмæ йьш æз дæр йæ фæздæг скалон. Стонг, дам, æмгъуыд нæ зоны. Хабæрттæй дæ уыйфæстæ афæрсдзынæн,— цавæрдæр зæрдæ- мæдзæугæ хъæлæсы уагæй загъта уый æмæ мæм йæ донхуыз цъæх цæстытæй хионы каст æрбакодта. Мæ ног зонгæйыл цыдаид иу дæс æмæ дыууиссæдз азы. Цыбыргомау, тулдзы бындзæфхады хуызæн фидар лæууыд 55
йе ’ставд хæцъæфджын зæнгтыл. Йæ къæхтыл уыд, сæу’уон æртæхтæ æмæ хæххон уарынтæ сæ ахуырст кæмæн аластой, ахæм цырыхъхъытæ. Æвзист роны гæрз хæдоны дыдæгъты кæмдæр арф аныгъуылди. Цыма сæ хицауы тыппыр гуыбы- нæн фæрæхойынæй тарстысты, уый хуызæн æддæмæ цыр- гъæй лæууыдысты роны æрттиваг æвзæгтæ. Йæ тымбыл цæс- гомыл дзæбæх фидыдтой, урсытæ дзæвгар кæм фæзынди, уы- цы цыбырæлвыд бæзджын рихитæ. Йæ донхуыз нымæтхуды бынæй æвзистау æрттывтой йæ халас къæмисæнтæ. Цæсгомы иннæ хæйттæй уæлдай бæрæгдæр дардтой æрфгуытæ. Цыма сæ бынмæ æппынæдзух цы тъæпæнгомау фындз уыдтой, ууыл æрвæсгæ нæ кодтой, уый хуызæн фындзы рагъыл баиу сты, сæхи фæйнæрдæм айстой, æмæ, мæнæуы куыристау, йæ цъæх цырд цæстытыл æрзæбул сты. Бæх чысыл æддæдæр хызт. Иæ дойны суадзыны фæстæ кæрдæг зæрдиагæй мерскодта. — Мæсчъыхъæуы ма амæй размæ искуы уыдтæ? — йæ тамако цавæрдæр æхсызгон улæфт скодта, афтæмæй мæ ба- фарста ме ’мбал. — Никуы,— дзуапп радтон æз æмæ, раст зæгъгæйæ’, мæ дзуаппæй мæхæдæг дæр фефсæрмы дæн. Ноджы мæм уыцы сахат ме ’мбал уайдзæфгæнæджы цæстæй æрбакаст. Куыд æй бамбæрстон, афтæмæй стыр дис фæкодта, нырмæ Мæс- чъыхъæуы кæй никуы уыдтæн, ууыл. Йæ бынатæй сыстад, до- нырдæм йе ’ргом аздæхта æмæ загъта: — Иæ гыццылмæ йын ма кæс. Фыдуаг у. Уалдзæджы куы ныффуттытæ ласы, кæмттæ йæ хъæлæсы куы ахæссы... ХиДæй, фæндагæй сыл уыциу хæст акæны. Дæлæ цуанæтты къуы- быры цур федтай, хох йæ тæккæ бæрæг астæуыл куыд афас- та, уый? Ныр æм кæсыс? Цыма æппындæр ницы ракодта/уый хуызæн тасгæ-уасгæ йæхи куыд аскъæрдта. Багъæц, уалæ дын уыцы рагъыл дæ рохтыл куы æрбахæцæм, уæд дæм бæ- рæг уыдзæн! Ме ’мбал уыцы ныхæстæ ахæм хуызы дзырдта, æмæ цыма йæ фыдуаг фыртмæ хæцыд. Донмæ кæсгæйæ ма суанг йæ амонæн æнгуылдзæй дæр бадодой кодта. Æз мæхи нал ба- урæдтон æмæ йæ бафарстон: — Чысыл раздæр æй хъуазы æхсыр куы хуыдтай, уæд æм куыд тагъд æрбамæсты дæ? — Алы аз æм фæдисы цæуынæй нæ сæрæн нал стæм. Ньгр- тæккæ куыд сабыр у, афтæ куы уаид, уæд бæргæ... Фæлæ 56
хæхтæ, къæдзæхтæ йæ хъæлæсы ахæссы, комы абухгæ куы абырсы... Уæлæ цъитийы бын æхсæрдзæн кæцæй хауы, уый зо- ныс? Мæсыджы галиу фарс... Гъе уæдæйынуым йе’згъæллаг- гæмттыл фæстæмæ æрбахæцын ис нæ зæрды. Уым электро- станцæ куы æрцаразæм, уæд Мæсчъыхъæу Мæсчъыхъæу нал уыдзæн, нал... Ам дæлæмæ ком ныррухс кæндзæн, доны был — фæлладуадзæнтæ, сывæллæтты лагертæ... Ме ’мбал ма мæ ноджыдæр иу тамако ракуырдта. Афтæ зæрдиагæй та йæ сдымдта, æмæ йæ русты къуырфытæ кæрæ- дзиуыл амбæлдысты. Иæ нымæтхуды кæрон хæрдмæ фесчъил кодта æмæ, чысыл раздæр зарын кæцæй хъуыст, уыцы рæгъ- тæм скаст. — Уалæ бæрз бæлæстæ кæм фæкъорд сты, уый уыныс? Уым иу дидинæджы мыггаг зайы. Ам æй, хæхбæсты, лæджы зæрдæ хонынц. Афтæ йæ кæй хонынц, ууыл æрмæст ды нæ дис кæныс. Сæрдæй, зымæгæй йæ хуыз нæ ивы. Æрæгвæззæ- джы уазæлттæ хæхты куы æрбамидæг вæййынц, сæ райсомы халас рæгътыл куы æрбады, уæд иннæ дидинджытæ сæ рæ- сугъд базыртæ æруадзынц. Уыдон та бæрзæндты фæкæсынц, дардмæ ферттивынц. Уады фыдуаг тымыгътæ сæ дыууæрдæм ратон-батон сисынц. Сæ бындзарæй сæ стонынмæ фæхъавынц. Фæлæ уыдон сæрыстырæй фæкæсынц рагъæй бынмæ—коммæ. Æвæццæгæн, бæрз бæлæстæ дæр сæ фарсмæ уымæн фæ- къорд сты. Уыдон ныллæууынц уады ныхмæ, бауромынц ты- мыгъты. Бахъахъхъæнынц сæ рæсугъд, хъæбатыр сыхæгты. Ныр хъус, афтæ сæ цæмæн хонынц, уымæ. Зæронд адæм куыд дзурынц, афтæмæй раджы кæддæр Мæсчъыхъæуы цар- ди, исæй хæрз мæгуыр, удыхъæдæй сæрæн чи уыд, ахæм си- дзæр лæппу. Фæлæ йæ хъæуы хъалтæ нæ уарзтой æмæ дзы алы ран дæр загъдкъахæн кодтой. Æмæ иуахæмы сæ фæнд сæ къухы бафтыд. Ныртæккæ уыцы дидинджытæ кæм за- йынц, уым йæ размæ бабадтысты æмæ йæ фæсте багæрах код- той. Йæ зæрдæ йын систой. Дур ыл ныффæлдæхтой. Иæхи та йын былæй аппæрстой. Таурæгъгæнджытæ куыд дзурынц, афтæмæй дыккаг бон дур йæ бынаты нал разынд. Æрмæст уым райсомы хуры тынтæм тыбар-тыбур кодтой, уымæй раз- мæ хæхбæсты кæй никуыма фендæуыд, ахæм диссаджы ди- динджытæ. Боны кæм, фæлæ сæм æхсæвы мæйдары ссыдыс- ты хъæуы хъалтæ. Сæ къæхты бын сæ сæууæрстой. Фæлæ та райсом хуры скастмæ ногæй сыстадысты, ноджы рæсугъддæр тæмæн скалдтой. I 57
Ме ’мбал исдугмæ йæ ныхас фæурæдта. Йæ къæхты бы- нæй ныуулæфыд. Иæ цæсгом фенкъардхуыз. Æнæнхъæлæджы уыцы дидинджыты кой цæмæн ракодта, уымæн æз ницы бам- бæрстон. Æрмæст уыцы сахат йæ зæрдæйыл цавæрдæр дур кæй æрæнцад, уый бæрæг уыд йæ цъæх цæстытыл. Æнæбары- гомау мæм æрбакаст æмæ загъта: — Æмæ æрмæст æрдзы рæсугъдæн не ’рзадысты уыцы ди- динджытæ. Ноджы сыл стырдæр нысан уыди. Тонгæ та дзы кодтой æрмæстдæр иунæг хъуыддаджы фæдыл. Мæсчъыхъæ- уæй-иу исчи дард балцы куы цыди, уæд-иу дзы уый æрхаста иу дидинæг. Адæмы раз-иу æй радта йæ уарзон чызгæи, йæ бинойнагæн. Æмæ уый хъæубæсты нымад уыди стыр ард бахæрдыл. Фæлæ иуæй-иутæн уыцы хъуыддаг сæ къухы нал бафтыд... Акса-ма, ныхæстыл дæ ныддардтон. Цæй, хъæумæ кæм цæуыс, уым ма фембæлдзыстæм. Иунæгæй дæ нæ ауагъ- таин, фæлæ ма мæ иннæ хосдзауты дæр абæрæг кæнын хъæ- уы, — йæ ныхас иннæрдæм фездæхта лæг æмæ бæхыл абадт. — Хъусыс, дæ фысым ивынфæнд ма скæн. Сæгъ æлхæнын дæ бахъæудзæн. Гагуыдз, зæгъгæ-иу бафæрс,— чи фæнды дæр дын æй бацамондзæн... Бæх фæцагайдта. Фæндаджы сæрты бахызт æмæ хъæды- рдæм йæ ных сарæзта. «Гагуыдз?» — барæджы фæдыл кæсгæйæ, загътон мæхи- нымæр. Зарæджы цы Гагуыдзы кой ис, уый ма уæд? Иемæ уыйбæрц фæныхас кæн æмæ йæ ма базон, йæ номæй дæр æй ма бафæрс? Уæвгæ Мæсчъыхъæуы рæсугъд æрдзы хабæрттæ афтæ цыбæлæй кодта, цъитидонæй афтæ тынг æппæлыд, æмæ ма ууыл уыдтæн? Ноджы уыцы дидинджытæ... Лæджы зæрдæ! Хорз ном сын æрхъуыды кодтой, æвæдза. Мæ цæстытыл ауад: миты рагъыл тъæнджы мæй сырх- сырхид дидинджытæ. Уымæй диссагдæр ма цы хъуамæ уа! Гагуыдз уайтагъд хъæды къохы фæмидæг. Иу ран æрду- зæй фæзынд, йæ къухæй мын хъæуырдæм цыдæр ацамыдта, стæй та бæлæсты æхсæн æрбайсæфт. Æз хъæумæ араст дæн. Хур акъул æмæ цыма зæронд мæ- сыджы хæлд тигъыл ссудзынмæ хъавыд, афтæ зынд. Доны былты нарæг къахвæндагыл цæугæйæ, æз хъуыды кодтон Гагуыдзы ныхæстыл. Уыцы дидинджытæ мæ сæрæй нæ цух кодтой. Цæуылнæ уал бафтыд йæ къухы, æппæтæй йын зынаргъдæр чи уыди, уыцы адæймагæн д^динæг балæ- 58
вар кæнын? Чи йæ бахъыгдардта? Цæмæн? Кæдæм цыди ахæм дард балцы?.. Хъæусоветы никæй баййæфтон. Дурын асинты сæрмæ, йæ ахуырст раджы кæмæн ссыд, ахæм зæронд дуарыл уыди цæф- хады хуызæн гуыдыр æвæрд. Уæдæ кæй бафарстæуа, зæгъ- гæ, мæ алыварс мæ цæст ахастон. Чысыл фалдæр, ныллæгго- мау хæдзары дуармæ, хъазыди цалдæр сывæллоны. Фæдзу- рынмæ сæм куыд хъавыдтæн, афтæ хъæусоветы бакомкоммæ кулдуарæй хъуызæгау рахызт къæсхуыртæ арæзт æрыгон сылгоймаг. Йе ’уæхскыл арахъуадзæн аджы сæр. Мæн куы ауыдта, уæд хорзау нал фæци. Фæстæмæ хæдзармæ фездæ- хынмæ хъавыд, фæлæ йæм уæдмæ æз фæдзырдтон: — Бахатыр кæн, хорз ус. Уæ хицауад кæм сты? Сылгоймаг, цыма йæ исчи стыр фыдгæнгæйæ æрцахста, уый хуызæн йæ бынаты лæугæйæ баззад, стæй аджы сæр сис- рæбын авæрдта æмæ дзуапп радта: — Гагуыдз... хосдзаутæм ацыд. Йемæ ма уæлæ Таймураз- ты Сона кусы æмæ уый та районы ис. — Бахатыр кæн, фæлæ уæ хъæуы цал Гагуыдзы цæры? — Иунæг Гагуыдз... Хъæуыхицау... — Бузныг. Æз æм банхъæлмæ кæсдзынæн. Сылгоймаг фæстæмæ дæр нал фæкаст. Цыма йæ исчи фæс- те сырдта, уый хуызæн нарæг уынджы фæцагайдта. Гагуыдз доны былæй цы хидмæ амыдта, ууыл бахызт æмæ доны фал- лаг фарс иу тъæпæнсæр хæдзары фæмидæг. Хъæуы иннæ хæ- дзæрттæй уæлдай, уый лæууыди хибарæй. Цыма истæмæй тарст, уый хуызæн къæдзæхрæбын æрæмбæхст. Сырды цæсты- тæ мæйдары куыд ферттивынц, афтæ хурмæ ферттив-ферттив кодтой йæ чысыл рудзгуытæ. Иæ дурæй быру ранæй-рæтты фæкъахыртæ. Уисæй быд дуар, цыма лæууынæй бафæллад, уый хуызæн йæхи иуварсырдæм æркъул кодта. Кæртæй зынди кæйдæр уæлдзармхуды гопп. Гагуыдз зынæг нæ уыд. Мæхинымæр агуырдтон, «Бибойы зарæг» мæм чи æрхаста, уыцы лæппулæджы. «Æвæццæгæн, хосдзаутимæ ис»,— загътон мæхицæн æмæ доны былырдæм араст дæн. Гагуыдзы æрбаздæхтмæ Бибойæн йæхи ссарын, йе- мæ аныхас кæнын, — афтæ уыд мæ хъуыды. Хидмæ бахæццæ дæн. Гагуыдзы загъдау, æцæг аргъæутты кæй кой фæкæнынц, ахæм ран! Нæзы хъæды лыггæгтæй фи- дар арæзт хиды могортыл æрра сырдау йæхи хойы Мæсчъы дон. Лыстæг пырхæнтæй фæцæуы хæрдмæ æмæ хидыл сæл- 59
фынæгау уары. Рагуалдзæгæй æрæгвæззæджы уазалтæм ^нæ хус кæны хид. Æхсызгон уазал дымгæ цæуы донæй. Уæлдæр, комы нарæджы, бæрзонд айнæг хохæй уырдыгмæ сæх-сæх кæ- ны æхсыры фынчы хуызæн æхсæрдзæн. Цъититæ баиу сты æнæкæрон арвы цъæхимæ. Чысыл раздæр хъæусоветы асинтæй цы хæдзармæ кастæн, уый бынтон хæстæг у ардæм. Хæлд сисы сæрты мæм чидæр йæ цæст дары. Æвæццæгæн, йæ худы гопп фæзын-фæзын кæ- мæн кодта, уый у. Фæлæ мæ цыма йæхи æмбæхсы... Исдугмæ нал фæзыны, стæй та ногæй дуры аууонæй радары йæ сæр. Мидæмæ сæм куы бацæуон, миййаг кæд уымæй тæрсы? Нæ, цыфæнды куы фæуа, уæддæр мын сæ рæзты æнæ ссæугæ нæй. Бибойæ сæ уæддæр бафæрсдзынæн. Стæй мæм циркмæ кæсæ- гау чи кæсы, уый дæр фендзынæн. Мæхи уыцырдæм систон. Хæдзары дуармæ нæма схæццæ дæн, афтæ мæ хъустыл ауад кæйдæр кæнгæ хуыфт. Кулдуа- рæй рахызт ныллæг, къæсхуыртæ, иу-цалдæр мæйы йæ рустыл сæрдасæны фæд кæмæн нæ уыд, ахæм лæг... Цыма мæ уынгæ дæр нæ фæкодта, уыйау йæхи иуварсырдæм азылдта. Стæй мæм æнæбарыгомау æрбакаст, аразгæ мидбылты худт бакод- та æмæ мын йæ сæрæй акуывта. Салам ын радтон. — Цы хур, цы къæвда æрбахаста дæ хуызæн дзæбæх лæ- джы, хуыцауæй дæр æмæ адæмæй дæр чи ферох, уыцы Мæс- чъыхъæумæ? — йæ къуырф цæстытæ æрфгуыты бын амбæхс- гæйæ, бафарста уый. — Иучысыл хъуыддаджы фæдыл... Æмæ фæсмон кæнын, нырмæ уæм кæй никуы æрбафтыдтæн, ууыл. Диссаджы рæ- сугъд ран. Æхсæрдзæнтæ... Дидинæджы сæрвæттæ... Сыгъ- дæгуæлдæф... Уый ницы дзуапп радта. Æрмæст йе ’уæнгтæ куыддæр æна- хуыр тымбылтæ æрбакодта. Цыма йын мæ ныхæстæ хъыг уы- дысты кæнæ йыл миты хъæпæн æрбакалд, уый хуызæн йæ дæрдджын палтойы æфцæгготы йæ сæр атъыста. Комы нарæ- джырдæм скаст æмæ загъта: — Хъуыддаджы фæдыл зæгъыс? Æмæ цы кæны... Хъуыд- дæгтæн дæр лæг хъæуы, уæдæ цы? Мах дæр, уæ карæн ма’куы уыдыстæм, уæд хъуыддæгты уыдыстæм... Фæлæ ма ныр цæ- мæн бæззæм? Кæй ма хъæуæм?.. — Цæмæн афтæ зæгъыс? Дæ тæккæ лæджы карыл куы дæ. Нырма, æвæццæгæн, саргъы бæхыл цыфæнды лæппуйæ 60
дæр хуыздæр сарæхсис, — дзуапп ын радтон æз. — Мæнæ уæ Советы сæрдармæ кæсыс? Гагуыдзæй зæгъын. Æвæццæ- гæн, дæуæй бирæ кæстæр нæ уыдзæн. Нырма йæ бæхыл хъаз- ты лæппуйы бадт кæны. Уый дæр лæгъз фæндæгтыл нæ, фæлæ къæдзæхтыл, адæгтыл. Хæдзары хицау, цыма йæ исчи фæсте хъамайы фындзæй фæрæхуыста, уый хуызæн зына-нæзына размæ фæцудыдта. Бæрæг уыд: мæ ныхæстæй йын цыдæр йæ тъæнгтæ ацагъта. Йæ гуыбыр, тæнæг фындзы цыма резинæ ласт уыди, уыйау йæ дыууæ фарсы сæ мидбынат скафыдысты. Фындзы фæрстимæ базмæлыдысты йæ бурдзалыг рихитæ дæр. Цæмæй йыл ма фенæууæнк уыдаин, уый тыххæй йæ цæсгом фецæгхуыз кодта. йæ палтойы тæрттыл æнгомдæр æрбахæцыд æмæ, мæнæй йæ цæстæнгас иуфарсырдæм аздахгæйæ, загъта: — Низ... Низæн азтæ нæ лæууынц. Адæймаг хъыгдард куы вæййы, уæд ын, æрдæбонсарæй афтæ цыбæлæй цы доны уы- лæнтæм кастæ, уыдон дæр тых кæнынц. Дидинæгджын сæр- вæттæ дæр æй нал фендавынц... Акса-ма, мидæмæ дæр дын нæ загътон... Нæ, нæ, нанайы глази мæрддзæгтыстæн, нæ дæ ауадздзынæн. Бæстæ иннæрдæм куы рафæлдæха, уæддæр дьш æнæ рацæугæ нæй. Ау, хæдзар куы стæм! Цæхх æмæ кæрдзын... Табуафси, мидæмæ... Мæ дуарæй аздæхгæ дæ чп фена, уый цы зæгъдзæни? Худинаг мæ куы кæныс. Лæг сцырын. Ие ’уæнгтыл схæцыд. Йæ тæнæг æфсæртæ скуыстой. Мæ цонгыл мын ныззæгæл, хæдзармæ мæ ласы. — Уæвгæ, сымах хицауадмæ æмхицдæр стут. Мæгуыр лæ- джы хæдзарыл цæмæн барвæссат? Фæлæ уал раздæр базо- нын хъæуы, чи у уыцы хицау. Кæм фесгуыхт...— цæстыфæ- ныкъуылдмæ фæстæмæ йæ гаччы абадт, йæ сæр йе ’уæхсчыты æхсæн аныгъуылд хæдзары хицауæн. Иæ цырд, къуырф цæс- тытæ фæстæмæ æрфгуыты бын амбæхста. Мæсчъыхъæумæ цæй тыххæй æрбацыдтæн, уый йын куы радзырдтон, уæд та ногæй йæ базыртæ бацагъта. — Дæ рынтæ мæ гуыбыны! Уæдæ уый ды дæ? Æмæ мын æй уæд нырмæ цæулынæ загътай? Уайтагъддæр мæ зæрдæ къæпп кодта, зæгъын, ахæм дзæбæх лæг нæ хъæумæ хуымæ- тæджы не ’рбацыдаид. Дæ хорзæхæй, нæ лæппуйæн ахæм хорзæй цы ракодтай? Дæумæ куы уыди, уæдæй нырмæ дæ кой, дæ цæрайы йедтæмæ куы ницы кæны. Æмæ, нанайы глази мæрддзæгтыстæн, лæппу раст уыди. Бауырнæд дæ, уый аккаг дæ. Гъы, уæдæ куыдтæ стут? Дзæбæхтæ, æнæнизтæ стут?.. 61
Чындз, марадз-ма исты фен. Нæ дуармæ чи лæууы, уый нæ зоныс? Дардмæ кæмæ бæллыдыстæм æмæ нæм ныр йæхи къа- хæй чи æрцыд, уый. Рæвдздæр!.. Цыма йæ хицауы ныхасмæ гæппæввонгæй лæууыд, уый хуызæн кæрты æваст февзæрд, хъæусоветы раз кæй федтон, уыцы къæсхуыртæ, æрыгон сылгоймаг. Хæдзары хицаумæ йæ сæрæй цыдæр ацамыдта. Куыд æй бамбæрстон, афтæмæй ца- лынмæ мах дуармæ лæууыдыстæм, уæдмæ уый йæ хъуыддæг- тæ кодта. — Хорз. Фæцæуæм, — загъта хæдзары хицау æмæ кул- дуарыл мæ разæй бахызт. Цы гæнæн ма мын уыд, æз дæр йæ фæдыл бараст дæн ми- дæмæ. Цыма йæ къæхты бынтæ тæппæлттæ уыдысты, уыйау схъиугæ цыд кодта хæдзары хицау. — Дæ лæппу дæр, æвæццæгæн, хосдзаутимæ ис? — ба- фарстон хæдзары хицауы, кæрты куы æрлæууыдыстæм, уæд. — Цы загътай? — æнæбарыгомау мæм фæстæмæ ракаст уый. — О-о, лæппуйæ зæгъыс? Уый ма мын хос кæрдынты йедты лæг куы уаид, уæд бæргæ. Йæ хуызмæ йын ма кæс. Рынчын у. Гъемæ, мæгуыр, йæхи иу ранæй иннæ ранмæ ра- дав-бадав кæны. Мæхъхъæлы хъæутæй дæр фæстæмæ уый тых- хæй ралыгътæн, кæд, зæгъын, ам иучысыл йæхиуыл фæхæцид, фæфидардæр уаид. Дзырдтаид дын æй йæхæдæг дæр... — Нæ, ахæмæй мын ницы дзырдта, — дзуапп радтон æз æмæ исдугмæ мæ цæстытыл ауад, горæты мæм зарæг чи æр- бахаста, уыцы сырхцъар, уæнгджын лæппулæджы сурæт. Рын- чын у æмæ уымæ гæсгæ йæ бон кусын нæу, зæгъгæ, ууыл зын баууæндæн уыд. — Æмæ уæдæ ницы фæкусы, зæгъыс, нæ? — бафарстон та фыды. — Афтæ... хæдзары чысыл цыдæртæ. Ныр дæр горæты ис. Дохтырты фæдыл, мæгуыр, рахау-бахау кæны. Куыд хорз уы- даид, ам æй куы æрбаййæфтаис, уæд. Хуыцау æмæ дын" йе ’сконд зæдтæй ард хæрын, — йæ низ дæр дзы ферох уыдаид. Афтæ бирæ дæ цæмæн бауарзта, нæ зонын. Чындз, уæлхæ- дзармæ! Уым сатæджы абаддзыстæм. Чындз нæ разæй дурын асинтыл сызгъордта. Уæлхæдза- ры, рагъхъæдмæ хæстæг тымбыл фынг ацарæзта. Арахъхъы дурын йæ къухы, афтæмæй иуфарсырдыгæй æрлæууыд. Йæ сæр йæ риуыл æруагъта æмæ йæ кæлмæрзæны бынæй каст. — Нæхи бар нæ уадз, — уæлхæдзармæ куы схызтыстæм 62
æмæ фынджы уæлхъус куы æрбадтыстæм, уæд тызмæгæй загъ- та хæдзары хицау. Стæй чындзæй дурын райста, сыкъа бай- дзаг кодта æмæ йæ бынатæй сыстад. — Цæй, уæдæ, æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг кадджын хуыцау, нæ уазæджы хай нын макуы айс! — йе ’ргом хъæуы- рдæм аздахгæйæ, райдыдта кувын хæдзары хицау. — Æвзæр уазæгæй нæ бахиз, хуыцау!.. Иу зæд, иу дуаг дæр нал ныууагъта, — се ’ппæты ном дæр ссардта. Цыма æмбырды ныхас кодта, уый хуызæн хъæрæй дзырдта. Иæ козбау ныхæстæй мæ цæсгом сыгъди. Æз кастæн хъæумæ. Хур аныгуылд æмæ хъæуы уынгтæм сабыргай æр- цæйхъуызыд сæрдыгон изæр. Адæм уыдысты сæ изæры зи- лæнтыл. Хиды фаллаг фарс, уынджы тигъыл, лæууыди цал- дæр нæлгоймаджы. Махырдæм кастысты æмæ цæуылдæр ны- хас кодтой. Хæдзары хицау сæм йе ’ргом аздæхта. Йæ цæст- æнгасыл, йе ’схъæл бадтæй бæрæг уыд, мæстæй сæ кæй мардта, уый: «Кæсут, дзæбæхдæр кæсут, Мæсчъыхъæу. Уый æз дæн, æз — Саукуыдзы фырт Бибо!.. Нуазгæ дæр Бибо кæ- ны, сымах нæ, фæлæ. Уазæг дæр Бибойы уазæг у. Нуазæн дæр ын ныртæккæ йæ къухты Саукуыдзы фырт Бибо фæсадз- дзæн. Кæсут, уæ цæстытæ дæр рахауæнт». Æмæ цалынмæ Бибо хуыцау æмæ йе ’сконд зæдты нымад- та, уæдмæ изæрдалынгтæ сæхи ныллæг æруагътой хъæуыл. Къæнцылары дуармæ бастæй лæууыди Гагуыдзы бæх. Адæм иугай-дыгай цыдысты хъæусоветмæ. — Гъеуый дын мæ хабæрттæ... Мæн хуызæн низæфхæрд, æнæхъару лæджы дæ ныхтæ ныссадз... Æмæ ма истæй тых- хæй дæр куы уаид. Ацы властыл æнувыд кæй уыдтæн, йæ сæ- рыл кæй хæцыдтæн, уый тыххæй. Кæрæдзи нæ уарзæм, нæ. Искæмæй чысыл сæрæндæр у, æндæр дæ фырхæлæгæй сæ хъуыры ауадздзысты. Мæ фыд цы мæрдты ис, уыцы мæрдты- стæн, нæ мæ уарзынц нæ хъæубæстæ! Дæлæ тигъыл чи лæу- уы, уыдонмæ кæсыс? Сæ цæстытæ ацырдæм куыд ныдздза- гъыр кодтой... Кæнæ уæртæ Гагуыдз нæу, — топпы кæсæнæй мæм кæсы, адæмы мыл ардауы. Æмæ мæ фыд цы мæрдты ис, уыцы мæрдтыстæн, афтæ чысыл цæуылдæрты хъуыды кæнын, æндæр та йæ æз... Бибо, цыма йе ’взаг йæ хъуыры фæбадт, уый хуызæн йæ ныхас æрдæгыл аныхъуырдта. Йæ худы бынты мæм хъуын- джынæрфыгæй æрбакаст æмæ загъта: — Нæ арахъхъыл нын кæй нæ барвæссыдтæ, уымæй нæ 63
тынг бафхæрдтай. Уæвгæ сымах горæты, æвæццæгæн, дзæ- бæх нозтыл сахуыр стут æмæ... Хуыцауыстæн, ме ’мбæлттæ-иу районæй куы æрбацыдысты, уæд-иу ацы уæлхæдзар сæ зард æмæ сæ кафтæй сæнкъуысыд. Хъæубæстæ-иу ныл сæ цæстытæ æрæвæрдтой. Уæвгæ ма ныр уыцы ныхæстæй цы пайда ис? Фæлтау ма æз æмæ ды афтæ бакæнæм, æмæ хæдзармæ цом. Уазал дæ куы бацæуа, миййаг. Стæй дæ фæллад дæр суадз. Службæйы лæгæн уыйбæрц гæнæнтæ кæм ис,— райсом, æвæц- цæгæн, раджы цæудзынæ æмæ дзæбæх хъуамæ баулæфай. — Нæ, кæйдæрты ма мæ фенын хъæуы. Стæй, Гагуыдзæн дзырд радтон, æхсæвиуат уыдонмæ кæй кæндзынæн, уый тых- хæй. Арахъхъы тыххæй та мын хатыр бакæн, куы ма дын æй загътон, — лымæн нæ дæн йемæ, — дзуапп радтон хæдзары хицауæн æмæ цæуынмæ рахъавыдтæн. Бибо мын мæ цонгыл ныххæцыд. Стæй, мæ фæнд кæй нал аивдзынæн, уый куы бамбæрста, уæд йæ палтойы тæрттæ æр- бамбырд кодта, йæ къæдз лæдзæг йæ дæларм акодта æмæ цæуылдæр фæсмонгæнæджы хъæлæсæй загъта: — Цæуыс уæдæ, нæ?.. Дыууæизæрастæу хæдзарæй лидзын хорз бæргæ нæу. Лæппу ма дæ уæддæр куы æрбаййæфтаид. Хъыг ын уыдзæн... — Кæд а изæр фæзына, уæд æй райсом фендзынæн. Цæй, хæрзизæртæ уал рау. Дæ минас бирæ, — арфæ ракодтон хæ- дзары хицауæн æмæ уæлхæдзарæй æрхызтæн. Бибо ма мæ фæдыл цалдæр къахдзæфы ракодта, стæй мæ хатыр ракуырдта æмæ уæлхæдзары тигъыл æрлæууыд. Æз уынгмæ рацыдтæн. Фæстæмæ ма иу хатт фæкастæн Бибомæ. Уый, дурын цыртау, æнцад лæууыд æмæ асинтыл йæ къæдз лæдзæг уырдыгмæ куыд тахт, уымæ касти. Тигъыл цы нæлгоймæгтæ лæууыд, уыдон уым нал раййæф- тон. Хидмæ куы æрбахæццæ дæн, уæд цыма мæнæй истæмæй тарстысты, уый хуызæн сæхи фæйнæрдæм айстой. Иу ма мæм дзы æмбонды сæрты ракаст, цыдæр загъта æмæ сарамæ баз- дæхт. «Хæйрæджыты бæстæ у æви иууылдæр Бибойы хуызæттæ сты?» — загътон мæхицæн æмæ мæ цыд фæтагъддæр кодтон. Фæлæ уыцы сахат, цыма мын мæ ныхæстæ фехъуыстæуыд, уый хуызæн кæцæйдæр мæ хъустыл æрцыд: — Гæбæр бæх гæбæр бæхы ныхы... — Халон хæдмæл агуры... Мæ алывæрстæм акастæн. Мæ цæст никæуыл æрхæцыд. 64
«Гæбæр бæх... Халон... Кæй хонынц афтæ? Стæй цæ- мæн?» — фарстон мæхи, фæлæ йын дзуапп раттын нæ фæрæз- тон. Гагуыдзы баййæфтон хъæусоветы. Цырагъы рухсмæ сырх хъуымацæй æмбæрзт стъолы алыварс бадтысты цалдæр нæл- гоймаджы. Мæн куы федтой, уæд базмæлыдысты. Гагуыдз йæ бынатæй сыстад. Мæ къух мын райста. — Гъы, æнкъард кæныс, миййаг? Куыд фæцыди дæ зæр- дæмæ нæ хъæу? — йæ цæсгом фæхъæлдзæгхуыз, афтæмæй мæ бафарста Гагуыдз. — Æнкъард кæнынмæ йæ нæ равдæлд, æвæццæгæн,— йе ’мбалы фарс аивæй басхойгæйæ, загъта, стъолы тигъмæ чи бадт, уыцы булкъдастсæр лæг. — Бибойы арахъхъ æнкъард нæ, фæлæ лæджы хæйрæг дæр фестын кæндзæн, — йæ ныхас баппæрста иннæ. — Фæлæуут-ма, уазæг нырма хъæумæ куы нæма æрба- хæццæ æмæ йæ уайдзæфты бын куы фæкодтат. Кæд æппын- дæр нæ нуазы, уæд та, — загъта Гагуыдз æмæ мæ ныхасгæн- джыты бæсты хатыр ракуырдта. — Нæ зонын... Изæрсарæй нæм Бибо уæлхæдзарæй йæ сы- къа мæстæй марыны тылд кæны æмæ...— ногæй та загъта дастсæр лæг. — Уæ хорзæхæй, цы йын кодтат? «Нæ мæ уарзынц. Сæ цæстысындз мæ федтой», — æндæр йæ дзыхæй куы ницы ха- уы,— мæхи нал баурæдтон æз. — Хъусут æм, ноджы ма аххосджын мах стæм,— мæсты- йæ загъта дастсæр лæг æмæ йæ тымбыл къух стъолыл æрæ- вæрдта. — Уый æндæр ныхас у, Зауырбег...Сбад уал, уазæг. Бай- хъус нæм ды дæр. Нæ фыдæлты загъдау, — мæрдты радыгай фæныгæнынц. Бибомæ дæр хæццæ кæндзыстæм, — загъта Га- гуыдз æмæ Зауырбеджы тымбыл къухмæ бакаст. Гагуыдз дзырдта, колхоз куыддæр хос карст фæуа, афтæ мæнæу кæрдынмæ кæй бавналдзæн, уый тыххæй. Алкæмæн дæр бамбарын кодта, мæнæу кæрдыны рæстæг цы куыст кæндзæн, уый. Гагуыдзы ныхасыл дыууæ ничи загъта. Æмæ, æвæццæгæн, ныхмæ зæгъæн дæр ницы уыди. Фæлмæн, æмбар- гæ ныхас кодта Гагуыдз. Иæ халас къæмисæнтæ æвзист тæ- мæн калдтой цырагъы рухсдоæ. Йæ цæсты бынтæй, хæххон къахвæндæгты хуызæн, фæйнæрдæм лыгъдысты цæсгомы æн- цъылдтæ. 5 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 65
«Æгас хъæуы ныхмæ цæмæн æрлæууыд Бибо? Кæд йæхи зæронд хоны, уæддæр Гагуыдзæй хистæр куы нæ у. Цæуылнæ ис ныртæккæ ам, хъæусоветы? Цæуылнæ ныхас кæны йæ сы- хæгты хуызæн, йæ хъæуккæгты хуызæн Мæсчъыхъæуы фидæ- ныл? Цæуылнæ цин кæны, райсом æгас ком чи ныррухс кæн- дзæн, уыцы электростанцæйыл? Хъæуы фæсивæдæй йæхи иу- вæрсты цæмæн ласы йæ фырт?» — мæсчъыхъæуккæгтæм хъусгæйæ, хъуыды кодтон мæхинымæр. Гагуыдз, Зауырбег, зæгъгæ, кæмæ дзырдта, уый йæ бы- натæй сыстад. Цыма мын мæ хъуыдытæ бамбæрста, уый хуы- зæн мæм йæхи æрбаласта. Æрбадт мæ фарсмæ. Йæ нымæт- худ йæ уæраджы сæрыл æрæвæрдта æмæ мын мæ хъусы æр- бадзырдта: — Бахатыр кæн, нæхи ныхæстыл фестæм... Бон нæ не ’вдæ- лы æмæ афтæ изæрыгæтты амбырд вæййæм. Нæ царды пълан- тыл ауынаффæтæ кæнæм. Бибо дæ хæстæг исты у, мнййаг? — цæхгæр йæ ныхас иннæрдæм фæзылдта Зауырбег. — Хæстæг нæ, фæлæ йæ абоны онг мæ фыны дæр никуы федтон, — дзуапп радтон æз, æмæ, редакцийæ мемæ цы пис- мо рахастон, уый йын йæ къухты фæсагътон. Зауырбег писмо каст куы фæци, уæд æй аивæй йæ къухы армы атымбылтæ кодта, йæ сæрæй мæм цыдæр ацамыдта æмæ тыргътæм рацыд. Иæ фæдыл рацыдтæн æз дæр. — Æххæст ма фæлæууыдаис, ныртæккæ фæуыдзыстæм, Зауырбег, — нæ фæдыл радзырдта Гагуыдз. — Ныртæккæ... Фæйнæ тамакойы адымæм,—дзуапп рад- та Зауырбег. Стæй йæ дзыппæй чъисса систа æмæ мæм æй æнæ исты дзургæйæ æрбадардта. Тамако ссыгътам. Цыма кæрæдзимæ æнхъæлмæ кастыс- тæм, уый хуызæн нæ иу дæр ницы дзырдта. Æрмæст Зауыр- бег йæхинымæр тыхсти, цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæ нæ фæрæзта. Стæй писмо йæ тых-йæ бонæй тыргътыл ныццав- та, йæ фæдыл ын ату кодта æмæ загъта: — Æнаккаг, æдзæсгом адæймаг!.. Уымæн йæ тæригъæдтæ дон куы нæ аласдзæн, зæхх сæ тыххæй куы уромы. Сæгъæй сæныкк гуыры. Йæ фырт дæр йæхи хуызæн. Хъæуæй горæты æхсæн ратæх-батæх кæны. Кæм цы ратононыл архайы. Ныр та йæ цы æрфæндыд? Зарæг! Адæймаджы йæ базыртыл чи сисы, ^йæ зынтæ йын чи ферох кæнын кæны, уый... Стæй кæ- уыл? Йæ фыдыл! Æмæ цæй тыххæй? Адæмы кæй бын кодта, уый тыххæй? Зарæг нæ, фæлæ сæ куыдзæппарæн былæй арæ- 66
цугъын хъæуы. Фыдæй, фыртæй!.. Уыцы зæронд бнрæгъы аххосæй бирæ цæссыг фæкалд... Уæртæ Гагуыдзмæ кæсыс? Ба- фæрс-ма йæ, кæм уыди фынддæс азы? Кæй æвзаг æй басыгъ- та? Кæй дзыхæй баззад афтидæй йæ бинонтæй? Стæй цæй тыххæй? Иæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ Бибойы хуызæтты кæй нæ уарзта, уый тыххæй! Бибойæ лæгдæр кæй уыди, уый тыххæй. Раст зæгъы, — нæ йæ уарзынц хъæубæстæ. Се ’сæфт дзы уынынц адæм. Изæры федтай, адæм дæм цы цæстæй кас- тысты, сæхи дыл куыд атигъ кодтой, уый? Мæ фыдгулы фæ- дыл адæмы тæригъæд æфтыд фæуа... Бахатыр кæн, дæу ницæ- мæй аххосджын кæнын. Искæй кадæй йæхицæн цæсгом кæ- ны... — Куыд? Зарæг ууыл конд нæу?.. — Ууыл. Фæлæ мæнгардæй конд у. Сгуыхгæ уый нæ фæ- кодта, йæ фыдыфсымæры лæппуйы хабæрттæ сты уыдон. Граждайнаг хæсты, урсытимæ хæцгæйæ, хъæбатыры мардæй фæмард. Бибо та дзы йæхицæн ном скодта. Æндæр хъæуы кæйдæр балхæдта æмæ йыл зарæг скодтой. Стæй зарæг Мæс- чъыхъæумæ куы æрбахастой, уæд ын æгас адæмы раз йæ гам- худ систам Бибойæн. Зарæггæнджытæ дæр сæ фæд-сæ фæд афардæг сты. Æмæ уый кæд æмæ кæд уыди... Фæлæ та бирæгъ зæрондæй йæ сæр сдардта. Афтæ æнхъæл у, æмæ адæмæй ферох. Нæ-æ, адæмæй ницы рох кæны!.. Хæстæг æм ничиуал цыди. Гæдырувасæй царди не ’хсæн. Зауырбег йæ тамакойы сыгъдон къуыммæ баппæрста. йæ къахы бын æй аууæрста æмæ, мидæмæ фæцæйцæугæйæ, загъта. — Цом, сæ зæрдæ ныл фæхуддзæн. — Цу, æз дæр дæ феййафын, — дзуапп радтон æз æмæ уайтагъд мæ хъустыл æрцыди Гагуыдзы ныхас: — Уазæджы цы фæкодтай? — Мæнæ тыргъы тамако дымы. Ныртæккæ æрбацæудзæн. Æрталынг. Æхсæвы мæйдар йæ сау базыртæй æрæнцад хъæуыл. Хиды фаллаг фарс, къæдзæхрæбынæй, зæронд би- рæгъы цæстытау æрттывтой дыууæ стъæлфы. Мæсчъы дон раздæрау хъуырдухæн кодта йæ былгæрæттимæ. Къæнцыла- ры гом дуарæй хъуысти Гагуыдзы ныхас... Æхсæв-бонмæ нал бафынæй дæн. Алыхуызон уæззау хъуы- дытæй рафт-бафт кодтон мæ хуыссæнуаты. Мæ хъусты азæл- дысты Зауырбеджы ныхæстæ. Куыд æнувыд уыдысты хъæу- бæстæ Гагуыдзыл! Куыд иузæрдион сыл уыд йæхæдæг дæр! 67
Æмæ мæ цæстытыл ауад фæззыгон мæйдар æхсæв. Иæ сывæл- лоны бонтæй фæстæмæ иумæ кæимæ схъомыл, уыдон фенын дæр йæ къухы нал бафтыд уыцы æхсæв Гагуыдзæн. Хъæуы иннæ цæрджытæй уæлдай дидинæг дæр нал æрхаста Бæрз- джыны къохæй. Æмæ, æвæццæгæн, уымæн нал сæййæфта йæ ус Чабæханы... Уымæн ныккалд, ныртæккæ ногæй кæй аразы, уыцы хæдзары цар. Уымæн мын амыдта знон доны былæй Бæрзджыны къохмæ. Уымæн суынгæг йæ зæрдæ дидинджыты кой кæнгæйæ. Фыдфынау мæ цæстыты раз февзæрд Бибойы сурæт. Æр- дæгконд хæдзары мæ фарсмæ тъахтиныл хуыссыд Гагуыдз. Цыма уый дæр йæ фыны Бибоимæ архайдта, уый хуызæн-иу хатгай хæрдмæ фæхауди, ныхъхъæрзыдта. Сыстадтæн. Палто мæ уæлæ æрбакодтон æмæ тыргътæм рацыдтæн. Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ хицæн кодтой. Хуры- скæсæнырдыгæй хæхты сæрмæ фæзынди гæзæмæ фæлурс тæлм. Уасджытæ уасыдысты. Уынгты цъиуызмæлæг нæ уыд. Мæ фарсмæ къулæнцой амадæй лæууыдысты ног фаст нæзы фæйнæджытæ. Дзæбæх тæф кодтой. Хидыл æрбахызт дыууæ бæхуæрдоны. Хуыссæнтæй, мигæнæнтæй — цъуппамад. Уын- джы фæзылдысты. Цыма сæ исчи фæсте сырдта кæнæ боны цъæхæй тарстысты, уый хуызæн бæхтæм æвзыстой дыууæ нæл- гоймаджы. Уæрдæтты фæдыл уади ныллæггомау сылгоймаг. «Чи сты? Кæдæм тагъд кæнынц афтæ раджы? Боны рухс сæхицæи хæлæг кодтой?» — дисы бафтыдтæн æз æмæ уæр- дæттæм ноджы лæмбынæгдæр ныккастæн. Йæ уæлдзармхуд æмæ йæ зæронд палтойæ базыдтон Би- бойы. Уый раззаг уæрдоны фарсмæ цыбыр къахдзæфтæй уад æмæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта. Йæ фырты йын нæ ба- зыдтон. Чындзыл дæр уыд æндæр дарæс. Дæллаг уынджы сæ размæ разгъордта иу хъуынджып урс куыдз. Йæхи сыл баскъæрдта. Ныххæррæтт кодтой сыхы куи- тæ. Хъæу сæ сæрыл систой. Йæ лæдзæгæй сæм æвзиды Бибо. Чындз фæтарст æмæ уæрдонмæ сгæпп кодта. — Уыст! Уыст! — йæ куыдзы сыл ардауы, мæ рахизфарс цы хæдзар уыд, уый тыргътæй ацæргæ сылгоймаг. — Цы хабар у, цæуыл фæдис кæнынц куитæ? — афтид хæдоньг мæ уæлхъус алæууыд Гагуыдз. — Бирæгъты фæсурынц,— дзуапп ын радта сыхаг ус. •
ДЗЫЛЛÆЙЫ САГЪÆСТÆ Зæрдæ куы судза, уæд еохъхъыр цæстæй дæр цæссыг цæуы. Ирон æмбисонд. æрид кæрцы бызгъуыртæ фæйнæрдæм рæмудзы здухгæ уад. Æмпъызтытæ фæсмын хæлаф пыд- дæвдæг уæраджы сæртыл. Фæндаджы ног уард мит лыстæг хуыримæ æмхæццæйæ ихуарæгау хо- йы цæстытæ, фæлурс, æнæдаст цæсгом. Хиды ставд фæрдгуытæ цъыкк-цъыкк кæнынц фындзы- хъæлæй. Ком ныххус. Уæрджыты тых сæтты. Ар- тау судзынц къахы бынтæ. Æрдæглæгуын къæс- са æртасын кодта фæндаггоны. Афтæ зыны, цы- ма йе ’ккой удæгас нæлсæгъ бады. Дымгæ фыдуагæй-фыдуагдæр кæны. Хъæддаг сырдау нынниуы. Йæ хъæлæсы ахæссы хæххон парæг къахвæндаджы миты хъæпæнтæ. Ныццæ- вы сæ фæндаггоны къæрид кæрцыл. Ныццуды, къæдзæхы фарсмæ йæхи нылхъивы фæндаггон. Ногæй та йæ тыхтæ æрбамбырд кæны, йæ къæс- сайы бæттæныл æнгомдæр ныххæцы. Акæсы раз- мæ. Фæлæ уым къæдзæхты цыргъ тигътæ йедтæ- мæ ницы ис. Рагъ. Сау мигътæй æмæхгæд арв, митæмхæццæ здухгæ уад. Ныддаргъи фæндаг, кæрон ын нал ис. Цæуы, тындзы размæ фæндаг- гон. Æнæрцæугæ йын нæй а изæр сæхимæ, хъуа- мæ барухс кæна йæ сывæллæтты зæрдæтæ. йæ уæлдзармхудæй æрæмбæрзы йæ цæстытæ фæндаггон. Гæзæмæ урс уадздзаг ма йæм фæз^1- ны къахвæндагæй. Куырмæджы хилæгау хилы хо- хы фарсыл. Бынæй, талынг комы, йæ былгæрæт- 69
тимæ хъуырдухæн кæны, нырма их йæ рохтæ кæмæн нæма æр- балвæста, уыцы фыдуаг хæххон дон. Цыма фæндаггонæн йæ ком дойныйæ кæй ныххус, уый æмбары æмæ йæ мæстæй ма- ры, уый хуызæн йæ уынæрæй не ’нцайы. Ниуы дымгæ. Рæмудзы йæ бæттæнтæ. Цæуы, бырсы йæ ныхмæ фæндаггон. Ныртæккæ уæлæ лæгæтгондмæ схæццæ уыдзæн. Уым иучысыл йæ фæллад суадздзæн. Уæдмæ кæд фенцаид фыдбоны уад дæр. Фæлæ... Æнæнхъæлæджы арв æрбахъулæттæ. Ставд гæбынатæй ныккалдта дондыппыр мит. Сæмхæццæ уæлдæфы. Сæхгæдта къахвæндаг æгасæйдæр. Йæ кæрцы къæрид фелвæста фæндаггон. Æрбатыхта дзы къæсса. Йæ мæллæг цыргъ уæхсчытыл тайынц миты ставд тъыфылтæ. Йæ цæсгомæй кæлы йæ фæздæг. Бирæ йæ бæргæ нал хъæуы лæгæтгондмæ. Иучысыл ма, цалдæр къахдзæфы ма æмæ уæд бахæццæ, фервæзт. Фæлæ къæхтæ быны нал цæуынц, цыма сæ исчи зæхмæ ныхасгæ ныккодта, уыйау уæззауæй-уæззау- дæр кæнынц. Цæстытæ атартæ вæййынц. Сæр разилы. Иуфар- сырдæм ныццуды. Йæ хус æвзагæй ма миты гæбынатæ йæ дзыхмæ бæргæ басæрфы. Фæндаджы былмæ ма дурмæ бæргæ фæлæбуры. Фæлæ... дур фезмæлыд. — Æл-лæ-лæ-æх!—зæгъгæ, дурты гыбар-гыбуримæ ныц- царыдтой хæхтæ... Ныннæрыд ком æгасæйдæр. Дуртæ, кæрæ- дзи фæдыл схъиудтытæгæнгæ, ныххæррæтт ластой. Сæгъдзар- мæй къæсса ма, йæ фарс гом, афтæмæй дæлвæндаг дыууæ дуры астæу сагъдæй баззад. Уымæл нартхоры ссад дымгæ тæссармæ скъæфы. Ныллæггомау, мыстрагъ бæх, æвæццæгæн, амы фæндæг- тыл фæлтæрд чи уыди, ахæм цыппæрвадæй тахти гакъон-ма- къоп къахвæндагыл. Бæх, фæндаггон кæцæй ахауд, уым дзыхълæуд фæкодта. Йæ фæстæгтыл абырыд, къæйдуртыл йæ цæфхæдты цæхæр акалд. Саулагъз лæппулæг æргæпп кодта бæхæй. Йæ нымæты фæдджитæ йæхимæ æрбайста æмæ, бæхы уидоныл æнгом хæцгæйæ, сæрсæфæнæй бынмæ акаст. Арф ныуулæфыд. Иæ худ систа. Бæхæн йæ пака, уымæл фындзы- хуынчъытæй æддæмæ лæгæрста йæ комытæф. йæ фæрстæй йæ фæздæг калд. Барæг æм æнкъард цæстæй бакаст, цыма йын афтæ дзырдта: «Байрæджы кодтам. Нал æй æрбаййæф- там... Фесæфт, бабын ис мæгуыр лæг»,— æмæ, цыма, лæг бы- ,лæй кæй ахауд, уым йæ бæх дæр, йæхæдæг дæр аххосджын 70
уыдысты, уый хуызæн ноджы æдзынæгдæр ныккаст сæрсæ- фæнмæ. Барæг фæндаггоны уынгæ бæргæ фæкодта. Йæ кæрц куыд фелвæста, цыдæр дзы куыд æрбатыхта, былырдæм куыд фæ- цудыдта... Бæргæ ма фæцагайдта йæ бæхы, фæлæ йæ нал æрбаййæфта. Уад чысыл фенцад. Доны фаллаг фарс зилгæдымгæ фæ- лæууыд. Йæ мидбынат цъилау ныззылд, митын урс цæджын- дзæй хохы фарсыл уæлдæфмæ сфардæг æмæ уæлиау кæмдæр хохы рагъыл ныппырхи. Цыма хæххон æрдзы фыдуаг митæ рагæй нал федта, уый хуызæн цымыдисæй касти барæг комы фаллаг фарсмæ. Иæ донхуыз цухъхъайы дысæй асæрфта йæ уымæл цæстытæ. Дур- ты æнцæйтты арæхсгæ ныххызт фæндаггоны къæссамæ. Йæ армытъæпæнмæ æрæмбырд кодта ссады тæппытæ. Къæссайы скъуыды сæ ныккодта æмæ иудзæвгар къæссайы скъуыдмæ æдзынæг кæсгæ баззад. — Дæлæмæ æрхауай мæгуыр лæджы хъысмæт!.. Фæци йæ хъизæмар. Фæлæ йæ сидзæртæ... Йæ сидзæртæ та? Ацы сса- ды тæпмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, сæ цæстытæ кæмæн ныуурс сты, æнæнхъæлæджы дзы афтидæй чи аззади, уыцы бинон- тæ цы уыдзысты? Цы хур ма сæ батавдзæни? — загъта ба- рæг æмæ къæссайы фарсмæ йæхи дурыл æруагъта. Уыцы сахат йæ хъустыл ауад цавæрдæр хъæр. Бынæй, ко- мы, æрдиаггæнгæ зилдух кодтой сынтытæ. «Кæд ма миййаг æгас у?» — ахъуыды кодта фæндаггон, къæсса бæхы фæсарц абаста, бæхыл йæхи баппæрста æмæ фæстæмæ фæндаг-фæндаг коммæ йæ ных сарæзта. Сынтытæ доны былмæ æввахс иу цæндуатмæ лæбурдтой. Барæг йæ бæхæй æргæпп кодта, сынтытæ кæдæм лæбурдтой, >ырдæм базгъордта. Дурты бынæй скъахта тæригъæддаг мар- ды. Иæ уæйлаг нымæтыл æй æрæвæрдта. «Чи у? Кæцæй у?» — йæ зæрды уыди базонын барæгæн. Фæлæ æпамонд фæндаггон сау æрхæмтæй, цъæлтæй хуыссы- ди барæджы нымæтыл æмæ дзуапп нæ лæвæрдта. Миты ставд гæбынатæ хаудысты йæ цæсгомыл, æрмæст дзы иу дæр тайгæ нæ кодта... Изæрдалынгтæ сæхи ныллæг æруагътой хæхтыл. Ком бын- тондæр баталынг. Сынтыты хъæр æмæ доны уынæр нæ сабыр 71
кодтой. Дымгæ йæ къуыс-къуысæй не ’нцад. Бæх, æвæццæ- гæн, туджы тæф æмбæрста, æмæ-иу хатгай истæмæй тæрсæгау æваст йæ хъустæ фæгæмæл кодта, йæ мидбыцаты-иу хæрдмæ фæхауд. Барæгæн фыццаг йæ хъустыл куиты рæйын æрцыД. Уый- фæстæ рахизырдыгæй, хохы фарсæй, ферттывта гæзæмæ рухс. Хъæуты иннæ хæдзæрттæй рухс никуыцæй калд. «Æнафон. Кæдæм ма фæцæудзынæн? Фæлтау искæмæ ба- хсæвиуат кæнон», — загъта йæхинымæр барæг æмæ йæ бæх хъæуырдæм сыздæхта. Хъæугæрон, рухс цы хæдзарæй калд, уый дуармæ баурæдта йæ бæх. Иæ размæ разгъордта хъуын- джын урс куыдз, мæллæг рæйдгæнгæ бæхы алывæрсты сил- лæг. Йæ рæйынмæ хъусæг нæй, уый куы бамбæрста, уæд са- быргай йæхи иуварс аласта. Хæдзарæй æддæмæ ничи зынд. Барæг бæхæй марды æрис- та, сисы рæбын æй митыл æрæвæрдта, бæх цæджындзыл ба- баста æмæ йæ ехсы хъæдæй дуар бахоста. Хæдзарæй рахызт къæсхуыртæ, бæрзондгомау сылгоймаг. Фæздæг йæ разæй рагуылфæн кодта. — Чи дæ? — тарст хъæлæсæй бафарста уый. — Бахатыр кæн, хорз ус, æнафоны уазæгæн... Уæ рухс мæ æрбасайдта. Хъæу, цыма, фынæй баци,—иу цъиуызмæлæгнал ис уынгты... — Мидæмæ! Уазалы ма лæуу, — йæ сау кæлмæрзæны фæдджийæ йæ цæсгом амбæрзгæйæ, ныллæг хъæлæсæй загъ- та сылгоймаг æмæ уазæджы фæдыл фæстæмæ хæдзармæ ба- хызт! Къонамæ хæстæг ныллæг æртыкъахыг бандон авæрдта æмæ, иуварс алæугæйæ, загъта: — Дæхи атав... Иу-дыууадæс азы кæуыл цыд, ахæм саулагъз лæппу, уа- зæджы хæдзармæ æрбахизгæ куы федта, уæд къонайы цурæй фестад. йæ бызгъуыртæ фæсмын куырæтæй йæ гом гуыбын аивæй амбæрзта æмæ сæгдзыд цæджындзы фарсмæ алæууыд. Артмæ хæстæг зæххыл хуыссыдысты цалдæрæй. Кæрцы къæриды бынæй зындысты сæ гом къæхтæ. Уæларт-аджы дон хæрдмæ хауд, йæ тæф хуылыдз сугты хъæхъхъаг фæздæ- гимæ иу кодта. Нæзы цырагъы рухс фæздæджы бынæй гæзæ- мæ зынд. ^Бинонтæ уыцы æнафоны хуымæтæджы кæй нæ бадтысты, уый:зын бамбарæн нæ уыд. Уазæг, цыма йе ’взаг йæ ком- П
арынгыл баныхæст, уый хуызæн æнæдзургæйæ лæууыд. Тарст- хуызæй йæм кастысты мад æмæ лæппу. — Барвæсс ныл, уазæг. Нæ мæгуырæй нын ма фæтæрс. Уæдмæ кæд нæ бæлццон дæр зынид, — загъта сылгоймаг æмæ фыццаг дуарырдæм акаст, стæй бандонмæ ацамыдта. — Бузныг. Фæлæ æз... Æз ма æххæст мæ бæхмæ акæсон. Уынджы йæ фæуагътон, — стыхст уазæг. — Марадз, лæппу, йемæ ауай, фæкæс æм. Демæ цырагъ айс, — загъта сылгоймаг æмæ рудзынджы сæрмæ нæзы цы- рагъ агурыныл фæци. — Нæ хъæуы. Уыйбæрц талынг нæу, — дзуапп радта уа- зæг æмæ кæртмæ ратагъд кодта. Лæппу йæ фæдыл рауад. — Ды ам фæлæуу, бæх фыдуаг у æмæ дæ миййаг ныццæв- дзæн, — загъта уазæг, йæхæдæг тагъд-тагъд ауад уынгмæ æмæ йæ бæх æрбакодта. Дзыларбос лæппуйы къухты фæсагъ- та æмæ йын афæдзæхста: — Дзæбæх æй бабæтт, дæхи дзы хъахъхъæн. Æз ныртæк- кæ фездæхдзынæн. Лæппу уазæгмæ дисгæнæджы цæстæй бакаст, цыдæр зæ- гъын ын уыдис йæ зæрды, фæлæ уæдмæ уый уынджы фæуыр- дыг кодта. Чысыл фæстæдæр уазæг, сыхæгты зæронд лæг йемæ, аф- тæмæй лæууыди марды уæлхъус. Нæзы цырагъ йæ кæрцы фæдджийы аууон бакæнгæйæ, мардмæ æргуыбыр кодта сыхаг. — Бабын... мæгуыр Саулæг, бабын, — æваст нырдиаг код- та зæронд æмæ йæ уæлдзармхуд йæ сæрæй систа. — Рухсаг у,—йæ худæй йæ цæстысыгтæ асæрфта, стæй йæ сыхаджы хæдзарырдæм йе ’ргом аздæхта æмæ хъæрдæрæй ныккуыдта: — Уæ, мæ зæронд сæр кæуииаг куыд фæци!.. Нал ис, ба- бын ис, Сохион, уæ дарæг!.. Уазæгæн йæ цæнгтæ ауыгъдæй баззадысты. Йæ сæр йæ ри- уыл æрхауд. Йе ’нæдаст цæсгомыл уырдыгмæ æрызгъордтой хъарм цæстысыгтæ. Хæдзарæй, чысыл раздæр бæх чи æфснайдта, уыцы лæппу разгъордта. Йæ мидбынаты сагъдауæй аззад. Стæй уый дæр йæ хъæлæсыдзаг ныккуыдта. — Мæ бон куыд бакалд! — райхъуыст сылгоймаджы тарст хъæр. Хъæу фæфæдис. Сау нымæты уæлæ зианы бахастой хæ- дзармæ. 73
Æнахъом сабиты тарст цъæхахст дымгæ хаста æхсæвы мæйдары, хъал кодта хъæубæсты. Азæлыди комы нарджыты. Чыртæ-чыртæй цыдысты адæм зианджыны хæдзармæ. Лæгтимæ уынджы лæууыдис уазæг дæр. Уæззау фæяда- джы фæстæ уæнгтæ ихæнриз кодтой. — Къоста!.. Ард дын хæрын, Къоста у... — Цытæ дзурыс? Уый кæмдæр Уæрæсейы куы нс... — Къоста у... Кæд дæ нæ уырны, уæд ын ныртæккæ йæхи дæр бафæрсдзыстæм. — Уазæджы бакомкоммæ хъæлæба код- той цалдæрæй. Уазæг сæм йæ хъус дардта. Æгæр-æгæр куы кодтой, уæд йæхи нал баурæдта æмæ, йæ фарсмæ чи лæууыд, уый хъусы аивæй бадзырдта: — Дæ хорзæхæй, кæстæртæн зæгъ æмæ зианы хъуыддаг кæной. Мæрдджынтæй худинаг у... Фæлæ уæдмæ алырдыгæй: Къоста!.. Къоста ам ис, зæгъгæ, хъуысын байдыдта. Уазæг йæхинымæр тынгдæр стыхст, йæ сыхаджы хъусы та ногæй бадзырдта: — Кæстæртæй искæмæн загъд куы уаид — уæртæ мæ бæ- хы фæсарц Саулæджы ссады тæпп. Райсын æй хъæуы. — Ссады тæпп, зæгъыс? — цыма ныхас дзæбæх нæ бам- бæрста, уый хуызæн уазæджы афарста сыхаг, стæй гыццьгл фалдæр чи лæууыд, уыдонæй иумæ фæдзырдта: — Ауай æмæ уæртæ уазæджы бæхы фæсарцæй ссад райс. — Хорз. Æрмæст уазæджы æгæр ма лæууын кæн. Къоста! Табуафси... Дæу фæрынчыны бæсты æз... Айс, мæнæн ницы у,— йæ кæрц йæ хъæбысы, афтæмæй уазæджы уæлхъус алæу- уыд цыбыргомау лæппулæг. Кæрц ын йе ’уæхсчытыл æрба- кодта, йæхæдæг бæхырдæм азгъордта. — Уый та куыд? Дæхæдæг афтид куырæты... Фæлæуу- ма!—йæ фæдыл ма ахъæр кодта уазæг, фæлæ кæрцы хицау талынджы аныгъуылд. — Къоста?.. Ау, æмæ нын уæдæ нырмæ дæхи цæуылиæ схъæр кодтай? Бахатыр кæн, уый зонгæйæ... — хатыр курæгау загъта къæсхуыртæгомау ацæргæ нæлгоймаг. — Курын, зианы хъуыддаг кæнут. Æз нырма ам уыдзы- нæн. Мæрдджынæй худинаг у,— лæгъстæ кодта уазæг. — Табу, Хетæджы Уастырджи!.. — Дæ бафхæрæг дæ рауадзæджы фæхъхъау фæуæд... — Дæу ма нын цы хуыцау фенын кодта, уымæн сызгъæ- рин тæбæгъты фæкуывдæуæд... 74
— Уæдæ уын æз æрдæбопсарæй цы дзурын? Ныр уæ ба- уырныдта, Къоста у, уый?.. Цалдæрæй Къостайæн йæ къух райстой. — Хуыцауы тыххæй изæрысарæй уыл дзых нæ уыди, — ныллæг хъæлæсæй дзырдта зæронд лæг. — Æнæуи йæ фенын- мæ нæ былыцъæрттæ куы фæхæрæм. Стæй фæлладæй уазалы лæууы, уый нæ уынут? Æви йæ марын махмæ кæсы? Къоста, мæ хур, ныртæккæ мах сæр ам ницæмæн хъæуы. Мæнæ фæси- вæд фæкæсдзысты. Марды æгъдау райсом уыдзæи. Ныр та уал цом æмæ дæхи ахъарм кæн. — Раст зæгъыс, Боборц. Цæут, мах уал алæудзыстæм,— загътой цалдæрæй. — Адæмæй уæлдай ма æз... Ахæм сахат зианджыны уæл- хъус балæууын нæ хæс у. Æз дæр иннæтæй уæлдай...— дзырд- та Къоста æмæ, мæрддзыгойы адæмæй иуæй-иутæ ууыл кæй фесты, уымæй йæ цæсгом ссыгъд. Афтæ кæй рауайдзæн, уый зыдта, æмæ æнæ исты дзургæйæ дæр уымæн лæууыди. — Цæй, ныхæстæ уый фæстæ. Чи цы у, уый базонынæн ма нын рæстæг уыдзæни, — тызмæгдæрæй загъта къæсхуыртæ, бæрзонд лæг æмæ, йæ даргъ лæдзæгыл æрæнцой кæнгæйæ, уынгмæ рахызт. Кьостайы рарвыстой, Боборц кæй хуыдтой, уый фæдыл. Кæрцы хицау дæр Боборцы фырт уыди. Хæдзары никæй баййæфтой. Æрмæст тъахтиныл хуыссы- ди пыхцылсæр гыццыл чызг. Къулыл ауыгъдæй лæууыди æнæ авг, фæздæггæнаг фителджын къала цырагъ æмæ хæдзар гæ- зæмæ рухс кодта. Къоста бацыд тъахтины цурмæ, нымæты кæроныл арæхстгай схæцыд, сывæллоны цæсгоммæ ныккаст æмæ, арф пыуулæфгæйæ, загъта: — Хуыссы... Цымæ цытæ уыны йæ фыны?.. — О, уæдæ сывæллонæй æндæр цы домыс? Фынтæ. Кæр- дзынтæ. Гуылтæ. Артмæ хæстæгдæр рацу. Æз дæ ныртæккæ схъарм кæндзынæн. Уæдмæ чындз дæр зындзæни,— къонайы фарсмæ дзуццæджы бадгæйæ æмæ арты цæхæрыл къæцæлтæ æвæргæйæ, загъта хæдзары хицау. Къоста æнцад лæууыд тъахтины фарсмæ æмæ йæ цæсты- тыл уадысты Саулæджы æнахъом сидзæртæ, сæ мады фæ- лурс, къæсхуыртæ цæсгом. Йæ хъусты зыланг кодтой сывæл- лæтты кæуын, устыты хъарджытæ... Йæ зæрдæ йын цыма ис- чи йæ тыхджын къухты нылхъывта, уый хуызæн уæззау рыст кодта. 75
— Афтæ у гъе, мæ хур Къоста, нæ цард. Афæдзæй-афæдз- мæ нæ игæртæй ихсыд хæхтæ мæрзæм. Тухитæ, фыдæбæттæ... Æмæ-иу бæргæ, адæймаг гуыргæ куы нæ ракæнид, фæлæ.иу- гæр куы райгуыры, уæд та йæ цæрын, хæрын хъæуы. Æмæ цæмæй? Йæ райгуырдмæ йын исчи зæххы хай куы нæ æрцæт- тæ кæны миййаг. Нæ бонджынтæ йын сæ уæлдай хуымтæй, сæ фæтæн уыгæрдæнтæй куы нæ фæхай кæндзысты. Гъемæ, ис- кæйы фæсдуæртты рахау-бахауæй фæвæййы йæ цард. Искæ- йы фæсдуæртты та хъуына, æмбыд фæлхæрттæ йедтæмæ ни- цы ис. Саулæджы хъысмæтмæ кæсыс? Рухсаг уæд. Рухс дзæ- нæты бадæд. Æххуырсты мыздæй, мæгуыр, йæ сабитæн хор агур ацыд æмæ ныр йæ хæс бафыста, — фервæзт йæ зыцтæй, йæ хъизæмæрттæй. Фæлæ, йæ фæдыл кæугæ-ниугæйæ цы си- дзæртæ баззад, сагъæссаг уыдоны сæртæ сты... Æнæ исты дзургæйæ бацыд Къоста хæдзары хицауы раз- мæ. Цæмæй йын барухс кæна йæ зæрдæ? Цæмæй йын фæсура йæ уæззау хъуыдытæ? Царды уæз йæ тыхджын астæу кæ- мæн. æртасын кодта, рухсы цъыртмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ йæ цæстытæ кæмæн ныуурс сты, уымæн цæмæй батава йæ зæрдæ? — Раст сты дæ ныхæстæ, Боборц, — зæронд лæджы фарс- мæ æртыкъахыг ныллæг бандоныл æрбадгæйæ, загъта Къос- та. — Адæймаг цæрынæн райгуыры. Цард, æрмæстдæр искæ- мæнты хорз уа, уый тыххæй арæзт нæу. Цард адæм сæхæдæг сарæзтой æмæ хъуамæ сæхи уа. Йæ ис-йæ бонæй хъал чи у, уыдонæй махæн нæ зæрдæтæ сыгъдæгдæр сты. Ныфсæй мах ныфсджындæр стæм. Хуымæтæджы нæ бакæнынц, адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, зæгъгæ. Æмæ сын уый хъуа- мæ рох кæнын ма уадзæм. Тæнзæрдæйæ хъæбатыр нæй, зæгъ- гæ, фыдæлтæй куы баззад... Зæронд лæг йæ къуызыртæ тулдз лæдзæг йæ рахиз русмæ саразгæйæ, æдзынæг каст, хуылыдз æхсæлы сабыргай куыд сыгъди, уымæ. Йе ’стыр фындзы сæрмæ æлхынцъæй дардта йæ халасæмхæццæ хъуынджын æрфгуытæ. Ныхы æнцъылдтæ уырынгтæ-уырынгтæй бадтысты. — Мæгуыр лæгæн чысыл йæ зынтæ ферох кæнын æмæ йын^ йæ зæрдæмæ рухсы цъыртт бауадзын цы у, уый зоныс? О, о, уый ныхæстæй зын зæгъæн у, — загъта хæдзары хицау. Уæлдайдæр мæн хуызæн къуымых лæгæн. Æз дын иу тау- рæгъ ракæндзынæн. Уæддæр хæххон æхсæв даргъ у... — Табуафси. 76'
— Хъус, уæдæ. Цæвиттон, раджы кæддæр уæлæ Сау хъæ- ды царди дыууæ цъиуы. Цас фæцардысты, чи зоны, фæлæ иуахæмы цъиутæй иу иннæмæн афтæ зæгъы: «Хъус-ма, ме ’рдхорд. Æгады цардæй кæдмæ цæрдзыс- тæм? Уæдæмæ цом, бæстыл фæтæхæм, æвзаг базонæм. Иу бæласы къалиуæй иннæмæ нæ зарæг тыххæй куы хъуысы. Цæййаг стæм афтæмæй æз æмæ ды?» Цъиу йе ’мбалмæ фæхъуыста, стæй сразы. «Цом. Дæ загъдау, куырм уыджы уасынмæ бынтон ныкъ- къуырматæ уыдзыстæм». Ратахтысты, уæдæ цы уыдаид. Хъоссайы фæхæрдгæнæнмæ куы æртахтысты, уæд дыккаг цъиу залгъæды къалиуыл абадт, æмæ йе ’мбалмæ дзуры: «Æз ардыгæй дарддæр нал атæхдзынæн. Ам фæхæрдгæ- нæны фæндагмæ хæстæг цы фенон, уымæй фылдæр мæ нæ хъæуы». «Ма кæн, фæсмон дæм æрцæудзæн, — лæгъстæ йын кæны фыццаг цъиу. Стæй куы нæ разы кодта, уæд ма йын фæстаг хатт загъта: — Хъусыс, уæдæ ме ’рцыдмæ ардыгæй макуы- дæм ацу. Æз дæм иу афон зындзынæн». Æмæ атахт. Залгъæды къалиуыл бадгæ баззад дыккаг цъиу. Цыдысты бонтæ, къуыритæ, кæрæдзийы ивтой мæйтæ. Райсомы цъæ- хæй æхсæвы талынгмæ фæндагыл цыдысты бæлццæттæ. «Æкыс, æкыс» кодтой сæ фæллад хæрджытæн. Лæмбынæг сæм хъуыста цъиу æмæ уый дæр сæ фæдыл залгъæды къали- уæй «æкыс-æкыс» кæнын байдыдта. Иу уалдзыгон бон йæ дард балцæй фæзынди йе ’мбал цъиу. Абадт йæ фарсмæ къалиуыл æмæ йæ фæрсы: «Гъы, куыд сты дæ хабæрттæ, мæ хæлар?» «Æкыс, æкыс», — дзуапп ын радта цъиу. «Куыд цардтæ æнæ мæн? Цытæ федтай?» «Æкыс, æкыс», —- дзуапп та радта цъиу æмæ ницы æмба- рæджы каст бакодта йе ’мбалмæ. «Цом фæстæмæ хъæдмæ, науæд куыд кæсын, афтæмæй æв- заг базоныны æфсон дæхи æвзаг дæр ферох кодтай». «Æкыс, æкыс», — йæ сæр та батылдта дыккаг цъиу æмæ йе ’мбалы фæдыл арвмæ стахти. Хъæдмæ куы бахæццæ сты, уæд фыццаг цъиу тъæллангæй ныззарыд. Йæ диссаджы зардмæ райхъали хъæд, базмæлы- дысты бæлæсты цъæх-цъæхид сыфтæртæ. Сырдтæ æрæмбырд 77
сты. Сæ фæстæгтыл æрбадтысты æмæ диссагмæ хъусæгау хъуыстой цъиуы зардмæ. Уымæй размæ никуы фехъуыстой ахæм рæсугъд зарæг. Зарæг рæвдыдта фæллад фæндаг- гæты. Иннæ бæласы цонгыл рæдзæ-мæдзæ кодта йе ’мбал цъиу дæр. Уый дæр хъуыста зарæгмæ æмæ йын цыма исты æмбæр- ста, уый хуызæн сыфтæрты бынæй йæ «æкыс, æкыс» цыд. Афтæ фæзынди раджы кæддæр нæ хæхбæсты булæ- мæргъ,— нæ зарджыты зарагдæр! Фæлæ уыцы зарæг кæйдæр- ты зæрдæмæ нæ фæцыд. «Цæмæн зары махæй рæсугъддæр? Цæмæн æм æрыхъуыс- та æрдз æгасæйдæр?» — загътой хъæды сау халæттæ æмæ сæ талынг бынæттæй ратахтысты. Цъиусуримæ зилын байдыдтой булæмæргъы фæдыл. Тугтæ йыл мысыдысты. Фæлæ зарæгæн бауромæн кæм ис? Ноджы зылангдæрæй зарыди булæмæргъ. Йе ’знæгты фыдæнæн ноджы рæсугъдæй-рæсугъддæр кодтой йæ диссаджы зарджытæ... Хæдзары хицау йæ ныхас баурæдта, йæ лæдзæджы фын- дзæй цæхæр асхъаудта æмæ йæ уазæджырдæм бакаст. — О, зарæг зæрдæйы куы райгуыры, уæд йæ бауромын никæйы бон у, — дзуапп радта Къоста æмæ арф ныуулæфыд. — Цæстмæхъус ныхасмæ мын æй ма бамбар, Къоста. Ды бирæ диссæгтæ федтай, бирæ адæмтимæ сæмбæлдтæ æмæ дæ зарджытæ дæр афтæ дæсны уымæн сты. Чи цас фены, зонгæ дæр уыйбæрц фæкæны. Æмæ мын дæ фыстытæ исчи куы фæ- нымайы, уæд кæддæриддæр мæ зæрдыл нæ хæххон булæмæр- гъы таурæгъ æрбалæууы... Дуары къуырцц фæцыд. Дыууæйæ дæр æрбацæуæджырдæм акастысты. — О-о, чындз куы дæ... Хуыздæр фæу... Марадз-ма, Къос- тайæн ме ’рчъитæ фен. — Бузныг, нæ хъæуы. Уазал нæ, фæлæ ма æгæр тæвд дæр сдæн, — йæ бынатæй фестад Къоста. Фæлæ йæм чындз нал фæлæууыд. Тагъд-тагъд бауад хæдзары къуыммæ. Иæ кæл- мæрзæны къабазы бынæй хæцæнджын тымбыл дурын цавæр- дæр тыхтонимæ райста æмæ сæ тæрхæгыл æрæвæрдта. Хæдза- ры иннæ хатæны фæмидæг, æмæ уайтагъд, цалдæр хатты йед- тæмæ къæхтыл конд чи нæ уыд, зæронд лæг æрмæстдæр бæ- рæгбæтты кæй дардта, ахæм æрчъитимæ рауад. — Иарæби, уазал мын нæу... Зæронд лæг, раздæрау, цыма хъусгæ дæр ницы кодта, уый 78
хуызæн артдзæстмæ æдзынæг каст. Чындз æнæдзургæйæ лæу- уыд æмæ уазæгмæ йæ сæрæй амыдта, райс сæ, уæддæр дæ зæронд нæ ныууадздзæн, зæгъгæ. Æрчъиты хъусæй зынд хохаг фæлмæн фæсал. Фæсал хус- сайраг кæрдæджы тæф кодта. Æхсызгон уыд уыцы тæф Къос- тайæн æмæ фæсалы фæлмæн хæлттæ йæ армы аууæрста. Иуцасдæры фæстæ, фыды æрчъитæ йæ къæхтыл, фырты кæрц йе ’уæхсчытыл, афтæмæй Къоста бадти фынджы фарс- мæ. Фынгыл хоры кæрдзын, цæхджын фыд æмæ хæндыджы цыхт. Чындз, йæ иу къухы дурын, йæ иннæ къухы та зылын сау сыкъа, афтæмæй фынгæй дæрддзæфгомау лæууыд. — Адæм мæгуырæн хорз сты, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ бакæнынц. Кæсыс, нæ фынг нын куыд ацарæзтой. Чындз, лæп- пуйæн-иу зæгъ, æмæ сын раарфæ кæна. Мæ номæй, мæнæ Къостайы номæй, — загъта хæдзары хицау æмæ сыкъа рай- ста. Фæйнæ банызтой. — Дæ салам бирæ, чындз. Цу, æмæ сæм истæмæйты фæ- кæс, пыхцыл рихитæ адаугæйæ, чындзмæ иуварсырдæм ба- каст зæронд. Чындз йæ дурын фынгыл æрæвæрдта æмæ дуа- рырдæм араст. — Æххæст мæнæ кæрц дæр ахæсс, — йæ бынатæй фестад Къоста æмæ кæрц йе ’уæхсчытæй феппæрста. Чындз йæ хи- цаумæ бакаст, йæ былты змæлдæй йын цыдæр ацамыдта. — Къоста, уæуа... Хъæу куы стæм, æмгæрттæ йын куы ис... Сбад, дæ хорзæхæй, — уайдзæфгæнæгау Къостамæ скас- ти хæдзары хицау. — Йарæби, лæг афтид куырæты уазалы лæууы, æз та ар- ты фарсмæ йæ кæрцы бадын... Чындз, кæд мын уыцы хатыр нæ кæныс, уæд æй мæхæдæг... — О, о, Къоста, — йæ ныхас ын æрдæгыл аскъуыдта зæ- ронд лæг, — мах дæр ма зондмæ дæумæ куы æнхъæлмæ кæ- сæм. Уæд исчи афтæ кæны? Сбад... Дæ фыды хатыр бакæн æмæ сбад. Лæппуйы уæлæ афонмæ, дæ уæлæ цы кæрц ис, уы- мæй æвзæрдæр нæй. Ды дæр дæхицæй бынтон хъæбатыр ма араз. Ныртæккæ дыл дуары зыхъхъыртæй, рудзынджы тар- вазтæй куы æрбадыма, уæд æй дæ уд базондзæн, — зæронд сыстад æмæ кæрц фæстæмæ Къостайы уæхсчытыл æркодта. Чындз ацыд, зæронд лæг уазæджы цæрæнбон расидт. «Иннæты хъуагæй дæхи бафсад?.. Уыдон, ай-гъай, уазæ- джы æфсæрмæй сæхи æххормагæй дæр ныууадздзысты. Кæс- 79
ма, чи арахъхъ, чи кæрдзын, чи та ахуийæн... Саулæджы си- дзæртæ та уæлартмæ хæринагмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ быз- гъуырты бын батылдысты. Æмæ ахæм хæринаг бирæгъы гуы- быны дæр куы нæ батайдзæни», — йæхинымæр хъуыды кодта Къоста æмæ, чысыл раздæр арахъхъы сыкъайы фæстæ цы комдзаг скодта, уый кæмдæр йæ хъуыры ныццæхгæрмæ. Фырт æмæ чындз зынæг нæ уыд. Зæронд лæг рæдзæ-мæ- дзæ байдыдта, стæй арты фарсмæ лыстæныл йæхи бауагъта æмæ уайтагъд йæ хуыр-хуыр ссыди. Къоста кæрц йе ’уæхсчы- тæй систа, зæронды дзы æрæмбæрзта æмæ тыргътæм рацыд. Дымгæ раздæрау къуыс-къуыс кодта. Уад тымыгъ хаста. Сылгоймæгты зæрдæхалæн хъарæгмæ хъæуысæр зæронд мæ- сыгæй ниудта уыг. Фыдуаг дымгæйау, сæры зилдух кодтой хъуыдытæ. Фæйлыдтой зæрдæйы. Риу рысти. Цæстытæ, цыма сæ уыцы мæйдары исты фесæфт, уый хуызæн зылдысты Сау- лæджы ныллæгсæр хæдзары алыварс. Хъусты гуыр-гуыр код- та Сохионы «мæ бон куыд бакалд»... Цыма йæ хъуыдытæн искуыдæм дымгæимæ атæхынæй тарст, уый хуызæн сабыр къахдзæфтæй Къоста фæстæмæ хæ- дзармæ бацыд. Æрбадт къонайы фарсмæ. Фынг йæхимæ æр- бахæстæг кодта æмæ гæххæттыл кæрæдзи фæдыл азгъордтой ныхæстæ: Артдзæсты кæрæтты Фæныкмæ æнгом Бадынц сывæллæттæ, — Чи бæгънæг, чи гом... ...Митæйдзаг æхсæлы Мары фæздæгæй... Цæстысыг æзгъæлы Агмæ сусæгæй... Гом фæтæн ныхыл æлхынцъæй лæууынц сау бæзджын æрфгуытæ. Гæзæмæ урсытæ кæм фæзынд, уыцы бæзджын сау зачъеты бынæй зыны йæ фæллад, фæлурс цæсгом. Хъогшæг сау цæстытæ рæстæгæй-рæстæгмæ фæхицæн вæййынц гæххæт- тæй, артдзæстмæ æдзынæг кæсгæ баззайынц. Къух ныллæу- уы йе ’змæлынæй, стæй та ногæй райдайы: «О гыцци, кæд уыдзæн? — Райс-ма цæй дæ аг!» — — Абадут, фæуыдзæн Алкæй дæр йæ фаг... 80
Йæ фыны тыхсы хæдзары хицау. Къонайырдæм йæ фæсон- тæ раздæхта. Йæ даргъ лыстæг зæнгтæ йæ быны æрбатым- был кодта. Æддейы дымгæ ниуы æмæ ниуы... Скодта сæ рæбынæй, Дæлфæдтæм æрбадт... Гъæй-дæ- гъа! Кæуынæй Нал æфсæст сæ мад! Цалдæр цæссыджы æрхауд гæххæттыл. Цыма сæ исчи йе ’нгуылдзтæй ацъæл кодта, уый хуызæн апырх сты. Ногæй та йæ цæссыгæйдзаг цæстытыл ауад, дон хæрдмæ кæм хауд æмæ сывæллæттæ æнхъæлмæ кæсынæй кæмæ бафæлладысты, хæ- ринаг афтæ æрæгмæ кæм фыхти, уыцы сæгæйдзаг, гыццыл цуайнаг. Хъæдын тъахтинырдæм йе ’ргом аздæхта æмæ цыма йæ фысымты сывæллонимæ дзырдта, уый хуызæн ныллæг хъæлæсæй загъта: Сидзæртæн хъæдуртæ Се ’хсæвæр хуыдта, Афтæмæй сын дуртæ Цуайнаджы фыхта. Гæххæттыл ма сæрæй бынмæ ноджыдæр иу хатт йæ цæст ахаста, арф ныуулæфыд, стæй цæстытæ æрцъынд сты. Цæнг- тыл цыма уæззау цыдæр æрæнцад, уый хуызæн æрхаудысты... Раздæр æрбацыд чындз. Къоста фынгыл цыдæртæ кæй фыста, уый уынгæ фæкодта, фæлæ йæ куы бахъыгдарон, зæгъгæ, аивæй къуыммæ бацыд æмæ йæм уырдыгæй каст. Къоста йæ нæ бафиппайдта. Стæй, фынджы уæлхъус куы афынæй, уæд чындз йæ къахфындзтыл йæ цурмæ бацыд, гæх- хæттытæ арæхстгай систа æмæ сæм бирæ фæракæс-бакæс кодта. «Къостайы фыст зарæг... Нæ хæдзары, арты фарсмæ бад- гæйæ, нырма ныртæккæ кæй ныффыста, уый! Хъуамæ дзы мах кой дæр ис? Цæссыджы фæдтæ... Уæвгæйæ та цæй амонд- джын у, ахæм ныхæстæ фыссын чи зоны, йæ ныхас зæрдæмæ афтæ тынг кæмæн хъары?» — йæ къæхты бынæй ныуулæфы- ди чындз. Гæххæттытæ сабыргай фæстæмæ стъолыл æрæвæрд- та æмæ йæ къахæлгътыл дуарырдæм ацыд... Адæм зианы хъуыддаг сæхимæ айстой. Нæ бацауæрстой сæ фæстаг муртыл: къахæй-къухмæ сарæзтой Саулæджы æмæ йæ дыккаг бон фæссихор бавæрдтой. Мæрддзыгой фæстæмæ здæхтысты уæлмæрдтæй. Мит йæ 6 Дæ эæрдæмæ хъуыстон 81
уарынæй банцад. Дыууæ сылгоймаджы йæ дæлæрмтты бацы- дысты Сохионæн. Уый дзæгъæлтæ кодта, йæ къæхтæ къуырт- тытæгæнгæ цыд. Туджы цъыртт нал баззад йæ цæсгомыл. Йæ фæдыл, йе ’мгрæтты астæу æнкъардæй цыдис йæ хистæр фырт. Цыма йæ гыццыл уæхсчытыл цы стыр уаргъ æрæнцад, уый ныридæгæн бамбæрста, уый хуызæн иудадзыг къахвæн- даджы над митмæ каст. Дысон къонайы фарсмæ кæрцы къæ- риды бынæй сæ гом къæхтæ кæмæн зындысты, уыдонæй мæрддзыгоимæ ничи уыд. «Адæм!.. Куыд диссаг стут! Куыд æнæкæрон у уæ хорз- дзинад? Куыд фæлмæн у уæ мидбылты бахудт. Куыд зынаргъ вæййут бахъуыды сахат! Цымæ цы фæуаиккат, адæм, уæ кæ- рæдзийы хъыгыл хъыг куы нæ кæниккат, уæд? Кæнæ рæс- тæгмæ куыд æрбайсæфы уæ маст, уæ зын, уе ’мхуызоны ци- ныл уæ цин кæнын куы бахъæуы, уæд! Тæхуды, искуы сымахæн уæ зынтæ фæрогдæр кæн. Цæй амондджын вæй- йы уый, йæ адæмы сæрыл йæ сæр чи æрхæссы, йæ фæдыл йæ ном хорзæй кæмæн баззайы!» — хъуыды кодта йæхи- нымæр Къоста, йæ разæй цы гуыбыргомау зæронд лæг цыди, уый фæсонтæм кæсгæйæ. Стæй йын цыма зæронд йæ хъуы- дытæ бамбæрста, уый хуызæн фæстæмæ ракаст. — Хорз афон ныл нæ сæмбæлдтæ, мæ хур, æмæ дын цьг бакæнæм? Уæвгæ ныл хуыздæр бон та кæд вæййы, фæлæ... Нæ хъысмæт ахæм у, мæ хур, æмæ нæ ма схъыг у. Дысонæй нырмæ фыццаг хатт нæ хъусы уыцы ныхæстæ Къоста. Цæмæн дзы курынц хатыр? Ау, йæ зæрдæ алы са- хат кæимæ дзуры, уыцы хъæубæстæн Къоста уазæг у?.. Хъæугæрон хæлд сисы фарсмæ æмбырдæй лæууыдысты сывæллæттæ. Нæлгоймæгты къорд сæ цурмæ бацыд. Бобор- цы чындз, йæ фарсмæ цы сылгоймæгтæ цыд, уыдонæн сывæл- лæттырдæм цыдæр амыдта. Æмбырды адæммæ бацыд Къоста дæр. Бæрзондгомау, саулагъз лæппу астæуæй лæууыд æмæ, йæ рахиз къух тилгæйæ, æнкъард хъæлæсæй дзырдта: Скодта сæ рæбынæй, Дæлфæдтæм æрбадт... Гъæй-дæ-гъа! Кæуынæй Нал æфсæст сæ мад! «Кæцæй йæ базыдтой?»—йæ дысоны гæххæттытæ йæ цухъ- хъайы роны асгаргæйæ, дисгæнгæйæ ахъуыды кодта Къос- та æмæ йæ бакомкоммæ Боборцы чындзы цæстысыгæй дзаг ц^естытæм фемдзаст. 82
ÆНÆХУЫССÆГ ÆХСÆВ Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты... Фезмæлæн нал уыди абон нæ уæлмæрдты,— Стырæй, чысылæй... Къоста. инонтæ бафынæй сты. Лæггадгæнæг сылгоймаг ма рæбинаг уæттæй иуы цыдæртæ архайы æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ йæ уынæр æрбайхъуысы. Кæрдæгхуыз хъæдабæ стъолæмбæрзæныл зы- на-нæзына чи фæбур, ахæм гæххæтты сыфтæ. Дыууæ сырхбын вазæйы нарæг хъуыртæй сæ сæртæ сдардтой, абонрайсом кæй æртындæуыд æмæ сæ тæф нырма уаты къуымты кæмæн пырх кæны, ахæм быдираг дидинджытæ. Вазæты æх- сæн дурыл лæууы урс мраморæй конд Венерæ æмæ къулбæрзæйæ кæсы гæххæтты сыфтæм, Стъолы сæрмæ æрттиваг æрхуы рæхыстыл æрца- уындзæг тымбыл авгджын фæтæген цырагъ. Уа- ты къулæй æнкъардæй кæсы Мадымайрæм. Бал- къоны авджын дуарæй дзæбæх зыны, Терчы был- мæ æввахс бæрзонд кæрз бæласы цонгыл цы цыппæрдигъон цырагъ дзедзыкка кæны, уый. Терк йæ уæззау уылæнтæ кæрæдзи сæрты мæс- тыйæ ныззыввытт ласы æмæ иугæндзон йæ уы- нæр хъуысы уатмæ. Стъолы уæлхъус бады, йæ сатæгсау хъуым- был дзыккуты стæм урсытæ кæмæн фæзынд, ахæм хæрзконд сылгоймаг. Йæ галиу къухы æн- гуылдзтæ дзыккуты бын аныгъуылдысты. Цыра- гъы рухсмæ æрттивы йæ къухдарæны зынаргъ дур. Йæ сау зæлдаг кæлмæрзæны къабаз æрзæ- бул æмæ хæцыæ кæны æрттиваг пъолмæ. Тар- 83
бын, уæрæхдыс халат йæ уæлæ. Иугай-дыгай фæлдæхынц гæххæтты сыфтæ. Исдугмæ сæм æдзынæг кæсгæйæ баззайы сылгоймаг. Стæй йæ дыууæ сау æрфыджы сæ мидбынат ба- змæлынц. Йе ’нкъард мыдхуыз цæстытæ æнæбарыгомау иу- варс азилы гæххæттытæй. Цыма сыфты мраморæй конд Ве- нерæйæ фембæхсы, уый хуызæн сыл дыууæ урс къухы æрæ- вæры. Хатыр курæджы каст бакæны Мадымайрæмы æнкъард цæсгоммæ. Кæуындзæг атыппыр кæны хурхыуадындзтæ. Зæр- дæ æнахуыр рыст скæны. Цæстытæ балæмары. Фæлæ сæ иу цæссыг нал хъары... Хус суадонæй ма дыууæ рæсуг æртахы куыд æрттива, афтæ ма æрттивынц... Ничи хъыг дары сылгоймаджы. Ничиуал æй фæрсы йæ балцы хабæрттæй, Гуры рæсугъд чызджытæй. Ацыдысты, ба- фынæй сты, абон фæссихорæй нырмæ йæ фенынмæ цы хæс- тæджытæ æмæ зонгæтæ фæцыд, уьгдон. Æмæ ныр йæ хъуы- дытимæ иунæгæй баззад. Хуыссæн уаты æрдæггом дуарæй зы- ны йе ’рттиваг хъулджын сынтæг. Нывæрзæнмæ хæстæг, къуымы, судзы сойын цырагъ. Дари цъарджын хъæццул æнæ- фснайдæй лæууы сынтæгыл, баз — æнцъылдтæ. Нырма чысыл раздæр сыстад йæ хуыссæнæй сылгоймаг. Уæззау, цавæрдæр тæссаг хъуыдытæ ныццæнд сты сæры, ныл- хъывтой зæрдæйы æмæ йæ уыдон сыстын кодтой. Цæмæндæр æм афтæ кæсы, цыма ахсæв йæ царды фæстаг æхсæв у. Цыма ныртæккæ уаты дуар æрбайгом уыдзæн æмæ æнæдастæй, рынчынæй æрбахиздзæн, ссæдз азы размæ бульвары кæуыл фембæлд, йæ фæдыл аууонау чи зылд, уыцы цæхæрцæст лæп- пу. Уаты астæу æрлæудзæн, комкоммæ йын йæ цæстытæм ныккæсдзæн æмæ зæгъдзæи: «Хорз райсомтæ дыл кæнæд. Æз цæуып... Цæуын æмæ фæстæмæ никуыуал раздæхдзынæи...» Сылгоймаг йæ цæстæнгас дуармæ сарæзта. «Лæуу... Ма мæ ныууадз иунæгæй... талыыджы...» — йæ- хинымæр, æппындæр æй куыд ничи фехъуса, афтæмæй дзуры сылгоймаг. Фæлæ йæм фæстæмæ ничи здæхы, дзуапдæттæг ын нæй. Цæссыджы ставд фæрдгуытæ згъæлынц рустыл. Дымгæ йæхи хойы балкъоны рудзгуытыл. Æвгтæ зыр-зыр кæ- нынц æмæ сылгоймагмæ афтæ кæсы, цыма дымгæ ныртæккæ уаты смидæг уыдзæн, разилдзæн къуымты æмæ цыдæриддæр ссара, уыдон йемæ ахæсдзæн. Стыхст йæхинымæр сылгоймаг. Цавæрдæр тасдзинадæй ризынц уæнгтæ. Цавæрдæр тасдзинад хойы рудзгуыты æвг- 84
тæ... Æмæ нал бафæрæзта сылгоймаг. Сыстад. Бацыд Мады- майрæмы нывмæ. Стыр тæригъæдджыны лæуд скодта йæ цу- ры. Йæхиуыл дзуар бафтыдта, стæй ныллæг хъæлæсæй загъта: — Сыгъдæгуд Мадымайрæм, ныххатыр кæн дæ кувæ- гæн... Иицы дзуапп радта Мадымайрæм. Раздæрау æнæисты дзургæйæ каст пæ кувæгмæ. Цыма йæ бæгънæг, нарст сы- вæллонæн байсынæй тарст, уый хуызæн æй тынгдæр æрбал- хъывта йæхимæ. Йæ къахæлгътыл хъавгæ цыдæй фæстæмæ раздæхт сылгоймаг, сойын цырагъ кæуыл сыгъд, уыцы тым- был стъолмæ. Халаты йæхи æнгомдæр æрбатыхта. Пылыстæ- гæй конд гыццыл чырынæй систа, мæнæ ныртæккæ йæ разы цы гæххæтты сыфтæ æмæ чиныг ис, уыдон. Терчы фыдуаг уылæнтау кæрæдзи айстой хъуыдытæ. Иу иннæмæй тыхджындæр, иу инпæмæй фыдуагдæр. Æрæгвæз- зæджы фыццаг уазалтау тыхсынц зæрдæйыл. Зыр-зыр кæ- нынц рудзгуыты æвгтæ. Ногæй та кæцæйдæр хъуысы: «Æз цæуын... цæуын æмæ фæстæмæ никуыуал раздæхдзынæн...» Чи дзуры, уаты цъиуызмæлæг куы нæ ис, уæд? Дымгæ?.. Нæ!.. Уый гæххæтты сыфтæ дзурынц. Ныр ссæдз азы пылы- стæгæй конд гыццыл чырыны æхгæдæй чи лæууы, уыцы гæх- хæтты сыфты хъæлæс у уый. Ацы æхсæв сæ мæстытæ, сæ тыппыртæ уадзынц. Уадз æмæ дзурой. Уæдæ ма хуыздæр кæд хъуамæ радзурой. Бирæ дзуринæгтæ сæм ис... Мæнæ дзы иу гæххæтты сыфы æнцъылдтæ ныр дæр нæма ссыдысты. Судзгæ хъæдгæмттау баззад сæ фæд гæххæттыл. Цал æмæ сæ цал хатты лæгъз кодтой, мæнæ ныртæккæ сæ уæлæ зыпа-нæ- зына чи зыр-зыр кæны, уыцы æнгуылдзтæ. Нæ бакуымдтой. Нæ ныббарстой сæ иухатты æфхæрд. Фæззыгон мигъы фæлмау цыдæр æртыхсти цæстытыл. Сылгоймаг йæ цæстытæ аууæрста, дурын чызджы уазал цæс- гоммæ æркаст, æмæ цыма йæ хабæрттæ уымæн кодта, уый хуызæн йæхинымæр дзурын райдыдта: «Хъус, ды сылгоймаг дæ. Ды мын бамбардзынæ мæ зæр- дæйы низ. Ды никæмæн схъæр кæндзынæ мæ сусæг сæнттæ. Никæй цæсты мæ бафтаудзынæ... Уымæн æмæ ды дæр мæн хуызæн æнкъард дæ. Дæу дæр мæн хуызæн хуыссæг нæ ахсы. Æрмæст-иу худгæ ма фæкæн. Курын дæ... Уый раджы уыди, иу æмæ ссæдз азы размæ. Хъуыды-ма кæнын уыцы фæззыгон бон. Æз сцæйцыдтæн урокты фæстæ 85
нæхимæ. Хур акъул, фæлæ ма йæ сызгъæрин тынтæ горæты уæладзыг хæдзæртты рудзгуытыл хъазыдысты. Александров- скы бульвар йæ иу кæронæй иннæ кæронмæ хъулон дардта адæмы алыхуызон дарæсæй. Зæронд кæрз бæлæсты бурбын сыфтæртæ фæллад цъиутау тахтысты уæлдæфы. Æз тагъд кодтон нæхимæ. Лæппуты къулбадæг ныхæстæ дæр ницæмæ дардтон. Æрмæст бульвары кæронмæ куы схæц- цæ дæн, уæд мæ размæ кæцæйдæр февзæрд асæй рæстæмбис, саулагъз лæппу. — Аннæ Яковлевнæ... Бахатыр кæн, фæлæ Верæ демæ нæй? — загъта уый æмæ цыма йæ Верæ мæ чингуыты хызы- ны уыди, уыйау æм æдзынæг ныккаст. — Верæ?.. Кæй Верæ? — мæ цыд фæсабырдæр кæнгæйæ, бафарстон лæппуйы. — Сухиты... Тынг æхсызгон мæ хъуыд, — дзуапп радта уый æмæ мæм йæ сатæгсау цæстытæй цавæрдæр зæрдæмæ- дзæугæ каст æрбакодта. Уыцы сахат мæ зæрдыл æрбалæууыд, ме ’мбал Верæ мын арæх цы хæстæгæй æппæлыд, æрæджы Бетъырбухы академи- йæ чи сыздæхт, уыцы нывгæнæг. Æхсызгон мын уыд йæ фенд æмæ йæ бафарстон: — Бахатыр кæн, фæлæ ды нывгæнæг Хетæджы-фырт нæ дæ? — Хетæджы-фырт... Верæ мын дæ кой арæх фæкæны. Стæй дæ мæхæдæг дæр арæх фенын, гимназæй куы рацæуыс, уæд мæнæ ам, бульвары бандоныл бадгæйæ. Æрмæст дæ ны- хасмæ бауромынмæ мæ ныфс никуы бахастон... Зæгъын... — Цæуылнæ? Ме ’мбалы хæстæг... Мах Верæимæ дыууæ хойы цард кæнæм, — лæппуйы ныхас айстон æмæ йæм, куын- нæ мæ бамбæрстаид, афтæ аивæй бакастæн. Фæлæ мæ фæн- дæй ницы рауад: нæ цæстæнгастæ кæрæдзиуыл амбæлдысты. Æваст мын мæ зæрдæ цыдæр фæцагайдта æмæ мæхи иннæ- рдæм азылдтон. Уымæн йæ цæстæнгас афтæ сыгъта зæрдæ- йы, уæнгты афтæ хъардта æмæ мæ бон нал баци йæ ныхмæ лæууын. — Цæй, бахатыр кæн... Мæн цæуын хъæуы, — загътон æз, Верæйæ мæ кæй фарста, уый дæр мæ айрох, афтæмæй. — Фæлæуу-ма... — фæурæдта мæ уый... Суанг дыууæизæрастæумæ фæрацу-бацу кодтам Терчы былтыл. Фæдзырдта мын йæ хабæрттæ, йæ зынтæ. Афтæ дæс- ны сæ дзырдта, æмæ йыл дисæй амардтæн. Стæй, нæ хæдзары 86
дуармæ куы бахæццæ стæм, уæд мын æваст мæ къухты ца- вæрдæр гæххæтты гæбаз фæсагъта. — Макæмæ йæ равдис, — ныллæг хъæлæсæй ма загъта уый æмæ тагъд-тагъд ацыд. Уаты иунæгæй бакастæн писмо. Мæ рустæ артау сыгъдысты, зæрдæ æнахуыр гуыпп-гуыпп кодта. Гæххæтт рахиз къухы армы атымбылтæ кодтон. Мæ- нæ ныр дæр йе ’нцъылдтæ кæмæн нæма ссыдысты, уыцы гæх- хæтт. Чызджы зæрдæ цымыдис кæм нæ у. Цымæ цы фæцис, зæгъгæ, уæладзыджы балкъонмæ рауадтæн. Кæсын, æмæ нæ бакомкоммæ Терчы был лæууы. Балкъоны мæ лæугæ куы федта, уæд мæм йæ мидбылты бахудт, йæ къухæй мæм рацу, зæгъгæ, ацамыдта. «Ничи йæм кæсы, кæй мæм ныффыста, уый йын æгъгъæд нæу, фæлæ ма мæ уынгмæ дæр хоны», — загътон мæхины- мæр, иу каст ма йæм фæкодтон, стæй фæстæмæ фæзылдтæн æмæ мидæмæ бацыдтæн. — Æхсин, ацы изæр дæ хæрын куы ферох... Дæумæ æн- хъæлмæ кæсынц, — мæ разы кæцæйдæр февзæрд лæггадгæ- нæг сылгоймаг. — Ферох, мæ зынаргъ Дарья Ефимовнæ, ферох!.. Мæнмæ æнхъæлмæ кæсынц, зæгъыс, æрмæстдæр мæнмæ. Æндæр ни- кæмæ? — зæронд усыл мæхи баппæрстон, мæ хъæбысы йæ рогæн фелвæстон æмæ нæ дыууæ дæр цъилау ныззылдыстæм. — Сабырдæр... Мæ фæрстæ, æхсин... Цы кодтай, æхсин?— йæ улæфт йæ хъуыры фæбадт, афтæмæй мæ фарста зæ- ронд ус. — Кодтон, Дарья Ефимовнæ, кодтон... Кæд исты кодтон, уæд æрмæстдæр ацы изæр,— дзуапп ын радтон æз æмæ йын йæ уазал фæлмæн русæн ныпъпъа кодтон. Уый мын мæ цæс- тытæм комкоммæ ныккаст, йæ мидбылты бахудт æмæ загъта: — Æмбарын дæ... Не ’скæнæг хуыцау уæ искæй дзыхæй бахъахъхъæнæд... Уарзондзинадæн фидар зæрдæ хъæуы... Тыхджын зæрдæ... Æз уæд зæронд усы ныхæстæ ницæмæ æрдардтон. Æрмæст цавæрдæр тасдзинад æлвæста зæрдæ, тар кодта цæстытæ, саста уæнгты хъару. Бонтæ цыдысты... Æрæджиау мæм бахъардтой Дарья Ефимовнæйы ныхæстæ. Хатгай-иу фæуæлахиз дæн мæ дызæр- дыгдзинадыл. Разы-иу уыдтæн мæ уарзондзинады фæдыл цы- фæнды зынтæм фæцæуыныл дæр. Фæлæ чи уæндыд уый лæп- 87
пуйæн зæгъын. Иннæ ахæм мæ мад, мæ тызмæг фыд, ме ’фсы- мæртæ... Ской кæнын дæр æй нæ уагътой. Иу æхсæв... О-о, æлгъыст фæуæд мыггагмæ уыцы æхсæв! Ме ’мбæлттæй иуæн йæ райгуырæн бон уыд æмæ уым афæстиат дæн. Къостамæ дæр хонæг арвыстой, фæлæ не ’рба- цыд, æнæфæразгæ уыди. Бинонтæ ме ’рбацыдмæ æмбырдæй бадтысты. Мæ размæ цæуылдæр æхсызгон ныхас кæй кодтой, уый бæрæг уыд сæ цæсгæмттыл. Нæ хистæр æфсымæр Петр æлхынцъæрфыгæй бадти диваныл æмæ уымæй размæ кæй ба- касти, ахæм журналы сыфтæ фæЛдæхта. Бирæ æнхъæлмæ кæсын мæ нæ бахъуыди. Фыд йæ цайы агуывзæ йæхимæ æрбахæстæг кодта æмæ æнæбарыгомау загъта: — Чызг, дæхи рæвдз кæн, райсом дæ раджы Гурмæ цæ- уын хъæуы. — Агуывзæ сындæггай йæ дзыхмæ схаста æмæ мæм йе ’рфгуыты бынты æрбакаст. — Куыд тагъд?.. Исты æрцыд? — сонт фарст акодтон æз. — Дæ мады хо дæм æрвиты, — цыма ныхæстæ рагацау йе ’взаджы кæрон цæттæйæ лæууыдысты, уый хуызæн цыбыр дзуапп радта фыд. Æнæ мæн хæдзары цыдæр кæй æрцыд, уый бамбæрстон. Мæ мад цыма йе ’ккойы Теркæй уæззау дуртæ фæхаста, уы- йау фæлладхуызæй бадти йæ къæлæтджыны. Йæ къухдарæны æрттиваг дур та йæ кæлмæрзæны къабазæй асæрф-асæрф кодта. Афтæ-иу уыди кæддæриддæр, истæуыл-иу мæсты куы уыд, уæд-иу æй уымæй базыдтам. — Æмæ йæ афтæ æхсызгон цæмæн бахъуыдтæн? Писмо дзы æрæджы куы райстам. Дзæбæх куы уыди. Нæ, цыдæр мæ æмбæхсут, — мадмæ хæстæгдæр балæугæйæ, бафарстон æз, æмæ мæ ныхас æгæр тызмæг кæй рауад, ууыл фæфæсмон кодтон. — Дæ фыд дын цы загъта, уый фехъуыстай? Фæстæмæ ма йæм цæмæн дзурыс? — йæ дыууæ æрфыджы кæрæдзиуыл амбæлдысты, афтæмæй загъта Петр. — Æмæ йæм ды цæуылнæ цæуыс? Дæуæн дæр дæ мады хо куы у,— æфсымæры схуыст ныхасмæ мæхи нал баурæд- тон æз. — Федтат, уæ сабыр чызг йæ хистæр æфсымæрмæ цы дзы- хæй дзуры, уый? — Йæ мидбынат хæрдмæ фæхауд Петр.— Тæккæ райсом дæ дымгæ дæр ам куыннæуал уа, афтæ! Бам- бæрстай? Дæ дым-гæ!.. Æгъгъæд у! Æз уæздан лæг дæн æмæ 88
мæ сæрмæ не ’рхæсдзынæн, мæ хо цавæрдæр хæтæгхуагимæ уынгты ралли-балли кæна, уый! Чи у, кæимæ сбастай дæхи? Нæ йæ зоныс? Хъус уæдæ, æз дын æй зæгъдзынæн: змæнтæг, æнæхæдзар, æнæкъона, хæтæгхуаг. Облæсты хицауы адыо- тант дзы цытæ дзуры, уымæ куы байхъусис! Дæхицæй уæлдай ма мах дæр бабын кæндзынæ, нæ фæндæгтæ нын сæхгæндзы- нæ. Мах та нырма цæрын хъæуы. Бамбæрстай? Цæрын! — йæ цæсгом туджы зылд, афтæмæй дзырдта Петр æмæ йæ сау пых- цыл рихитæ иу ран нал лæууыдысты. — Лæппу, сабырдæр, уынджы миййаг нæ дæ,— иæ ныхас баппæрста фыд æмæ йæ цайы агуывзæ иуварс авæрдта. Мæ буар гæдыхъæдау рызт. Мæ зæнгтæ зыр-зыр кодтой. Цыма мын исчи мæ зæрдæ мæ хъуырæй ласта, афтæ ныттып- пыр дæн фырмæстæй. Стæй æнæнхъæлæджы мæ цæстысыгтæ фемæхстысты. Цыдæр схуыст ныхас ма сын загътон æмæ мæ уатмæ рацыдтæн. Хуыссæныл дæлгоммæ бахаудтæн æмæ мæ хъæлæсыдзаг ныккуыдтон. Кæйдæр рæвдаугæ, фæлмæн къух змæлыди мæ дæллаг- хъуыры. Райхъал дæн. Мад æнкъардæй бадти мæ уæлхъус æмæ уымæл къухмæрзæнæй сæрфта йæ цæс^гытæ, куыдта йе ’нæхъаруйыл, йæ чызджы хъысмæтыл. Бон куыд æрбацъæх, уый дæр нæ базыдта. Уæдæй фæстæмæ нал федтон лæппуйы. Цалдæр хатты ма мæм ныффыста. Хъуыстон ын йæ хабæрттæ, кастæн ын йæ зарджытæ, йæ сагъæстæ... Хатгай-иу сфæнд кодтон: фæцæуон æм, ссарон æй, хатыр дзы ракурон, цыфæнды дзурæнт бинон- тæ, хæстæджытæ. Фæлæ кæддæриддæр тарстæп иу хъуыды- йæ: куы нæ бафæразон йæ зын фæндагыл йе ’мцыд кæнын, фаг зынг мæм куы иæ разына уымæн йæ тыхджын зæрдæ схъарм кæнынмæ. Нæ, æз, æвæццæгæн, йæ уарзондзинады ак- каг нæ уыдтæн! Рухсаг уæд Дарья Ефимовнæ, раст уыди уый... Уарзондзинадæн байрæджы ис ныр. Аивгъуыдта, фæс- тæмæ нал раздæхдзæн рæстæг... Фæлæ ма уыцы æнамонды уынгæ уæддæр куы фæкодтаин. Ныр райсом раджы цæуын йæ ингæнмæ. Уым мæ тыппыр- тæ суадздзынæн. Кæд ма йын æрæджиауы цæссыгæй уæддæр схъарм кæнин йæ ингæны сыджыт... Æмæ кæннод ныр уæл- мæрдты цæуылнæ дæ, зæгъыс? Раст у уый, æз хъуамæ ныр- тæккæ уæлмæрдты уон. Йæ ингæны уæлхъус... Цæуын, ныр- тæккæ цæуын...» 89
Йæхинымæр стыхст сылгоймаг. Йæ уæззау сæр тыххæйты систа стъолæй. Ракаст. — Аннæ Яковлевнæ, дæ дидинджытæ цæттæ сты, — загъ- та лæггадгæнæг, стæй уаты рудзгуытырдæм акаст æмæ йæ ныхасыл, хатыр курæгау, бафтыдта: — Æхсин, тыххæйты дæ райхъал кодтон... — Цал сахаты у? — бафарста Аннæ Яковлевнæ. — Фарæстæм сахат. — Æгæр афынæй дæн, — загъта уый æмæ йæ бынатæй уæззаугомау сыстад. Уаты рудзгуытæй мидæмæ каст хъуынтъыз, мигъджын райсом. Ирыхъæуы аргъуаны кæрты уыди бирæ адæм. Чыртæ-чыр- тæй цыдысты зæрæдтæ, устытæ, сывæллæттæ. Æмæ Аннæ Яковлевнæмæ афтæ каст, цыма дысон-бонмæ дæр кæрт адæ- мæй не ’сцух, горæты цыдæриддæр дидинæгæй уыд, уыдон ар- дæм æрхастой. Цыма йæ утæппæт адæм иууылдæр зонгæ код- той æмæ йæ ныртæккæ сæ уайдзæфты бын фæкæндзысты. Бæгънæг тæрс бæласы бынмæ бацыд, йæхи йыл бауагъта æмæ къулбæрзæйæ нымдзаст ингæнмæ. Дидинджыты æхсæнæй йæм касти Къоста йæхæдæг дæр æнкъардæй. Йæ сæр йæ къухы армыл æруагъта, афтæмæй йæм ныллæг хъæлæсæй дзырдта: «Аня, куыд дардæй мæм кæсыс? Хæстæгдæр мæм цæуылнæ æрбацæуыс? Æз дæм би- рæ куы фенхъæлмæ кастæн. Ныртæккæ цы дидинджытæ æр- бахастай, уыдон цы фесты, иннæты æхсæн уæлдай бæрæг цæ- уылнæ дарынц? Стæй кæугæ та цæуыл кæныс? Æз кæуинаг нæ дæн. Адæммæ кæсыс, уыдон мæ иунæгæй нæ ныууадздзы- сты. Æз æрмæстдæр уыдонæн цардтæн...» Цæстытæй иунæг цæссыг нæ хауд. Æрмæст зæрдæ тарст цъиуау йæхи къултыл хоста, рысти æмæ улæфæнтæ æхгæдта. Бæласы бæгънæг хихтыл пæррæстытæ кодтой сауцъиутæ. Адæм æнæрынцойæ цыдысты æмæ цыдысты... •
ÆХСИНЫ ЛÆГ Цы дын зæгъæм?—уæлæмæ дæр, Дæлæмæ дæр — нæ дзуринаг: Æхсины лæг — нæ сæфты хъæр, Нæ фыдты фыд, нæ худинаг! Къоста. тыр циндзинад ис абон Томайты Аслæмбеджы хæдзары. Ном æвæры йæ фыртыл æмæ рæсугъд æфснайд кæрты дыргъ бæлæсты бын сатæджы бадынц Æрыдоны дзырддзæугæ хистæртæ, уаз- джытæ, хионтæ. Хур сæ нæ хъыг дары, уаргæ сыл нæ кæны, тагъд никуыдæм кæнынц æмæ сæ нард фынджы уæлхъус даргъ гаджидæуттæ уа- дзынц, къæрццæмдзæгъдимæ нуазынц карз арахъхъ æмæ сæр-сæргæнаг бæгæны. Хистæрты раз — стыр галы сæр, йæ фæйнæфарс — тохъы- лы сæртæ. Цыма уыдон дæр адæмы циныл цин кæнынц, уый хуызæн сæ фындзыхуынчъытæ ныппака кодтой, сæ дæндæгтæ ныззыхъыр сты. Цæхæрадоны бæлæсты бын кафынц фæсивæд, сæ фæндыры цагъд рог кæны фынгыл бадджыты уæнгтæ. Бирæ адæм æрцыд Аслæмбеджы циндзинад- мæ. Хæрæфырты лæвæрттæ æрхастой йе ’стыр каистæ, хуынтимæ фæцыдысты йæ бирæ хæстæ- джытæ, æрхуыдта йæ хæлæртты сыхаг хъæутæй. Æртыккаг хистæрæн бады Хоранты булкъон. Хъæлдзæг у булкъон. Иуæй хæрд æмæ нозтæн ныккæнæн нæй, иннæмæй йæ кой арæх кæнынц, нуазæнтæ йæм арæх дæттынц. Æмæ разы у йæ- хицæй, йæ цинтæй, йæ номæй. Хатгай даргъ фынгтыл йæ цæстæнгас ахæссы, цыма кæстæр- тæн афтæ фæзæгъы: 91
«Дзæбæхдæр хъусут, уый мæн тыххæй сидынц, булкъон Хоранты Созырыхъойы тыххæй». Булкъон кæй у, йæ риуыл уыйбæрц хæрзиуджытæ кæй ис, уæле дæр уымæн бады. Козбау ныхас бирæ уарзы булкъон. Хæринаг дæр ын ма ратт, суанг ма йæ йæ уды бæрц кæй уарзы, уыцы двайнойæ дæр фæцух кæн, æрмæст дзы æппæлгæ ракæн. Цыма раст сусæны æнуд бон донæй дзаг мигæнæны йæ дæллагхъуыртæм фæбады, кæнæ йын исчи йæ дыууæ уæны астæу фæныхы, уый хуызæн йæхи Битъыры хъазы уагъд акæпы. Йæ цæсгом хурыйас ныввæййы. Йæ цæстытæ нартхоры гагайыйас дæр нал вæййыпц. Козбау ныхасгæнæджы ныхæстыл ма йæхæдæг дæр æфтауы. Фæлæ йæ кой гæнæг нæй, уæд æй амардтай, къуымых кардæй йын йæ сæр ахауын ластай. Цъыфдзасты хæфсау ныддымсы. Йе ’рфгуытæ арвы талынгæй талынгдæрмæ фæ- хау-фæхау байдайынц. Йæ хæрзиуджытæй йæ цæст нал фæ- исы. Булкъоны къухæй стъолы урс-урсид æмбæрзæнмæ æрхауд гогызы нард сгуы. Булкъон исдугмæ стъолмæ æдзынæг кæс- гæ баззад. Стæй æваст, цыма йын йæ бакомкоммæ цы сау- лагъз, хæрзконд лæг бадт, уый йæ хъуыдытæ бамбæрста æмæ Хораны-фырты мæстæй марынæн загъта, уый хуызæн бул- къон хæрдмæ фæхауд. — Æз уæм сидын Къостайы цæрæнбопы тыххæй,— йæ бы- натæй сыстад саулагъз лæппулæг æмæ бæрзонд систа нуа- зæн. Бадты адæм сыстадысты. — Не ’ппæты фæндиаг æнæнизæй цæрæд! — æмхъæлæсæй загътой цалдæрæй æмæ сæ нуазæнты зыланг булкъонмæ фс- хъуысти хæлд сармадзаны азæлдау. Йæ хъустæ цывзытау асырх сты. — Бахатыр кæн, Хораны-фырт... Нуазгæйæ дын у. Сидт Къостайы цæрæнбонты тыххæй уыд,— йæ нуазæн булкъонмæ бадаргъ кæнгæйæ, загъта саулагъз лæппулæг. — Æз, Кæсæбийы-фырт, фосы мыггаг нæ дæн. Мæ ноз- тæн æгъдау зонын, — тызмæгæй дзуапп радта Хораны-фырт æмæ двайнойы пуазæн йæ цурæй аиуварс кодта. — Созырыхъо!.. Æфхæргæ нæ, дæ хорзæхæй... Нæ фысы- мы циндзинад цæмæн æнад кæнæм? Стæй, уæ хорзæхæй, тых- дзырд макæмæ кæнут. Къостайы тыххæй чи нæ нуазы, уый йæ фæды-фæдмæ дæр макуы бануазæд. Буцтæ чи кæны, уый 92
та-иу йæ мадæн йæхи буц кæнæд,—Хораны-фыртмæ иувар- сырдæм бакæсгæйæ, загъта бадты хистæр. Булкъонæн, цыма йæ цыбыр ставд бæрзæй гогызы нард фыдмæ кæсынæй æндзыг баци, уый хуызæн йæ сæр тыхтæй- амæлттæй хистæрырдæм азылдта. — Мæнмæ хатын нæ хъæуы. Стæй, Хораны-фырт йæхи искæмæн буцтæ кæна, ууыл ахуыр дæр нæу,— загъта бул- къон æмæ, йæ риуыл цы алыхуызон дидитæ æрзæбул, уыдо- ныл йæ къухы арм æрхаста. — Асæхмæт, фынг йе ’гъдауæй рæсугъд у. Хистæр дæ æмæ дæ фынгыл æгъдау нæй. Кæй куыд фæнды, афтæ дæле уæлæмæ йæ дзырд æппары. Кæсæ- бийы-фыртæй æз иу бон хистæр уæддæр дæн... Æрдæбонса- рæй дæ ныхас курын æмæ мын ныхасы бар нæ дæттыс. Хуы- цауыстæн, æз стыр хицауадимæ иу фынгыл куы фæбадын, уæддæр мæм цалынмæ дзæбæх бахатынц... Уæд мын ам, мæ хъæубæсты æхсæн, мæ сыхаджы хæдзары иу ныхасы бар нæп? Кæд мæ дзыхæй сызгъæринтæ схаудзæн, уæд та! — Иарæби, Созырыхъо, уæдæ кæд нæ фынджы æгъдау дæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæд мæнæ мæ бынаты сбад. Æз, раст зæгъын хъæуы, стыр хицæуттимæ минасы никуыма сæмбæлд- тæи, фæлæ ирон фынджы æгъдау, хъыг дын ма уæд, дæуæн нæ — дæ хицæуттæн дæр бацамондзынæн. Кæрæдзи ракъа- хæм, уый тыххæй не ’рæмбырд стæм, Созырыхъо. Рæсугъд хъуыддаджы стæм æмæ уал дæ разы Кæсæбийы-фырты сид- тыл оммен зæгъ, стæй дын дзуаппæн дæр, зарынæн дæр бар ис. — Раст зæгъы Асæхмæт. Нуазгæйæ у, Созырыхъо, — загътой кæстæртæ цалдæрæй. — Асæхмæт, кæд миййаг Хораны-фырты æрмæстдæр мæ сидт бануазын нæ фæнды. Цæмæ йын тых кæнæм? Амæй раз- мæйы сидтытæй иу дæр куы нæ аздæхта... — Нæ мæ фæнды, нæ, Кæсæбийы-фырт! Гъемæ мæ дæ фы- дæх уæд. Мæнæ дын æй Къостайæн йе ’фсымæр Лексийы цур дæр зæгъын. Сауджын Бигъуылайы-фырт дæр уазæг у, йæ коймаг, уый дæр мæ хъусы,— нæ мæ фæнды дæ сидт бануа- зын! — йæ бынатæй фестад Хораны-фырт. — Чидæр йæ уд исгæйæ «хуыцау, хуыцау» куыд кодта, сымах дæр афтæ «Къоста, Къоста» кæнут. Хуыцау дæр уын хуыцау нал у Къос- тайы раз. Хицауады уыл кæй ардауы, уый та уæ фæсонæр- хæджы дæр нæй. Фарон Къостайы дзыхæй Баталпашинскы хицауад Лабæйы ирон адæмы кæй фæцæйбын кодтой, уый 93
сымахæй исчи зоны? Нæ зоны. Уæдæ йæ æз зонын, æз — Хо- раны-фырт!.. Булкъон Хоранты Созырыхъо йæ зоны... — Хораны-фырт бирæ цыдæртæ зоны... Хицауады нард фынгтыл куы фæбады, уæд сын, æвæццæгæн, сæ хъусты исты дæр бацæгъды. Уæдæ æз цæуылнæ фæбадын Кахановы фарс- мæ... Æвзаг, æвзаг, йæ мард фесæфа,— уый къæдзæх дæр фæлдахы, — Лексийы нуарджын къух хъамайы фистоныл ацахсгæйæ, загъта семинары ахуыргæнæг Кæсæбийы-фырт æмæ ныллæг хъæлæсæй йæ ныхасыл бафтыдта: — Дæ къух- тæ дæхимæ дар... Æдылы ныхасгæнæгмæ зондджын хъусæг хъæуы. Хъаматы рад нæма у... Лексийы хурсыгъд, къæсхуыртæ цæсгомыл нуары тæгтæ абадт, æмæ йæ къух хъамайы фистонæй æнæбары æриста. Æрбадт æмæ йе ’мбал Бигъуылаты сауджынырдæм аивæй бакаст, цыма йæ фæрсгæ кодта, дарддæр нын цы гæнгæ у, зæгъгæ. Бигъуылайы-фырт йæ бурдзалыг рихитæй иуы кæрон æууæрста æмæ йæ хъоппæг цъæх цæстытæ Хораны-фырты- рдæм сарæзта. Бæрæг уыд, мæсты кæй кодта, уый. — Хорз адæм, бахатыр кæнут, фæлæ махмæ, хæхбæсты, фæсаууонмæ искæй фыдкой кæнын худинагыл нымайынц. Стæй, Хораны-фырт, Къоста, дæ дзыхы кæй радавай, ахæм лæг у? Немæ иу фынгыл куы нæ бады, дæ кой куы нæ кæны. Къоста чи у, уый ды махæн амоныс? Бахатыр кæн, фæлæ йæ мах дæр чысылтæ зонæм. Стæй æрмæст мах? Хохаг фиййа- уæй — быдыры гутондармæ Къостайы зарджытæ чи нæ кæны, ахæм бирæ нæй. Асæхмæт, ды хистæр дæ, бахатыр кæн, фæлæ кæд мах уазджытыл ыымад стæм, уæд... Æрыдон уа- зæгхор куы никуы уыдысты, — уæздан хъæлæсы уагæй фæци йæ ныхас Бигъуылайы-фырт. — Æмæ уæдæ Хораны-фыртæн æхсызгон вæййы, Къоста алы ран йæ фыдкой куы фæкæны, уæд? — йæ цыбыр хъуыр, гуыбынджын графины аууонæй сивазгæйæ, мæстыйæ загъта булкъон. — Æз кæвдæсард нæ дæн! Паддзах мын мæнæ ацы хорзæхтæ, мæ мыггаг Хорантæй кæй у, стæй æрыдойнаг кæй дæн, уый тыххæй нæ радта. Паддзах æмæ фыдыбæстæйы сæ- рыл мæ туг ныккалдтон æз... Нæмгуыты ныхмæ цыдтæн... Æмæ мыл цавæрдæр хæтæгхуæгтæ цъыф калой, уый сын нæ ныббардзынæн! Хицауад дæр сын æй нæ ныббардзæн!.. Булкъоны цæстытæ туджы разылдысты. Иæ къухтæ зыр- зыр кодтой. Йæ бохъхъыр афтид дзæкъулау змæлыди. Кæсæ- бийы-фыртмæ йæ цæстытæ сдзагъултæ кодта, цыдæр æлхыскъ 94
ныхас зæгъын ын уыди йæ зæрды. Фæлæ уыцы сахат хæдза- рæй рахызт уæнгджын, цыбыр æлвыд саурихи ас лæг. Бул- къонимæ кæрæдзимæ фемдзаст сты. Уый уыди хæдзары хицау, сихорæй нырмæ йæ фырты цæ- рæнбоны тыххæй гаджидæуттæ кæмæн уагътой, уый — То- майты Аслæмбег. Ныхасы райдиан нæ фехъуыста, — салыгæр- дæйнаг сылгоймаг уазджытимæ хæдзары афæстиат. Аслæм- бег йæ фынгыл уæлдай ныхас кæй нæ бауадздзæн, уый бул- къон хорз зыдта æмæ исдугмæ йæ маст аныхъуырæгау кодта. Чи зоны, хъуыддаг ууыл ахицæн уыдаид, фæлæ Кæсæбийы- фырт йæ ныхас баппæрста: — Хораны-фырт, паддзах æмæ фыдыбæстæйы тыххæй дæ туг нæ ныккалдтай, зæгъгæ, ничи зæгъы. Æгæр дæр ма нык- калдтай. Фæлæ ирон адæмы хъæдгæмттæ цæмæн агайыс? Æгайтма сæ сæрыл дзурæг ис. Хъуамæ йын ды йæ цæрæн- бонмæ кувис. Ды та дзы дæ ныхтæ ныссагътай, облæсты хи- цаумæ йыл æвзаг хæссыс, æмæ дын æй мæнæ адæмы раз зæ- гъын: никæй зæрдæмæ дын цæуы. Стæй дын æй адæм баргæ дæр нæ ныккæндзысты... — Адæм!.. Адæм!.. — хæдзары хицау йæ фарсмæ кæй уыд, уый дæр дзы ферох, афтæмæй йæхи сцагъта Хораны-фырт.— Хъæуи-хъæу рацу-бацу кæны, адæмы æмæ хицауады кæрæ- дзиуыл ардауы. Хуыцауыстæн, æз облæсты хицауæй куы уа- ин, уæд ын афонмæ хъыцъы дон бануазын кодтаин. Лæг змæн- тыны йедтæмæ ницы кусы, мах та йæм, дзуармæ куыд кувай, афтæ кувæм... Тменыхъæуы, зæгъы, Додтайы барæг, Цæй, ныккæнæм Хетæджы-фырт Къостайы зарæг! Цæрай æмæ бирæ фæцæрай, Хетæджы-фырт Къоста!— Хораны-фырты ныхæстæ цыма хъусгæ дæр нæ фæкодта, уый хуызæн рæсугъд хъæлæсæй ныззарыд кæстæртæй чидæр. Зарæг айстой иннæтæ æмæ фæззыгон уæлдæфы анæрыд. — Уæ цæрæнбон бирæ, ныфс æвдисæн бон ныфсджын чи у, уыцы кæстæртæ! — йæ нуазæн бæрзонд систа, фырцинæй йæ сау хъоппæг цæстытæ цæхæртæ скалдтой, афтæмæй загъта Кæсæбийы-фырт. Стæй уый дæр фæсивæдæн бахъырныдта. Иæ бæзджын хъæлæсæй фæрсаг кодта сауджын Бигъуыла- йы-фырт дæр. Устытæ тыргътæм рацыдысты. Чындзытæ рудз- гуытæй аивæй кастысты. Дымгæ хъæуы уынгты скъæфта Къостайы зарæг... 95-
Йе ’стыр сырх фындзы фæрстæ фырмæстæй фæтæпп-фæ- тæпп кодтой, афтæмæй лæууыди Хораны-фырт. Цыма ныр- тæккæ адæмыл йæ хъæлæсыдзаг фæхъæр кæндзæн, уый хуы- зæн йæ халас рихитæ фындзимæ æмызмæлд кодтой. Иæ къæдз лæдзæг стъолы тигъыл æрцæвын æввонг дардта. Зарæг хъæр- дæрæй-хъæрдæр куы истой, уæд Хораны-фырт йæхи нал ба- урæдта æмæ фынгæй иуварс алæууыд. Кæсæбийы-фыртмæ бакаст, æмæ йæ лæдзæгæй додой кæнгæйæ, загъта: — Хорз, Кæсæбийы-фырт, ацы хъуыддаг дын æз искуы дæ зæрдыл æрлæууыи кæндзынæн! Мæ мады æхсыр мын рондз фестæд, æз уын а дыууæ боны уæ Къостайы Сыбыры бинаг... Стæй уæ уæд кæстæртæ фендзысты, уæ сæртæ ма бæрзæндты кæмæй хæссат, уый! — Кæстæртæ фендзысты, равзардзысты, чи кæцы у, уый. Фæлæ, æртхъирæнтæй кæй фæтæрсын кæнай, ахæмтыл нæ амбæлдтæ, Хораны-фырт. Мах дæ салдæттæ не ’стæм, — дзуапп радта Кæсæбийы-фырт æмæ йæ сæр бæрзонд систа. — Асæхмæт, фынджы æгъдау цæмæн халынц? Аслæмбе- джы хæдзары циндзинад куы ис, цæмæн ын æй æнад кæ- нынц? — хистæры уæлхъус алæууыд кæстæртæй иу. — Хораны-фырт, дæ хорзæхæй сбад... Лæг хъуамæ адæ- мы ныхасмæ дæр байхъуса, аргъ ын скæна, — йæ уайдзæф баппæрста тæнæг боцъоджын, ахуыргондхуыз нæлгоймаг æмæ йæ фындзы рагъæй йæ кæсæнцæстытæ æриста. — Кæстæртæ, гъа-мардзæ, дзæбæх ма бахъырнут! Зарын кæй зæрдæ нæ зæгъы, уымæн та йæ разы — хæрд, нозт. Мах абон Аслæмбеджы циныл цин кæнæм æмæ дзы хъуамæ заргæ кæнæм. Аслæмбег, рæдийын миййаг? — йæ нуазæнæй хæдза- ры хицауырдæм ацамонгæйæ, загъта хистæр. Хæдзары хицау хистæрмæ йæ сæр разыйы тылд бакодта, стæй Хораны-фырты хъусы бадзырдта: — Созырыхъо, дæ мæстытæ ныууадз... Нæ уазджытыл ба- цин кæнæм... Булкъон йæ лæдзæджы фындзæй зæхх мæсты цæф æркод- та, йе ’рфгуыты бынты Кæсæбийы-фыртырдæм бакаст æмæ хæдзары хицауæн цыдæр загъта. Æрмæст йæ ныхæстæ нал райхъуыстысты. Хистæры бæзджын, фæсусгомау хъæлæсы бын фесты. Ацы азы кæрдæг калмау хæры, Къостайы гæххæтт, зæгъы, арвау нæры. 96
Цæрай æмæ бирæ фæцæрай, Хетæджы-фырт Къоста!.. — Аслæмбег, кæд куывд Къостайы тыххæй кодтай, уæд мын æй рагацау цæуылнæ загътай? — йæ мидбынат цæхгæр фæзылд æмæ, цыма йæ зæнгтæ хъандзалтыл арæзт уыдысты, уый хуызæн хæрдмæ фæхау-фæхаугæнгæ кулдуарырдæм пыхс йæ сæрыл ахаста Хораны-фырт. Цалдæрæй ма йæ фæдыл ауа- дысты, раздахынмæ йæ хъавыдысты, фæлæ фæстæмæ дæр нал фæкаст. Р1е ’рттиваг цырыхъхъытæ ма иу зынд фæкодтой кул- дуары зыхъхъырæй. Цæрай æмæ бирæ фæцæрай, Хетæджы-фырт Къоста!— ноджы хъæрдæрæй ныццæлхъ ластой фæсивæд. Æмæ йæ.цыма зарæг куы баййафа, уымæй тарст, уый хуы- зæн йæ лæдзæджы æнцæйтты лидзæгау кодта сæхимæ Хора- ны-фырт. «Мæ сæр мын ракодта уыцы куыдзы хъыбыл... Райсомса- рæй мæ мæ галиу æрфыг хуымæтæджы нæ хордта. Æз мæ фыдæн фыртæн ма райгуырон, сымахæн лæг цы у, уый куы нæ фенын кæнон. Æз дын уыцы æвзаг дæ хъуырæй сласын кæндзынæн, Кæсæбийы-фырт! Тæккæ райсом дын дæ ныхæс- тæ инæлары хъусы бацæгъддзынæн. Бæрæг дæм уыдзæн, кæд арвы талынгæй нæ лидзай. Нæма йæ зоныс, æнхъæлдæн, Ка- хановæн йæ ныхас алмасийау бындзарæй кæй лыг кæны, уый. Стæй уæд рабæрæг уыдзæн, Къостайæ мæнæй чи лæгдæр у, уый. Æнæуи дæр æм инæларæн йæ дæндæгты къæс-къæс цæ- уы. Уæвгæ хæрæг дæр хæрæг æмæ нæ облæсты хицау дæр хæрæг! Йæ быны йын арт æндзарынц, уый та сæм хæлиудзы- хæй кæсы», — йæ маст цæджджинагау фыхт, афтæмæй йæхи- нымæр дзырдта Созырыхъо. Зарæг та тыхджынæй-тыхджындæр кодта, изæры уддзæф æй йæ рог базыртыл скъæфта Æрыдоны даргъ уынгты æмæ дарддæр сырдта Хоранты булкъоны... 7 Дæ зæрдæмæ хъуыстон
ФÆСТАГ ÆХСÆВ æронд хъæуы ма баззад æрмæстдæр иунæг хæ- дзар, Бæройты Нуцайы хæдзар. Иæ сых, йæ хъæубæстæ раджы ралыгъдысты, раджы ныу- уагътой сæ цæрæнбынæттæ, сæ зæронд уæл- мæрдтæ. Зæронд хъæуæй чысыл дæлдæр, Астымы тъæпæны, Мæсчъы фыдуагдоны был фæрсæй- фæрстæм хъазты чындзытау æфснайдæй лæу- уынц ныр сæ ног бæстыхæйттæ. Фæйнæрдæм фæцыдысты дыргъбæлæстæ, дардыл фæхастой сæ сыфтæрджын къабæзтæ, сæ дыргъты уæзæй æртасыдысты хæдзæртты сæртæм. Æвæццæгæн ма абон дæр сæ фыдæлты цæ- рæнты цардаиккой Нуцайы сыхæгтæ, Зæронд хъæуы цæрджытæ. Æвзæр ран нæ равзæрстой кæддæр сæхицæн. Уæлхох быдыры хуссарварс. Фосхизæнтæ, хуымзæххытæ, хъæд. Йæ дыргъты хæрзад æмæ рæсугъдæн та æппын æмбал нæ уы- ди. Кæцæй сæм нæ цыдысты, кæм сын нæ код- той сæ хорзы кой! Кæд Астымы тъæпæны ног бæ- лæстæ ныссагътой, уæддæр ма сæ рагон цæрæн- ты абон дæр дыргъты уæзæй къæс-къæс кæнынц цæхæрадæттæ. Дæсны адæмтæ куыд дзурынц, афтæмæй Ногхъæуы дыргътæ сæ рыджы дæр нæ зынынц. Хурыл дæр ма мигъы къæм абады, — хуы- мæтæджы-иу нæ дзырдтой нæ рагон фыдæлтæ.
Дунейы хæрзтæй ма иу хорздзинад нæ фаг кодта Зæронд хъæ- уæн. Лидзгæ дæр уый тыххæй ракодтой. Цæвиттон, кæддæр хъæуы астæуты, футтытæгæнгæ, йæ уылæнтæй хъазгæ згъорд- та фыдуаг хæххон дон. Фæлæ иу сæрд, цыма йæ хур йæхимæ систа, кæнæ зæххы скъуыды аирвæзт, уый хуызæн бахуыскъ. Бирæ ма йæм фенхъæлмæ кастысты хъæуы цæрджытæ, бирæ ма йын фæцагуырдтой хъæды къохы йæ фæд. Нал фæзынд, нал æфсæста йæ донæй адæмы. Йæ зæронд цæрæнтæ ныууадзыныл не ’сразы æрмæстдæр Бæройты Гайти, Нуцайы лæг. Дон та искуы хъæумæ йæ зæ- ронд цæуæнтыл кæй æрцæудзæн, ууыл йæ зæрдæ дардта. Стæй, раст зæгъын хъæуы, уый доны сæр уыйбæрц ницæмæн хъуыд. Иннæ хæдзæрттæй хъауджыдæр йæ цæхæрадоны дыу- уæ æнгуз бæласы бын хæрдмæ абухта рæсуг суадон. Зæронд хъæуæн иумæйаг уыд Бæройты суадон. Быру йыл никуы сбыдтой, мах у, зæгъгæ, дзы никуы загътой. Алы уынгæй, алы кæртæй йæм цыдысты къахвæндæгтæ. Сæрд сыл кæрдæг никуы ’рхæцыд, зымæг мит. Суадонмæ æмбырд кодтой хъæуы чызджытæ. Суадоны сæр-сæрмæ гуырдысты уарзæтты сусæг ныхæстæ. Суадоны былмæ æрбаивтой сæ ныхас хъæуы зæрæдтæ. Уым кодтой сæ рæсугъд зарджытæ, сæ диссаджы таурæгътæ. Уым цагътой сæ фæндыртæй. Уым арæзтой сæ иумæйаг куывдтæ, сæ кæхцытæ. Уырдæм кодтой сæ ног чын- дзыты... Гуыпхæдзар уыд уæд Бæройты хæдзар. Бирæ адджын хой- раг бахордтой хъæубæсты адæм Нуцайы къухæй. Бирæ сæр- сæргæнаг бæгæны банызтой Бæройты къæбицæй. Æмæ сæ уарзтой, нымадтой сæ хъæубæстæ. Хуыдтой сæ сæ куывдтæм,. сæ циндзинадмæ, сæ зианмæ. Кæддæр Нуцайæн йæхи чындзæхсæвы дæр ацы суадоны цур арфæтæ кодтой хъæуы хистæртæ, хъæуы ног чындзытæ. Фæлæ уый раджы уыд. Рæсугъд фынау ма æрлæууы ныр дæр йæ зæрдыл Нуцайæн уыцы уалдзыгон бон. Кæртæй, цæхæ- радонæй æмызмæлд кодтой æнæхъæн къуыри. Фæндыры цагъд, лæппуты зæланг зарджытæй зæрдæ цæргæсы базыр- тыл тæхæгау тахти кæдæмдæр. Уыцы бонты хуызæн рæсугъд æм никуы кастысты хъæуы адæм. Сæ зард, сæ уæздан ныхас, сæ дарæс, се ’гъдау... Кувæджы куывд дæр ыл, æвæццæгæн, уымæн æрцыд: амонд йæ цæгаты ныууагъта, амонд йæ ног хæдзармæ æрхаста. Уарзтой кæрæдзийы Гайтиимæ æмæ уымæ гæсгæ ницæмæ 99
дардтои сæ бирæ фыдæбæттæ, сæ куыстфæллад. Мыдыкъус- джы хуызæн хæдзар скодтой. Фæд-фæдылты сын райгуырд дыгай, , фаззæттæ. Фырыхъулы хуызæн цыппар лæппуйы. Кæхцытæ, арфæтæ, хæрæфырты лæвæрттæ... Куыд нæ цин кодтаиккой мад æмæ фыд, сæ хæстæджытæ, сæ бирæ хæлæрт- тæ! Бæройты кæрт, суадоны цъæх нæуу ноджы тынгдæр сфи- дыдто# сывæллæтты худт æмæ хъæлдзæгдзинæдтæй. Цыппар дидинæджы хуызæн рæзыдысты иу мады зæрдæйыл лæппутæ. Цыппар дидинæджы хуызæн сæ тавта, рæвдыдта сæ иу ма- ды хур. Æмæ къабазджынæй иуæй иннæ лæгдæрæй фæзын- дысты Гайти æмæ Нуцайы цыппар фырты. Чызджытæй би- рæтæ? цыма Ногхъæуы доныцъыртт дæр нал уыд, уый хуызæн арæхæй-арæхдæр цæуын байдыдтой Бæройты суадонмæ. Æн- гуз бæлæсты аууæттæй сусæгæй кастысты Нуцаты рудзгуы- тæм, кæртмæ. Хаттæй-хатт-иу æфсонмæ-фсонты сæхиуыл ба- изæр кодтой. Лæппутæн дæр иу фадат фæци, чызджыты-иу суанг Ногхъæумæ ныххæццæ кодтой. Чи раздæр, чи фæстæ- дæр, афтæмæй-иу иугæйттæй сыздæхтысты фæстæмæ, Зæронд хъæумæ. Мад æмæ фыды цы бамбарын хъуыд, лæппутæ сæ лæппу- йы кары кæй бацыдысты, уый. Æмæ-иу кæрæдзимæ бакас- тысты, сæ мидбылты бахудтæй-иу ахицæн сты сæ сусæг цин, сæ ныхæстæ... Стæй... Иу сæрдыгон бон афтидæй аззади Бæройты стыр кæрт. :Цыма суадон йæ сæр-сæрæй банцад, цыма дыргъбæ- лæстæй цъиутæ уыцы иу тахт акодтой, уый хуызæн ныхъхъус, ныссабыр Зæронд хъæу æгасæй дæр. Ставд цæстысыгтæ йын йæ рустæ сыгътой, цы ’рцыд, уый дзæбæх дæр нæма бамбæр- ста, афтæмæй хъæугæрон къуыбырæй йæ цыппар фырты æмæ йæ лæджы фæдыл къулбæрзæйæ каст Нуца. Лæппутæ ма йæм фæстæмæ цыдæр дзырдтой, хæстмæ цæугæйæ, Гайти ма йæ къух тылдта, фæлæ сын сæ ныхæстæн ницы бамбæрста. Йæ былты змæлдæй ма сын лæгтыдзуармæ скуывта, фæлæ йæ ныхæстæ йæхимæ дæр нал фехъуыстысты... Æхсæвы бинонтæй фынджы уæлхъус куы ничиуал æрбадт, сæ афтид хуыссæнтæ кондæй куы баззадысты, æрмæстдæр уæд базыдта, цы стыр бæллæх ыл æрцыд, уый. Нал схуыс- сыд, нал бафынæй Нуца. Æхсæв-бонмæ йæ цæссыгæй дзаг цæстытæй фæкаст, хъæуы быи æртæ фæндаджы кæм баиу сты, хиды фæйнæфарс дыууæ гæды бæласы æхсæвгæстау кæм лæу- уынц, уырдæм. Ничиуал æрбаздæхт уыцы æхсæв йæ бинон- 100
тæй фæстæмæ. Афтæ уыд дыккаг бон, дæсæймаг æхсæв... Афæдз... Цалдæр азы. Бахус сты Нуцайы цæстытæ. Хуыскъ бæлас дымгæмæ куыд нымраст уа, афтæ ма тыххæйты лæууы йæ фæлмæст зæнгтыл. Нал бахуддзæн йæ кæддæры хæмпус былтæй — туг дзы нал ис, сыгъд къæристау ныххус сты. Бафæлладысты, фæндыры ’згæхæрд хъистау ма æнæбары змæлд кæнынц хурхыуадындз- тæ. Кæмдæр мидæгæй аскъуыд, кæддæр лæппуты зæрдæтæ чи агайдта, уыцы зыланггæнаг хъæлæс. Туджы чи хъазыд, хуртæ æмæ мæйтæ цы тымбыл рустæй касти, уыдон мидæмæ бахаудысты. Зæрдæйы хъæдгæмттæ, æвæццæгæн сæ цæмæй адæм уыной, уый тыххæй цæсгоммæ рахылдысты, дæргъмæ- цæхгæрмæ бахуым кодтой рустæ, цæсты бынтæ. Ныхыл сын бынат нал сфаг æмæ гæрзæхсæны уидæгтау кæрæдзиуыл стыхстысты. Ныттынг сты дæллагхъуыртыл... Æрмæстдæр ма Ногхъæуы сывæллæттыл лæууы Нуцайы зæрдæ. Уыдонæн радта йæ хæдзар, йæ цæрæн бынæттæ, йæ суадон. Уыдон ма сты йæ зæрдынцой, йæ цæсты рухс. Сахуыр сыл. Æмæ райсомæй гæлæбутау кæртмæ куы æрбатæхынц, сæ худт, сæ хъæлдзæгдзинадæй хъæу сæ сæрыл куы сисынц, уæд дзы рæстæгмæ ферох вæййынц йæ бирæ зыптæ. Чи уæ- либæхы карст, чи карчы сгуы, чи йæ къафетты хай... Ницы йын хæлæг кæнынц сывæллæттæ. Зоны се ’ппæты дæр сæ нæмттæй. Аргъ ын кæнынц йæ ныхæстæн. Æмæ Нуцамæ аф- тæ кæсы, цыма сывæллæттæ алы райсом семæ æрбахæссынц сæ ныййарджыты уарзондзинад. Суадонмæ хæстæг семæ ныс- сагъта дидинджытæ. Уадз, æмæ сыл цин кæной, сæхи сыл рæвдауой сывæл- лæттæ... Кæддæр Нуцайæн йæ цыппар фырты дæр афтæ хъазыды- сты, афтæ худтысты, афтæ згъордтой гæлæбуты фæдыл,.афтæ тыдтой дидинджытæ... Сывæллæтты хъæлдзæгдзинадмæ кæсгæйæ суынгæг вæййы хатгай зæронд усы зæрдæ. Æмæ йæхи истæй æфсон иуварсы- рдæм айсы. Уым сусæгæй йæ тыппыртæ суадзы. (Чи риссын кæны сывæллæтты зæрдæтæ. Уадз æмæ уыдон исты феной цардæй). Афтæмæй аивгъуыйы бон. Ацæуынц сывæллæттæ. Баззайы иунæгæй зæронд ус. Æмæ та уæд удисæджы бызгъуырты Зæ- ронд хъæумæ æрбахъуызы, Нуца æппæтæй тынгдæр кæмæй тæрсы, уыцы фыд-фынты æхсæв... Куы мæйрухс, куы мæйдар, 101
куы та къæвдаджын. Уæвгæ се ’ппæт дæр къæвдаджын стыг уæдæ цы сты зæронд усæн. Æрбады, йæ цыппар фырты иумæ кæй ныссагътой, уыцы фæткъуы бæласы бын. Йæ цæстæнгас саразы æртæ фæн- дагмæ. «Кæм стут, куыд иунæгæй, куыд дзæгъæлæй мæ ныууагъ- тат? Иу хуры скастæй уæм иннæ хуры скастмæ æнхъæлмæ кæсынæй мæ цæстытæ куы ныуурс сты, уæд цæй зын фæндæг- тыл ныдздзæгъæлтæ стут? Кæм уæ агурон? Кæдæм уæм фæ- цæуон? Чи мын ракæндзæн уæ фæстаг ныхæстæ? Уæ, цæрæн- боны «мад, мад» фæкæна, сымах ныййарæг хъуаг кæй тыххæй фестут! Цы фыдбоны хæст у! Чи йæ æрхъуыды кодта! Фæ- къæртт вæййынц йæ зæрдæйы хъæдгæмттæ зæронд усæн. Стæй сысты, цуттытæгæнгæ, дзæгъæлтæгæнгæ рацæуы кæрты, бæ- лæсты бынты, суадоны рæзты... Нæлгоймаджы хъæлæс кæм нал хъуысы, дзабыр кæм нæуал бахуийдзæн, йæ цыппар хъæ- булæн сæ хæдæттæ кæм нæуал бампъуздзæн, Гайтийы тых- джын цæнгтæ суг кæм нæуал æрсæтдзысты, йæ конд хæрина- гæй йын кæм нæуал раппæлдзысты, уыцы кæрты... Æхсæвы мæйдары зыбыты иунæгæй... ... Уары. Лыстæг сæлфынæг кæны. Фæткъуы бæласы сыф- тæртæ кæуыиц. Сæ цæстысыг згъалынц хуырджын зæхмæ. Æхсæв йе ’рфгуыты тарæй кæсы. Нæ зынынц хиды был гæды- бæлæстæ. Æрмæст уарыны æртæхтæ сыфтæртыл сæхи хо- йынц. Дæлиау комы кæмдæр дон йæ гыбар-гыбурæй не ’нцайы. Бады йæ фыртты фæткъуы бæласы бын Нуца йæ бæзджын кæлмæрзæны, Гайтийы зæронд кæрц йе ’уæхсчытыл. Лæппутæ дæр-иу уазалты афтæ акодтой сæ фыды кæрц. Æдзынæг кæсы æртæ фæндагмæ. Иу рухсыцъыртт никуыцæй цæуы. Мæсчъы тъæпæны ма Ногхъæумæ фæкæсы, уырдыгæй ма йæм ферт- тивынц йæ зæронд сыхæгты цырæгътæ. Фæлæ уыдоп дæр ацы æхсæв фыдæнæнгæнæгау сæхи кæмдæр нымбæхстой. Иу сы- быртт нал хъуысы Ногхъæуæй. Ничи йæм ссыд ацы ’хсæв йæ зæронд сыхæгтæй. Ничи ис йæ уæлхъус. Æрмæст кæмдæр бæлæстæ сæ къæс-къæсæй не ’нцайынц. «Цы сыл æрбамбæлд? Дысон-бонмæ æнцад куы уыдысты... Æви мæ мæ хъустæ сайынц. Кæй бæлæсты къæс-къæс у? Хæс- тæгæй-хæстæгдæр куы кæны... Нæхи бæлæсты къæс-къæс у?..— йæ кæлмæрзæны къабæзтæ æрбамбырдтæ кодта Нуца, бæла- , сы æнцæйтты сыстад. Исдугмæ бæлæстæ сæ къæс-къæсæй фен- 102
цадысты. Стæй, цыма хæхтæ ракалдысты, уый хуызæн йæ хъустæ ныццарыдтой... — Ау, мæ фæстаг æхсæв у? — Ныхæстæй нæ, зæрдæйæ дæр нæ — йе ’ппæт буарæй ма бафарста æхсæвы тары Нуца æмæ йæ фыртты бæласыл йе ’нæхъару цæнгтæ ныттыхта. Иæ галиу цонг бæласы дæрзæг буарыл æрбырыд, цыма йæхицæй нал уыд, уый хуызæн ауыгъдæй баззад. Йæ тыхтæ ма æрбам- бырд кодта, йæхи хауын нæ бауагъта. Стæй йæ, цыма бæлас судзгæ бакодта, уый хуызæн дзы йæхи атыдта. Цыдæр амал- тæй суадоны цурмæ ныццыд. Йæ рахиз къух дзы атъыста. Цалдæр армыдзаджы дзы йæ уазал цæсгомыл скалдта, цал- дæр хуыппы дзы акодта. Фенцондæр ын. Бæлæсты æнцæйтты та рацыд йæ хæдзармæ. Схызт тыргътæм. Дорттæ байтыгъта. Йæ иу къухæй хъæдын тъахтин раласта. Кæцæйдæр ма рух- сыцъыртт ферттывта, ныррухс кодта лæппуты бæласы къа- лиутæ, стæй та фæстæмæ ахуыссыд... — Фæстаг æхсæв... Æнæ хъæбултæ... æнæ Гайти... Иунæ- гæй, — йæ рæуджыты улæфтæй ма загъта Нуца æмæ йæ хъæ- дын сынтæгыл бахауд. Бæстыл иу уæлдæфы цъыртт никуыуал уыд. Ие ’стыр хæ- дзар ыл рафæлдæхт. Аскъуыд зæхх йæ быны... Стæй æнæн- хъæлæджы кæцæйдæр фæзындысты йæ цыппар хъæбулы. Æмхуызæттæ. Се ’ппæтдæр фæлладхуыз, рыгæйдзæгтæ, бæс- тытæ... Сæ уæлхъус февзæрд сæ фыд дæр. «Цы кæныс, гыцци? Фест, мах дæумæ куы тагъд кодтам»,— йæ галиу цонг ын йæ рæбынтыл атонынмæ хъавынц цыппа- рæй. Исынц æй сынтæгæй. «Дзæбæхдæр мыл схæцут. Уыцы цонгыл нæ... Уæртæ лæг, ды та куыд иуварс лæууыс? Цæуылнæ сын аххуыс кæныс?»— йæ былты змæлдæй сæм дзуры мад, фæлæ йын фæстæмæ дзуапп ничи дæтты. Æрмæст дымгæ уарыны æртæхтæ мидæ- мæ скъæфы. Къæс-къæс кæнынц бæлæстæ. Хæдзар æгасæй дæр... ...Сæрдыгон райсом. Хуры тынтæ хъазынц бæлæсты уымæл сыфтæртыл. Хурыскастыл цин кæнынц Нуцайы дидинджытæ, йе ’фснайд кæрт, йæ сыгъдæг суадон, йæ дыргъбæлæстæ. Стынг цъиуты цъыбар-цъыбур, мыдыбындзыты дыв-дыв. Цард йæ кæнон кæны Зæронд хъæуы. Фæзындысты Ногхъæуы сывæллæттæ. Сæ худт, сæ хъæр сæхицæй фæраздæр, афтæмæй уыцы иу калд æрбакодтой Ну- цайы кæртмæ. Уайтагъд бæлæсты бынты фæпырх сты. Дыууæ 103
къæбæлдзыгсæр чызджы тыргъты гом дорттæй мидæмæ ба- хъæр кодтой. — Нуца!.. Нуца!.. Кæс-ма, мæнæ нæ дидинджытæ диди- нæг ракалдтой... Нуца!.. Чызджытæн дзуапп ничиуал радта. Æрмæст тыргътæй хæдзармæ бахизæны зæронд дуар дымгæмæ змæлыд, къæс- къæс кодта... •
ЙÆ ХУДЫНДЗÆГ ТА ФÆКЪÆРТТ уылдымы хъæумæ куы фæцæйхæццæ кæнай, уæд дæ хъустыл æрцæудзæн хъæсдарæджы зыланг. Уæд уый зон, æмæ та колхозы куырд Габоци йæ куысты уæлхъус и. Ныхас дæр ыл нæй! Уæвгæ кæд искуы Къуылдымы хъæуы сæмбæлдтæ, уæд æй уынгæ дæр фæкодтаис. Цыбыргомау, стæвд- тæарæзт. Йæ бæзджын рихитæ раст фиу ауын- дзæнты хуызæн. Сырхцъар, нарст русты бæрæг астæу гыццыл цыргъ фындз. Цырд, æмбаргæ цъæх цæстытæ. Сæрдыгон ыл фендзынæ сау ны- мæтхуд, хуымæтæджы джиппæйфыст хъуыма- <цæй даргъ хæдон, уæрæх салбар, сæрак зæнгæйт- тæ æмæ уæлæнгай дзабыртæ. Зымæг та бурбын уæлдзармхуд, сгæлладцъарджын кæрц æмæ цы- рыхъхъытæ. Æрмæст ыл азтæ цас цæуы, уый Габоци йæ- хæдæг дæр нæ зоны. Хъæусоветы йыл фыссынц фынддæс æмæ дыууиссæдз азы. Уый, æвæццæ- гæн, афтæ уыдзæни, фæлæ, мара-зæгъай. кæд сыл Габоци разы кæны. — Уæ хорзæхæй, афтæ тынг уæ фæнды, иæ- мæй уын зæрæдты номхыгъдмæ бахауон, уый? Нæ, æгæр бирæ мыл нымайут! — ныффæрск вæййы Габоци. Æмæ-иу кæд уый размæ йæ къух ауыгъта, цы уæ фæнды, уый дзурут, уæддæр уæ ныхæстæй зæ- ронддæр нæ фæуыдзынæн, зæгъгæ, уæд иухатт 105
хъуыддаг æндæрырдæм разылд. Хæсты райдианы йæ азтыл нал басаст Габоци. — Уый рæдигæ фæкодтой. Æвæццæгæн мæ не ’рвадæл- тæй искæимæ фæивддзаг кодтой. Цытæ дзурут, мæныл уый- бæрц цæуы? Нæ, уый рæдыд у. Дæ хорзæхæй, мауал мæ къуылымпы кæн. Мæ хистæр фырт дæр уым ис, — бауырдыг военкоммæ Габоци. — Мæ бон дын ницы у, хорз лæг. Æз дæ куы арвитон, уæддæр дæ горæтæй фæстæмæ раздахдзысты, — дзуапп рад- та военком. — Омæ дын æз уый куы дзурын, мæ азтæ мын раст нæ ба- вдыстой, зæгъгæ, хъæумæ дæр ма мæ цæмæн цæуын кæныс? Ам сæ дæхæдæг фæкъаддæр кæн, — куырдта Габоци. — Уæдæмæ афтæ бакæнæм, Габоци. Не ’ппæтæн хæстмæ ацæуæн нæй. Сырх Æфсадæн æххуыс кæнын хъæуы. Дæ куыст та колхозы цы бынат ахсы, уый дæхæдæг мæнæй хуыз- дæр зоныс. Гъе ’мæ уал ацу, дæ сæр нæ куыддæриддæр ба- хъæуа, афтæ дæм фæдзурдзыстæм, — бамбарын кодта воен- ком. Цынæ фæкодта, куыннæ фæдзырдта Габоци, уæддæр во- енком не ’сразы. — Ацы хæстон адæмимæ зын дзурæн у, — загъта фæста- джырдæм æмæ рацыд сæхимæ. Хъуыддаг дæр райдыдта уыцы бонæй фæстæмæ. Цæвит- тон, алы хъæуы дæр вæййы цыргъзонд æмæ хъæлдзæг адæй- маг. Адæм ыл афтæ сахуыр вæййынц, афтæ йæ бауарзынц, æмæ йыл æрхъæцмæ дæр нал фæхъæцынц. Ахæм адæймагыл нымад уыди Къуылдымы хъæуы Габоци дæр. Габоци афтæ хъæлдзæг цæмæн уыди, уый тыххæй адæм хастой бирæ æмбисæндтæ. — Йæ зæрдæйы конд афтæ у, — дзырдтой иутæ. — Нæ, фæлæ æнæмаст, æнæмæт адæймаг у, — дзырдтой иннæтæ. Чи зоны, раст уыдысты дыууæтæ дæр. Фæлæ-иу уæд Га- боци ныххудт æмæ-иу загъта: — Уый афтæ у, фæлæ мæнмæ гæсгæ та йæ рахæцæн куыс- ты мидæг ис, куысты. Æмбисондæн дæр ма куы баззад, куыст мард у, адæймаг та æгас, зæгъгæ. Гъе, æмæ куыстыл схæцын хъæуы, сызмæлын кæнын æй хъæуы. Стæй, уæ фыды хаты- рæй, сырх зынг æфсæйнаг хъæсдарæгыл куы æрæвæрай, уæз- зау дзæбугæй йыл куы æрцыдтытæ кæнай æмæ куы ныззæ- 106
ланг кæна, уæд уымæ æнæ хъæлдзæггæнгæ и?.. Хъæлдзæг нæ, фæлæ ма йын фæрсаг кæныныл дæр схæцдзынæ. Гъеныр мæ- нæ худыны кой фæкæнæм. Æз æй куыд рахатыдтон, афтæмæй •адæймагæн стыр хос у. Лæг дзы хæрзхуыз дæр кæны. Æр- мæст уæ æдылы худтæй хуыцау бахизæд... Емынæйæ дæр æй фыддæр хонынц. Ноджы ма дзы иу хъуыддаг ис — лæгæн хорз æфсин хъуамæ уа. Дæ куыстæй æрбацæугæйæ-иу дын дæ къæбæримæ арахъхъы сыкъа дæ къухы чи фæсадза, ахæм. Уый та цæмæн хъæуы адæймаджы, æнхъæлут? Бон-изæрмæ дæ куысты куы фæуай, уæд дæ хъуыр алыхуызон рыгтæй бай- дзаг уыдзæн. Гъемæ сыл арахъхъ куы аскъæрай, уæд сæ йе- мæ хъаймæтмæ афардæг кæны. Стæй адæймагмæ хæрын дæр æрцæуы. Æндæр нозтæй хæрзхуыз ничи кæны. Хæрзхуыз кæ- нынæн худын æмæ хъæлдзæг уæвынæй хуыздæр хос нæй... Фыдæлтæй баззад: лæг æмæ, дам, ус фæрæты хъæдæй барст сты. Уый раст у. Кæд Габоцийæн йæ бинойнаг Ацырухс афтæ хæрзхуыз нæу, уæддæр зæрдæйы уагæй йæ моймæ тынг хæстæг лæууы. Иугæр Ацырухсы кой кæм скодтам, уым иу хабарæн ба- сусæг гæнæн нæй. Раст дæр нæ уыдзæн йæ басусæг кæнын. Стæй, Габоциимæ кæрæдзийы бирæ кæй уарзынц, уымæ гæс- гæ сын æхсызгон дæр уыдзæн йе ’рымысын. Цæстытæй иуы кой куы скæнай, уæд иннæйы дæр рох кæнын нæ хъæуы. Иудзырдæй, Габоци йæ тæккæ усгурыл куы уыдис, уæд ну хур бон сæ сыхаг хъæуы уынгты фæцæйцыд. Æваст йæ хъустыл æрцыд цавæрдæр æхсызгон зарæджы хъæлæс. Габо- цийы зæрдæ ныссæххæтт кодта æмæ суанг йæ сæрæй йæ къæх- тæм ныррызт. Зарæг кæцæй цыд, уырдæм хъуызгæ-хъуызгæ бацыд. Кæсы, æмæ, дын, тыргътыл иу æрыгон чызг бады. Саулагъз, хæрзконд чызг, цъында кæны æмæ зары: Дари быдæн кæй уафынц, Уый мæ ронæн куы уаид... Адæм се ’ппæт кæй уарзынц, Уый мæ мойæн куы уаид... Чызджы зарынмæ Габоци йæхи нал баурæдта. Каурæбын йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ кауы зыхъхъырæй мидæмæ каст. Чызг йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд, афтæ æдзынæг’ æм хъуыста, æмæ цавæрдæр лæг йæ уæлхъус куыд алæууыд, уый зонгæ дæр нæ бакодта. — Лæппу, бон-сихорафон давæг ма у, миййаг? — зæгъгæ, 107
Габоцийы хъустыл куы ауад, уæд йæ мидбынат хæрдмæ фæ- хауд. Лæгмæ скаст æмæ фæсырх; лæг дæр æй фембæрста æмæ йæ мидбылты бахудт: — Афтæ-иу нæ фæкæнынц, лæппу. Комкоммæ йæм бацæ- уьш хъæуы. Уыйфæстæ уыцы чызджы ракуырдта Габоци. Ацырухс йæ зарæджы цæмæ бæллыд, уый йыл æрцыд: адæм се ’ппæт кæй уарзынц, уый йæ мойæн фæци... О, æмæ Габоци военкоматæй куы æрцыд, хъуыддаг дæр уæдæй фæстæмæ райдыдта. Цæвиттон, цыма йæ худындзæг куырмæлхынцъ фæци, уыйау ыл цыдæр æрбамбæлд — худын нал сфæрæзта. Къуылдымы хъæу фпдаугæ дæр нал кодта æнæ Габоцийы худт æмæ хъæлдзæг ныхæстæ. Колхозы куырдадзæй нал хъуыст Габоцийы зарæг. Уый бæсты хъæсдарæг æмæ дзæбуг тынгдæр зыланг кæнын байдыдтой. Колхозонтæ-иу хатгай фæлварæнтæ дæр акодтой, уæдæ кæд исты амалæй Габоци- йы схудын кæниккам, зæгъгæ. Уыцы зæрдæйæ-иу æм фæйнæ- рдыгæй алыхуызон хъазæн ныхæстæ æппæрстой, фæлæ ни- цы — цыма сæ хъусгæ дæр нæ кодта, афтæ-иу ноджы æнувыд- дæрæй бавнæлдта йæ куыстмæ. Æмæ йæ уæд фæстагмæ йæхи уагыл ауагътой. Немыц Къуылдымы хъæумæ куы ’рбацæйхæццæ кодтой, уæд колхозы правлени Габоцийæн бахæс кодта, цæмæй кусæн дзаумæттæ æдас ран бамбæхса. Дзаумæттæн сæ фылдæр æфс- найд куыд фæци Габоци, афтæ немыц æнæнхъæлæджы хъæу- гæрон æрбалæууыдысты. — Бинонтæн ницыуал тас у, уыдон афонмæ комæй ба- хызтысты. Фæлæ, æвæццæгæн, дæхæдæг ам баззайдзынæ. Ам дæр нæ къабæзтæй хъуамæ исчи уа, — загътой хъæусоветы сæрдар æмæ колхозы парторг. — Æз уæ мад, уæ фыды уазæг, ам мæ ма ныууадзут. Фæл- тау цыфæнды хъуыддагыл дæр сразы уыдзынæн, — йæ хъуыры цъарыл ныххæцыд Габоци. — Ау, бирæгъты дзæм- быты мæ уадзут? — Сарæхсын хъæуы, — цыбыр дзуапп радта колхозы парторг. — Æрмæст-иу уæдæ, нæ бинонтæн хабар бамбарьш кæ- нут, — загъта Габоци. Æмæ уыцы ныхасы фæстæ йæ сины «цыдæр фæбадт», «фæ- къуылых» Габоци. 108
Немыц Къуылдымыхъæу бацахстой. Адæмыл тугуарæн бонтæ скодта. Цæхæрадоны, бæлæсты бын йæхицæн ныггæнд сарæзта Габоци дæр. Сыхбæстæй йæ уынгмæ рацæугæ дæр ничи федта. Æрмæст æм немыц сæхæдæг æрбалæууыдысты. — Ды, мах чи хъæуы, ахæм кусæг дæ æмæ фæстæмæ куыр- дадзмæ рацу, — тызмæгæй дзырдтой немыц. — Æз мæнæ мæ хуыссæнæй рахизынмæ дæр мæ ныфс куы- нæ хæссын, уæд цæй куырдадзы кой кæнут? — хъæрзгæ- нæтгæйæ дзуапп лæвæрдта Габоцн. Фæлæ немыц ууыл нæ баууæндыдысты. Цалдæр хатты йæ ехсы цæфтæй стæрсын кæнынмæ дæр хъавыдысты. Нæ, уæддæр къæрттæй цъула не ’ппæрста Габоци. Хъуыддагæй кæй ницы рауайдзæн, уый куы бамбæрстой немыц, уæд Габоцийы ныууагътой. Æмæ æппæт дæр ууыл куы ахицæн уыдаид! Фæлæ иу æм- бисæхсæв, пъæлицæйы чи куыста, иу ахæм уæлæсыхаг лæп- пулæг Габоцийы ныггæнды скуыси, сатæгсау расыг, йæ къæх- тыл дæр тыххæй лæууыд. — Мæ фыды ’рдхорд... Де ’хсæв хорз... Дæлæсыхы уыд- тæн æмæ дыл мæ фæндаг ракодтон. Цырагъ дæр дæм куы нæ нс. Æви уырысы бомбæтæй тæрсыс? Фæлæуу-ма, Габоци нæ дæ? Талынджы дын æвзаргæ дæр ницы кæнын... — Фæрсгæ ма мæ куы кæныс? Кæдæм цыдтæ, уый нæ зыд- тай? — æнæбарыгомау дзуапп радта Габоци. — Чи, æз?.. Дæумæ цыдтæн, дæумæ, Габоци, — йæхи сцагъта пъæлицæйаг. — Æмæ дыл ацы талынджы искуы куы амбæлдаиккой, уæд та? — А-а, ды дæр уыдонæй дæ? Къуылых чъеппайæ дæр уы- мæн асæррæтт ластай?! Гъо, гъо, уыдонæй дæ! Æз дын ныр- тæккæ фенын кæндзынæн, — ноджы хъæрдæрæй загъта пъæ- лицæйаг æмæ йæхи ныггæнды дуарырдæм аппæрста. Фæлæ Габоци йæ тыхджын къухтæй ацахста йæ «уазæджы»... Уæззау æмæ даргъ уыдысты уыцы бонтæ. Мæлæт гæппæв- воигæй разил-базил кодта Габоцийы ныггæнды алыварс, фæлæ уæддæр Габоцийæ никуы рох кодтой йæ бæрны конд хъуыддæгтæ. Æмæ иуахæмы зæхх ныррызт. Дупе нынкъуыст. Немыц кæрæдзийы сæрты хаудтой æмæ Къуылдымы хъæуæй лыгъ- дысты. Сæ мæрдты, сæ цæфты мæт дæр сæ нал уыд. 109
Райсомæй хур дзæвгар суад, афтæ Габоциты дуармæ æр- балæууыдысты хъæусоветы сæрдар æмæ колхозы парторг, Ноджыма семæ чидæртæ. — Бæрæгбоны хорзæх дæ уæд, Габоци. Бузныг, арфæ дын кæнæм партизанты номæй, — загъта хъæусоветы сæрдар æмæ Габоцийы къух райста. — Уый дæр хорз, фæлæ... — Фæлæ... мæ бинонтæн ницы зонут, бафæрсынмæ хъа- выс? — ныхас аскъæфта колхозы парторг. — Цæмæй йын тæрсыс? О, хæдæгай, куыннæ йын æй загътон раздæр. Ацы- рухсы дын хохы иу зæронд лæг аскъæфта, — æмæ парторг йæ дзыхыдзаг ныххудт. — Уымæй йын бæргæ нæ тæрсын. Æрмахуыр мын у, фæс- тæмæ та йæ ардæм хъæуы, — дзуапп радта Габоци. — Уæдæ дæ хæрзæггурæггаг мæн, æрцæуы дын, æрцæ- уы, — фæцырд хъæусоветы сæрдар. — Уæ фарн бирæ уæд, фæлæ мæ ныртæккæ йæ фенын аф- тæ фæнды, æмæ уын æй куыд зæгъон... Ахæм сахат мæ цуры куы уаид, бæргæ, — уынджырдæм кæсгæйæ, загъта Га- боци. — Ныртæккæ йæ ардæм хъæуы. Ныр ын фæндаг кæм фæ- ци, уым дæм йæ фазыл дæр бырдзæн,— фæлмæн худт бакод- та хъæусоветы сæрдар.— Цæй, уæдæ нын ныр дзауматы æвæ- рæнтæ бацамон, колхоз аразын хъæуы фæстæмæ. — Хорз, мæ хуртæ, хорз,— дзуапп радта Габоци æмæ колхозы мулк æмбырд кæнын райдыдта. Ие ’вæрæнтыл сæ æрзилын кодта. Æппынфæстаг сæ бакодта скъæты цæгат фарсмæ. — Мæнæ ма фæстаг хатт Нарæг æрдузы куы сæмбæлды- стæм, уæд уын цы дзырдтон, уымæй уæлдай ницыуал мæ къу- хы бафтыд. Фæлæ ма дзы иу хъуыддаг ис, æфсымæртæ. Мæ- нæ ардæм кæсут? Уæдæ, ам кæй бафснайдтон, уыдон дæр уын фенын кæндзынæн. Ома сæ зынæргътæй не ’сты, миййаг, фæлæ мын сæ бамбæхсын иннæтæй чысыл зындæр уыди. Ам мæ ныу- уагътат æмæ уын мæ хъуыддæгты тыххæй дзуапп ныртæккæ... Æрмæст ма уын æй иу хатт зæгъын, сæ зынæргътæй не ’сты. Кæсут уæдæ, — загъта Габоци æмæ, скъæтæн фæйнæгæй цы дыккаг къул скодта, уымæ бацамыдта. Стæй даргъ æфсæйнаг мæцъис райста æмæ йæ дыууæ фæйнæджы ’хсæн атъыста. йæ тььх, йæ бонæй йыл анцад. Скъæты фарсæй æртæ фæйнæджы уыциу хауд ракодтой, 110
фæйнæджыты фæдыл рафæлдæхтысты дыууæ немыцаджы æмæ иу пъæлицæйаджы салд мæрдтæ. — Иуварс, фæцæуынц уыл Гитлеры хабезентæ! — йæ алы- варс джихæй чи баззад, уыдоныл йæ цæстæнгас ахаста, æмæ йæ рихиты бын зына-нæзына мидбылты худт фæзынди Габо- цийæн. — Æвæццæгæн сыл, мæгуыр, аргъаугæ дæр ничиуал скодта, — йæ худын тыххæй уромгæйæ, фæцарæхст чидæр. — Æмæ сыл Габоци хорз куы саргъуыдта. Стæй куыдæй? Сайдæй, — загъта хъæусоветы сæрдар. — Сæ сæртæ сæ риутыл дзæбæх куы ’рхаудысты,— йæ ны- хас баппæрста, сарайы цæджындзмæ хæстæг чи лæууыди, ахæм бурхил лæппу. — Уыдоныл сæртæ куы уыдаид, уæд ардæм дæр нæ цыда- иккой, — дзуапп ын радта йæ фарсмæ лæууæг. Адæм æмхуызонæй ныххудтысты лæппуйы ныхæстыл. Зæр- дæбынæй ныххудт Габоци дæр. — О, уæ фæхъхъау æрбауон!.. Нæ лæджы худындзæг та фæкъæртт! — йæ къухтæ йæ риуыл дзуарæвæрд акæнгæйæ æмæ скъæты тигъæй адæммæ худæндзастæй кæсгæйæ, æрба- дзырдта Ацырухс. •
РÆСТМÆ ЧИ НÆ ФÆЦИ, АХÆМ ЛÆВАР æрты æрлæууыди цъæхахуырст файтон, ОРС-ы хицау Куыдзийæн йæ зæрдæ «змæлгæ» кæй код- та æмæ уый тыххæй сæрмагонд йæхицæн кæй са- разын кодта, уыцы зæу-зæугæнаг файтон. Рæ- гъауы фæстæ чи фæгобан, уыцы сау бæхæн йæ фæздæг йæ фæрстæй калд æмæ хæстулæфт кодта. Куыдзийы завхоз, сырхцъар, æрыгон лæппу- лæг Гамбол, роггомау æргæпп кодта файтонæй æмæ, дыккаг этажы къæлидорæй бынмæ цы гыц- цыл лæппу касти, уымæ сдзырдта: — Марадз-ма, лæппу, Рамазантæй мын искæ- мæ бадзур. — Ныртæккæ,— загъта лæппу æмæ асинтыл йæ къæхты хъæр ссыди. Лæппу фæстæмæ æрæгмæ куы здæхт, уæд Гамбол хъæдабæ гауызы бынæй кæрдæджы мур- тæ раласта æмæ бæхы хид фæрстæ сæрфыныл фæци. Уыйфæстæ файтонмæ схызти, голладжы фарсмæ йæхи уæззаугомау æруагъта æмæ йæ мидбылты бахудти. Æмæ куыннæ, уæ хорзæхæй!.. Йæ зæрдыл æрбалæууыд ай размæйы хъуыддаг. Æвæдза, амондджын дæр куыннæ у Гамбол. Хуыцауы хуымæтæджы стыхсы иуæй-иу хатт йæ цардæй. Уæвгæ йын кæй аххос вæййы? Цал хатты фæзæ- гъы йæхицæн, арæхсгæ цæмæ нæ кæнай, уымæ
дæ ныфс дæр ма хæсс, зæгъгæ? Æниу ахæстонæй куы рацыди, уæд ын цы сомытæ бакодта, давыны уагыл мæ къух дæр ни- цæмæуал бакæндзынæн, зæгъгæ, фæлæ цæстыты аххос у, æви къухты, уый абоны онг дзæбæх дæр нæма рахатыдта. Цæ- виттон, цæстытæ исты фенæнт, æндæр къухтæ иу ран нал фæлæууынц. Стæй хицауæй дæр у, хицауæй. Гъеныр мæнæ райсæм Куыдзийы. Гæды ныхас цæмæн у, Гамболæн æвзæр нæ уыди. Кæрæдзийы дзырд æмбæрстой æмæ, куысты мидæг уый куы уа, хорз дæр уæд вæййы. Фæлæ йæ ныр цалдæр боиы размæ йæ куыстæй фелвæстой, æмæ дарддæр хъуыддæг- тæ куыд рауайдзысты, хæйрæг йæ зонæг. Иæ хъуыддаг суды кæй ис, уый дæр хорз зоны Гамбол. Исты бæллæх та йыл куы ныббызычъи уа, уымæй стъæлфгæ дæр кæны. Фæлæ йæ ног хицау Рамазаны куыд бафæнда, хабæрттæ дæр афтæ кæй ацæудзысты, ууыл дызæрдыг нæ кæны. Ныр цалдæр боны ни- цыма бафтыд йæ къухы æмæ йæхимæ мæсты дæр кæны. Но- джы Рамазаны зæрдæйы уагæн дæр ницыма базыдта, æмæ йæ, раст зæгъын хъæуы, уый дæр иучысыл бакъуылымпы кодта. Цыфæнды кæд уыд, уæддæр ацы райсом сфæнд кодта йæ хицауы зæрдæ балхæнын. Иæ фадат цы уыди, уымæй æппын- дæр ницæуыл бацауæрста. Мæнæ ныртæккæ йæ фарсмæ цы стыр бур голлаг ис, уый цыхты дзæбæхæй, къалбасы хуыздæ- рæй æмæ дзидзайы нарддæрæй байдзаг кодта æмæ Рамазан- ты кæрты балæууыд. «Кæд, миййаг, Рамазаны уым нæ баййафон, уæддæр сæ йæ усмæ ратдзынæн. Иугæр усы зæрдæмæ фæцæуæнт мæ лæ- вæрттæ, æндæр уый Рамазаны хъусы бæргæ бацæгъддзæн æмæ уæд хъуыддаг арæзт у»,— хъуыды кодта Гамбол. Уыцы рæстæг та асинтыл кæйдæр къæхты хъæр ссыди. «Чидæр сæ рацæуы»,— загъта йæхинымæр æмæ æнæбары ху- дæн хуыз акодта йæ цæсгом Гамбол. Уыцы «чидæр» Рамазантæй нæ разынди æмæ Гамболæн фадат радта йæ хъуыды кæронмæ ахæццæ кæнынæн. Гъо, æмæ ай-размæйы хъуыддагыл цыди ныхас. Чысыл-ма бахъæуа, йæ къона ма ’рбайхæла. Уæддæр йе ’взаджы цæ- рæнбон бирæ уæд, уый ма фæцарæхст, æндæр фыдбылызы хъуыры æд хуылфыдзауматæ аирвæзтаид. Æмæ куыннæ, дæ фыды хатырæй! Кæд Куыдзи цыфæнды хорз зæрдæ дардта Гамболмæ, уæддæр хицау уыди æмæ йæ цы бафæндыдаид, уый аразгæ дæр скодтаид. 8 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 113
Цæвиттон, бæхтæрæг Микъала æваст æрбарынчын. Гам- бол дæр тæнзæрдæ адæймаг кæм нæу æмæ, Куыдзимæ хуымæ- тæджы кусæг нæ, фæлæ завхозæй кæй кусы, уымæ дæр нал фæкаст, æууæндгæ дæр никæуыл бакодта æмæ йæхæдæг фан- тоны абадт. Ноджы Куыдзи фистæгæй цæуынмæ куыд зи- вæггæнаг уыди æмæ йæм файтон куы нæ бацæуа, уæд та куыд хъæртæ кæндзæн, уый рагацау йæ хъустыл ауад. Фæлæ арды- гæй уырдæм бæх афтидæй фæтæр, уый хорз нæ уыдаид. Æмæ файтоны урс дзулладжы голлаг баппæрста. Цалынмæ скъла- ды къуымты зылди, уæдмæ йын æрæджы дæр фæци. Æмæ куыддæр кулдуарæй рахызти, афтæ йе ’намондæн Куыдзиимæ хæрхæмбæлд фесты. Æнæнхъæлæджы бæллæхæй Гамболæн йæ хуыз фæцыди. Цы ма загътаид, уымæн æмбаргæ дæр ни- цыуал бакодта. Дзулладжы голлаг ма цы фæнды фæуæд,— уый кæттаджы бынæй зынгæ дæр нæ кодта,— фæлæ æппæт бæллæхтæ аразæг дæр хуыйы фæстаг æрдæг уыди; цалынмæ скъладæй кулдуа- ры цурмæ хæццæ кодта, уæдмæ хуыйы агъд æгасæй дæр бай- гом. Куыдзийы цæхæр цæстытæй дын ахæмтæ ирвæзы, цы: уай- тагъд æй ауыдта. — Цал хатты уын хъæуы дзурын? Æз Микъалайæн знон фæдзæхсгæ куы бакодтон, файтон-иу раздæр æрбакæн, зæгъ- гæ,— хицауы хъæлæсы уагæй загъта Куыдзи æмæ Гамболы цæстытæм комкоммæ ныккаст: — Куыдзи, бахатыр кæн, Микъала та фæрынчын æмæ мын æрæджиау фехъусын кодтой. Стæй мæхи аххосæй нæ ферæ- джы кодтон. Мæнæ дын, зæгъын, кæд зноны ссадæй иучы- сыл мемæ айсин, зæгъгæ, афæстиат дæн, — къæмдзæстыгæй дзуапп радта Гамбол. — М-м... Кæд афтæ рауади хъуыддаг, уæд цы гæнæн ис... Цу, уæдæ, æрмæст уæ бæхмæ фæкæсут, уæ бæхмæ. Куыд ни- цæмæнуал бæззы. Ма йæ фæриссын кæн. Мауал æрæджы кæн уæдæ, уазджытæн хæринаг цæмæй скæной, уый дæр сæм нæй, æнхъæлдæн, — йæ хъæлæсы уаг фæныллæгдæр кæнгæ- йæ, æрæджиау загъта Куыдзи. Гамболы фæдыл ма акаст æмæ йæ ныхасыл бафтыдта: — Стæй уæртæ уый дæр бамбæрз, цæмæн æй ныггом код- тай?.. Кæд Гамболæн йæ фæндон йæ хъуыры фæбадти, уæддæр йæ сарæхстдзинадæй разыйæ рацыди. Зæу-зæугæнаг файто- 114
ны, дзулладжы фарсмæ бадгæйæ, нал фæлæууыд йæ зæрдæ æмæ сæхиуыл йæ фæндаг акодта. Йæ ус Фатъи та уыцы ху- дæн былæй рауади йæ размæ. Гамбол æм хуыйы агъд æмæ урс ссады пут куы балæвæрдта, уæд йæ былтæ сысчъилтæ кодта, куыд гыццыл сты, зæгъгæ. — Куыдзитæм æнахуыр уазджытæ ис æмæ сын хуын сда- вын хъæуы. Хъусыс? Æрмæст дзæбæх хуын. Уадз, æмæ зоной, Гамбол дæр йæ сæрыл худ хуымæтæджы кæй нæ хæссы, уый,— бæхмæ бавзыстытæгæнгæйæ, загъта Гамбол. Æмæ уайтагъд Куыдзиты кæрты æрбалæууыд. Дзуллаг æмæ кусарт дыккаг этажмæ куы схæццæ кодта, уæд Куыдзи- йы ставд ус йæ размæ фæци. Йæ хæмпус тымбыл рустыл та уыцы диссаджы къуырфытæ фæзындысты, æмæ сæм Гамбол куы фемдзаст, уæд та йæ зæрдæ цавæрдæр цæлхъхъ ныккод- та. Йæ даргъ халаты фæтæн дзыппæй, сыгъдæг гæххæтты арæхсгæ тыхт цы зынаргъ къафеттæ уыди, уыдон систа, йæ мидбылты фæлмæн худт бакодта æмæ сæ Зойæмæ радта. — Адон ныр æнæхъæн къуыри дæу тыххæй фæдардтон, — загъта Гамбол æмæ цыма йæ ныхæстæй æфсæрмы фæци, уый хуызæн фæрсаджырдæм бацыд. — Адоны хуызæн адджын цард фæкæн, — дзуанп радта Зойæ, йæ комдзаг æххæст нæма аныхъуырдта, афтæмæй. Раст сæрдыгон æнуд бон адæймагыл уазал уддзæф куы сæмбæлы æмæ уый зæрдæйæн куыд æхсызгон вæййы, афтæ æхсызгон уыди Гамболæн дæр Зойæйы хъæлæс. Цавæрдæр хорз ныхæстæй дзуапп раттынмæ хъавыди Зойæйæн æмæ йæм цæхгæр фæзылди. Æдзынæг ныккасти Зойæйы тымбыл цæс- гоммæ æмæ æнæнхъæлæджы сирвæзт йæ дзыхæй: — Тæхудиаг нæу Куыдзи... — Гамбол, уый цæй тыххæй зæгъыс? Мæ мард фен, ды йæ мæнæй куы басусæг кæнай, — бафарста Зойæ æмæ йæ цæс- гом туджы ахъазыд, йæ худгæ былтыл цавæрдæр сусæг хъуы- ды баззади æмæ зына-нæзына змæлыдысты. Стæй Гамболмæ хæстæгдæр бацыд, йæ мыдхуыз цæстытæ ноджы тынгдæр сæрттывтой æмæ ныллæг, хæрз ныллæг хъæлæсæй ракуырд- та.— Зæгъ мын æй... Цæмæн æй æмбæхсыс?.. Зойæйы фæлмæн ныхæстæм Гамболы зæрдæ æхсызгон хъыдзы скодта, цæсгом æгасæй дæр туджы рафыхти. Фæлæ... къæлидоры асинтыл æнæнхъæлæджы кæйдæр къахы хъæр ссыди. Гамболæн цыма уыцы сахат исчи йæ зæрдæ туасæй фæрæхуыста, уый хуызæн хæрдмæ фæхауди, йæ цæнгтæ йæ 115
уæрджытыл æрхаудысты æмæ арф ныуулæфыд. Зойæ дæр къуымырдæм йæхи баппæрста... Æмæ ссады голлаг æмбæр- зыныл фæци. — Æвæццæгæн, уыдон уæ уазджытæ сты, — дуарырдæм ма йе ’ргом фездахгæйæ, загъта Гамбол. — Цавæр уазджытæ? — йæ зæрдæйы змæлд тыхурæд кæнгæйæ, афарста Зойæ. — Куыдзи мын дзырдта, уазджытæ уæм ис, зæгъгæ. — Ам куы ничи ма уыди... Æз уынгæ дæр никæй ма фæ- кодтон... Чидæриддæр сты... Дуар æрбахостæуыд æмæ уыцы æрбахост Гамболæн кæд цыфæнды хъыг уыди, уæддæр дуар тагъдгомау фегом кодта. Хæдзармæ æрбахызти Зойæйы хæстæг, ам горæты чи царди, ахæм ацæргæ сылгоймаг. — Зойæ, цæй æз цæуын. Уазæг, ды та мын хатыр бакæн,— загъта, къулы æнцойæ ехс райсгæйæ, Гамбол. — Уый та куыд «цæуын» у? Абадтаис уал. Уæддæр нырма раджы у. Уый дæр æфсæрмыйаг уазæг нæу, — дзуапп радта Зойæ, æрбацæуæг сылгоймагмæ бацамонгæйæ. — Ау, ме ’рбацыдмæ уыди де ’мгъуыд? — йæ ныхас бап- пæрста сылгоймаг. — Нæ, мæн тагъд кæнын хъæуы. Æнхъæлмæ мæм кæсдзы- сты. Стæй мын лæгъстæтæ хъæуы? Мæхи хæдзары хуызæн,— дзуапп радта Гамбол æмæ къæсæрæй рахызт. Зойæ дæр йæ фæдыл рауади. — Кæд та нæм æрбауайдзынæ? Дæ ныхас дæр кæронмæ куы нæ фæдæ... Мæ зæрдæ йемæ дзурдзæн, — загъта Зойæ æмæ та ногæй комкоммæ ныккасти Гамболы цæстытæм. Гам- бол дæр иннæ хæттытæй уæлдай ацы хатт Зойæйы къух райс- та, нылхъывта йæ æмæ ризгæ хъæлæсы уагæй загъта: — Æндæр хатт... Æмæ кæртæй куы рахызти, уæддæр ма йæ зæрдæ æнахуыр гуыпп-гуыпп кодта, йæ цæсгом артау сыгъди. Бæхы йæ даргъ сæппæй ауагъта. Горæтгæронмæ куы рахызти, уæд арф ныу- улæфыд, йæ уæнгтæ аивæзта æмæ загъта: — Ехх, Зойæ!.. æвгъау дæ ды уыцы къуыдыронимæ базæ- рондæн... Фæлæ уыцы сахат, цыма йæ йæ ныхасы фæстаг дзырдтæ сæ фæдыл искæцæй раскъæфтой, уый хуызæн йæ сæры фев- зæрди цавæрдæр хъуыдытæ æмæ йын йæ зæрдæ бариссыи кодтой. 116
«Хуыцауæй разы!.. Хорз рауади хъуыддаг. Иттæг хорз! — хъуыды кодта йæхинымæр Гамбол. — Иблисæй уæлдай нæу, кæцæй февзæрдзæн, уый зонгæ дæр нæ бакæндзынæ... Афтæ- мæй мæ уым куы ’рбаййæфтаид Куыдзи. Ноджы Зойæйы цæс- гом артау сыгъди... Дуар ахгæнын дæр нæ æрбайрох. Уæвгæ ма ууыл та чи уыди? Уæддæр уыцы усæн рагагъоммæ йæ къахы хъæр кæй фехъуыстон. Нæ! Æвæццæгæн, мæ амонд уыди!.. Фæлæ, афтæ нæ вæййы, Куыдзи нæ куы ’рбаййæфта- ид, уæддæр цы?.. Мыст, дам, къахта æмæ йæхицæн гæдыйы сæр! — ныфсджындæрæй загъта Гамбол, — куы мæ ракъах- таид, уæд ын æз дæр йæ митæ хурмæ ракалдтаин. Уæвгæ сæ Зойæ хъуамæ йæхæдæг дæр зоны. Искуыма давонхæрдæн ба- сусæг гæнæн ис?.. Фæлæ уæддæр Зойæ Куыдзийы митæ се ’ппæт кæм зондзæн?.. Уый дын къæсхуыр Мисурæт, кæнæ гуы- быр фындз Афассæ... Уæдæ ма дзы, æвæццæгæн, æз кæй нæ зонын, ахæмтæ дæр разындзæн... Уыдон ын Зойæйы цур иу- гай, дыгай куы ранымадтаин, уæд æй кæстæртæ федтаиккой, йæ Куыдзийæн ма йæм цы аззадаид, уый!.. Нæ, фæлæ, — цæх- гæр ныззылди Гамбол, — цæмæн хъæуы мæн Куыдзийы тыз- мæгдзинад? Цы пайда мын радтаидуый? Уæд мæ хъуамæ мæ куыстæй дæр фелвæстаид. Фæлтау дæ пъирийыл æнцад хæц æмæ ницы ’мбарæджы цæстæй кæс! Нæ, иу хуыцау уыди æмæ мæ æрра кодта, иннæ хуыцау та мæ фарс хæцыд. Фæлæ искæй адджын комдзагмæ дæ комыдæттæ куы уайой, уæд æй афтæ арæхсгæ исын хъæуы æмæ дыл йæ хицау æнæууæнк куыннæ фæуа, дзыххæлиуæй дæм куыд кæса æмæ дын йæхæ- дæг куыд дзура: — «Хæлар дын уæд, мæ хуры чысыл... Хæлар дын уæд...» Уымæ та æрмæстдæр сарæхсын хъæуы. Науæд дæ комыдæттæ бынтондæр бахус уыдзысты æмæ уæд дæ гуырæй райгæ у!» — йæхинымæр хъуыды кодта Гамбол. Æнæнхъæлæджы йæ хъуыды æрдæгыл фескъуыд Гамболæн. Дыккаг этажæй уырдыгмæ ракасти, иу-фынддæс азы кæуыл цыди, ахæм саулагъз чызг, сынты базыртау сатæгсау дыууæ дзыккуйы, цыбыр дысджын цъæх чырынтæ уæллаггуырыл тæмæнтæ калдтой. — Ардæм дзурыс? — бафарста чызг æмæ цавæрдæр зæр- дæмæдзæугæ цæстæнгасæй æркасти Гамболмæ. Гамболæн райдианы чызгыл йæ цæст не ’рхæцыд æмæ ныр сылгоймаджы хъæлæс йæ хъустыл куы ауад, уæд йæ мидбынат фестъæлфæ- гау кодта. — Ды... Рамазаны чызг дæ? — афарста Гамбол. 117
— О, æз Рамазаны чызг дæн. — Æмæ Верæ... Верæ Хъазмæхæмæтовнæ кæм ис? — Афтæ нæм куы ничи хуины. — Бахатыр кæн, фæлæ мæ дæ мад Верæйæн йæ фыды ном æрбайрох. — Мысост хуынди йæ фыды ном. — Гъо, гъо. Акса-ма, куыд мæ æрбайрохи,— загъта Гам- бол æмæ йæхинымæр ахъуыды кодта: «Ныртæккæ дæр ма мæ дæлæвзаг рауай-бауай кодта... Знон ма йæ скълады тетрады цъарыл дæр афыстон». — Рауай, уæдæ, æмæ мын иучысыл аххуыс кæн, — загъта Гамбол, æмæ, чызг уайтагъд йæ уæлхъус куы ’рбалæууыди, уæд æм худæнбылæй зулаив бакаст, стæй йæ ныхасы кæро- ныл бафтыдта:—Мæнæ ацы чыргъæд афæраздзынæ? — Цы сты, æз сын куы ницы ’мбарын,— файтоны цур æм- раст алæугæйæ загъта чызг. — Аххос мæхимæ исын. Мæхи дæр дын нæ бацамыдтон. Æз Рамазанмæ завхозæй кусын æмæ уын мæхи номæй... Цæй, сдавæм уал сæ, стæй кæрæдзи дæр базондзыстæм, — дзуапп радта Гамбол æмæ голлаг йе ’ккоймæ систа. — Мамæ дæр, æвæццæгæн, афонмæ æрбацæуы æмæ йæм куы банхъæлмæ кæсис, — тыхстхуызæй дзуапп радта чызг æмæ кулдуарырдæм акаст. Гамбол Рамазаны усы æрбацыдмæ нал банхъæлмæ каст, йæ лæвæрттæ куы ’рæфснайдта æмæ фæстæмæ рацæуынмæ куы хъавыд, уæд ма чызгæн загъта: — Цæй уæдæ, Верæйæн-иу зæгъ, Гамбол, дам, адон дæ- уæн йæхи номæй æрбаласта. Ныртæккæ, зæгъ, не ’скълад мæ- гуыргомау у æмæ нын хатыр бакæнæд... Уыцы сахат фаллаг уатæй телефоны хъæр фæцыд. Чызг уатмæ бауад æмæ йæ ныхас райхъуыст: «Уæртæ дуканимæ ауад. Хорз, зæгъдзынæн ын... Гамбол дæр махмæ ис... Мæнæ цы’дæртæ æрбаласта... Æз сæ нæ куымдтон, фæлæ... Мæ коммæ нæ бакæсдзæн. Хорз...» Чызг телефоны хæтæл стъолыл фæуагъта æмæ Гамболмæ рауад. — Папæ дæм дзуры,— загъта чызг æмæ, дарддæр цы уы- дзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ дуармæ хæстæг æрлæууыд. — Кæцæй дзуры, кæ? — фæлмæн худт бакодта Гамбол æмæ уаты фæмидæг. — «Гъомæ... зæгъын, кæд тыхст сты. Кусджытæй зæгъыс? 118
Уыдон мæ бар уадз. Уыдонæй дзæгъæл дзырд бирæтæ кæны... Тыхсгæ ма кæ, зонгæ сæ ничи бакæндзæн. Гъомæ, æз дæр дæ бинонты мæт кодтон, æндæр... Ау, мæ хицауыл куы нæ батых- сон, уæд ма цæй кусæг дæн? Куыд, куыд? Нæ дæ бамбæр- стон. Алло... Алло!..» Ууыл ныхас фæци. Уæнтæхъил, сæргуыбырæй рацыд уа- тæй Гамбол. Йæ хуыз фæцыд, стæй æрæджиау голладжы цур- мæ бацыд æмæ ныллæг хъæлæсæй загъта: — Чызг, голлаг исынмæ ма мын аххуыс кæн. Голлаг файтоны куы сæвæрдта, чыргъæдтæ фæстæмæ се ’дзæгтæй кæртмæ куы ’рхаста, уæд йæ уазал хиды фæрдгуытæ асæрфта æмæ загъта: — Ницы ’мбарын хъуыддагæн... Ай Куыдзи куы нæ у, куы. Фæлæ йын æвзæрæй цы ракодтон? Йæхи хæдзармæ йын сæ куы ’рбаластон... Нæй, ницы ’мбарын хъуыддагæн, — фæстаг ныхæстæ хъæрдæрæй загъта Гамбол æмæ файтонмæ схизын- мæ хъавыд. — Чысыл фæстæдæр сæ бамбардзынæ, — загъта файтоны фæстæты уынгæй чи æрбахызт, уыцы дыууæ милиционерæй иу, — сбад, дæхи уæрдоны дæ схæццæ кæндзыстæм. •
ÆХСЫЗГОН УЛÆФТ аддзахвæндаджы галиу фæрсты згъоры машинæ. Фæстæмæ тæхынц телыхъæдтæ, бæлæстæ. Фæн- даджы рыг æрбадт нартхоры хуымтыл, карст мæ- нæуы уыгæстыл. Цæлхыты бынæй, тарст цъиу- тау, фæйнæрдæм тæхынц бæлæсты сыфтæртæ. Æгæр афынæй ацы райсом Урсдоны МТС-ы шофыр Аслан. Раджы рацæуинаг уыди, фæлæ... Мæнæ ныртæккæ йæ фарсмæ кабинæйы фæлмæн бандоныл йæхи цы неси узы... Уæвгæ неси йæхæ- дæг бæргæ ницы аххосджын уыди. Аххостæ иу- уылдæр зæронд Микъолозы аххостæ уыдысты. Цыма колхоз уыцы иунæг несийæ мæгуырдæр фæуыдаид, уый хуызæн йæ къæртдзæххæй иф- тыгъд берданкæ Асланмæ цалдæр æргъæвды скодта. Иæ амонд уыди, æмæ зæронд лæджы коммæ бакаст, æндæр Микъолоз йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдтаид, берданкæ йыл ныффæздæг ластаид. Ахæм заман йæ ус Дадиккайыл дæр нæ бацауæрддзæн. Хъæуы фæсивæд колхозы хар- бызтæ æмæ неситы хуымтæй дæрдты хуымæтæ- джы нæ лидзынц. Микъолозы берданкæйы къæрт- дзæхх дзы бирæты фæлмæнтæ басыгъта. Æмæ Аслан, раст зæгъын хъæуы, ахæм бæллæх ыл куы æрцæуа, уымæй æдас нæ уыди. Дæ бын дудæд, афтæмæй машинæ скъæр... Æмæ йæ уæд æнæ не- си ничи уагъта. Уæвгæ йæ хъæугæ та тьшг æх- сызгон кодта. Цæмæн, уый афоныл Микъолозæн
куы бамбарын кодтаид, уæд дзы уыйбæрц ныхæстæ дæр не ’рцыдаид. Асланæн йæхи загъдау,— неси йедтæмæ ма исты уыди! Микъолоз йæхæдæг дæр кæддæр лæппу куы уыди. Бам- бæрстаид æй, раттаид ын иу нæ, фæлæ цалдæр несийы дæр. Фæлæ Аслан, несийыл афтæ тынг цæмæн ныцъцъæх, уый зæ- ронд лæгæн комкоммæ зæгъын нæ уæндыд. Стæй хъуыддаг æрмæст ууыл дæр нæ уыд. Аслан баздæхт æмæ, Микъолоз сы- вæллонау кæмæ зылд, уыцы неситæн сæ тæккæ хъомылдæрмæ бахъавыд. — Ратт мын æй. Дæ хорздзинад дын никуы ферох кæн- дзынæн,— йæ хъуыры цъар аивæзта, афтæмæй лæгъстæ код- та Аслан. — Бирæ мæ мауал дзурын кæн. Ныртæккæ дæ гуыры конд ардыгæй куы нæ айсай, уæд дыл мæнæ берданкæ ныффæз- дæг ласдзынæн. Хуыцауæй дын ард хæрын, дæ неси дæр дæ нал бандавдзæн, — къæрттæй цъула не ’ппæрста зæронд лæг. Æмæ-иу Аслан йæ бынатæй исчердæм фезмæлынмæ куы хъа- выд, уæд-иу æм берданкæ фæдардта. — Афтæ æнхъæлыс, æмæ сæ мæхицæн ауæрдын? Нæ, мæ фыдыстæн. Фæлæ мæнæ районы равдыст куы уа, уæд дзы, зæгъын, мæ номыл дæр исты кæд уаид, æндæр дзы мæ зæронд мæрдтæн хист куы нæ кæнын миййаг... — Равдыст дæр хорз у, фæлæ, Микъолоз,уæлæ горæты иу дзæбæх... Лæппутæ йын алырдыгæй лæвæрттæ ласынц æмæ, зæгъын, æз дæр...— неси йæ афтæ æхсызгон цæмæн хъуыд, уый æмбарын кодта Аслан. — Фæлæуу, фæлæуу.— Исдугмæ цæуылдæр ахъуыды кæ- ныны фæстæ фæцырд Микъолоз. — Горæтмæ, зæгъыс?.. Æмæ дыл уæд изæрсарæй дзых нæ уыди? Æви Микъолозæн ницы æмбарын æнхъæл дæ? Æви æз дæ карæн никуы уыдтæн? Уыд- тæн, мæ фыдыстæн! Стæй дæу хуызæн æнæныфс дæр нæ уыдтæн. Мæнæн мæ хъуыддаг афтæ асламыл куы цыдаид, уæд, хуыцауыстæн, мæ размæ æнæхъæн æфсад куы æрлæу- уыдаид, уæддæр сын æй сæ фындзы бынæй ахастаин. Ды та мын изæрсарæй лæгъстæтæ кæныс. Æз дын уыцы чызгæй куы уаин, уæд дæм фæстæмæ дæр нæ фæкæсин. Цæй усгур дæ да, æнæхъару зæронд лæджы раз зыр-зыр чи кæны? Иæ бердан- кæ йын йæ къухтæй срæдув, бацу æмæ неси рахæсс. Замма- найы машинæ дæм, — абад ыл æмæ гъæй кæн... Стæй-иу дын уæд несийы хицау дæ фæдыл цæхх кæнæд. Зæронд лæгæн йæ хос дæхи къухы: чындзæхсæвы йын зылын сыкъа йæ къухты 121
фæсадз æмæ дзы уæд йæ неси нæ, фæлæ йæ фыды мард дæр æрбайрох уыдзæн. Несийы тыххæй дæ уарзон аирвæзæд... Худинаг, Аслан, худинаг!.. «Несийы тыххæй бæргæ нæ ирвæзы, Микъолоз... Уæвгæ ды та уыдæттæн цы æмбарыс? Дæ мусонджы раз хъæбæрдзы- хæй дзурыс, фæлæ йæ цуры куы æрлæууис æмæ дыл уыцы сатæгсау цæстытæ сæ цæхæр куы æрбакаликкой, уæд дæм бæрæг уаид, цы дзырдарæхст ма уаис, уый кæстæртæ фениккой», — зæгъынмæ хъавыд Аслан, фæлæ йыл Микъо- лозы зæрдæ куы фæхуда æмæ та иннæрдæм куы фæуа, зæгъгæ, йæхи баурæдта. Микъолоз та, цыма, уалдзæгæй нырмæ мусонджы иунæгæй бадгæйæ, йæ къухы дзурын цы нæ бафтыд, уыдон ацы изæр баххæст кæнынмæ хъавыд, уый хуызæн гæркъæраг фестад. — Æмæ дæ уæдæ горæтмæ хъæуы, нæ?.. Лæварæн? Æмæ цы кæны... Уый æвзæр нæу. Мæ фыдыстæн, æрмæст дзы хъæс- тæ фæуæд, æндæр йæхи къахæй ам æрбалæудзæн. Айразмæ газеты куыд фыстой, уый кастæ? Микъолозы харбызтæ æмæ неситæй æппæлыдысты! Æрмæст... Хъус-ма, лæппу, сайд дыл ма æрцæуæд. Цыма хъуыддаг æгæр асламыл цæуы... Горæты чызджытæ фыдуаг сты — дæ сæр дын куыд разилын кæндзы- сты, уый зонгæ дæр нæ бакæндзынæ. — Уый иннæты хуызæн нæу... Æцæг сæр разилын кæнын- мæ... Уымæй раст зæгъыс. Æрмæст мæм йе ’лхыскъ ныхæстæй уæлдай фæстæмæ дæр нæ кæсы,— йæхи нал баурæдта Аслан æмæ, зæронд лæгмæ ахæм ныхас кæй суæндыд, уымæй феф- сæрмы. — Кæмæ? Дæумæ? Мæкæрæзы хуызæн лæппумæ? Ау, æмæ уый цавæр зæды мыггаг у, дæумæ фæстæмæ дæр чи нæ кæсы, уый? Ныфсджындæр хъуаг дæ, Аслан, ныфсджындæр! Афтæ ма йæм комкоммæ бацу. Æрмæст — ныхæстæ бирæ нæ. Ахæм сахат бирæ ныхæстæ фыдбылызы йедтæмæ ницы пайда æрхæсдзысты. Æрмæстдæр иунæг ныхас, йæ кæхтæй йæ сæр- мæ йæ чи ныууигъа, ахæм ныхас. Бамбæрстай? Науæд ды цалынмæ бахъав-бахъав кæнай, уæдмæ йæм æндæр исчи фæ- царæхсдзæн. Æмæ йын уæд дæ неси нæ, фæлæ дæ машинæ куы балæвар кæнай, уæддæр дзы ницыуал рауайдзæн. Цом. Æз дын ныртæккæ ахæм неси равзардзынæн, æмæ Иры зæх- хыл чи нæма æрзади. Æрмæстдæр-иу ын мæ номæй зæгъ, иннæ чызджытæй дзы, зæгъ, макæнæм ратт, науæд тæрсын, иууылдæр нæ хъæумæ куы ныххæррæтт ласой, уымæй. — Йæ 122
мидбылты худгæйæ дзырдта Микъолоз æмæ, йæ берданкæ йæ ’ккой, афтæмæй Асланы разæй фæраст. — Бузныг, Микъолоз, зæгъдзынæн ын, — чысыл фæстæ- дæр, йæ несийы фарсмæ машинæйы кабинæйы бадгæйæ, зæ- ронд лæгæн арфæ кодта Аслан. — Р1æ зæрдæмæ фæцыди, нæ, уый-иу мын фехъусын кæн. Фæстæмæ-иу ауылты рацу!.. — машинæйы фæдыл ахъæр код- та Микъолоз. — Хо-о-рз! — изæры уддзæф ма дардæй æрбахаста Асла- ны дзуапп... Згъоры, тындзы размæ машинæ. Горæтмæ куыд хæстæг- дæр кæны, афтæ Асланы зæрдæ тынгæй-тынгдæр змæлы. Ды- сон æм Микъолозы ныхæсты фæстæ цы ныфс фæзынд, уый сабыргай уæнгты тайы. «Куыд ын зæгъдзынæн? Цы æфсонæй йæм ратдзынæн. хъæбысы тыххæй чи цæуы, уыцы неси? Стæй лæппутæ цы зæгъдзысты? Хынджылæг та куы сисой... Уæвгæ уыдон дзу- рынæй фылдæр цы кæнынц, фæлæ та мын йæхæдæг исты уайдзæф куы бакæна», — фæндагмæ æдзынæг кæсгæйæ, хъуы- ды кæны Аслан æмæ та ногæй йæ зæрдыл æрбалæууыд, ай- размæ йын утæппæт адæмы раз цы уайдзæф бакодта, уый. Уæд æм хъазæн ныхæстæ иннæтæ кодтой, йæ пырх та Асла- ныл акалдта: — Ды та, гогыз бындзмæ куы кæса, уый каст цы ныккæ- ныс? Гоби дæ æви дæ дзыхы ныхас хæлæг кæныс? Кæд дæ мæн хуызæн фесæфт, уæд мын æй комкоммæ зæгъ, науæд дын дæ курæггаг цæхдоны хуызæн цæстытæй тæрсгæ кæнын. «О, дæу хуызæн... Кæсгæ дæр дæм уымæн фæкæнын, уы- мæн, æмæ мæ дæ фыдæх уæд!»—чызджы фæдыл адзурынмæ хъавыд Аслан, фæлæ уый уайтагъд скълады кæрты смидæг æмæ ма уырдыгæй йæ худт райхъуыст. — Дæ хъуыддаг цæуы, Аслан... Саг дын фæрæтмæ æрцыд. Уæдæмæ ныртæккæ дæ машинæ ам фæуадз, æмæ йæ мад æмæ йæ фыдмæ згъоргæ. Уæ чызг Дзерассæйы хуызæн мæ, зæгъ, фесæфт æмæ уый агурæг æрбауадтæн, — йæ ныхас баппæрста лæппутæй чидæр. — Дзерассæйы мад ма йæм двайно æмæ хъайлайæ дæр хорз фæкæсид. Ахæм хорз, дам, сæ кæны, ахæм!.. — бафтыдта йыл иннæ. — Арæх сæм чи вæййы, уый мын дзырдта... — Æмæ йæ ды та цæмæй зоныс? 123
— Æмæ йæм уæдæ Дзерассæйы мад двайно æмæ хъайла- йæ хорз фæкæсид, зæгъыс? — Уæдæ, сиахсыл сæ цингæнаг хонынц... — Уæлдайдæр йæ фыд... Сиахсы, дам, тынг буц дары; къæдз лæдзæгæй йын йæ синтæ куы нæ аныха, уæд ын ад дæр нæ кæны, — машинæты æхсæнæй ныххудти æртыккаг. — Раст нæ загътай, Хъасболат. Нæ фæлæ, дам, æгæр бирæ чи фæдзуры, уымæн йе ’взагыл æхсынцъыдонæй укол кæны, — йæхи нал баурæдта Аслан. — Уый мах рагæй зонæм, уыцы уколы фæстæ дæ разы де ’взаг куы ныссалд, уæдæй нырмæ, — машинæйы аууонæй йæ даргъ къубал сивæзта Хъасболат, стæй лæппутæй кæмæдæр йæ цæст фæныкъуылдта æмæ ныззарыд: Æгънæг æнгом чи дары, Уый ма ронæй цы кæны? Адæм се ’ппæт кæй уарзынц, Уый ма мойæ цы кæны? — Гъей, «адæм бирæ кæй уарзынц», рæвдздæр, дзурынц дæм. Дæуæн циу, ам къуыри куы фæзарай, уæддæр дæ агу- рæг нæ фæуыдзæн, фæлæ махмæ адæм æнхъæлмæ кæсынц, кусæг адæм, — Хъасболаты фарс басхуыста мæсчъыхъæуккаг цыбыргомау лæппу. Адæм се ’ппæт кæй уарзынц, Уый ма мойæ цы кæны? Асланмæ иуварсырдæм бакæсгæйæ та ногæй базарыд Хъасболат æмæ машинæйы кабинæйы фæмидæг. Иннæ хæттытау та уæд дæр лæппутæн се ’ппæты фæстæ баззад Аслан. йæ дзаг машинæ лæууыд скъладæй чысыл æд- дæдæр, тигъыл. Барæй йæхи моторимæ архайæг скодта æмæ æппынæдзух аивæй касти скълады дуармæ, кæд Дзерассæ ис- куыцæй фæзынид, зæгъгæ. Æмæ æцæг, чызг иуахæмы рацыди уынгмæ. Æрмæст, цыма Асланы хъуыды дæр нæ кодта, уый хуызæн йе ’ргом æндæрырдæм аздæхта. Иучысыл алæууыд, стæй цæхгæр фæзылд æмæ йæ фæдыл скълады дуар рахгæд- та. Иу-цалдæр минуты фæстæ та, сæ кусджытæй иу бæрзонд- гомау лæппулæджы цонгыл хæцгæйæ, сæрыстырæй, хъæлдзæг ныхас кæнгæйæ рацыд æмæ цæхгæрмæ уынджы сивгъуыдтой. Йæ æрвхуыз цъæх къаба ма Асланмæ уынджы иу æрттывд фæкодта... 124
«Адæм се ’ппæт кæй уарзынц, уый ма мойæ цы кæны?» Чи зоны, раст сты Хъасболаты зарæджы ныхæстæ? Кæд æй мæн тыххæй фæзары? Ома, Дзерассæйы бирæ уарзджытæ ис... Æмæ уæд иуæй-иу хатт, мæнырдæм кæсгæйæ, джихауæй цæ- мæн аззайы? Иæ цæстытæ цæхæр цæмæн фæкалынц? Иæ рус- тыл уыцы гæзæмæ сырх фæлм цæмæн фæзыны? Фæлæ уæд- дæр кæд Хъасболат раст у? Горæт... Республикæйы æппæт МТС-тæй æмæ колхозтæй машинæты æмæ тракторты хæйт- тæм цы скъладмæ цæуынц, уый хистæр кусæг. Æз та дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр Урсдоны МТС-ы шофыр... Алы бон дæр цал æмæ цал мæн хуызæн шофыры æрбалæууы скълады дуар- мæ... Стæй, цыма бæстыл æндæр чызг нал ис, уый хуызæн йе- мæ хъазын^ худын сисынц. Хорз зæрдæйы хицау у, æвæдза, æндæр ыл афтæ æнувыд нæ уаиккой. Искуы-иу хатт йæ куыст- мæ куы нæ рацæуы, уæд цыма скълад хаст вæййы, уый хуы- зæн лæппутæ сæ фындзтæ æруадзынц, иу хъæлдзæг ныхас дзы никæмæй уал фæхауы. Æмæ кæд ахæм заман уыдонæй дæр мæн хуызæи искæмæн йæ зæрдæ фæсудзы? Æмæ дзы ахæм чи хъуамæ уа?.. Уæвгæ сæ хæйрæг базонæд, иууылдæр йæ алыварс цъил фестынц æмæ... — хъуыды кодта Аслан го- рæтмæ фæцæйхæццæгæнгæйæ. Хур дзæвгар суади, афтæ скълады дуармæ йæ машинæ баурæдта Аслан. Хъасболат, цыма райсомсарæй Асланы ссыд- мæ æнхъæлмæ каст, уый хуызæн кæцæйдæр йæ уæлхъус фев- зæрд. — Салам!.. Куыдтæ цæрынц, æхсæвæй-бонæй мæ игæр ар- тыл кæй тыххæй фыцы, уыцы урсдойнаг æхсинджытæ? Цы фынтæ та федтой, дысон дыккаг кæркуасæнтæм доны был сæ лæугæ хох, сæ цæугæ мæсгуытимæ куы фæтезгъо кодтой, уæд уый фæстæ? Мæ койгæнæг дзы æппын нæма ис, — йæ лыстæг даргъ къух уæлдæфы тилгæйæ, дзырдта Хъасболат. — Куыннæ, куыннæ... Дæ мæтæй сыл æхсæв хуыссæг дæр нал хæцы. Адæм се ’ппæт кæй уарзынц, уый ма мойæн кæй хъæуы, зæгъгæ, куы ныззарынц, — скълады кæртыл аивæй йæ цæст ахæсгæйæ, дзуапп радта Аслан. — Уæ мæ къæбæлдзыг сæр сæ фæхъхъау æрбауа!.. Мæ игæр дæр сын тæвд къæйыл гъе уымæн судзы. Мæгуыр сæ бон, уыцы зæрдæйы низимæ кæдмæйы фаг суыдзысты? — цыма æцæг кæмæндæр тынг тæригъæд кодта, уыйау йæ цæс- гом фецæгхуыз Хъасболатæн.—Дæ хорзæхæй, Аслан, абон куыддæр уæхимæ ныххæццæ уай, афтæ-иу сын бамбарын кæн: 125
иучысыл ма, зæгъ, бафæразут, куыддæр нæ хортæ бафснайæм, афтæ уæм зындзыстæм. Хъасболат, зæгъ, сымах куыд æнхъæл стут, афтæ дурзæрдæ нæу.... — Хъус-ма, мæнæ уымæн цы бачындæуа? — кабинæйы дуар байгом кæнгæйæ, несимæ бацамыдта Аслан. — Кард? Мæнæ мæ дзыппы замманай кард. Ныртæккæ йыл мах лæппутимæ амдзæгъд кæндзыстæм. — Лæвар у, Микъолозы лæвар, — Аслан Хъасболаты къух ацахсгæйæ, скъладырдæм йæ сæрæй ацамыдта. — А-а... бамбæрстон дæ. Микъолозы лæвар. Æмæ цы кæ- ны... Зæронд лæг дæр иуæй-иу хатт ахæм лæвæрттæ фæкæны. Ныртæккæ ма йæ мæ бар бауадз, — фæстæмæ дæр нал фæ- каст Хъасболат æмæ скълады кæртмæ азгъордта. — Хъасболат, Хъасболат... Фæлæуу-ма! — бауромынмæ ма йæ бæргæ хъавыд Аслан, фæлæ йæм уый фæстæмæ дæр нал фæкаст. Иу-цалдæр минуты фæстæ Дзерассæ скълады кæртæй тагъд-тагъд рауад. — Цы кодтай? Дæ къах?.. Тынг æй ныццавтай? — тарст- хуызæй алæууыд Асланы раз. — Куы нæ... Куы ницы ныццавтон æз, — цы загъта, уы- мæн исдугмæ æмбаргæ дæр ницы бакодта Аслан. Æцæг уы- цы сахат йæ зæнгтæ йæ быны цыдæр фесты. — Нæ, хъæр мын æй нæ кæныс... Тынг дын риссы? — йæ рæсугъд саулагъз цæсгомы хуыз фæцыд, афтæмæй фарста Дзерассæ. — Ницы мæ риссы... Æрмæст... Мæнæ дын нæ колхозæй... Микъолоз неси сæрвыста, — фæцырд Аслан, неси фелвæста кабинæйы бадæнæй æмæ йæ Дзерассæмæ бадаргъ кодта: — Микъолоз æй дæуæн сæрвыста... — Мæ удæй мæ мидæг... Фæлæуу, Хъасболат, æз дын!.. Кæд, зæгъын, æцæг исты кодтай. — Æхсызгон улæфт ныккод- та Дзерассæ æмæ, йæ мидбылты фæлмæн бахудгæйæ, Ас- ланмæ бакаст.—Иæ лæвар бирæ. Фæлæ йæ дзæбæх нал хъуы- ды кæнын Микъолозы... — Хурджыны колхозы халсарты куыстгæнæг, бригады хъалагъур... Тынг хорз лæг у. Цæмæн мæ хъæуы, уый куы ба- зыдта... О, дæуæн æй рарвыста, — чысыл ма бахъæуа, йæ су- сæг фæндтæ æгасæй дæр ма скала Аслан. Стæй Дзерассæимæ кæрæдзимæ фемдзаст сты. Дзургæ ницы скодтой. Сæ дыууæ- йæн дæр сæ цæсгæмттыл хъазыди фæлмæн мидбылты худт. 126
— Рагæй цы лæвармæ æнхъæлмæ кастæн, уый мыл абон сæмбæлди, Хъасболат. Айс æй, æмæ дзы алчидæр, кæй лæвар у, уый цæрæнбоны тыххæй ахæрæд, — загъта Дзерассæ æмæ ма Асланмæ иу каст фæкодта, афтæмæй скъладмæ азгъордта. ... Кусгæ бон фæци. Асланы æмбæлттæй бирæтæ сæ хæ- дзæрттæм афардæг сты. Фæлæ ма Аслан архайдта йæ маши- нæимæ æмæ скълады дуармæ йе ’рфгуыты бынты аивæй фæ- кæс-фæкæс кодта. Дзерассæ кулдуарæй рахызт. — Аслан, урсдойнаг машинæйы никуыма сбадтæн. Иыр ахæм лæппу куы разынис, æмæ мæ нæхимæ куы схæццæ кæ- нис, — хъазгæмхасæн загъта Дзерассæ æмæ йæ цæсгом зына- нæзына фæсырх. — Дæ хорзæхæй... Ныртæккæ! — Дзерассæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй машинæйы кабинæйы смидæг Аслан. Стæй, Дзерассæ йæ фарсмæ куы æрбадт, уæд ын йæ зæрдæ цыдæр æхсызгон æлхыскъ фæкодта æмæ йæ хъустæ артау ссыгъды- сты. — Аслан, фæлæуу-ма! Кæм-иу дæ агурæм? — сæ уæлхъус та февзæрд Хъасболат. — Мæхæдæг дæр æй нæма зонын, — кабинæйы дуарæй йæ сæр радаргæйæ, дзуапп радта Аслан æмæ, кæд мæ ныхас Дзерассæйæн хъыг уыди, зæгъгæ, чызджырдæм бакаст. — Лæппу, дæ машинæмæ дзæбæхдæр кæс. Дæ фарсмæ абоны неси куы нæ ис, миййаг, — йæ русты къуырфытæй ба- худт Дзерассæ æмæ йæ сатæгсау цæстытæ æгасæй дæр зынг фестадысты. Уыцы сахат æй машинæ æнæбадт барæгау искуыдæм куы ахæсса, уымæй дæр тарст Аслан. Фæлæ йæ хурсыгъд, нуар- джын къухтыл, кæд иннæ хæттытæй чысыл лæмæгъдæр уыды- сты, уæддæр йæ зæрдæ дардта. — Бауром, æрбахæццæ стæм, — загъта Дзерассæ æмæ агуыридурæй астæрд хæдзармæ йæ къухæй ацамыдта. — Æр- мæст æй дæ зæрдыл бадар, науæд дæ Хъасболат кæм агур- дзæн... — Мæлæты хæстæг нæ цæрут, — æндæр зæгъын йæ къухы ницыуал бафтыд Асланæн æмæ машинæ дзыхълæуд ныккæ- нын кодта. Дзерассæ размæ фæцудыдта. Чысыл ма бахъæуа, йæ ных 127
кабпнæйы тарвазыл ныццæва. Стæй Асланмæ бакаст æмæ загъта: — Æвæццæгæн, уæ машинæтæ дæр афтæмæйты фехæ- лынц... — Бахатыр кæн... Куыддæр... афтæ тагъд æрбахæццæ уы- дзыстæм, уый æнхъæл нæ уыдтæн. — Барст дын уæд ацы хатт... — йæ мидбылты та бахудт Дзерассæ. — Аслан, мидæмæ. Мамæ хъæумæ цыдæр æрвити- наг уыди, æмæ дын кæд зын нæ уыдзæн, уæд æй демæ алас. Зæрдæ йын бавæрдтон. — Кæцы хъæумæ? — Уый дын йæхæдæг зæгъдзæн, — дзуапп радта Дзерас- сæ æмæ къæлидоры асинтыл Асланы разæй сызгъордта.— Ма- мæ, мæнæ дын кæй кой кодтон, уыцы лæппу. Иæ раздарæны фæдджитæй йæ хыссæйæдзаг къухтæ сæрфгæйæ, уатæй рахызт бæрзондгомау хæрзконд сылгоймаг. — Абон дæ хæд фæстæ йæхæдæг ам æрбалæууыд... Хуыз- дæр фæут, уый та ма машинæйыл тыхсти,— загъта сылгоймаг æмæ Асланы къух райста.— Мидæмæ уал рахиз, ныртæккæ уый дæр ардæм хъæуы... — Аслан, мидæмæ. Тæрсгæ ма кæн, бирæ дæ нæ ба- фæстиат кæндзыстæм,—уаты рудзынгæй радзырдта Дзерассæ. — Ахиз... Æз мæ кæрдзынтæм бакæсон, афтæ сæ фæуагъ- тон, — загъта сылгоймаг æмæ къæбицмæ атагъд кодта. — Цалынмæ нæ уазæг цæуа, стæй мамæйы чъиритæ цæттæ кæной, уæдмæ уал мах нæхи несийæ хорз фендзыстæм. Цавæр неситæ сты, уый куы зонис,— сыгъдæг царв æмæ мыд... Иу ран йедтæмæ зайгæ дæр никуы кæнынц... Æз дын ныр- тæккæ кард æрбадавдзынæн,— загъта Дзерассæ, æмæ цыма искуыдæм æрæджы кодта, уыйау тагъд-тагъд уатæй аз- гъордта. Уаты стъолыл уыди æртæ дынджыр несийы. Цыма сæ тæрсгæ кодта, уый хуызæн сæм сабыр къахдзæфтæй бахъуы- зыд Аслан. Сæ дæрзæг буар сын йæ къухы армæй асгæрста, сæ фæрстыл цы бæрæггæнæнтæ уыд, уыдонмæ сын æдзынæг ныккаст. «Микъолозы неситæ»,— йæхинымæр ахъуыды кодта Аслан æмæ мæ кæд мæ цæстытæ сайынц, зæгъгæ, кæройнаг несийыл схæцыд. Фæлæ уыцы сахат къæлидорыл кæйдæр уæззау къæх- ты хъæр ссыд, æмæ неси фæстæмæ йæ бынаты авæрдта. — Дзерассæ, кардимæ мæм куы ралæбурдтай. Ау, афтæ 128
тынг смæсты дæ дæ мадыфсымæрмæ? — хъазгæмхасæн дзырд- та æрбацæуæг.— Ацы машинæ цыма мах машинæты хуы- зæн у? — Машинæ мæ хъуыддаг нæу, фæлæ колхозон неситæ го- рæты чызджытæн лæвæрдтæн кæй æрвитыс, уый тыххæй дæ хъуамæ ныртæккæ дзуапп бацагурон, — загъта Дзерассæ æмæ йæ мадыфсымæрыл ныттыхст. — Фæлæуу-ма, фæлæуу... Æрмæст дæр иунæг неси... Æмæ йæ ды та цæмæй зоныс? — Дзырдæуыд мын æй. Уазæг, дæ хорзæхæй, дæхæдæг ын æй зæгъ, науæд та мын нæ басæтдзæн, — уаты гом дуарæй мидæмæ бахъæр кодта Дзерассæ. — Уый зонгæйæ дыл мæ цæххæй ифтыгъд берданкæ не суагътаин, — Асланы æфсæрмдзастæй рацæугæ куы федта, уæд тызмæгхуызæй загъта Микъолоз, æмæ йæ сусæг мид- былты худт йæ рихиты бын амбæхста. Стæй къæбицырдæм уæззау къахдзæфтæй араст æмæ цæугæ-цæуын мидæмæ ба- хъæр кодта: — Æфсин, уыцы æртæ чъирийы цæттæ нæма сты?.. 9 Дæ зæрдæмæ хъуыстои
ТЕРЧЫ БЫЛ аты гом рудзгуытæй æхсæвы мæйдармæ кæлы электрон цырæгъты рухс. Рудзгуыты бын бæ- лæсты сыфтæрты цыма чысыл раздæр къæвда æрæхсадта, уый хуызæн тарбынæй æрттивынц. Бæлæсты къалиутæ зына-нæзына змæлынц сæр- дыгон æхсæвы сыгъдæг уддзæфмæ. Æддæмæ хъуысы адæмы уынæр, фæндыры цагъд æмæ зарын. Хæдзары ракомкоммæ — гæдыбæлæстæ сагъд. Бынæй дуртимæ хъуырдухæн кæны фыд- уаг Терк, зноны къæвдайы фæстæ йæ лами уы- лæнтæ донбылтыл хойы. Бæзджын сау мигътæ фæллад фосы дзугау хилынц арвыл. Ранæй-рæт- ты фæпырх сты. Мæйы фæлурс тынтæ гæзæмæ фæ- зынынц, фæлæ та уайтагъд сау мигътæ дзы- гуырæй æрбацæуынц, амбырд вæййыпц мæйы алыварс æмæ йæ сæ быны анордынц. Уынджы цæуæг нал ис. Æрсабыр сты Терчы былтæ адæмы змæлдæй. Æрмæст чызджыты цъæхсыаг хъæлæс, фæндыры азæлгæ цагъд тын- гæй-тынгдæр хъуысы, йæ рудзгуытæй рухс кæ- мæн кæлы, уыцы агуыридур хæдзарæй. Зарæг æмæ фæпдыры цагъд иу кæнынц Терчы уылæнты æнæрынцой уынæримæ. Гæдыбæлæстæй иуы аууон лæууы бæрзонд- гомау, къæсхуыртæ сылгоймаг. Йæ къухтæ йæ дæлæртты бакодта, бæласмæ йæ галиу уæхск са- рæзта, афтæмæй къулбæрзæйæ æдзынæг кæсы
хæдзары гом рудзгуытæм. Йæ дæлармæй зыны газет. Тер~ кæй дымы уазал дымгæ æмæ сылгоймаджы тæнæг къабайы фæдджитæй хъазы. Сылгоймаг, æвæццæгæн, уазал кæны æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ йæхи бæласы æмбуар нылхъивы. Хаттæй-хатт дуары хъæр куы фæцæуы, уæд йæ мидбынат фе- стъæлфы, йæхи бæласы аууон амбæхсы. Рагæй лæууы сылгоймаг гæдыбæласы бын. Су,анг изæры сауæндæрг горæтыл йæхи куы æруагъта, уæдæй нырмæ аи- вæй кæсы хæдзары гом рудзгуытæм. Хатгай йæ цавæрдæр ныфс рæстæгмæ йæ бынатæй фезмæлын кæны. Акъахдзæф кæ- ны рудзгуытырдæм. Фæлæ цыма йæхиуыл тæвд дон ракалы- нæй фæтæрсы, уыйау фæстæмæ хъуызгæ рацæуы бæласы бын- мæ. йæ цæстытæ доны разилы, æнгомдæр нылхъивы йæ дæлармы газет æмæ та ноджы лæмбынæгдæр байхъусы, ру- дзынгмæ хæстæг стъолы уæлхъус чи бады, уыдоны ныхæстæм. Бирæтæ дзы сылгоймагæй фæстæдæр æрбацыдысты. Дыгæйт- тæй, æртыгæйттæй, сæ дæлæрмтты цавæрдæр тыхдæттæ, аф- тæмæй хъæлдзæгæй цыдысты сырх ахуырст кулдуарыл мидæ- мæ. Æрбацæуджыты размæ-иу арæхдæр рауад бæрзондгомау æрыгон лæппу. Цыма-иу кæрæдзи тынг рагæй нал федтой, уый хуызæн-иу цинтыл фесты. Цæра... Афтæ хуыдтой æрбацæуджытæ лæппуйы. Сыл- гоймаг бæласы бын куы лæууы, уæдæй нырмæ цалдæр хатты ауад йæ хъустыл уыцы ном. Изæры йæ фыццаг хатт куы фе- хъуыста, Цæра, зæгъгæ, йæ цавæрдæр лæг æмæ ус радыгай сæ хъæбысты куы ныккодтой, уæд æй ахауынмæ бирæ нал хъуыд. Æмæ Терчы куы смидæг уон, зæгъгæ, уый тæссæй йæ тыхтæ æрбамбырд кодта, бæласыл ныттыхст æмæ йæ уымæл цæстытæй æдзынæгдæр ныккаст лæппумæ. Фæлæ уый уæдмæ уазджытимæ мидæмæ бацыд æмæ йæ дзæбæх нал федта сыл- гоймаг. Æрмæст ма дуары хъæримæ йæ ныхас райхъуыст: — Мидæмæ! Табуафси... Æцæгæлон, æнахуыр адæймаджы хъæлæсы хуызæн фæ- касти сылгоймагмæ лæппуйы хъæлæс... — Нæ, уый Цæрайы хъæлæс нæ уыд! Ахæм бæзджын хъæ- лæс нæ уыд Цæрайæн. Фæлмæн, пыллæг хъæлæсæй-иу дзырд- та Цæра. Фæлæ уæд цæмæн пыссæххæтт кæпы сылгоймаджы зæрдæ лæппуйы алы рацыдæн дæр? Цæмæн айдзаг вæййынц йæ цæс- тытæ донæй? Буар ихæнриз цæмæн скæны? Цæмæп разилы пæ сæр? 131
Лæууы сылгоймаг гæдыбæласы бын. Æдзынæг кæсы хæ- дзары рудзгуытæм. Терчы уазал тынгæй-тынгдæр хъары буармæ, дымгæ тынгæй-тынгдæр фæйлауы сылгоймаджы фæдджитæ. Мидæгæй та кафт, зард, минас. Агуывзæты, ав- джыы тæбæгъты зыланг хорз хъуысынц сылгоймагмæ. Уыны стъолы уæлхъус бадджытæн сæ фылдæры. Бæрзондгомау, ха- лассæр хæрзконд сылгоймаг фынджы алыварс зилæнтæ кæны. Мидбыл худт нæ хицæн кæны йæ цæсгомæй, цыма бæстыл уымæй амондджындæр ничи у, афтæ кæсы йæхимæ. Йæ кар- мæ гæсгæ йын куыд не’мбæлы, афтæ рог архайы. Фынджы хистæр — булкъдастсæр, тымбылдзæсгом нæлгоймаг йæ кæ- сæнцæстыты сæрты кæсы кæстæртæм, рæбинаг уаты дуарæй чи зыны, уыцы кафджытæм. Хатгай, цыма йæ бынатæй фæ- гæпп кæнынмæ фæхъавы, уый хуызæн йе ’уæнгтæ базмæлынц, йæ цæсгом æгасæйдæр ныррухс вæййы. — Цæра, æгъгъæд кафт у! Дæ уазджыты ракæн... Фыд- джынтæ уазал кæнынц, — дзуры халассæр сылгоймаг. Æмæ уый дæр кæсæнцæстджыны хуызæн хæлæгтæнæджы каст кæ- ны фæсивæдмæ. Мæнæ сылгоймаджы уæлхъус фсвзæрд саулагъз лæппу. Йæ хъæбысы йæ фелвæста, цалдæр зылды йæ ныккодта. — Мамæ!.. Ныртæккæ. Ды цы зæгъай æмæ æз цы нæ ба- кæндзынæн, — сылгоймаджы сæр йæ хъæбысы æрбакæнгæйæ, æнахуыр фæлмæн хъæлæсæй загъта лæппу. «Мамæ»... Уыцы иунæг дзырд йедтæмæ ницы фехъуыста лæппуйы ныхæстæй, гæдыбæласы бын чи лæууыд, уыцы сыл- гоймаг. Йæ хъуыр ын цыдæр ахгæдта. Цæстытæ та ногæй донæй айдзаг сты. Бæласы дæрзæг буарыл йæ рус авæрдта. Бæласæй русы æхсæнты æрызгъордтой цæстысыджы хъарм æртæхтæ. Стæй йæ цæстыхаутæ сабыргай кæрæдзимæ бал- хъывта, цыма йæ цæстытæ бынтон балæмарынмæ хъавыди... Терк раздæрау хъуырдухæн кæны йæ былгæрæттимæ. Дымгæ хъазы сылгоймаджы къабайы фæдджитæй. Мигътæ, бæзджын сау мигътæ кæрæдзи сурынц арвыл. Мæй йæ уды быцъынæг скъуыны мигъты бынæй раирвæзыныл. Сылгойма- джы хъустæ Терчы змæст донау уæззау гуыр-гуыр кæнынц. Рустыл уайынц хъарм цæстысыгтæ. Пысырайы сыгъдау дыз- дыз кæнынц зæнгтæ, буар. Бадты адæм фæсабыр сты. Кæсæнцæстджын сыстад. Йæ рахиз къухы нуазæн бæрзонд систа æмæ бæзджын хъæлæсæй загъта: 132
— Дзæбæх ныхæстæ, хорз арфæтæ фæкодтам ацы æхсæа Цæрайæн. Æмæ, раст зæгъын хъæуы, дзæбæх ныхæсты аккаг дæр у. Фондз азы фæцахуыр кодта мах къухы, фондз азы ин- ститутмæ фæцыди мæнæ йе ’мбæлттимæ... Æххæст лæгæй ра- цыд институтæй. Æмæ дзы, раст зæгъын хъæуы, мах не ’ппæт дæр бузныг стæм. Бузныг та уымæй, æмæ æнæсайд, зæрдæ- ргъæвд лæппу кæй уыди. Ныр райсом цæуы балцы. Балцы дæр хуымæтæджы балцы нæ, — лæгдæрты лæгдæртæ цы бал- цы цæуынц, ахæмы. Фыдæй-фыртмæ адæймагмæ чи æнхъæл- мæ касти, уыцы быдыртæм. Ног лæг ног быдыртæм æрцыд!.. Цы ма уа уымæй рæсугъддæр, кадджындæр! Рацу-ма хæстæг- дæр, Цæра! Басидæм, уæдæ, цæмæй бæлццон рæсугъддæр балцы ацæуа, балцы цæуыны аккаг лæг суа, ууыл се ’ппæтæй тынгдæр чи фæмæт кæны, уыдоны цæрæнбоны тыххæй!.. Дæ мад Чабæйы цæрæнбоны тыххæй... Цæр, дæ хъæбулы хурæй бафсæд, Чабæ! — Дæ цæстытæ доны куы разылдтай, Чабæ. Хъæбул зы- наргъ у, уæдæ куыд вæййы... Фидар фæлæууын хъæуы,—нуа- зæнты зыланг æмæ адæмы уынæры æхсæнæй райхъуыст кæй- дæр ныхас. Стæй чысыл фæстæдæр адæм куы басабыр сты, уæд йæ бынатæй сыстад уыцы хæрзконд, ацæргæ сылгоймаг. Уый уыди Чабæ. Бæласы бын цы сылгоймаг лæууыд, уый Чабæйы сыстгæ федта, фæлæ цы дзырдта, уымæн ницыуал бамбæрста. Йæ зæнгтæ йæ быны куыд адон сты, бæласы бын йæхи куыд æр- уагъта, уый зонгæ дæр нал бакодта. — Цæрайы тыххæй адæмæн арфæ кæны Чабæ,— йæ кæ- уындзæг атыппыр, йæ армытъæпæнтыл йæ сæр æрхауд, афтæ- мæй сдзырдта сылгоймаг. Уый уыди... О-о, уый раджы уыди. Фынддæс азы размæ. Фæззыгон хъуынтъыз бон йæ рынчын фыды уæлхъус бадти авдаздзыд къæбæлдзыгсæр лæппу. Фыд тынг тыхсти. Тæвд кодта. Æнæмбаргæ цæстытæй-ну скасти лæппумæ. Мад хæдзары нæ уыд. Æхсæвыцæстæй, зæгъгæ дæр никæ- мæн ницы кодта, афтæмæй кæдæмдæр ацыди. Лæппу йæ сæ зонгæтæм фæцагуырдта, фæлæ никæмæ разынд, уынæг дæр æй ничи фæци. Фыд æппынæдзух дуармæ касти. Кæд дзургæ ницы кодта, уæддæр æй лæппу æмбæрста: уый æнхъæлмæ касти мады æр- баздæхтмæ. — Цæра, дон мын авæр. Мæ ком ныххус,— фæдзырдта 133
лæппумæ.— Сыхæгтæй ма искæйты афæрс. Цы хъуамæ фæ- уыдаид... Цæуинаг куы никуыдæм уыди... Лæппу фыдæн дон радта, ацыд æмæ та ногæй сыхыл æр- зылд, фæфарста се ’ппæты дæр, фæлæ мад хъæуы нæ разынд. Нал æрбацыд æхсæвы дæр. Æнхъæлмæ кæсгæйæ аивгъуыд- той дыккаг бон, æртыккаг бон... Стæй фыд лæппуйы йæ цурмæ æрбакодта, йæ низæфхæрд мæллæг къух ын уæззаугай йæ къæбæлдзыг сæрыл æрхаста. Ставд цæстысыгтæ кæрæдзи фæ- дыл уадысты фыды фæлурс цæсгомыл æмæ базыл тадысты. Исдугмæ, æнæ исты дзургæйæ, æдзынæг фæкаст лæппуйы æн- къард цæсгоммæ, стæй уæд, цыма йæ иыхæстæ бынтои дардæй хъуыстысты, уый хуызæн ныллæг хъæлæсæй загъта: — Мæхи мæт мæ нал ис. Фæлæ ды... Цы уыдзынæ?.. Дæ мад... Нырмæ ’дæр нæ фæливгæ кодта... Æмæ нæ ныр... Дæ тæ- ригъæд дын... Дыууæ боны ма чи нæ бафæрæзта... Хъусыс, ма- куы ферох кæн ацы бон... Макуы йæ ферох кæн... Уый фæстæ æхсæв фыд амарди. Хъæубæстæ йæ кадимæ баныгæдтой. Æрмæст лæппу утæппæт адæмимæ нæ федта йæ мады. Уый сыхы устытимæ нæ фæцæйцыд кæугæ уæлмæрд- тæм. Не ’рбацыд йæ гыццыл хъæбулмæ æмæ йын йæ къæбæл- дзыг сæр йæ хъæбысы не ’рбакодта. Нæ барæвдыдта мады- фæлмæн ныхасæй йæ хъæбулы зæрдæ. Æргъæвст цъиуау лæу- уыди Цæра тыргъты æмæ тарст, кæуынвæллад цæстытæй кас- ти адæммæ. Бæрзондгомау, хæрзконд сылгоймаг бацыд лæппумæ. — Ма ку, мæ гыццыл къона,— рæвдаугæ хъæлæсæй загъ- та уый æмæ Цæрайы йæ хъæбысы æрбакодта.— Цом махмæ, æз дын цыдæртæ ратдзынæн. — Уый та куыд, Чабæ? Худинаг нæ кæныс? Æнæхъæн сы- хæй сывæллоны барæвдауын нæ бафæраздзыстæм? — загъ- та сыхы зæронд устытæй иу. — Уый тыххæй куы ницы зæгъын. Фæлæ Цæрайæн йæхи дæр махмæ фæнды. Æццæй нæ, Цæра? — дзуапп радта Чабæ æмæ та лæппуйы йæхимæ æрбалхъывта. Сыхæгты зæронд ус Чабæ кæй хуыдта æмæ йæ ныр йæ хъæбысы чи бакодта, уыцы сылгоймаджы Цæра амæй размæ никуы федта. Фæлæ уый уæлдай нæ уыд. Уымæн йæ чысыл зæрдæ схъарм кодтой сылгоймаджы фæлмæн ныхæстæ,— фæ- стаг бонты æнæ уыдон зын уыди Цæрайæн. Сыхæгты зæронд ус æнкъардæй касти Цæра æмæ Чабæмæ. Иæ зæрдæ суынгæг æмæ йæ кæуын нал баурæдта. 134
— Фыдвæндаг æмæ бæрзæйсаст фæуай, Тамарæ... Мады сыгъдæг ном йæ чъизи къæхты бын чи сæууæрста...— æлгъыс- та ус Цæрайы мады. Чабæ лæппуйы къухыл рахæцыд. — Цом! Лæппу йæ сау æрфгуытæ уæлæмæ систа, Чабæмæ скаст æмæ йæ мидбылты бахудт. Цæрайы къухыл хæцгæйæ Чабæ сæрыстырæй араст адæмы æхсæнты. Лæппу тагъд къахдзæфтæй уади йæ фарсмæ. Хъæ- уы адæм хорз зыдтой скъолайы ахуыргæнæг Чабæйы æмæ иыр сидзæр сывæллоны Чабæ кæй фæцæй кодта, уый сæ фыл- дæрæн æхсызгон уыди. Сæхицæн æй кадæн банымадтой лæп- пуйы хæстæджытæ дæр. Дыккаг бон ног дарæсы мидæг, сыгъдæгæй, æфснайдæй хъæуы уынджы фæзынди Цæра. Сывæллон йæ хуыз скалдта. Урс-урсид цыбырдыс зæлдаг хæдон, цъæх сатин цыбыр хæ- лаф, ног сандалитæ... Иннæ лæппуты æхсæн бæрæг дардта. Р1æ тымбыл сау цæстытæ дæр цыма уыцы бон цæрдæгдæр каст кодтой. Уынджы куы фæзынд, уæд ыл сыхы сывæллæттæ амбырд сты. Цыма иумæ схъомыл сты, уый хуызæн семæ хъазыныл фæцалх Цæра. Тыргъæй йæм цалдæр хатты ракаст Чабæ дæр. Чи зоны, цæуыл-иу адзæгъæл, сывæллонмæ кæс- гæйæ? Уыцы бон сыхы устытæ бирæ арфæтæ фæкодтой Чабæ- йæн, сывæллоны афтæ кæй барæвдыдта, дзæбæхæй йæ кæй равдыста, уый тыххæй. Коммæгæс лæппуйæ хъомыл кодта Цæра. Чабæйы лæг Мы- сост колхозы куыста бригадирæй, ус æмæ лæгæй лæппуйы фылдæр чи уарзта, æнувыддæр ыл чи уыд, уый зын равзарæн уыди. Сæхи лæппутæй хистæр хæрз гыццылæй амард, дыкка- джы та Чабæйæи йæ гуыбынæй мардæй систой. Уæдæй фæс- тæмæ зæнæг нал ныккодта Чабæ. Æмæ ныр гыццыл Цæра Чабæты хæдзармæ æрбахаста ног цин, ног мæт. Уалынмæ рай- дыдта Фыдыбæстæйы хæст æмæ бинонты дзæбæх цард æрбай- хæлд. Мысосты акодтой хæстмæ. Баззадысты дыууæйæ: Чабæ æмæ Цæра. Лæппу ахуыр кодта, Чабæ ахуыргæнæгæй цы скъолайы куыста, уым. Æх- хуыс кодта Чабæйæн хæдзары куыстыты. Æнцой бонты иумæ цыдысты быдырмæ, Мысосты бригадмæ. Иумæ кастысты, Мы- 135
сост хæстæй цы писмотæ фыста, уыдон. Фæлæ иу зымæгон изæр иннæ хæттытау Мысост нал барухс кодта, нал барæв- дыдта йæ писмойæ Цæра æмæ Чабæйы зæрдæтæ... Суанг фæс- æмбисæхсæвтæм Чабæты кæртмæ цыдысты, адæм. Куыдтой устытæ, зæронд лæгтæ. Хæкъуырццæй куыдта Цæра дæр... Афтæ уыди дыккаг бон дæр. Фæлæ уый фæстæ цы æрцыд, уымæн лæппу ницыуал базыдта. Фæссихор йæ ком хус кæнын байдыдта, йæ рустæ сыгъдысты, йæ зæнгтæ йæ быны нал цы- дысты, ихæнриз кодта. Чабæйæн дæр ницы загъта, афтæмæй мидæггаг уатмæ бацыд æмæ сынтæгыл бахауд. Цæрайы аластой рынчындонмæ. Чабæйæн йæ зæрдæйы хъæдгомыл бафтыд ног хъæдгом. Ног тасдзинад сæхгæдта улæфæнтæ, нылхъывта зæрдæйы, æнауæрдонæй лæмæрста, цæстыты ма цы судзгæ цæссыгтæ баззад, уыдон. Урокты фæс- тæ-иу йæ фæндаг хæдзарыл ракодта. Фæлæ æнæ Цæра хæ- дзар æппындæр нæ фидыдта. Ахæм заман-иу ын Мысосты къаммæ æнæ бакæсгæ нæ уыд. Фæлæ къам ницы дзырдта. Æмæ-иу уæд тагъд-тагъд дуар ахгæдта. Хæдзар-иу сыхæгтыл афæдзæхста æмæ рынчындоны балæууыд. Рынчындоны æнæ- хуыссæг æхсæвтæ хуыснæгау кæдæмдæр хастой Чабæйы хъару. Иу райсом, куыддæр хуры тынтæ рынчындоны рудзгуытæй æрбакастысты, афтæ лæппу йæ цæстытæ байгом кодта, йе ’уæнгтæ аивæзта æмæ сдзырдта: — Хæрын мæм цæуы... Чабæ сынтæджы фарсмæ бандоныл рæдзæ-мæдзæ кодта æмæ лæппуйы ныхас куы фехъуыста, уæд йæ мидбынат хæрд- мæ фæхауд. — Цы загътай, мæ къона? — Хъæбынтæ мæ хъæуы... Стонджы мын у.. —ногæй та загъта Цæра æмæ йæ мæллæг къухтæй йæ цæстытæ аууæр- ста. — Ныртæккæ, мæ рахиз цæст... Æгайтма... Уыйбæрц дæр дæ хъæуæд,— фырцинæй зæххыл нал хæцыд Чабæ. Уыцы бон йæ уроктæ дæр тагъддæр фесты. Скъоладзаутæ дæр æнцаддæр бадтысты, сæ уроктæ дæр хуыздæр зыдтой. Иæхæдæг дæр сын урочытæ хуыздæр амыдта. Ноджы урокты фæстæ рынчындонмæ куы æрбацыд æмæ, Цæраимæ чи ахуыр кодта, уыцы сывæллæтты рынчындоны размæ æмбырдæй куы æрбаййæфта, радыгай мидæмæ — Цæрамæ — сæ къухтæй цыдæртæ куыд амыдтой, уый куы федта, уæд йæ цæссыгтæ нал 136
баурæдта. Се ’ппæты дæр йæ хъæбысы куы систаид, Цæрайы сынтæджы размæ сæ куы бахастаид, уый дæр фæндыди Ча- бæйы. — Хуыздæр фæуæд ацы райсом, мæнæн ма мæ лæппуйы ныхас чи фехъусын кодта, — цавæрдæр æхсызгон улæфт нык- кæнгæйæ загъта Чабæ... Бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ ма скодта Чабæйыл, цалынмæ Цæра схъомыл, уæдмæ. Бирæ хæттыты ма лæбурдта зæрдæмæ тасдзинад. Фæлæ кæддæриддæр уыцы тасдзинадыл уæлахиз кодтой сылгоймаджы сыгъдæг зæрдæ æмæ, лæппу йе ’схъомыл- гæнæг мады æнæкæрон бирæ кæй уарзта, уый. Афтæмæй рацыди дæс азы. Цæра горæты институтмæ ба- цыд. Р1æ мадыл афтæ æнувыд уыд æмæ-иу лекциты фæстæ машинæйы абадт æмæ хъæуы балæууыд. йе ’стипендийы æх- цатæй иу капекк никуы фæфæсвæд кодта. Уæдмæ Чабæ дæр горæтмæ раивта, лæппумæ хæстæгдæр уон, зæгъгæ. Æрцардн доны был. Иу изæр Цæра сæхимæ æрбацыд æнкъардæй. Мадæн цы бамбарын хъуыди, лæппуйæн цыдæр маст кæй счындæуыд, уый. — Цы кæныс, мæ хур? Исчи дæ бафхæрдта? — Æфхæргæ дæр хуымæтæджы æфхæрд нæ, — дзуапп радта лæппу. Стæй Чабæйы йæ фарсмæ æрбадын кодта, йæ халас сæр ын йæ хъæбысы æрбакодта æмæ загъта: — Нæ, мамæ, исчи мæ бафхæра, уый тыххæй мæ куы нæ схастай дæ комы-комдзæгтæй. Фæлæ мын зын у, нæ рæстæджы ма ахæмтæ кæй цæры, уый. Цæра йæ дзыппæй цавæрдæр писмо систа æмæ йæ мадмæ бадаргъ кодта. Чабæйæн йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, йæ къухты зыр-зыр тыххæй уромгæйæ писмо райхæлдта. «Нырма хæрз æрæджы базыдтон, тагъд институт каст кæй фæуыдзынæ, уый,—фыстæуыд писмойы.— Темболимæ (афтæ хонынц нæ лæджы) абон-райсом фæкодтам, абæрæг дæ кæ- нæм, зæгъгæ. Фæлæ йæ куыстæй йæ сæр схъил кæныны бон никуы фæци. Цалдæр хатты дын æхца арвитын дæр уыд нæ зæрды, ардæм ракæнынмæ дæр дæ хъавыдыстæм... Фæлæ ма ныр цы? Цæй, дæуæй хуыздæр ма йæ кæмæн зæгъон, мады зындзинад хъæбулæй хуыздæр чи бамбардзæн?.. Ныр ыл иу мæйы бæрц цæуы, афтæ мæ бындур ныззылди: Темболы мын æрцахстой. Цы мæгуыр муртæ ма мæм уыди, уыдон дæр суды лæгты фæдыл рауай-бауайæ фæдæн. Ныр ын дыууæ боны раз- 137
мæфынддæс азы стæрхон кодтой. Рæстæгмæ цæрын мæ зон- гæтæй иу усмæ. Ме ’дылы сæр ма бæргæ хойын, мæхиуыл цы стыр рæдыд æруагътон, уый тыххæй. Фæлæ уæдæ æз дæр цы фæуон, мæхи ма хуыздæр кæмæ бакъул кæнон? Тагъд мæмха- бар ныффысс, ацæуон дæм æви нæ, уый тыххæй». Чабæ писмо каст куы фæци, уæд лæппумæ бакаст. Уымæн йæ цæстытæ доны зылдысты, йæ дæллаг æфсæр зыр-зыр код- та. Цыдæр сдзурыны агъоммæйы змæлд бакодтой йæ былтæ. Стæй цыма йæхинымæр цыдæр скарста, уый хуызæн мады уæхскыл йæ къух æрæвæрдта æмæ загъта: — Кæсыс, мамæ, фынддæс азы æнхъæлмæ цы писмомæ фæкастыстæм, уый куыд «тагъд» æрхæццæ... Иæ фатерæй йæ расырдтой... Суды лæгты фæдыл рауай-бауайæ йе ’хцатæ фесты... — Уæд та йæ нæхимæ æркæниккам?.. — йæ ныхас ын фескъуыдта мад. Лæппуйæн йæ цæсгом фæтар. йе ’рфгуытæ алхынцъ сты. — Нæ, уадз æй... Æгæр æрæджиау æрлæууыдыстæм йæ зæрдыл... Мадæн цыма йе ’ккойæ стыр æргъом ахауд, уыйау æхсыз- гон улæфт ныккодта. ...Райхъуыст тыхджын къухæмдзæгъд. Гæдыбæласы бын цы сылгоймаг бадти, уый хæрдмæ фæхауд. Роггомау фестад, стæй та йæхи бæласы аууон амбæхста. Тæрсгæ-ризгæйæ бараст хæдзары гом рудзгуытырдæм. Раздæрау хистæры фарсмæ нуазæнимæ лæууыди Чабæ. йæ рахиз фарс—Цæра. йæ сау къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ йæ ныхыл æрхаудысты. йæхи нал баурæдта сылгоймаг. Хъавгæ, хъуызгæ цыдæй бацыд рудзгуыты бынмæ. Фæлæ уыцы сахат фæсивæд тьтргъ- тæм æмгуыппæй ракалдысты. Сылгоймаг фæтарст. Уынджы иннæ фарсмæ балыгъд. Талынджы аныгъуылд. Æрмæст, нзæрæй нырмæ йæ дæларм æлхъывдæй цы газет дардта, уый рудзгуыты раз æрхауд. Уазджытæ хъæлдзæг ныхас кæнгæйæ уынгмæ рацыдысты. Чидæр дзы газетмæ фæкомкоммæ. Систа йæ æмæ йæ рухсмæ райхæлдта. — Цыдæр хæзна ссардтай, æнхъæлдæн? — йæ уæлхъус алæууыд ныллæггомау чызг. — Нæ хуызистытæ нын цы газеты рауагътой., уый. Лæвар 138
дын æй кæнын, — дзуапп ын радта лæппу æмæ газег чызджы къухты фæсагъта. Адæмæй тæрсгæйæ, фæстæмæ фæкæс-фæкæс кæн- гæйæ, къулрæбынты æхсæвы мæйдары хъуызгæ цыди сылгой- маг. Исчи йæ куы фена, цырагъы рухсмæ йæ куы базона, уы- мæй тарст æмæ мæйдаримæ йæхи дардæй-дарддæр ласта. Уый уыди Цæрайы мад Тамарæ. •
УАСИЛ, УАСИЛ... Шыццаг бахъавд урдзалыг, тæнтъихæгарæзт у Уасил. йæ цæс- гом гогызы айкау дзыгъуыртæ. Гуырдзæй афтæ рахаста. Хъæуы лæппутæй ма уый хуызæн дзы- гъуыр бирæтæ уыди, фæлæ куыдфæстæмæ сæ хуыз гаивтой. Æрмæст Уасилы дзыгъуыр фыддæр цы фæци, æндæр цæсгомæй не ’ссыди. Уæдæ йын æх- сынæй дæр цы нæ фæкодта! Иухатт ма йæ змис æмхæццæ донæй дæр феууæрста. Ницы дзы ра- уад. Уасил куыд зæронддæргæнгæ цыд, афтæ йæ дзыгъуыртæ ноджы стырæй-стырдæр кодтой. ^Стæй цæсгом æгасæйдæр бамбæрзтой. йæ цыргъ фындзы фæрстыл чи æрзади, уыдон та уæлдай- дæр — раст æрхуы капеччытыйæстæй æрттивынц. Дзыгъуыр авд дæлдзæхы фæуæд! — Ууыл йæ- хæдæг дæр сахуыр, фæлæ йæ цæстытæ... Уæд та цъæх, кæнæ бæгæныхуыз куы фæуыдаиккой. Сырхбын æрфгуыты бынæй кæсынц иæ сæгъдзаст цæстытæ. Цыма сын искæй уынд хæлæг кæны, уый хуызæн сæ æрдæгæмбæхстæй дары. Фæлæ уыцы æрдæгæмбæхстæй дæр, хъæуы куыд дзу- рынц, афтæмæй цыфæнды цæстытæй дæр уынаг- дæр сты. Фæпайда кæнæн кæмæй уа, ахæмæй истæуыл фæхæст уæнт, æндæр æй уæгъд нал суадздзысты. Стæй хæрзиуæг сæ хицауы къухы куы бафты, уæд уыдон дæр уæрæх байгом вæй- йынц, Уасилы тæнæг былтимæ иумæ бахудынц, цыма афтæ фæзæгъынц: «Кæд нæ уæлæмæ скаст
нæ уадзыс, уæддæр дын мах куынæ уаиккам, уæд дæ къухы цы бафтид, уый кæстæртæ фениккой! Ды æрмæст дæ рихитæй хъал дæ, æппынæдзух уыдон адау-адау кæныс. Фæлæ дын мах дæр иуæй-иу хатт хорз фæвæййæм. Хъуыды ма кæныс, лйраз- мæ быдырæй хъæумæ цыппæрвадæй куы тахтæ, уæд хъæугæ- рон æрхы дæ хæрæнтыл размæ куыд абырыдтæ, уый? Уæвгæ дын се ’ппæт чи дзуры?.. Фæлæ дæ кæд, миййаг, ферох, уæд дып æй мах дæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм...» ...Хур акъул. Лæууы Уасил сæ дуармæ зæронд тута бæласы бын. Нырма чысыл раздæр рахызт. Йæ фæныкхуыз нымæтхуд йæ рахиз къухы тымбылтæй дары. Хъæуы бынырдæм йе ’ргом сарæзта, æмæ та йе ’рфгуыты бынты кæсы. Уынджы ничи зыны. Æрмæст йæ гом ныхы сæрмæ мыдыбындз гуыв-гуыв кæпы. Æдас дзы нæу Уасил æмæ йæ нымæтхуд цы къухы ис, уый иы- хы сæрты сонт риуыгъд акæны. Бæлвырд цæуылдæр тыхсы. Цъындцæстæй хурмæ скæсы. Хъуыдытыл фæвæййы: «Ма мæ фæсайæд. Нæ, куыд мæ хъуамæ фæсайа? Сывæллон, миййаг, куыиæ у. Ныхас куы бакодтам. Уæд та иунæгæй цæуын?.. Замманай хъуыддаг хæлы. Кæд афонмæ афардæг сты, уæддæр хæйрæг сæ зонæг»... Хъуыды кæны, тыхсы йæхинымæр Уасил. Стæй Зауырбег зынæг куынæ уыд, уæд цæхгæр фæзылд, кулдуар йæ цырыхъ- хъы фындзæй скъуырдта æмæ мидæмæ бахъæр кодта: — Не ’фсин, хъусыс, Зауырбег куы фæзына, уæд-иу ын зæгъ, фенхъæлмæ, дæм, зæгъ, каст æмæ куынæ зындтæ, уæд ацыд. Уым дæм, зæгъ, æнхъæлмæ кæсдзæн! Стæй ды махмæ ма кæс, рæвдз кæн. Куыд дын загътон, афтæ... Кæрты, фæткъуы бæла- сы бын. Арахъхъыл дæ бырц акæнын ма ферох уæд... Бæгæ- ны — пъадвалмæ бацæуæны рахизырдыгæй, доны боцкъайы... йæ худ йе ’рфгуытыл арф æркодта, афтæмæй уынджы уыр- дыгмæ араст Уасил. Цæуы, тагъд кæны. Тæрсы, уыцы горæтаг уазджытæ куы аирвæзой, уымæй. Хуыцау ма зæгъæд,— уæд йæ фæндтæ иууылдæр фæсыкк уыдзысты. Æндæр искæй дзы авæр- дзысты, æмæ сын уæд сæ фæдыл цæхх кæн. Ды та, дуканиты фынддæс азы чи фæкуыста, уыцы Уасил быдыры тракторты фæдыл, æнтъæрд егарау, рахау-бахау кæн æмæ дæ бензины смаг калгæ уыцы къулбадæг лæппуты уайдзæфтæм хъус. Æв- зæр бæргæ нæ уыдысты хъуыддæгтæ, фæлæ мын ацы фæстаг суды хабар мæ астæуыстæг асаста бынтондæр. Æмæ, раст зæгъып къæуы, аххос мæхи аххос уыди, цы мын нæ фаг кодта? Дзæбæх куы цардтæн мæхицæн. Нæ, ацы фыдбылызы къухтæ 141
æгæр авнæлдтой, æгæр мæ коммæ нал кастысты. Фæлæ, ныр, мæнмæ гæсгæ, афон у йæ ферох кæнынæн. Цыппар азы... Уы- донæй дыууæ ахæстоны, дыууæ та трактортимæ бензин ласæ- гæй... Æгъгъæд мын нæу? Базарады куысты мæ бæрц стаж иумæ дæр куынæ ис нæ хъæуы. Мæ фыд цы мæрдты ис, уыцы мæрдтыстæн, уадзгæ мæ бакæнæнт, гыццыл мын ме ’уæнгтæ аивазыны бар раттæнт, æндæр сын æз фенын кæндзынæн, Уа- сил ма Уасил кæй у, уый. Уæд æй базондзысты, Уасил быдыр- ты рахау-бахауæн æвгъау кæй у, уый. Кæд уыцы горæтагæн йæ сæр куса, уæд ма уый дæр сыгъдæг гæбæрдипты батухдзынæн. Зауырбегæй аразгæ дæр дзы бирæ у. Куыд дзуры, афтæмæй хорз зонгæтæ сты горæтагимæ. Арæхсгæ скæнæд Зауырбег, æндæр мæ уый дæр хъæстагæй нæ баззайдзæн... йæ хорзгæнæ- гæн хорз чи нæ ракæна, ахæм нæу Уасил. Хъуыддаг, мæхи куыд фæнды, афтæ хорз рауайæд, æз хъуымацы сантиметртæй нæ хъæуы астæу дурын уæладзгуытæ бæргæ аскъæрин. Уæле та уæм бынмæ бæргæ ракæсин, нæ хъæубæстæ! Æндæр Уасил та уын уаин уæд... Мæ бензины смаг та зынаргъ сæнты тæфæй бæргæ раивин... Къухылхæцæгæй, номæвæрæгæй та мæ лæгъ- стæмæ бæргæ агуриккат... Хъуыды кæны Уасил йæ ног бынатыл æмæ хатгай йæ зæрдæ афтæ барухс вæййы, афтæ схъæлдзæг вæййы, цыма йæ хъæуьг нарæг уынгты пæ, фæлæ уæлдæфы тæхы. Уыцы сахат йæ цæс- тытæ дæр уæрæх байгом вæййынц, размæ акæсы, уæдæ мын кæд хъæусоветы бæстыхай фæстейы аззад, зæгъгæ. Фæлæ йын уыцы дзæбæх зæрдæ бирæ нæ ахæссы. Æндæр хъуыдытæ сми- дæг вæййынц сæры. Æмæ та уæд цæстытыл æрæпцайынц йæ сырхбым бур æрфгуытæ, уæлдæфы нæ, фæлæ сæ ,\ъæуы нарæг уыпджы кæй цæуы, уый бамбары йæ зæнгты рыстæй. Хъæусоветмæ хæстæг цы ног дукани гом кæнынц, уый дуар- мæ никæйы баййæфта Уасил. Иæ зæрдæ иыссæххæт кодта, йæ зæнгтæ йæ быны атадысты. Размæ атындзыдта. Стæй, дукани- йы кæрты цъæх ахуырст рог машинæ куы бауыдта, уæд йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд. Ардæм цыма бынтон æнæнхъæлæджы æрбафтыд, уый хуызæн дуканийы размæ уæззау къахдзæфтæй бацыд. Йæ цæстытæ байгом кодта, йæ рихитæ адаудта æмæ, дуканийы дуары сæрмæ цы рæсугъд фыст уыди, уымæ скаст. Фыццаг хатт иæ кæсы уыцы фыстмæ Уасил. Суанг ма йæм быдырæй дæр ссыди уыпынмæ. Дуканийы сæрмæ уыцы фыст куы бакодтой, йæ хуыссæг дæр уæдæй нырмæ фæлыгъди. Рæ- сугъд дукапи у. Ехх, æвæдза, цы гæнæнтæ дзы ис!.. Уасил сыл 142
йæхинымæр раджы ахъуыды кодта. Стæй æрмæст иунæг хатт нæ, товартæй чи кæм æвæрд хъуамæ уа, æлхæнджытæ кæм хъуамæ лæууой, уыдæттæ йын рагæй пълангопд сты. Стæй дзы фæсте товартæн цы хорз сусæг бынат ис... Амæй размæ мын ахæм фадæттæ куы уыдаид, уæд нæхи милицæ нæ, фæлæ го- рæтыонтимæ дæр сарæхстаин... — Ам дæ? — æнæнхъæлæджы йæ хъустыл æрцыд Уасилæн. йæ мидбынат хæрдмæ фæхауд æмæ ныхасгæнæджырдæм æваст фæзылд... — Зауырбег!.. Рагæй ам дæ? Æз та ма дæм нæхимæ æп- хъæлмæ кастæн. Стæй ардæм ратагъд кодтон, куы мын, зæ- гъын, аирвæзой. Гъе, куыд у?.. — Куыддæриддæр загътай, афтæ. — Ам та? — Ам дæр. — Гъемæ, уæдæ хорз,— æхсызгон улæфт ныккодта Уасил æмæ ма ноджыдæр иу хатт дуканийы рудзгуытыл йæ цæстæн- гас ахаста. — Адон ма, æвæццæгæн, афæстиат уыдзысты. Дукани ми- дæгæй уынынц. Ныртæккæ дзы дæ сæр ницæмæн хъæуы. Цу, æз сæ мемæ акæндзынæн. — Хорз. Æз цæуын. Фæлæ дукани кæд гом кæнынмæ хъа- вынц, уый тыххæй ницы загътой? — фæстæмæ ма иу зылд фæ- кодта Уасил. — Тагъд, зæгъынц,— фæлæ бæлвырд кæцы бон, уый тых- хæй ницыма дзуапп радта Зауырбег æмæ дуканийы дуарæй бахызт. Уасил ацыд, фæлæ чысыл фæстæдæр лæф-лæфгæнгæ фæс- тæмæ дуканийы раз æрбалæууыд. Зауырбегмæ фæсидт æмæ йын, йæ фырмæстæй хæрдмæ хауд, афтæмæй загъта: — Æз быдырмæ згъорын. Уыцы æнæхайыры трактортæн сæ бензин фæци. Ныртæккæ мыл Газакк уынджы фембæлд æмæ мын мард, æгас нал ныууагъта. Дæ куыстæй дæ фелвас- дзынæн, зæгъгæ, мыл йæхи сцагъта. Чидæр дыууæ хæрнæгæй æнæхай куыд фæци, уый хуызæн, зæгъын, куы рауайа, æндæр ын мæ къах дæр нæ авæрдтаин... Уæдæ цæуыл пихылæйттæ фæкалын, Зауырбег? Мæ куыдз дыл ныммæлæд, цы куыст дæ! Цæй, æз тæхын. Дæ хорзæхæй, Зауырбег, дзæбæх-иу сæм фæ- кæс... Ме ’ссыдмæ-иу сæ бауром,— æнæсулæфгæйæ дзырдта Уасил! — О, Газаккæн йæ бон бирæ у. Колхозы сæрдар... Фæстæ- 143
мæ тагъд раздæхдзынæ? — йæ мидбылхудт йæ рихиты бын ам- бæхста Зауырбег. — Ныртæккæ мæ ардæм хъæуы. Æрмæст, дæ хорзæхæй... Курыы дæ, дзæбæх сæм фæкæс. Бырцджын арахъхъ, бæгæ- ны...— Уынджы тигъæй ма йæ ныхас æрбайхъуыст Уаси- лæн. ...Æрталынг. Бæласы бын ма цырæгъты рухсмæ бадтысты уазджытæ Уасилы нард фынгыл. Зауырбег даргъ сидтытæ код- та, се ’ппæт дæр бахъæлдзæг сты, уæддæр Уасил зынæг нæма уыд. Æппынфæстаг, уазджытæ сыстадысты, хæдзары æфсинæн арфæ ракодтой æмæ сæ машинæйы сбадтысты. Куыддæр ма- шинæ фæцагайдта, афтæ Уасил дæр, йæ хид йæ фындзыхъæ- лæй калд, афтæмæй уым æрбалæууыд. — Фæцæуынц? — йæ хъуыры цыдæр фæбадт, афтæмæй ма тыххæйты бафарста Уасил. Стæй, йе ’фсины дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст æмæ, бæласы цонгыл бахауд. — Цы кодтам?.. Цы дыл æрцыд? — тарстхуызæй йæ уæл- хъус алæууыд йæ ус. — Мæ фыртагъдæй мæхи царæфтыд кодтон. Хъæугæронмæ куы æрбахæццæ дæн, уæд мæ цæстытæ атартæ сты, мæ зæнгтæ мæ быны цы æрбаисты, уымæн ницыуал бамбæрстон æмæ къардиуы скуыси дæн. Марадз, бæттæн мын... Стæй дон дæр фен,— хъæрзгæйæ дзуапп радта Уасил æмæ, йæ ныхыл ды къухæй хæцыд, уый армытъæпæнмæ æркаст. Къух тугæй айдзаг. — Æмæ уæддæр цы загъта уыцы горæтаг? — чысыл фæс- тæдæр йæ цæф ных æмæ фындзырагъ уазал донæй æхсгæйæ, бафарста Уасил йæ бинойнаджы. — Ахæмæй дзы ницы фехъуыстон. Дзæбæх уæздан сидты- тæ кодтой. — Зауырбег ын куысты тыххæй ницы загъта? — Ницы дзы фехъуыстон... — Дæ хъустæ хизынмæ уыдысты, æви? Цы хуыздæр куыст ма дын уыди? йæхæдæг та цы фæци? — Кæмæй зæгъыс? — Зауырбегæй, æндæр кæмæй? Уауу!.. Мæ фындзæн, æн- хъæлдæн, йе ’рдæг йæ уæлæ иал ис,— йæ хъæрзын та ссыди Уасилæн. Æфсин батыхст, цыма уазæджы ныхæстæ кæй нæ фехъуыс- та, ууыл йæхимæ тынг мæсты кодта, уый хуызæн. йæ лæджы фындзмæ бакаст, стæй ныллæг хъæлæсæй дзуапп радта: 144
— Зауырбег ма дæм æнхъæлмæ каст, фæлæ æрæгмæ куы цыдтæ, уæд семæ машинæйы абадт... — Ау, æмæ сæ ме ’ссыдмæ куыннæ фæурæдта?.. Сыгъд уыл ссæуæд, цы трактортæ стут!.. Мæхæдæг семæ куы уыдаин, уæд бæргæ баныхас кодтаиккам... Уынгæ сæ дзæбæх фæкодтат? Хъаст ницæмæй кодтой? — Нæ, тынг арфæтæ фæкодтой. Уыцы æхсæв куыд тухитæгæнгæ ацыд Уасилыл, уый, æвæц- цæгæн, йæхи æмæ йæ усы йедтæмæ ничи зоны. «Мæ кусарт ма фæдзæгъæл уæд?..» — уыцы хъуыды суанг уазджыты ацыдæй дыккаг бон сихæрттæм йæ сæрæй нал схи- цæн. Æмæ, æцæг, дыккаг бон быдырмæ дæр нал ацыд. Йæ ных сау хæцъилæй бабæттын кодта, йæ фындзырагъ цавæр- дæр цъæх хосæй байсæрста. Райсомæй Зауырбегмæ сæрвыста æмæ сæхимæ куынæ разынд, уæд дуканийырдæм араст. Дука- нийы дуармæ баййæфта стыр уæзласæн машинæ. Иæ зæрдæ та æнахуыр цæлхъ ныккодта Уасилæн. — Дукани гом кæнут?— аивæй бафарста, товартæ дукани- мæ чи хаста, уыдонæй иу лæппуйы. — Гъо. Райсом. Дуканийы хицау йæхæдæг загъта,—дзуапп радта лæппу, фæлæ йын Уасил йæ ныхæстæ æххæст нал фе- хъуыста, йе ’рдæг æхгæд цæстытыл ма ауад, æрæджы районы дуканийы хъуымац цы саулагъз сылгоймагæй æлхæдта, уый хæрзконд цæсгом. — Кæй бахордтат, кæй банызтат, уыдон уæ фарсы тæнæ- гæй фæуæнт, Зауырбег... Цæстфæлдахæг — хицау нæ фæлæ! Уæвгæ цæй хицау,—хъæусоветы писыр. Цумайы лæдзæг. Хист- хор. Гæртæмттыл зилæг! Фæхынджылæг мæ кодта, æнхъæл- дæн...— загъта ма Уасил, стæй йæ ныхы баст цæстытыл арф- дæр æркодта æмæ сæргуыбырæй сæхирдæм араст. Дыккаг бахъавд — Уыцы фыс!..— Газакмæ бахъæр кæнынмæ хъавыд Уа- сил, фæлæ дуары зыхъхъырæй Додти æмæ Дрисы куы бауыд- та, уæд йæ ныхас гарачъийау æвзаджы кæрон асалд. Иæ бæз- джын былтæ æддæг-мидæг ауадысты, йæ цæстытæ та æрдæг æхгæд акодта æмæ арæхсгæ йæ фæдыл рахгæдта дуар. Цыма йæ исчи фæсте расурынмæ хъавыд, уый хуызæн йæ къахæлгъ- 10 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 145
тыл хъавгæ рацыд. Уынджы тута бæласы аууон слæууыд æмæ цъындцæстæй æдзынæг ныккаст правленийы дуармæ. Мæсты уыд Уасил. Райдианы дзы йæ худ йæ сæрыл ныккæ- нын дæр ферох. Æрмæст уарыны лыстæг æртæхтæй фæд-фæ- дыл цалдæр йæ даст сæрыл куы сæмбæлд, уæд йæ фæныкхуыз нымæтхуд æркодта. Бæласмæ хæрдмæ скаст. Уарыны æртæхтæ сыфтæртыл цъыччытæ кодтой. Рамæсты уыдонмæ дæр. Стæй бæласы аууонмæ йæхи байста. Ноджы æдзынæгдæр ныккаст правленийы цъæх ахуырст дуармæ æмæ, загъта: — Мæ фыдбылызтæ та мæ разæй фесты... Абон ма мæ къу- хы куынæ бафта Газакк, уæд... Райсом куы фæхур кæна, уæд æй цырагъы рухсмæ дæр нал ссардзынæ. Нæ, мæнæй уый, лæуу, æнхъæлмæ кæс, науæд райсом байрæджы уыдзæн. Уар- гæ нæ, фæлæ арв дæлæмæ куы æрхауа, уæддæр лæуу, æн- хъæлмæ кæс!.. Додтиитæ мыггагмæ уым нæ баддзысты. Гыц- цыл ма бахъæуа, хъуыддаг мæхæдæг ма фехалон. Уыдоны дзыхы куы бахаудаин... Лæгæй хæрæджы æфтаугæ сараздзы- сты. Æнæуи дæр мæм топпы кæсæнæй кæсынц. Уæлдайдæр уыцы Додти... Уæллæ-гъи, мæ бинонты цагъды хабар сæм куы байхъуысид, уæд хъазт саразиккой. Æмæ сын ахæмæй цы ракодтон? Цæмæн мæ сдзырддаг кодтой æнæхъæн хъæуæн? Бензины дыууæ боцкъайы тыххæй? Гъо, ауæй сæ кодтон... Тобæ! Уæй нæ, бæтгæмæ сæ радтон. (Йæ фæстаг ныхæстæй хорзау иал фæци Уасил. Кæд мæ исчи фехъуыста, зæгъгæ, йæ алывæрстæм акаст). Раст у, фæхъæр мын сты. Æмæ сын дык- каг бон раст сæ хæд халдих дыууæ боцкъайы æрбалæууын кодтон станы. Цы рын ма сæ тилы? Цæуыл ма фæдис кæнынц æмбырдты? Бригадиртæ кæй сты, уымæн? Абон — бригадиртæ, райсом хъуамæ мæ бынатмæ дæр мауал сбæззой. Афтæ гыц- цыл цæуылдæрты ахъуыды кодтон, æндæр сын а сау лæппу сæ бензин сæхицæй фæкодтаид. Нæ, Додти æмæ Дрис, сымах, æвæццæгæн, хорз нæ зонут, Дабайты Кудзийы фырт Уасил чи у, уый! Уасил, искæй раз йæ зонгуытыл чи æрлæууа, ахæм Уасил нæу! Ныртæккæ æз уарынмæ тутайы бын лæууын, сы- мах та колхозы сæрдары фарсмæ бадут. Уымæй хъал стут уæхицæй? Уæ фæстæ та æз баддзынæн йæ фарсмæ. Иунæгæй. Æндæр хъуыддаджы фæдыл. Сымах æй зонгæ дæр нæ кæнут, Газаччимæ цæуыл дзурдзынæн, уый. йæ зонын дæр уæ ницæ- мæн хъæуы, æндæр ын æй уæ цуры дæр загътаин... Дуары хъæр фæцыд æмæ Уасил тутайы аууон амбæхст. Додти æмæ Дрис хъæлдзæг ныхас кодтой, афтæмæй уынгмæ 146
рахызтысты. Додти, цыма Уасилы фыдæнæн кодта, уый хуы- зæн цæуылдæр хъæрæй худт. — Худ уал, худаджы хал хауаг у, фæзæгъынц,— Додтиитæ уынджы тигъыл куы фæзылдысты, уæд ма сæ фæдыл адзырд- та Уасил æмæ, мыст мæкъуылы бын куыд смидæг уа, афтæ правленийы смидæг. — Газакк, алы цæуæгимæ уыйбæрц куы дзурай, уæд ма дæ цы баззайдзæн? — уаты къуымты афæлгæсыд, йе ’рфгуытæ уæлиау систа, афтæмæй ныллæг хъæлæсæй загъта Уасил æмæ сæрдары стъолы фарсмæ сусæны бæхы лæуд скодта. — Гъома, куыд алы цæуæгимæ? — йæ гæххæттытæ иуварс авæрдта Газакк æмæ Уасилмæ скаст. Уасилы зæрдæмæ нæ фæцыд Газаччы цæстæнгас. йæ мид- былты æнæбары худт бакодта æмæ ивазгæ ныхасæй дзуапп радта: — Алы цæуæг не ’сты, фæлæ, зæгъын... Адæймаг æфсæйна- гæй конд куы уаид, уæд бæргæ. Бон-изæрмæ дæ дуарæй чи нæ ракæсдзæн, иу ахæм нæй. Куыд арæхсыс семæ, дæ хорзæхæй. Сомы мæ нæ кæнын кæныс, фæлæ æз дæ бынаты иу бон куы фæуин, уæд мæ дыккаг бон хъиладзагъдæй фæсуриккой. Тынг зын кусæн сси ныртæккæ. Æз дæлæ уыцы ницæйаг тракторти- мæ куы архайып æмæ сыл куы никæцырдæм æххæссын. Хуы- цауыстæн, иуæй-иу хатт мæ уыцы къулбадæг лæппутæ уыт- тыры къæбæлæй рогдæр скæнынц. Æмæ æз цы дæп? — Уасил, дæ хорзæхæй... Тынг æнæвдæлон дæн, кæд исты зæгъынмæ хъавыс,— æлхынцъæрфыгæй загъта Газакк æмæ дуарырдæм акаст. — Гъо, æмæ дын æз дæр уый куы дзурын, се ’ппæтыл куыд æххæссыс, зæгъгæ. Мæ ныхас фæцыбыр кæндзынæн. Куы ма дын æй "дзырдтон, уæлæ не ’взæр чызгæн... Арæппын, йе ’скъо- ла каст куы фæци, уæдæй нырмæ æхсæзæм мæй цæуы æмæ йын... Афтæ мæм куыддæр адæмæй худинаг кæсы, æндæр цæй куывдты аккаг у? Иæ мад ныллæууыд æмæ мæ иу ран нал уа- дзы, чызджы тыххæй исты скæнын хъæуы, зæгъгæ. Гъемæ, дæ фыды хатырæй, ма фæзивæг кæн. Нырмæ дæр дæу тыххæй баззад. Къухы не ’фтыс, æмæ... Уыцы фысмæ ныр не ’фсин æвдæм мæй зилы сæрмагондæй. Кусæрттагæй зæгъын. Ноджы йæ къулбадæг ахуыр скодтой,— дзулæн дæр йæ урс æмæ йæ фæлмæнтæй уæлдай хæргæ дæр ницыуал кæны. Дис кæнын, йæ цармы ма куыд цæуы, ууыл. Кæрты хъæрзгæ, нæтгæ куы ра- цæйцæуы, уæд уымæ кæсын — тæригъæдæй мары. Чысыл ауа- 147
йы, æрлæууы, мæгуыр, æмæ та йæхи каурæбын сатæджы ауа- дзы. Гъемæ, дæ хорзæхæй, фæссихор рацу, Газакк, æмæ йын исты сæрфат скæн. Райсом куы фæхур кæна, уæд та дæ нал равдæлдзæн. Кæйдæриддæр дæ фæнды — ракæн сæ, фæндаг дын ис. Мæ разæй ам чи уыд, уыдоны цур дын барæй нæзагъ- тон. Истытæ та, зæгъын, куы дзурой. Дæхæдæг нæ зоныс?.. Газакк Уасилы ныхæстæй стыхст. Йæ бынатæй сыстад, цы- дæр зæгъын уыд йæ зæрды, фæлæ та ацы хатт дæр Уасил фæразæн: — Цæй, нал дæ хъыгдарын. Дæ хорзæхæй, ма фæзивæг кæн. Æфсæрмыйаг уазæгæй нæм ничи уыдзæн. Дæхи куыд- дæриддæр фæнда, афтæ бакæндзыстæм... ...Разы уыд йæхицæй Уасил. Уынджы, каурæбынты сæхи- мæ цæугæйæ, хъуыды кодта: «Кусарт... Ахæм кусæрттæ бирæ бахæрын кодта Уасил. Æдылыйы фæндагыл дæр гыццыл нæ фæхæрын кодточ. Фæлæ ацы хатт, мæхимæ гæсгæ, хъуыддагæй исты рауайдзæн. Кол- хоз горæты базары цы халсарты дукани гом кæны, уырдæм чызджы бахауын кæндзынæн, стæй уæд мæн дæр йæ цурмæ хъæуы. Фæлæ, цы нæ вæййы, куынæ йæ арвитой, уæд та? Æмæ йæ цæуылнæ хъуамæ арвитой? Ахуыргонд куыстагур. Æвæ- джиау хорз уаид, уыцы бынатмæ куы бахауид, уæд. Ахæм куысты йæ амонд дæр тагъддæр ссарид. Мæхицæй йæ нæ зо- нын, куыд лæгъстæйаг-иу мын уыдысты. Цæй, цыфæнды куы уа, уæддæр Газакк, чи хъæуы, ахæм у. Уымæй кæддæриддæр фæфос кæнæн ис. Уæд та йын мæхи кой скæнип? Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуымæцты дукани нæу. Фæлæ мæнæн цы уæлдай у? Мæнæн, мæ базыртыл кæм схæцон, ахæм ран уæд, æндæр...» Афтæ хъуыдытæгæнгæ сæхимæ схæццæ Уасил. Кулдуарæй бахизæны йе ’фсин йæ размæ фæци. — Не ’фсин, марадз, рæвдз февнал, ныртæккæ Газаччиты ардæм хъæуы,—цæугæ-цæуын загъта Уасил æмæ сарайы къуыммæ, кусæрттаг сынæр кæм цагъта, уырдæм бараст. Æфсин ницы сдзырдта, æрмæст ма Уасилы хъустыл дуары гуыпп фæцыд. — Æз дæумæ куы дзурын. Нæ мæ фехъуыста æви? — фæс- тæмæ фæзылд Уасил. Уæдмæ сылгоймаг хæдзарæй фæстæмæ фездæхт æмæ тыргътæй йæхи цъиуджын каркау ныццавта Уасилыл: — Æнæрай дзы скæн!.. Дæ быптæ адæмæн бахæрын код- 148
тай. Цу, кæм дæ фæнды, уым сын кусæрттæ кæн. Мæ удæга- сæй æз уыдоны раз ницы æрæвæрдзынæн... Де ’дылы митæй мæ сæрæн нал дæн. Иу хъуыддаг нывыл саразынæн нæ дæ. Кæсыс, хæлиудзыхæй та дæ дзæбæх куы фæуагътой. Ды уал бахъав-бахъав кæн. Æнæ хъавгæйæ йæ хъуыддæгтæ чи кæны, уыдон та дæ разæй дзæбæх куы фесты!.. — Цы ’рцыд, цæуыл дæ хурхыуадындзтæ топыс? — йæ зæнгтæ йæ быны базыр-зыр кодтой, афтæмæй бафарста Уасил. — Нæ, зæгъын, æз. Мæ хæдзары дзæгъæл кусæрттæ пæй. — Арвыстой? — Мæцыхъоты къуылыхХабойы. — Чызг цы фæци? — Цинæй амард æмæ дæлæ фермæмæ фæцæуы. Уасил йе ’рфгуытæ ныллæг æруагъта, сæр уæхсчыты ам- бæхста æмæ, æнæ исты дзургæйæ, гуыбыр-гуыбыр хæдзармæ бацыд. — Дæ разы дуæрттæ дзæбæх сæхгæн. Кулдуар, стæй мæ- нæ иннæ дуар дæр,— йæ ныхас ма райхъуыст хæдзарæн. Йæ маст цæджджинагау фыцы Уасилæн. Мæсты кæны йæ- химæ, Газакмæ. — Нæй, кусарт нал... Раздæр, раздæр кæнын æй хъуыд,— хæцы йæхимæ Уасил æмæ æдзынæг кæсы рудзынгæй уынг- мæ.— Фæлæ... куы æрбацæуой, уæд та? Æрбауадзон ма сæ? Нæ, не ’фсин раст у: цæуæнт, дæлæ хорз кæмæн ракодтой, уы- цы къуылых Габомæ. Мæнæн æнæ уыдон дæр батайдзæн мæ гуыбыны мæ кусарт. Нæ йæ зыдта Газакк, æз зæропд базара- дон кусæг кæй дæн, уый? Мæ чызг ме ’ххуысæй уæддæр са- рæхстаид уыцы куысты. Къулбадæг, ничи йæм кæсы, адæм ахæм куыстмæ сæ бæттæнтæ тонынц, мах чызг та дзы арвы талыигты лидзы... Гъемæ, гъæй зæгъ... Фермæйы хъуццыты бынтæ хаф!.. Æвзæр дын уыдаид горæтаг цардæй... Оу, дæлæ æрбацæуынц!..— йæ мидбынат хæрдмæ фæхауд Уасил.— Дуæрттæ сæхгæдтай? Хъусыс, нæ хæдзары иу цъиуызмæлæг дæр нæй,— загъта Уасил æмæ рудзынджы аууон йæхи æрныл- лæг кодта. Ус дæр пецмæ хæстæг лæууыд. Ницы дзырдта. Дуары фыццаг æрбахостæй тæрхъусау фестъæлфыд Уасил. Дыккаг æрбахосты йе ’фсинмæ бакаст, цыма йын афтæ дзырд- та: «Гъеныр нæ раны стæм, уæйгуытæ æрбабырсынц». Газаччитæ исдугмæ сæ хойынæй фæсабыр сты. Сæ ныхæс- тæй сын иугæйттæ фехъуыста Уасил. Стæй та сæ чидæр йæ тых-йæ бонæй дуар ныххоста. Уасилæи йæ уд йæ къахы зæ- 149
вæтты стæлфыд. Афтæ йæм фæкаст, цыма ныртæккæ дуар сæ сæрыл æрбахæсдзысты. — Уæд та ма рудзынгæй бакæс. Цагъды фесты, æви? — йе ’мбæлттæй кæмæндæр загъта Газакк æмæ уайтагъд рудз- гуыты бын кæйдæр къæхты хъæр ссыд. «Цымæ чи у?»—йæхинымæр та загъта Уасил æмæ ру- дзынджы тарвазæй йæ иу цæст сдардта. Додти йæ тымбыл къух рудзынджы авгмæ æрбацæйхаста. — Ард дæ хæдзары, кæд мæм æй комкоммæ цы сарæзтай,— загъта Уасил æмæ, йæ цæстытæ фæцъындгæнгæйæ, тарвазы бын амбæхст. Рудзынджы æвгтæ æмзыр-зыр ныккодтой. Ныййазæлыды- сты Уасилы хъустæ. — Фæлывд, мæнгард лæгæй æндæр цы домут? Хуыцауыс- тæн, сæхимæ сты. Уæртæ дзы кæйдæр сым-сым мæ хъустыл уайы. Гъе, уый та дын, Газакк, дæ Уасил. Райсом дæр та дæ хондзæн. Æрбауай-иу æм,— йæ хъæлæсыдзаг ныххудт Додти. — Нæ. Фæци, ууыл ахицæн Уасилы хуынд. Ацы хатт-иу йæхицæй æдылыдæрты агурæд,— дзуапп радта Газакк. Ногæй та ныййазæлыдысты Уасилы хъустæ. Æрмæст ацы хатт æвгты зыр-зырæй нал, фæлæ Газакк æмæ Додтийы ны- хæстæй. е
сынкъ æртмæ æрбахызт æртæ лæджы, æртæйæ дæр нæ сыхæгтæ. Цыма йе ’ккой æнахуыр стыр уаргъ хаста æмæ йæ зæнгтæн йæ быны фæтасынæй тарст, уый хуызæн сæ разæй гуыбыр-гуыбыр, хъавгæ цыдæй æрбацыд сæ хистæр Бындзи. Хæ- дзармæ бахизæны йæ хъуынджын уæлдзармхуд йæ уæраджы сæрыл æрхоста, йæ кæрцы æфцæг- готæй миттæ ацагъта æмæ бынты мæнырдæм æр- бакаст. Дзургæ мæм ницы скодта, фæлæ уæддæр йæ размæ бацыдтæн, асинтыл схизынмæ йын ах- .хуыс кæнон, зæгъгæ. Æнæдаст, къæсхуыртæ Хъа- зи мæнæй фæраздæр. Уый йæ къух зæронд лæ- джы дæларм фæцавта æмæ йæ цыма йæ базырæй фелвæста, уый хуызæн æй асинтыл сдавта. Сæ фæдыл згъорæгау скодта, нæ тæккæ бакомкоммæ чи царди, уыцы гыццыл Мæндзæй. йæ дыууæ æмбалæн сæ бæрцытæм дæр нæ хæццæ кодта. Æвæццæгæн, афтæ цыбыр æмæ рог кæй уыди «Мæндзæй» дæр æй уымæн фæкодтой. Æмæ кæд искуы искæуыл йæ ном фидыдта, уæд уый уыди Мæндзæй. Хорз цардысты Дадаимæ æртæйæ дæр. Суанг а фæззæджы онг иумæ фæкуыстой быдыры. Сæ цин, сæ зын иу уыди кæддæриддæр. Кæрæдзи уарзтой, аргъ кодтой сæ кæрæдзийы дзырдæн. Уæлдайдæр Дадайы æррынчынæй нырмæ хæдзар нал зонынц. Цынæ хъазæн ныхас схаудзæн сæ 151
дзыхæй, цынæ худæджы таурæгъ ын ракæндзысты... Дада дæр сыл фæцахуыр æмæ йæм æрæгмæ куы фæцæуынц, уæд хъæр- зын сисы, мæлыны къахыл ныллæууы... — Нæ, Саулæг, цалынмæ ма мах ног аз нæ хуымты дзæ- бæх нартхор æрзайын кæнæм, уæдмæ дæ никуыдæм ауадз- дзыстæм. Стæй дын, раст куы зæгъон, уæд ныртæккæ ам æх- сызгондæр хъæуæм. Фынддæс æмæ æртиссæдз азы... Цы сты уыдон ныртæккæйы рæстæджы. Фондзыссæдзы, Саулæг, фондзыссæдзы... Стæй уæд нæ кæстæртæн хæрзбон зæгъæн дæр ис... Ацы аз уыцы хуымæллæггаг нæ разæй фæци, фæлæ йын мах иннæ аз йæ бындзытæ стæхын кæндзыстæм... Афтæ нæу, Мæндзæй?—фæзæгъы Бындзи æмæ йæ урс-урсид боцъо йæ дæрзæг къухы армы атымбылтæ кæны. — Уæдæ!.. Мæ фыдыстæн, нырма дзыхъхъы лæуд нæма стæм,— цыма йæ ныхæстæ йе ’взаджы былыл цæттæйæ фæ- лæууынц, уый хуызæн тагъд дзуапп радты Мæндзæй æмæ Хъазимæ бакæсы.— Æццæй нæ, Хъази? — Топпы фаты хуызæн. Ды цы зæгъай, Мæндзæй, æмæ мах цынæ бакæндзыстæм... Гæдыйæ исты зæгъын, Саулæг? — Дадайы хъусы бадзуры Хъази. Æмæ уæд Дада дæр йæ мидбылты бахуды: — Мæндзæй, йæ ныхас уæгъды чи зæгъа, ахæм нæу, уæдæ- мæ ма нын, Мæндзæй, иухатт дæ дон куыд фæцæйласта, уый радзур. — О-о, ды та, Саулæг, æдзух уыцы донласты кой ракæ- ныс... Мæ фыдыстæн, Мæндзæй сымах хуызæн къодæхтæ до- нæй бирæ раласта. Æрмæст уæд... Цæй, нал та мæ ныууадз- дзынæ æмæ йæ радзурдзынæн. Мæ фыдыстæн, уыцы æвзæр арахъхъ куынæ уыдаид, уæд дзы мæ къахы уæлфад дæр не ’схуылыдз кодтаин. Уыцы къуымæлдзæфæй доны былты мæ зæрдæйы дзæбæхæн ма ратезгъо кæнон. Мæнмæ бакæсын, цы- ма Германы æфсæдты æз басастон, уый хуызæн хæрдты кæсгæ рараст дæн. Нæ уæ бауырндзæн, исдугмæ мæм афтæ фæкаст, цыма нæхи къанауы фæрсты цæуын. Йæ сæрты багæпп кæнон, зæгъгæ, мæхи уыцы иу дыввытт нылластон. Доны бæрæг астæу куыд скуыси дæн, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон. Райдианы мæм мæлæты дзæбæх фæкаст, цыма раст бумбулитыл хуыс- сыдтæн. Стæй мæ дзых донæй айдзаг, мæ сины сæр топдзæ- фау ныддыз-дыз кодта... Æтт, мæ хæсгæ мæрдтæ, зæгъгæ, мæ сины сæрмæ фæлæбурдтон, мæ тых-мæ бонæй былмæ раленк кодтон. Мæ нымæтхуд ма мæм мæйрухсмæ донæй иу зынд фæ- 152
кодта. Былмæ мæ бирæ нал хъуыд, афтæ мын мæ галиу зæнг цыдæр йæ тæккæ рæбынтыл арæдывта... Тыхтæ-амæлттæй ра- хылдтæн. Слæууыдтæн. Æрмæст мæ зæнг зæбулæй баззад... Мæ мард кæйдæр куыдзы мардау сæфдзæн, зæгъгæ, мæ фазыл бырынтæ систон. Мæ хъæрзынмæ, мæ хъæрмæ хъæугæроны куитæ ракалдысты. Иу мын дзы мæ цæф къахыл ныххæцыд æмæ йæ аиваз-аиваз кæны. Ме ’рдиагмæ, куиты рæйынмæ адæм фæфæдис сты. Сæ бынæй мæ скъахтой. — Афтæ йын хъуыди... Ахæм арахъхъы къупритæн сæ мыг- гаг куы сыскъуына, уæд хуыздæр уыдзæн,— мæ хъустыл æр- цыд кæйдæр тызмæг ныхас. — Æз къупри нæ дæн. Мæндзæй... уæхи Мæндзæй дæн... Мæ галиу зæнг ма мын фенут, уым ма ис? — мæхи сæм ба- къултæ кодтон æз. — Дæ зæнджы мæт ма кæн, де ’дылы къоппа бахъахъ- хъæн,— загъта та уыцы тызмæг дзурæг. — Фæлтау дæ мæрдты къоти куы банызтаис, Мæндзæй,— мæ сæрыхъуынтæй мæ чидæр хæрдмæ фелвæста, мæ дудгæ сины сæрæн ма мын йæ уæраджы сæрæй иу авæрдта... Уæдæй нырмæ мæхицæн фидарæй загътон: — Куыдз дæр куыдз æмæ æз дæр куыдз, æз ма уыцы нозт мæ дзыхмæ куы схæссон... Уыцы хабар рагæй никуыуал радзырдта Мæндзæй. Хъæуы адæм æй се ’ппæт дæр зыдтой. Æмæ йын æй ныр Дада ногæй йæ зæрдыл кæй æрлæууын кодта, уый йын хъыг нæ уыд. Се ’мбалы истæмæй бахъæлдзæг кæнын сæхицæн хæсыл нымад- той зæрæдтæ. Дадайы бахудт сын æхсызгон уыд. Æнæ бахуд- гæ, æнæ хъæлдзæг ныхас Дада фидаугæ дæр нæ кодта. Тыхс- гæ, хъæрзгæ йæ никуы федтой йе ’мбæлттæ. Æмæ йын хæри- наджы дзæбæхæй, дыргъы хæрзадæй цынæ хастой, иу ахæм нæ уыди. Чи цæрвджын уæлибæх, чи рæгъæд кæрдо... Хатгай сæ хæдзæртты рæвдз куы ницæмæй вæййынц, уæд сæ фæидаг дуканийыл ракæнынц. Кæм фæлмæи къафеттæ, кæм рæгъæд лимонтæ... Ницæуыл ауæрдынц. — Уæ, бæргæ уын дзырдтон, буц мæ дарут, зæгъгæ... Ныр ма мын æрæджиау уæ уæлибæхтæй цы ракæндзыстут?..— хъазгæйæ сын фæзæгъы Дада. Ахæм сахат Мæндзæй се ’ппæтæй дæр фæразæй вæййы: — Хъус-ма, цы дын фестæм, уый дын хæлар уæд... Фæлæ, зæгъын, дзурыны бæсты хъармæй исты куы ахæрис. Дæ раз- мæ дзы рæгътæ куы самадтай... 153-
— Бæргæ сын дзурын, ницы мæ хъæуы, мæ зæрдæ ницы зæгъы, нæ, мæ коммæ дзы ничи кæсы. Цæуынц, хæссынц, кæ- мæн куыд йæ бон у, афтæ... — Райсом мын уæртæ дуармæ æнæ слæугæ нæй. Хуынимæ дæм чи цæуа, уыдонæй иунæджы дæр не ’рбауадздзынæн... — Мæндзæй, ды цы зæгъай, æмæ цынæ бакæндзынæ... Уадз сæ, Мæндзæй, алчи йе ’гъдау кæны,— йæ ныхас баппары Хъази. — Æмæ, Хъази, ды афтæ æнхъæл дæ, æмæ хуынты ныхмæ дæн? Нæ, æз дæр сæ дæуæй къаддæр нæ уарзын. Ныхас ууыл нæ цæуы. Хæргæ дзы ницы кæны, æмæ йæ хæдзар хуынты му- зей куынæ у, миййаг... — Гъа-а, кæд уый тыххæй зæгъыс, уæд раст дæ,— æппæ- тæй фæстæдæр фæзæгъы Бындзи. Æмæ та уæд исты даргъ таурæгъыл схæцы. Фæлæ ацы изæр зæрæдтæн сæ хъæлдзæг ныхас нæ хъуысы. Тарфдæр у Дада. Чысыл раздæр æм колхозы сæрдар Агуыбе районæй дохтыр æрбаласта, йемæ уыди хъæуы дохтыр дæр. Æз сарайы кæй лæууыдтæн, уый нæ бафиппайдтой æмæ ны- хасгæнгæ рацыдысты. — Гъы, куыд у? — бафарста уазæджы Агуыбе. — Цы дын дзы зæгъон, нæ зонын... Зæрдæдаринаг нал у,— дзуапп радта уазæг æмæ ма мæм кулдуарæй æрбайхъуыст Агуыбейы уæззау улæфт. Дадайы хъуыддаг хорз кæй нал у, уый æнæ дохтыры ныха- сæй дæр зыдтон. Сихæрттыл мæм фæсидт. Йæ цуры мæ æр- лæууын кодта. Йæ уазал, мæллæг æнгуылдзтæй мын мæ къух йæ хъуынджын риумæ нылхъывта. Цыма мын искуыдæм али- дзынæй тарст, уый хуызæн мæм комкоммæ ныккаст. йæ сау цæстытыл фæлмхуыз хæрв æрбадт æмæ гæзæмæ уымæлбын дардтой. йæ риу, цыма дзы исты аскъуыд, уыйау хæр-хæр кодта. Цыдæр мын зæгъынмæ хъавыд, æрмæст йæ цъæх был- ты змæлдæй уæлдай йæ дзыхæй ныхас нæ хъуыст. Иуцасдæр мæм æдзынæг фæкаст, стæй æрæджиау арф кæцæйдæр йæ ныхас ссыд: — Лæппу... Бинонты дæ бæрны уадзын... Уыцы ныхæсты фæстæ нанамæ æдзынæг ныккаст, стæй мын мæ къух суагъта, мæ сæрмæ мын сæвнæлдта æмæ уый дæр йæ риумæ нылхъывта. Мæ буар ныддыз-дыз кодта. Мæ кæуын- дзæг мæ хъуыры ныттыппыр. йæ хъæбæр риуы гуыдырыл æр- хауд цалдæр цæссыджы. 154
— Тыхсгæ ма кæн, Дада, адзæбæх уыдзынæ,— мæ кæуын тыххæй урæдтон, афтæмæй йын дзуапп радтон æз. Уый ма мæм ноджыдæр иу каст скодта æмæ мын йæ къу- хæй ацамыдта, ныр цæугæ, зæгъгæ... Рацыдтæн. Сарайы мæ цæстысыг нал баурæдтон. Уым дæр ма мæ къухтыл зыр-зыр кодтой Дадайы уазал æнгуылдзтæ. Цыдæр зæгъыны размæйы змæлд кодтой йæ цъæх былтæ... — Лæппу, марадз-ма, уæртæ Разиаттæй иучысыл мыд æр- бадав. Æппындæр æй сулæфæн нал ис... Мыдæй йын кæд фен- цондæр уаид,— афтид агуывзæ йæ къухы, афтæмæй мæ уæл- хъус февзæрд гыцци. Æз агуывзæ райстон æмæ Разиаттæм ацыдтæн. Разиаты сæхимæ нæ баййæфтон, æрмæст йæ лæг хосдонæй йæ дыууæ дæлармы нартхоры хæтæлтæ æрбацæйхаста. — Разиат уæхимæ нæй? Дадайæн нын иучысыл мыд куы авæрдтаид,— Сæхæммæ мæхи бакъултæ кодтон æз æмæ йæм мæ афтид агуывзæ равдыстон. Сæхæм мæ райдианы хъуыды дæр не ’ркодта. Æд куырис- тæ скъæты фæмидæг, уайтагъд фæстæмæ фæзылд. йæ-хорасан уæлдзармхудыл суанг йæ тъæпæн фындзырагъы онг нартхоры æмбыд зæлдæгтæ дзедзыкка кодтой, афтæмæй мæм æнæбары худт бакодта: — О-о. Бабе куы дæ!.. Кæм уыдтæ дыууæизæрыастæу? Æз ын дыккаг хатт бамбарын кодтон мæ цыды сæр. Уый йæ худы гоппæй нартхоры зæлдаг æриста, каурæбынмæ йæ базыввытт кодта æмæ йæ чыр-чыр ссыд: — Чидæр фиййæуттæм тæнæг къуымæл куы агуырдта... Цæй мыд ма нæм ис? Сыхæгтæ йæ хастæй фесты. Саулæгæн йæхицæн дæр бæргæ дзырдтон, мыды чыргъæдтæ рауадз, зæгъгæ. Кæсыс, куыд æй бахъуыд... Нæй, Бабе, нæ сыхбæстæ йыл амдзæгъд кодтой. Æндæр, сомы мæ нæ кæнын кæныс, Саулæгæн мæ уд дæр нæ бавгъау кæнин. Ау, иу сыхы куы цæ- рæм, нæ цæхх, нæ кæрдзын уæрст куынæ у... Уыцы сахат хæдзарæй хъæргæнгæ рауади Сæхæмы къæ- бæлдзыгсæр чызг. — Папæ, мæнæ ма Сирожæмæ кæс, мыд мын мæ сæрыл рауагъта!.. Сæхæм йæ мидбынат цъилау ныззылд æмæ чызгыл фæ- тъæлланг кодта: — Мидæмæ дын зæгъын! Уазалмæ бæгъæмсарæй цы ра- сæррæтт кодтай. Къулбадæджы сæныччытæ, æз уын ныртæк- 155
кæ...— чызджы мидæмæ басырдта Сæхæм, йæхæдæг мæныр- дæм фæзылд æмæ йæ маст мæныл акалдта: — Ам ма дæ?.. Кæд мæ нæ бамбæрстай, уæд ма дын æй пу хатт зæгъын: нал нæм ис, фæци нæ мыд... — Дадайы хъæуы... Тыхстдæр у... — Иунæг хуыцау æй...— йæ ныхас æрдæгыл аныхъуырд- та Сæхæм.— Хъус-ма, мæн демæ ныхæстæм не ’вдæлы, мæ фос æфснаинаг сты.— Кæрты астæу мæ лæугæ фæуагъта, йæхæдæг скъæты смидæг, йæ гыбар-гыбур ма уырдыгæй райхъуыст. Мæ хъуыр фырмæстæй ахгæдта. Мæ бон ын зæгъын дæр ницыуал баци. Мæ агуывзæ мæ дзыппæй систон. Мæ тых-мæ бонæй йæ сарайы цæджындзыл ныццавтон. Цыма мын Сæхæм- ты кæрт мæ къахы бынтæ судзгæ кодта, уый хуызæн тагъд- тагъд рацыдтæн нæхимæ. «Ау, Дада Сæхæмæн мыды агуывзæйы бæрц хорз никуы ракодта? Иæхæдæг куыд фæзæгъы, афтæмæй Дадайæ бирæ дзæбæхтæ куы зоны. Кæддæр ма йæ цæфæй хъæдæй хъæумæ йе ’ккойы дæр куы фæхаста. Уæдæй нырмæ Дадайы йæ ирвæ- зынгæнæг куы хоны,— хъуыды кодтон мæхинымæр, талынг уынджы иæхимæ куырараст дæн, уæд.—Бæргæ, Дадайæн дæр Бæппу хæстæй афтæ уæззау цæфтæй куынæ ссыдаид, æгас ма йын куы уаид... Фæлæ æппæтæп сæ хъысмæт æмхуызон пæ вæййы! Бæппу хæстмæ куы цыд, уæд, Сæхæм, ды та дæхи радав-бадав кодтай. Тархъæнджын уыдтæ... Стæй дæ алы фарс быру самадтай. Мыстау æвæрæнтæ фæкодтай, дæ мыды чыр- гъæдтæ иу рагъæй иннæ рагъмæ раскъæф-баскъæф кæныс, дæ цъæх бухархуд сæрдæй, зымæгæй дæ сæры тенкайыл къуыдипп дард кæныс. Дадайы карæн зæрæдтæ быдыры кусынц, дæу та хъæугæ дæр ницыуал кæны...» Кæрты гыццп мæ размæ фæци. — Лæппу, уыцы сугтæм куы суаис... Дæлæ нæхионтæй искæй демæ акæн. Бæхтæй æрдæбон Агуыбе зæрдæ бавæрд- та,— цыма мæм уайсадгæ кодта, уыйау ныллæг хъæлæсæй загъта гыцци æмæ йæ сугты хъæбысимæ хæдзармæ бахызт. Мыды тыххæй йын ницы загътон. Йæхæдæг дæр мæ нæ бафарста. Гыццийы æфсымæры лæппу Айтег мемæ фарæстæм къласы ахуыр кодта. Ууыл мæ фæндаг акодтон, бæхтæ сифтыгътам æмæ хъæдмæ ацыдыстæм. Хъæд нæм дард уыд. Хъæддзаутæ-иу æмбисæхсæв ацыды- сты æмæ йæм боныцъæхтæй раздæр нæ хæццæ кодтой. Мæнæп '156
та, бæхтæ тынг æнæвдæлон кæй уыдысты, уымæ гæсгæ мæ сугтæ цалдæр боны хъæды цæттæйæ лæууыдысты. Уæрдоны цæлхытæ иугæндзон къæс-къæс кодтой митыл æмæ мæм афтæ каст, цыма уый Дадайы хъæрзын уыд. Ноджы дымгæ пæ къуыс-къуысæй не ’нцад, ниудта, миты хъæпæнтæ .хаста, буары иннæрдæм хызт. Айтег тынг мæсты кодта Сæхæммæ. — Хъулон уыры... Сынкъ... йæ бындзыты æфсонæй хъæды иу æрдуз, иу гæппæл нал ныууагъта. Кæм картоф, кæм нарт- хор, къабуска... Хъæдгæстæ дæр æм ницы дзурынц. Мыдджын арахъхъæй сæ балхæдта. Дис кæнын, хъæуы хицауад ын куыд барынц, куыд æм кæсынц... Йæ сæрыл схæцыд. Иннæтæй арæзтдæр, хæрзхуыздæр. йæ цъæх бухархуд, цыма искæй мæс- тæп фæмары, уый хуызæн йæ сæры тенкайыл ныссадзы,— уæрдоны фæдыл цæугæйæ, мæстыйæ дзырдта Айтег æмæ цæ- мæдæр гæсгæ хъæуырдæм фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта. Хъæу рагъæй нал зынд, æрмæст ма кæцæйдæр хъуыст куи- ты рæйын. — Цымæ кæуыл рæйынц? Кæд Дада... Цыма уый нæхи Хъусойы ниуын у...— хъуыды кодтон мæхинымæр, æмæ мæ зæрдæ тарст цъиуау йæхи къултыл хоста. Хъусты зыланг код- той Дадайы ныхæстæ. Стæй-иу цæлхыты къæс-къæс фæстагмæ Дадайы хъæрзынмæ рахызти... Хур акъул, афтæ нæ сугтæ самадтам æмæ фæстæмæ хъæу- мæ раздæхтыстæм. Раст зæгъын хъæуы, хур райсомæй нырмæ иунæг хатт йедтæмæ иæ ракаст. Цъæх-цъæхид мигъ ныллæг ныббадти хъæдыл, быдыртыл. Уæлдæфы урс гæлæбутау зил- дух кодтой гæбынатæ. Æвæццæгæн, дымгæйæн мигъыл йæ бон нæ цыд æмæ йæхинымæр хъуырдухæн кодта. Хатгай-иу цъи- лау ныззылд, миты хъæпæнтæ æмбырд кодта æмæ сæ зилдух- гæнгæ нæ сæрты кæдæмдæр скъæфта! Уæддæр мигъ не ’стад. Ноджы хъæумæ цас хæстæгдæр кодтам, уый бæрц ныллæгæй- ныллæгдæр бадт, бæзджынæй-бæзджындæр кодта! Нæ дысоны сырх бæхтæ ныр халасæй урс-урсид адардтой. Дысонæй тынг- дæр къæс-къæс кодтой уæрдоны цæлхытæ... Хъæуысæр мпгъ йæхи гæзæмæ систа. Нæ уынджы уырдыг- мæ акастæн. — Бабын стæм!..— æрмæстдæр ма уыцы ныхас бафтыд йæ къухы Айтегæн, чыртæ-чыртæ адæмы сæхирдæм цæугæ куы ауыдта, уæд. Стæй Айтег бæхты кæйдæр бар фæуагъта, нæхæ- .дæг кæугæ рацыдыстæм нæхимæ.
Кæрты, сарайы адæмæй къух бакæнæн нæ уыд! Хæдзарæй хъуыст сылгоймæгты хъарæг, гыццийы кæуын. Кæрты чи лæу- уыд, уыдонæй никæй базыдтон. Æрмæст мæ хæдзармæ бацæ- уæны чидæр йæ хъæбысы ныккодта. Иæ буар гæдыхъæдау рызт. Хæкъуырццæй куыдта... Чысыл фæстæдæр æз, мæ кæрцы фæдджитыл, мæ кæрцы дыстыл ихы къуыбæрттæ кæрæдзи хостой, афтæмæй лæууыд- тæн тыргътыл æмæ кастæн, сарайы рæбын стыр цуайнаджы алыварс цалдæрæй куыд архайдтой, уымæ. йæ дыстæ суанг рæмбыныкъæдзты онг батылдта, стыр фыдисæй дзидзайы къуылдых цуайнагæй сласта, афтæмæй, йæ фарсмæ чи лæууыд, уымæ дзуры Сæхæм. — Чи у? Уыцы зæрдиагæй чи архайы? Сæхæм?!. — мæ къухты норттæ æмæ мæ зæнгтæ ныддыз-дыз кодтой, гыццыл ма бахъæуа, мæхи асинæй уыцы иу скъæрд ма раласон. — Фæлæуу! — мæ цонг мын ацахста Айтег, æмæ уый дæр Сæхæммæ ныккаст. Йæ хорасан бухархуд иуварсырдæм ныкъкъул, йæ цæсгом артмæ ныссырх, дзидзайы стыр къуылдыхыл фыдисæй хæцыд, афтæмæй йе ’мбалмæ дзырдта Сæхæм: — Афон сын у... Æрæджы кæнæм. Адæмæй худинаг у... Стæй дзидзайæ иу карст ралыг кодта, мæстæй марæгау æй йе ’нгуылдзты æхсæн аууæрста. Æз мæхи нал баурæдтон. Асинтыл уырдыгмæ ратахтæн. Фæлæ та мæ Айтег мæ цонгæй ацахста. Йæхи мæ разæй фæ- кодта. — Хорз адæм!.. Уæртæ фыдисæй дзидза чи сласта, уымæн зæгъут, æмæ ныртæккæ ардыгæй йæхи айсæд! Цæугæ, æнæ- фыдбылызæй дæ хæдзармæ цæугæ! Удхосæн дæ мыды агуыв- зæ куынæ рантыст, уæд ныр дæхи рæбинаг цы скодтай?—хъæ- рæй загъта Айтег æмæ мын мæ цонгыл ноджы тынгдæр ныз- зæгæл. — Чи дæ ды та? Цы дæ хъуыддаг ис мæн сурынмæ? — дзидзайы къуылдых цуайнаджы нытъыллупп ласта, афтæ- мæй сбустæ кодта Сæхæм. Æз æм балæбурдтон. Айтегæй уæлдай ма мыл чидæр фæ- хæцыд. Сæхæмимæ фемдзаст стæм. Уый мæм фыццаг йæ цъæх цæстытæ ныдздзагъыр кодта, стæй цыма ныццæвынæй тарст, уый хуызæн кулдуарырдæм араст... — Цу, цу!.. Дæуæн адæмимæ нал фидауы! — загъта Мæн- дзæй æмæ иуварсырдæм ату кодта. •
ХИСТÆРЫ ЛÆВАР Поэт Хуытъинаты Цыппуйы номыл. вæццæгæн мын зæрдæлхæнæн ныхæстæ кодтой. Æрыгон... Фыццаг къахдзæф... Æнхъæлцау... Æмæ цынæ дзырдтой. Сæ ныхæстæм мæ цæсгом артау сыгъд. Фæлтау сæм куынæ бацыдаин. Зæ- гъын, кæд æй исчи хицæнæй бакæсид æмæ мын мæ хъæндзинæдтæ бацамонид. Уыдон та æнæ- хъæн редакцийæ æрæмбырд сты. Суанг ма Цып- пуйæн дæр загътой... Уый дæр, цыма æцæг фыс- сæджы ныхæстæм хъуыста, уый хуызæн мæ тæк- кæ комкоммæ æрбадт. Стъолыл йæ размæ гæх- хæтт æмæ кърандас æрæвæрдта. Уыцы хъуыддаг- хуызæй мæм ныккаст, цыма мын афтæ дзырдта, фидар лæуу, æфсæрмы ма кæн, зæгъгæ... Фидар лæуу! йæ фыстытæ алы бон газеты кæмæн вæййынц, чингуыты сæ кæмæн уадзынц, уый цур куыннæ фæлæудзынæ фидар дæ ницæй- йаг æмдзæвгæтимæ. Мæхи бæргæ ныхъхъæбæр кодтон, фæлæ уæддæр мæ хид акалд. Æнæнхъæ- лæджы-иу Цыппумæ фемдзаст дæн. Уый мын йе ’рфгуыты змæлдæй цыдæр амыдта... Фæстагмæ сцырын дæн. Мæнмæ бакæсын, бæгуы лæгау мæ бынатæй фæгæпп ластон, мæ къухтæ тилын бай- дыдтон. Ноджы мæ сæрыхъуынтæ дæр мæ коммæ нал кастысты, мæ цæстытыл æрхау-æрхау код- той... Нæ, афтæ бирæ адæм дзы æрæмбырд уыдзæн, уый куы зыдтаин, уæд сæм кæсгæ дæр нæ бакод- 159
таин. Мæлæты поэт! Мæ гæххæтты тыхтон мæ дæларм, афтæ- мæй сæм скуыси дæн... Уæвгæ кæд, чи зоны, рæстытæ дзырд- той... Æмæ уæд Цыппу ницы загътаид. Кæд та, миййаг, уыцы сахат æмдзæвгæтæ фыста. Уанцон нæу. Уæд мæм афтæ æдзы- нæг кастаид? Афтæ лæмбынæг мæм хъуыстаид? Стæй мын мæ фыст йæхимæ цæмæн райста? Райсоммæ ма мын цæмæн сæм- гъуыд кодта? Ау, йæхæдæг фыссæг куы у, нæ йæ зоны, ахсæв- бонмæ кæй нæуал бафынæй уыдзынæн, уый? Цы мæм кæсы цымæ райсом?.. Афтæ хъуыды кодтон æз, «Рæстдзинады» редакцийæ куы рахызтæн æмæ дурын асинтыл куы фæуырдыг кодтон, уæд. Мæ цæсгом артау сыгъд, алыхуызон хъуыдытæ сæры магъзы зил- дух кодтой, афтæмæй асины къæхтæй цалдæр банымадтон. Стæй æнæнхъæлæджы мæ хъустыл ауад: — Лæппу, фæлæуу-ма!.. Æз фæстæмæ фæзылдтæн. Асинты сæрмæ, йæ дæрдджын -сау палтойы иу дыс æрдæгконд, афтæмæй кæйдæримæ ныхас кодта Цыппу. Æрлæууыдтæн. Уый мæ уайтагъд æрæййæфта. Æнæ исты сдзургæйæ мын мæ цонгыл фæхæцыд æмæ мæ асин- тыл бынмæ аскъæфта. — Дзæбæх фыст у, фæлæ ма йæм ранæй-рæтты азилынтæ хъæуы,— загъта Цыппу, уынгмæ куы рахызтæн, уæд.— Æз мæнæ ам хæстæг цæрын. Мемæ цом æмæ йæм мах дыууæйæ лыстæг æркæсдзыстæм... Ныфсæрмы дзы дæн. Уæддæр мæ нæма уырныдта, мæ фыст искуы газеты рацæудзæн, уый. Мæ уæлдзармхуды бынтыйæм аивæй бакастæн. Уымæн йæ къæсхуыртæ, саулагъз цæсгом уыд хъæлдзæгхуыз. Рог цыд кодта, стæй иуахæмы йæ цыд фæса- бырдæр кодта, йæ къæхты бынмæ æдзынæг ныккаст æмæ цæ- уылдæр арф ныхъхъуыды кодта. Æз йæ фарсмæ хъазгæ цыдæи цыдтæн æмæ хъуыстон, нæ дыууæйæн дæр нæ къæхты бын мит куыд хъæрзыдта, уымæ! — Мит куыд сæртæг къæс-къæс кæны,— нарæг уынджы тигъмæ нæ бирæ нал хъуыд, афтæ æрæджиау загъта Цыппу.— Хъусын æм æмæ мын мæ сыхаджы мæ зæрдыл æрлæууын код- та. Мæгуыр лæг уыд. йæ уæлæ лæгъз хæдон никуы скодта. Хуызæнæц къахыдарæсы рацæугæ йæ никуы ничи федта. Стæй иуахæмы, раст тæккæ тъæнджымæйы, кæсæм æмæ нæ сыхаг уынджы дыууæрДæм рацу-бацу кæны. Уыиджы астæу æрлæу- уы, йæ къæхты бынмæ æркæсы, сыхæгты кулдуæрттыл, рудз- гуытыл йæ цæстæнгас ахæссы æмæ та хæрдты кæсгæ араст 160
вæййы. Иннæ бонтæй уæлдай йыл ацы бон цы æрцыд, зæгъгæ. иу къорд лæппуйæ йæ размæ рауадыстæм. Уый доны былмæ бацыд, дурыл слæууыд, йе ’ргом махырдæм раздæхта æмæ йæ къæхты миттæ йæ кæрцы фæдджийæ цæгъдыныл балæууыд. Нæ мæгуыр сыхагыл уыд дзыхъхъынног цыргъфындз къа- лостæ. Æвæццæгæн ын уынгæгад кодтойæмæсæ афтидтæнæг цъындатимæ скодта, йæ цæсгом ихæнæй ныцъцъæх, йæ гæртт- гæртт цыд, уæддæр уынджы дыууæрдæм кодта. йæ къалос- тæм, цыма сын йæ къæхтæй фæхауынæй тарст, уый хуызæн æдзынæг каст. Уыдон дæр ногуард митыл хъыззитт-мыззитт кодтой. Сæ фæстæ уырынгтæ-уырынгтæ фæд уагътой... Мæ сы- хаг йæ ног къалостимæ мæ зæрдыл арæх æрлæууы. Уæлдай- дæр зымæгон иунæгæй фæндагыл куы фæцæуын, уæд. Цалдæр хатты йыл радзырд ныффыссынмæ дæр ахъавыдтæн. Цæттæ ха- бар, мæхæдæг мæхи цæстытæй кæй федтон, ахæм хабар. Хорз нæ уаид? — йæ ныхасы кæрон мæ бафарста Цыппу æмæ та ногæй йæ къæхты бынмæ æркаст... Чысыл фæстæдæр мах бадтыстæм Цыппуйы уаты. Дуары рахиз фарс къуымы дзæбæх æфснайд хъæдын сынтæг. Рудзын- джы бынмæ, «Рæстдзинад» уæлдайджынтæй кæй бамбæрзта, ахæм гыццыл цыппæрдигъон стъол. Йæ алы фарс нæзы фæй- нæджытæй иог конд æртæ бандоны. Сынтæгæн йæ нывæрзæ- пырдыгæй зæронд тумбочкæ, йæ уæлæ цъыкк-цъыкк кодта гыццыл тымбыл сахат, чи сызгæ, ахæм æфсæйнаг худимæ. Къуымы лæууыдысты цъæхахуырст бедра æмæ, йæ хъæд га- зеты гæххæтты тыхт кæмæн уыд, ахæм зæронд цъылын. — Дæ кæрц фелвас. Уæртæ йæ уым зæгæлыл æрцауындз. Æз ныртæккæ фездæхдзынæн,— уаты къуыммæ мын бацамыд- та Цыппу, йæхæдæг цъылын æмæ бедра фелвæста æмæ уай- тагъд къæлидоры йæ уынæр ссыд. — Лæугæ куы кæныс... Бадгæ скæн,— сугты хъæбысимæ фæстæмæ фездæхт, пецы раз сæ æркалдта æмæ йæ ныхасыл бафтыдта:—Æз дзы ныртæккæ ахæм арт скæндзынæн, æмæ уаты къултæ фæйнæрдæм куыд атоной... — Кæддæм истæмæй фæкæсын хъæуы...— хæстæгдæр æм балæууыдтæн æз. — Ацы пец ахæм пец у, æмæ мæхи йедтæмæ никæй коммæ кæсы. Куы сцырын вæййы, уæд «Кавциичы» пецтæй уæлдай пæу. Цæй, уæвгæ дын дзы рагацау цы æппæлып, мæнæ йæ пыртæккæ дæхæдæг фендзынæ... Æцæг цалдæр мипуты фæстæ тымбыл цугун пецы пихуы- 11 Дæ зæрдæмæ хъуысгон 161
лæйттæ калдта. Пецы сæр уыгæрдæны цъыс-цъысагау лыстæг хъæлæсæй зарыди гуыбынджын сырх цайдан, цыма сахаты цъыкк-цъыкк басабыр кæнынмæ хъавыд. Суанг æмбисæхсæвтæм фæбадтыстæм Цыппуйы цыппæрди- гъон стъолы уæлхъус. Мæ фыстæй иу æнæхъæн бынат нал баззад, сырх хъулæттæ йæ скодта. Мæнмæ афтæ каст, цыма мын мæ ныхæстæ сырх чернилайæ фыст дзырдтæй барæй ивта. Уадз, æмæ сæ йæ зæрдыл тынгдæр бадара. Уадз, æмæ зона, фыссын афтæ æнцон кæй нæ у, уый... — Гъе ныр æй æз æмæ ды райсом сыгъдæг рафысдзыстæм æмæ йæ редактормæ балæууын кæндзыстæм,— загъта Цыппу, сæрæй-бынмæ ма йæм иу каст куы æркодтам, уæд. Стæй мын мæ фыст иуварс авæрдта æмæ пецы сæрæй цайдан райста. Куыд ын раарфæ кодтаин, уымæн ницы зыдтон. Мæ фыст мын сарæзта, ноджыма мын цай дæр... Æнæ гæды ныхас, æз мæ цæргæ-цæрæнбонты уый хуызæн хæрзадæн цай никуы ба- цымдтон. Дыууæ дынджыр кружкæйы дзы стыр зæрдиагæй равдæлон кодтон. Стæй мын уæд фæстагмæ лæгъстæтæ систа, ахсæв ам лæуу, æнафоны ма кæдæм цæуыс, дæлфæдтæ-уæл- фæдтæ бафынæй кæндзыстæм, зæгъгæ. Раст зæгъын хъæуы, баззадаин. Зæххы дæр схуыссыдаин, æхсæв-бонмæ бандоныл дæр фæбадтаин, фæлæ фырæфсæрмæй не ’сразы дæн. Мæ фысымты тыххæй ма цыдæр æфсæнттæ дæр æрæмысыдтæн. Æвæццæгæн, сахатмæ æгæр арæх бакæс- бакæс кодтон. Цыппу мæ бафиппайдта. — Нырма раджы у, кæдæм тагъд кæныс? Сахатæй дæ цæст куы нæуал исыс. Дæ зæрдæмæ фæцыд, миййаг? — йæ мидбыл- ты бахудт, афтæмæй мæ бафарста Цыппу. — Хорз сахат у...— æндæр ын цы загътаин, уый ме ’взаг нал æрцахста. Мæ кæрц скодтон. Фысым суанг уынгмæ мемæ рацыд. — Æз ма йæм ахсæв ноджыдæр æркæсдзынæн. Райсом-иу ’ редакцимæ рацу,— цавæрдæр фæлмæн хъæлæсæй загъта Цып- пу æмæ мын мæ къух райста. Цыма æнæхъæн горæты мæнæй лæгдæр нæ уыд, уый хуы- зæн мæ сæр бæрзонд систон æмæ зæрдæрухсæй рараст дæн мæ фысымтæм. Уынгты искуы иу цæуæджы йедтæмæ нал уыди. Мит изæрæй тынгдæр хъæрзыдта мæ къæхты бын. Искæмæн мæ хабæрттæ куы ракодтаин, Цыппуйæ йын куы раппæлыдаин, уый мæ тынг фæндыди. Фæлæ кæмæн? Чи мæ зоны ам, стыр горæты. Цæй, мæ фысымтæн уал сæ радзурдзынæн... 162
Æмæ та ногæй мæ цæстытыл уайынц Цыппуйы къухы мæл- лæг, нуарджын æнгуылдзтæ. Сæхи хуызæн лыстæг, хъæдæй конд ручкæйыл фидар хæцынц, æмæ гæххæттыл сырх чернила- йæ фыст ныхæстæ кæрæдзи æккæйтты сбадтысты. Иуæй-иутæн дзы бынат нал сфаг вæййы, æмæ уæд пъеройы фындз бынтон æндæр ран февзæры, ныхасы алыварс æрзилы, йæ «сырх æн- дахæй» йæ иннæ дзырдтимæ абæтты. Йæ фæлладхуыз сатæг- сау цæстытæй мæм æрбакæсы Цыппу. йæ пыхцыл сæрыхъуын- тæ адзæбæхтæ кæны. Сахаты цъыкк-цъыккæн пецы сæрæй хъырны, йæ нарæг хъуырæй тыхулæфт кæны гуыбынджын цай- дан... Цæуын. Мит йæ къæс-къæсæй не ’нцайы Мæ рустæ мын алхысчъытæ кæны уазал дымгæ. Мæ фысымтæм мæ бирæ нал хъæуы. Талынг фæзилæн. Иу сыбыртт никуыцæй хъуысы. Стæй æваст... Мæ дзыппæй цыдæр ныззыланг кодта. Мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззад: мæ мидбынат цъилау ныззылдтæн. Мæ кæрцы фæдджитæм уыцы иу лæбурд фæкодтон. Мæ рахиз дзыппæй цыдæр тымбыл йæ удыбыцъынæг тоны, фæдис кæны. Фелвæстон æй. Кæсын æм талынджы. Цыппуйы уаты тумбоч- кæйыл цы сахат цъыкк-цъыкк кодта, уый!.. — Балæвар мын æй кодта!.. Мæ дзыппы мын æй сусæгæй нывæрдта! — мæ цин нал баурæдтон æз æмæ сахатмæ ноджы æдзынæгдæр ныккастæн. Уый йæ хъæрæй нæма банцад. Зыланг кодта. Зымæгон сæртæг уæлдæфы дард кæдæмдæр тахтысты йæ азæлгæ мыртæ. ©
ЛÆГÆЙ-ЛÆГДÆР Плиты Грисы раныхасæй. жызæл. Сусæны мæй. Æнуд сæрдыгон бон. Иу уддзæф никуыцæй цæуы. Уæлдæф, цыма йæ исчи къæйыл сарыдта, афтæ судзы рустæ, æхгæны улæфæнтæ. Фæткъуы бæласы сыфтæртæ нæ сæрмæ ауыгъ- дæй лæууынц. Æрлæмæгъ сты. Змæлгæ дæр нæ кæнынц. Тыххæйты уромынц хуры судзгæ тынты. Аууон дарынц. Æрмæст уымæй бæласы бын са- тæгдæр нæ кæны. Судзы хур, дзæгæрæг кæны. Чысыл раздæр бæласы бын хурсыгъд кæрдæ- гыл цалдæр бедрайы дон ауагътам. йæ хъуыртты дæр нæ фæзындысты. Кæрдæджы хæлттыл фыц- гæ доны тæфау цыдæр фæзынд æмæ уайтагъд "уæлдæфы атад. Даргъ хъæдын бандоныл пæ фарсмæ бады хæдзары хицау. Иæ урс куырæты æгънæджытæ æнгом æвæрд, йæ морæ цухъхъайы риутæй æн- гуырстуаны йæстæй рæнхъæвæрдæй кæсынц йæ сау бæрцыты æвзист сæртæ. Бæрцыты сæрмæ æмрастæй лæууы йæ урс-урсид боцъо. Цыма йæ фæллад æнгас цæстытæй уддзæфы фæзындмæ æнхъæлмæ кæсы, афтæ сæ уæрæх байгом кодта. Иæ уымæл ныхыл хъис бæндæиы стæвдæнтæй фæйиæрдæм фæцыдысты йæ бæзджын халас æрф- гуытæ. йæ къуызыртæ лæдзæг, йæ сæрыл хæдза- ры хицауы фæпыкхуыз пымæтхуд конд, афтæмæй бæласыл бапцой кодта.
Уый у нæ фысым Хадыхъхъаты Болат. Ирон кадджыты, ирон таурæгъты дæсны, йæхæдæг кадæджы аккаг чи у, уыцы Болат. Бады нæ фарсмæ. Иу иннæйы фæдыл нывæнды фыдæлтык- кон таурæгътæ. Хæрдгæбыдау сæ уафы амæй уый рæсугъддæр ныхæстæй. Ацы æнуды йæ куырæты æгънæджытæ кæй не ’суагъта, йе ’нгом цухъхъайы кæй рацыд, йæ нуарджын æн- гуылдзтæ хатгай йæ урс зæлдаг боцъойыл кæй æрхæссы, уый, æвæццæгæн, хуымæтæджы нæу. Афтæмæй хуыздæр фидауынц рагон фыдæлты таурæгътæ. Æмæ махмæ афтæ кæсы, цыма Болат йæхæдæг уыцы фыдæлтæй æрвыст у, сæ хабæрттæ дæр сын уымæн афтæ хорз зоны... Иучысыл нæфæразгæ у Болат. Мах дæр æй хуыссæны бай- йæфтам. Не ’рбацыд нын куы базыдта, уæд сыстад æмæ пæ хæдзары æнудæй бæласы бынмæ ракодта. — Уый зонгæйæ дæ нæ батыхсын кодтаиккам. Нæфæраз- гæйæ сыстадтæ,— хатыр дзы ракуырдтам мах. Болат ныл йæ хъуынджын æрфгуыты бынты йæ цæст ахаста, йæ бæзджын рихитæ базмæлыдысты. — Æгъдау хистæр у, мæ хуртæ. Адæймаг дæр йе ’гъдауæй фидауы. Низ та хуыснæгæй уæлдай нæу. Арф æмбæхсæнтæ агуры, лæмæгъдæртыл йæ бон цæуы. Фæлæ мæнмæ дзæгъæлы фæрæдыд. Мæ урс боцъойы йæ æмбæхсын нæма бауадздзы- нæн. Æрбацыд, абæрæг мæ кодта, фæлæ цыма йæ тæккæ фæс- тæмæ лидзыныл у, афтæ мæм кæсы... Болат зына-нæзына мидбылты худы. Цыма æцæг йæ низ искуыдæм суры, уый хуызæн йе ’уæнгтыл схæцыд, йæ амонæн æнгуылдзæй йæ гомныхы хид асæрфта, иучысыл цæуылдæр ахъуыды кодта, стæй уæд загъта: — Æгъдауы тыххæй дзырдтон. Иу хабар мып мæ зæрдыл æрлæууын кодта. Кæд уæ фæнды, уæд уын æй радзурдзынæн, цыбыр хабар у... — Дæ хорзæхæй,— дзуапп ын радтам мах. — Хъаныхъуаты Болайы кой хъуыстаиккат... Мах Болаи- мæ æмгæрттæ уыдыстæм. Хæлæрттæ. Фарон кæддæр ын чины- джы иу къам рауагътой. Уыцы къамы галиуырдыгæй чи лæу- уы, уый æз дæн. Уæхæдæг мæ уынут, сæ иуыл цыбыртæй нæ фæдæн. Æрмæст Болайæн йæ ронбастæй уæлдæр не ’схæццæ дæн, кæд мын хæдойнагæн фараст адлийæ къаддæр нæ хъæ- уы, уæддæр. Гъе афтæ, мæ чысыл æфсымæртæ, къæдзæхы алыварс хылычъытæ дæр вæййы... 165
Зæронд Болат йæ мыдхуыз цæстытæй худы, уынджы ти- гъыл цы зæронд кæрз бæлас ис, уымæ кæсы æмæ йæ ныхас дарддæр кæны: — Къæдзæх уыди Бола, зæрдæйæ та — сывæллон. Куы ма уын æй загътон, æрдхæрттæ уыдыстæм. Бинонтæ куы хаста, уæд ын æмдзуарджын уыдтæн. Цыппар æмæ йын ссæдз барæ- гæй ацыдыстæм чындзхæссæг Дæргъæвсмæ. Куыд нæ ныл бацин кодтаиккой Дæргъæвс! Иу хуыцаубонæй нæ иннæ хуы- цаубонмæ нæ рауагътой. Минас, кафт, бæхыл хъазт... Æз хуыздæр ракафон, æз хуыздæр æгъдау радтоныл хъардтам мах дæр нæ удтæ. Кады рæгътæ, дзæбидыры сыкъатæ... Иу- дзырдæй, Дæргъæвс сæ хъобайнаг уазджытыл ницæмæй баца- уæрстой. Мах тынг бузныг уыдыстæм се ’гъдауæй, сæ арæхст дзыхы ныхасæй, сæ уарзон цæстæнгасæй. Дис кодтам бадты хистæр- ыл. Йæ иу æрфыджы фезмæлд дæр ын куыд хорз æмбæрстой йæ кæстæртæ, куыд дзæбæх ын хъуыстой йæ алы ныхасмæ дæр. Иуахæмы йæм фысымты лæппутæй иу бацыд, йæ хъусы йын цыдæр бадзырдта. Хистæр куыддæр батыхсæгау кодта, йæ амонæн æнгуылдз йæ бæзджын рихитæй æмбæрзт былтыл авæрдта. Лæппу сабыргай ацыд. — Цымæ йын цы сусæг ныхас загъта? — зæронд лæджы цæстытæ мын кæд исты зæгъиккой, зæгъгæ, хистæрмæ ныккас- тæн. Фæлæ нæ фысымы цæстæнгас æндæрхуызон дæр нæ фæци... Дыккаг хуыцаубон нæ бæхтыл сæргътæ сæвæрдтам. Нæ чындзы къухыл рахæцыдыстæм. Фæсивæд зарæг ныццæлхъ ластой. Цæуыныл уыдыстæм, афтæ фынджы хистæр кæрты астæумæ рацыд, йæ нуазæн йæ къухы, афтæмæй æнкъард хъæлæсæй загъта: — Нæ буц уазджытæ, бахатыр кæнут! Хорз хабæрттæ хъусут. Фæлæ... Æртæ боны размæ нæ мыггаджы хистæр ахи- цæн æмæ йын рухсаг зæгъæм... Зæронд лæг йæ худ систа, йæ сыкъа йæ къухы, афтæмæй зæхмæ ныккаст. Фæндыры цагъд, зарæджы зæлтæ æрдæгыл аскъуыдысты. Хъæу æваст фæгуыппæг. Мах нæ бæхтæй æрхыз- тыстæм, тæфæрфæс сын ракодтам. Нæ хистæр размæ рацыд æмæ не ’ппæты номæй загъта: — Рухсаг уæд... Уайдзæфмæ нын æй ма бамбарут, фæлæ нын нæ ног хæстæджы зиан кæй не ’схъæр кодтат, уымæй нæ- хи... не ’гъдау бакодтаиккам... 166
Бадты хистæр йæ къæхты бынмæ æдзынæг ныккаст, стæй дзуапп радта: — Бузныг уе ’гъдауæй, Хъобан... Алцæмæн дæр рад ис. Бафхæрын уæ нæ уыд мæ зæрды. Цард не’ппæтæй дæр хистæр у. Абон сæ хъысмæт цы дыууæ сабийы баиу кодтой, атæппæт дзыллæ кæй тыххæй æрæмбырд сты, уыдоны амонд хистæр у. Адæм ныхъхъус сты, ничиуал ницы загъта. Бола кæстæр- тимæ сæргуыбырæй лæууыд æмæ Майлыйы хохау сæ сæрты каст. Зианæн æгъдау раттам. Уæлмæрдтæм цæугæйæ мын Бола йæ дзæккор къухæй бадты хистæрмæ бацамыдта, стæй мæм тулдз бæласау уырдыгмæ æртасыд, мæ хъусы мын аивæй загъта: — Тыхджынæй тыхджындæртæ бирæ ис... Лæджы хуызæн лæг дæр ахæмтæй фæзæгъыиц. Адæймаг йе ’гъдауæй тых- джын у... Цалынмæ зиан бавæрдтам, уæдмæ йæ дзыхæй иу ныхас дæр нал схауд Болайæн. йæ цъæх хорасанхуд йе ’рфгуытæм конд, афтæмæй лыстæг дуртæ ссæндгæ цыди мæ фарсмæ. Мæ хъус- ты зыланг кодтой йæ ныхæстæ... •
КÆРЗБÆЛАС æхтæ... Æнусон цъитисæр хæхтæ... Арвы цъæх сæ цъуппытыл æнцайы. Цас диссæгтæ федтой, цас таурæгътæ сыл фæкодтой фæлтæрæй-фæлтæртæм. Æвæццæгæн, æгомыг дæр уымæн сты, сæхимæ дæр уымæн хъусынц, бирæ кæй федтой, бирæ кæй зонынц. Æрмæстдæр тыхджын адæмы аккаг уы- дысты хæхтæ. Лæмæгъ, æнæныфс адæймагимæ фидаугæ дæр иæ кæнынц. Æмæ хæхты куы вæййын, уæд алы хатт ууыл фæхъуыды кæнын: куыд тыхджын, куыд æнæкæ- рон адджын у цард! Кæсыс, фыдуаг доны фарсмæ бæрæг дары армытъæпæныйас зæххы гæппæл. Чи ма йæ хъуыды кæны, чи ма йæ зæгъдзæн — кæд фæзынди уыцы зæххы гæппæл хохы гом фарсыл? Кæй куыстуарзаг къухтæ æрæмбырд кодтой уый армыдзаггай? Кæй хид, кæй къæхты пырх фæкалд уыцы зæххы гæбаз айнæг хохы фарсыл хæрдмæ хæсгæйæ? Дымгæтæй, уарынтæй тæрсгæйæ йын йæ алыварс уыцы дзæнхъадуртæй æмбонд чи са- мадта? Хæххон лæг уыд уый. Тыхджын, ныфсджын лæг. Кæм-иу æрлæууыд, кæм-иу æрæнцад, уым-иу айнæг дуры дæр уд бауагъта. Сойджын кæрдæ- гæй, рæсугъд дидинджытæй-иу сулæфын кодта æгомыг къæдзæхы. Кæсыс, айнæджы хуссарварс арсы дзæмбытау йæ уидæгтæ ныссагъта фæтæн хихджын кæрзбæ- 171
лас. Иу къутæр, иу кæрдæджы хал никуы ис йæ алыварс. Уад, тымыгътæ йæ хойынц. Ныууигъынц æй, ныттилынц æй, фæлæ лæууы, фæлгæсы бынмæ — комы нарæгмæ. Æнæхатыр уады тымыгътæ йын фæхастой кæддæр йе ’мбæлтты. Сæ тых-сæ бонæй фæхостой уый дæр айнæджы фæрстыл. Нæ сын ба- куымдта срæмудзын. Цас рацыди — чи сæ банымайдзæн! Стæй цæгатырдыгæй хъæд сыстад. Æрлæууыд. Хуры хъарм тынтæ батавтой кæрзы æфхæрд къабузтæ, райсомы æртæх ын байгас кодта йæ хъæдгæмттæ. Ныффидар, ныхсысти кæрз бæлас. Но- джы арфдæр ауагъта йæ уидæгтæ. Айнæг хохыл сæвзæрын кодта царды хос. Цин кæны хуры тынтыл. Цæттæ у тымыгъ- тимæ тохмæ. Сусæг сыбар-сыбур кæны йæ сыфтæртæй. Нæ, сыбар-сыбур нæ кæны. Мæ хъусы мын дзуры: — Кæсыс мæнмæ? Кæс, æмæ дæ зæрдыл дар: мæ хъысмæ- ты хуызæн уыди дæ хæххон фыдæлты хъысмæт дæр... ©
ДЫУУÆ ХОХЫ æрдыгон райсом. Хуры фыццаг тынтæ хъазынц хæхты цъуппытыл. Цъиуты цъыбар-цъыбур, æх- сæрдзæнты хъазт, хуссайраг уыгæрдæнты цæв- джыты æхситт, фиййæутты азæлгæ зарджытæ... Рæсугъд у хæххон райсом. Æрдз цин кæны хуры тынтыл, хур та æрдзыл. Мæ бакомкоммæ арвы цъæхы сфардæг бæгъ- нæг хох. Хъалсæрæй фæлгæсы йæ алыварс ныл- лæгдæр хæхтæм. Уыдонмæ хур нæ кæсы, бæгънæг хохы ихсыд дуртау ныртæккæ тæмæнтæ нæ ка- лынц. Фæлæ бирæ нæ рацыд,— хуры тынтæ хохы цъуппыл атадысты. Арвыл мигъы тъыфыл фæ- зынд. Ахуыссын кодта бæгънæг хохы æрттывд. йæ фыццаг хуызæй æппындæр ницыуал аззад хъалсæр хохмæ. Фыдхуыз, фыдцъылысæй разын- дысты йæ ихсыд дуртæ. Цыма йæ сæр йæ риуыл æрхауд, уый хуызæн мигъты аууонæй кæсы йæ сыхаг ныллæг хæхтæм. Уыцы хæхтыл та хуры тыитæ æпахуыр цæхæр калынц. Арф уыгæрдæнты рæсугъд дидииджытæ ногбоны цырæгътау судзынц. Мæргъты зарæг кæмтты азæлы. Фосы дзугтæ сæ хъуын ацагътой, сойджын кæрдæджы аныгъуылдысты, се ’здыхт сыкъатæ ма зыпынц хизæнтæй. Æхсæрдзæнтæ, цыма хуры рухс уыдонæй æхсызгопдæр никæмæн у, уыйау гæппытæ кæиыпц ну айпæджы тигъæй 173
иннæ айнæджы тигъмæ. Стæй æваст фиййæуттæй чидæр уа- дындзæй ныззарыд. Иннæ фиййæуттæ йæ айстой, æмæ æхсæр- дзæнты хъазтимæ кæмтты араугæ афардæг зарæг... Цъититæй чи райгуырд, уыцы рæсуг доны фарсмæ æрбадти фæндаггон. Цалдæр армыдзаджы дзы скалдта йæ хурсыгъд цæсгомыл. Донмæ йæхи ныггуыбыр кодта æмæ дзы зæрдиагæй банызта. Сыстад. йе ’уæнгтæ айвæзта. Скаст дидинæгджын уыгæрдæнтæм, сыфтæрджын хъæды къохтæм, æхсæрдзæнты фынккалгæ пырхæнтæм. йæ мидбылты бахудт æмæ сабыр бахъырныдта зарæгæн. Бæгънæг хохы хъуыды дæр не ’ркодта фæндаггон. Æгæр- мæгуыр æм кæсгæ дæр не ’скодта. Уæд та хохыл иу бæлас куы уыдаид, уæд та иу æхсæрдзæн куы хаудаид йæ бæрзонд сæрæй... Уæдæ цæмæй йæхицæй хъал уыди чысыл раздæр бæгънæг хох? Æви афтæ æнхъæл уыди — хуры тынтæ æдзухдæр уымæ кæсдзысты... •
ФÆД з лæууын хæххон доны фарсмæ. Сыгъдæг у цæс- тысыгау. Хур дзы йæхи найы. Арвы цъæх дзы йæхи уыны. йæ бынæй æрттивынц сыгъдæг æхсад хылычъытæ. Мæкæрæзты х^уызæн сты. Сабыр у дон. Уайы бæрз бæлæсты æхсæнты. Гæзæмæ змæлынц йæ уылæнтæ. Зары, æрмæст- дæр йæхæдæг кæй æмбары, ахæм зарæг. Сабыр у дон. Уæвгæ уый æрмæстдæр ам — мæ разы афтæ сабыр у. Чысыл дæлдæр цæдж- джинагау фыцы. йæ комыфынк калы. Хъуырду- хæн кæны дуртимæ. Йæхи ныццæвы хохы фарсыл. йæ фæздæг акæлы. Асæррæтт кæны дурты сæр- ты. Æвæццæгæн, бæрз бæлæсты бын уымæн фæ- сабыр — йæхи ацы тохмæ цæттæ кодта. Цымæ кæдæм тагъд кæны, кæдæм тындзы? Æхсæвæй-бонæй, сæрдæй-зымæгæй æнцад цæ- уылнæ зоны? Тъæнджымæйы уазалтæ дæр æй бауромын куынæ фæразынц. Зæйтæ, лæсæнтæ йæ сæ быны куы ныккæнынц, сау хæхтæ йыл куы рафæлдæхынц æмæ уæддæр сæ бынæй куы рауы- лæн кæны, куы рабырсы йæхицæн фæндаг сгургæ... Бæрзондæй фæлгæсынц урссæр цъититæ. Хуры хъарммæ лæдæрсынц се ’ставд цæстысыгтæ. Баиу вæййынц, райгуыры сæ сæр-сæргæнаг æхсæр- дзæнтæ... Цъититæй райгуырд хæххон дон. Афтæ рæсуг 175
дæр уымæн у. Бæрзондæй рабырста æмæ фæллайгæ дæр уы- мæп нæ кæны. Æрцыдтæн доны былты. Мæ размæ — айнæг хох. Арвы цъæхы сфардæг, ныффæлдæхт доны. Дон дæр йæ быны фæ- ныгъуылд,— йæ хъуыр-хъуыр ма кæцæйдæр ссыд. Скастæн уæлæмæ. Хохы чидæр суанг йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ йæ тæккæ раст æмбисыл ахауын кодта. Йæ зыхъхъырæй разынд цæгатаг сыгъдæг арв. Чи уыд, кæмæ разынд уыйбæрц тых? Чи бахаста йæ ныфс уыцы хох нæ астæуыл афадынмæ, йæхицæн уыцы зынтæй фæн- даг акъæртт кæнынмæ? Уый уыд хæххон дон,— гыццыл, фæлæ ныфсджын, хъару- джып хæххон дон! Афтæ уыд мæ рагон хæххон фыдæлты цардмæ фæндаг дæр... ©
ЗÆРДÆЙЫ РУХС æуы зæронд ныхас. Ам алы дур, алы тигъ, алы къахвæндагæн дæр йæхи ном ис. Алы мæсыг дæр йæхи таурæгътæй амад у. Алы ком дæр йæхи аргъæуттæй фидауы. Æмæ, æвæццæгæн, уыцы таурæгътæн, уыцы аргъæуттæн сæ фылдæр ацы ныхасы райгуырд. Уæдæ ныртæккæ кæуыл бадæм, уыцы къæдзæхдуртæ афтæ цæмæй баихсыдысты? Цыма сæ исчи барæй скъахта, уый хуызæи афтæ къуырф цæмæн сты?.. Талынггæрæттæ кæцæйдæр æрбахъуызыдысты хъæумæ, ныхасмæ. Мæ фысым — уæнгджын, ацæргæ лæг, ныхасы бадджытæй зæгъгæ дæр никæмæн ницы кодта, афтæмæй сыстад. Нарæг уынджы донырдæм араст. — О, о, афон у,— загъта хистæртæй иу æмæ, нæ рахиз фарс цы бæрзонд мæсыг уыд, уымæ скаст. Хистæры ныхæстæ цæй тыххæй уыдысты, стæй мæ фысым донырдæм цæмæн ацыд, уымæн ницы бамбæрстон. Ныхасы бадджытæ мæсыджы сæр- мæ скæс-скæс кодтой. Æз дæр ыл мæ цæстæнгас ахастон. Ницы бафиппайдтон мæсыгыл. Æрмæст чысыл фæстæдæр æнæнхъæлæджы ныхас ныр- рухс, хæдзæртты рудзгуытæй ферттывтой цыра- гъы рухсытæ. Фысым æрбаздæхт. — Гъы, куыд у дæ куырой? — йæ бæзджын хъуыстон 177
æрфгуытæй йæ цæстытæ æрдæгæмбæрзт æркодта, афтæмæй бафарста хистæртæй дыккаг. — Зилы,— дзуапп радта фысым æмæ мæ цурмæ æрбацыд. — Æгайтма зилы... Науæд иу бон цыдæр тæргæйттæ кодта æмæ... Бауырнæд уæ, айразмæ сабаты, цырæгътæ куынæ сыгъ- дысты, уæд, гыццыл ма бахъæуа, кæвдæсы михыл мæ цæст ма скъахон. Рухсы ахуырæй талынджы æппындæр нал уынын... — Уæдæ, уæдæ... Дæ фыдмæ дæр мæсыджы сæрæй цы- рагъ куы дардтой,— йæ мидбылты бахудт хистæртæй чидæр. — Науæд дæхи фыдæй цы зæгъыс? Уымæ дæр ахæм къада куырой бæргæ уыд. Фæлæ, цыма, уый рухс нæ кодта... Нæ рæдийын, хорз адæм? — йæ фелхыскъгæнæгмæ йе ’рфгуыты бынты бакаст зæронд лæг. — Дæ куырой мын куы фенын кодтаис. Хъæуы æндæр кой куынæ кæнынц,— фæстæдæр ныхасæй куы рацыдыстæм, уæд ракуырдтон мæ фысымæй. — Мæ куырой, зæгъыс? Æвæццæгæн ын ды исты æнхъæл дæ,— хуымæтæджы нæхимæ къада куырой. Æфсæйнаджы муртæй йæ бацъаппытæ кодтон. Зæгъын, кæд адæмæн исты æххуыс уаид... Æмæ фæрæстмæ: бон сгæ кæны, æхсæв та— рухс,— цыма йæ койы аргъ дæр чи нæ уыд, ахæм хъуыддагыл дзырдта,уый хуызæн цæугæ-цæуын дзуапп радта фысым. Стæй комырдæм акаст. — Къада куырой цыфæнды дæр фестæд, уæддæр къада куыройæ баззайдзæн. Далæ комы кæй аразæм, уый фæрæвдз уæд, æндæр ам рухсæй... Уæвгæ рухс цы,— нæ комы нын зонгæ дæр нал бакæндзынæ. Знон горæтæй æрбацыдтæн. Гъæйттæй йын кусынц йæ гæххæттытыл. Райдианы сæм мæ пълантæ хъа- зæгау кастысты. Стæй мын мæ къада куырой куы федтой, дон- мæ дзæбæх куы æркæстытæ кодтой, уæд ма сын æнæ сразы уæвгæ цы уыди. Хуымæтæджы арфæтæ мын фæкодтой... æмæ мæнæн дæр, раст зæгъын хъæуы, æхсызгон уыди. Бирæ æнæ- хуыссæг æхсæвтæ мыл аивгъуыдта нæ доныл, нæ рухсыл хъуы- дыгæнгæйæ. Хатгай-иу мæ ныфс бынтондæр асаст. Нал-иу æу- уæндыдтæн мæхиуыл. Æнахуыргонд лæг — цы мæ бон уыд... Хъуыды та йыл рагæй кодтон. Кæдæй иырмæ, уый зоныс? Гыццыл лæппуйæ фæстæмæ. Абоны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы уыцы изæр. Хъызт зымæг. Нæ кæрцы къæриды тымбылæй бадæм къонайы алы- варс. Уад къуыс-къуыс кæны тохынайы. Къæйдуртæм згъалы дуары чырс. Уымæл æхсæлы къæрццытæ кæны сæнары зынг- 178
тыл. Хистæртæ цæуылдæр ныхас кæнынц, мах та нæ хъултæй хъазæм. Чидæр дуар æрбахоста. Хæдзармæ басылыхъхъы тых- тæй æрбахызт мæ мадыфсымæр Хъуыдæберд. Иæ сæнтурс боцъотæй мит ацагъта, йæ басылыхъхъ систа æмæ хæдзары йæ бæзджын хъæлæс анæрыд: — Цы хабар у, куыд раджы бафынæй уæ хъæу? Рухсы- цъыртт уæ куы никæмæйуал цæуы... — Сæ тыхст, сæ мæгуырдзинад талынджы къаддæр зы- нынц,— загъта мæ фыд æмæ Хъуыдæбердæн къонайы фарсмæ бандон æрæвæрдта. Зæронд лæг ницы д?уапп радта. Йæ ронæй хъисын фæн- дыр райста, бандоныл йæхи уæззаугомау æруагъта æмæ арты рухсмæ æдзынæг кæсгæ баззад. — Исты хабар миййаг ис, куыд ницы дзурыс? — йе ’фсы- мæры тарстхуызæй бафарста нæ мад. — Нæ, ахæмæй ницы. Хорз æй куы зоныс, дæ зæронд æф- сымæрæн иу ран бадæн кæй нæ ис, уый,—йæ фæндыры хъистæ йæ мæллæг æнгуылдзтæй асгаргæйæ, дзуапп радта Хъуыдæ- берд. — Ахæм рæстæг... Искуы тымыгъы бын куы фæуай, уæдч та? — ноджы тынгдæр батыхст нæ мад. — Ахæм рæстæг хуыздæр хъæуын, мæ гыццыл хо. Куывд- ты рæстæг æнæ мæн дæр сарæхсдзысты.— Зæронд лæг исдуг- мæ йæ ныхас баурæдта. Фæсидт мæм. йæ фарсмæ мæ æрлæу- уын кодта. — Хъусыс, мæ гыццыл хæрæфырт, адæмы дæ сæр кæм ба- хъæуа, уым тымыгътæй ма фæтæрс. Æз бирæ федтон, бирæ фæхаттæн хохæй-быдырæй. Бирæ цæссыгтæ федтон. Хъус, æз дын, мæхæдæг фыццаг хатт куыд куыдтон, уыцы хабар ракæ- нон... Раджы уыд уый. Иу зымæгон æхсæв бафтыдтæн куыртта- таг хъæумæ. Æвзæр рæстæг уыди æмæ хъæу æргъæвст цъиуау батымбыл хохы фарсыл. Хъæугæрон ма æрмæст иунæг хæдза- рæй гæзæмæ рухс цыд. Ме ’ргъæвст, мæ фæллад уæнгты мын цавæрдæр ныфс бауагъта уыцы рухс. Бацыдтæн хæдзармæ. Бацин мыл кодтой. Сæ мæгуырдзинадмæ кæсгæйæ мæ зæрдæ- йы тугтæ ныккалдысты. Цæмæй сын баххуыс кодтаин? Цы сын мæ бои уыди? Райстон мæ хъисын фæндыр æмæ сын азарыд- тæн нæхимæ ирон зарæг. Бинонтæ мæм афтæ зæрдиагæй хъуыстой, афтæ æхсызгон сын уыд мæ зарæг æмæ зæрондæй, ногæй къонайы алыварс æрæмбырд сты. Æрбахастой сугтæ. 179
цырен арт скодтой. Стæй кæсын, æмæ сæ сыхæгтæ цалдæрæй æрбацыдысты. Чысыл фæстæдæр хæдзары адæмæй къух бакæ- нæн нал уыд. Гыццыл хæххоп хъæу æгасæйдæр æрæмбырд мæ фысымтæм. Схъарм хæдзар... Иу зарæг иннæйы фæдыл... Сæ- хицæй дæр дæсны зарæггæнджытæ фæци æмæ мын уыдон айстой мæ фæндыр. Æз рацыдтæн кæртмæ. Хæхты сæрмæ тыбар-тыбур кодта Бопвæрнон. Хæдзæрттæй мæм сæ цæстытæ фæныкъул-фæныкъул кодтой рухсыцъырттытæ. Æз мæ цæссыг нал баурæдтон. Мæ зарæг гыццыл куырттатаг хъæуы рухс кæй ссудзын кодта, ахæм фыдæхсæв адæмы иу ранмæ кæй æрæм- бырд кодта, уымæй мæ зæрдæ мæ риуы нал цыд. Куыдтон •фырцинæй... Мæ фысым мæсыджы тигъмæ скаст, арф ныуулæфыд æмæ загъта: — Бирæ зарджытæ ныууагъта Хъуыдæберд. Йæ зарджы- тæй бирæйы зæрдæйы ссыгъта рухс. Йæха:дæг нал ис, фæлæ йæ зарджыты рухс ныууагъта йæ фæстæ. Æз бирæ федтон Хъуыдæберды фæстæ дæр зарæггæнджытæ — рæсугъд хъæлæ- стæ сын, дæсны ныхæстæ. Мæхæдæг дæр хъавыдтæн ахæм зар- джытæ скæнынмæ, суанг ма Хъуыдæберды хъисфæндырæй дæр фæлвæрдтон. Фæлæ, æвæццæгæн, алы зарæгæп, алы зарæггæ- нæгæн йæ бон нæ бавæййы адæмты зæрдæйы рухс ссудзын. Рухс та хъуамæ æцæг сыгъд кæна, къада куыройы чысыл цæ- хæрæй æгас кæмттæ æрттивой!.. •
ХУДЫНЦ СЫВÆЛЛÆТТÆ алдæр боны бæстæ арт уадзы. Цыма хур зæххыл атылд, уый хуызæи зыиг фестадысты фæндаджы лыстæг хуыртæ, къæдзæх- тæ. Ныр сæрдыгон фæлмæн къæвда рацыд Æрæхсадта дурты, æмæ сæ фæздæг кæлы. Скъолайы хæд бынмæ уæрдонвæндагап йæ тæккæ бæрæгастæу лæууы мæллæг цъæх хæрæг. Иæ дынджыр хъустæ залмысыфтыйæстæ, уырдыг- мæ æрзæбултæ сты. Уарыны æртæхтæ сæ кæрæт- тæй цъыкк-цъыкк кæнынц фæндаджы къæйдур- тæм. Цыма фынæй баци, уый хуызæн змæлгæ дæр нæ кæны хæрæг. Æрмæст ма искуы-иу хатт йæ бырынкъ уæлæмæ сдары. Уарыны æртæхтæм бай- гом кæны йæ дзых, йæ ихсыд къæдзил базмæлын кæны. Фæндагыл цæуæг нæй, ничи йæ хъыгдары, хъуыды дæр æй ничи кæны зæронд хæрæджы. Йа> сæрмæ скъолайы кæрты хъазынц сывæллæттæ, уарыны æртæхтæ ахсынц. Не ’вдæлы уыдон дæр ацы хатт хæрæгмæ. Комæй æрбазынд цъæхахуырст рог машмнæ. Сывæллæттæ йæ размæ ракалдысты. Скъолайы тигъæй йæм бынмæ кæсынц. Машинæ, хæрæгмæ куы æрбаввахс, уæд цалдæр уасты ныккодта. Йæ хъус дæр нæ атылдта хæрæг. Цыма къуырма у, уый хуызæн хъуыды дæр ницы кæны. Лæппутæ йыл дуртæ æхсынц, хъæр ыл кæнынц. Стæй йæм
машипæ хæстæг бацыд. Æрыгон шофыр кæбинæйæ йæ хъуын- джын сæр радардта, уæздан ныхасæй йæм цыдæр дзуры. Хæ- рæгмæ хуыздæр зонд не ’рцæудзæн, уый куы базыдта, уæд ыл -сабыргай машинæ аскъæрдта. Хæрæг хæрдмæ фæхауд. Йæ дыууæ фæстаг къахы дард фæхаста æмæ машинæйыл чъыл- липпæй ралæууыд. Машинæйы цырагъы æвгтæн къæйдуртыл сæ дзыгъал-мыгъул ссыд. Хæрæг ма фæстæмæ фæкаст, стæй йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта æмæ скъолайы рæзты ко- мырдæм ныййарц. Шофыр хæрæджы фæдыл кæсы æмæ кæл-кæлæй худы. Худынц сывæллæттæ дæр... •
НАРЫ ЗÆХХ æхх... Цынæ федтай, цынæ бавзæрстай. Арф фæд- тæ, судзгæ хъæдгæмттæ, тугахст æрхæмттæ... Чи сæ банымайдзæн, чи сæ равзардзæн? Цард дæр дæуæй рантыст, ном дæр ын ды радтай. Цал хиды æртахы баурæдтай, цал цæссыджы аныхъуырд- тай. Æвæццæгæн, цæхджын дæр уымæй дæ, не ’схæссæг, нæ дарæг зæхх!.. Хæхтæ дын уæз нæ кæнынц, денджызты дæхи найыс, лæджы къахæн бумбулиау фæлмæн дæ, лæджы фæзындыл æгæрон цин кæныс. Иу ран дæ диссаджы дидинджытæй тæмæнтæ калыс, иннæ ран та каконсындзæй æмæхгæд дæ. Кæм дыл булæмæргъ тъæллангæй зары, кæм та дыл сау халæттæ сæхицæн ахстæттæ бийынц. Иу ран дæ дыргъ бæлæстæ арвмæ фæцыдысты, иннæ ран дæ æнусоп ихтæ сæ быны скодтой. Алыхуызон дæ, хъулон дæ, фæлæ кæмдæриддæр æнæкæрон ад- джын зæрдæйæн. Ницæуыл дын ис баивæн, ницæ- мæй дын ис балхæнæн! Мæнæ дæ бирæ быдыртæй иу гыццыл мур — Нары хъзеу, Нары зæхх. Хæхтæ йæ фæйнæрдыгæй нылхъывтой, дæттæ йын йæ фæрстæм лæбурынц. Зæйтæ, къæвдатæ йæ ныхсадтой. Уад-дымгæ хъа- зы йæ буары. Лæууы уæддæр, йæ зæронд хæлд мæсгуытæй фæлгæсы йæ алыфæрстæм. Уым рæгъ- тыл, къæдзæхты фæрстыл ныхы сæрыйæстæй, мæгуыр лæджы кæрцы æмпъузæны хуызæн зы- 183
нынц йæхи хуызæп зæххы гæбæзтæ, уыгæрдæны уадздзæгтæ, Алкæмæн дæр дзы ис йæхи ном, йæхи нысан. Фæлæ сæ чи зоны амы цæрджыты йедтæмæ? Æндæр у уыдонæп сæ хъысмæт, сæ амонд. Уым дæр уал- дзæг миты бынæй йæ сæр сдары малусæг. Уырдыгæй дæр сæр- ды тæвды фæхъуысы цæвджыты æхситт, фиййæутты зарын. Уым дæр æрæгвæззæджы сындзыл баргъæвсы халон. Уым дæр æхсæвæй-бопæй уад дзыназы... Хæххон фыдуаг æрдз, æмхуызон кæм нæ дæ алы ран дæр! ...Уыйбæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ... Чи дын загъта, кæмæй фехъуыстай æппæты фыццаг уыцы ныхæстæ, Нары зæхх? Кæд дыл бæгъæввад, бæгъæмсарæй цы бирæ сывæллæттæ згъордта, уыдонæй сæ исчи загъта? Кæд сæ, дард бæстæй дæм къуылыхæй, æфхæрдæй цы сауцæст лæппу- лæг æрбаздæхт, уымæй фехъуыстай? Кæдæй нырмæ айхъуыст дæ кады ном Уæлладжыры комы нарджытæй? Кæй тыххæй дæм баисты къахихсыд адæм? Тымыгъ дæр сæ куы нæ уромы, æфцджытыл дæр куы хизынц. Цынæ æвзагæй дæм дзурынц, ахæм куынæуал баззад. Рагон хъинцгæнаг уæрдæтты бæсты дæм сæ рог машинæты куы æрбалæууынц. Сызгъæринтæ дæ куынæ ис, иннæ зæххыты гæбæзтæй уæлдай дыл æнахуыр ди- динджытæ куынæ зайы. Дæ сæрмæ рæгътыл уæлдæф сыгъдæг- дæр куы у, хъæды къохы цъиутæ рæсугъддæр куы зарынц, дæ сыхæгтимæ æмхуызон арвы бын куы стут, уæд ды афтæ амонд- джын кæцæй фæдæ? Ныхъхъус, ницы дзуры Нары зæхх. Æрмæст дымгæ, хæх- хон дымгæ, цъититæй дымы, дидинджыты адджын тæф, æх- сæрдзæнты зæлланг хæссы йемæ æмæ мын мæ хъусы дзуры: — Ам кæддæр ссыгъди стыр зæрдæ. Ныррухс кодта кæмт- ты нарджытæ æмæ дзы бонæй-бон тынгдæр тавы йæ цæхæрæй адæмы... Амондджын дæ, арфæйаг дæ, Нары зæхх!.. •
ХУРЫ ТЫН алдзыгон хуры фыццаг тынтæ тыбар-тыбур кæ- нынц, хъазынц уаты къултыл. Уый, æвæццæгæн, уаты æрдæггом рудзынг дымгæмæ кæй змæлы, уымæн афтæ у. Хуры тынтæм авдæнæй кæсы гыц- цыл сывæллон. Йæ рахиз къух сласта. Худы æмæ, цыма, къулыл хуры тынты æрцахсынмæ хъавы, уый хуызæн сæм йæхи ивазы. йæ тымбыл царст æнгуылдзтæ ныппака кæны. йæ пух былты æхсæ- нæй ферттивынц йæ дыууæ урс-урсид гыццыл къæпсыры. Худы, райсомы фыццаг тынтæ ахсы сывæл- лон... Авдæнхъæдыл æрæнцад йæ мады сæр. Скæсы уымæ дæр. Сæвналы йын йæ быд дзыкку- тæм. Фæлæ... мад ацы хатт ницы дзуры, нæ йыл цин кæны иннæ райсомтау. Хур кæй æрбакаст, рудзынджы сæрмæ фæткъуы бæласы дидинджы- ты æхсæнæй цъиутæ тъæллангæй кæй зарынц, уый дæр нæ хаты. Æрмæст йæ къух сывæллоны гом къæхты бын, цыма, уый дæр фынæй баци, аф- тæ лæууы. йæ армытъæпæныл змæлынц дыууæ фæлмæн къахы. Тыхст уыди сывæллон дысон æмæ йæ мад æх- сæвбонмæ хæдзары къуымты фæрадав-бадав кодта. Бонырдæм йæ тæвд фæсабырдæр. Бафы- нæй. Авдæны цурæй нал сыстад мад. йæ фæлмæн хуыссæнмæ йæ нал ахаста йæ къах. Æмæ ныр авдæнхъæдыл бафынæй. 185
Худы сывæллон хуры тынтæм, ахсы сæ. Мады фæлмæн ар- мыл змæлынц йæ дыууæ гыццыл къахы... Æмæ мадмæ йæ фыны дæр афтæ кæсы, цыма сывæллоны къæхтæ змæлгæ нæ, фæлæ армытъæпæныл згъоргæ кæнынц...
ФОНДЗЫ КÆСТÆР æсхуыртæ, ацæргæ сылгоймаг бады сынтæджы фарсмæ. йæ разы бандоны къухыл дæрдджын китель хæрзиуджытимæ. Хæдзармæ æрбахизæны галиуырдыгæй къуымы дыууæ лæдзæджы, цыма сæ дард балцы фæстæ сæ фæллад уадзынц, уый хуызæн сæхи къулыл банцой кодтой. Сынтæгыл хуыссы æрыгон лæппу. Ногдаст, хуыздзыд цæсгом. Сатæгсау сæрыхъуынтæ пыр- хытæй лæууынц урс базыцъарыл. Тарф фынæйæ хуыссы лæппу. Иæ иу къах йæ быны æрбатымбыл кодта, иннæ — растæй лæууы. Йæхинымæр сусæгæй кæуы мад. Уымæл цæс- тытæй кæсы йæ фырты хæрзиуджытæм, лæдзджы- тæм. Хæдзармæ æрбахызт сыхæгты ус. Мад æй ис- дугмæ нæ бафиппайдта. — Æгайтма дæ лæппу дзæбæхæй ссыд,— дзу- ры сыхаг.— Æнхъæлдæн, кæугæ кæныс?.. — Бузныг,— æфсæрмыгæнæгау дзуапп дæтты мад æмæ йæ сæрбæттæны кæронæй сæрфы йæ цæстысыгтæ.—Бахатыр кæн, кæстæр буц вæййы... Фондзы кæстæр у. Иннæтæй ницы хабар ис... Кæ- сын æм,— тыхсы йæ фыны. Æвæццæгæн, йæ зæнг бафæллад. Кæд æй, иннæ зæнджы хуызæн йæбы- ны куы æрбатымбыл кæнид, уый фæнды... Мад йæ гыццыл, мæллæг къух арæхстгай æрæ- вæрдта фырты цæф зæнгыл æмæ йæ цæссыгæй дзаг цæстытæй кæсы йæ сыхагмæ. Ф
КÆМÆ КУЫВТА ШЫД? арайы цары, зæронд бызгъуыртæ æфснайгæйæ, Фатъимæт бафиппайдта Мадымайрæмы ныв. Æвæццæгæн ыл уарынтæ дæр æрцыд,— йæ цæс- тыбынтæ, йæ фындз сатæгсау систы. йæхи хуы- зæнæй йæм æппындæр ницыуал уыд. Æрмæст ма нывæн йæ тæлы дзæбæх æрттывта æмæ йæ уымæ гæсгæ хæдзары æфсин царæй æриста. Фатъимæтæн йæ лæг Баде рагæй дæр динимæ лымæн нæ рахаста. Кæддæр сæм Мадымайрæмы ныв кæй уыд, уый ма дзы рох дæр фæци. йæ зæ- ронд мады зианы уæлвæд зæд дæр хæдзарæй фесæфт. Æрмæст, иу изæр йæ куыстæй куы æрба- цыд, уæд хæдзары къуымы ауыгъдæй æрбаййæф- та зæронд Мадымайрæмы. Цы фыдбылыз æй æр- бахаста, зæгъгæ, йыл дис дæр бирæ фæкодта, фæлæ йæ усæн ницы загъта. Ус дæр, цыма йæ лæг дыууæизæрыастæу нывмæ куыд æдзынæг каст, уый уынгæ дæр нæ фæкодта, афтæ иуварсырдæм азылд. Фатъимæт æмæ Бадейæн се ’ртæ фырты дæр хæсты уыдысты. Дыккаг аз сæ ницы хабар уыд. Тынг тыхстысты æмæ алы цæуæджы дæр хынц- фарст кодтой, нæ лæппутыл никуы амбæлдыстут, зæгъгæ. Ус зыдта, фыд фæстаг рæстæг йæ хуыс- сыны размæ сусæгæй йæхиуыл дзуар кæй фефта- уы, уый. — Зæрондырдæм дæхицæй сауджын саразы-
ны фæнд ма скæн? — бафæрсынмæ йæ хъавыд. Фæлæ йæ ныфс пæ бахаста. Афтæмæй зæронд йæ кæнон кодта. Ус дæр, цыма иицы зо- ны, йæхи афтæ дардта. Стæй уыцы-иу бон сæ дыууæ фыртæй писмотæ райстой. Тынг фæцин кодтой. — Æз мæ лулæ радавон... Рудзынгыл мын айрох,— загъта Баде æмæ тыргътæй хæдзармæ бахызт. — Дæ лулæ дæ къухы куы ис... Кæдæм ма йæм цæуыс? — Лæджы хин бамбæрста ус. Фыд хæдзары къуыммæ бацыд. Нывмæ хæрдмæ скаст. Йæ рахиз къух дзуар бафтауыны зæрдæйæ уæлæмæ систа. Фæлæ... Цонг уæлдæфы ауыгъдæй аззад. — Ныр æй базыдтай, кæмæ куывтай, уый?.. Фыд фæстæмæ ракаст. йæ цæнгтæ йæ риуыл дзуарæвæрд, афтæмæй хæдзары бæрæгастæу лæууыди йæ ус. Исдугмæ кæ- рæдзипæн иы загътаиккой, уымæ дæр нал сарæхстысты. Стæй дыууæйæ дæр се ’ргом къуымырдæм аздæхтой. — Къулбадджытæ!.. Ничи сæм кæсы, худæгæй куыд ба- къæцæл сты...— загъта фыд æмæ йæ усы йæ рæмбынкъæдзæп басхуыста. Мадымайрæмы бæсты сæм нывæй худтысты се ’ртæ хъæ- булы... •
НОГ ТАЛА нæхъæн къуыри сасирæи луарæгау лыстæг сæл- фынæг кæны. Æрмæст абон, цыма, арв искуы гом фæци, уый хуызæн уарын ныккалдта. Арв æмæ зæхх баиу сты. Уарыны æртæхтæ ихы къæртты- тау уымæл зæххыл сæхи хойыпц æмæ хойынц. Фæззыгон фыдуаг дымгæ сæ тæссармæ скъæфьь Хъæу—хасты хуызæн. Нырма æрæджы суæгъд немыцæй. Æмæ ранæй-ран бæстыхæйтты, хæ- дзæртты бæсты хæрдмæ хъилæй баззадысты ду- рын пецты ала тохынатæ. Се ’ртхутæг сын къæвда ныххоста, ныддæвдæг æй кодта. Хъæугæронмæ æввахс æрдæгхæлд хæдзары кæрты дзыхъхъ къахы ацæргæ сылгоймаг. йæ сау сæрбæттæны къабæзтæ дзыхъхъы сæрмæ æрца- уындзæг сты, сæ кæрæттæй дон цъыкк-цъыкк кæ- ны уырдыгмæ. Рудзгуыты бын цæнкуылтæй, пыр- хытæй зæххыл хуыссы фæткъуы бæлас. Сылгой- маг ын йæ фарсмæ садзы ног тала. Иу дæс азы кæуыл цæуы, ахæм пыхцылсæр чызг тыргъты лæууы æмæ кæуынхъæлæсæй дзуры: — Ныууадз æй, Гыцци... Уарыиы фæрынчын уыдзынæ... — Ныртæккæ, Гыццийы хур... Æххæст æй аса- дзон. Уарыны хуыздæр ныххæцдзæн... Лæппу йæ бæласы афтæмæй куы сæййафа, уæд ын хъыг уыдзæни... 190
— Уарыны фæрынчын уыдзынæ, Гыцци,— йæ цæсгомыл дæр уарыны æртæхтæ згъорынц, афтæмæй дзуры чызг. Сылгоймаг йæ кусын фæуагъта. Белы хъæдыл æрæнцой кодта æмæ йе ’ргом чызджырдæм аздæхта. Уазалæй йын чи ныцъцъæх, уыцы тæнæг былтæ зына-нæзына базмæлыдысты. Чызг æй куыннæ фехъуыстаид, афтæ хæрзныллæг хъæлæсæй дзуапп радта. — Уæдæ лæппу куыд фæразы? Ууыл æхсæвæй-бонæй куы уары... Мæ зæрдæ йын айхæла, уæвгæйæ та... •
МАДЫ КЪУХТÆ гуыридурæй астæрд хæдзары дуармæ фæткъуы бæласы бын бандоныл бадынц дыууæйæ: халас- сæр, ацæргæ нæлгоймаг æмæ цыбыргомау, къæс- хуыртæ зæронд ус. Уалдзыгон хур арвы астæу ныллæууыд. Комæй сатæг уддзæф дымы, æмæ уый гæзæмæ сæтты хуры тых. Сæ сæрмæ бæласы дидинджытыл иугæндзон дыв-дыв кæнынц мыды- бындзытæ. — Æртиссæдзæм аз, зæгъыс?—фæрсы зæронд ус.— Нæ, уыйбæрц дыл нæма цæуы, лæппу. Хæрз æрæджы дæр ма мæнæ ацы уынгты, далæ доны былты бæгъæввадæй куы агъордтай... — Уый раджы уыд? — Нæ разы кæны мад.— Дæ сæр кæй сурс, уый тыххæй афтæ зæгъыс? Уый азтæй нæу, уæ хъæд афтæ у. Уæ фыды хуызæн куыстыл хæлæфгæнаг стут... — Дæхæдæг нæ афтæ сахуыр кодтай... — Лæппуйæн æрбаздæхын афон нæма у? Тай- муразæй зæгъын,— ныхас иннæрдæм аздæхта зæ- ронд ус.— Æрæджы куыд фыста, афтæмæй цæ- уынхъус нæу. Тынг хорз адæм сæ хоны уыцы индийæгты. Гыццыл чызг, дам, се ’взагыл гъæйт- тæй дзуры. Ничи йæм кæсы, нæ фыдуаг Тайму- размæ, кæм балæууыд... О, хæдæгай, куыд фыссы, уый зоныс? Дæуæй афтæ, уымæн, дам, зæгъæмæ дæ хæдтæхæджы ардæм рарвита... Махимæ дæр, дам, иучысыл ацæр, сывæллоны дæр куы нæма федтай...
Худы зæронд ус. йæ мидбылты худы фырт дæр. — Æмæ цы кæны, Гыцци, бæстæ фенын хорз у. — Хорз та куыннæ у... Фæлæ æгæр дæрдтæм фæцыдыстут æмæ уыл зылд та кæд фæуыдзынæн, зылд? Уæ иу Мæскуыйы, иннæ Индийы. Чи Ленинграды. Бæргæ, иу ран куы уаиккат, науæд мæнæн дæр мæ зæрдæ алырдæм æхсайы... Зæгъын, афонмæ куыдтæ сты. Кæд исты хъуаг сты. — Цыфæнды куы уа, уæддæр дын, Гыцци, ацы хатт ныу- уадзæн нал ис. Ау, хистæр фыртмæ дзы уыцы бар нæ хауы?— мады цæстытæм комкоммæ кæсы фырт. — Бар та цæуылнæ, фæлæ ам... Сывæллæттæ... Уыцы сахат, цыма, зæронд усы фæстаг ныхæстæм æнхъæл- мæ каст, уый хуызæн кулдуарæй уынгмæ разгъордта къуыды- роны хуызæн гыццыл лæппу, мидæггаг хæдоны, бæгъæввад, бæгъæмзæнгæй. — Гыцци, Гыцци!.. Мæнæ ма сæныккæн исты зæгъ, цæвгæ мæ кæны,— лæппуйæн йæ хъаст йæхицæй фæраздæр, афтæмæй зæронд усмæ йæхи баппæрста. — Ма тæрс, Гыццийы удæнцой,— æнахуыр фæлмæн хъæ- лæсæй загъта зæронд ус æмæ гыццыл лæппуйы йæ хъæбысы æрбакодта. Фырт æдзынæг каст, йæ мады фæлмæн къухтæ сывæллоны тымбыл русыл куыд узæлыдысты, уымæ. Хъуыды кæны: — Мад цыфæнды кары дæр мад у... Дæ зæрдæмæ хъуыстон
АУУОН ары. Сæрдыгон къæвдайы ставд æртæхтæ асфаль- тыл цæкуыйы нæмгуытау хæрдмæ хауыпц. Цæуæм горæты сæйраг уынджы. Тагъд кæпæм æмбырдмæ. Нæ фарсмæ лæдзæджы æнцæйтты. къуылых-къуылых хъавгæ цыдæй цæуы ацæргæ нæлгоймаг. Иæ сæрмæ — халагъуды хуызæи стыр зонт. Тагъд кæны уый дæр æмбырдмæ. Фæлæ йæ къахайст йæ бар нæу, стæй, æвæццæгæн, фæкæ- лынæй дæр тæрсы æмæ йæхи бырумæ хæстæг æлвасы. Уалынмæ, мыст мæкъуылы бын куыд смидæг уа, афтæ иу къæсхуыртæ лæппулæг зонты бын смидæг. — О-о, Цæрай куы дæ!.. Акæс-ма, иунæгæп пын куыд аззадтæ. Æз та ма, зæгъын, Цæрай цы фæци?.. Ма фæбыр... Æри-ма, æз дын аххуыс кæ- нон,— загъта лæппулæг æмæ, Цæрай кæй хуыд- та, уый цонгыл ныххæцыд. Йæхи йыл афтæ баны- хæста, æмæ, æвæццæгæн, къуылыхы ропы быпат куы уыдаид, уæд уым дæр абырыдаид. Цæрань: хъусы цыдæртæ дзырдта, хъæрæй худт. Мах нæхи фæразæй кодтам æмæ уайтагъд. æмбырд кæм уыд, уыцы агъуыстмæ схæццæ стæм — Цымæ, уыцы дыууæ æрдхорды цы фесты?— загътон мæхинымæр æмæ сæм балкъоны бын бан- хъæлмæ кастæн. Чысыл фæстæдæр уыиджы бæрæгастæу дьш-
джыр зонты бын æрбацæйцыд... Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма къуылых лæг иуиæг уыд, æмæ æцæгдæр, сæ къæхтæ ма цып- пар куыыæ уыдаиккой, уæд сæ дыууæ адæймаджы ничи схуыд- таид. Балкъоны бынмæ куы æрбаирвæзтысты, уæд къæсхуыр лæппулæг, иу æртах дæр ыл нæ уыд, афтæмæй йе ’мбалы фæуагъта æмæ агъуысты фæмидæг. Лæг йæ фæдыл æдзынæг кæсгæ баззад. Стæй йæ зонт æри- ста, батыхта йæ, къæхты бынæй ныуулæфыд æмæ йæ донласт костюмы фæдджитæ лæмарынмæ фæци... ®
„ХУЫСНÆГ æ зæронд хæлæрттæй иу дард балцæй ссыд. Ра- гæй нал федтам кæрæдзи. Нæ зонгæты мын æрæм- бырд кæнын кодта. — Нæ къам иумæ сисæм,— загъта уый æмæ нæ хуызисæгмæ акодта. Иу ссæдзы бæрц баистæм. Нæ хуыз кæм истам, уыцы гыццыл уаты фезмæлæн нал уыд. Хуызисæг цалынмæ йæхи рæвдзытæ кодта, уæд- мæ мах цымыдисæй кастыстæм, къултыл цы бирæ нывтæ ауыгъд уыди, уыдонмæ. Не ’хсæн кæцæй- дæр февзæрд иу саулагъз лæппу. Цæуылдæр тынг тыхстхуыз уыди æмæ фæйнæрдæм ракæс-бакæс кодта. Чи у, немæ кæцæй фæци, зæгъгæ, йæм мæ хъус дардтон. Уый аивæй, къамтæ цы стъолыл уыдысты, уырдæм йæхи баласта, тарстхуызæй та йæ алывæрстæм акаст æмæ дзы иу къам йæ дзып- пы афсæрста. Къам давгæ йæ кæй федтон, уый бафиппайдта æмæ мæм лæгъстæхуызæй æрба- каст, ныллæг хъæлæсæй загъта: — Курын дæ, ма мæ схъæр кæн!.. Хуызисæ- гæн дыууæ боны лæгъстæ кæнын æмæ мын æй нæ лæвæрдта. Хъæуæй йæм ссыдтæн. Бузныг уе ’ппæтæй дæр... Афтæ бирæйæ куынæ æрбацыдаик- кат, уæд мæ къухы нæ бафтыдаид. Бузныг... Тынг æхсызгон мæ хъуыди йæ къам... Науæд æй афæдз дыууæ хатты йедтæмæ уынгæ дæр нæ кæнын. Æз хохы фосимæ, уый та быдыры — кæрчыты фер-
мæйы... Бахатыр мын кæнут... Бузныг... Ныр йæ къам мæ дзып- пы ис!.. Лæппуйæн йæ тымбыл, ногдаст цæсгом хурау ныррухс, аф- тæмæй мын йæ дæрзæг къухтæй мæ рахиз къух нылхъывта, иу каст ма мæм æрбакодта, стæй дуары æдде фæци, къæлидорæй ма йæ зарын æрбайхъуыст: — Мæнæн дæр мæ фæрстæ куы не ’сты æндонæй... Ф
САУ ХОХЫ ФИЙЙАУ Хæхты мит уары «Куыд зын у цæргæсæн, Хъæбатыр цæргæсæн Куы вæййынц йæ базыртæ баст!» Хъуылаты С. 1 ос лæгæтджын хуссæртты апырх сты. Ме ’скъуыд- тæ уæйлаг нымæт мæ быны, мæ бæрз лæдзæг, мæ сæгъдзармæй хызын мæ фарсмæ, афтæмæй бадын рагъыл æмæ бынмæ кæсын коммæ. Уым чысыл дæлдæр, къæйдурты бынæй йæхинымæр хъуыр- хъуыр кæны цæстысыгау рæсуг суадон. Цыма су- сæгæй истытæ дзуры... Кæд мæ, миййаг, йæ сыр- сырæй афынæй кæнынмæ хъавы? Бæргæ, ацьг дураууон нымæтыл иучысыл афынæй у! Фæлæ ныртæккæ уымæ кæй æвдæлы! Фосæн тагъд — сæ ривæд кæнын афон... Уый Мила дæр зоны æмæ, цыма уый дæр хуыссæг ахсы, афтæ æнæбарыго- мау фосы алыварс зилы. Иу ранмæ сæ æмбырд кæны. Хатгай йæ къуыбыр хъустæ фæгæмæл вæй- йынц, йæ цыбыр къæдзил мæм батилы æмæ’ цъынддзастæй хæрдмæ скæсы, цыма афтæ зæ- гъынмæ хъавы: чысыл-ма бафæраз, ныртæккæ фос æрбамбырд кæндзынæн æмæ уæд радыгай афынæй уыдзыстæм. Нæ, Мила, дæуæн дæ бар дæхи, фæлæ мæнæн фынæйгæнæн нæй. Нæл сæгътæ та фосы ис- куыдæм асайдзысты æмæ нын уæд зындæр уы- дзæн... Уæлдайдæр нæхи Сырдон! Кæсыс, йæ цыргъ боцъо куыд тилы, фæйнæрдæм куыд дза- гъултæ кæны? Кæлæнгæнæг! Æмбары та йæ, фос. тагъд ривæд кæй кæндзысты, уый, æмæ рагацау йæхицæн фæндæгтæ агуры, йæ фæдыл 201
асайынмæ кæй хъавы, уыдоны алывæрсты зилы. Уæвгæ, цæй фæндæгтæ! Дæхæдæг æй нæ зоныс, æппындæр ын æнхъæл кæм нæ вæй- йæм, ууылты дæр афардæг вæййы. Бæтгæ, зæгъыс? Уанцон нæу. Нæ, кæд цыфæнды фыдуаг у, уæддæр нæхи Сырдон у. Фæлтау æз æмæ ды хуыссæгæн бафæраздзыстæм. Фыццаг хатт нын куынæ у, миййаг?.. Нæй, Мила, фынæйгæнæн нæй!.. Æмæ йæ ихсыд цъылыны хуызæн къæдзил тилы, йæ къуы- быр хъустæ, цыма мын мæ хъуыдытæ ’мбары, уый хуызæн ихæнæй ризæгау ризынц. Æвæццæгæн, айразмæйы фыдæбæт- тæ йæ цæстытыл уайынц æмæ разы у мемæ. Уæдæй нырмæ хуымæтæджы мæсты у Сырдонмæ! Иæ цæст æм дары, æмæ фо- сæй исчердæм цæуынмæ хъавы, уæд уайтагъд йæ разæй фæ- вæййы. Хъуыр-хъуыргæнгæ æрлæууы йæ фæндагыл. Сæгъ дæр, йæ цыргъ боцъо тилгæ, æнæбарыгомау, цыма Милайы хъуыды дæр нæ кæны, уый хуызæн иуварсырдæм иæ хъоппæг цъæх цæстытæ азилы. Куыдз йæ фæстæгтыл æрбады æмæ иудзæвгар Сырдоны фæдыл кæсгæйæ баззайы. Иæ бинаг былы дæргъæй- дæргъмæ нос йæ тæнæг сырх æвзагæй астæры, цыма афтæ фæзæгъы: уæ, ма кæ, Сырдон, ма змæнт фосы!.. Иу хатт дæ фервæзын кодтон, фæлæ ныр дæ фæдыл къахдзæф дæр нал акæндзынæн... Хъусыс, иунæг къахдзæф дæр. Сырдон дæр, Милайы фыдæнæн, бæрзы къалиу рарæмудзы æмæ йæм йæ цæстытæ ныдздзагъыр кæны. Æвæццæгæн, йæ зæрдыл æрба- лæууы уыцы мæйдар æхсæв. Раст зæгъын хъæуы, уыцы æхсæв Мила куынæ уыдаид, уæд ныр Сырдон ахæм адджын сыфтæрджын къалиу не ’хсынид. йе ’стджытæ йын къæвдайы дæттæ раджы ныхсадтаиккой. Æмæ аххосджын дæр цас уыди Сырдон! Хуырты æхсæнты кæрдæджы хæлттыл рахау-бахауæй йæ зæрдæ сцъæх æмæ цуангæнгæ фæсрагъмæ афардæг. Йæ фæдыл цалдæр фысы фæкъорд. Сырдон сæ æвзæр хизæнтæм кæй нæ асайдтаид, уый зыдтой æмæ йæ фæдыл дураууæтты, къæдзæхрæбынты, куыд ничи сæ федтаид, афтæмæй рагъы æдде фесты. Мила сæ æрæ- джиау базыдта. Азгъордта сæ фæдыл. Изæрдалынгты сæ тых- тæ-амæлттæй Цъæх цады комы ссардта. Иæ тых-йæ бонæй рæйын систа, фæлæ Мæсчъы дон ахæм фыдуаг, ахæм цъæхс- наг хъæр кодта, æмæ Милайы рæйын йæ рыджы дæр нæ зынд. Æрталынг сыл. Сырдон фысты къæдзæхрæбынмæ баздæх- та, йæ фæстæгтыл æрбадт æмæ æфцæджырдæм скæс-скæс код- та. Комы нарæджы-иу стæм хатт ныййазæлыд кæйдæр хъæр. 202
Фæлæ хъæр чи кодта, уый зын равзарæн уыди. Æхсæв цас йæ барты цыд, уыйбæрц доны хъæр тынгæй-тынгдæр хъуыст. Сыр- дон, цыма æппындæр ницы ракодта, уый хуызæн æфсæстæй къæдзæхрæбын бадт æмæ йæ боцъо тилгæ сынæр цагъта. йæ фæдыл кæй расайдта, уыдонæй дæр йæ балцыл фæсмон ничи кодта, кæрдæгæфсæстæй айнæджы æмбуар лæууыдысты æмæ сæ хуыссæгхъуаг цæстытæй донырдæм кастысты . Ком нытталынг. Ми-ла, зæгъгæ, ма кæйдæр хъæр хæхтыл ныццарыдта. Нынниудта Мила дæр. Фæлæ йын дзуапп ничи- уал радта. Æрмæст доны былырдыгæй судзгæ æхсидæвтау æваст цыдæр ферттывта. Исдугмæ хорзау нал фæци Мила. Стæй цæстыфæныкъуылдмæ йæ къæхтыл алæууыд. Цыдæр фыдбылыз кæй фæзынд, уый бамбæрста. Сырдоны фыстæ сыз- нæт сты, футтытæ систой, стæй, сæхи хохы фарсмæ нылхъыв- той, афтæмæй тарстхуызæй кастысты, уыцы судзгæ стъæлфы- тæ хæстæгæй-хæстæгдæр куыд цыдысты, уымæ. Милайæн, æвæццæгæн, йæ рæйын куы ницæмæ дардтой, уæд сыл йæхи уыциу скъæрд акодта. Схъуырдухæн семæ. Сырдоны рæзты цалдæр тахты æрбакодта, стæй доны былырдæм йæ хъæлæсы кæйдæр ахаста. Ниуд, æнахуыр дæндæгты къæс-къæс йæ хъус- тыл уад Сырдонæн. Мæйдары куы иу ранæй, куы иннæ ранæй ферттив-ферттив систой уыцы зынджы стъæлфæнтæ, афтæ тагъд ратæх-батæх кодтой æмæ сæ йæ цæст дæр нал ахста. Афтæ уыд суанг фæсæмбисæхсæвтæм. Стæй æваст Мила йæ хъуырдухæнæй фенцад. Зынджы стъæлфæнтæ цыдæр фесты. Бæстæ ныссабыр. Æрмæст ма Мила чысыл дæлдæр йæ фæс- тæгтыл бадт æмæ тыхулæфт кодта. Йæ зæрдæ нал фæлæууыд Сырдонæн æмæ йæм йæхи сабыргай баласта. Фыстæ дæр, цы- ма Сырдоны къæдзилыл баст уыдысты, уый хуызæн йæ фæдыл фæраст сты. Мила сыл схъырныдта æмæ сæхи фæстæмæ къæ- дзæхрæбынмæ баластой... Уыцы ’хсæв нæ бинонтæй ничи бафынæй. Иунæг Нана ма баззад хæдзары, фæлæ уый дæр, йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй суапг бонмæ сындзытыл бадæгау фæбадт, цыма фос искуы хъæуы уынгты уыдысты, афтæ иу тигъæй иннæмæ рауай- бауай кодта, Бæппу та кусгæ кодта æмæ Садонæй не ’ссыд. Мах Гыцциимæ фæсæмбисæхсæвтæм фæцагуырдтам Сырдон æмæ йе ’мбæлтты. Æз куыдтон, бæгъæввадæй мæ къæхты пырх кæй калд, уый дæр мæ ферох, афтæмæй Гыццийы фæдыл згъордтон. Хъæр кодтам, агуырдтам Мила, Сырдон æмæ фысты. 203
— Афонмæ сæ искуы бирæгътæ бахордтой. Хæдзарæфтыд. баистæм. Цæмæй сæ фиддзыстæм?..— Миламæ хъæр кæнынæй йæ хъæлæс ныффæсус, афтæмæй дзырдта Гыцци. Аххостæ иу- уылдæр мæн аххостæ кæй уыдысты, уый æмбæрстон. Раст уыд. Гыцци. Цæмæй йын мæхи сраст кодтаин! Сырдонмæ мæ дæн- дæгты къæс-къæс цыд. Уыцы сахат мæ разы куы фæуыдаид,, уæд ын кард йæ хурхыл æрбавæрдтаин. — Мила семæ куы уаид... Уый сæ кæд бахъахъхъæнид,— сабыр кодтон Гыццийы... — Бæргæ... Фæлæ Мила зынæг дæр куынæ ис. Уый семæ куы уаид, уæд афонмæ нæ хъæрмæ искуыцæй зындаид,— дзуапп лæвæрдта Гыцци æмæ, дуртыл, къудзитыл йæхи къуырццытæгæнгæ, мæ разæй уади. Боныцъæхтыл сæ Хуыскъададжы ссардтам. Мила йæ фæс- таг æрдæгыл бадт æмæ мах куы федта, уæд фырцинæй нын- ниудта. Иннæ хæттытау мæм цингæнгæ, йæ къæдзил тилгæ не ’рбазгъордта. Сырдон дæр, йæ кæрдæджы комдзаг йæ дзыхы,. афтæмæй махырдæм каст. Фыстæ чысыл æддæдæр хызтысты. Мæнæн фырцинæй мæ цæстытæ доны разылдысты, Мила, зæгъгæ, мæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр ластон æмæ Гыццийы ра- зæй азгъордтон. Милайы мæ хъæбысы ныккодтон. Уый чысыл бахъырныдта, йæ сæр мæ хъæбысæй аласта æмæ иуварсырдæм акаст. Иæ бинаг былæй зæхмæ туг цъыкк-цъыкк кодта. Иæ фарсмæ, дуррæбын, йæ цæстытæ ныдздзагъыр сты, йе ’ссыртьг æхсæн та Милайы хъуынæй æнæхъæн бындзгуытæ, афтæмæй хуыссыди дынджыр гæрæм бирæгъ. Сырдон, цыма не ’ппæтæй дæр хатыр куырдта, уый хуызæн йæ боцъо тилгæ æрбацыд, Милайы фарсмæ æрлæууыд æмæ бирæгъы мардмæ кæсгæыæ* баззад. Фыстæй иуæн йæ къæдзилы туг калд... 2 Фос сабыргай рагъыл уæлæмæ хизгæ цæуынц. Мила Сыр- доны цух нæ уадзы, йæ алывæрсты зилы æмæ йын æмбарын кæны, йæ фæндтæй кæй ницы рауайдзæн, уый. Хин у Сырдон: уый дæр куыдзмæ йæ цæст дары, цæмæй йæ мауал уына, уый тыххæй фосы астæумæ йæхи сабыргай ласы. «Кæд ды рувас дæ, уæд æз та—дæ къæдзил»,— æвæццæгæн, йæхинымæр< хъуыды кæны Мила æмæ дуры сæрмæ схызт. Уырдыгæй та ма йын кæдæм лидздзæн! Диссаг сты Мила æмæ Сырдон! Кæрæдзиуыл æрхъæцмæ 204
дæр нæ хъæцынц. Сæ хабæрттæ сын арæх фæкæнын лæппутæн, æрмæст мыл ничи æууæнды. Гæдыйы ном дæр ма мыл сæвæрд- той. Кæрæдзийæн цы митæ фæкæнынц ,уый иу хатт куы феник- кой, уæд бæргæ... Фæлæ мемæ фиййау куынæ цæуынц, миййаг. Æрмæст, раст зæгъын хъæуы, Сырдон а фæстаг бонты хæстæг нал цæуы Миламæ. Тæргай йæм истæуыл у, æви дзы тæрсгæ кæны, уый мæхæдæг дæр нæ зонын. Сæ мыды къæм куы ба- хауд, уый ма мæ зæрдыл лæууы. Хæрзæрæджы уыди. Бæрз- джыны лæгæтмæ хæстæг. Фос сатæджы æрæнцадысты. Мила дæр дураууон йæхи ^æруагъта, йæ раззаг къæхтыл йæ хæмхудтæ æрæвæрдта æмæ йæ цыма хуыссæг ахста, уый хуызæн йæ цæстыхаутæ мæстæй- марæгау тъыбар-тъыбур систой. Сырдон хъæлдзæг уыд, æвæц- цæгæн, йæ зæрдæ хъазын агуырдта æмæ Милайы цурмæ ба- цыд. йæ алывæрсты цалдæр хатты æрзылд. Куыдз æм йæ хъус куынæ дардта, уæд йæ фæстæгтыл алæууыд æмæ йын йæ ныхæн — хафт. Мила йæ мидбынаты хæрдмæ фæхауд, уыциу къæпп æм фæласта æмæ Сырдонæн йæ фарсæй йæ фист акалд, мехъхъытæгæнгæ иуварсырдæм алыгъд. Уыцы бон Сырдон Миламæ хæстæг нал æрцыд. Афтæ уыди дыккаг бон дæр. Æрмæст æртыккаг бон йæ зæрдæ нал фæлæу- уыд, бацыд æм, чысыл æддæдæр йæхи кæрдæгыл æруагъта. Хатыркурæджы цæстæй касти йе ’рдхордмæ. Æхсызгон мын уыд, Мила æмæ Сырдон кæй бафидыдтой, уый. Уыцы æртæ боны сæ дыууæ дæр хуымæтæджы æнкъард нæ уыдысты. Æнæ уыдон та фос фидаугæ дæр нæ кодтой. Бадын рагъыл. Ардыгæй дзæбæх зыны нæ хъæу. Уый æр- мæстдæр хурбон, арв сыгъдæг куы вæййы, уæд. Æпдæр, асæс- ты, суанг дæлæ хъæуы сæр айнæджы тигътыл цы æртæ мæсьь джы ис, уыдоп дæр ыæ фæзынынц ардæм. Бæзджыи цъæх мигъ сыл ныббады. Фæлæ абон æрæгвæззæджы арв ирд у. Хур акъул, уæддæр ма йæ уазал тыптæ агъуыстыты тъæпæн сæр- тыл хъазынц. Мæ фосы хицау Муссæйы цъæхсæртæ хъæуы иннæ хæдзæртты æхсæн бæрæг дарынц. Суанг ма куырæйтты- рдыгæй чидæр хæрæгыл хъæумæ уаргъ куыд фæхæссы, уый дæр дзæбæх æвзарын. Ардыгæй кæсгæйæ рæсугъд у иæ хъæу. Йæ нарæг хъуырджын уынгтæ фæныкхуыз тæбын æндæхтау зы- иынц. Ныхасы цур цы æртæ гæды бæласы ис, уыдон сæ сæр- тæй кувынц. Раджы сæ кæддæр мæ фыдыфыд пыссагъта. Хон- гæ дæр сæ Темыры бæлæстæ кæнынц. Мæнæн æхсызгон у, аф- тæ сæ кæй хоныиц, уый. Æмæ лæппутæй исчи бæлæстæм кар- 205
дæй куы бавналы, уæд мын тынг хъыг вæййы, хылмæ æрцæуын семæ. Æрмæст рагуалдзæг куы ралæууы, ныхасы тъæпæны мит куы атайы, уæд, раст зæгъын хъæуы, лæппутæ æд белтæ рацæ- уынц, бæлæсты алфамбылай скъахæм, фаджыс сыл иыккæ- нæм. Æвæццæгæн сæм алы аз афтæ куыиæ зиликкам, уæд раджы бахуыскъ уыдаиккой. Сæ алыварс иунæг бæлас дæр нæй. Æцæг ма далæ куырæйтты раз, доны был зайы цалдæр фæрв бæласы. Уыдон чи ныссагъта, уый тыххæй бирæ алыхуы- зон ныхæстæ цæуы, фæлæ чи уыд, уый бæлвырд ничизоны. Стæй фæрв æмæ гæды бæласæн сæ кад дæр иу нæу. Зылынтæ, гæлир фæрвытæ сæхицæн æнцад-æнцойæ лæууынц дрны был, сæ койгæнæг дæр нæй. Алы изæр суанг æхсæвæртæм хъæуы зæрæдты таурæгътæн кæрон кæм нæ^вæййы, уыцы ныхасы куы- нæ зайынц, миййаг!.. Фæлæ фæрвытæ дæр бынтон рохуаты нæ баззадысты. Куыройдзау сылгоймæгтæ сæ быны арæх аба- дынц. Сæ сусæг ныхæстæ, сæ зæрдæйы сагъæстæ кæрæдзийæн уым радзурынц. Чызджытæ дæр куыроймæ х цæуыны æфсон уырдæм арæх амбырд вæййынц. Лæппутæ дæрч, нæ куырой- дзаутыл кæд исты æрцыди, зæгъгæ, уым арæх балæууынц... Муссæты цъæхсæрты фæстейæ зыны нæ тъæпæнсæр хæдзар. Цыма хъæуы иннæ хæдзæрттыл тæргай истæмæй у, уый хуы- зæп йæхи тарст далысау хохы фарсмæ нылхъывта. Кæрты дæр, уæлхæдзары дæр ничи зыны. Æмæ дзы уæвгæ чи зына!.. Бæп- пу — Садоны, Гыцци æмæ Наиа та боныцъæхтыл Цæгаты уы- гæрдæнтæм хос ласынмæ ацыдысты. Бинонтæй ма æз дæн æмæ Муссæйы фос хизын. Муссæты кæртæй барæг рахызт. Уый, æвæццæгæн, Муссæ йæхæдæг у. Садонмæ та цæуы, йæ фырт Мæцыхъомæ. Скъола- йы ахуыр кæпы Мæцыхъо æмæ йын къуыри дыууæ хатты царв, цыхтытæ, тохъхъылы къæдзил, кусарты агъд куыиæ хæсса, уæд лæппу цы фæуыдзæн! Кæмæ цæры, уыдон цы зæгъдзысты? Æнæуи дæр дзы хъæубæсты, мæрддзæст дæ, зæгъгæ, дзурынц æмæ ма дзы уый дæр куы райхъуыса, уæд ыл зарæг куы скæн- дзысты. Стæй йæм мулк, миййаг, нæй? Сæ сойы цъыс-цъыс суанг нæ уæлхæдзармæ куы хъуысы. йæ фосы фылдæр — Хъызлары. Тохъхъылты дзæбæхдæртæ, далысты нарддæртæ — ам. Кæд æй бахъæуой — кæддæриддæр йæ разы. йæ фырт сып фиййау куы нæ цæуы, миййаг. Р1æ фиййау йæ зæрдæмæ нæ фæцыд — райсом æй æндæрæй аивдзæи. Мæцыхъо, Мæцыхъо!.. Æз дæр Садоны дæуæй æвзæрдæр бæргæ нæ ахуыр кодтон. Фæлæ, Нанайы загъдау, мæгуырыл 206
хæрды дæр дур уæлæмæ тулы. Иуæй — Бæппупы рыпчып, ин- нæмæй — нæ мæгуырдзинад. .Бинонтæ дæр бафæрæзтаиккой, мæ ахуырæй мæ нæ бакъуылымпы кодтаиккой, мæхæдæг куы- нæ фæрынчын уыдаин, уæд. Фæлæ æхсæз мæйы сынтæгæй ма рахиз, дæ къухмæ чиныг райсын дæ бон ма уæд, уæд уый нард тохъхъылы къæдзилæй рустæ кæнын нæу, Мæцыхъо. Нæ къла- сы лæппутæ ма мæм рынчынфæрсæг Садопæй дæр ссыдысты, ды та нæ хъæуы ц&рыс, афтæмæй мæ иу хатт дæр нæ бабæрæг кодтай. Скъоламæ мæ зæрдæ куыд æхсайдта, уый зыдтай, аф- тæмæй мын чиныджы дæр никуы бакастæ, æвæццæгæн, дæхи- нымæр хъуыдыкодтай: мæ фыды æххуырсты хæдзармæ куыд бацæуон?.. Стæй, æхсæз мæйы фæстæ, æнæ хъаруйæ, низæф- хæрдæй уынгмæ куы рацыдтæн, куыд никуы мæм æрбауадтæ, зæгъгæ, дын куы бауайдзæф кодтон, уæд мыл дæхи ныццавтай æмæ мæ дæ быны сæууæрстай. Мæ къухы фыдтæм ма бæргæ лæбурдтон, фæлæ дыы цы мæ бон уыд: æз — æдых, æнæхъару, ды та — мæнæуы мыстау тыппыр, сырхуадул. Хорз, Мæцыхъо, æз дын уыцы бон искуы дæ зæрдыл æр- лæууын кæндзынæн! Мæ къухты ахаст мын хорз куы зоныс. Кæд’дæ, миййаг, рох фæци, уæд та дæ мæ бар бауадз. Муссæ Бæппуйæн цы фæци, уыдон дæр æз де ’рагъæй сисдзынæн! Ар- дыгæй ма зымæгмæ, мæ мызд райсынмæ, стæй уæд Муссæйы хистæн хæринаг фæуæнт уæ фос. Иу дæр дзы мауал баззайæд. Фыдæй, фыртæй сымахæн æххуырстыл дзырд куынæ уыдыс- тæм, миййаг!.. Мæхинымæр стыхстæн... Ногæй та мæ цæстытыл уайы уы- цы сæрдыгон бон. Арсы лæппынау мыл йæхи ныццавта Мæцы- хъо. Ницы пын бамбæрстон, йæ быпы куыд фæдæи æмæ мыл тымбылкъухæй куыд ралæууыд, уымæн. Йæ хурхмæ ма йын бæргæ фæлæбурдтон, фæлæ мын мæ къух æицонæй иуварсыр- дæм акъуырдта. Маргъы саст базырау мæ цонг ауыгъдæй аз- зади. Фырмæстæй мæ цæстытæ доны разылдысты. йæ хурхы- уадындзтыл ын дæндагæй дæр ныххæцыдаин, мæ маст дзы райстаип, фæлæ мæ уый цæнды дуртыл фæлдæхтæй фæуагъта æмæ æхситтæй заргæ сæхирдæм азгъордта... Уæлхæдзарæй йæм каст йæ фыд Муссæ. Æз афтæ æнхъæлд- тон, Муссæ йæм хæцдзæп, рынчын лæппуйы цæмæн бафхæрд- тай, зæгъгæ. Фæлæ уый, йæ къухтæ йæ сины сæртыл, афтæмæй рацыд йæ фырты размæ, йæ мидбылты йæм бахудт, йе ’уæхск ын æрхоста æмæ хъæрæй загъта: — Дзурып та дæм куыд бауæпдыд? Цæндыл æй дзæбæх 207
цæуылнæ фæхостай? Арсимæ кæрдо цæгъдын цæмæн уæнды уыцы гомзæвæтджыны къæбыла?.. Мæцыхъойы маст дæр мæм уыйбæрц нæ бахъардта, Мус- сæйы ныхæстæ мын мæ зæрдæ цас фæриссын кодтой. Фырмæс- тæй мæ бон сдзурын ницыуал баци, афтæмæй рацыдтæн нæхи- мæ. Скъæты нарæг кæвдæсы бахаудтæн æмæ уым кæуынæй мæ тыппыртæ суагътон. Бæппуйæн дæр æй не ’схъæр кодтон. Æр- мæст мæ зæрдæйы баззади цавæрдæр хъæдгом, нырмæ дæр дзæбæх чи нæ кæны, Муссæйы цал хатты уынын, уал хатты тынгæй-тынгдæр чи риссы, ахæм хъæдгом. Муссæйы ныхæстæ Бæппуйæн куы загътаин, уæд дзы, æвæццæгæн, стыр бæллæхтæ æрцыдаид. Æнæуи дæр æм Бæп- пу тыххæйты лæууыд, фæлæ дзы Муссæ цæмæйдæр стъæлфы. Цæмæй — нæ зонын. Бæппумæ йе ’мбæлттæ Садонæй ссыдысты, семæ йæ акод- той. Æз та, Муссæимæ дзырд цы æмгъуыдыл уыдыстæм, уыцы æмгъуыдмæ йæ бæсты баззадтæн. Æмæ мемæ дзурын йæ сæр- мæ дæр пæ хæссы Муссæ. Уæвгæ цæмæн хæсса? Чи йын дæн æз, йæ ис-йæ бонæн ныккæнæн кæмæн нæй, Садонæй Салыгæр- дæнмæ хицауадимæ иу хæдон дæр уæрæх кæмæн у, уыцы Мус- сæйæн? Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр, нырма йæ сау милтыл сæрдасæндзæф дæр кæмæн нæма уыд, уыцы Фидар... Бæппуйы зæрдæхудты чи цæуы, уыййедтæмæ иунæг къахдзæф дæр нæ акæнин йæ фосы фæдыл... Боныцъæхтæй йын æхсæвæрафонмæ хæрæджы хафт кæн, æмæ дын иу дзæбæх ныхас макуы зæгъæд. Æдзух уыцы тарæрфыгæй лæууы. Æвæццæгæн, йæ цæстытæ боны рухсæй тæрсынц æмæ сæ цъындæй уымæн дары. йе ’схуыст пыхасæн та æппын уаг нæ зоны. йæ сау бухархуд йæ сæры тенкайыл ныссадзы, цыма йæ кæвдæсы райгуырдтæн, уый хуызæн мыл хъæртæ сисы. Кæм ын фос æгæр раджы æрыс- къæрын, кæм та райсомæй æгæр æрæгмæ сыстын... Цæуылнæ мыл хъæртæ кæна, Мæцыхъо йын куынæ дæн, мыййаг! Уæд та уыцы æнæхайыры æмгъуыд тагъддæр куы æрцæуид. Иу минут дæр æм нал фæлæууин. Бæппу бæх балхæнид. Æмæ уæд, йæхи загъдау, мæгуыр иал уаиккам. Фæлæ кæд уыдзæн уый? Мæ фыдæнæн, Муссæйæн та йæ пайдайæн бонтæ мæйдар æх- сæвау куы ныддаргъ сты... «Искæй хисты цæстæнкъард æмæ зæрдæхъæлдзæгæй фæба- ды...» Цымæ дзы цæмæн афтæ дзурынц Муссæйæ?.. Фос Бæрзджыны лæгæтмæ хæстæг нæууыл ривæд кæнынц. Сырдон æмæ Мила, цыма мын мæ уæззау хъуыдытæ бамбæрс- 208
той, уый хуызæн кæрæдзи фæдыл мæ цурмæ ссыдысты. Фæйнæ кæрдзыны къæбæры сын радтон. Мæ ф.арсмæ æрбадтысты. Сырдон мæм комкоммæ кæсы, цыма мын афтæ дзуры: мах Муссæпы фосæй не ’стæм, æххæст ма нæ дыууæ далысы куы фæхицæн уаиккой, уæд нæхæдæг хизиккам. Æз сæ зад уыгæр- дæптæм скæнип... Мила нæ бирæгъæй хъахъхъæнид. Стæй фы- дуаг митæ дæр ныууадзин... Уæд мæ Сырдон дæр нал хонис... 3 Бæзджын сау мигътæ Хъивоны æфцæгыл уæлæмæ слæгæр- дыпц. Цыма абондæргъы æхгæддуарæй фæлæууыдысты æмæ кæй раирвæзтысты, ууыл цин кæнынц, уый хуызæн хæлбурцъы- тæй, футтытæгæнгæ, бырсынц арвыл. Сæ уазал комытæфæй ризынц бæлæстæ, гæлæбутау уæлдæфы тæхынц сыфтæртæ. Æрдæбон дæр ма арв ирдæй лæууыд. Æрæгвæззæджы хур хæхты цъуппытæп касти уырдыгмæ. Ныр бæстæ баталынг. Мигътæ æрхауын æввонг уæлдæфы æрцауындзæг сты. Фос сæ ривæд ныууагътой. Скатай сты. Цыма æппындæр кæрдæджы хъæстæ пикуы фесты, уыйау хизынмæ фæлæбурдтой. — Лæгæтмæ! — мæ нымæт æмæ мæ хызын мæ дæларм. афтæмæп мæ быпатæй фæгæпп ластон. Æхситт кæиын, лæдзæ- гæй æвзидын фосмæ. Хъуыды дæр мæ пæ кæпыпц. Чысыл ауа- йынц æмæ та сæ хæмхуттæ кæрдæджы фæтъыссыиц. Æппын- фæстаг Сырдонимæ цалдæр фысы фæкъорд кодтоп. Сæ фæдыл аивылдысты иннæтæ дæр. Фæлæ уæдмæ арв ныццæлхъхъытæ ласта. Хъивоны æфцæг пыррухс æмæ мигъты быпæй æвзпст фæттау цыдæр ферттывта, цыма ныртæккæ хæхтæ ракæлдзы- сты, бæстæ инпæрдæм рафæлдæхдзæп, исдугмæ мæм афтæ фæ- каст. Æмæ, æцæг, уыцы сахат къæвда иыссæх-сæх кодтп, арв æмæ зæхх баиу сты. Уарыиы ставд æртæхтæ, цæкуынау, къæй- дуртыл скафыдысты, фæйнæрдæм гæппытæ систой. Цалынмæ лæгæтмæ згъордтои, уæдмæ мæ дон мæ зæвæттæй амызт. Фос се ’ппæт лæгæты нæ бацыдысты. Уарыпмæ дзы чи баззад, уы- дон сæхи дураууæтты, къæдзæхрæбынты нылхъывтой. Къæв- дайы дон чъизипæ калди сæ гуыбынтæй. Дымгæ нæ лæгæты дæр нæ ныууагъта. Уым дæр смидæг. К/ьултыл йæхи хойгæ сцырып. Стæй фæсалы муртæ рамбырд кодта, зæропд артдзæ- сты сæ фæнык æмæ къæцæлы муртимæ азмæста, йæ мидбынат цъилау пыззылд æмæ сæ лæгæты сæгæйдзаг царыл йæ тых-йæ бонæй ныццавта. Лæгæты царæн йæ боп куы ницы баци, уæд П Дæ зæрдæмæ хьуысюп 209
ныхситт кодта æмæ сæрзилæджджынау силлæг къуымты. Лæ- гæтмæ бацæуæны уæлиауæй цы цыхцырджытæ тæдзы, уыдо- нæн цыма дымгæ бынæй дуртыл ныппырхæй тæрсы, уыйау сæ уæлдæфы тæссармæ скъæфы. Бæргæ, искуыдæм сæ дард куы фæхæссид. Науæд афтæ гыбар-гыбур кæнынц, афтæ хæлæфæн схъиуынц, æмæ лæгæты тигътæ семæ куы рахæссой, уымæй тæссаг у. Мæ бызгъуыртæ нымæты æппындæр ницыуал тавс и. Цыма иууылдæр сыхырна фестад, уый хуызæн мын мæ буар хойы уазал дымгæ. Мæхи къуымы бæргæ нылхъывтон, дымгæйæ мæхи бæргæ хъахъхъæнын, фæлæ мæ уæддæр иу ран нæ уа- дзы, мæ хуылыдз буары иннæрдæм хизы. Мæ бакомкоммæ ко- мы цæгатварс суадæттæ фемæхстысты. Сæ фæндагыл цыдæ- риддæр ссардтой, уыдон сæ разæй рахастой. Лæгæты галиу- зарс, чысыл раздæр йæхинымæр цы гыццыл суадон хъуыр- хъуыр кодта, уымæн ныр йæ кой-йæ хъæр нал ис. Уым ныр лакъон дон дуртæ хæссы йæ разæй æмæ лæгæты фарс æна- хуыр гуыр-гуыр кæны. Комы улæфгæ згъоры дон. Абухы. Ком йæ уынæрæй байдзаг. «Цы фесты цымæ афонмæ сæ хостимæ Гыцци æмæ Нана? Уым зæйтæ арæх цæуы... Тæхин сæм? Æмæ уæд фос та?» — хъуыды кæнын æмæ мигъты бынты кæсын цæгаты уыгæрдæн- тырдæм. Уыгæрдæнтæ æнæуи дæр ардæм нæ зынынц, рагъы фæстæ сты. Уарын гæзæмæ фенцад. Фæлæ æваст уæлдæфы гæлæбутау ферттывтой иугай гæбынатæ. Стæй мит ныккалдта. Къæдзæх- ты цъуппытæ урс адардтой. Урс-урсид нымæты гæбæзтæ фæ- зынд ранæй-рæтты. «Цалынмæ мит фæндæгтæ нæма сæхгæдта, уæдмæ фос хъæумæ скъæрын хъæуы. Нæ, раджы у нырма. Зæхх нæма фæ- хъæбæр. Фосæй исчи дур фезмæлын кæнæд, æндæр зæй ных- хæррæтт ласдзæн. Нæ, банхъæлмæ кæсын хъæуы. Фæлтау сæ æвæд миты дæр аскъæрдзынæн. Сырдонимæ дыууæйæ сæ ра- зæй ацæудзыстæм. Мила дæр нæм фæкæсдзæн... Уæдмæ нæм кæд хъæуæй дæр исчи зынид. Уæвгæ, чи? Гыцци æмæ Нана — уыгæрдæнты. Сæхæдæг ма дзæбæх куы баззаиккой. Муссæ — Садоны. Стæй сæхимæ куы уаид, уæддæр ахæм рæстæг йæ къах дæр нæ равæрид. Цæмæн рацæуа, æххуырст уый тыххæй дары æмæ астæумæ миты къæдзæхтыл рахау-бахау кæна? Уæдæ йæ ус Фатъи дæр нæ рацæудзæн. Æниу сæ фосæй змæлæг дæр куынæуал баззаид, уæддæр йæ къах равæрид ацы тымыгъы...» 210
Мит уары æмæ уары. Мæ нымæт мыл иуырдæм дæр нал æххæссы. Мæ къæхтæ дзы тухон, мæ уæлæ йæ æмбæрзон — кæд хуылыдз у, уæддæр ивазын нæ комы. Уазал та — фыдуа- гæй-фыдуагдæр. Мæ гæртт-гæртт цæуы. Мила дæр ихæнæй ризы. Мæ фæсмын дзабыртæ ныддæвдæг сты, мæ къæхтæ мын сабыргай тынгæй-тынгдæр куыд æлвасынц, уый æмбарын. — Исты сæрфат æрхъуыды хъæуы, цалынмæ нæма ныс- салдтæн, уæдмæ.—Æмæ мæ бынатæй фæсæррæтт ластон. Зынг нæй. Ме ’спичкæтæ пырхытæй лæууынц зæххы. Мæ дæларм дæр ма сæ фæдардтон, мæ комытæфæй дæр ма сæ хус код- тон — иу дæр дзы не ’ссыгъд. — Нæхимæ, тагъддæр нæхимæ! — æмæ фосы базмæлын кодтон. Тымыгъы сæ иу дæр йæ ныфс нæ хæссы. Сæ цыппæртæ ныссагътой æмæ дзы лæгæтæй иу дæр йæ къах æддæмæ не ’вæры. Сырдоны сыкъатыл фæхæцыдтæн. Лæгæтæй йæ æддæ- мæ ракодтон æмæ фыстæм фæсидтæн. Цалдæр фысы дзы нæ фæстæ фæраст, стæй иннæтæ дæр сыстадысты æмæ нæ фæд-нæ фæд рараст сты. Мила фæсте баззад. Лæдзæджы æнцæйтты, къудзитыл хæцгæ, миты лæгæрдыи размæ. Фос дæр мæ фæдыл ныххал сты. Сæ кæрон сын уынгæ дæр нæ кæнын. Кæд се ’мбис лæгæты баззад, кæнæ æндæры- рдæм афардæг, уæддæр сын ницы зонын. Мæ салд дзабыртæ митыл цъыгъгъуыттытæ кæнынц. Тымыгъ цæстытæ къахы. Цæй фæндаг æмæ цæй æндæр — мæ ных бынмæ, коммæ сарæзтон. — Фид-д-дар-р! — уады ниуынимæ мæ хъустыл уайы сыл- гоймаджы хъæлæс. Уый Гыццийы хъæлæс у! Фырцинæй мæ зæрдæ мæ риуы скафыд, мæ уазал къухтæ мæ судзгæ рустыл авæрдтон æмæ ныхъхъæр ластон: — Гъе-гъе-ей!.. Гыцци-и-и!.. Мæнæ дæн!..— Стæй мæ нымæ- ты фæдджи мæ быны акодтон æмæ, миты хъæпæн мæ разæй хæсгæ, мæхи уырдыгмæ ауагътон. Йæ хуылыдз сæрыхъуынтæ пыхцылтæ, йæ фæсонтæй йæ фæздæг калд, афтæмæй мæ размæ февзæрд Гыцци. Йæ къухы сдзурын дæр ницыуал бафтыд, йæ улæфт йæ хъуыры фæбадт, йæ цæнгтæ фæйнæрдæм фæхаста æмæ мæ йæ хъæбысы фел- вæста — Дзæбæх дæ?.. Ницы дын уыд?.. йæ зæрдæ æддæмæ рацæйтыдта, афтæмæй дзырдта Гыцци: — Разиат, цы фæдæ? Кæсыс, дзæбæх у лæппу... Фервæзти лæппу... — Сона, рæвдздæр!.. Мауал фæстиат кæнут! Тымыгъ тынг- 211
дæр абухы,—чысыл дæлдæр, бæрзы къалиуыл хæцгæйæ, лæгъ- стæ кæны нæ сыхæгты ус Разиат. — Цæуæм, Разиат,— дзуапп радта Гыцци æмæ мын йæ хуылыдз кæлмæрзæны къабаз мæ фæсонтыл æрбаппæрста... 4 Нана æхсæв-бонмæ Гыццийæн дуртæ фæтæвд кодта, йæ къæхтыл ын сæ февæрдта, фæлæ уæддæр райсомæй йæ бон сыстып пал баци. Æз æмæ Напайæн ницы уыд. Раст зæгъын хъæуы, æхсæвы уый дæр тыпг хъæрзыдта, фæлæ Нанамæ иу мпниуæг ис: бипонтæй исчи куы фæрынчын вæййы, уæд йæхи низ æрбайсæфы. Ноджы ма пæм иу амоид каст, æмæ Муссæты фос æнæхъæнæй æрирвæзтысты. Дыккаг бон сæ хизыпмæ нал ауагъта. Даргъ скъæтты сын æнæвгъауæй хос ныккалдта æмæ мерс кодтой. Холлаг æм нæ уыд, цы! йе ’хгæд мусты мæкъуыл- тæн банымайæн дæр куынæ уыд. Райсомæй мæ Гыццп æмæ Нана Муссæтæм арвыстой, цу æмæ базон, кæд фос скъæрын хъæуы, зæгъгæ. Муссæйæн æрмæст йæ койæ дæр мæ зæрдæ бауазал. — Бæппу сын зымæгмæ дзырд уыд. Мит астæумæ куы æруарыд, уæд ма мæ Гыцци æмæ Нана цæмæн æрвитынц? — хъуыды кодтон мæхинымæр. Фæстæмæ пицы сфæрæзтон. Ацыдтæн Муссæтæм. Муссæйы баййæфтон сугдоны. йе ’сгæлладцъарджын кæр- цы астæуыл æрттывтой йе ’взист роны æргъæвджытæ. Цыма йæ къуызыртæ бæрз лæдзæг сæттынмæ хъавыд, уып хуызæн æй фæстæты æрбайста æмæ пыл йæ цæигтæ æртасыдысты. Мæн кæртмæ бацæугæ куы федта, уæд мæм пæ хъуынджын уæлдзармхуды бынты ракаст æмæ тызмæгæй загъта: — Лæппу, мит æруарыд, зæгъгæ, уæд æмбисбонмæ хуыс- сынмæ хъавыс? Фос абон ам уыдзысты. Дæ разы хъулон гал- тæ акæн æмæ — æфцæджы сæрмæ, хос ласыпмæ! Хъусыс, гал- тæм дзæбæх кæс, мит сæлæф у нырма. — Æмæ дып хос ласыныл дзырд куыпæ уыдыстæм,— мæ- хи нал баурæдтон æз. — А-а,— йæ ныхас даргъ аивæзта Муссæ, æмæ лæдзæг йæ синтæй æриста.— Хос ласыныл, зæгъыс? Æмæ цы кæны!.. Цу, цу... Дæлæ дæ нæл сæгъимæ хъаз. Стæй-иу æй изæры æрдуц æмæ сæпдæг æфсæстæй къопапы фарсмæ уæлгоммæ схуысс. Уæ бипонты дæр-иу дзы бафсад.—Цыма гыццыл гаги уыд, уый 212
хуызæн йæ былтæ ныззылынтæ кодта, афтæмæй дзырдта Мус- сæ. Стæй æваст йæхи фесхъæл кодта, йæ хъуынджын æрфгуы- тæ æддæг-мидæг ауадысты æмæ мыл фæхъæр ласта: — Ныртæккæ дæ мæ цæст дæр куыннæуал фена, афтæ! Рæвдз! Къулыбадæджы сæныкк!.. Ничи йæм кæсы, нырма зæххæй уылынджыйас йедтæмæ зынгæ дæр нæма кæны, аф- тæмæй фæстæмæ куыд лæбуры... Куыдзы хъыбылтæ!.. Се ’взæр гуыбынтæ сып æфсад, уæддæр сын бæсты нæ цæуы... Мæ хурхыуадындзтæ фырмæстæй атыппыр сты. Скæуынмæ мæ бирæ нал бахъуыд. Мæхи тыххæйты баурæдтон. Айдагъ знон цы зынтæ федтон, Гыцци дæр ма йæ фосы тыххæй кæй фæрынчын, уый æрдумæ дæр пе ’рдардта. Ноджы ма куыдзы хъыбылтæ дæр мах стæм. Йæ кæртæй мæ куыдзы тард дæр уымæн каены... Мæ буар ныддыз-дыз кодта. Сдзурын ницы бафæрæзтон. Æрмæст мæ къæхты бынæй дур фелвæстон, нывзылдтон ыл æй æмæ быруйы сæрты уыциу сæррæтт аластон. Уæладзыгæй ма авджы дзыгъал-мыгъул мæ хъустыл æрцыд... Æнкъардæй, мæстыйæ æрцыдтæн нæхимæ. Муссæ мæ иу- нæгæй æфцæджы сæрмæ хос ласыпмæ кæй æрвыста æмæ йын кæй нæ бакуымдтон, уый Гыцци æмæ Нанайæн радзырдтон. Æрмæст сын, Муссæйыл дур кæй фехстон æмæ цыдæр кæй асастон, уый не ’схъæр кодтон. Нана æмæ Гыцци кæрæдзимæ бакастысты, стæй уæд Нана сцырын: — йæ мард ып æрласæнт æфцæджы сæрæй... йæ хæрнæ- джы æргæвдинæгтæн бахъæуæнт йæ хостæ. Иæ кæрт, йæ мус- тæ хосæй се ’дзаг, уæддæр ын бафсис ницæмæй ис. Ахæм бои сæ куынæ æрласа, уæд йæ фос цагъды кæндзысты. Иу дæр дзы мауал баззайа... Кæй нæ ацыдтæ, уымæй хорз бакодтай, лæп- пу. Нал цæуæм, Муссæйæн æххуырсты нал цæуæм!.. Уыцы би- рæгъæн лæгъстæйы бæсты уадз æмæ сыдæй дæр амæлæм! Уæддæр дæ æххуырсты нал ауадздзынæн. Хуыцауæй — разы, ныр та лæппу кусынхъом фæци. Истæмæйты цæрдзыстæм. Æрмæст ма мын чындз дæр куы фæдзæбæх уаид... Гыцци лæмбынæг хъуыста Нанайы ныхæстæм. Мæнырдæм каст æмæ йæ сæр цалдæр хатты разыйы тылд бакодта. Куыд æй бамбæрстон, афтæмæй йын Нанайы ныхæстæ æхсызгон уыдысты. Стæй, æвæццæгæн, йæхинымæр дис кодта: «Кæцæй æвзæры уыйбæрц ныфс, уыйбæрц хъару зæронд усы тæнтъи- хæг уæнгты? Куыд фидар сты! Уыцы бирæ фыдæбæттæн ныр- мæ куыд бафæрæзтой!..» Æмæ иунæг Гыцци нæ хъуыды кодта 213
ууыл. Бæппу дæр, æз дæр, чи зоны, Нана йæхæдæг дæр. Æр- мæст алчидæр хицæнæй, иунæгæй. Муссæ йе ’фхæрд афтæмæй кæй нæ ныууадздзæн, уый зыд- тон, æмæ уæлхæдзары миттæ мæрзыны æфсон кæртмæ рацыд- тæн. Мит æххæст калд нæма фæдæн, афтæ кæрты сиргæ æрба- лæууыд Фатъи. йæ бæзджын кæлмæрзæны бынæй йæ цыргъ фындзы къоппа æмæ йæ гыццыл цъæх цæстыты йедтæмæ ницы зынд. Мит ыл куы ракалон, уымæй тæрсгæйæ, йæхи быруйы рæбынмæ баласта æмæ цыма йæ фырттыфырттæм хъæр кодта, уый хуызæн йæ тымбыл къухæй дуар ныххоста: — Сона!.. Габанон!.. Исчи ма уæ æддæмæ ракæсæд!.. Хъæрмæ Нана рацыд. — Фатъи куы дæ! Уазалы цæмæн лæууыс, мидæмæ рахиз... — Дæ хорзæхæй, Габанон, бирæгъы лæппын хъомыл кæ- нут, æви ай цы хабар у? — йæ кæлмæрзæны къабазы бынæй авджы саст фелвæста Фатъи.— Уæ мæгуыры тæригъæдмæ уын кæй кæсæм, ууй нын æгъгъæд нæу, фæлæ ма нын нæ рудзгуы- тæ дæр пырх кæнут? — Фæлæуу-ма, Фатъи, кæд нæм лæбурынмæ æрбацыдтæ, уæд нын æй зæгъ, æндæр æнæсæр карчы гæппытæ цы кæныс?— Фатъийы мастыл ма цæхх акодта Нана. — Æнæсæр карчы гæппытæ?.. Ноджы ма аххосджын дæр мах стæм? Нæ, Габанон, æз дæ фæрсгæ кæнын: ай циу? Лæп- пуйæн «ма кæн» цæуылнæ зæгъут? Нæ лæг йемæ лæгъздзы- хæй, дзæбæхæй дзуры, уый та йыл дурадзагъдæй ралæууыд. Хуыцау хорз æмæ йæхи фæсайдта, æндæр ын йæ нæст нæ къах- та! К/ьулыбадæджы сæныкк!.. Нæ рудзгуыты æвгты хуыздæр нын æрбасаста,— гæркъæраг фестад Фатъи æмæ авджы саст, цыма дзы Нанайы рæхойынмæ хъавыд, уый хуызæн уæлдæфы радав-бадав кодта. Нана исдугмæ ницы сдзырдта. Æвæццæгæн ын мæ дуры æхст æмæ авджы састы тыххæй кæй ницы загътон, ууыл мæм мæсты кодта. Фæлæ Фатъи æгæр куы сцырын, йæ авджы сас- тыл йæ уд куы сцæйхауд, уæд йæ тыппыртæ суагъта: — Авг кæй асаста, уымæй хорз нæ бакодта лæппу. Уый тыххæй йын æз... Иуварс, мæ цæст мын дзы къахыс. Мæ фын- дзы бынмæ мын æй цы силлæг кодтай?.. Ихæнæй мæлын уæ нæ бауадздзыстæм. Æрмæст, Фатъи, дысон-изæр мæ бинонтæ уæ фосы фæдыл тымыгъы куы сæфтысты, уæд дæуæй дæр, Мус- сæйæ дæр йæ фындз æддæмæ ничи радардта. Стæй ахæм бон л’æппуйы иунæгæй хос ласынмæ куыд æрвитут? Æххуырсты 214
уæм ис, зæгъгæ, уæд ын мад, фыд, бинонтæ нæй? Ды дæ авджы састы тыххæй дæ бæттæнтæ куы тоныс, дæ уд ыл куы схауы. уæд уый адæймаг куы у, мад ын куы ис... — Æмæ нæ дыууæ галыл кæм лæууыдыстæм, уым...— йæ цæсгом бынтондæр суагъта Фатъи. Нанайæн цыма уыцы ныхæсты фæстæ йæ зæрдæ искуыдæм атахт — йæ цæсгомы хуызы цъыртт нал аззад. йæ цыргъ уæхс- чытæ сæ мидбынат скафыдысты æмæ, цыма Фатъийы бохъ- хъырыл йæхи ныццæвынмæ хъавыд, уый хуызæн размæ цал- дæр къахдзæфы ракодта. Комкоммæ ныккаст Фатъийы цæсты- тæм. Уый йæ сæр кæлмæрзæны бын атъыста, цæхгæр фæзылд æмæ, цыма йæ фæсонтæн æрцæвынæй тарст, уыйау гуыбыр-гуы- быр алæгæрста миты. Уынджы тигъæй ма иу каст фæкодта, йæ авджы састæй ма махырдæм додой кæнгæйæ цыдæр загъта, фæлæ йæ æз нал фехъуыстон. Æвæццæгæн æй Нана дæр нæ фехъуыста, æндæр æнæ исты дзургæйæ йæ фæдыл афтæ æдзы- нæг нæ кастаид... «Хорз нæ рауад... Ныр нæ Муссæ аф.тæмæйты нал ныу- уадздзæн. Æппын куы ницы уа, уæддæр мын мæ мызд йæ ав- джы састмæ бауромдзæн. Æмæ уый æнхъæл чи уыд,— æз ын йæхимæ хъавыдтæн, дур та авгыл сæмбæлд»,—хъуыды кодтон æмæ, раст зæгъын хъæуы, Муссæйæ уыйбæрц нæ тарстæн, би- нонтæй цас æфсæрмы кодтон. Цы зæгъдзæн Бæппу? Гыцци æмæ мæм Нана цы цæстæй ракæсдзысты?.. Æхсæвы Гыцци тарфдæр уыд. йæхимæ мæм басидт æмæ йæ Нана куыннæ фехъуыстаид, афтæ ныллæг хъæлæсæй загъта: — Лæппу, дæ фыдмæ куы ныууаис. Кæд исты кæпы, мий- йаг... Ныр æнæхъæн къуыри... Хуымæтæджы æнæцæугæ нæу...— Æмæ цыма мидæгæй йæ риуы исты фескъуыд, уый хуызæн хуыфæгæй басур. Нана йæ фыртæссæй æхсыры къус дæр нал ардта. Къусы æфсон доны къæртамæ фæлæбурдта æмæ Гыццийы уæлхъус алæууыд: — Чындз... Æхсыр ануаз... Кæд дын иугыццыл фенцондæр уаид... Чысыл фæстæдæр, Гыцци йæ хуыфынæй куы банцад, уæд Нана сынтæджырдæм аивæй бакаст æмæ загъта: — Фидар, схуысс, æз дын дæ хæлаф æмæ дæ хæдон ампъу- зон. Дæ дзабыртæ дæр куы ныппырх сты... «Райсом мæ фиййау цæуын нал хъæуы, Муссæйы къуызыр- тæ лæдзæгæй мын тас нал у»... 215
Ноджы тынгдæр цин кодтон, Бæппумæ цæуын мæ кæй хъуыд, ууыл. Мæ дзаумæттæ фелвæстон æмæ кæрцы бын абы- рыдтæн. Цырагъы рухс ма мæм йæ цæст цалдæр хатты фæны- къуылдта, Наиайы дзабырты сыр-сыр ма мæ хъустыл æрцыд æмæ афыпæй дæи... 5 Калм, дам, битъынайæ тарст æмæ йæ хуынкъыл æрзад, уыйау мæнæн дæр *лæ фыдбылыз мæ разæй фæци. Сихæрттæ уыдаид, афтæ ныххæццле дæн Садопмæ. Къанторы уынгæй, Бæппуитæ кæм цардысты. уырдæм куыддæр фæзылдтæн, афтæ æнæнхъæлæджы гигъæй æрбазынд Муссæ йæ игæрхуыз саргъы бæхыл. Мæцыхъо йæ фарсмæ фæллад къæлæуау джыртт- джыртгæнгæ уад. «Гъеныр мæ раны фæдæн, гъ’е!» — загътон ма мæхинымæр æмæ мæ фарсмæ кæйдæр гом кулдуары рæбын фæтъæпæн дæн. Мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззад. Бæхы къæхты хъæр цас хæстæгдæр кодта, уыйбæрц мæм афтæ каст, цыма мын ныр- тæккæ йæ цæфхæдтæй мæ дыууæ уæны астæу ныллæудзæн, кæнæ та Муссæйы ехс мæ бæрзæйыл æртыхсдзæн. Фыд йæ фыртимæ тызмæг ныхас кодта. Куыд æй бамбæрстон, афтæмæи йæм цæуылдæр хæцыд. — Скъола нæ, фæлæ дæ æз уæлæ фосы фæдыл бафтаудзы- нæн... Дæ фыд дæр чингуыты нæ ахуыр кодта,— дзырдта Мус- сæ æмæ-иу бæхы дзылар йæ тыппыр хытъынмæ æрбатъæпп ласта. Муссæ мæ уынгæ фæкодта, фæлæ мæ, æвæццæгæн, нæ ба- зыдта. Уыцы афон æз Садоны æрбалæудзынæн, уый æнхъæл нæ уыд. — Æвæццæгæн мæ Бæппуйыл сардыдта. Цæугæ дæр уый тыххæй æрбакодтаид, æндæр ам цы архайы? — сисаууонæй сæ фæдыл кæсгæйæ, зæгътон æз. Стæй уынджы тигъыл рахизыр- дæм куы фæзылдысты, уæд мæ хызын ме ’ккой акодтон æмæ уынгмæ рахызтæн. Æрзæткъахджытæ сæ куыстæй здæхтысты. Дыгæйттæй, æр- тыгæйттæй, цыма сæ исчи нырма ныртæккæ цъымарадонæй фелвæста, уый хуызæн сæ дон сæ фæдджитæй мызт. Чъизийæ, фæлладæй, сæ сæртæ се ’уæхсчыты аныгъуылдысты, афтæмæй цыдысты къанторы уынгты. Æнæдаст, къæсхуыртæ лæг йæ рæмбыныкъæдзæй йе ’мбалы басхуыста æмæ, йæ алывæрсты аракæс-бакæсы фæстæ, фæсус хъæлæсæй загъта: 216
— Хъусыс, хъыпп-сыпп дæр нæ. Нæхионтæй нын кæйдæр- ты нæ фæдыл бафтыдтой. Чи сты, уый дын фæстæдæр зæгъ- дзынæн... — Хорз,— цыбыр дзуапп радта, йæ фарсмæ цы æрыгон, бæрзондгомау лæппулæг цыди, уый, æмæ сæ дыууæ дæр цæу- гæ-цæуын къанторы бæрзонд рудзгуытæм скастысты. Уынджы дæлæмæ цыдысты æмæ цыдысты дзаг уæрдæттæ. Сæ цæлхыты гыбар-гыбурæй, бæхтæрджыты хъæрæй хъустæ къуырма кодтой. Чысыл раздæр дыууæ лæджы цы рудзгуы- тæм кастысты, уыдонæй иу фегом. Саулагъз, лыстæгрихиджын лæг йæ тымбыл къухæй рудзынджы тарваз хоста, афтæмæй бынмæ хъæр кодта: — Гъей, гъей!.. Цал хатты уын дзурын хъæуы, ауылты ма цæут, зæгъгæ? Уæртæ уын доны былты замманай фæндаг... Уæ хъæр æмæ уе ’рдиагæй бæстæ уæ сæрыл куы систат. Ай къан- тор у, кусгæ дзы кæнынц. Уæуу, мæыæ хъæддаг сырдтæ!.. Кæд ма уын уæ хъусты гукк ныччындæуа... Лæгæн йæ сæр дон фес- тын кæндзысты... — Дæ сæрæн ма тæрс. Куы сдон уа, уæд-иу дзы дæ чъизи къухтæ ахс. Дæллаг фæндаг та дæ фыдæн уадз. Мах фæндаг- амонæг нæ хъæуы. Ацы дуртыл ды æрттиваг цырыхъхъыты цæуыс, фæлæ сæ мах нæ бæгъæввад къæхтæй слæгъз кодтам,— йæ ехсы хъæд тæнæгрихиджынмæ тилгæйæ, загъта цыбыр, фæ- лæ мызыхъхъарæзт, бурхил лæг. Стæй бæхы рагъбосыл фæ- хæцыд, йæ рахиз уæхск рæтæнагъдмæ фæцарæзта æмæ фæ- хæрдгæнæны бæхыл ахъæр кодта: — Но, но-но!.. Тæнæгрихиджын фырмæстæй йæ хъустæ ахгæдта æмæ йæ фæдыл рудзгуытæ нытътъæпп кодта. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ уæле, базары фæзилæны, уæрдæттæ ныллæууыдысты. — Дæлæты... Доны былты... Ауылты цæуæн нæй. Хицау нæ уадзы... Къанторы кусджыты хъыгдарут,— раззаг бæхы рохтæ фæйнæрдæм аиваз-аиваз кодтой дыууæ лæджы. — Бæхы рохтæ суадзут, науæд уын æз ныртæккæ ахæм къантор авæрдзынæн, æмæ далæ доны балæудзыстут. Хъусут, æз кæмæ дзурын? Иуварс! — йæ цæстытæ фырмæстæй тугæй айдзаг сты, афтæмæй загъта, йæ къæмисæнтыл иугай урсытæ кæмæн фæзынд, ахæм уæнгджын лæппулæг. Стæй бæхы рох- тыл чи хæцыд, уыдон йæ коммæ куынæ кастысты, уæд дзы цæргæсау иуыл йæхи ныццавта. йе ’тæрттæ йын ацахста æмæ 217
лæг зыгуымы голлагау иуварсырдæм атахт. Дыккагмæ къухæй æвналын нал бахъуыд,— бæхы рохтæ феуæгъд кодта æмæ быруйы рæбынмæ йæ синтæ йæ фæдыл аласта. — Лæппу, адæмы цæгъдын дæумæ кæсы? — бæхы хицауы уæлхъус февзæрд бæрзондгомау, зына-нæзына чи фæгуыбыр, ахæм лæг. йæ хуылыдз кæттаг хæлаф æмæ фæтæн куырæты афтæ зынд, цыма æнæхъæнæйдæр дурæй амад уыд. Лæппулæ- джы уæхск йæ уæззау къухæй æрцавта, йæ сæрæй фæнда- джырдæм ацамыдта æмæ сæ дыууæ дæр ныххудтысты. — Хуыцауæй курæгау дæ курын,— уæртæ уымæ фæкæс, фырмæстæй йæхи былæй ма арæцугъæд. Ацы заман туг фидын зыи у,— бæхы хицау йæ ехсы фындзæй ацамыдта, чысыл раз- дæр иуварс кæй фехста æмæ йæ синтыл хæцгæ чи сцæйстад, уымæ.— Райсом та ауылты цæудзынæн æмæ ма йæ кæд уымæй хъæуа, уæд — табуафси... Æрмæст ын дзæбæх бамбарын кæн, мæ бæхы рохмæ ма дæ, зæгъ, бавналгæ куы фенон, уæд дæ гуырæй райгæ у,— йæ мидбылты бахудт лæппулæг æмæ йæ бæхы рохтыл ахæцыд. — Мæ бар æй уадз. Мах кæрæдзи бамбардзыстæм,—дзуапп радта кæттагкуырæтджын æмæ йæ бур пыхцыл рихитæ, цыма сыл дымгæ æрбадымдта, уыйау базмæлыдысты. Уæрдæттæ араст сты. Æрмæст, лæппулæг кæй фехста, уый цъил фестад, иу ран нал лæууыд, йæ бæттæнтæ рæмыгъта, уæрдæтты фæдыл лæбурдта. — Æз ын лæг циу, уый фенын кæндзынæн!.. Æз æй æрцах- сын кæндзынæн... Æз... Æз ын сыбираг дон баназын кæндзы- нæн.— Уæрдæтты фæдыл йæ иу къух уæлдæфы тылдта, афтæ- мæн загъд-замана систа. Кæттагкуырæтджын сабырæй дзырдта: — Фæлæуу-ма, ривæд куыройау цы сцырын дæ, уый бæрæг дып нæй? Мæнæ ам, дæ цуры куы лæууыд, уæд æм лæбурын хъуыд. Ды та, чидæр йæ топпынæмыджы фæдыл куыд тахт, уыйау, ныр дæ цуры куынæуал ис, уæд æм лæбурын байдыд- тай. Цæуыл гæппытæ кæныс? Нæ фæлæ, цин кæн, доны кæй нæ балæууыдтæ, ууыл. Æнцад лæуу, науæд дæ сывæллæттæ си- дзæрæй аззайдзысты. Йæ фæд нæ, фæлæ йын йæ рыг дæр нал ссардзынæ. Хæхтæ бирæ сты. Рох дæ ма уæд: цæуæнтæ, æм- бæхсæнтæ уый æз æмæ дæуæй хуыздæр зоны... — Нæ, æз æй афтæмæй нæ ныууадздзынæн! Хуыцауыстæн, æз ахæмты бирæ...— зæххыл нал хæцыд лæг. — Цу, уæдæ, тæхгæ йæ фæдыл... Уæртæ де ’рдхорды дæр 218
демæ айс, кæннод иунæгæй æнæ фæрстæ аззайдзыиæ. Æмæ ма уæд хицауы æнæ фæрсчытæй цæмæн хъæуыс? — загъта кæттагкуырæтджын. Фæлæ уыцы сахат, сисрæбын чи лæууыд, уый фæцырд, цыма йæ хуыссæгæй фехъал, уый хуызæн йæхи размæ байста: — Ды дæр, æвæццæгæн, уыцы бирæгъты фарс дæ? Сæ сæ- рыл дæр уымæн рагæпп ластай. — Сæ фарс дæн, æмæ цы? Ацы фæндаг уæ фыдæлтæ нæ сарæзтой æмæ уæ йемæ ницы хъуыддаг ис. Сымах та, хицау загъта, зæгъгæ, адæмы сæ фæндагыл цæуын дæр нал уадзут. Уæ амонд уыд, æмæ дзæбæхæй баззадыстут. Мæсты лæг йæхи дæр нæ уарзы. Мæсты та тынг сты. Тынг!..— загъта кæттаг- куырæтджын, стæй йæ къухтæ йæ синтыл дзуарæвæрд акодта æмæ базарырдæм уæззау къахдзæфтæй араст. Цыма зæххæн йæ быны ныттонынæй тарст, уый хуызæн йæ къæхтæ арæхст- гай иста. Æз загъдгæнджытæм дæрддзæф лæууыдтæн. Кæттагкуы- рæтджын мæм кæйдæр хуызæн каст, фæлæ чи уыд, кæм æй федтон, уый бæлвырд нал хъуыды кодтон. Ноджы йын, уыцы лæгтимæ лæугæйæ, йæ цæсгом иу хатт йедтæмæ нæ федтон, чъылдымырдыгæй та зын базонæн уыди. Йæ фæдыл араст дæн. — Хорз лæг, бахатыр кæн, фæлæ... Хъайсыны нæ фед- тай? — базармæ фæзилæыы уынджы тигъыл йæ размæ алæу- уыдтæн æз. Уый мæм бынмæ æркаст, исдугмæ ницы сдзырдта, стæй уæд бæзджын хъæлæсæй загъта: — Фидар?.. Сау хохы фиййау? Гъы, куыд сты дæ нард 4>осы дзугтæ? — Уыцы лæгтимæ куы лæууыдтæ, уæддæр дæ федтон, фæ- лæ дæ нал базыдтон. Лæджы йæ къабазæй чи нывзылдта, уый Хæмыц нæ уыди? Уый хуызæн мæм фæкаст,— цыма йын йæ ныхас нæ бамбæрстон, уыйау загътон æз. — Хæмыц уыд... Нал мæ базыдтай, зæгъыс?.. Æвæццæгæн, загътай: «Ацы маймули та чи у?..» — Нæ, Петро, æз афтæ нæ загътон,— фефсæрмы дзы дæн .æз. — Уагæр ма нæ мидæгæй уæрмыты куы фенис, мæ гыццыл æрдхорд. Уым зындæр базонæн вæййæм... Уалæ рагъыл чи фæцæуы, уыдон уыныс? Чи сты, зæгъыс? Уæллаг Мызурæй,— доны фаллаг фарс хохы цæгат фарсмæ скæсгæйæ, йæ къæхты бынæй ныуулæфыд Петро. Æрмæст уыцы сахат мызурæгтæм 219
цæмæн бацамыдта, уый нæ бамбæрстон. Бафæрсын дæр æй нæ* бауæндыдтæн. Æз цыдтæн Петройы фарсмæ. Уый мæ цæмæйдæрты фарс- та, цыдæр мын дзырдта, фæлæ йын йæ ныхæстæ се ’ппæт не ’мбæрстон. Мæнæн мæ цæстытыл уади Хæмыц: уыцы лæджы къабазыл куыд фæхæцыд, рогæн æй донмæ куыд ныззыввытт ласта... Æвæццæгæн æй фæйнæгфарс дæр уымæн хонынц. Хъæуы лæппутимæ-иу ныхасы дæр арæх ууыл быцæу кодтам. Хæмыцæн йæ фæрстæ æцæг цавæрдæр хъæбæр фæйнæджытæй кæй сты æмæ йæ адæм уымæн афтæ кæй хонынц, ууыл нæ ды- зæрдыг ничи кодта. Æмæ-иу ныхасмæ куы ’рбацыд, уæд-иу мах диссагмæ кæсæгау кастыстæм Хæмыцмæ. Бамбæрста-иу нæ. Ногзад уæрыччытау-иу нæ йæ хъæбысы æрбакодта. Мах дæр-иу ыл алырдыгæй, цыма ныхасы гæды бæласмæ хылдыс- тæм, уый хуызæн æрзæбултæ стæм. Нæ худт, нæ хъыллистæй- иу ныхасы фæлæууæн нал уыд. Разиаты иунæг лæппу Хæмыц сывæллæтты бирæ уарзы. Æвæццæгæн, йæхæдæг сидзæрæй кæй схъомыл, уымæн афтæ у, Æмæ хъæумæ искуыцæй йæ балцы фæстæ куы ’рцæуы, уæд йæ размæ ракæлæм. Уæлдайдæр æз, цыма мæ иинæтæй фыл- дæр уарзы, афтæ мæм кæсы. Уый мын лæппутæ сæхæдæг дæр фæзæгъынц. Стæй Разиат æмæ Гыцци иу хъæуккаг чызджытæ кæй сты, кæрæдзиимæ уæлдай лымæн æмæ хæларæй кæй цæ- рынц, уый дæр зонынц. Хæмыц Бæппуйæ бирæ кæстæр у, фæлæ уæддæр дыууæ фаззонæй уæлдай не ’сты. Мæныл дæр, æвæц- цæгæн, æнувыд уымæн у. Муссæмæ фиййауæй куы бацыдтæн, уæдæй пырмæ та мæ Сау хохы фиййау хоны. Петро дæр мæм уый номæй дзуры. Хæмыц дæсны у зарынмæ, бирæ зарджытæ зоны. Фæлæ дзы иу уæлдай арæхдæр фæзары. Ныр дæр мæ хъустыл уайынц йæ фæлмæн хъæлæс, йæ зарæджы æнкъард ныхæстæ: Ой, Сау хохы фиййау мын, Сау хохы фиййау мын Урс хохмæ дзырдта: — Уазджытæ дæм фæцæуы, Уазджытæ дæм фæцæуы — дыууæ дыууадæс!.. Ой, дæ фосы астæу мын, Дæ фосы астæу мын — бурæ нæл фыс. Гъе уый сып аргæвд, Гъе уый сын аргæвд, Урс хохы фиййау.. 220
— Ой, йæ фыд сын марг у, Йæ фыд сын марг у, йæ бас ын хос у Ой, фиййау, йæ бас ын акал, Йæ бас ын акал, йæ фыд сыл байуар! «Сау хохы фиййауы» Бæппуимæ иумæ куы фæзарынц, уæд сыл адæм сæ цæстытæ æрæвæрынц. Æз дæр сæм æрæнкъард вæййын. Хæмыц мæ Сау хохы фиййау кæй хоны, уый мын æхсызгон у. йæхæдæг дæр бирæ фæхатт фиййауæй. Муссæмæ дæр фæци æххуырсты, фæлæ йын иу бон йæ фос уæзæгыл фæуагъта æмæ кæдæмдæр афардæг. Хъæуы куыд дзырдтой, афтæмæй Уæрæ- сейы уыд. Иу афæдзы размæ сыздæхт фæстæмæ, æрмæст Мус- сæмæ нал — Садонмæ. Уæдæй фæстæмæ Муссæ Хæмыцæй йæ удхæссæг федта. Уæвгæ, кæмæй нæ уыны йæ удхæссæг Мус- сæйы бирæгъ!.. Хæмыц æмæ Бæппуйæ базыдтон æз дæр уыцы зарæг. Æмæ зепкъард куы фæкæнын, уæд æй ныццæлхъ ласын: Ой, Сау хохы фиййау мын Урс хохмæ дзырдта: — Уазджытæ дæм фæцæуы — дыууæ дыууадæс!.. Мæйдар æхсæвтæ «...Сидзæртæй фæлыгътæ Ингæнмæ тæргай...» Къоста. 1 Æхсæв йæхи ныллæг æруагъта рæгътыл. Ком баталынг. Уæллаг Садоны тъæпæнсæр хæдзæртты рудзгуытæй ма рухс цыди. Нарæг комы уæрдæтты гыбар-гыбур нæ сабыр кодта. Бæппуитæ кæм цардысты, уыцы даргъ сарагонды рудзын- гæй æддæмæ кастæн Мæ дзыпмæ февнал-февнал кодтон. Изæ- ры мын Петро цы къафеттæ балхæдта, уыдонæн тарстæн. Мæ- хи сæм тыххæй урæдтон. Фæлæмыи рагацау уæрст уыдысты: Гыццийæн, Нанайæн, Разиатæн. Рынчынæн къафетт хорз хо- нынц, уадз æмæ тагъддæр адзæбæх уа Гыцци... Бæппуйы сарагонды цалдæр лæджы йедтæмæ нæ уыд, æмæ уыдон дæр сæ боны куысты фæстæ хуыссыдысты. Æикъард 221
дæн. Мæ цæстытыл уади Гыцци рынчынæй. Нана дæр сагъæс- ты аныгъулд, æвæццæгæн. Аргъæуттæ кæмæн ракæна, ахæм ын нæй. Фæлæ Гыцци... Кæд та ахсæв дæр дысоны хуызæн тæвд кæны, сæнттæ цæгъды. Нанайы бон дæр ын иунæгæй цы у? Р1æхимæ йын кæсын куы хъæуы. Нæ фæлæ уыцы цыбыр, ставд хицау Бæппуйы куыннæ ауагъта!.. Цыма йæ ноджыдæр мæстæй мардта, афтæ хъандзалтыл лæууæгау, хæрдмæ фæхау- фæхау кæнгæ, йæ лæдзæгæй хъазгæ афардæг. Бæппу ма иучы- сыл йæ фæдыл кæсгæйæ алæууыд, стæй йæ фырмæстæй зæхмæ ату кодта æмæ йæ бæзджын сау æрфгуытæ йæ фындзы сæрмæ æиахуь’р æлхынцъ аисты, бæрæг уыд, йæ хицаумæ тынг кæй смæсты, стæй мын дуканийы хæринæгтæ балхæдта, æмдзæрæн- мæ мæ бакодта æмæ мын бафæдзæхста: — Боныцъæхтыл ацæудзыстæм. Хуыссæг дæ куы ’рцахса, уæд-иу мæнæ ам схуыс. Дард макуыдæм ацу... Æз бирæ фæкастæн рудзынгæй. Уæрдæтты цæлхыты хъæр нæ сабыр кодта. Комы дон мæм кæд нæ зынд, уæддæр йæ уы- нæр иугæндзонæй хъуыст. Рагъыл хæдзæртты рухсытæ рады- гай хуыссыдысты, иыма æхсæвы мæйдармæ кæсынæй бафæл- ладысты, уый хуызæн. Мæн хуыссæг æрцахста. Мæ дзабыртæ раластон æмæ Бæп- пуйы лыстæныл мæхи кæрцæй æрæмбæрзтон. Мæ къафеттæ ма иу хатт асгæрстон æмæ афынæй дæн. Фыны Залгъæды рагъыл нæ сыхы лæппутимæ фестадтæн. Какон сындзы хус хихтæй стыр арт скодтам. Габеты Къæндзых мæм фæстæты æрбахъуы- зыд, размæ мæ фесхуыста æмæ бæгъæввадæй арты цырены скуыси дæн. Цæхæрæй рацæуыныл архайдтон, фæлæ мæ бон нал уыди, цыма мыл сахсæн сæвæрд, уый хуызæн. Æз стыхстæн, мæ хид мæ къæхты бынæй акалд... — Лæппу, исты дæ риссы, миййаг? — Мæ кæрцы дысыл мын ахæцыд Бæппуйы æмбæлттæй иу æнæдаст, къæсхуыртæ лæг.— О, куы схид дæ уый... Æвæццæгæн дæ уазал бацыд. Дæхи дзæбæх æрæмбæрз,— загъта уый æмæ мыл йæхи кæрц дæр æрæппæрста. Мæ зæнгтæ сыгъдысты. Мæ сæр рудзынджырдæм азылдтон. Цы афон уыд, уый нæ зыдтон. Нарæг фæрссагæй гæзæмæ рухс калд. Боны рухс уыди, æви рагъыл исты сыгъди, уый бæлвырд нæ рахатыдтон. Иуцасдæр рудзынгмæ кæсгæйæ баззадтæн. Хъуыды кодтон мæ фыныл. Ногæй та мæ цæстытыл ауад Гыц- цийы фæлурс цæсгом. Стæй æваст уынгæй æрбайхъуыст адæ- мы хъæлæба. Бæппуйы æмбæлттæй сарагонды ничиуал аззад. 222
Æз дæр ме ’рчитæ мæ уæлæ акодтон, мæ кæрцы къæрид ме- ’уæхсчытыл æрбаппæрстон æмæ уынгмæ разгъордтон. Изæ- рæй Бæппу хицауыл кæм фембæлд, уым цалдæр лæджы лæу- уыд. Чидæр бæзджын хъæлæсæй дзырдта: — Сымах уым дысон-бонмæ уæ зæрдæйы дзæбæхæн фын- гыл бадут, адæм та талынг ныккæндты сæфтмæ цæуынц!.. Лæг йæ тымбыл къухæй цы уæладзыгмæ амыдта, уырдыгæй цыд кæл-кæлæй худт æмæ зарын. Æваст мæ хъустыл ауад ав- джы сæртæг зыланг. — Дæхиуыл фæхæц! Дæ дурæй сæ куы нæ ныццæгъддзы- нæ, миййаг,— лæбурæджы къух ацахста цыбыргомау, бæзæр- хыгарæзт лæг. — Уадз æмæ дзы иуы цæст уæддæр схауа,— дзуапп радта додойгæнæг æмæ цыма уæладзыгмæ слæбурынмæ хъавыд, уый хуызæн йæхи размæ аивæзта. Адæм æрзæткъахæнырдæм ныххæррæтт ластой. Цыдæр фыдбылыз кæй æрцыд, уый бæлвырд уыд, фæлæ цы, уый равзарын мæ бон нæ уыд. Уæладзыджы рудзгуытæм ма иу хатт скастæн, стæй адæмы фæстæ фæраст дæн. Бон гæзæмæ куыд æрбацъæх, уый нæ бамбæрстон. Æрзæткъахæны талыпг хуыккоммæ æдзынæг кастысты адæм. Хъыпп-сыпп сæ никæмæй цыд. Иуы сæрыл дæр дзы худ нæ уыд. — О хуыцау, уæд та нæ иу бон фесаф æмæ нын нæ тæри- гъæдмæ мауал кæсай,—дзырдта, мæ фарсмæ йæ фæсмын куы- рæтæй зæхмæ дон кæмæн лæдæрсти, уыцы къæсхуыртæ, даргъ нæлгоймаг. Хуыккомæй хъуыст хъæлæба, сæ фатхъултæм до- ны куыд цъæпп-цъæпп кодтой, уый. — Бабын сты. Мæгуыр — сæ даринæгтæ, æххсрмагæй арв- мæ чи ниудзæн,— мæ сыхаджы ныхасыл бафтыдта, æвæццæ- гæн, нырма ныртæккæ чи æрбахæццæ, ахæм цыбыргомау нæл- гоймаг æмæ адæмы æхсæнты размæ балæгæрста. Мæнæн цавæрдæр тасдзинадæй ме ’уæнгтæ гæдыхъæдау рызтысты, мæ гæртт-гæртт цыд. Чи сты, зæгъгæ, бафæрсынмæ хъавыдтæн мæ фарсмæ лæуджыты, фæлæ мæ ныфс нæ бахас- тон, æрмæст хуыккоммæ хæстæгдæр бацыдтæн. Адæм иуварс алæууыдысты. Чидæр мын мæ цонгыл фæхæ- цыд æмæ мæ иуварс ракодта. — Лæппу, ды цу, дæу ам ницы хъуыддаг ис,— загъта уый æмæ, фыццаг кæм лæууыд, уырдæм атындзыдта. Кæцæйдæр фæзынд æрзæткъахæнты хицау дæр. — Алы бон сыи уый дзурын, уæхи хъахъхъæнут, зæгъгæ. 223
Нæй, мæ ныхæстæ мын æрдумæ дæр нæ дарынц,— йæхи раст кодта æмæ цыма тынг тыхсти, афтæмæй дзырдта хицау. Йæ куырæты фæдджитæй йæ дон кæмæн калд, уый йæм йæхи баласта, йæ нуарджын къух æрбатымбыл кодта, йæ дæн- дæгты къæс-къæс ссыд, афтæмæй загъта: — Дæхи иуварс айс, науæд дын ныртæккæ дæ хæрæнтæ банымайдзынæн!.. Ныр нæ нæхи бар уадз. Раздæр дæ хъуыды кæпын хъуыди... Хицау тарстхуызæй бакаст къæсхуыртæ лæгмæ, стæй йæхи фæстæмæ-фæстæмæ аласта. Чысыл ма бахъæуа, дурыл уæл- гоммæ йæ тъæпп ма фæцæуа. йæ лæдзæджы æнцæйтты, фæс- тæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ, хæдзары аууон фæци. Хуыккомæй сæ цæнгтыл рахастой æртæ адæймаджы. Сæ доп мызти. Цъыфæйдзæгтæ. Æз тарст сырды ракæс-бакæс код- тон мæ алывæрстæм. Утæппæт адæмы æхсæн агуырдтон Бæп- пупы. Мæрдты бахастой æмдзæрæнмæ. Сыхæгты устытæ ракал- дысты. Хъарджытæ систоп, мæнæн дæр мæ зæрдæ цыдæр йæ сындз къухтæй иылхъывта. Устытæй кæйдæр фæдджийыл фæ- хæцыдтæн æмæ мæ хъæлæсыдзаг ныккуыдтон... 2 Æз лæууыдтæн Бæппуйы уæлхъус. Уый, цыма йæ уæззау куысты фæстæ тарф фынæй баци, афтæмæй лыстæныл уæлгом- мæлæууыд. Йе ’скъуыдтæ сатæгсау къухтæ йæ риуыл дзуар- сгсæрд скодта. йе ’нæдаст цæсгом ныффæлурс. йе ’рфгуытæ, пæ тæнæг фындз æмæ ма йæ уæллаг был зыпдысты, инпæтæ уыдысты сырх хъулæттæ хъуымацы тыхт. Исдугмæ мæм афтæ каст, цыма пыртæккæ йæ цæстытæ байгом кæпдзæн æмæ та йæ бæзджын хъæлæсæй рæвдаугæхуызæй зæгъдзæн: — Лæппу, дæ мад куыд у? Фæкæсут æм, уый не ’ппæтæй фыдæбопджындæр у... Фæлæ Бæппу нины дзырдта. Бæппуйы æмбæлттæй иу ран ничи лæууыди. Сæхинымæр цæуылдæр тыхстысты, кæрæдзи-иу цæмæйдæрты афарстой æмæ-иу уаптагъд дуары æдде фесты. Бæзæрхыгтæ арæзт, ха- ласрихи Петро, Бæппуйы æрзæткъахæнтæй йæ хъæбысы чи рахаста, уымæн йе ’рбацыдæй пырмæ йе ’рфгуыты æлхынцъ нæма сыхæлд. Цыма йæ маст æппыиæдзух йæ хъуыры цæх- 224
гæрмæ бадт, уый хуызæн тарæрфыгæй каст. Искуы-иу ныхасы йедтæмæ кæнгæ дæр нæ кодта. Стæй мæм иуахæмы æрбацыд, йæ дынджыр уæззау къухы дæрзæг арм мын мæ гом сæрыл æрæвæрдта, йæ уымæл цъæх цæстытæй мæм б!ынмæ æркаст æмæ ивазгæ ныхасæй загъта: — Фидар лæуу, мæ лымæнлæггаг... Цом уал мемæ. Махмæ дæр дæуыйас лæппу ис. Цом... Бæппуйы цурæй куыд ацыдаин æмæ йын, æз никуыдæм цæ- уын, зæгъгæ, дзуапп радтон. Фæлæ мын уый мæ цонгыл ахæ- цыд. Иæ хуылыдз кæттаг куатæйы фæдджи алæмæрста, Бæп- пуйы уæлхъус чи лæууыди, уыдонмæ цыдæр ацамыдта. Мах рацыдыстæм. Æз нарæг уынджы, дуртыл мæ къæхтæ къуырттытæгæнгæ, уадтæн йæ фæдыл. Устытæ мæм алырды- гæй æнкъардæй кастысты. Мæ зæрдæ йæхи къултыл хоста æр- мæст сæ уындæй дæр. Сылгоймæгты кæуын æмæ мæм хъар- джытæй зындæр никуы ницы каст. йæ фæйнæджытæ раджы кæмæн бамбыдысты, ахæм ныл- лæг агъуысты нарæг дуарыл мæ разæй бахызт хæдзары хицау. — Мидæмæ,— загъта уый æмæ, нæ размæ дыккаг хатæ- нæй чи рацыд, уыцы цыбыргомау сылгоймагмæ иуварсырдæм бакаст, йæ худ къуыммæ баппæрста.— Дарья, хæринаг ма нын фен. Лæппу дысон-бонмæ æххормаг у. Сылгоймаг мæм æнкъард цæстæй æрбакасти, ныуулæфыд, стæй загъта: — Æрбакæнинаг æй бæргæ уыдтæн, фæлæ Вася тыхстдæр у. Дысон-бонмæ йын йæ дзауматæ цалдæр ивды акодтон. Арт уадзы. — Вася! — мидæггаг уаты дуарырдæм йе ’ргом аздахгæйæ, хъæрæй загъта хæдзары хицау. — Цы кæныс, папæ? — райхъуыст лæппуйы мæллæг хъæ- лæс. Чысыл фæстæдæр æз бадтæн Васяйы уæлхъус. йæ тымбыл рустæ, цыма сæ исчи барæй сахуырста, уый хуызæн сыгъдыс- ты. Йæ пыхцыл сæрыхъуынтæ йæ бурдзалыг лыстæг æрфгуы- тыл æрхаудысты. Йæ цъæх-цъæхид цырд цæстытæй тыхкаст кодта. Урс мидæггаг хæдоны даргъ дыстæй зындысты йæ лыс- тæг фæлурс æчгуылдзтæ. йæ дзыккутæ йæ хъыгдардтой æмæ йæ сæр арæх иуварсырдæм акъул-акъул кодта. Вася касти скъолайы. Рудзынджы тарвазыл æддæгуæлæ чи лæууыд, уыцы чингуытæй иу ракуырдта, цалдæр цъары дзы рафæлдæхта æмæ мын йæ чингуытæй æппæлыд. Чи зоны, æн- 15 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 225
дæр хатт æй йæ хуыссæнæй сыстын кодтаин, Залгъæды рагъмæ ацыдаиккам æмæ уым суадоны был бирæ, бирæ фæкастаин Васяйы чингуыты. Цыдæриддæр дзы фыст уыди, уыдон мын иууылдæр радзырдтаид. Æз та уæд хъуыды кодтон Бæппуйыл. Æддаг уатæй мæ хъустыл æрцыд Васяйы фыд Петройы бæз- джын ныхас: — Дарья, дæ разы мын мæ мидæггаг дзаумæттæ, мæ хæ- лаф æмæ мæ хæдон арæвдз кæн. Уыцы бызгъуырты йæ куыд схæсдзыстæм хъæумæ... Мæ сæрдасæн мын нæ федтай? — Дæ разы стъолы астæуыккаг лагъзы,— ныллæг хъæлæ- сæй дзуапп радта сылгоймаг. Вася мын йæ чиныджы цыдæртæ нымадта, фæлæ сын æз ницы æмбæрстон. Уыдоныл нæ уыдтæн. Уалынмæ дуары хъæр фæцыд. Æз мæ мидбынаты хæрдмæ фæхаудтæн, мæ худмæ фæлæбурдтон. Васяйæн дæр ницыуал загътон, афтæмæй уы- циу тъæбæрттæй кæрты балæууыдтæн. Кулдуары цур мæ размæ фæци Хæмыц. Мæн куы федта, уæд зæхмæ ныккаст æмæ йæ фындзы рагъæй бынмæ æрхауд цæссыджы ставд æртах. Дзургæ ницы скодта, æрмæст мын йæ сæрæй цыдæр ацамыдта æмæ мæ разæй фæраст. Иннæ хæтты- ты хуызæн мæ Сау хохы фиййау дæр не ’ехуыдта... Сау сатин хæдон æмæ хæлафы, ног дастæй, урс мидæггаг хæдоны дыс йæ галиу цонджыхъулæй гæзæмæ зынд, афтæмæй æнæцъар чырыны хуыссыд Бæппу. Иннæ мæрдты ме ’рцыдмæ уырдыгæй ахастой. Уынгæй кæуын æрбайхъуыст. Лæгтæ æмдзæрæны гом ру- дзынгæй акастысты. — Æрхæццæ сты,— загъта чидæр æмæ дуарырдæм цалдæ- рæй атагъд кодтой. Æз дæр сæ фæдыл ауадтæн. Уынджы кæу- гæ æрбацæйцыдысты нæ хъæуы лæгтæ. Æз мæхи нал баурæд- тон, мæ хъæлæсыдзаг ныккуыдтон æмæ сæ размæ азгъордтон. Чидæр мæ йæ хъæбысы æрбатыхта. Нæлгоймæгты фæстæ цы- дысты устытæ. Сæ хъарæг къæдзæхтæ арыдта. Æз сыл тагъд- тагъд мæ цæстæнгас ахастон. Гыцци семæ нæ уыд, фæлæ На- найы цæнгтыл дыууæйæ хæцыдысты. Зæронд усæн йæ къæхтæ йæ быны нал цыдысты, дыууæрдæм сонт ракæс-бакæс кодта. Æз ын йæ хъæбысмæ мæхи баппæрстон æмæ ноджы хъæрдæ- рæй ныккуыдтон. Нана мæм ницы сдзырдта, ме 'уæхскыл мын йæ къухæй æрæнцад æмæ мæ фарсмæ цудтытæгæнгæ цыд. «Уæ, мæ бон куыд бакалд!.. Уæ, мæ цæугæ мæсыг!.. Уæ, мæ лæугæ хох!» — куыдта Нана æмæ комкоммæ каст, ныллæг, 226
тъæпæнсæр хæдзары дуармæ, адæм сæргуыбырæй кæм лæу- уыдысты, уырдæм. 3 Урс хохы цыргъ цъуппытæ бæзджын сау мигъты сфардæг сты. Арв хъулæттæ кодта. Дон бынæй дæлиау кæмдæр баззад æмæ ма гæзæмæ зынд. Хохы фарсыл, нарæг къахвæндагыл кæрæдзи фæстæ ныххал сты мæрддзыгой адæм. Мардхæсджы- тæн сæ хид сæ фындзыхъæлæй калд. Петро, йæ худ йæ галиу къухы, афтæмæй йæ уæззау къахдзæфтæй дæрддзæфгомау цыд. Æлхынцъæрфыгæй, æппынæдзух йæ къæхты бынмæ каст, афтæмæй цыд Хæмыц дæр. Дзургæ ницы кодтой. Нана бынтон- дæр бафæллад. Йæ бæрзæй дыдæгътæ кодта. «Уæ, мæ бон куыд бакалд!.. Уæ, мæ дарджыты дарæг!» — мæ зæрдæйы уидæгтæ мын сæ быпдзарæй ласта Нанайы хъа- рæг. Бæрзджынæй куы бахызтыстæм, уæд нæ размæ рацыд цал- дæр адæймаджы. Æз дардмæ базыдтон Гыццийы. Уымæн дæр Нанайы хуызæн йæ фарсмæ дыууæ сылгоймаджы лæууыд. Гыцци йæ сау дарæсты къулбæрзæйæ къæдзæхмæ банцой код- та. Дардмæ йæ куы федтон, уæд мæ буар ныррызт. Мæ кæуын- дзæг мæ хъуырмæ схæццæ æмæ та ногæй суадæттау фемæхс- тысты мæ цæстысыгтæ. — Фидар, цу æмæ чындзæн зæгъ, кæдæм рацыд... Уый дæр ма нын исты куы кæна, уæд цы фæуыдзыстæм? Цу, мæ гыццыл къона,— загъта мын Нана æмæ та иуварсырдæм фæцудыдта. Æз къахвæндагæй иуварс ахызтæн, комкоммæ араст дæн, Гыцци кæм лæууыд, уырдæм. Ничи мæм ницы сдзырдта. Æр- мæст мæрддзыгой адæм уыцы сахат се ’ппæтдæр мæ фæдыл кæй кастысты, уый æмбæрстон... Уымæй размæ Гыццийы афтæмæй никуы федтон. Дурын цыртмæ дæр ма бакæс æмæ уымæ дæр,— æнæзмæлгæйæ лæу- уыд. Цыма ныртæккæ йæхи былæй фехсдзæн, уый хуызæн йæ цæссыгæйдзаг цæстытæ дыууæрдæм катайгæнæджы радав- бадав кодта. йæ былтæ ныцъцъæх сты. Тыхулæфт кодта. Æз йæ цуры слæууыдтæн, цы йып зæгъыи хъуыд, уымæ дæр нал сарæхстæн. Уый мæм йæ цæстытæ ныйирд кодта, стæй йе ’тæрттæм дыууæ къухæй фæлæбурдта, йæ къабайы æгънæ- джытæ фæйнæрдæм арæдывта, йæ риуы къæй æгасæй дæр бай- гом кодта æмæ хъæрæй ныккуыдта: — Мæныл цы æрцыд, уый æмбаргæ кæнут? Мæныл мæ бон 227
баталынг... Мæныл мæ хур аныгуылд!..— Æмæ йæ зæнгтæ йæ быиы фæтасыдысты. Йе ’мбæлттæ йæм нал сарæхстысты æмæ зæхмæ æрхауд. — Гыцци, Гыцци!..— мæхи йæм баппæрстон æз. Ницы мæм сдзырдта. Æрмæст йæ риуы хæр-хæр цыд. Йæ буар артау сыгъд. 4 Уыцы бон Бæппуйы баныгæдтой. Æрмæст Гыцци... Гыцци сыхæгты хæдзары къонамæ хæстæг тъахтиныл хуыссыд. Уæл- мæрдтæм дæр нал ацыд. Бæппуйы дæр нал федта. Бæрзджы- ны рагъыл йæ зæрдæ куы бахъарм, уæдæй нырмæ йæхи нал æрæмбæрста. — Хорз нæу. Уæ цæст æм фæдарут,— сыхæгты устытæн бафæдзæхста Васяйы фыд, арф ныуулæфыд æмæ уæззау къах- дзæфтæй рацыд хæдзарæй. Гыцци уыцы æхсæв сыхæгтæм баззад. Æз дæр нæхимæ нал акуымдтон, къонайы фарсмæ, мæ кæрцы къæрид мæ уæлæ, афтæмæй батымбыл дæн. Алыхуызон нывтæ мæ цæстытыл уа- дысты. Куы-иу Садоны фестадтæн, куы та-иу уыцы цыбыр, стæвдтæ хицау йæ лæдзæджимæ февзæрд мæ разы. Æрзæт- къахæны талынг хуыкком... Цыма ингæн уыд, уый хуызæн дзы уазал, æнуд дымгæ сæнары фæздæгау цæуы. Васяйы фыд æнæ худæй, тарæрфыгæй йæ хъæбысы рахæссы, йæ дон цъыкк- цъыкк кæны, афтæмæй Бæппуйы. Цыма фыдæнæн кæнынц, уыйау сæрымагъзы зилдух сис- той хъуыдытæ. Сыхы устытæ дæр сæ дзурынæй не ’нцайынц. Уæлдайдæр Разиат. Сæхæдæг куыд фæдзурынц, афтæмæй иу сыхы, иу хъæуы схъомыл сты Разиат æмæ Гыцци. Ходæй æн- дæр мах хъæуккаг чындз ничи у, æрмæстдæр Разиат æмæ Гыцци. Æвæццæгæн, кæрæдзиуыл дæр афтæ æнувыд уымæн сты. Ныр дæр Гыццимæ Разиат хæстæгдæр уымæн бады. Фыр- куыдæй дæр уымæн ныффæсус. — Ныртæккæйы хуызæн мæ цæстытыл уайы,— фæсус хъæ- лæсæй йе ’мбæлттæн дзуры Разиат.— Лæгтыдзуары бон мах дыууæйæ, æз æмæ Сона (афтæ хуынд йе ’цæг ном Гыццийæн) мус марзтам. Сона мын цавæрдæр хъæлдзæг хабар дзырдта, æмæ дыууæйæ дæр кæл-кæлæй худтыстæм. — Чызджытæ, бахатыр кæнут, фæлæ ауылты хæссæн æр- баЦæугæ нæ федтат? Цалынмæ суадоны был дон нызтон, уæд- 228
мæ йæ хуыцау йæхимæ фæхаста,— дæлвæндагæп нæ ’хъустыл æрцыди нæлгоймаджы ныхас. Мах исдугмæ хорзау нал фестæм. Сона фæсырх æмæ йæ цæсгом кæлмæрзæны къабазæй амбæрзта. — Нæ дын дзырдтон, хъæрæй ма худ, зæгъгæ,— Сонайы цонг нылхыскъ кодтон æз æмæ йæ фæстæ амбæхстæн. Уый æваст йæ худын фæурæдта æмæ йæ лæппу куыд фехъуыстаид, афтæ хъæрæй загъта: — Тæхуды, Разиат, дæу æфсæрмытæ... Иæ сираг бæхыл нæ цурты хъазгæ куы нæ æрбацыд, миййаг. Йæ хæрдгæбыдтыл нын хурты хуртæ куы нæ хъазынц.— йæ кæлмæрзæны аууо- нæй лæппумæ аивæй акаст Сона, стæй йæ ныхасыл бафтыд- та: — Уазæг хъæумæ куы æрбафты, æмæ хæдзармæ бацæуыны бæсты уынджы дон куы фæнуазы, уæд афтæ дæр рауайы... — Æмæ уазæг сираг бæхыл куы нæ бада, йæ хæрдгæбыд- тыл хурты хуртæ куы нæ хъазой, уæд та? — дзуапп радта лæп- пу æмæ нæм йæ сатæгсау хъоппæг цæстытæй хæрдмæ скаст. — Уæд та?..— фæкъуыхцы Сона.— Уæд та хъуамæ ныфс- джындæр уа... — Цом, кæйдæр лæппуимæ нæ исчи ныхасгæнгæ куы фена, уæд...— Сонайы цонгыл рахæцыдтæн æз. Уый ма лæппумæ иу каст фæкодта, йæ мидбылты йæм аивæй бахудт æмæ мусы ин- нæ фарсмæ разгъордта. Йæхи мыл æрбаппæрста, йæ цæнгтæ мыл ныттыхта æмæ ныллæг хъæлæсæй загъта: — Дæттæдæй, Разиат... Мæ зæрдæ!.. Цыдæр кодта мæ зæр- дæ. Цы цæстытæ йын ис!.. Куыд цæхæртæ калынц, куыд су- дзынц зæрдæйы. Айразмæ йæ, Хуссары хъæуы хуындзау куы уыдыстæм, уæд хъазты ф/едтон. Цу, Разиат... Курын дæ, Ра- зиат, исты йын зæгъ... Мæ къæйных ныхæстæм кæд тæргай фæци. Барæй сæ загътон, кæд ын, зæгъыи, йæ хъæлæс уæддæр фехъусин... Бæрзы хуылыдз къалиутæ къæрццытæ кæнынц артдзæсты. Арты рухсмæ дзæбæх зынынц сылгонмæгты цæсгæмттæ. Æз хъусын Разиаты ныхасмæ æмæ мæм афтæ кæсы, цыма уынджы чидæр кæуы, цыма уый Нанайы кæуып у... — Абон дæр ма йæм йе ’фсымæртæ рæстмæ нæ дзурынц,— дзуры дарддæр Разиат. Йе ’фсымæрты, йæ бинонты æвастæй рацыд Хъайсынимæ. Æмæ куыд амондджын уыдысты! Куыд æнувыд уыдысты кæрæдзиуыл!.. Ныр дзы æваст афтидæй аз- зад, мæ фæрстæ йын æрбайхæлой!.. Разиат куыдта. Куыдтой сылгоймæгтæ дæр. Сылгоймæг- 229
тæй ма кæйдæр ныхас мæ хъустыл æрцыд, стæй ме ’ргом къо- найырдæм аздæхтон æмæ афынæй дæн. Мæйдæр æхсæв. Нарæг къахвæндаг. Гыцци, йæ дзыккутæ бындзыггай тонгæйæ, кæдæмдæр тæхы мæ разæй. Мæ бæгъæв- вад къæхтæн къæйдуртыл сæ туг кæлы, афтæмæй згъорын йæ фæдыл. — Æрлæ-у-ут!.. Кæ-дæ-æм? — дæлиау кæмдæр нарæг ко- мы азæлы Нанайы тарст хъæлæс. Фæлæ Гыцци фæстæмæ дæр нæ кæсы. йæ къухы цавæрдæр æхсидав февзæрд мæйдары æмæ йæ уæлиау систа. Иу дурæй нннæмæ гæппытæгæнгæ згъоры, тæхы размæ. Стæй æхсидав æваст ахуыссыд. Æхсæвы мæйдары атади, айсæфти Гыцци. Мæ къæхты бынæй фехъуыст уæззау хъæрзын. Мæ уæраджы сæр- тыл æрхаудтæн. Кæсын, æмæ Бæппуйы ингæныл дæлгоммæ хуыссы... — Гыцци, цом ардыгæй!.. Бæппу йæ куыстæй ссыди æмæ дæ агуры,— дзурын Гыццийæн, фæлæ мæм уый фæстæмæ дæр нæ кæсы. Æрмæст ингæны сыджыт сабыргай фæйнæрдæм ацыд. Гыццийы цæстытæ ма мæм иухатт ферттывтой, йæ был- ты змæлд ма йын федтон, стæй æрбайсæфт. Æз ингæныл раз- мæ бахаудтæн. Гыцци! — ныхъхъæр кодтон æмæ фехъал дæн. — Хуысс, мæ гыццыл къона, хуысс... Ма тæрс, Гыцци дзæ- бæхдæр у,— мæ хъустыл æрцыд Разиаты фæлмæн хъæлæс. Ракастæн. Разиат мæ уæлхъус дзуццæджы бадт æмæ мын мæ цонгыл къонайырдæм ахæцыд. Мæ кæрц, мæ лыстæн æмæ нæзы хъæды лыггагæй нывæрзæн иуварсырдыгæй лæууыды- сты. Хæдзары зæххын пъолы уазалæй гæртт-гæртт кодтон... 5 Боп æрбацъæх, афтæ дуар æрбахостæуыд. Хæдзармæ æр- бахызтысты Нана æмæ Васяйы мад Дарья. — Чындз, мæнæ дын Петройы ус хостæ схаста, — йе ’рба- хызтæй йæ ныхас фæраздæр Нанайæн. Стæй Дарьямæ фæ- зылд. — Хæстæгдæр рацу, мæ къона. Адон дæр нæхионтæ сты, нæ хорз сыхæгтæ. — Æмæ дзы цыма исдугмæ Бæппуйы мард дæр æрбайрох, уый хуызæн йæ къæсхуыр, æнцъылдтæ цæсгом фæрухс. Дарья йæ кæлмæрзæн райхæлдта, йæ палто раласта æмæ Гаццийы цурмæ бацыд. Йæ цъæх цæстытæ доны разылдта. 230 ’
Гыццийы ныхыл йæ къух авæрдта æмæ ныллæг хъæлæсæй загъта: — Æз æмæ ды кæрæдзи дзæбæх нæ зонæм, фæлæ Хъай- сын æмæ махонæн иу хæдон дæр уæрæх уыди... Иунæг хуы- цау сын æй ма ныххатыр кæнæд... Цыма сæ дуртæн аны- хъуырынæй тæрсынц, уый хуызæн сау кæлмытау сæ фæдыл зилынц. Уæлдайдæр уыцы гæмæхсæр... Фæлæууæд, искуы йæ фыдбылызтæ йæхи сæрыл æртыхсдзысты! Нæ лæг æм йæхи тыххæйты уромы... Сона, рабад-ма, мах дæ ныртæккæ адзæ- бæх кæндзыстæм. Дарья дон ракуырдта, цавæрдæр хостæ радта Гыццийæн. Стæй йæ кæрцæй хъарм æрæмбæрзын кодта. — Дæхи ма байгом кæ, — æцæг дохтыры хуызæн загъта Дарья æмæ Гыццийы фарсмæ бандоныл æрбадт. «Гæмæхсæр... Чи хъуамæ уа уыцы Гæмæхсæр? Петройы фæдыл цæмæн зилы? Кæд Бæппуиты дæр уый амардта? Ау, æмæ кæд ахæм æвзæр лæг у, уæд æй се ’ппæтæн хицау цæмæн сæвæрдтой? — хæдзары астæу цæджыпдзыл банцой гæнгæйæ æмæ, Дарья Гыццийæн хос куыд лæвæрдта, уымае кæсгæйæ, хъуыды кодтон мæхинымæр. Мæ зæрды уыд Дарьяйы уыцы Гæмæхсæрæй бафсæрсын, фæлæ йæхæдæг фæразæй: — Фидар, де ’рдхордæй мæ куыннæ фæрсыс? Ардæм цæ- уын, уый куы базыдта, уæд дзы йæ низ дæр æрбайрох. Æз дæр Фидармæ цæуын, зæгъгæ, мæ иу ран нал уагъта. — Æмæ йæ демæ цæуылнæ ракодтай Васяйы? — цыма мыл исты стыр хорз æрцыд, уыйау тагъд-тагъд афарстон æз. — Уыцы рынчыны фæстæ нырма лæмæгъ у, æндæр æй ра- кодтаин. Йæ хай дын сæрвыста, — йæ фæтæн къабайы дзып- пæй дыууæ сырхварс фæткъуыйы æмæ иу бур-бурид кæрдо систа Дарья æмæ мын сæ мæ къухты фæсагъта. Фæйнæ фæт- къуыйы радта Нанайæн, стæй, Гыццийы уæлхъус чи лæууыди, уыдонæн, йæхæдæг Гыццимæ бакаст æмæ, хатыр курæгау, загъта: — Афтндæй дæм æрбалæууыдтæн. Нæ лæг мæ иу ран нал уагъта, тагъддæр хостæ, зæгъгæ, æмæ мæ къухы дæр ницыуал бафтыд... — Петройы хæрзтæ ныл бирæ ис, — Гыццийы бæсты дзу- апп радта Нана.— Æрмæст æндæрæбон цы æгъдау радта, уый йын мах донæй дæр нæ бафиддзыстæм, Дарья. Лæппу-иу мын уæ хабæрттæ арæх кодта. Йæ куыстæй-иу куы ссыд, уæд- пу йæ уд, йæ цæст Петройы кой ракæнын уыдис. «Мæ иунæ- 231
джы мын афтæ чи батавта, уый уагæр цавæр диссаджы адæп- маг у?» — мæхинымæр-иу хъуыды кодтон æз æмæ иуахæмы лæппуйæн загътон: — Лæппу, цы дын æй сусæг кæнон, адæм- имæ кæй цæрыс, æмгæрттимæ кæй цæуыс, уый мын æхсыз- гон у. Фæлæ адæймаг йе ’ппæт æмгæртты’ æмхуызон нæ фæ- уарзы. Мадызæнæгæй дæр ма хъулæттæ куы вæййы. Алыбон кæмæй æппæлыс, уый иу хатт дæ хæдзармæ цæуылнæ скæ- ныс? Дæ мад, дæ бинонтæн æй цæуылнæ фенын кæныс? Дыу- уæ æрдхордæн сæ цæхх æмæ сæ кæрдзын уæрст никуы вæййы... Лæппу суанг йæ къæхты бынæй ныуулæфыд, йæ худы бын- ты мæм æрбакаст æмæ загъта: — Мæхи зæрды дæр бæргæ уыд, Нана. Фæлæ... Кæд, зæгъ- ын, мæ мызд райсин æмæ... — Ракæн æй, уый фаг истæмæйты суыдзыстæм. Куыд дзу- рыс, кæд ахæм лæг у, уæд нын нæ мæгуырыл нæ фæхуд- дзæн, — загътон ын æз. Æмæ, æцæг, дыккаг изæр цалдæр æмбалимæ ссыдысты. Лæппуйы ныхæстæм гæсгæ мæм афтæ каст, цыма къæдзæ- хыйас лæг у, тызмæг, мадзура. Фæлæ йæ хæстæгмæ куы фед- тон, уæд мæм ахæм хуымæтæг, зæрдæхæлар адæймаг фæкаст, æмæ уын æй куыд зæгъон, нæ зонын. Цыма нæ хæдзары схъо- мыл, уыйау къуымты разылд, цалынмæ æз хæринаджы хъуыд- дагыл уыдтæн, уæдмæ йæхи хоры кæрдзын æмæ хуырхæй хорз федта. Суг сæттынмæ дæр никæй ауагъта, хæдзармæ дæр сæ йæхæдæг æрбахаста, арт дæр мын уый скодта. — Нана, афтæ зæрдиагæй цæмæн архайын, уый зоныс?— къонайы фарсмæ дзуццæджы бадт, йæ цæсгом арты рухсæй ныррухс, афтæмæй мæ фарста Петро. — Кæд мын, зæгъын, гуыл скæнис... Дзаджджын гуыл. Фæнычы фыхæй. Æрмæст та дæ ацы магусатæ гæды ныхæстæй сайдзысты, фæлæ сын ма баком... — Уый дын мæ быгъдуан. Æз дын ахæм гуыл скæндзы- нæн, æмæ дæм хæлæгæй куыд мæлой,—дзуапп ын радтон æз. — Æрмæст æй фыцгæ дæхæдæг кæндзынæ. — Мæ бар уадз, — артдзæсты фæнык рагацау гуыл фыцы- нæн æрцæттæ кодта Петро, афтæмæй мæм скаст, цыма мæм афтæ дзырдта, гуыл рахæсс, æз цæттæ дæн, зæгъгæ. Иннæтæ нын нæ ныхæстæм хъуыстой æмæ, гуыл Петромæ куы радтон, уæд уайтагъд йæ уæлхъус мыдыбындзытау ам- бырд сты, цыма се ’ппæтдæр гуылтæ фыцынæй базæронд сты, 232
уыйау алыхуызон ныхас систой. Гыццыл ма бахъæуа, сау æв- залы сын ма бауа. Утæппæт гуылфыцджытæй иу дæр нæ бамбæрста, сæ гуыл кæй басыгъд, уый... Стæй сыл худын,хъæл- дзæг ныхас бацайдагъ. Суанг боныцъæхтæм... Нана исдугмæ йæ ыыхас баурæдта, Гыццийырдæм аивæй бакаст, йæ кæлмæрзæны къабазæй йæ цæстысыгтæ асæрфта æмæ та загъта: — Æрмæст ныл стырзæрдæ ма сут, Дарья... Нанайы ныхæстæм мæ зæрдæ æрбауынгæг. Васяйы лæвæрт- тæ мæ къухы, афтæмæй кæртмæ рацыдтæн. Дарья цы загъта, уый дæр нал фехъуыстон. ...Фæссихор Дарья ацыд. Æндæр хъæутæй мардмæ чи уыд, уыдон дæр ацыдысты. Нæ гыццыл бинонты къорд баззад иу- нæгæй. Уыцы æхсæвы хуызæн афтид мæм никуы фæкасти нæ хæдзар. Нана арты фарсмæ бадт. Ницы дзырдта. Æрмæст арты мынæг рухсмæ йе ’нцъылдтæ мæллæг рустыл цæстысыджы фæрдгуытæ æрттывтой, æз сæ куыннæ федтаин, афтæ сæ йæ сæрбæттæны кæронæй æмбæхста. Гыцци дæр, кæд Дарьяйы хосты фæстæ чысыл фæсæрæндæр, уæддæр, æнæ исты дзур- гæйæ, сынтæджы уæлгоммæ хуыссыд æмæ йæ уымæл цæсты- тæ цары рагъхъæдтæм сарæзта. Хатгай-иу йæ уæззау хъæрзын нал баурæдта æмæ-иу йæ къæхты бынæй ныуулæфыд. Рудзгуыты æвгтæ дымгæмæ зыр-зыр кодтой. Дæлбылы сыхæй хъуыст куиты рæйын. Æвæццæгæн сын нæ боцъоджын, нæ даргъсыкъаджын Сырдоны стджытæ æхсыд нæма фесты, æмæ сыл нæ фидыдтой. Мæнмæ исдугмæ афтæ каст, цыма Нана æмæ Гыцци кæмæдæр æнхъæлмæ кæсынц. Фæлæ дуар æхгæдæй лæууыд. Æрмæст æддейы уад къуыс-къуысæй ниудта. — Не ’фсин, дæхи æруадз. Æнафон у. Чи ма нæм цæуы ныр! —æппынæрæджиау загъта мад æмæ йе ’ргом махырдæм разылдта. Нæ зæронд хъæдын сынтæгæн цыма йæ уд сцæй- хауд, уый хуызæн бæстæ къæс-къæс сси. — Æмæ, уæдæ, дзæбæхдæр дæ, чыидз, нæ? Хуыцауæй ра- зы, — цыма Гыццийы ныхас хъусгæ дæр нæ фæкодта, уый хуызæн загъта Нана æмæ та фæстæмæ йæ хъуыдыты аны- гъуылд. — Райсом сыстдзынæн, — райхъуыст Гыццийы ныхас, фæ- лæ йын Нана ницы дзуапп радта, æвæццæгæн æй нæ бам- бæрста. Æз мæхи Нанамæ хæстæгдæр баластон. Йæ фæлмæн уæ- 233
рагыл мæ сæр æруагътон. Уайтагъд йæ гыццыл хъарм къу- хы æнгуылдзтæ мæ дæллагхъуыр сызмæлыдысты. — Нана, истытæ дзурут... Ацы æхсæвы хуызæн уазал ни- куы уыд нæ хæдзар. Цыма ныхас куы фæкæнут, уæд хъарм- дæр вæййы. — Нанайы хъæбысы мæ сæр арфдæр анор- стон. — Раст зæгъыс, мæ къона, уазал нæм у, тынг уазал...— загъта Нана æмæ мæ йæ кæлмæрзæны къабазæй æрæм- бæрзта. Æз кастæн, арты æхсæлыйы къалиутæ къæрццытæгæнгæ куыд сыгъдысты, уымæ. Гыцци æмæ Нана дæр мæ хуызæн æнæ исты дзургæйæ бадтысты: Нана — арты фарсмæ, Гыцци та — йæ хуыссæпы. Æрмæст дымгæ рудзгуыты æвгтæ хоста æмæ хоста... Нанайы фæлмæн æнгуылдзтæ змæлыдысты мæ дæллагхъуыр. Адæмы змæлды фæстæ махæй алчидæр иунæгæй баззад йæ хъуыдытимæ. Чи зоны, цæуыл хъуыды кодтой ГыцциæмæНа- на!.. Фæлæ мæнæн мæ зæрдæ йæхи къултыл хоста, хатгай-иу, кæд артмæ хæстæг хуыссыдтæн, Нанайы кæлмæрзæнæй хъарм æмбæрзт уыдтæн, уæддæр мæ буар ихæнриз кодта. Цыма кæм- дæр иунæгæй талынг лæгæты уыдтæн æмæ æдде тæрккъæвда уарыд, афтæ мæм каст. «Уæд та Разиат куынæ ацыдаид... Афонмæ истытæ дзырдтаиккой», — стыхстæн мæхинымæр, кæд Разиаты изæры Нана йæхæдæг арвыста, уæддæр. — Хуысс... Афынæй кæн... Нæ тæригъæдæй дæлæмæ æрха- уæд, махæн иæ цард чи æрбайхæлдта. Афынæй кæн... Ныр хæ- дзар дарын дæумæ кæсы, — цыма мын мæ хъусы дзырдта, уый хуызæн, Гыцци йæ куыпнæ фехъуыстаид, афтæ ныллæг хъæлæ- сæй загъта Нана æмæ мын йæ дæрзæг армытъæпæн мæ русыл цалдæр сæрфты æркодта. Æз Нанайы къухмæ сæвнæлдтон. Фæстæмæ йын йæ къух мæ дæллагхъуыр акодтон æмæ йæм хæрдмæ скастæн. — Хорз, Нана... Æ’з бафынæй уыдзынæп... Æрмæст Гыц- цийæп дæр зæгъ æмæ кæугæ мауал кæнут... Нана ницы сдзырдта. Артмæ æдзынæг каст, йæ къухы æн- гуылдзтæ раздæрау мæ дæллагхъуыр змæлыдысты. — Мах кæуинаг стæм... Кæуинагыл та кæугæ фæкæ- пынц...—дзырдтой йæ тæнæг былтæ, сыхæгты устытæн абон- дæргъы цалдæр хатты кæй загъта, уыцы ныхæстæ. Æмæ цыма уыцы сахат исчи дуар байгом кодта, цыма уазал дымгæ мæ буарæй кæрцы ’хсæн смидæг, уый хуызæн Нанайы 234
хъæбысы абырыдтæн. Мæ цæстыхаутæ кæрæдзиуыл аныхæсты- сты. Иу хатт ма мæ хъустыл ауад дымгæйы къуыс-къуыс... Фыды æрдхæрдтæ «...Ыæ хæхтæй, нæ тыгъд бы- дыртæй Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй, — Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!..» Къоста. 1 Комæй дымы уазал дымгæ. Гæды бæлæсты бæгънæг хихтæн, цыма ихæнæй ризынц, уый хуызæн сæ чырс згъæлы ныхасы къæйдуртæм, къæрццытæ кæны къæхты бын. Комы дон бæз- джып цъæх мигътæй нæ зыны. Мигъ сæхгæдта нарджытæ. Суамг ма ардæм, хъæумæ дæр æрхæццæ. Дымы уазал дымгæ, архайы мигъты фæсурыныл. Йæ бон сын ницы у: ныццæнд сты æмæ змæлгæ дæр нæ кæнынц. Хæх- ты, рæгъты цъуппытæ урс-урсид адардтой. Хатгай сæм хур бæргæ ракæсы, йæ тынтæ сыл бæргæ рауадзы, фæлæ мит сæ фыдæнæп цæхæртæ скалы, алыхуызон ахорæнтæй сæрттивы æмæ та уæд хур тæргайгæнæгау йæхи мигъты бын амбæхсы. Лæууын кæрты дуармæ. Мæ кæрцы къæриды мæхи æрба- тыхтон æмæ кæсын, Муссæты уæладзыджы сæрмæ тохынайы фæздæг уæлдæфы фæйнæрдæм куыд пырх кæны, уымæ. Мæ ног æрчъиты хъустæй зынынц фæсалы муртæ, мæ хъуынджып уæлдзармхуды хуызæп уыдоныл дæр чырс æрбадт. Цыма мæ зæрдæ Муссæты тохынайы фæздæгмæ ауыгъд у, уый хуызæн æнахуыр рыст кæны. Мила райсомæй нырмæ мæ фæдыл гурæй- гурмæ зилы. Йе ’нкъард цæстытæй мæм скæсы, йæ цыбыр къæдзил батилы. Æвæццæгæи, æмбары, балцы кæй цæуыи, уый. Боныцъæхæй нырмæ кулдуары цурæй уымæн нал цæуы. Мемæ та йæ куыиæ ауадзон уымæй тæрсы. Æмæ йæ æниу ме- мæ куы акæнии, уæд цы? Уæвгæ уæд хæдзар та? Чи ма йæ хъахъхъæндзæн? Стæй Садоны кæмæ уыдзæн, чи йæ бауадз- дзæн йæ хæдзармæ? Кæд мæ куыстмæ райсой, уæд бон-изæр- мæ, кæнæ æхсæв-бонмæ мæ куысты уæлхъус цы ми кæндзæн? Нæ, фæлтау ам лæуу, Мила. Нæ дæ ауадздзынæн. Уым искуы фæдзæгъæл уыдзынæ æмæ дзæгъæл сæфтæн æвгъау дæ. Лæуу, хъахъхъæн нæ хæдзар, Гыццийы, Нанайы. Садоны мæхийас 235
лæппутæ бирæ ис. Мæнæн ницы тас у. Æнæ дæу та, дæхæдæт зоныс, Нанаитæ бынтон æнкъардæй амæлдзысты. Æз дæр’дæ нæ ферох кæндзынæн, ма тæрс. Мæнæ куысты куы ныллæууон, уæд иу бон Садонмæ ацæудзыстæм. Уым цавæр хъарм æмæ ад- джын дзул уæй кæныиц, уый куы зонис... Уыцы дзулæй дæ хорз бафсаддзынæп æмæ нæхимæ заргæ сфардæг уыдзыстæм. Мила æнцад лæууы. Йæ цъынд цæстытæй мæм кæсы. Иæ былтæ сдæры. Цыма садойнаг дзулы тæф йæ фындзыл уайы, уый хуызæн йæ къæдзил тилы, йæхи мыл лæгъстæйаджы сæрфт акæны. Стæй æваст мæ цурæй фæцагайдта. Рæйгæ-рæ- йын уынджы ныйнарц. Уæлæсыхы куитæй цалдæр йæ фæдыл азгъордта. Уайтагъд хъæу сæ сæрыл систой, афтæмæй рагъæй агæпп ластон. Æз Милайы фæдыл кæсгæ баззадтæн. Рагъæй иицы зынд. Æрмæст куитæ сæ рæйынæй не ’нцадысты. Ца- вæрдæр фæдисмæ кæй абырстой, уый бæлвырд уыд, фæлæ аф- тæ тынг цæуыл рæйдтой, уымæн ницы базыдтон. Чысыл фæстæ- дæр рагъæй æрбазынд дыууæ зыгъар галы. Сæ комытæф сæ фындзыхуынчъытæй калд. Галты фарсмæ цыдысты дыууæйæ. Даргъ уистæй сæм æвзыстой, хъæр сыл кодтой. Стæй галты ра- зæй февзæрд Муссæ. Куитыл дуртæй ралæууыд. Мила, мæгуыр, хъыллистгæнгæ иуварсырдæм алыгъд. Æвæццæгæн ыл Муссæйы дур сæмбæлд. Æз фырмæстæй рафыхтæн. Дур фелвæстон æмæ рагъырдæм атахтæн. Уыцы сахат Мила йæ хъыллистæй фенцад. Æнæн- хъæлæджы галты раз февзæрд. Муссæйыл йæхи уыциу скъæрд баласта, йæ кæрцы фæдджийæ йын дзæбæх гæбаз арæдывта. — Уыст, уыст!.. Мила!.. — мæ фырцинæй ныхъхъæр код- тон æз. Фæлæ мын уыцы сахат чидæр мæ цонг ацахста. Фæс- тæмæ дæр æм пæма фæкастæн, афтæ йæ ныхас мæ хъустыл ауад: — Лæппу, иуварс лæуу! Нырма нæ дæ сæр нæма хъæуы... Уæд дын æй нæхæдæг зæгъдзыстæм... Æз мæ мидбыиат сагъдауæй баззадтæн. Аивæй скæстæн, мæ цонгыл мын чи хæцыд, уымæ. Йæ бæзджын сау æрфгуы- тæ æддæг-мидæг ауадысты, мæ цонгыл мын фидар хæцыд, афтæмæй рагъырдæм касти Хæмыц... Æз æм ницы сдзырдтон. Æрмæст мæм уый æппынæрæджиау быимæ æркаст, цавæр- дæр фæлмæн мидбылхудт бакодта æмæ загъта: — Рауадз сæ, мах ныртæккæ семæ баныхас кæндзыстæм. Уæддæр сæ ауылты хъæуы... Хъусыс, Садонмæ иумæ ацæу- дзыстæм.Æз дæр абон цæуын...— Æмæ мынмæкъух суагъта. 236
Муссæ, æвæццæгæн, галтæ уырдыджы куы раирвæзой, уы- мæй сын тарст æмæ сæ размæ йæ цыппæртæ ныссагъта. Куи- тæ сæ алывæрсты дыууæрдæм кодтой, лæбурдтой галтæм. Хъæумæ куыд хæстæгдæр кодтой, афтæ тынгæй-тынгдæр рæйд- той. Уæлæсыхы лæгтæ цалдæрæй сæ размæ рацыдысты. Ныха- сы дæр чидæртæ фæзынд. Хæмыц, цыма искæмæ лæбургæ кодта, уый хуызæн уæззау къахдзæфтæй ныхасмæ бацыд. Æз дæр йæ фæдыл уым балæу- уыдтæн. Хистæртæй æдас нæ уыдтæн æмæ уымæ гæсгæ гæды- бæласы аууон слæууыдтæн. Уæдмæ Муссæ æмæ йемæ цы æна- хуыр уазæг уыди, уыдон хъæуы кæронмæ æрхæццæ сты. Мус- сæ галты сæрбосыл хæцыд. Иæ нарст, тымбыл цæсгом сырх- сырхид хъулон афæлдæхт. Ие ’мбал дæр, къæлæу йæ мады фæдыл куыд джыртт-джыртт кæна, афтæ цыбыр къахдзæф- тæй уади Муссæйы фæдыл. Ныхасы гыццыл фæзмæ куы æр- хæццæ сты æмæ лæгтæ цалдæрæй сæ фæндагыл куы ’рлæу- уыдысты, уæд Муссæ йæхи фесхъæл кодта: — Иуварс, галтæ фыдуаг сты æмæ уæ искæй сæ быны кæ- нынц!.. — Ницы кæны... Бауром сæ. Иучысыл сæ фæллад куы суа- дзой, уæд сæхицæн дæр хуыздæр уыдзæн,— размæ рацыд Цæрайты Хæмыц. — О-о!.. Ды дæр ам куы дæ? — мæстæймарæгау бахудт Муссæ æмæ уый дæр размæ рацыд. — Галты ауадз... Хуыздæр дын уыдзæн! Мæ размæ цы ныццæхгæрмæ дæ? — Ам дæн, уæдæ кæм хъуамæ уон? Кæд нæ, зæгъын, ис- кæйы хостæ ласыс æмæ дæ размæ дæр уымæн рацыдыстæм. Куитæ дæр дыл уымæн афтæ тынг рæйынц. Равдис-ма, цы ласыс, уый? — загъта Хæмыц æмæ галты сæрты йæхи Муссæ- мæ баивæзта. — Æмæ дæу та джигулгæнæг чи скодта, Цæрайы-фырт? Дæхи иуварс айс дын зæгъын! — галты сæрбос йæхимæ æр- баивæзта Муссæ, стæй йæ уæлдзармхудыл бæрзонддæр схæцыд. Муссæйы æмбал, ныхас цæуыл цыд, уый дзæбæх не ’мбæр- ста æмæ хæлиудзыхæй касти. Хæмыц æм фемдзаст: — А-а... Уый ды куы дæ, ды! Чи дын бацамыдта фæндаг ардæм? Æз дæу фæрсын, дæ сæр суртæгæнæджы"радав-ба- дав цы кæныс? •Уазæг Муссæйырдæм бакаст. 237
Уæлæсыхы зæрæдтæй иу йæхи нал баурæдта: — Муссæ, æнæуый дæр дæ нæ хъуырмæ куы стæм. Æгъ- гъæд дын нæу? Æви ма нын нæ уæлмæрды къæйтæ дæр ис- кæйы фыццаг скæнынмæ хъавыс? Мах хъæу куы стæм. Хис- тæртæ нæм куы ис. Райсом нын нæ хæдзæртты бынтæ куы æрбакъахой, уæд нын ног хæдзæрттæ ды сараздзынæ?.. — Лæвар уын æй нæ ласы. Кæд дур истæмæн сбæзза, уæд нын æхца бафиддзæн... — Уый мах дæр æмбарæм. Фæлæ дзы дæу цы хъуыддаг ис? Иннæтæй уæлдай цæуыл сцырын дæ? — ноджы хæстæг- дæр бацыд Хæмыц.— Махæй дын æм ничи бавналдзæн. йе ’вæргæйæ махæй уым ничи уыди, йæ раппарын дæр махмæ нæ кæсы. Уæхæдæг! Дæумæ дзурæм, Муссæ. Зæрæдтæ ма дæ бузныг дæр фæуыдзысты. Бадынæн сын ныхасмæ замманай дур æрластат. Рæвдз, де ’мбалæн дæр зæгъ æмæ йæ мæнæ ацы ран раппарут. Дæ цæсты дзагъултæй дын нæ фæтæрс- дзыстæм. Дæ сывæллæттæ куынæ стæм, миййаг... — Галты сæрбосмæ ма ’внал, науæд, дын, хуыцауардыс- тæн, æз дæ хуылфыдзауматæ!.. — йæхи сцагъта Муссæ æмæ йæ хъамайы кард хурмæ ферттывта. — Дæ хъамайæ дæр ма нæм æвзидыс? — цалдæрæй йæ размæ алæууыдысты. Муссæйæп фыццаг йæ цæсгом сырх хъулон афæлдæхт, стæй афæлурс. Йæ хъамайы фистоныл хæцыд, афтæмæй фæстæмæ йæхи аласта. — Галтæм уæ чидæриддæр бавнала, уый-иу мæ хъаст ма ракæнæд! — йæ цæстытæ туджы разылдта Муссæ. Уазæг скатай. Лæбурын æввонг æрлæууыд. йæ сæр йæ кой сси, куы-иу галы аууон йæхи амбæхста, куы та Муссæйы. Стæй æваст йæ риуы дзыппæй æхцаты тыхтон фелвæста æмæ æрдæг цъæррæмыхстытæй загъта: — Камень отдашь, деньги отдашь... Много деньги... — Уынут, цас æхца сласта!.. Цæрæнбонты фæсрагъ чи æмбийы, уыцы дуры хæррæгъæн ма нын æхца дæр дæтты. Цы ма уæ хъæуы? — йæ базыртæ систа Муссæ. Стæй йе ’мбалы- рдæм фæзылд æмæ йын йæ риуы дзыпмæ ацамыдта, ома де хцатæ уал сæ бынаты уадз, уæлдæфы сæ цы тилыс... Æнахуыр лæг йе ’хцатæн скъæфынæй фæтарст, æмæ сæ фæстæмæ йæ дзыппы%афсæрста. Æндæрхъæуккаг куыдзыл хъæуы куитæ куы æрæмбырд вæййынц æмæ уый йæ фыртæссæй, йæ къæдзил йæ сагæхты, 238
афтæмæй уæрдоны бын куы ныттымбыл вæййы, раст мæм уый хуызæн фæкастысты Муссæ æмæ йе ’мбал дæр. Муссæйы дыууæ галы, цыма загъдмæ хъуыстой, уый хуы- зæн æнцад лæууыдысты. Сæ уымæл фындзыхуынчъытæй фæз- дæг калд. Сæ цæстыхаутыл чырс сбадт, сæ хъоппæг цæстытæй адæммæ кастысты. Сынæр цагътой. Сæ фæстæ дзоныгъыл хъæддаг хуыйы марды хуызæн ныффæлдæхт дæргъæй-дæргъ- мæ дур. Уый дæр йæ мингай æрттиваг цæстытæй каст ныхасы адæммæ... Хæмыц къæрттæй цъула не ’ппæрста. Галты разæй лæу- уыд æмæ тызмæгæй дзырдта: — Дур уал раппарут, стæй бæрæг уыдзæн... — Уæ, ард дæ хадзары бацæуа, Муссæ!.. Цас дæ хъæуы, цас? Дæ ис-дæ бонæн кæрон куынæ ис, уæд ма нын нæ мæрд- ты къæйдуртæ та искæйы фыццаг цы скодтай? — Хæмыцы ныхæстæ загъта зæрæдтæй иу. — Бафæрс-ма йæ, Хæмыц: цас нын дæтты? — кæроны- рдыгæй æрбайхъуыст кæйдæр ныхас. — Кæд нын йе ’муæз сызгъæрин æхца дæтты, уæд та?... — Фæйнæ хæдойнаджы аргъ уыи куы радта, уæд дзы уæ гуыбынтæ фæрисдзысты... Цы йыл ныцъцъæх стут, дур йед- тæмæ ма исты у? Æгасæй дурты бын куы стæм... — Хуымæтæджы дур куы уаид, уæд æй ардыгæй нæ ласик- кой. Стæй дын, æцæг, райсом дæ хæдзары бын куы бакъæртт кæной, уæд-иу мæ фæдыл рауай. Дæ ног хæдойнаджы-иу дæхи батух æмæ-иу дæ хæдзары хæлддзæгты уæлхъус сбад, — йæ ныхас баппæрста, гæдыбæлæсты чъылдыммæ чи цард, уы- цы Сæхмæрза. — Нæ, хорз адæм, уый хорз фæнд нæу. Уæдæ- мæ афтæ бакæнæм: йæ хæдойнаг дæр нæ пицæмæн хъæуы æмæ йе ’хца дæр. Мах, нырмæ цы фæсмынты цыдыстæм, уым дæр цæудзыстæм. Кæд нын скъола сараздзысты, уæд сын нæ дур дæр дæттæм, кæцæй йæ раластой, уырдæм дæр сын — фæндаг. Афтæ хуыздæр нæ уыдзæн, хорз адæм? Адæм исдугмæ ницы сдзырдтой, стæй æрæджиау Хæмыц загъта: — Гъе, уымæй цы зæгъыс, уый зæгъ. Хорз зæгъы Сæхмæр- за. Нæхицæй нæм, исты чи æмбара, ахæмтæ фылдæр куы уа, уæд нæ дуртимæ нæхæдæг хуыздæр сарæхсдзыстæм. Муссæ, ды дæр а хъæуккаг куы дæ, афæрс ма йæ, разы у! ÆТрмæст цалын- мæ скъола саразой, уæдмæ сæ ардæм кæсын дæр не ’руадз- дзыстæм. 239
Муссæ æмæ йе ’мбал цыдæртæ адзырдтой, стæй Муссæ загъта: — Скъолайы тыххæй, дам, мæм мæ хицауадæй ницы дзырд ис... Дур уал ауадзут. Уынгæ уал æй фæкæной. Стæй, чи зоны, разы дæр суой. Ауадзут дур!.. — Махмæ та, зæгъ, дур ауадзыны тыххæй нæй дзырд... Кæд Сæхмæрзайы ныхасыл сразы уой, уæд-иу нæм хабар кæнæнт. Мах ам уыдзыстæм. Лидзынмæ никуыдæм хъавæм. Дурæн дæр хæринаг дæттын нæ хъæуы, миййаг. Ам уал лæудзæн, —дзо- ныгъы миттæ йæ къахыфындзæй асæрфта, афтæмæй дзуапп радта Хæмыц. — Гъемæ мæн нæ фæнды, æнхъæлут, нæ хъæуы цæмæй скъола уа, уый? Не ’взæр лæппу, уæхæдæг æй зонут, ардыгæй Садонмæ куы хафы. Фæлæ... Æнæ йæ хицауад... Дур уал ын ауадзут. Уæд семæ æнцондæр дзурæн уыдзæни, — лæгъстæ кæнынмæ фæци Муссæ æмæ йе ’мбалмæ бакаст, цыма йæ фæрсгæ кодта: «Раст нæ зæгъын?..» — Цæй, уæдæ, цалынмæ скъолайы тыххæй нæ хицауади- мæ ныхас кæна, уæдмæ уал дурæн дæр ам ницы уыдзæн. Уæ салам бирæ, Муссæ... Уæвгæ сымахæн нæ — мæнæ дæ дыууæ галæй бузныг, дур ныхасмæ чи æрхæццæ кодта. Ныр æй ар- дыгæй афтæ æнцонтыл нал аласдзыстут, — загъта Хæмыц æмæ дзоныгъы фарсмæ æрлæууыд. Адæмыл йæ цæстæнгас ахаста, стæй дзоныгъыл схæцыд æмæ йæ афæлдæхта. Дур æрттывдтытæ калдта, афтæмæй уæззау гыбар-гыбургæнгæ ны- хасы кæйдуртыл атылд æмæ зæрæдты бадæн дурты фарсмæ æрæнцад. Муссæ тæвд къæйыл кафæгау скафыд. Иæ хъама фелвæс- та æмæ Хæмыцмæ балæбурдта. Йæ размæ цалдæрæй алæууыдысты æмæ йын йæ фæндаг ахгæдтой. — Ауадзут-ма мæ, æз ын, Муссæйы дзоныгъмæ куыд æв- палын хъæуы, уый фенын кæнон! — лæбурдта Муссæ. Стæй Хæмыц йæ уæлхъус куы февзæрд, сæ цæстæнгас кæрæдзиуыл куы сæмбæлд, уæд йæ хъама сабыргай æруагма.— Мах ма фембæлдзыстæм, Цæрайы-фырт! Æз мæ мадæн фыртæн... — фырмæстæй йæ ныхас йæ хъуыры фæбадт Муссæ- йæн. — Æз æмæ дæуæн, бæстæ иннæрдæм куы рафæлдæха, уæддæр æнæ фембæлгæ нæй!—загъта Хæмыц æмæ та йæ хъуынджын æрфгуытæ æддæг-мидæг ауадысты... 240
2 — Цу æмæ дæхи арæвдз кæн, æз дæр ныртæккæ фæцæ- уын, — ме 'уæхск мын æрхоста Хæмыц æмæ æрттиваг дуры цурмæ бацыд. — Лæппутæ, марадзут исчи уæ уисой радавæд æмæ йын йæ миттæ асæрфут. Лæппутæй чидæр уисой радавта, дурæн йæ миттæ ныс- сæрфтой. Хæмыц йæ кæрцы фæдджитæ æрбамбырд кодта. Цыма хъæуы куывды хистæрæн бадт, уый хуызæн йæхи ду- рыл уæззаугай æруагъта. ,. — Уæ, уæ цæрæнбон бирæ уа, Муссæйы къобор галтæ, ма- хæн сæумæрайсом ахæм бандон чи æрхæццæ кодта,— зæрдæ- бьшæй ныххудт Хæмыц æмæ Сæхмæрзайырдæм бакаст. — Ау, нæ бынæй дæр ма нын æй ласдзысты? — Муссæ æмæ йæ уазæгæн замманай цырты дур. Æвзæр нæ уаид, и? — йæ ныхас баппæрста чидæр. — Кæд сæ ахæм хъуыддагæн хъæуы, уæд табуафси... — хъæрæй ныххудт иннæ. —Муссæ æмæ йæ уазæг уыцы ныхæстæ нал фехъуыстой. Уазæг фырмæстæй иуварсырдæм ату кодта, Муссæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй цæхгæрмæ уынджы фæаууон. Муссæ дæр, мæ уазæг фæлидзы, зæгъгæ, галтыл уисæй ралæууыд æмæ йæ фæдыл фæраст. Уынджы тигъæй ма фæстæмæ фæ- каст, ныхасырдæм йæ тымбыл къухæй бадодой кодта. — Лæппу, калмау сусæгæй хæцы, дæхи дзы хъахъхъæн,— Хæмыцы цæстытæм комкоммæ каст, афтæмæй загъта Сæх- мæрза. Нана се ’рбацыдмæ кулдуары цур лæууыд. — Цы хабар у, цæуыл хъæлæба систой? — ныхасырдæм каст, афтæмæй бафарста. Æз ын хабар радзырдтон. Уый ныуулæфыд æмæ загъта: — Р1æ хуыздæры цыртæн бахъæуæд... Лæппу, æрæджы дын нæ кæны, кæд ма цæудзынæ? Бон-сихорафон куы сси... Стæй ма чындзмæ бауай, агуырдта дæ... Нана хæдзармæ мæ разæй бахызт, стæй, чындз æфсæрмы куы кæна, зæгъгæ, мидæггаг хатæны йæхи цыдæртæ архайæг акодта. Гыцци сынтæджы хуыссыд, хæдзармæ æрбацыдтæн, уый куы федта, уæд мæм йе ’нкъард цæстытæй скаст. — Цæуыс уæдæ, нæ? — йæ ныхас тыххæй хъуыст, афтæ- мæй мæ йæ былты змæлдæй бафарста мад. 16 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 241
— Цæуын, — дзуапп радтон æз æмæ уыцы ныхасимæ мæ зæрдæ афтæ æрбауынгæг æмæ мæ скæуынмæ бирæ нал ба- хъуыд. — Хæмыц дæр цæуы. Иумæ цæуæм... Гыцци мæм йæ лыстæг, фæлурс къухæй басидт Æз йæ цур- мæ бацыдтæн. Уый мæм фыццаг комкоммæ ныккаст, йæ судз- гæ армытъæпæн мын мæ дæллагхъуыр акодта, стæй æрæджиау загъта: — Дæхи хъахъхъæн... Дæхимæ кæс... Хæмыцитæм хъус, цы дын зæгъой, уымæ зивæг макуы бакæн... Бамбæрстай? — Бамбæрстон, Гыцци, — дзуапп радтон æз æмæ йæ мæ- хæдæг дæр нæ базыдтон, мæ цæссыгтæ мады судзгæ къухыл куыд æруэдысты, уый. — Æрмæст, кæугæ нæ... Нана дæ афтæмæй куы раййафа, уæд худинаг у, — загъта Гыцци æмæ йын цыма кæддæры гыц- цыл Фидар уыдтæн, уый хуызæн мын мæ цæссыгтæ асæрфта. Рабадт йæ хуыссæнуаты æмæ мæ йæ хъæбысы акодта. Нана нæ цурты куыд рацыд, уый нæ бафиппайдтон. Æвæц- цæгæн æй Гыцци дæр нæ федта. — Фидар, мæ къона, Хæмыц æрцæуы... Марадз, йæ размæ ауай. Мидæмæ йæ ракæн, — хъæбысыдзаг сугтæ къонайы раз æркалдта, афтæмæй загъта Нана. Æз Хæмыцы размæ рауадтæн. Уый, йæ сырх зыгъар бæхыл бадт æмæ, мæн куы федта, уæд быруйы сæрты æрбахъæр кодта: — Фидар, рæвдз — мæ фæсарцмæ! Æрæджы кæнæм... — Нана мæ дæумæ рарвыста. Мидæмæ, дам, æй ракæн... — Мидæмæ, зæгъыс? — исдугмæ цæуылдæр ахъуыды кодта Хæмыц, стæй бæхæй æрхызт æмæ хæдзармæ бацыд. Æз бæхи- мæ кæрты баззадтæн. Мæхинымæр хъуыды кодтон: «Куысты ныллæудзынæн, æхца бакусдзынæн æмæ Хæмы- цы бæхы хуызæн балхæндзынæн...» Милайы Нана скъæты бакодта æмæ, Хæмыцы бæхы къæхты хъæр куы фехъуыста, уæд иу ран нал лæууыд, æддæмæ лæ- бурдта. Тыххæйты йæ басабыр кодтон. Уæдмæ Хæмыц æмæ Нана тыргътæм рацыдысты. — Лæппу — де 'уазæг» Хæмыц, — мæ сæгъдзармæй хызын йæ къухы, афтæмæй дзырдта Нана. — Петройæн дæр-иу зæгъ. Уæдæ ма мах дæр нæхи кæмæ бакъул кæнæм? Цæрæнбонты фыдæбоны хос йедтæмæ уын ницы стæм... — Лæппумæ уæ зæрдæ ма æхсайæд. Уымæн исты амæлттæ кæндзыстæм. Уæртæ чындзмæ фæкæс. Нæхимæ дæр афæдзæхс- 242
тон. Уыдон дæр æм сæ хъус фæдардзысты, — дзуапп радта Хæ- мыц æмæ мæнырдæм æрбакаст. — Бузныг, Хæмыц. Дæ хæрзтæ дын нæ ферох кæндзы- стæм... — Æвæджиау æмбал нын!.. Ничй сæм кæсы, æрдæбон сæ ныхасы кæрæдзи хурхыуадындзтæ бахсынынмæ бирæ нал хъуыд, ныр та хъæбыстæ кæнынц, — Муссæтырдæм кæсгæйæ, загъта Хæмыц. Æз дæр уыцырдæм акастæн. Муссæ æмæ йæ уазæг дуармæ лæууыдысты. Муссæ уазæджы бæхы рохтыл хæцыд æмæ цæуылдæр æхсызгон ныхас кодта. Уазæг дæр, æвæццæгæн, Муссæты арахъхъы фæстæ дзæбæх бахъæлдзæг æмæ йæ ехсы хъæдæй ныхасырдæм æвзыста. — Бирæ нал фертхъирæн кæндзыстут! Хъавæгæй æхсæг фæраздæр уыдзæн! — йæ уæлдзармхуд йæ хъуынджын æрф- гуытыл æркодта Хæмыц. — О, Фидар, цом!.. — Æмæ Нанайы къух райста, стæй бæхмæ уарийау стахт. Æз йæ фæсарц абадтæн. — Лæгтыдзуар уæ фæндараст фæкæнæд! — загъта Нана æмæ кæртмæ æрхызт. Бæх нæ быны скафыд. Æз ма фæстæмæ иу каст фæкодтон. Нана, йæ рахиз къух йæ роцъомæ сарæзта, афтæмæй нæ фæ- дыл æмбонды сæрты каст. Тыргътæм рацыд Гыцци. Æвæццæ- гæн, йæ бон лæууын нæ уыд æмæ цæджындзыл йæхи бауагъ- та. Цыдæр ма дзырдта мæ фæдыл. Мила скъæты дуармæ лæ- бурдта, йæ тых-йæ бонæй рæйдта. Уæды хуызæн тынг рæй- гæ йæ никуы федтон. Гыцци... Цæмæн ма рацыд рынчынæй уазалмæ?.. Æнæуи дæр мæ зæрдæ фæйнæрдæм куы тоны. Уа- залмæ ма лæуу, зæгъгæ, ма йæм ныхъхъæр кæнынмæ хъавыд- тæн, фæлæ уыцы сахат Хæмыц йæ бæхмæ февзыста, бæх раз- мæ уыциу гæпп аласта æмæ фæндаджы дуртыл йæ цæфхæдты цæхæр скалд. Æз мæ къухтæ Хæмыцы дæлæртты фæцавтон, мæ тых-мæ бонæй йыл ныззæгæл дæн... Куырæйтты хъæумæ хæстæг, нарæг фæзилæны Хæмыц йæ бæх баурæдта. Дыууæйæ дæр æрфистæг стæм. Хæмыц хъæу- мæ цалдæр хатты бауади, йæхинымæр цæуылдæр тыхсти, фæ- лæ йæ мæнæн не ’схъæр кодта. Бафæрсын та йæ æз нæ бауæн- дыдтæн. Стæй мæ хъæуы кæройнаг хæдзæрттæй иумæ бакод- та, йæхæдæг кæдæмдæр рацыд. Суанг талынгтæм нал фæ- зынд. Бæх кæрты бастæй лæууыд, цæуылдæр футтытæ кодта. Иуахæмы йæ уынæр нал хъуыст. Æ<з æм рауадтæн. 243
— Фидар дæ? — мæ хъустыл æрцыд Хæмыцы ныхас. — Цом!.. Хæмыц бæхы йæхи бар ауагъта. Дзургæ ницы кодта. Æр- мæст æй йæ тыхулæфтæй æмбæрстон, цæуылдæр мæсты кæй уыд, уый. Талынджы мæм ноджы бæзæрхыгдæр кастысты йæ фæтæн фæсонтæ. Йæ фæрстыл цыма æппындæр фыды мур нæ уыд, уый хуызæн нуарæлвæстæй лæууыдысты. Цыма-иу хауы- нæй фæтарстæн, кæнæ мын æнæбары уыд, уый хуызæн-иу аи- вæй асгæрстон Хæмыцы фæрстæ. Йæ фæйнæгфæрстыл ын хæцыдтæн мæхи къухтæй! Бадтæн йæ фæсарц. Уый лæппутæн куы дзурон... Хæрзаг хæлæг мæм кæндзысты. Афонмæ йæ сæ- хæдæг дæр дзурынц. Хæлиудзыхæй куыд кастысты нæ фæ- дыл... Хæмыц та ныллæг хъæлæсæй базарыд йæ уарзон зарæг: Ой, Сау хохы фиййау мын, Сау хохы фиййау мын Урс хохмæ дзырдта: — Уазджытæ дæм фæцæуы—дыууæ дыууадæс!.. Хæхтæ, цыма зарæгæн хъырныдтой, уый хуызæн æнахуыр зыланг кодтой. Дард кæдæмдæр хастой Хæмыцы зарæг. Кæд Хæмыц æнкъард зарæг кодта, уæддæр мын æхсызгон уыд. Æхсæвы мæйдары хорз фидыдта зарæг. Уæвгæ хæхты та кæд нæ фидауы зарæг! Иу айнæгыл æй ныззар æмæ дын хæх- тæ, рæгътæ æнахуыр хъæлæстæй дзуапп ратдзысты. Дæрдтыл хъуысы зарæг хæхты... — Ды заргæ нæ фæкæныс, Фидар? — æнæнхъæлæджы мæ бафарста Хæмыц. Фæлæ йæ ныхасы уагыл бæрæг уыд, зарон, нæ зарон, уый йын хъауджыдæр кæй нæ уыд. — Фæзарын... Æрмæст—мæхицæн. Искæй цур нæ,— дзуапп радтон æз, фæлæ мæм Хæмыц ницыуал сдзырдта. Стæй иуцасдæры фæстæ загъта: — Зарын хъæуы. Зарын хорз у... — Стæй йæ бæхы фæца- гайдта. Чысыл фæстæдæр мах бадтыстæм Петройы ныллæгсæр хæдзары. Хъарм уыд хæдзар, æрмæст цавæрдæр æнуд тæф кодта. Мах Васяимæ уайтагъд нæхи хъуыддæгтыл фестæм. Æз ын кастæн йæ чингуытæм, уый дæр мын чиныджы нывтæм гæсгæ дзырдта, цытæ фыст дзы уыд, уыдон. 244
Дарья, йæ хъулон раздарæн йæ уæлæ, афтæмæй уатæй на- рæг къæлидоры æхсæн дыууæрдæм рауай-бауай кодта. Уай- тагъд стъолыл февзæрд тæвд картофтæ, стæй сын Нана цы хъæбæр цыхт æмæ хоры кæрдзын рарвыста, уыдон. Картофты тæфæй нæ зынд арахъхъы лалым. Стæй зынгæ дæр куыд код- таид — чысыл йедтæмæ нæ уыд! Уый дæр нæма равдыста Пет- ройæн. Петройæн йæ хæдоны æфцæггот æвæрд нæ уыд æмæ йæ хъуынджын риу æгасæйдæр байгом. Иугай урс æрдутæ дзы æвзист æндæхтау æрттывтой. Иæ цæнгтæ уыдысты фистæг. Уы- дон дæр — хъуынджын. Хъисбæндæны сдæвдæнтæй зындысты йæ цæнгты нуæрттæ. Йæ фæсалхуыз сæрыхъуынтæ, цыма йæ хуссæнæй ныртæккæ рабадт, уый хуызæн сæмхæццæ сты. Дарья йын бауайдзæф кодта: — Петя, дæ сæрыхъуынтæ-ма ныффас, тыхсгæ дæ кæнын... Петро ницы загъта. Æрмæст йæ дынджыр къухтæй йæ сæ- рыхъуынтæ адзæбæхтæ кодта. Разæй бæргæ алæгъз сты, фæ- лæ хъусты сæртæм раздæрау хъилæй баззадысты. Петро ма- хырдæм æрбакаст. Сæ ныхæстæм сын кæй нæ хъусæм, уый куы базыдта, уæд ныллæг хъæлæсæй Хæмыцы бафарста: — Гъы, куыд рауад дæ балц? — Куыддæриддæр бауынаффæ кодтам, афтæ. — Кæм ис ныртæккæ? — Раст æй ныхасмæ æрхæццæ кодтой. — Дыууæйæ? — Дыууæйæ. — Ницы тас ын у? — Мæнмæ гæсгæ, ницы. Бафæдзæхстон æй. Ау, бадгæ йыл чи кæна, уыдон æй сæ бынæй ласын куыд бауадздзысты. Сæх- мæрза сын куыд загъта, уый зоныс? Кæд, дам, нын скъола са- раздзыстут, уæд уын æй дæттæм. Сæхмæрзайы ныхасмæ уы- цы уырыйæн фырмæстæй йæ цæстытæ рацæйхаудысты. Нæхи- он дæр цæхæртæ калдта. Хъамалвæстæй нæм лæбурынтæ систа... — Хъæбыстæ дæр дын куыд кодтаид, йæ комдзаг ын йæ хъуырæй фелвæстай æмæ... — Муссæтæм дзæбæх нынцъыхта æмæ дын уый дæр æрт- хъирæнтæ ма сиса. Мард, дам, цыдæр нæ кæны... Куырæйтты хъæуы фæзилæны суанг талынгтæм йæ размæ фæбадтæн. Æвæццæгæн та нæхион мæн рацæугæ куы федта, уæд æй нал рауагъта. Иæ амонд уыд æмæ нал рауæндыд, æндæр æртхъи- рæнтæ куыд хъæуы, æз ын уый бæргæ бацамыдтаин... 245
— Гъемæ тынг хорз бакодта Муссæ, кæй нæ йæ рауагъта, уымæй. Стырдæр хъуыддæгтæ нæ ис æз æмæ дæу, Хæмыц. Уыдон дæр нын нæ аирвæздзысты. Знон дæ хæдфæстæ гæххæтт райстон. Æвæццæгæн нæ цæуын бахъæудзæн... Мæнæ ма лæп- пуйæн исты бынат куы скодтаиккам, — бынтон ныллæг хъæ- лæсæй загъта йæ фæстаг ныхæстæ Петро æмæ та мæнырдæм аивæй æрбакаст. Æз мæхи ницы хъусæг скодтон. Вася мын кæд цыдæртæ дзырдта, уæддæр ын йæ ныхæстæй ницы æм- бæрстон. — Дарья, лæппуты схуыссын кæн. Æнафон у ныр, — загъ- та Петро æмæ Хæмыцимæ сæ агуывзæтæ бакъуырцц кодтой. Мах Васяимæ мидæггаг уатмæ бацыдыстæм. Иу сынтæ- гыл фæрсæй-фæрстæм æрхуыссыдыстæм. Вася ма мын цыдæр- тæ адзырдта æмæ афынæй. Мæн хуыссæг нæ ахста. Петроитæ, Дарья дæр семæ, афтæ- мæй æддаг уаты бадтысты æмæ сæ ныхас мæ хъустыл уад. Хæмыц хъæумæ цæмæн бацыд, Куырæйтты хъæуы талынг- тæм цæмæн фæбадтыстæм, уый нырма ныр бамбæрстон. Уы- ры... Æцæг уырыйы хуызæн уыд Муссæйы уазæг. Цы хорз ном ын æрхъуыды кодтой... Цыма йыл æндæр ном фидаугæ дæр не ’скæнид. «Æвæццæгæн нæ цæуын бахъæудзæн»... Кæдæм? Цæй тых- хæй? Æмæ æз уыдон ныфсæй куы рацыдтæн. Гыцци æмæ мæ Нана уыдоныл куы бафæдзæхстой. Уæдæмæ райсом фæстæмæ аздæхон... Цы ми ма дзы кæнын æз дæр æнæ уыдон? Уæд та мæ семæ куы ауадзиккой. Уыдон кæдæм цæуой, æз дæр уырдæм. Райсом сын зæгъдзынæн, æз дæр уемæ цæуын, зæгъгæ. Ауадз- дзысты мæ... уæвгæ ма йæ райсоммæ дæр цæмæн æргъæвын, ныр сын æй зæгъон... Хъуыды кæнын мæхинымæр æмæ раба- дынмæ хъавын мæ хуыссæнуаты. Баст дæн æви?.. Тыххæйты Васяйырдæм азылдтæн. Йæ мæллæг гом риуыл ын мæ къух æрæвæрдтон. Петройы бæзджын хъæлæс ма мæ хъусы фæрсты атахт, стæй кæмдæр сæрымагъзы атад... 3 Мигъджын райсом. Хæмыцы зæронд цырыхъхъытæ мæ къæхтыл, Петро мæ разæй, афтæмæй цæуын æрзæткъахæн- тæм. Абон цыппæрдæсæймаг бон цæуын мæ куыстмæ. Дыууæ къуырийы... Бонтæ, цыма мын Муссæйы фыстæ сты æмæ сын фесæфынæй тæрсын, афтæ сæ нымайын. Изæрæй фæлладæй, 246
донластæй куы ралæсын нæ талынг уæрмæй, уæд къæдзæх- рæбын æрлæууын, мæ дзыппæй хуийæндаг сисын æмæ йæ бал- хынцъ кæнын. Цыппæрдæсæймаг æлхынцъ æй бакæндзынæн ацы изæр. Цымæ цы ми кæнынц афонмæ? Куыд у Гыцци?.. Хъæуæй дæр цæуæг нæй. Уæвгæ дзы кæд исчи вæййы, уæд- дæр ын æз цы зонын! Боныцъæхтæй изæрдалынгтæм —æрзæт- къахæнты, изæрæй та куыдзы фæллад ныккæны адæймаг. Искæйы фæрсыныл ма вæййын! Васяйы чингуытæм дæр мæ куынæуал æвдæлы. Гыцци, æвæццæгæн, тыхстдæр куы уаид, уæд мæм афонмæ искæйы æрвыстаиккой. Гыццийы ма иу хатт уæддæр куы фенин дзæбæхæй... Петро мæ разæй фæззыгон арсау узгæ-узгæ цæуы. Йæ къа- хæн — йе ’ккой, йæ кæттаг худ йæ цæстыхаутыл æнцайы. Иннæ хæттытау ацы райсом дæр зæхмæ кæсгæйæ, æнæ исты дзургæйæ цæуы мæ разæй. Æ!рмæст хатгай уынджы искуы- иумæ йæ сæр батилы, мæ хъустыл ауайы бæзджын хъæлæс. Æз дæр Петройы фæзмын, цыма зæххæн мæ быны ныттоны- нæй тæрсын, уыйау уæззау къахдзæфтæй цæуын йæ фæдыл. Чи зоны, исчи мыл худгæ дæр кæны, æгæр раджы байдыдтай зæронд лæджы цыд кæнын, зæгъгæ. Уадз æмæ худой. Æз ку- сæгдæн. Цыппæрдæсæймаг бон æрзæткъахæнтæм араст дæн. Мæцыхъойыл дæр нал æмбæлын. Фыццаг бонты йæ дыууæ хатты дардмæ ауыдтон. Цыма мæ зонгæ дæр нæ кæны, йæхи афтæ скодта, æмæ уыцы схъæлæй дæрдты азылд. Æвæццæ- гæн, Петроимæ кæй уыдтæн, уымæн мæм не ’рбауæндыд. Стæй мæ æнæуи дæр æдас нæ уыдзæн. Нæ, цыфæнды куы уа, уæддæр ын æз иуахæмы уыцы над йæ зæрдыл æрлæууын кæн- дзынæн. Муссæйы бæсты дæр уымæй мæ мæстытæ райсдзы- нæн... Иæ лысхъын кæрц ын æз дымгæмæ ныддардзынæн. Уадз æмæ уый дæр мæ хуызæн, уазал цы у, уый бамбара... Хæмыц къуырийы размæ цинк аласта быдырмæ, фæлæ фæстæмæ нæма æрбаздæхт. Петро кæд дзургæ ницы кæны, уæддæр бæрæг у, йæ зæрдæ æхсайы Хæмыцмæ. ÆЬпынæдзух уыцы тарæрфыгæй кæсы. Ноджы фæстаг рæстæг суанг фæс- æмбисæхсæвтæм не ’рбаздæхы сæхимæ. Кæм вæййы, уымæн æз дæр, Вася дæр ницы зонæм. Æвæццæгæн æй Дарья фæ- зоны æмæ йе ’рбацыдмæ пецы фарсмæ фæбады, æз æмæ Ва- сяйы бызгъуыртæ фемпъузы. Иуæй-иухатт цæуылдæр бахъæл- дзæг вæййы Петро. Æз æмæ Васяимæ, цыма не ’мгар у, афтæ хынджылæг сисы. Хъæбысæй хæцы. Кæрæдзийы сæртыл нæ самайы. Йæ уæззау къухтæ дæр уæд рæуæгдæр вæййынц. Сы- 247
вæллоны цæстытау фæхудынц йæ дынджыр цъæх цæстытæ. Фæлæ уый стæм хатт вæййы. Уæрммæ ныххизæны раз баййæфтам Данелы. (Афтæ хо- нынц «мæ хицауы»). Уый йæ куырм цъæх бæхы рохтыл ахæц- ахæц кодта. Иæ рауæйгæнæг, йæ хицауы мæрдтæ йын хурмæ ракалдта. Ставд быд ехсæй йæм æвзыста, æрмæст æй цæвгæ кæ кодта. Бæх йæ цыппæртæ ныссагъта æмæ йæ сæр дыууæр- дæм радав-бадав кодта. Æвæццæгæн, мæгуыр, тарст, йæ сæр ын куы ныццæва, уымæй. — Куырм бæхы зæрдæ дæр ма дзы фæцъæх... Уæд ма- хыл цы куыдзы удтæ ис? — йæ цурмæ куы бахæццæ стæм, уæд бæхы рохтæ суагъта, афтæмæй загъта Данел. — Хуыцауыс- тæн, тæригъæд ын куынæ кæнин, уæд æй уæрмæй æддæмæ нæ рауадзин, стæй йыл исты куы æрцæуа æмæ мын йæ аргъ куы ныффидын кæной, уымæй тæрсын, æндæр алы райсом йемæ архайыны бæсты... Тæригъæд дæр куыннæ у, мæгуыр, ^— дыууадæс азы иу бон дæр дæ фæллад ма суадз, боны рухс мауал уын, де ’мбæлтты хуызæн иу сæрд рæгъауы ма фæхиз... Дæ хицауы мард дыл фæхастæуæд... Цом, мæ хур, Уæздан. Кæд мæ коммæ нал кæсыс, уæд та мæнæ Фидары коммæ ба- кæс. Цæуыл мын тæргæйттæ кæныс? Нæ иуыл—хъисын, ин- нæуыл — голлаг, — фæлмæн хъæлæсæй дзырдта Данел æмæ бæхы бæрзæй æрсæрф-æрсæрф кодта. — Æмæ уæдæ нæ комы, зæгъыс, нæ? — йæ къахæн зæх- мæ æриста, афтæмæй йæ мидбылты бахудт Петро. — Алы райсом ын лæгъстæ кæнынæй ме ’взаг стæнæг... Уæдæ йæ æххормаг дæр нæ уадзын. Мæхи хосы муртæ дæр ма йын лæвæрдæй фæдæн. Цалдæр хатты сын бæргæ дзырд- тон, иучысыл æй йæ фæллад суадзын бауадзут, дыууадæс а’зы уын хæрæджы куыст куы кæны, тæригъæд у, зæгъгæ. Фæлæ уæйыджы хъусы дымгæ. Хъуыды дæр мæ ничи кæны. Æмæ йыл афтæмæй исты куы æрцæуа... Мæнæ Фидары æрбацæуы- ны размæ иу бон, гыццыл ма бахъæуа, мæ быныхъæр ма ра- цæуа. Нæхионтæй кæйдæримæ ныхæстыл афæстиат дæн æмæ йæ иунæгæй рауагътон. Уый, мæгуыр, иу ран фæкалд æмæ йæ сæр къæдзæхы тигъмæ бахаста. Иæ фæдыл разгъордтон. Кæ- сын, æмæ бæхæн йæ сæры туг сæх-сæх кæны. Иæхæдæг, мæ- гуыр, къæдзæхрæбын слæууыд æмæ йæхинымæр мæн агуры. Ныууасыди. Мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззад. Зæгъын, бæх нал фервæздзæн æмæ сын æй цæмæй бафиддзынæн. Уый дæр куыннæ, ууыл дæр куыннæ хъуыды кодтон, фæлæ мæ тынгдæр 248
йæ тæригъæд æргæвста... Йæ цæф ын сапонæй ныхсадтон, дугъысыф ын ыл сæвæрдтон æмæ йын æй мæ мидæггаг хæдо- ны дысæй бабастон. Цалдæр æхсæвы нæхимæ дæр нал ацыд- тæн. йæ баст ын ногæй-ногмæ ивтон. Уæддæр йæ куыст нæ ныууагъта. Æрмæст уæдæй фæстæмæ гыццыл истæмæй дæр хæрдмæ фæхауы. Мæнæ йæ цæсты сæрмæ нос уыныс? Уый уæ- дæй нырмæ у... Данелы ныхæстæм, кæд сæ фыццаг хатт нæ хъуыстон, уæд- дæр мæ зæрдæ суынгæг æмæ Уæзданы цурмæ бацыдтæн. Йæ номæй йæм сдзырдтон, стæй йын йæ дæллагхъуыр аных- тон. — Цом, Уæздан... Изæры та дæ цъæх хосæй хорз фендзы- стæм, — загътон ын æз æмæ йын йæ дзыларбосыл рахæцыд- тæн. Бæх мæ фæдыл рацыд. — Кæсыс, æз ын райсомсарæй лæгъстæ кæнын æмæ мæ æрдумæ дæр нæ дары, фæлæ Фидары иунæг ныхасыл куыд сразы... Цу, мæ хур, Уæздан, цу... Науæд æгæр лæгъстæтæ кæнæм кæрæдзийæн ацы райсом, — йæ мидбылты бахудт Да- нел æмæ бæхы агъд йæ къухæй æрцавта. — Гъы, куыд у, исты арæхсы? — бафарста Данелы Петро æмæ мæ фæстæ ракаст. — Уæздан æвзæрты фæдыл къахдзæф дæр нæ акæндзæн. Кæд цæстæй нæ уыны, уæддæр зондджын бæх у, — дзуапп радта Данел, уый дæр йе ’ргом мæнырдæм раздæхта æмæ мæм йæ цæст хин ныкъуылд æркодта. — Æвæццæгæн æй иу минут йæ фæллад суадзын дæр нæ уадзыс. Лæппуйы хуызыцъыртт нал ис, уый нæ уыныс? — Æмæ бадын хуыздæр у æнхъæлыс? Æз æй мæхицæй зонын, иучысыл куы æрбадын, уæд ме ’уæнгтæ бынтондæр æрызгъæлынц. Ныддыдæгътæ вæййынц. Раст зæгъын хъæуы, æнæхин куыст кæны, æнæзивæг лæппу у... — Нырма сывæллон у, каст æм куынæ уа, уæд исты низ ссардзæн. Иæ хæдзары — рынчын мад, зæронд ус... — Петро, ды мæнæн цы æнхъæл дæ?.. Мæнæн зæрдæ нæй? Тæригъæд ын нæ кæнын? Уæзданæн дæр ма куы тæригъæд кæнын, уæд уый нырма саби куы у. Нæ, кæд мыл истæуыл гуырысхо кæныс, уæд ын ныртæккæ йæхи бафæрс, — Петройы ныхасмæ сцырын Данел. — Хъаст дæ ницæмæй кæнын, Данел. Æгæр-æгæр куы кæ- на, уæд-иу ын йæ рохтыл æрбахæц. Ацы хæхтæ мах хуызæтты бирæ батыдтой... Цæй, уыдон се ’ппæтдæр хорз, фæлæ дæм 249
æз æндæр хъуыддаджы тыххæй æрбацыдтæн. Миййаг, исты, уæд-иу æм... — ууыл Петро æмæ Данелы ныхас аскъуыд, æр- мæст ма сæ иунæг Хæмыцы ном фехъуыстон. Уæздан мæнмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй йæ зонгæ фæн- дæгтыл сæргуыбырæй араст. Нарæг хуыккомæй ма мæм зын- ди хъуынтъыз арвы гыццыл гæбаз. Мигътæ кæдæмдæр хыл- дысты. Уымæл дымгæ дымдта уæрмæй. Данел зынæг нæма уыд. Æз кастæн мигътæм æмæ та мæ цæстытыл ауадысты нæ хъæу, нæ фосхизæнтæ, Дзæбидырджыны уыгæрдæнтæ. Раст зæгъын хъæуы, фиййауæй мын бирæ æнцондæр уыд. Уæлдай- дæр сæрдыгон — мæнæргъытæ, мæцкъуытæ, саунæмыг... Но- джы уыцы хъæргæнаг æхсæрдзæнтæ, сæр-сæргæнаг суадæт- тæ... Ам та — ингæнау талынг, йæ уæлдæф дæр хурхыуадындз- тæ ардуанæй хафæгау кæны. Алы къуымтæй хуыфъшц адæм. Суанг ма Уæздан дæр хатгай тархъæнджын адæйма- джы хуыфт сисы. Данел куыд дзуры, афтæмæй куырм дæр ам бацис. Æмæ дзы, цымæ, уæд адæм нæ куырм кæнынц? Йæ талынг дæр мын уый нæ кæны, йæ донæй йын куыд тыхсын. Хæхтæ, цыма нæ мæгуырдзинадыл кæуынц, уый хуы- зæн алырдыгæй сæ цæссыг згъалынц. Сæ дон бынмæ цъыкк- цъыкк кæны. Иу хус бынатыл дзы никуы æрлæудзæн адæй- маг. Хуыцау хорз, æмæ мах Данелимæ иу ран нæ лæууæм. Бон-изæрмæ дыууæрдæм кæнæм доны, цъыфы. Уæздан нæ астæу, мах йæ фæйнæ фарс, афтæмæй йын æххуыс кæнæм йæ уæззау уæргътæ хæссынæн. Æрзæт æвгæнгæ дæр, калгæ дæр нæхæдæг кæнæм. Фыццаг æртæ боны уазал доны мæ къæхтæ артау сыгъдысты. Изæрæй-иу сæ сисын нал фæрæзтон. Ныр чысыл фæцахуыр дæн æмæ мын афтæ тынг нал судзынц. Æвæццæгæн, ацы ныккæнды чи кусы, уыдон хорз адæм куынæ уаиккой, уæд сæ иу дæр къуырийæ фылдæр нæ бафæразид кусын. Бон-изæрмæ сæ уæззау дзæбугты къупп-къупп не ’нцайы, фырхуыфтæй ныффæсус вæййынц. Фæлæ хатгай уы- донмæ бакæсын диссаг у. Цыма æгас ду’нейыл уыдонæй амондджындæр нæй, уыйау сæ зарæгæй æрзæткъахæнты къул- тæ ныццарауынц. Сæ дзыхæй цы не ’схаудзæн, ахæм сын нæй. Стæй кæрæдзиуыл куыд æнувыд сты... Иу дзы истæмæй куы фæтыхсы, уæд иннæтæ йæ уæлхъус æрбалæууынц, феххуыс ын кæнынц. Мæныл та уæлдай æнувыддæр сты. Æвæццæ- гæн, се ’ппæтæй гыццылдæр кæй дæн, уый тыххæй афтæ у. Æнæ хъазæн ныхас зæгъгæ, æнæ ныфс авæргæ сæ ничи ацæу- дзæн мæ рæзты. Æмæ мæм афтæ кæсы, цыма иу бон куы не 250
’рбацæуин мæ куыстмæ, уæд заргæ дæр æмæ худгæ дæр не ’скæниккой. Данел кæй нал схудид, уый мæ уырны... Данел... Æз арæх фæхъуыды кæнын Данелыл. Изæрæй нæ к^ыстæй куы рацæуæм, Данел Уæллаг Садонырдæм куы араст вæййы, уæд мæ цыма исты ферох, афтæ йæ фæдыл фæс- тæмæ фæкæс-фæкæс байдайын. Уæлиау кæцæйдæр ма мæм йæ къух фæтилы. Стæй йæ райсомæй Уæзданимæ ныхасгæн- гæ куы æрæййафын, уæд мын мæ къухы исты æнæ фæтъысгæ нæ фæвæййы: дзидзайы мур, цыхты къæртт, донгонд дзулы карст... — Цалынмæ Уæзданимæ ныхæстæ кæнон, уæдмæ уал исты ахæр. Лæппуйы хæрынæй чи æфсады!.. Стæй уæд райдайы йæ ныхæстæ Уæзданæн. Цæмæй йæ нæ бафæрсдзæн, цы ныхасы дзæбæхдæр ын нæ зæгъдзæн!.. Уæздан дæр йæхи ныхъхъус кæны, йæ даргъ цæстыхаутæ тъы- бар-тъыбур сисынц. Цыма уый дæр Данелы йæ хабæрттæй фæфæрсы, уый хуызæн æм йæ урс цæстытæй æрбакæсы. Æмæ уæд бынтон фæкъæртт вæййы Данел. йæ хабæрттæ сæрæй- бынмæ ракæны Уæзданæн. Мæсты кæмæ вæййы, уыдонæн мад, фыд нал ныууадзы. Кæйдæр цъæх хæрæгæй йын фелгъи- ты йæ хицауы. Афтæ вæййы боны райдайæны, афтæ вæййы бон-изæрмæ, цалынмæ нæ куыст фæвæййæм, уæдмæ. Данел йæхæдæг куыд дзуры, афтæмæй хъазахъхъаг служ- бæйы уыд. Кæмдæр æй хæсты йæ бæх фервæзын кодта мæлæ- тæй. Æмæ уæдæй нырмæ бæхы нымайы йæ зæд, йæ хуыцауы- хайыл. Æмæ не ’мбæлттæй исчи Уæзданы куы ныццæвы, науæд æм схуыст ныхас куы скæны, уæд ын уый йæ тъæнгтæ ацæгъды. — Цæуыл ыл дæхи марыс? Уагæр ма дæхи куы уаид,— цæмæй та Данелы ракъахой, уый тыххæй фæзæгъынц йе ’мбæлттæ ахæм сахат. Данел сæм исдугмæ æнæисты дзургæйæ фæкæсы, стæй æрæджиау дзуапп ратты: — Æмæ цы уæлдай у?.. Йæ хицау чи у, уый куы зонид, уæд сымах хуызæн бирæгътæй раджы фæлыгъдаид... Иæ уæз- зау уæргътæ йын иу-дыууæ боны куы фемпъухиккат, уæд æй базониккат, Уæздан чи у, уый. Æгæр дзæбæх уын кæй кусы, уый тыххæй ма йæ æфхæргæ дæр кæнут? Уæдæмæ уын бæсты ницы цæуы... Ехс æм дзæбæх ис Данелмæ. Æрмæст æй даргæ цæмæн кæны, уый нæ зонын. Йемæ куы кусын, уæдæй нырмæ дзы иу хатт дæр нæма ныццавта Уæзданы. йæ сины сæр æй æппынæ- 251
дзух тъыстæй дары. Йæ хъæд ма ронæй ихсигæ дæр бакодта. Æз æй иухатт, цы дзы кæныс, зæгъгæ, бафарстон. Уый мæм дисгæнæджы каст æрбакодта. — Макуыуал æй зæгъ... Бæх æнæ ехсæй? Æмæ уæд цæй бæх у уый? Цæмæн бæззы бæх æнæ ехсæй?.. Хæмыцитæ мæ цалынмæ ардæм æрбакодтой, уæдмæ, æвæццæгæн, се ’хсæн ныхас уыд, цы куыст ын радтæм, зæгъ- гæ. Цæмæй Данелимæ куыстаин, ууыл сразы сты се ’ппæтдæр, æмæ, раст зæгъын хъæуы, æз æмæ Данелæн иннæтæй æнцон- дæр уыд. Мах æрзæт нæ къахтам, уæззау дзæбуг æмæ къахæ- нæй нæ хостам къæдзæх. Махæн уыд æххуысгæнæг — Уæздан. Мызд та не ’ппæтдæр æмхуызон истам. Æз дæр нымад уыдтæн иннæты хуызæн кусæгыл. Уымæ гæсгæ, кæд мын цыфæнды зын уыд, уæддæр мæхиуыл нæ ауæрстон. Хатгай-иу Данел хуыфæ- гæй куы басур, йе ’стыр сатæгсау цæстытæ-иу сæ бынæттæй рагæпп æввонг куы систы, йæ мæллæг цæсгом-иу миты къæрт- тау куы ныффæлурс, уæд-иу мæм йæ къухæй ацамыдта, цу, мæнмæ ма æнхъæлмæ кæс, æз дæр дæ феййафын, зæгъгæ. Уæзданимæ-иу рацыдтæн, йæ уæргътæм дыууæрдæм æвнал- гæйæ, къæдзæхы талынг фæрстыл къуырттытæгæнгæйæ. Ме ’рбаздæхтмæ дæр-иу йæ хуыфынæй нæма банцад Данел... Рынчын уыд, иннæтæй лæмæгъдæр уыд Данел. Æвæццæ- гæн ын уыцы куыст дæр уымæн радтой. Хæларзæрдæ, хъæл- дзæг адæймаг. Ме ’нæхъаруйæ уæлдай ма цæмæй æнкъард дæр ма кодтаин, æвæццæгæн, мын уый тыххæй скодтой Да- нелы хицау. Æз тынг разы уыдтæн, Данелимæ кæй куыстон, уымæй. Дзургæ дæр мæм æрмæстдæр «ме ’рдхорды фыртæй» кодта. Иу бон, цæуылдæр æнкъард кæй уыдтæн, уый бафип- пайдта, Уæзданы æд уæргътæ баурæдта, фæздæгкалгæ цыра- гъы рухсмæ мæм комкоммæ ныккаст æмæ загъта: — Гъе, гъе, ме ’рдхорды фырт, уый дæ фындз куы æруагъ- тай, æнхъæлдæн. Цы хабар у? Исты дæ, миййаг, риссы? Нæ? Уæдæ ма мæнмæ хъус, ме ’рдхорды фырт... Æнкъард кæнын цы у, уый зоныс? Уый æххормагæй дæр фыддæр у. Лæджы маргæ кæны... Хъус-ма, æз дын Къостайы ныхæстæ ракæнон: Æлгъыстæй, уæд надæй Цы нæ бавзæрстон! Уæддæр иу «дæ-да-дæй» Куы ныццæлхъ ластон! — Афтæ гъе, ме ’рдхорды фырт, — йæ ныхас даргъ аивæз- та Данел æмæ мын ме ’уæхск æрхоста. —Дæ зæрдæйæ, мæныл 252
не ’скæны ахæм бонтæ? Уал хорзы нæ дыууæйы дæр куы уаид. Хатгай мыл низтæ афтæ æртымбыл вæййынц, æмæ ма мæ зæр- дæйы фæстаг уидаг хæлуарæджы тынау фæзыр-зыр кæны... Ахæм заман дæ къæхтæ адаргъ кæн æмæ фæдæ. Нæ, ме ’рдхор- ды фырт, мæлынмæ нæ не ’вдæлы ныртæккæ. Уыйбæрц кæм бафæрæзтам, уым ма ныр гыццыл ницæй тыххæй нæ кард къæдзилыл асæтта? Нæ, ме ’рдхорды фырт, дæ сæрыл уæлæмæ схæц, райсом хурдæр бон уыдзæн... Æмæ та ногæй базарыд: Æлгъыстæй, уæд надæй Цы нæ бавзæрстон! Уæддæр иу «дæ-да-дæй» Куы ныццæлхъ ластон! ...Æз Данелмæ нал фæлæууыдтæн, Уæздан иунæгæй исты куы кæна, зæгъгæ, йæ фæдыл атагъд кодтон. Кæцæйдæр мæм хъуыст, доны куыд цъæпп-цъæпп кодта, уый. Æрзæт кæцæй хастам, уырдæм куы бахæццæ, уæд æрлæууыд. Æнхъæлмæ каст Данелмæ, мæнмæ. Цалынмæ йын йæ уæргътæ дзаг код- тон, уæдмæ мæ Данел дæр æрбаййæфта. Уыцы боны хуызæн æнувыд мыл никуы уыд Данел. Рæстæ- гæй-рæстæгмæ мын зæрдæвæрæн ныхæстæ кодта. «Адæймаг зынтæн райгуыры, зынтæн фæразын хъæуы, ме ’рдхорды фырт», — иннæ бонтæй хъауджыдæр мын афтæ цæ- мæн дзырдта, уымæн ницы бамбæрстон. Цыдæр бæллæхмæ мæ кæй цæттæ кæны, уый бæлвырд уыд. Хатгай-иу мын æй цыма зæгъынмæ дæр хъавыд, афтæ мæм каст. Фæлæ мын æй цæуыннæ хъæр ,кæны? Мæ фыды æрдхæрдтæ куы сты. Уый- бæрц сывæллон дæр куынæуал дæн. Уый дын иу æхсæв Хæ- мыц æмæ Петройы ныхæстæ. Абон дæр та Хæмыцы кой... Кæд ыл исты æрцыд?.. Стæй Петро ацы æрзæткъахæнæй цæмæн аивта? Ау, ам дæр йе ’мбæлттæ куы кусынц. Нæ, цыдæр у. Хуымæтæджы не ’мбырдтæ кæнынц Петройыл, Хæмыцыл... Фæссихор нæм дыууæ æнахуыр лæджы æрбацыд. Сæ уæ- лæ — арфхъус резинæ цырыхъхъытæ, кæттаг хæдæттæ. Да- нел мын куыд бамбарын кодта, афтæмæй сæ иу уыд æрзæт- къахæнты хицауадæй, иннæ та пъæлицæйæ. Æз дзы иуы дæр никуы федтон æмæ сыл дис кодтон, ам цы архайынц, зæгъгæ. Иу ранмæ нæ æрæмбырд кодтой. Æрзæткъахæнты хицауы æр- выст лæг нæ размæ рацыд, йæ лыстæг сатæгсау рихитæ азДыхта æмæ цъæхснаг хъæлæсæй райдыдта: .'— Хорз адæм, сымах стут, хæхбæсты чи райгуырд, ахæм 253
адæм. Уæ хæхты бирæ кæй уарзут, уый дæр зонæм. Уадзгæ дæр сæ нæ ныккæндзыстут... Стæй кæдæм фæцæудзыстут? — Цы зæгъынмæ хъавыс, уый ма нын цыбырдæр зæгъ. Дæ ныхæстæ уæрмæй ласæгау куы ласыс,— æнæнхъæлæджы йæ дзырд баппæрста Данел æмæ цыма йæ ехсмæ æвнæлдта, уый хуызæн йæ рахиз къух фæстæмæ акодта. — Хъусгæ уал бакæн, кæд йæ дзыхæй сызгъæринтæ схау- дзæн, уæд та!—Данелмæ бауырдыг пъæлицæйаг. — Омæ уæдæ хохы кæй райгуырдыстæм, уый нæхæдæг нæ зонæм?.. Ныхасгæнæг, цыма йын йæ хæдоны æфцæггот йæ хъуыр æлвæста, уый хуызæн ын йæ сæхтæг суагъта, Данелырдæм тарæрфыгæй бакаст æмæ дзырдта дарддæр: — Ома, ницы уынæм, ницы хъусæм, уый æнхъæл ма ут. Уынæм, хъусæм. Фæстаг заман чидæртæ уе ’хсæн æ ’взæгтæ кæй суагътой, нæ ныхмæ уæ кæй ардауынц, уый хорз зонæм. Чи сты, чи уæ ардауы, уыдон? Уæрæсейæ кæй фæсырдтой, æмæ ам хæхты чи бамбæхст, ахæмтæ. Уыдон — абон ам, рай- сом та, кæдæм сæ бафæнда, уырдæм ныкъкъуырдзысты. Сы- мах та кæдæм фæлидзинаг стут? Уæ бынтæ, уæ цæрæнтæ, уæ уæлмæрдтæ кæмæн ныууадздзыстут? Уе ’хсæны дæр, сæ фарс чи хæцы, ахæмтæ ис. Кеволюци!.. Уыдон æрмæстдæр змæнтæн ныхæстæ сты. Цæй революци æмæ цæй хæрæджы дымæг!.. Нырма уал уæ бинонтæн къæбæры фаг кусут, цæмæйдæрты сæ дарут, фæлæ уын куыст куынæуал уа, уæд цы фæуинаг стут? Бамбæрстат мæ? Уыцы змæнтджытæ уæ цæуыл арда- уынц, уый æмбарут?.. — Бахатыр ма кæн, — йæ ныхас ын айста Данел.— Тынг хорз дзурыс, фæлæ ма нын иу хъуыддаг бамбарын кæн: ды зæгъыс, уæ хæхтæй никуыдæм ацæудзыстут, зæгъгæ. ’ Раст зæгъыс. Æрмæст ма, дæлæ дæ къæхтыл цы цырыхъхъытæ ис, махæн дæр ахæмтæ куы æрбахастаис, уæд æвзæр нæ уыдаид. Кусгæ уын мах куы кæнæм, гормæттæ... Фæйнæ цырыхъхъы аргъы пайда дæр уын не ’стæм? Стæй нын, уæртæ дæ уæлæ цы кæттаг ис, иу фæйнæ ахæмы дæр куы æрбахастаис, уæд мах дæр хъæлдзæгдæр уаиккам. Дæ къæхтæм уымæл нæ бахъардта? Нæ? Уæдæ мах та нæ сæрыхъуынтæй нæ зæвæт- тæм донласт вæййæм алы бон дæр. Æнæуи кæй зæгъыс, уы- мæн та мах зонгæ ницы кæнæм... Талынг, хæххон мæгуыр адæм. Чидæр цыдæртæ кæны, уый мах хъуыддаг нæу. Мах кусын зонæм æмæ кусæм... Революци кæй хоныс, уый дæр кæд 254
хорз хъуыддаг у, уæд æй хуыцау дзæбæхæй æруадзæд... Мах уазæгæн хорз стæм. Æрмæст нывыл уазæгæн. Уæвгæ дын уый амонын нæ хъæуы, дæхæдæг æй зоныс... Ныхасгæнæгæн йæ лыстæг рихитæ сæ мидбынаты скафы- дысты. Иæ хæдоны æфцæгготы дыккаг æгънæг дæр суагъта, йæ даргъ къубал хæрдмæ сивæзта æмæ Данелмæ йе ’рфгуы- ты тарæй бакаст. Пъæлицæйаг та ныхасгæнæгмæ мæсты код- та, куыд æм хъусыс, зæгъгæ. Æз мæхи хæстæгдæр баластон Данелмæ, аивæй йын йæ хъусы бадзырдтон: — Ныууадз сæ... Мæсты кæнын байдыдтой... — Бæхæй зæгъыс? Ницы кæны. Нæ хицæуттæ куы фæра- зынц, уæд уый иучысыл куы алæууа, уæд цас диссаг у?.. — ныхас иннæрдæм аздæхта, афтæмæй мын дзуапп радта Да- нел, стæй мын сусæгæй мæ хъусы æрбадзырдта: —Ма тæрс, ахæм хъæбатыр не ’сты. Ахæм ран ницы бауæнддзысты. — Ды!.. Ды!.. —тыххæйты баурæдта йæ маст лыстæг ри- хиджын, стæй фесхъæл æмæ ивазгæ ныхасæй загъта: — Æз æрбацыдтæн... цæмæй уын фехъусын кæнон... бам- барын кæнон... кæд уæ кусын фæнды, уæд уыцы змæнтджы- тæм ма хъусут... Уæ цард уын халгæ кæнынц... — Бахатыр кæн, дæ ныхас та дын исын... — Банцай! Мæнмæ уал байхъус, — Данелыл йæхи сцагъ- та лыстæг рихиджын. — Байхъус æм, кæд йæ дзыхæй сызгъæринтæ схаудзæн, уæд та, — йæ ныхас баппæрста пъæлицæйаг дæр. — Ды та уыцы сызгъæринты бын бабырыдтæ... Мæсты цæуыл кæнут, уæ хорзæхæй? Æз нæ хицауы иу хъуыддагæй бафæрсынмæ хъавын, — рихиджынырдæм йе ’ргом аздæхта Данел. — Дæ хорзæхæй, фырт дын нæй? Ис. Фидары йас? Гъемæ кæд ацы згъæр афтæ æхсызгон хъæуы, уæд, гормон фæуинаг, дæ фырт иу къорд боны цæуылнæ акусы? Фабри- кæн æрзæт нæ фаг кæны, зæгъгæ, уæд нæ уæнгуыты дзывыр саразын ис дæ зæрды? Гъемæ нын дæ фырт аххуыс кæнæд. Фидарæн дæр хъæлдзæгдæр уыдзæн. Куыд, дæ зæрдæмæ нæ цæуы мæ ныхас?.. Цæуыннæ исты дзурыс?.. Рихиджын, цыхма сындзытыл лæууыд, уыйау йæ мидбына- ты цъилау ныззылд, Данелмæ фæкаст æмæ цæугæ-цæуын йæ фындзы бын загъта. — Тфу!.. Дзæбæх ныхас дæр не ’мбарынц! — Бамбæрстам дæ. Гъей, нæ хицау, хъаст нæ ма ахæсс! Дæ цырыхъхъытæ нын куы ныууагътаис...— йæ фæдыл ма 255
адзырдта Данел æмæ зæрдиагæй ныххудт. Ныххудтысты ин- нæтæ дæр. Рихиджын æмæ ма пъæлицæйагæн цыма уыцы худтæй лыгъдысты, уый хуызæн дæлиау кæцæйдæр сæ цъæпп- цъæпп æрбайхъуыст. — Йæхицæй æдылыдæртæ агуры. Ничи йæм кæсы, йæ ны- хас кæцæй райдыдта. Змæнтджытæ. Ардауджытæ. Æнæ уы- дон дæр ардыд куы стæм, — загъта чысыл фæстæдæр не ’мбæлттæй иу. — Хорз ын фæдæ, Данел. Дæ цæрæнбон бирæ. — Сæ быны дон хуымæтæджы нæ бацыд. Æмбарынц æй, сæ миттæ тайын кæй байдыдтой, уый. Се ’взаг дæр уымæн суагътой. Балхæнынмæ нæ хъавынц, — бафтыдта йыл дыккаг æмæ уый дæр Данелæн раарфæ кодта. — Уыдон былдауæн ныхæстæ уыдысты. Къуымты сырдо- пы гаццайы ракæс-бакæс куыд кодтой. Æндæр чидæр сæ хъуыд,— дзуапп радта Данел æмæ, цыма йæ ныхæстæн ис- кæмæн фехъусынæй тарст, уый хуызæн йæ алывæрстыл йæ цæстæнгас ахаста. Стæй сабырæй йæ ныхас фæци: — Ныртæккæ ахæм рæстæг у, æмæ кæцы сахат цы æрцæу- дзæн, уый бæрæг нæй. Хæмыцы тагъд ардæм хъæуы, уый бæл- вырд хабæрттæ æрбахæсдзæн. Æрмæст, хъусут, махæйиудæр ничи ницы зоны... Ничи нæ ницы фехъуыста. Мах—талынг, мæгуыр хæххон адæм революцитæ йедтæн цы æмбарæм!.. Данел, иннæтæй хъауджыдæр, мæнмæ цавæрдæр æнахуыр цæстæй æрбакаст, йæ къух мын ме ’уæхскыл æрæвæрдта. — Цом, Фидар, Уæзданы цæстытæ нæм æнхъæлмæ кæсы- пæй ныуурс сты... Æз, кæд кусгæ кодтон, уæддæр мæ сæры зылдысты Дане- лы ныхæстæ. Хъуыды кодтон Хæмыцыл, Петройыл. Хуыцау хорз, æмæ Петро уыцы сахат уым нæ фæци. Хæмыцæн дæр йæ амонд уыд æмæ быдырæй нæма æрбаздæхт, æндæр сæ, Дане- лы загъдау, раст ардыгæй ахæр-хæр ластаиккой. Данел дæр сæ æгæр схæрам кодта йæхимæ. Исты йын куы кæной... Уæвгæ сын цыма æвзæрæй дæр ницы загъта... Фæлæ сын, æвæццæгæн, Петройы загъдау, гыццыл æфсон йедтæмæ нæ хъæуы. Хæмыцы та уæлдайдæр, Муссæйы бирæгъ æй афтæ- мæйты ныууадза... — Петройы агурынмæ ацыдысты?—иуахæмы бафарстон Данелы. Данел йæ хуылыдз куырæты дысæй йæ ныхы хид асæрф- та, уæрмы тæдзгæ цармæ скаст æмæ дзуапп радта: — Петройы. Фæлæ байрæджы кодтой. Афардæг. Иæ фæд 256'
дæр ын нал ссардзысты Петройæн. Афтæ, гъе, ме ’рдхорды фырт... Изæрæй нæ куыст куы фæци, уæд уæрмы дуармæ æрлæу- уыдтæн, мæхи къæдзæхыл банцой кодтон, мæ хуийæндаг си- стон æмæ дзы цыппæрдæсæм æлхынцъ бабастон. Уæззау къахдзæфтæй рацыдтæн. Хур раджы аныгуылд. Райсомы мигъæн йæ хъæр, йæ кой дæр нал уыд. Уæллаг Садоны рагъ- æй мæм дзæбæх зынди Данел. Уый, æвзонг тала дымгæмæ куыд таса, афтæ æртас-æртас кодта. Æвæццæгæн та йæ уыцы фыдбылызы хуыфæг æрцахста. Стæй йæхи сраст кодта æмæ мæм йæ къух батылдта. Æз дæр ын дзуапп радтон: — Бузныг, Данел. Абон мæ мæ цæстæй ракæсын кодтай. Бу-у-узныг!.. 4 Дзæбæх æрталынг, афтæ хъæумæ бахæццæ дæн. Данелитæ мæ сæ ныхæстæ кæй нæ басусæг кодтой, уымæй мæхицæй тынг ныббузныг дæн. «Нымайынц мæ, æууæндынц мыл», — хъуыды кодтон мæ- хинымæр æмæ, цыма уыцы бон дæс азы хистæр фæдæн, мæ тыхыл цалдæр тыхы бафтыд, уый хуызæн сæрыстырæй цыд- тæн Садоны уынгты. Уыцы изæр мæм хъæуы къулыбадджы- тæ дæр æндæр цæстæй кастысты. Ас адæмæй мын чидæртæ сæ сæртæй дæр акуывтой. Æрмæст истæуыл цин кодтон æви тыхс- гæ, уый мæхæдæг дæр дзæбæх не ’взæрстон. Мæ зæрдæ æх- сайдта Петромæ, Хæмыцмæ. Искуы сæ размæ куы бабадой, куы сæ æрцахсой... Ноджы сæ абон Данел дæр йæхимæ смæс- ты кодта. Кæдæм хъуамæ æрбацæуа Хæмыц? Кæд ын йе ’рбацыд зонынц æмæ искуы йæ размæ бадынц, уæд та?.. Цы ми кæнынц афонмæ Дарья æмæ Вася?.. Зилгæдымгæйау мæ сæры зылдысты хъуыдытæ. Мæ зæр- дæ мын агайдтой. Мæ фыды æрдхæрдтæн исты æххуыс кæй фæуыдзынæн, сæ фарсмæ кæй æрлæудзынæн, уый мæ цавæр- дæр ныфс уадзы. — Хæмыцы размæ цæуын хъæуы, йæ фæдыл кæй зилынц, уый йын рагацау бамбарын кæнын хъæуы... Петроты хæдзар баййæфтон змæстæй. Дарья тарстхуызæй базты бумбулитæ æмбырд кодта æмæ кæйдæримæ хæцыд. Ва- ся дæр йæ чингуыты скъуыдтæ сынтæджы бынæй ласта æмæ сæ кæрæдзи сæрыл æвæрдта. 17 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 257
— Цы æрцыди, Дарья? — мæ хуыз фæцыд, ме ’взаг мæ комы нал бадт, афтæмæй бафарстон æз. — Нæ сызгъæринтæм нын агурынмæ æрбацыдысты æмæ нын мæнæ нæ базтæ иннæрдæм рафæлдæхтой. Æдылы къоп- патæ, мах мæнæ цы бахæрæм, ууыл катайтæ кæнæм, уыдон та нæм джигул кæнынц. Бомбæтæ нæм агурынц, — дзуапп радта Дарья, стæй Васямæ фæдзырдта: — Марадз-ма, Фидаримæ сынтæджытæ сæ бынаты сæвæ- рут... — Петро... Уый сып афтæ æнцонтæй нæ бакомдзæн. Уымæн ма тæрс, Фидар. Вася сынтæджы бынæй рабырыд. Иæ чингуытæ рудзын- джы тарвазыл æрæвæрдта, йæ сæрыхъуынтæй бумбулийы муртæ ацагъта æмæ загъта: — Дæ дзабыртæфелвас. Дæхуд сисын дæр дæ куы ферох... — Æна, тыхсгæ ма кæн, мах сæ ныртæккæ сæ бынæтты авæрдзыстæм. Хæдзар æфснайд куы фестæм, къæбæр куы бахордтам, уæд нын Дарья загъта: — Лæппутæ, ахсæв уын хуыссæн нæй, уæхи дзæбæх схъарм кæнут æмæ — фæндагмæ. Хъусут, ныртæккæ уын æз кæй зæгъон, уый уæхи йедтæмæ куыд ничи зона, афтæ... Дзырд мын дæттут? — Хæмыцы размæ? — мæхи нал баурæдтон æз. — Зоныс æй? Гъемæ, хорз. — Мах та ма дæ нæхи ракурынмæ хъавыдыстæм... — Уæдæ фæстиат мауал кæнут. Хъусут, цалынмæ хъæуæй ахизат, уæдмæ доны былты ацæут. Уым фæсвæддæр у. Исчи уæ куы баурома, уæд-иу, кæдæм цæут, уый ма схъæр кæнут... — Цæй, цыма гыццыл сывæллæттæ стæм, уый ныхæстæ нын цы кæныс, Æна. Æндæр искæуылты куы æрбацæуа, «ма- иу бафынæй ут», —тæргайхуызæй загъта Вася æмæ йæ фыды дынджыр кард йæ лалтойы дысы амбæхста. Рацыдыстæм. Уынгты искуы-иу змæлæг йедтæмæ ничиуал уыд. Æрзæткъахæнты къанторы уæладзыгæй ма рухс калд. Кæйдæр гæмæх сæры тенка дзы æрттывта. Къанторæй чысыл дæлдæр иу ныллæг хæдзары дуармæ лæууыди æд саргъ, æд идон бæх. Æмбонды сæрты тарстхуызæй мидæмæ каск Тыргъты чидæр ныхас кодта. 258
— Нæ, ныллæууæн мын иæй!.. Райсом мæ раджы... Уæ минас бирæ уæд... Æз Васяйы цонг ацахстон. Дыууæйæ дæр нæхи æрныллæг кодтам. — Хъусыс, Муссæ!.. — æнцадгай йæм бадзырдтон æз. — Муссæ? — дуры аууонæй йæ къубал сивæзта Вася.— Хæмыцы размæ ма цæуæд?.. — Нæ зонын. Фæлæуу-ма, байхъусæм æм... Муссæ уыд къуымæлдзæф, фæлæ йæ ныхас нæ хæлдта. — Нæ, нæ... Мауал мæ фæстиат кæн,—лæгъстæ кодта хæдзары хицауæн.—Æрæджы мын кæны. Уæвгæ нырма раджы у. Куы йæ зоныс, ме ’фсургъмæ иунæг æвзыст куы фæ- кæнон, уæд, ды дæ фæлмæн базмæ дæ сæр дæр нæма æруадз- дзынæ, æз афтæ уым балæудзынæн. Хуыцауыстæн, уый ахæм хайуан у, æмæ мæ цыфæнды нозтджынæй дæр, цыфæнды афон дæр мæ бынатыл сæмбæлын кæндзæн... Айразмæ иу ран дзæбæх фæкастыстæм нæхимæ... Мæнæ ацы ницæйаг белги- йæгтæ дæр немæ уыдысты... Æмæ, хуыцауыстæн... — Цом! Хиды нарæгмæ йæ разæй фæуын хъæуы, — загъ- тон æз æмæ Васяйы йæ цонгæй мæ фæдыл аскъæфтон. Талын- джы, доны былтыл, дурты сæрты гæппытæгæнгæ, хиды нарæ- джы балæууыдыстæм. Хиды фаллаг фарс дуры аууон æрбадтыстæм. Фæндагыл иу цæуæг дæр, иу змæлæг дæр нæ уыд. Хæххон нарæг хиды бын дæлиау кæмдæр дон абухта. Ком афтæ арф уыд, æмæ йæ бын зынгæ дæр нæ кодта. Вася хиды былмæ бацыд, бынмæ иыккаст æмæ загъта: — Мæлæты арф нæу. Ардыгæй лæг ахауд, уæд ын йе ’стæгдар дæр ничиуал ссардзæн. — Уæдæмæ дзы Муссæйы асхойæм... — Куыд? — сонт фарст мæ акодта Вася. — Хидмæ куы æрбахæццæ уа, уæд ып йæ бæхы фæтæр- сын кæндзыстæм æмæ дыууæйæ дæр былæй атæхдзысты. — Æрмæст бæхæн йæ сæрмæ хъавын хъæуы. Фæлæ... Ауылты куынæ рацæуа, уæд та? — йæ ныхасы кæрон бафарс- та Вася æмæ, цыма уыцы сахат Муссæйы бæхы ныццæвын- мæ хъавыд, уый хуызæн дур систа. — Æнæмæнг æй ауылты хъæуы. Кæд Хæмыцы размæ цæуы, уæд ын ацы хидыл æнæ рахизгæ нæй. Сæхимæ дæр фæндаг ауылты у, — дзуапп радтон æз æмæ дзæбæх цыргъ 259
дур систон. Фæстæмæ та нæ бынæтты æрбадтыстæм. Муссæйы бæхы куыд фæтæрсын кæндзыстæм, ууыл бæлвырд æрныхас кодтам. Бæх нын тæрсын кæнын куынæ бакома, Муссæ нæ топпæй æхсын куы байдайа, уæд кæм æмбæхсдзыстæм, уый дæр нын хъуыдыгонд уыди. — Цы уа, уый уæд. Æрмæст тæрсгæ нæ! — фидарæй загъ- там мах кæрæдзийæн. Æмæ кæд нæ дыууæйæн дæр нæ зæр- дæты гуыпп-гуыпп цыд, уæддæр æй кæрæдзийæн нæ хъæр кодтам. Æдзынæг кастыстæм фæндагмæ. Бæргæ, цалынмæ Муссæ нæма зыны, уæдмæ Хæмыц куы æрбахæццæ уаид, уæд, æвæццæгæн, нæ зæрдæтæ дæр афтæ тынг нæ гуыпп-гуыпп кæниккой. Уазал дæр нæм афтæ тынг нæ хъарид. Алы сы- быртт дæр нæ тас нæ уадзид... Фыццаг нæ хъустыл ауад бæхы къæхты хъæр, стæй фæн- дагыл фæзынд сау æндæрг. — Æрцæуы!—хæрдмæ фæхауд Вася æмæ уæлдæф йæ хъуыры фæбадт. — Куыддæр хиды астæумæ æрбахæццæ уа, æмæ дæ мæ рæмбыныкъæдзæй басхойон, афтæ иу сæрмæ хъав. — Хорз, —дзуапп ын радтон æз æмæ мæ зæнгтæ мæ быны ныддыз-дыз кодтой, ихы къæрттау цыдæр атылд мæ фæсон- тыл, стæй, сау æндæрг цас хæстæгдæр кодта, уыйбæрц мæ дур тынгæй-тынгдæр æлхъывтон мæ къухы. Ме ’муд æрцыдтæн. Ныхъхъус стæм, улæфгæ дæр нал кодтам. Мæнæ сау æндæрг хиды цурмæ æрбахæццæ. Æрлæууыд. Ехс фыццаг уæлдæфы ныхситт кодта, стæй йæ къæрцц фæцыд. Бæх йæ цыппæртæ ныссагъта. Ноджыдæр та ехсы къæрцц... Муссæйы хъæлæс... Æмæ бæх хъавгæ цыдæй æрбацæуы хидыл. Йæ сæфтджыты бын къæс-къæс кæнынц, хъæрзынц нæзы фæйнæджытæ. Мæ фарсыл амбæлд Васяйы ризгæ рæмбыныкъæдз. Дуртæ атах- тысты. Ныхситт кодтам. Фестадыстæм нæ бынæттæй. Бæх хæрдмæ фæхауд, йæ мидбынаты ныззылд æмæ иуфарс атахт. Дæлиау кæцæйдæр ма нæ хъустыл æрцыд Муссæйы тарст хъæлæс... Дарддæр цы æрцыд, уымæн ницыуал базыдтон. Æрмæст чысыл фæстæдæр, хъæугæрон доны былæй нæ сæртæ куы сдардтам, уæддæр ма мæ хъустыл уади уыцы тарст хъæлæс. Васяйы бафарстон: — Ахауд? Ничи нæ федта?.. — Ахауд, уæдæ цы кодта... йæ хъæр ын нæ фехъуыс- тай?.. 260
— Макæмæн мацы зæгъ ыырма. Миййаг, кæд æгас у, уæд та?.. Дæуæн нæ зонын, фæлæ мæн ме ’хситтæй дæр базыдта- ид. Талынджы дæр уыгæй уæлдай нæу. — Афонмæ йæ дон искуы дуртыл хойы. Уыцы гæмæх сæр куыд бирæ бады,—уæладзыджы рудзынгмæ бацамыдта Ва- ся. — Цом, цалынмæ нæ ничи федта, уæдмæ уæртæ æмбонды аууæтты бахъуызæм. Æрмæст-иу Æнайæн мацы зæгъ... Уаза- лы нæ бон нал уыд... Бамбæрстай? — Бамбæрстон,—дзуапп радтон æз æмæ Васяйы мæ ф-æдыл къахæнæй сластон. Ныккука стæм, афтæмæй кæрæдзийы фæдыл тагъд бахыз- тыстæм хæдзармæ. — Æна, ахæм уазал дымгæ кæны æмæ... Мæнæн ма ницы у, фæлæ Фидар фæскуыст хуылыдзæй... — йæ гæртт-гæртт цыд, афтæмæй загъта Вася. Дарья нæ цыма нæ фехъуыста, уый хуызæн пецмæ хæстæг цыдæртæ архайдта: — Уæхи уал ахъарм кæнут, æз æм мæхæдæг акæсдзы- нæн? — æмæ йæ сæрбæттæнæй йæхи æрбатыхта. Уынгмæ рацыд. Цæй фынæй æмæ цæй æндæр!.. Æппынæдзух мæ цæстыл уади Муссæйы тыппыр цæсгом, йæ арф æмбæхст чысыл цæс- тытæ. Мæ хъусты зыланг кодта йæ тарст хъæлæс. Мæ размæ- иу йæ цыппæртыл слæууыд йæ даргъæлвæст фыдуаг саргъы бæх... Гыццыл сыбыртмæ дæр-иу хæрдмæ фæхаудтæн. Уаты рудзынг дымгæмæ къæс-къæс кодта. Уæвгæ уый рудзынджы къæс-къæс нæ уыд, Муссæйы æнуд цъæхахст уыд... — Лæппутæ, схуыссут. Уый нал æрбацæудзæн, — уазал дымгæ йæ разæй æрбагуылфæн кодта, афтæмæй хæдзармæ æрбацыд Дарья. Дуар æрæхгæдта, цырагъ æрныллæг кодта æмæ рудзынджы цурмæ бацыд. Нæ сусæгæй зыхъхъырæй æд- дæмæ каст. Цыма йæ мах нæ уыдтам, уый хуызæн нæхи ныхъ- хъус кодтам. Стæй бæхты къæхты гыбар-гыбур, цавæрдæр æнахуыр хъæртæ ауад нæ хъустыл. Нæ хуыссæнтæй фæгæп- пытæ ластам. Дарьяйы фарсмæ алæууыдыстæм. — Цы хабар у, Æна?—тарст хъæлæсæй бафарста Вася æмæ рудзынг тынгдæр базыхъхъыр кодта. — Æддæмæ уæ мачи ацæуæд. Цыдæр бæллæх у. Уынгтæ барæгæй байдзаг сты. У-у, мадымайрæм, фыдбылызæй нæ бахъахъхъæн! — скуывта Дарья æмæ нын цыма алидзынæй тарст, уый хуызæн йæ къухтæ не ’уæхсчытыл æрæвæрдта.— 261
Иннæ æхсæвтæй уæлдай ацы æхсæв къанторы кусджытæй хуысгæ дæр куы ничиуал кæны... Уыйбæрц барджытæ... — Дарья, æз сæм акæсон... Миййаг, кæд Хæмыцы... — загътон æз æмæ мæ худмæ февнæлдтон. Дарья мын мæ цоы- гыл фæхæцыд. — Æнцад, мах уым ницы хъуыддаг ис. Хæмыц не ’рба- цæудзæн... — Цæмæй йæ зоныс? — комкоммæ йæм бакаст Вася. — Быдырæй чи æрбацыд, ахæм мын æй загъта. Сæ дыу- уæйы дæр федта... Цæут æмæ схуыссут... Чысыл фæстæдæр бæстæ ныссабыр. Ахуыссыдысты къан- торы цырæгътæ. Мах Васяимæ фæрсæй-фæрстæм нæхи æруагътам. Уый, цыма фынæй аци, афтæ ныхъхъус. Æз та кастæн хæдзары ныллæг цармæ. Хъуыстон доны иугæндзоп уынæрмæ. Чи уыдысты уыцы барджытæ? Цы сæ хъæуы æм- бисæхсæв? — мæхи фарстон æмæ мæм ныр фæсмон æрцыд, кæй нæ сæм ацыдтæн, уый тыххæй. — Цæуыннæ фынæй кæныс? — мæ фарс мын æрбасхуыста Вася. — Муссæйæ тæрсыс? Муссæ фæци. Хуыцауæн æртиссæдз чъирийæ куы скувай, уæддæр æй нал раздахдзæн. Иæ фосы фæдыл ын бирæ куы фæрахау-бахау кодтай, иу далыс дын уæд- дæр куы ныууагътаид... — Иæ хистæн бахъæуæнт... — Уæ ирон хорз æгъдæуттæ ахæмты тыххæй не ’сты. Мус- сæйы æнæ хистæй ныгæндзысты. Æрмæст ма йын кæд йе ’стджытæй исты ссарой, уæд. Стæй йæ ныгæнгæ куы кæной, уæд æрмæстдæр йæ бæхимæ... Уæвгæ нæ, хист ын куы кæной, уæд йæхицæн нæ, фæлæ йæ бæхæн кæндзысты. Былæй йæ кæн аппæрста æмæ йæхæдæг дæр хъæбатыры мардæй кæй фæ- мард, уый тыххæй,— йæ иу къах мыл цæхгæрмæ сæвæрдта, афтæмæй æцæгхуызæй дзырдта Вася, стæй къулырдæм азылд æмæ уайтагъд йæ хуыр-хуыр ссыд. Райсомæй не ’мбæлтты æмбырдæй баййæфтон æрзæткъа- хæн уæрмы дуармæ. Цæуылдæр æхсызгон ныхас кодтой. Сæ цæсгæмттæ уыдысты æнкъард. Уæздан иуварсырдыгæй лæу- уыд æмæ хосы муртæ уыгъта. Данел йæ цуры пæ уыд. Ацы райсом йемæ нæ ныхæстæ кодта æмæ цыма адæмы æхсæн йæ хицауы агуырдта, уый хуызæн йæ хъустæ схъил кодта, касти сæм. Мæнæн мæ зæрдæ фæкъæпп кодта, афтæ æмбырдæй сæ никуыма федтои, афтæ тыхстхуызæй сæ пикуыма ’рбай- йæфтон. 262
— Мауал лæуут, æз цæуын æмæ, иннæ уæрмыты чи кусы, уыдонæн дæр фехъусын кæнон, — туаллаг ныхасыздæхтæй загъта бæрзондгомау лæппулæг. — Куыд баныхас кодтам, афтæ: къанторы раз фæзмæ... Æз ма ноджыдæр иу хатт мæ цæстæнгас ахастон адæмыл. Данел семæ нæ уыд. — Цы хабар у? — цыма адæм æнæдзургæйæ кæй лæууы- дысты, уым æз дæр аххосджын уыдтæн, уый хуызæн ныллæг хъæлæсæй бафарстон. Бæх мын мæ ныхас фехъуыста, бауасыд, мæ цурмæ æрба- цыд æмæ мыл йæ уазал хæмхудтæ асæрфта. Æз дæр ын мæ къух йæ ныхыл æрхастон. — Цæй, мауал фæстиат кæнут. Уалæ Черменитæ дæр ра- цæуынц, — загъта ме ’мбæлттæй иу æмæ не ’ппæтдæр фаллаг рагъырдæм акастыстæм. Доны сæрмæ нарæг къахвæндагыл æд белтæ, æд къахæнтæ æрбацæйцыдысты дыууиссæдз лæ- джы бæрц. — Дысон фондз лæджы æрцахстой. Данел дæр семæ, — дыккаг хатт куы бафарстон, уæд мын бамбарын кодта ме ’мбæлттæй иу.— Цом, кæд сæ суæгъд кæнын кæниккам... «Æвæццæгæн, дысон уымæн рауай-бауай кодтой уынгты. Къанторы кусджытæ дæр уымæн бирæ фæбадтысты... Мус- сæйы тыххæй адæмæй сæ маст исынц. Цымæ йæ сластой? — ахъуыды кодтон мæхинымæр æмæ мæ цæстытыл ауад, афон- мæ Данел хуыфæгæй куыд басур, йæ цæсгомы хуыз та бын- тондæр куыд фæцыд, уый. — Дарьяйы коммæ дзæгъæлы ба- кастæн, кæдæм сæ акодтой, уый уæддæр базыдтаин»... Уæздан, сидзæр род кæйдæр хъуджы фæдыл дзидзи æн- хъæл куыд кæса, афтæ кæсгæ баззад. Стæй йæ цуры куы ни- чиуал уыд, уæд сабыр къахдзæфтæй, сæргуыбырæй ныггæнд- ’мæ араст. Йæ мæллæг рагъ ма мæм иу зынд фæкодта... 5 Къанторы фæзы, æвæццæгæп, уыйбæрц адæм никуыма уыд. Хосгæрдæпты мыдыкъуск цæвæгæй куы ракъуырай æмæ уымæн йæ бындзытæ куыд стæхой, адæмæй афтæ дыв-дыв кодта фæз. Иууылдæр кæйдæр фæзындмæ æнхъæлмæ касты- сты. Кæрæдзиимæ цæуылдæр ныхас кодтой. Фæзмæ рацыды- сты устытæ, зæрæдтæ, сывæллæттæ. Хиды фале къæдзæхыл сбырыдысты лæппутæ æмæ диссагмæ кæсæгау кастысты къан- 263
торы балкъонмæ. Лæппуты æхсæн мæ цæст æрхæцыд Васяйыл. Ныхъхъæр æм кодтон. Уый уайтагъд мæ уæлхъус февзæрд. — Сластой йæ? — йæ хъусы йын бадзырдтон æз. — Цытæ дзурыс?.. Иæ койгæнæг дæр нæй. Æз чысыл раздæр уым уыдтæн. Иæ бæх дæр, йæхæдæг дæр дæлиау кæм- дæр бынтыбыны пырхæй лæууынц. Зонгæ дæр сæ ничиуал бакæндзæн, — тагъд-тагъд мын адзырдта Вася. Æз ын йæ пыхцыл сæр мæ хъæбысы акодтон. Уыцы сахат чидæр йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта: — Кæм ис хицау? Æддæмæ-ма ракæсæд! Науæд уын ныр- тæккæ уæ къантор ныддымдзыстæм!.. — Кæдмæ йæм æнхъæлмæ кæсдзыстæм?.. — Кæд нæ йæ сæрмæ нæ хæссы, уæд æй мах нæхæдæг ра- хæр-хæр кæндзыстæм! — Кæм сты не ’мбæлттæ?.. — Басабыр ут!.. Басабыр ут, хорз адæм!—балкъонмæ скæс-скæс кодтой, афтæмæй адæмы урæдтой пъæлицæйæгтæ. Æппынфæстаг балкъоны фæзынд, Муссæимæ дур ласынмæ чи бацыд, Хæмыц æмæ Петро Уыры кæй хуыдтой, уыцы лæг- уынсæр. Йæ фæдыл, знон æрзæткъахæнты чи уыд, уыцы лыс- тæг рихиджын. Цыма йæ исчи дурæй куы ’рбахса, уымæй тарст, уый хуызæн йæхи лæгуынсæры фæстæ рамбæхс-бам- бæхс кодта. Йæ цъынд цæстытæй кæйдæр агуырдта адæмы ’хсæн. — Цы кæнут, цы, уæ хур уыл рахатт, хорз адæм! — бал- къоны тигъыл йæ гыццыл урс къухтæй ныххæцыд, афтæмæй дзырдта лæгуынсæр. — Уæ сывæллæтты къæбæрæй мах æхца- тæй куы ’фсадут. Уæ талынг лæгæттæм уын уæрæх фæндæгтæ мах куы аразæм... — Кæм сты не ’мбæлттæ, цы уын ракодтой, цæмæн сын сæ бинонты æнæдарæг кæнут? — уæлдæфы нæрыд, æрдæбон не ’мбæлттимæ ныхасгæнгæ кæй æрбаййæфтон, уыцы туалладжы хъæлæс. — Уыдон уе ’мбæлттæ не ’сты, уæ сывæллæтты хъуырæй уын сæ фæстаг къæбæр чи ласы, уыдон сты. Змæнтджытæ... Цардхалджытæ... — йæ рахиз къух уæлдæфы тылдта гæмæх- сæр. — Хицауы агурут, æмæ хицау ам нæй. Дысон Дзæу- джыхъæумæ ацыди хъуыддаджы фæдыл... — Кæм сты не ’мбæлттæ? Ныртæккæ сæ нæ цурмæ ра- кæнут!.. — Йæхицæн лæгъстæтæ агуры... 261 ’
— Мæхи ма йæм ауадзут, æз æй ныртæккæ балкъонæй раскъæрон!.. — Цæвут сæ, лæппутæ!.. — æртхъирæн кодтой адæм. Стæй æваст къанторы дуæрттырдæм ныххæррæтт ластой. Сæ сæ- рыл сæ бахастой. Цалдæр гæрахы фæцыд æмæ адæм фæстæ- мæ фефсæрстой. — Æрлæуут!.. Æрлæуут!.. — хъæр систой пъæлицæйæгтæ æмæ сæ топпытæй æрæхгæдтой къантормæ бацæуæны гом дуар. Иу дзы æз æмæ Васяйы цур фæци. Чидæр ын йæ сæр дзæбугæй æркъуырдта. Йæ пыррыкк рихитæ ма мæм иу зынд фæкодтой. Йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта æмæ кæуылдæр бафæлдæхт. Чидæр æй йæ къахæй рацахста æмæ йæ доны- рдæм ахæр-хæр кодта. — Гъе-гъе, фæласынц дæ!.. А, уый та дын мæ сæпыччы тыххæй! — пъæлицæйаджы йæ къахæй скъуырдта къæсхуыр- тæ, цыбыргомау ус. — Цæв æй, Фаризæт, мах дæр æй зонæм!..— ныххудты- сты, йæ алыварс чи лæууыд, уыдон. Уæдмæ балкъоныл февзæрдысты, къантормæ мндæмæ чи баирвæзт, уыдон. Семæ уыцы саулагъз туаллаг дæр. — Мах... Махмæ уæ бон бавналын нæу... Мах уырыссæг- тæ не ’стæм... Мах фæсарæйнæгтæ стæм... Махæн нæ бартæ... Мах никæйы æрцахстам, — йæ хуыз фæцыд, йæ гæмæхсæр йæ дыууæ уæхсчы астæу аныгъуылд, афтæмæй дзырдта Муссæйы уазæг. Лыстæг рихиджынмæ бакæс-бакæс кодта, фæлæ рихи- джыны уый мæт нал уыд, — балкъоны къуыммæ йæхи ныл- хъывта, туалладжы æлхынцъ æрфгуыты йæ цæстытæ ныс- сагъта. — Хъусут, хорз адæм? Нæ царм нын стигъынц, низæн нæ бахæрын кодтой, ахсын нæ кæнынц... Фæлæ сæм махæн бав- налын нæ бон нæу... фæсарæйнæгтæ сты! Æмæ кæд фæсарæй- нæгтæ стут, уæд уæ хæдзæртты цæуылнæ бадут? Чи уæм ар- выста?..— йæ къахæны ставд хъæдыл фидар хæцыд, афтæ- мæй гæмæхсæр æмæ рихиджынмæ бауырдыг саулагъз лæппу- лæг. — Ныртæккæ уыцы адæмы куынæ рауадзат, уæд махæй иу дæр кусынмæ нал ацæудзæн. Уæ къанторыл уын арт баф- таудзыстæм. Æрзæткъахæнтæ сæхгæндзыстæм. Хъусут, дзæ- гъæл ныхæстæм нæ не ’вдæлы. Ныртæккæ зæгъ, æмæ сæ куыд рауадзой, афтæ. Рæвдз, ацы адæм дæ лæгуынсæрмæ кæсын- мæ не ’рбацыдысты! — Мæ лæгуынсæримæ дæ ницы хъуыддаг ис... Æз ам хи- 265^
’цау нæ дæн. Хицау горæты ис. Мах никæй æрцахстам. Дæлæ сæ чи ’рцахста, уыдон бафæрс, — йæ гом сæрыл йæ къухы арм æрхæсгæйæ, дзуапп радта Муссæйы уазæг æмæ йæ бын- мæ чи лæууыд, уыцы пъæлицæйæгтæм ацамыдта. — Дæхæдæг сын зæгъ!.. Дысон-бонмæ хуыссæджыцъыртт куынæ федтат, цынæ къуым басгæрстат, ахæм уын куынæуал баззад, — йæ бæрзæйы нуæрттæ уырынгтæ-уырынгтæ абад- тысты туаллагæн, йæхи ма сæм тыххæйты урæдта. — Дардыл таурæгътыл цы схæцыдтæ?.. — Ардæм ма сæ расхой, кæд сæ хæйрæджы ном нæ зæгъой!.. — Дæ разы ма гæмæхсæры ацырдæм раппар!.. Æгъгъæд сын хъусæм сæ дзæнгæдамæ! — хъæр кодтой адæм æмæ та размæ абырстой. — Æрлæуут!.. Ацы хатт иуыл дæр нал бацауæрддзыс- тæм, — сæ хæцæнгæрзтæ адæмырдæм фæцарæзтой пъæлицæ- йæгтæ!—Ныппырх ут, хорз адæм!—Æнæ фыдбылызæй уæ хæдзæрттæм ацæут. Туг ма ныккалут! Ардаугæ уæ кæнынц... — Хорз адæм! Ирон адæм! — балкъоны тигъыл та ногæй æрлæууыд гæмæхсæр. — Æнæ мæ хицау мæ бон нæу, фæлæ ацæут уæ куыстмæ, дзырд уын дæттын, изæры уыцы адæмæй алчидæр йæ хæдзары уыдзæн. Æрмæст сын зæгъут æмæ уæ мауал ардауой... Уæхæдæг куы фæзæгъут: «Сабыр мад дыууæ уæрыччы бададта...» — Ирон æмбисæндтæ куыд дзæбæх базыдта, — бахудт, нæ фарсмæ чи лæууы, уыдонæй чидæр, стæй балкъонмæ сдзырд- та: — зæронд цъиуы зыгуымы муртæй нал асайдзынæ! Изæр- мæма нын цы æмгъуыд кæнут? Ныртæккæ сæ рауадзут! Хорз адæм, цæмæ ма кæсæм, нæхæдæг сæ цæуыннæ уæгъд кæ- нæм?.. Уыцы сахат балкъон афтидæй аззад. Гæмæхсæр æмæ ри- хиджыны нæхионтæ мидæмæ баскъæфтой. Цæстыфæны- къуылдмæ туаллаг фæстæмæ фæзынд æмæ ныхъхъæр кодта: — Урсытæ-æ!.. Адæм фæйнæрдæм фæпырх сты. Кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ лыгъд. Топпы гæрæхтæ. Нæмгуыты æхситт. Бæхты къæхты хъæр... Хъæуыл цыма зæй рацыд, уый хуызæн сæм- хæццæ. Æз æмæ Вася доны был дурты фæстæ аныгъуылды- стæм. Туаллаг, æвæццæгæн, къанторы рудзынгыл агæпп код- та. Нæ цурты бæргæ æрбалыгъд, фæлæ йæ нæмыг сæййæфта. 266
Г1æ тæвдæй ма къутæртыл хæцгæ иуварсырдæм балыгъд, стæй размæ бахауд... Ие ’мбæлттæй къанторы чи баззад, уыдон æрцахстой. Сæ къухтæ фæстæмæ баст, афтæмæй сæ фæзмæ ракодтой. Мах дурты аууæтты, нæ фазыл быргæйæ, атагъд кодтам, туаллаг кæм фæцæф, уырдæм. Уый дæлгоммæ хуыс- сыд æмæ къаххъæр куы фехъуыста, уæд йæ мидбынаты хæрд- мæ фæхауд, дурмæ фæлæбурдта. — Ма тæрс, мах хионтæ стæм, — йæ уæлхъус алæууыдтæн æз. — Тынг фæцæф дæ? — О-о... Хъайсыны фырт куы дæ... Ай та чи у? — йæ тарст цæстытæй мæм хæрдмæ скаст туаллаг. — Петройы лæппу, Вася,— дзуапп ын радтон æз æмæ йæ разы мæ зонгуытыл æрхаудтæн. — Лæппутæ, цæугæут, фендзысты уæ. Амардзысты уæ... — йæ хæдоны æгънæджытæ фæйнæрдæм арæдывта æмæ ра- йадт.— Цы фесты? Адæмæн исты уыдис? Æз къанторырдæм акастæн. Ахст адæм уым нал уыдысты. Æрмæст барджытæ уынгты дыууæрдæм кодтой. Хъуысти куиты рæйын, иугай гæрæхтæ. Къантормæ хæстæг телы хъæ- дыл бастæй лæууыди цалдæр бæхы. Фæйнæрдæм ракæс-бакæс кодтой. Сæ бæттæнтæ тыдтой. Цæфæн йæ рахиз уæхскæй туг калд, хъæрзыдта. Вася йыи йæ галиу цопгмæ фæлæбурдта, йæ зонгуытыл алæууыд æмæ загъта: — Ардыгæй цом! Дæлæ æрхмæ. Уым æмбæхсæптæ ис, æз ’сæ зонын. Цомут тагъддæр... Рабадын æй кодтам. Йæ дæлæрмтты бацыдыстæм... Дурты æнцæйтты, къутæртыл хæцгæ, сабыргай æрцыдыстæм æрхмæ. Уым æй лæгæтмæ бахастам, æддæмæ кæцæй пæ зындаиккам, ахæм байбын ран ын зæронд лыстæны муртæ, сыфтæртæ йæ быны бакодтам. Цæф дон агуырдта, тыхсти. — Тагъд кæнын хъуыди... Æгæр бирæ сын фæлæгъстæ кодтам. Мæ аххос уыди. Дон! Дон ма мыи авæрут, лæппу- тæ!..— йæ хъоппæг цæстытæ лæгæты талынг цармæ сарæз- та, афтæмæй дзырдта туаллаг. — Мæнæп дæр сымахыйас лæп- пу ис... Таймураз... Сындзысæр... — Тыхсгæ ма кæн. Æри-ма, мах дын дæ цæф бабæттæм,— хæдонæй буары æхсæн мæ къух атъыстон æз. Фæлæ уыцы рæстæг мæ хъустыл æрцыд къæхты хъæр, кæйдæр ны- _хас: — Æдылы дæ, лæгæты цы ми кæпы? Йæхи къахæй нæ 267
фыпдзы бынмæ цæуы?.. Кæд афопмæ нæ иыхъхъæмп, уæд„ æвæццæгæн, рагъырдæм ацыд. Уым æдасдæр у. — Уæззау цæф у. Цас туг дзы фæцыд, уый федтай? Алг искуы уыдзæн... — Ау, æмæ дзы уæд фæд бæрæг нæ уаид... — Фæд?.. Æдылы къоппа дæр дæ уымæн фæхонын. Искуы ма ахæм дуртыл фæд ссаргæ федтай? Митыл дын куынæ цы- ди, миййаг?.. — Гъемæ йæм уæдæ дæхæдæг бабыр. Æв дæм ам фæлæу- дзынæн. Цæуыл зыр-зыр кæныс? Æнæ хæцæнгарз цæф лæгæй цæмæй тæрсыс?.. — Чи? Æз? — æрхæц-æрхæцгæнгæ загъта дыккаг. — Гъей, æддæмæ рацу, марын дæ! — æмæ нæм йæ топпы фындз ферттывта. Мах нæхи ныхъхъус кодтам. Фæйнæ тым- был дуры систам Васяимæ. — Ехх, ныр исты хæцæнгарз! —мæ бинаг был фырмæстæй’ æхсыдтон æз. — Гъей, кæд æгас дæ, уæд рацу, ницы дын кæндзыстæм!.. Фæд-фæдыл дыууæ гæрахы фæцыд. Мæ хъустæ ныййазæл- дысты. Нæ хæдсæрмæ къæдзæх цæхæртæ акалдта. Нарæг лæ- гæты топпыхосы тæфæй сулæфæн нал уыд. — Цом, кæд ма йæ рагъыл сæййафиккам, — иуцасдæры фæстæ та загъта, лæгæтмæ цæуыныл разы чи нæ уыд, уый. Ницыуал сдзырдта йе ’мбал. Хъуыр-хъуыргæнгæ ацыдысты. Лыстæг хуыр сæ цырыхъхъыты бын куыд хъыррыст-хъыррыст кодта, уый ма нæм хъуыст. Вася йæ къæхты бынæй ныуулæфыд. Æз лæгæты тигъæй мæ сæр аивæй радардтон. Рагъырдæм скастæн. Дурты аууæт- ты, фæйнæрдæм фæкæс-фæкæсгæнгæ, фæцæйхылдысты дыу- уæйæ. — Æрбад уал, фепдзысты дæ! — мæ фæдджийæ мæ фæс- тæмæ баласта Вася. — Ды уал ам фæлæуу. Æв нæхимæ тæхын æмæ йын исты æрбадавон. Иæ хæдоны фæдджийæ уал ын йæ цæф æрбабæтт. Туг бауромын хъæуы... — Тæхгæ! Æрмæст дæхи хъахъхъæн. Рæбынты ацу æмæ далæ къахыр дурты цурты схиздзынæ... — Хорз! Æз ныртæккæ! — загъта Вася æмæ лæгæтæй фед- дæдуар. Мах баззадыстæм дыууæйæ. Туаллагæн йæ цæф бабастон. Туг йæ цæуынæй чысыл фенцад. — Мæн аххос уыд. Æгæр афæстиат стæм... Мах дæ фыд. 268
Хъайсынимæ хорз фæцардыстæм. Уый сын мæн хуызæн нæ фæуыдаид, — мæ хуылыдз къухæй йын йæ тæвд ныхыл хæ- цыдтæн, афтæмæй дзырдта туаллаг. Стæй-иу тыхсын, хъæр- зын, сонт кæнын байдыдта. — Хæмыц, Петро... Цы зæгъдзы- сты? Адæм цы баисты цымæ? Æз, мæ хур, дæ фыдимæ хорз фæцардтæн... — Дæхиуыл фæхæц. Ныртæккæ Васяйы ардæм хъæуы. Мах дæ адзæбæх кæндзыстæм, — сабыр æй кодтон æз æмæ йын мæ къухтæ йæ сæрыл радыгай æвæрдтон. Æндæр ын мæ ■бон ницы уыд. Васяйы æрбацыдмæ йыл исты куы æрцæуа, уы- мæй тарстæн æмæ йæ ныхæстыл дардтон. Мæ сæрмæ цы цыд, ме ’взагыл цы бадт, уыдон ын дзырдтон. Лæгæты æдде рагъæй гæрæхтæ хъуыст. Хæхтæ арыдтой. — Марадз-ма, акæс сæм, кæй æхсынц? Чи сты? — куырд- та туаллаг æмæ йæ цæстытæ, рухсы нарæг уадздзаг кæцæй зынд, уыцырдæм сарæзта. Æз сыстадтæн. Аивæй та акастæн рагъмæ, нæ алывæр- стæм. Æфцæгмæ хæстæг, уæлдæфы ауыгъдæй лæууыди цал- дæр фæздæджы къуыбары. Æндæр мæ цæст ницæуыл æрхæ- цыд. Ноджы æдзынæгдæр ныккастæн рагъмæ. Фæздæджы къуыбылæйттæ уæлдæфы тадысты. Стæй нæ галиуырдыгæй дур фезмæлыд æмæ гыбар-гыбургæнгæ афардæг бынмæ, до- пы зæронд фæдмæ. Дуры аууонæй мæм фæзынд кæйдæр худ... Дыккаг... Æртыккаг... «Гъеныр нæ раны стæм, гъе... Ссæуынц нæм», — загътон мæхинымæр æмæ дзуццæджы æрбадтæн. Васяйæн сыздæхын афои пæма уыд æмæ мæхинымæр скарстон: «Цалфæнды дæр уæнт. Лæгæтмæ æрбацæуæны сæ размæ бабаддзынæн...» — Тагъддæр... Æрбахæццæ стæм, — цыма мын исчи мæ хъусы дзырдта, уый хуызæн фæцыд кæйдæр ныхас. Стæй мæм дуры аууонæй фæзынд... Васяйы цæсгом. — Æрбахæццæ сты!—фырцинæй мæхи баппæрстон туал- лагыл. Æвæццæгæн ын йæ цæф фæцагайдтон æмæ схъæр- зыдта: — Чи?.. — Вася... Ноджыдæр ма йемæ чидæртæ. Чысыл фæстæдæр лæгæты цавæрдæр хъыхъхъаг хосы тæ- фæй фæлæууæн нал уыд. Æвæццæгæн, тынг чи сыгъта, ахæм хос уыд, æмæ цæф лæг йæ фыртыхстæй къæдзæхы тигъмæ фæлæбур-фæлæбур кодта, йæ дæндæгты къæс-къæс цыд. Йæ 269
зæнгтæ къæдзтæ кодтой. Стæй фæсабыр. Йе ’мбæлттæй иумæ скаст æмæ загъта: — Лæппутæн зæгъ, æмæ ацæуой. Бузыыг... Миййаг, исты, уæд-иу Таймуразы ссарут... Сындзысæр... Мах рарвыстой. Цыма æппындæр ницы ракодтам, уый хуызæн цыдыстæм хъæуы уынгты. Вася йæ худ йæ сæры тен- кайыл ныссагъта æмæ цыма Хъарсы фидар иунæгæй басаста, афтæ фæйнæрдæм ракæс-бакæс кодта. Æз йæ фарсмæ цыд- тæн æмæ мæ худæг мæ былалгъыл агæпп кæнын æввонг лæу- уыд. — Дæ худ дзæбæх ныккæн, науæд дыи æй салдæттæй исчн æрбагæрах кæндзæн, — мæ рæмбыныкъæдзæй йæ бас- хуыстон æз. — Æмæ мæм уыдон рагъмæ агурынмæ куы ацыдысты, — бахудт мæм Вася. — Уæвгæ нæ, дæлæ сты! — æмæ йæ худ йæ цæстытыл æрæппæрста, стæй, цыма йæ род йæ гуыбыны æрба- мард, æваст уый хуызæн фæци. Нæ рæзты къанторырдæм уы- цы хъуыддагхуызæй цы дыууæ салдаты сцæйцыд, уыдонмæ дæр нæ фæкаст. "Нæхимæ нæ Дарья бафарста: — Цы фæци уыцы лæг? — Ие ’мбæлтты йыл сæмбæлын кодтам, — нæ дыууæйы бæсты дæр дзуапп радта Вася. — Уый хорз. Фидар, адæмæй абон кусынмæ ничиуал ацыд. Уынгмæ уæ йæ къах дæр куыд ничи авæра, афтæ. Хæдзары бадут. Сымах дæр уал уæхи искуыдæм куы айсиккат, фæлæ кæдæм? Алы ран дæр фæдысмудджытау зилынц... — Нæхимæ!.. Æз уым ахæм бынæттæ зонын, æмæ... — мæ бадæнæй фæгæпп кодтон æз. — Нæ, уæхимæ ныртæккæ цæуæн нæй. Уырдæм дæр баив- гъуыдтой. Хæмыцы агурынц... Ноджы дысон Муссæйы чндæр дæлæ Ауыгъд хидæй аппæрста æмæ бæстæ сæ сæрыл систой. Хæмыцæй йын æнхъæл сты. — Хæмыцæй?! — æмхъæлæсæй бафарстам мах. — О. Уæ хæдразмæ йæм фæдисы ацыдысты. — Кæмæ? Хæмыцмæ?.. — йæ цæстытæ æнахуыр цæхæр скалдтой Васяйæн. — Муссæмæ... Ныртæккæ йæ сласдзысты... Мах Васяимæ кæрæдзимæ бакастыстæм. Ницы сдзырд- там...
Ниу, къуыс-къуыс кæн, дымгæ!.. «...Скæнæм нæ тырыса Дзыллæйы номæй. Рухсмæ æнæзивæг Цомут æнгомæй!..» Къоста. 1 Фæссихæрттæ. Уæвгæ йæ цæмæй зонæм, цы афон у, уый! Райсомæй арвыл цы иугай мигъы цъуппытæ уыд, уыдон ныр фæйнæрдæм ныппырх сты æмæ арв æгасæй дæр бамбæрзтой. Цалдæр боны митæн йæ кой-йæ хъæр дæр нæ уыд. Æрмæст къæдзæхты цъуппытæ урс-урсид дардтой. Ныр уæлдæфы фæ- зынд иугай гæбынатæ. Цæгатаг дымгæ къуыс-къуыс кæны ко- мы. Æмæ уый æрцыди, цалынмæ мах Васяимæ хæдзары бад- тыстæм æмæ не ’хсæвы балцыл тæрхæттæ кодтам, уæдмæ. Мæ- нæн мæ зæрдæ тынгдæр æхсайдта, Муссæйы куыд сцæйлас- дзысты, уымæ. Ныр дæр мæ нæма уырныдта, дысон хидæй Муссæйы кæй аппæрстам, уый. Стæй мæ, раст зæгъын хъæуы, абондæргъы Муссæйыл ахъуыды кæнынмæ æвдæлгæ дæр нæ ракодта. Æрмæст иунæг бон уыйбæрц хъуыддæгтæ æрцæу- дзæн, уый æнхъæл чи уыд!.. «Муссæйы тыххæй чи рацыд, уыдон фендзынæн, Гыцци æмæ Нана куыд сты, уымæй сæ бафæрсдзынæн»,— хъуыды кодтон мæхинымæр æмæ æнхъæлмæ кастæн, мардласджытæ кæд фæзындзысты, уымæ. Рудзынджы зыхъхъырæй æппынæдзух æддæмæ каст Вася дæр. Йæ фæсалхуыз сæрыхъуынтæ йæ ныхыл æркалдысты. Иннæ бонтæй ацы бон йæ къæсхуыр цæсгом уыд фæллад- хуыздæр, фæлурсдæр. Уый дæр йæхинымæр цæуылдæр сагъæс кодта. Чи зоны, кæд уый дæр, Муссæйы куыд сцæйласдзысты,. уымæ æнхъæлмæ каст, гъе та йæ фыды æнæдаст цæсгом йæ цæстытыл оуад... Æрмæст Дарья нæ дыууæйæ уыд тыхст- хуыздæр. Йæхи цы фæкодтаид, уымæн ницы зыдта. Хæдзары дзаумæттæ иу ранæй иннæ ранмæ хаста. Стæй та-иу сæ фæс- тæмæ, раздæр кæм уыдысты, уым ногæй амайын байдыдта. Чысыл сыбыртмæ дæр-иу хæрдмæ фæхауд. Иæ цæстыбынтæ ныррæсыдысты. Ацы дыууæ боны, цыма цалдæр азы бæрц фæзæронддæр, йæ цæсгом афтæ зынд. Исты æфсон-иу цæсты- фæныкъуылдмæ кæрты балæууыд æмæ та-иу йæ къустæ, йæ тæбæгъты дзыгъал-мыгъулимæ уайтагъд фæстæмæ фæзылд.. 271
Æрбайхъуыст сылгоймæгты кæуын. Мæ зæрдæ мын ныц- цавта. Мæ цæстытыл ауад, Бæппуйыл цы æхсæв куыдтой, уыцы мæйдар æхсæв. Зæрдæ йæхи къултыл ныххоста, стæй йæ исчи цыма йæ тыхджын армы нылхъывта, уый хуызæн Вася мæ- нырдæм сонт зылд фæкодта, йæ цæстæй мын дуарырдæм аца- мыдта. — Дарья, æз цæуын... Гыцци куыд у, уымæй искæйы афæрсон, — мæ хъуыры цыдæр ныллæууыд, афтæмæй тых- хæйты загътон æз. — Æна, мах цæуæм. Фæстæмæ куы æрбаздæхæм, уæд дын нæ хабæрттæ радзурдзыстæм, — мæ фарсмæ алæууыд Вася æмæ йæ хъусджын худ йæ сæрыл акодта. Мад ницыуал загъта. Æрмæст нæм куыддæр дызæрдыг- гæнæджы каст æрбакодта æмæ æппынæрæджиау, дуарæй куы рацæйхызтыстæм, уæд нæ фæдыл радзырдта: — Уæхи хъахъхъæнут. Уæлдай ныхас макæмæ скæнут. Вася, фæлæуу-ма! Вася фæстæмæ фездæхт. Мад ын сусæгæй цыдæр загъта æмæ мæ уайтагъд кæрты раййæфта. — Диссаг сты ацы мадæлтæ. Æвæццæгæн ныл дыууис- сæдзгай азтæ куы сæххæст уа, уæддæр ма сын сывæллæттæ уыдзыстæм. Дæ цæст, дам, æм дар, мий’йаг, Мæцыхъомæ ис- ты куы сдзура. Миты ставд гæбынатæ урс гæлæбутау уæлдæфы ратæх-ба- тæх кодтой. Дымгæ абонæй ноджы фыдуагдæрæй ниудта, йемæ кæдæмдæр хаста сылгоймæгты хъарæг. Махæн уынгмæ нæ рахæццæ, мæрддзыгойæн дæр тигъæй се ’рбазынд. Сау пæлæзæй æмбæрзт бæхæн йæ фындзыхуынчъытæй йæ фæздæг калд. Йæ сæр ныллæг æруагъта æмæ цыма уый дæр кæугæ код- та, уый хуызæн хъавгæ цыд. Уæрдоны гуыффæйы фæйнæварс суанг зæхмæ æрзæбул сты сау уæйлаг нымæты къа- бæзтæ. Адæм, бæхы рохтыл цы лæппулæг хæцыди, уымæй фæстæмæ иууылдæр цыдысты уæрдоны фæстæ. Муссæйы ус Фатъи, йæ саутæ йæ уæлæ, афтæмæй уæрдонмæ хæстæг цыд. Дзæгъæл- тæ кодта. Йæ дæлæрмтты чи бацыд, уыцы дыууæ усы куынæ уыдаиккой, уæд, æвæццæгæн, раджы ахаудтаид. Йæ цæсты- тæ ссырх сты, кæугæ нал кодта, æрмæст ма йæ фæлурс былтæ змæлыдысты. Цыдæр дзырдта, фæлæ йæ ныхæстæ нæ хъуысты- сты. Арæх йæ фырт Мæцыхъойырдæм фæкæс-фæкæс кодта. Фырт æм нæ каст. Йæ худ йæ рахиз къухы, афтæмæй йæ цæс- 272
тытæ зæхмæ ныццавта. Уый дæр дзойтæгæнгæ цыд, хъуыста, устытæ куыд куыдтой, уымæ. Мах лæууыдыстæм нæ сыхæгты кæрты æмæ сæм æмбонды сæрты кастыстæм. Мæ зæрдæ суынгæг, раст зæгъын хъæуы, Мæцыхъойæн уæды хуызæн никуы фæтæригъæд кодтон. Мус- сæ кæд цыфæнды бирæгъ уыд, Мæцыхъоимæ кæд цыфæнды хылтæ кодтам, уæддæр мæм уыцы сахат фæкасти бынтон æнæфæхæцæг, бынтон æнæхъару. Ноджы мах кæм лæууыдыс- тæм, уырдæм куы æрбаввахс, уæд мæм йæ пыхцыл сæры- хъуынты æхсæнты аивæй æрбакаст. Иæ сæр фæстæмæ йæ кæрцы æфцæгготы амбæхста æмæ йе ’уæхсчытæ сæ мидбына- ты скаф|ыдысты. Куыдта Мæцыхъо. Мæнæн дæр æнæбары мæ цæстытæ доны разылдысты. Вася мæ бафиппайдта æмæ мын мæ кæрцы дыс йæ тых-йæ бонæй æртъæпп кодта. — Цу, сæ размæ бацу. Дæ хъæлæсыдзаг ныкку æмæ сын зæгъ: — Æз амардтон Муссæйы. Æз дæр демæ кæй уыдтæн, уый-иу ма ферох кæн! — мæ галиу хъусы ныййазæлыдысты Васяйы ныхæстæ. —Тæхгæ, цæмæн ма лæууыс? Æз æм ницы сдзырдтон. Кæд мæ цæстытæ фырмæстæй тугæй айдзаг сты, уæддæр мæхиуыл ныххæцыдтæн. Мæ къух ын йæ мæллæг уæхскыл æрæвæрдтон. Чысыл фæстæдæр йæхи къух дæр ме 'уæхскыл февзæрд. Цыма мын ныхъхъæбыс кæ- нынмæ хъавыд, уый хукзæн мыл йæхирдæм ахæцыд. — Цу, кæд дзы искæй фæрсинаг дæ, уæд æй бафæрс. Фæстейы ма сæ сурдзынæ? — загъта Вася æмæ нæ дыууæ дæр æмбонды сæрты агæппытæ кодтам. Устытæй нæм иу фæлæу- уыд. Æз æй нæ базыдтон. Кæлмæрзæны йæ сæр афтæ стыхта, æмæ дзы йæ цæстытæ йедтæмæ ницы зынд. — Хуыздæр фæу... Æз та ма дæм агурынмæ цæуинаг уыдтæн, — загъта сылгоймаг æмæ йæ кæлмæрзæны баст рай- хæлдта. — Нал мæ базыдтай?.. — Госга куы дæ! — мæ сыхагыл ныццин кодтон æз. — Куыд сты нæхимæ Гыцци... Нана?.. — Куыд сæ ныууагътай, афтæ. Дæумæ сæ зæрдæ æхсайы. Иу уад сæм цæуыннæ бакæныс, дæ мад дæ мæтæй куы бахус и... Уæлдайдæр ацы æвзæр рæстæг. Комыйаргъ лæг куыд ба- бын и... Знон дæр ма хъæуы уынгты рауай-бауай кодта. Хæ- мыцæй кæй дзурынц, уый цымæ æцæг уа? — къада куыройау сцырын Госга æмæ, ме ’мбæлттæй фæстейы куы баззайон, зæгъгæ, сæ фæдыл фæкæс-фæкæс кодта. 18 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 273
— Нанаитæн-иу зæгъ, иу-дыууæ боны фæстæ сæ абæрæг кæндзынæн. Мæнмæ сæ зæрдæ ма æхсайæд. Хæмыцы кой кæй кæнынц, уымæй та раст не ’сты. Уый дыккаг къуыри быдырæй цæугæ дæр куынæма æрбакодта... — Нæ зонын, адæм æй цъиутау уасынц... Æз дæр, цы фехъуыстон, æндæр цы зонын? Цæй, куыд мын загътай, афтæ сын зæгъдзынæн. Æз цæуын, адæмæй худинаг у, — йæ кæл- мæрзæны фæстæмæ йæ сæр атыхта, йæ цъынд цæстытæй ма мæм иу каст фæкодта Госга æмæ мæрддзыгойы фæстæ азгъордта. — Мæлæты тагъд нæ дзуры... Старстæн ын, зæгъын, йе ’взаг йæ хъуыры куы аирвæза, — Госгайы фæдыл кæсгæйæ, загъта Вася, стæй мæнырдæм фæзылд æмæ йæ ныхасыл баф- тыдта: — Уыцы гæмæхсæрмæ кæсыс, сæ размæ йæ фæсоны нуæрттыл куыд атылд. Йæхи куыд ныззылынтæ кодта... Мæрддзыгоймæ къанторæй рацыд цалдæр лæджы. Сæ ра- зæй, йæ худ йæ рахиз къухы, афтæмæй лæууыд гæмæхсæр. Цыма уæрдоны Муссæйы нæ, фæлæ йын йæ бинонты хуыздæ- ры мард фæцæйластой, уый хуызæн йæ гом сæр йæ риуыл æр- хауд, йе ’рфгуыты бынæй каст мæрддзыгой адæммæ. Стæй, адæм хидыл куы бахызтысты, уæд йæ худ йæ сæрыл акодта æмæ æцæг уырыйау къанторы фæмидæг. Иæ фæдыл бацыды- сты иннæтæ дæр. Фæз афтидæй аззад. Æрмæст ма хиды был лæууыд иу æрыгон чызг æмæ къанторы рудзгуытæм скæс- скæс кодта. Мах йæ цурмæ бауадыстæм. Уæдмæ мæрддзыгой тигъы аууон фесты. Сæ кæуын ма хъуыст. Чызг нæм йæ уы- мæл сатæгсау цæстытæй æрбакаст, стæй йæ даргъ цæстыхау- тæ уырдыгмæ æруагъта æмæ иуварсырдæм азылд, цыма нæм, йæ фæсонтыл уæз чи кодта, уыцы ставд быд дзыккутæ æв- дыста. Вася йæм хæстæг бацыд æмæ йæ бафарста: — Чызг, бахатыр кæн, фæлæ искæмæ æнхъæлмæ кæсыс?. — Æмæ дæ цы хъуыддаг и? — цæхгæр æм фæзылд чызг æмæ йæ тымбыл саулагъз цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт. — Махæй ма тæрс... Кæд дын исты феххуыс кæньщ хъæуы, уæд нын æй зæгъ, —хæстæгдæр æм балæууыд Вася.— Æфсæрмы ма кæн... Иæ цæстысыгтæ сæрфгæ, кæйдæримæ загъдгæнгæ къанто- рæй рацыд, цыбыргомау, хæрзконд сылгоймаг æмæ нын уый. нæ ныхас баурæдта. Нæ цурмæ куы æрбахæццæ, уæд нын йæ хъæстытæ кæныныл фæци: — Уæд та нын, кæм ис, уый куы бацамониккой... Дысонæй 274
нырмæ сыдæй дæр нæ мæлынц?.. Сæ хъал бон ныккалæнт, адæймагмæ дзы фæстæмæ дæр ничи кæсы. Изæрмæ сæ ра- уадзынмæ хъавыдысты, ныр куыдзы хъуыды дæр никæйуал кæнынц. Семæ чи куыста, уыдон дæр сæхи лæгтæ хонынц... Сæ тæппуд сæртæ бамбæхстой. Фæйнæрдæм тæрхъусты лыгъд фæкодтой. Кæдæм ма фæцыдæуа? Кæмæн ма загъдæуа? Сы- мах та кæй лæппутæ стут? — Мæнæ уый Петройы, æз та... Хъайсыны, — дзуапп рад- тон æз æмæ, цыма цыдæриддæр дзырдта, уыдон иууылдæр мæн тыххæй уыдысты, уый хуызæн мæ къæхты бынмæ нык- кастæн, ныфсæрмы дæн. — Уæдæ Фидар ды дæ?.. Нæ лæг дæ кой, дæ цæрайы йед- тæмæ куы ницы кæны. Æмæ ам цы архайут? Сæ тæккæ фын- дзы бынмæ цы æрбацыдыстут? Цæугæут ардыгæй. Исты фыдбылыз уын скæндзысты. Мах цы фестæм, уый фестæм. Сымах та ма уæхи цæуыл сафут? — Ноджыдæр ма иу хатт йæ кæлмæрзæны къабазæй йæ цæссыгтæ асæрфта сылгой- маг æмæ чызджы цонгыл ахæцыд. Чызг ма нæм фæстæмæ ра- каст, йæ цæстыхаутæ та ныллæг æруагъта, йæ сæры батыл- дæй нын «хæрзбон» загъта æмæ йæ мады фæдыл араст. Æз æрмæстдæр уæд бафиппайдтон — уыдон уыдысты Да- нелы цæстытæ, Данелы былтæ, Данелы æрфгуытæ... Бæстæ гыбар-гыбур сси. Мах æрхмæ ныггæппытæ кодтам. Хиды бын нæ сæрты æрбатахт цалдæр барæджы. Къанторы цурты дæлæмæ, быдырмæ цы фæндаг уыд, ууылты аивгъуыд- той. Тыххæйты сразы кодтон Дарьяйы æмæ иунæгæй æрзæт- къахæнтæм ацыдтæн. Вася сæхимæ баззад. Уый дæр бирæ фæлæгъстæ кодта йæ мадæн, фæлæ, æхсызгон мæ хъæуыс, зæгъгæ, нæ рауагъта йæ фырты. Дымгæ раздæрау къуыс-къуыс кодта. Æрмæст уæлдæфы миты гæбынатæ нал зындысты. Изæрдалынгтæ æнафоны хуыснæгау кæцæйдæр æрбахъуы- зыдысты. Хæхты цъуппытæ ма рухс дардтой. Фæлæ ам, бы- нæй хъæуы, зымæгон изæр йæ сау пæлæз тауын байдыдта. Раст ацафон рацæуæм мах дæр нæ боны куыстæй. Уæвгæ абон дæр кусгæ бон у? Куыд æй банымайон? Æрзæткъахæны цур никæй баййæфтон. Уæзданы уæргътæ афтидæй лæууы- дысты æрзæты рæдзæгъдты кæрон. Бæх никуыцæй зынд. Мæ хуийæндаг мæ дзыппæй систон. Фынддæсæм æлхынцъ ыл ба- бастон æмæ иннæ хæттытау мæхи къæдзæхыл банцой кодтон. 275
Мæ хуийæндаджы æлхынцъыл хæцгæйæ, хъуыдыты аны- гъуылдтæн. Мæ цæстытыл ауад, йæ фырты Таймураз чи хуыд- та, уыцы туалладжы фæлурс цæсгом, Данелы чызджы æн- къард цæстытæ, йæ даргъ цæстыхаутæ... Мæ хъусты зыланг кодта нæ хъæуы устыты зæрдæхалæн хъарæг, Муссæйы фæс- таг цъæхахст... Цымæ цы фæци афонмæ Таймуразы фыд? Кæм бамбæхстой Данелы, йе ’мбæлтты? Кæм сты Хæмыц, Петро?.. Ныртæккæйæ æхсызгондæр куы никуы хъæуынц. Адæм сæм, хуры æрбакастмæ куыд æнхъæлмæ кæсай, афтæ куы æнхъæлмæ кæсынц... Уæрмæй райхъуыст кæйдæр къæхты цъæпп-цъæпп. Цыма мæ фынæйæ фехъал дæн, уый хуызæн мæ мидбынаты хæрдмæ фæхаудтæн. Къæдзæхы аууон амбæхстæн æмæ æдзынæг нык- кастæн уæрмы талыиг хуыккоммæ. Нырма ныр бафиппайд- тон, хуыккомы сæрмæ цавæрдæр гæххæтт ныхæст кæй уыд. уый. Цъæпп-цъæпп... Хæстæгæй-хæстæгдæр... Стæй... Уæрмæй разынд Уæзданы сæр. Кæд йæ фæдыл исчи цæуы, зæгъгæ, ни- цы дзурын. Бæх æрзæты рæдзæгъды цур æрлæууыд, йæ алы- вæрстæм аракæс-бакæс кодта, стæй, æвæццæгæн, йæ цуры чи- дæр кæй ис, уый бамбæрста æмæ бауасыд. — Уæздан, цы фæдæ? — мæхи нал баурæдтон æз. Иæ цур- мæ бацыдтæн, йæ хуылыдз фарс ын æрсæрфтон. Уый та но- гæй бауасыд æмæ мын йæ фындзæй мæ цонг мæсты риуыгъд скодта. Гæххæттыл ставд сау дамгъæтæй фыст уыд: «Цалынмæ нын не ’мбæлтты суæгъд кæной, уæдмæ иу дæр йæ куыстмæ ма рацæуæд! Быдырæй нæм нæхионтæ æххуысмæ æрбацæ- уынц. Фидар лæуут, æмбæлттæ!» Гæххæтт фæстæмæ йæ бынаты баныхæстон. Бæхæн æхсæ- вы былæй ахауынæй тæссаг уыд æмæ йæ уæрмы галиу фарс ихсыд къутæрыл бабастон, Данел ын цы хосы цъуппытæ фæ- хаста, уыдон ын дуры сæрæй райстон æмæ йын сæ йæ разы нывæрдтон. Бæх, æвæццæгæн, бон-изæрмæ æххормаг уыд æмæ хосыл зыдæй балæууыд. — Æрбацæуынц... Нæхионтæ æрбацæуынц, Уæздан! Фи- дар лæуу! — йæ дæллагхъуыр ма йын аныхтон æмæ ра- цыдтæн. — Хæмыцитæ æрбацыдысты!.. Папæ дæр... — Кæрты мæ размæ кæцæйдæр февзæрди Вася, къуыммæ мæ бадавта.— Данелитæ кæм сты, уый зоныс? У-у-алæ сыл лæбырды цур зæронд уæрм сæхгæдтой. Салдæттæ сæ хъахъхъæнынц, — 276
фырцинæй зæххыл нал хæцыд Вася æмæ йæ ныхас кæронмæ нæма фæци, афтæмæй мæ йæ хъæбысы ныккодта. — Тæрсгæ ма кæн, ныр сын мах фенын кæндзыстæм. Мæ- нæ кæсыс? — йæ хъæбысæй куы феуæгъд дæн, уæд мын тагъд-тагъд цыдæр уазал мæ къухты фæсагъта. — Кæм дын уыди? Чи дын æй радта? — талынджы, дам- бацамæ æркæсгæйæ, афарстон æз. — Уый дæ хъуыддаг нæу... Ма йæм æвнал, феваст уы- дзæн. Гилдзæй йæ тæккæ дзаг у... — Нæ, уæддæр дын кæм уыди? Исчи дын æй радта? Хæ- мыц? — баййардтон æй æз. — Гъо. Раст мын æй æнайы цур мæ къухты ныссагъта... Æнхъæлыс, абон райсом Ауыгъд хиды бынмæ мæ зæрдæйы дзæбæхæн ацыдтæн? Муссæйы дамбаца у, æрмæст æй нæхи- мæ ма схъæр кæн. Дыууæйæ дзы æхсдзыстæм... — А-а, афтæ у?.. Æмæ Хæмыцитæ кæм сты? — бафар- стон æй æз æмæ уыцы сахат мæ цæстытыл ауад, Муссæйы дамбаца æдзух сæрак хуымпъыры йæ фарсыл куыд дзедзык- ка кодта, иу хатт дзы ныхасы кæмæдæр куыд лæбурдта, уый. Æппæты фыццаг хатт æй йæ уæлæ куы бабаста, уæд дзы хуы- мæтæджы хъал уыди! Ныхасы-иу, хъæуа-нæ хъæуа, уæддæр йæ кæрцы фæдджийыл иуварс ахæцыд, ома мын мæ дамбаца феной, зæгъгæ. Йемæ-иу чи ныхас кодта, уый-иу дамбацамæ куынæ каст, уæд-иу æй размæ, йе ’стыр гуыбынмæ ракодта, йæхæдæг-иу æм аивæй æркаст, ныр дæр æй нæ уыныс, зæгъ- гæ. Ныр Муссæйы мардæй фæласынц, йæ дамбаца та æз æмæ Васямæ. Никæмæуал дзы балæбурдзæн. Никæйыуал дзы фæ- тæрсын кæндзæн Муссæ йæ дамбацайæ... — Дæхимæ йæ уадз, Æна мын æй мæ дзыппы куы ссара, уæд нын æй байсдзæн, — мæйдары дамбацамæ æркаст, аф- тæмæй загъта Вася. —Хæмыцитæ кæм сты, уымæн ницы зо- нын, Æна мын æй сусæгæй загъта, фæлæ кæм сты, уый мын не ’схъæр кодта... — Хорз. Æз æй мæ роны æмбæхсын. Бузныг, мæнмæ йыл кæй баууæндыдтæ, уымæй. — Цытæ дзурыс, дамбаца йедтæмæ ма исты у? Мæ фы- ды æхцатæ йыл куынæ бафыстон. Дар æй, бахъæудзæн нæ... — Хъæугæ — тынг... Ахсæв цæуæм? — Кæдæм? — Данелиты уæгъд кæнынмæ... ?77
— Цæуæм? Папæитæ дæр сæм цæуинаг сты. Æрмæст дзы салдæттæ тынг бирæ хонынц. — Æмæ кæд салдæттæй тæрсыс, уæд лæуу. Æз мæхæдæг ацæудзынæн. Васяйæн хъыг уыд ме ’нæрхъуыды ныхас. Раст зæгъын хъæуы, мæхæдæг дæр ыл фæфæсмон кодтон æмæ йын цæмæй йæ зæрдæ балхæдтаин, уый тыххæй йæ басхуыстон: — Цæй, æз хъазгæ кодтон. Цæуыл рамæсты дæ? Æз аф- тæ... Абон Данелæн йæ чызг æмæ йæ усмæ кастæ... йе ’мбæлт- тæ дæр, дам, сæ тæппуд сæртæ бамбæхстой. Ие ’мбæлттæ! Уык мæнæй дæр загъта, мæнæй, æмбарыс? — Æ’ппын мæнæн æмбарын æнхъæл ницы дæ? Æз изæр- сарæй, Данелитæ кæм сты, зæгъгæ, рафæрс-бафæрс кæнын. Цы къуымæй нæ ракастæн, ахæм мын нал баззад. Дурты бынты, доны былты, хæцæнгæрзтæ агурын. Дæ зæрде, Муссæйы кæ- дæм аппæрстам, уырдæм æнцон ныууайæн уыди? Æппын ницы, фæлæ мæ фæндагæй уæддæр ничи федтаид?.. — Хорз, Вася. Бамбæрстон дæ. Уæдæмæ мах раздæр ацæ- уæм. Кæд дзы, дæхи загъдау, салдæттæ бирæ уа, уæд Хæмы- циты æрбацæуынмæ банхъæлмæ кæсдзыстæм. — Искуы сæ размæ бабаддзыстæм æмæ сын фехъусын кæндзыстæм, бирæ сты æмæ уæхи хъахъхъæнут, зæгъгæ. На- уæд æнæнхъæлæджы семæ куы схæцой, уæд... — Мæ ныхас мын айста Вася, æрбакаст мæм, стæй мæ уæд бафарста:—Æмæ уæд Æна та? Æнæ уый бафæрсгæ куы ацæуæм, уæд нæ кæм агурдзæн? — Тæрсын, иугæр Дарьяйæн нæ фæндон куы зæгъæм, æмæ нæ куынæуал ауадза... — Мæнмæ дæр афтæ кæсы. — Уæдæмæ цом. — Цом... Æрмæст дамбаца мæнмæ æри. Æз ын де ’рбацыд- мæ йæ сусæг хъуыддæгтæ базыдтон. Æз, æнæ гæды ныхас, дамбацайы «сусæг хъуыддæгтæм» дæсны нæ уыдтæн æмæ Васяйы ныхасыл дыккаг нал загътон. Раттон æм æй. 2 Хъæумæ дард у, Цæхджын суадоны цур цы зæронд уæрм ис, уый. Доны фаллаг фарс, сæрдыгон фос кæм фæривæд кæ- нынц, уымæ хæстæг цалдæр азы рохуатæй лæууы зæронд уæрм. Дыууæрдыгæй йæм цæуы нарæг къахвæндæгтæ, фæлæ уыдон 278
дæр дурты бын фесты. Æрзæткъахæн куы фехæлдтой, уæд фæндæгтæ дæр фехæлдысты. Уæрмæй иу дыууиссæдз метры æддæдæр къаннæг хуырджын фæзы сæрдæй, зымæгæй абухы Цæхджын суадон. Уыцы суадонмæ æрыскъæрынц бонрæфты сæ фос фиййæуттæ. Æрмæст ма йæ уыдон бабæрæг кæнынц. Зымæг æм ничи цæуы. Ссæуæн дæр æм нæй. Æвæццæгæн, уы- мæн сæхгæдтой æрзæткъахæн дæр. Æз уыцы хъуыддæгтæн ни- цы зонын, Вася мын сæ дзуры. Уый бирæ хæттыты уыди суа- доны фæзы, зæронд уæрмы цур. Фыццаг хатт сæм бафтыд сæ фыдуаг сæгъы фæдыл. Сæгъ кæддæр хизгæ-хизын адзæгъæл уырдæм, банызта суадонæй, стæй уæрмы сатæгмæ бацыд æмæ уым схуыссыд. Æхсæв-бонмæ йæ фæцагуырдтой бинонтæ, стæй йыл сæ къух ауыгътой, æвæццæгæн, æй искуы бирæгътæ бахордтой, зæгъгæ. Вася бирæ рауай-бауай фæкодта сæгъы фæдыл æмæ йын йæ фесæфты хабар иуæй æхсызгон уыд, ин- нæмæй та йын тæригъæд кодта. Стæй æнæнхъæлæджы сæгъ æгас разынд, фиййæуттæ йын йæ хабар æрхастой хъæу- мæ. Вася йæм ацыд, йæ сыкъатыл ын йæ рон бабаста æмæ йæ æркодта суадоны фæзæй. Уæдæй фæстæмæ сæгъ суадонмæ фæ- цахуыр. Куыддæр-иу йæ бæттæнæй феуæгъд, афтæ-иу уым ба- лæууыд. Афтæ кодта сæгъ, цалынмæ йæм Петро не ’смæсты æмæ йæ нæ аргæвста, уæдмæ. Сæгъы фæдыл цæугæйæ, Вася базыдта суадонмæ фæндæг- тæ, уæрммæ бацæуæнтæ. Æрмæст уый уыди сæрдыгон, рухсæй. Ныр та, кæд суадонмæ бацæуæнты митнæма æрæхгæдта,уæд- дæр мæйдар у. Стæй, раст зæгъын хъæуы, рагæй нал уыди Ва- ся суадоны фæзы. Кæд ын къæвда дæттæ йæ бацæуæнтæ бын- тондæр фæластой, уæддæр сын ницы зоны. Нæ развæндаг æппындæр нæ зыны. Разæй цæуы Вася. Дур- тыл нæ къæхтæ къуырттытæ кæнæм. Æз — арæхдæр. Арвæй иу рухсыцъыртт никуыцæй зыны. Цыма раст Уæзданы фарсмæ цæуын, æмæнæсæрмæ арв нæ, фæлæ ныллæг къæдзæхын цар ис, афтæ нæм кæсы. Уæвгæ уым сахуыр дæн, кæд цыфæнды та- лынг у, уæддæр дзы мæ къæхтæ афтæ нæ къуырттытæ кæнын, уæлейæ мыл нæ уары, доны нæ цæуын, — æрмæст уымæй хи- цæн кæны ацы фæндаг нæ уæрмæй. Фæлæ дымгæ... Дымгæ ам тынгдæр къуыс-къуыс кæны. Стæй ардыгæй кæсгæйæ хъæу дзæбæхдæр зыны. Дæлæ та къанторы рудзгуытæй сæ цæстытæ ныкъулынц цы- рæгътæ. Æрмæст, кæд къантор адæмæй йе ’дзаг у, кæнæ та дзы уыцы гæмæхсæры лæгуын тенка æрттивы, уæддæр ардæм ницы 279
зыны. Уынгты цæуæг ис, нæй, уый зын равзарæн у ардыгæй. Рухсыцъырттытæ, цыма æз æмæ Васяйы мæстæй марынц, уый хуызæн, куы иу ран, куы иннæ ран сæ цæстытæ фæныкъул-фæ- ныкъул кæнынц. — Дæу нæ уырны, фæлæ фæстæдæр мæй æнæ скæсгæ нæ фæуыдзæн, — ныллæг хъæлæсæй загъта Вася. — Æз æмæ ды кæдæм цæуæм, уый куы базона, уæд æнæ- мæнг скæсдзæни. Æнхъæлмæ кæс, — цæмæй дарддæр исты дзу- ра, уый тыххæй йын дзуапп дæттын æз. — Стæй кæцæй ра- кæсдзæн, уый зоныс? Раст уæртæ уыцы рагъы цъуппæй. Æмæ, цалынмæ Цæхджын суадоны цурмæ хæццæ кæна, уæдмæ нæ разæй цæудзæн. Æртыккаг æмбалæн... — С-с-с... Науæд дын ныртæккæ де ’ртыккаг æмбал дæхи фæкæндзысты. Цæуыл сцырын дæ? Вася æрлæууыд. Фæстæмæ мæм ракаст. — Афтæ дзæнгæда куы цæгъдай, уæд папæитæ нæ, фæлæ ныртæккæ салдæттæ сæхæдæг ам æрбалæудзысты. Тæрсын, уæд дæ дзæгъæл ныхæстæм куынæуал равдæла, — æрдæгхъæ- лæсæй дзуры Вася. — Цæй-ма, дæ хынджылæг ныууадз. Бирæ нæ нал хъæуы... — Омæ, уæдæ разæй дамбацаимæ лæбурæджы цыд кæныс, æмæ цыма де ’взаг дæ хъуыры аирвæзт, уый хъус ныддæ. Иу- чысыл-ма фæлæуу, цы архайдзыстæм, ууыл ауынаффæ кæ- нæм. Куыд зæгъыс, афтæмæй нæ бирæ куынæуал хъæуы. Æви сæхæдæг фæндагмæ нæ размæ рацæудзысты æмæ сæ къухтæ сдардзысты... — Æнхъæлдæн æмæ нын ныртæккæ нæхи къухтæ сдарын кæндзысты. С-с-с!.. Цыма кæйдæр ныхас мæ хъустыл ауад,—- мæ цонгыл мын фæхæцыд Вася. — Дымгæ уыцырдыгæй кæны. Нæ нæ фехъуыстаиккой, — мæхи ма сраст кодтон æз. — Дымгæ... Ам ацафон дуртæ дæр кæрæдзимæ дзурынц. Хъусыс? Æрныллæг кæн. Кæмдæр хæстæгæй цæуы сæ ны- хас, — йæ комытæф мæ рахиз хъусыл æрбакалд Васяйæн æмæ нæ дыууæ дæр нæ къахæлгътыл, дуртæ куыннæ фезмæлын кодтаиккам, афтæ иуварсырдæм ахъуызыдыстæм. Фæйнæ ду- ры аууон кæрæдзимæ хæстæг æрæмбæхстыстæм. Хæрзхæстæ- гæй нæм дымгæ хæссы иугай ныхæстæ. Ницы дзы æмбарæм. Стæй сæ къæхты уынæр æввахсæй-æввахсдæр хъуысын бай- дыдта. — Цымæ ауылты цæмæн цæуынц? Ауылты фæндаг куынæ 280
ис... Æвæццæгæн, фæндæгтæ хорз чи зоны, ахæм исчи ис се- мæ.'.. Бирæ сты. Кæд сæ, миййаг, æндæр ранмæ искуыдæм кæнынц? — Нæ зонын. Кæд ауылты æрбацæуой, уæд сæ фендзы- стæм. Вася, æхсгæ ма фæкæн, — курын дзы æз, мæхæдæг ду- рыл мæ хъус сæвæрдтон, цыма сæ ныхас, сæ къæхты хъæр уырдыгæй цыд. Дур ихы къæрттау уазал кæй уыд, уый дæр мæ ферох. — Æвæццæгæн, дысонæй нырмæ уым цы салдæттæ лæу- уыд, уыдоны аивтой æмæ ныр фæстæмæ здæхынц, — бынтон ныллæг хъæлæсæй загъта Вася æмæ мын мæ худы гопп æркъуырдта. — Хъыпп-сыпп дæр нал! Къæхты уынæр бынтон æрбаввахс. Уæд та исты куы сдзурик- кой! Ныхъхъус сты. Кæд барæй ницыуал дзурынц? Кæд нæ бафиппайдтой æмæ нæм хъуызгæ æрбакæнынц? Мæ дыууæ уæны астæуыл та уыцы ихы къæртт атылд. Мæ зæнджы хæцъæфтæ, цыма сæ исчи артмæ ныддардта, уый хуызæн æм- пыльмц. Мæхи Васямæ хæстæгдæр баластон. Уый дæр мыл йæхи æрбауагъта. Мæ цонг йæ риуы бын фæци. Цыма мын ахст сырддонцъиу йæ лæмæгъ базыртæй мæ къухы уæларм хоста, йæ зæрдæ афтæ тæпп-тæпп кодта. Йæ палтойы дысæй дамбаца мæ сусæгæй раласта æмæ йæ фæндаджырдæм са- рæзта. Стæй Васяйы зæрдæ куыдфæстæмæ бынтондæр æрса-. быр. Иуцасдæр ын йе ’змæлд æппындæр нал æмбæрстон. Кæд ыл исты æрцыд, зæгъгæ, йæм мæ худы бынты бакастæн. Уый мæ йæ сæры батылдæй бафарста, цы кæныс, зæгъгæ. Æз ын дзуапп раттынмæ хъавыдтæн, фæлæ уыцы сахат кæйдæр дзу- рын æрбайхъуыст: — Æмæ дын уæдæ къахæн нæ радтой, нæ?.. — Куыд сын нæ лæгъстæ кодтон, куыд сæ нæ куырдтон — не ’сразы сты. Къахæн ма куы уыдаид, уæд ма зæгъ, ма... Искæуылты ракъæртт кодтаин... Удæгасæй къæдзæхы хуын- чъы кæй атъыссой, æз сын ахæм дæн? Мæ хуыссæнмæ мыл ныккалдысты, æндæр сын æнцонтыл нæ бакуымдтаин... — Данелитæ!.. Данелитæ сты! — кæд мæ мæ хъустæ са- йынц, зæгъгæ, раздæрау ныллæг хъæлæсæй загътон æз. — Папæитæ! — хæрдмæ фæхауд Вася æмæ дамбаца æваст мæ цæстыты раз цæхæртæ акалдта. Æхсæвы мæйдары хæх- тыл ныййазæлыд дамбацайы гæрах... Исдугмæ фæхъус сты Петроитæ. Стæй æз мæ бынатæй фæ- гæпп кодтон, сæ размæ рауадтæн æмæ хъæрæй загътон: 281
— Ма фехсут! Мах стæм, Фидар æмæ Вася!.. Уайтагъд нæ уæлхъус æрбалæууыдысты. Васяйæн йæ дйм- баца йæ рахиз къухы зæбулæй баззад, афтæмæй сæргуыбы- рæй бынмæ каст. — Нæ дын дзырдтон, мæ фехс, зæгъгæ? Искæйы дзы куы амардтаис, уæд та? —уайдзæфгæнæгау загътон Васяйæн. Уый мæм уæлæмæ скаст æмæ, цыма Петроитæй хатыр куырдта, уый хуызæн, бустæгæнæгау дзуапп радта: — Папæйы ныхас куы фехъуыстон, уæд... Нæ йæ базыд- тон, куыд фæгæрах кодта, уый... Петро йæм бацыд, йæ дамбаца йын Хæмыцмæ радта æмæ йæ йæ хъæбысы ныккодта. — Ардыгæй цæуын хъæуы... Гæрахмæ куы фæфæдис уой, миййаг, — Васяйы йæ хъæбысæй нæма суагъта, афтæмæй загъ- та Петро. Не ’ппæтдæр уыцы ранæй ратагъд кодтам. Иучысыл куы рауадыстæм, уæд мæ Хæмыц бафарста: — Ам цы куыстат ацы æнафоны? — Мæнæ Данелиты уæгъд кæнынмæ цыдыстæм... — Дыууæйæ?.. — О, дыууæйæ. Æмæ цы кæны? — Кæнгæ ницы, фæлæ... — йæ ныхас даргъ аивæзта Хæ- мыц.—Фæлæ нæ, гыццыл ма бахъæуа, салдæтты æфсон ма ныццæгъдат. Ноджы сæм замманай дамбаца, кæм уын уыд? — Уый Муссæйы дамбаца у, — дзуапп радтон æз. — Муссæйы? Æмæ уæ къухы куыд хорз бафтыд? — Ауыгъд хиды бын æй ссардтам. Уыцы сахат Данел мæ фарсмæ февзæрд. — Бузныг, ме ’рдхорды фырт. Стыр бузныг... Хъайсыны туг дæм кæй ис, уымæй бузныг, — загъта Данел, стæй йæ хъуынджын худыл хæрдмæ схæцыд æмæ ма йæ ныхасыл баф- тыдта: — Уæдæ мæн суæгъд кæнынмæ цыдыстут, зæгъыс? Дамбацаимæ? Æнæуи ма цы хабæрттæ ис? — Абон сымахонты дæр федтон. Къантормæ хъæстмæ æр- цыдысты, — дзуапп радтои æз. — Æмæ ма сæхи адæмы цæсты цы ’фтыдтой? Æнæхъæн дзыллæйы коммæ куы нæ бакастысты, уæд мæ уыдоны ны- хæстæй рауагътаиккой?—Æвæццæгæн ын Хæмыцитæй чидæр радзырдта, абон цы хабæрттæ æрцыди, уыдон.—Майрæмæн кæй феххуыс кодтат, уый хорз у. Цы фæци, цымæ? Туаллагæй зæгъын. 282
!— Изæры йæ лæгæтæй кæдæмдæр ахастой, фæлæ кæдæм, уый нæ зонын. Йæ удæн ницы тас у, зæгъгæ, дзырдтой. Уæзда- ны< дæр абæрæг кодтон. Уым, мæгуырæг, уæрмы иунæгæй дыууæрдæм рацу-бацу кодта. Куы мæ федта, уæд мыл цинтæ систа, — бæхæй мæ æнæ бафæрсгæ кæй нæ фæуыдзæн, уый зыдтон æмæ йын рагацау йæ хабæрттæ радзырд- тон. •. — Уымæй хорз бакодтай, науæд æхсæвы искуы былæй ахаудтаид, — Уæзданы коймæ йæ хъæлæс бынтондæр фендæр- хуызон Данелæн. Нæ хæдфæстæ цыдысты Хæмыц æмæ Петро. Цæуылдæр æхсызгон ныхас кодтой. Данелы, æвæццæгæн, бæстондæр бай- хъусын фæндыд æмæ æнцаддæр цæуын райдыдта. — Æмæ ма дын æндæр цытæ дзырдта Серго? — Ахæмæй йын цы ракодтай, нæ зонын, йæ фыццаг фарст ды фæдæ. Куыд дæ хоны,уый зоныс? Урайлаг ирон... — Айразмæ мын æй мæхицæн дæр дзырдта. Æз дæр ын, ирон æгъдаумæ гæсгæ, ном æвæрæггаг хæдойнаг æмбæлы зæгъгæ, куы загътон, уæд ныххудт, йæ рихи адаудта æмæ мын афтæ: — Кæсыс, ирон æгъдæуттæ куыд хорз базыдтай, урай- лаг ирон дæр дæ уымæн хонын... — Æз ныр дыккаг хатт сæмбæлдтæн йемæ æмæ дын, раст куы зæгъон, уæд мæ зæрдæйы ныххызт, хуымæтæджы адæй- маг кæй у, лæджы рыст кæй æмбары, уый тыххæй, —: дзырдта Хæмыц. — Афтæ куынæ уаид, уæд æй ардæм дæр нæ рарвыстаик- кой, — арф ныуулæфыд Петро æмæ ууыл исдугмæ сæ ныхас баурæдтой. Æз Данелы, Хæмыцитæ мæ куыннæ фехъуыстаиккой, аф- тæ сабыргай бафарстон: — Чи у, кæй кой кæнынц, уый? — Стыр лæг. Кусæг адæмы сæрыл бонджынтимæ чи тох кæны, ахæм лæг,— дзуапп мын радта Данел, стæй йæ кæрцы дыс йæ дзыхыл авæрдта, дзуццæджы æрбадт æмæ хуыфыныл балæууыд. — Де^’ссыдмæ дын хорз лæвар сцæттæ кодтой. Муссæйæ зæгъын. Йæхæдæг ахаудаид, æмæ мæ нæ уырны. Чидæр æй æд бæх æппаргæ кæй акодта, ууыл ныхас дæр нæй. Чи уыд? Чи йын æрбайхæлдта йæ хъарм къона? — Данел хуыфт куы фæци, уæд та ногæй мæ хъустыл ауад Петройы бæзджын хъæлæс: 283
— Æлдары кой хъæдбыны... Чидæр æм мæ разæй фæци æмæ йæ цæрæнбон бирæ... Уыцы ныхæстаем Вася мæ фарсмæ февзæрд, мæ кæрцы дыс мын аивæзта, фæлæ дзургæ ницы скодта. — Фидар! — фæурæдта мæ Хæмыц.—Данелтæ кæм цæ- рынц, уый зоныс? — Ссардзынæн сæ, — дзуапп радтон æз. — Гъе уæдæ афтæ бакæн, æмæ ныртæккæ Васяимæ уыр- дæм цæугæут. Бинонтæн зæгъут, æмæ ахсæв, кæнæ райсом раджы сæхи хъæуæй искæдæм айсæнт. Æмбарыс мæ? Гъе уæ- дæ хорз. Цæугæут, æнæуи дæр сымах ам ницæмæн хъæут... — Дамбаца...— мæхи йæм бакъултæ кодтон æз. — Дамбаца уæ ницæмæн хъæуы. Исты фыдбылыз дзы са- раздзыстут. Хидыл нæ, фæлæ мæнæ ауылты доны комкоммæ бахизут. Ныртæккæ фæдисæдтæн ардæм æнæрбацæугæ нæй. Уæхи хъахъхъæнут... Æвæццæгæн, Васяйæн йæ фыд хъуыддаг бамбарын кодта æмæ уайтагъд мæ уæлхъус февзæрд. — Цом, — загъта уый æмæ Хæмыцмæ бакаст. — Æнæн- хъæлæджы мын афтæ рауад. Æнæхъуаджы дзы нал фехс- дзыстæм... — Мауал фæстиат кæнут. Хъусут, фæсвæдты ацæут,— цыма Васяйы ныхас æмбаргæ дæр нæ бакодта, уый хуызæн тызмæгæй загъта Хæмыц, стæй Данелмæ фæдзырдта: —Æн- дæр ма исты фæдзæхсыс? — Ницы, — фæстæмæ фæзылд Данел. — Фидар, чызгæн- иу зæгъ, йæ мадырвадæлтæм сын хуыздæр уыдзæни. Ахсæв уал сыхæгтæй искæмæ баззайæнт, стæй райсом раздæр ацæ- уæнт... — Гъеныр марадз... Замманай дамбаца, нæ дын дзырдтон, ма дзы фехс, зæгъгæ? — доны сæрты куы бахызтыстæм, æмæ рагъыл куы фæхæрд кодтам, уæд загътон Васяйæн. — Цæй, мæ мастыл мын цæхх мауал кæн. Уый ма ныу- уадз, фæлæ дæлæ хидыл уыдон чи сты? Æз хидырдæм акастæн. Цалдæр сау æндæрджы хидыл ба- хызтысты. Бæхты къæхты хъæр ауад нæ хъустыл. Исдугмæ, æнæ исты сдзургæйæ, нæ мидбынаты лæугæ баззадыстæм. Æнхъæлмæ кастыстæм, уæдæ ныртæккæ схæцдзысты, зæгъгæ, стæй уайтагъд бæхты къæхты хъæр æхсæвы мæйдары атад. Бæстæ, цыма уый дæр истæмæ æдзынæг хъуыста, уый хуызæн ныссабыр. Æрмæст ма нæ хæдбынмæ дон сусæг хъуыр-хъуыр 284
кодта. Дард кæцæйдæр ма дымгæ хаста куиты фæллад, фæсус рæйын. Хуыссын афон нæма уыд. Фæлæ Уæллаг Садоны тъæпæн- сæр хæдзæрттæй рухс нал цыд. Фæстæдæр куыд базыдтам, аф- тæмæй хъæу фынæй нæма уыд. Æрмæст, нæ рухс бынмæ, Са- донмæ ма зына, зæгъгæ, сæ рудзгуытæ æнгом сæхгæдтой. Аф- тæ уыд Данелты хæдзар дæр. Кæртмæ куы бахызтыстæм, уæд нæм рудзынджы зыхъхъырæй лыстæг рухсы æндæхтæ ферттывтой. Дуар бахостам. Иуцасдæрмæ нын дзуапп ничи радта. Стæй æрæджиау сылгоймаджы хъæлæс райхъуыст: — Чи стут?.. Уый уыди Данелы чызг Меретханы хъæлæс. — Хицæттæ. Дуар-ма бакæн, — куыддæр мæ рустæ артау ссыгъдысты, афтæмæй загътон æз. Чызг мæ дыккаг хатт ба- фарста, стæй йын мæ ном куы загътон, уæд йæ мадмæ фæ- дзырдта: — Гыцци, Фидар у!.. Дуар байгом. Мах мидæмæ бахызтыстæм. Мад æмæ чызг тарстхуызæй лæууыдысты æмæ нын цы загътаиккой, уымæн ницы зыдтой. Уæлдайдæр Меретхан... йæ сатæгсау цæстытæ мæ ныссагъта, йæ хæрзконд былтæ, цыма сæ ме ’рбацыдмæ барæй мæнæргъыты донæй сахуырста, уый хуызæн туджы хъа- зыдысты. — Уæ хæрзæггурæггаг мах. Данел суæгъд...— цæмæдæр гæсгæ мæ улæфт мæ хъуыры фæбадт, афтæмæй загътон æз æмæ Меретханы судзæг цæстæнгасæй къулырдæм мæхи азылдтон. Фæлæ мыл уыцы сахат чызг йæхи æрбаппæрста, ныттыхст мыл. Ныпъпъа мын кодта мæ русæн. Фидар, зæгъ- гæ, ма мæ хъустыл æруад йæ ныхас. Стæй мæ йæхи атыдта æмæ мидæггаг уаты смидæг. Æрдæггом дуарæй ма мæм фæ- зындысты йæ судзгæ цæстытæ, йæ фæлмæн былтæ. — Бахатыр ын кæнут. Уый йæ фыды цинæй афтæ у...— йæ чызджы сраст кодта мад. Æрмæст æз мады ныхæстæн ницы бамбæрстон. Фæстæдæр мын сæ Вася дзырдта. Мæнæн исдуг- мæ мæ цæстытæ атартæ сты. Мæ рус ссыгъд. Мæ къухтæ цы фæкодтаин, уымæн ницыуал зыдтон. Мад нын хъарм нартхоры кæрдзын æмæ хъæбæр цыхты къæртт нæ разы авæрдта, йæхæдæг дæр нæ фарсмæ æрбадт æмæ фырцинæй, йæ фæллад цæстытæ цæхæртæ калдтон. Æвæццæгæн æм уыцы сахат стыр хорздзинад куы уыдаид, уæддæр нын æй нæ бахæлæг кодтаид. 285
— Ацы æхсæв нын бахатыр кæнут. Кæд хуыцауы фæнда, уæд бæстæ æрсабыр уыдзæн æмæ уын уæд уæ хæрзæггурæг- гаг, кæимæ уæ фæнда, уыдонимæ скæндзынæн, — загъта мад æмæ йæ чызгмæ фæдзырдта: — Хуырх ма сын радав. Кæд сæ искæмæн дойны, мий- йаг, у... — Æрсабыр уыдзæн, — цыма хъуыддæгтæ аразæг æр- мæстдæр йæхæдæг иунæгæй уыди, уыйау дзуапп радта Вася æмæ цыхты къæртт йæ дзыхы баппæрста. Меретханæй хуырхы къус райста æмæ йыл йæ дыууæ къухæй схæцыд. Æз, кæд тынг æххормаг уыдтæн, уæддæр хъавгæ æвнæлд кодтон. Цыма кæрдзын асæттынмæ дæр нæ арæхстæн, афтæ мæм каст. — Дæуæн дæр рахæссон, Фидар? — йæ русты сырх нæма ссыд, афтæмæй мæ бафарста Меретхан. — Рахæсс ын, цы йæ фæрсыс? Чызг, цыма ацы æхсæв цы- дæр кæныс? -— йæ мидбылты зына-нæзына бахудт мад. — Куы ницы, Гыцци... Кæд æй, зæгъын, нæ хъæуы, æн- дæр... — æвæццæгæн ын дзуапп кæй нæ радтон, уый тыххæй мæ фелхыскъ кодта Меретхан æмæ къæбицмæ тагъд-тагъд ацыд. Уайтагъд фæстæмæ фæзылд. Къус йæ былтæй калд, афтæ- мæй мæм æй æнæдзургæйæ радта. Дойны мын нæ уыд, фæлæ йæ уæддæр Меретханы фыдæнæн йæ тæккæ бынæй анызтон. — Хъæуы ма дæ? — бафарста мæ Меретхан æмæ йæ дыу- уæ сатæгсау æрфыджы йæ фæтæн ныхыл фæйнæрдæм алыгъ- дысты. — Радав-ма дзы!—мад мæ куыннæ бафиппайдтаид, аф- тæмæй загътон æз. — Ныртæккæ, — цæхгæр фæзылд чызг æмæ та мын йæ бæзджынбыд дзыккутыл мæ цæстæнгас къæбицмæ аскъæфта. Вася мæм йæ цъæх цæстытæ сдзагъултæ кодта, мад дæр йæ бынатæй сыстад. Æз æнæ исты сдзургæйæ анызтон дыккаг къус дæр. — Радавон ма дын дзы? — мæ зæрдæ мын бынтондæр ракъахынвæнд скодта Меретхан. — Цавæр у, дæ уазал хуырхæй йæ марынмæ хъавыс? — цыма йын къус байсынмæ хъавыд, уый хуызæн æм хæстæг- дæр балæууыд мад. — Иугай къустæй йæ нæ бафсаддзынæ. Дурын ын æнæ- хъæнæй рахæсс, — йæ комдзаг йæ дзыхы, афтæмæй йæ ныхас- 286
баппæрста Вася. Меретхан ныппыррыкк кодта æмæ йæ къух йæ былтыл авæрдта. Мад æм йæ цæстытæй цыдæр ацамыдта æмæ чызг æнæбарыгомау уатмæ бацыд. Æрдæггом дуарæй ма фæстæмæ иу каст фæкодта æмæ мæм йæ мидбылты бахудт. — Иу къус-ма дзы уæддæр куы банызтаис... Чызджы зæр- дæхудты цæмæн бацыдтæ?—хъæуæй иучысыл куы рауадыс- тæм, уæд мын хъазгæмхасæнты загъта Вася. Кæд талынг уыд, уæддæр æй æмбæрстон, Вася мыл худгæ кæй кодта, уый. Ни- цы йæм сдзырдтон. Иæ ныхас ын хъуыды дæр не ’ркодтон. Цыма мын Данелтæм исты баззад, цыма мæ сæ мидæггаг уа- ты исты ферох, уый хуызæн мæ фæстæмæ цыдæр ласта. Мæ зæрдæ цавæрдæр рог базыртыл ратæх-батæх систа мæ риуы. Цыдæр мын нæ фаг кодта. Фæлæ цы уыд, уымæн ницы базыд- тон. Æрмæст мæ галиу рус йæ судзынæй не ’нцад. Данелты мидæггаг уатæй мæм худтысты Меретханы дыууæ сау цæсты, йæ мæнæргъыйæ ахуырст сырх былтæ. — Кæдæм?.. Былæй хауыс! — мæ цонгæй мæ йæхимæ баскъæфта Вася. Æз, цыма мæ фынæйæ фехъал дæн, уыйау фесхъиудтон. Мæ къæхты бынмæ æркастæн. Цалдæр къахдзæфы æддæдæр айнæджы тигъ бынмæ ауыгъдæй лæууыд. Дæлиау кæмдæр сыгъдысты Садоны цырæгътæ... 3 Рудзгуыты бын цалдæр гæрахы фæцыд. Къулы сæрстытæ мæ цæсгомыл æркалдысты æмæ мæ хуыссæнуаты хæрдмæ фæхаудтæн. Васяйы сæрты кæйдæр талынг уаты пъолмæ ра- тылдтæн. (Дарья æмæ Васяимæ ныр æртыккаг бон цардыс- тæм Петроты зонгæтæм, зæронд мæсыгмæ хæстæг.) Мæ сæр æфсæйнаг пецы тигъмæ бахастон. Мæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Мæ ных асгæрстон — карчы айчыйас къуызыр. Стæй цалынмæ мæ дзаумæттæ тагъд-тагъд кодтон, уæдмæ топпы гæрæхтæ адард сты. Кæмдæр, фаллаг уынджы, бæхтæ сæ сæфтджытæй хостой хъæуы дурджын уынгтæ. Вася йæ къах дæр нæ атылдта, цыма æппындæр ницы æрцыд, уый хуызæн хуыррыттæй хуыссыди. Дарья мæ куы фена, зæгъгæ, мæ къахæлгътыл хъавгæ рацыдтæн тыргътæм. Хæдзарæй рахизæ- ны цæджындзы аууон, Петройы бызгъуыртæ кæрц йæ уæлæ, афтæмæй лæууыди Дарья. Æз ын уым æнхъæл нæ уыдтæн æмæ дзы тæрсгæ дæр фæкодтон. 287
— Дысон-бонмæ иу ран не ’рлæууыдысты. Дæлæмæ ацæуынц, уым бæстæ сæ сæрыл сисынц æмæ та фæстæмæ хъæуы æрбамидæг вæййынц, — кæдæмдæр æдзынæг каст, аф- тæмæй загъта Дарья. — Ам дæ?.. Æз та, зæгъын, кæд фынæй дæ... —Дарьяйы цурмæ бацыдтæн, мæ тæвд ныхы къуызыр мæ уазал къухæй асгæрстон æмæ æз дæр, Дарья кæдæм каст, уыцырдæм акас- тæн. Бон æрбацъæх. Мæй, æвæццæгæн, чысыл раздæр аныгуылд æмæ ма йæ бæсты Бонвæрнон тыбар-тыбур кодта хохы цъуп- пыл. Стъалытæ иугай-дыгай тадысты арвыл. Цыди дымгæйы къуыс-къуыс, ниудта зæронд мæсыджы хæлд къултыл. Къæс- къæс кодта фыдæлтыккон фидар. Бынæй та хъæуы тъæпæн- сæр хæдзæрттæ нæхимæ хосгæрсты гыццыл мæкъуылтау кæ- рæдзи фæрстæм ныттымбыл сты. Æрмæст, къанторæй цы мы- нæг рухс калд, уымæ дзæбæх зындысты цалдæр бæхы, сæ алыварс адæм рауай-бауай кодтой. Уынгты, цыма сæ дымгæ фæхаста, уый хуызæн иу фезмæлæг нæуыд. Æвæццæгæн, ныр- тæккæ æз æмæ Дарья цæджындзы аууонæй куыд кæсæм, аф- тæ кастысты хъæуы адæмæй бирæтæ къанторы рудзгуытæм, фæзы чи рауай-бауай кодта, уыдонмæ. — Цæй, кæннод мын байрæджы уыдзæн... Бауайдзынæн сæм. Цы сæ зæрды ис, уый базонын хъæуы, — загътон æз æмæ мын Дарья фæндагмæ цы хæринæгты дзæкъул æрцæттæ код- та, уый рахæссыны зæрдæйæ хæдзармæ фæзылдтæн. Дарья мæ фæурæдта. — Ууылты ма цу, æз ныртæккæ уым уыдтæн. Къанторæй цавæрдæр дзаумæттæ хæссынц, бæхтыл сæ æвæрынц. Æз та ма дæм ныртæккæ хъал кæнынмæ цæуинаг уыдтæн. Тагъддæр, мæ хур, Фидар. Дæлæ хæстæгдæр фæндагыл ацу æмæ Хæмы- цитæн зæгъ: къанторы хицауад лидзынмæ хъавынц... Хъæуы цæрджытæй, зæгъ, сæ фарс чи у, ахæмтæ сын зæрдæ æвæ- рынц Дзуары рагъыл акæнынæй. Иннæ хъуыддæгтæ дæхæ- дæг зоныс. Æз мæ хызын ме ’ккойы баппæрстон, Дарьяйæн «хæрзрай- сом» загътон æмæ рацыдтæн. Зæронд мæсыджы цурæй фæл- гæсгæйæ мæм боны хуызæн касти, фæлæ чысыл фæстæдæр на- рæг комы куы балæууыдтæн, уæд та мын æхсæвы мæйдар фæстæмæ мæ развæндаг æрæхгæдта. Гоби уæйгуытау мæм алырдыгæй кастысты талынг хæхтæ. Доны хъæрæй мæм ницы- уал хъуыст. Дурты ’хсæнты, доны сæрты гæпцытæгæнгæ тагъд 288
кодтон Хæмыцитæм. Кæд уазал дымгæ буары иннæрдæм хызт, уæддæр мæ хид калд, мæ хæдон мæ буарыл нынныхæст, мæ къæхты бынтæ сыгъдысты. Мæ ныхы къуызыр дæр мæ ферох. Иуахæмы. йæ мæ къухæй асгæрстон,—рысти ма, фæлæ йæ рæсыд æрбадт. Куыд дарддæр цыдтæн, афтæ мæ дзæкъул уæз- зауæй-уæззаудæр кодта. Цыма йæ лыстæг бæттæктæ бынтон- дæр мæ буары афардæг сты, афтæ мæм каст. «Куы байрæджы кæнон, куыпæуал сæ сæййафон», — уыцы хъуыды мæ дурæй- дурмæ, донæн йæ иу былæй иннæмæ, иу къæдзæхы тигъæй иннæ къæдзæхы тигъмæ хаста. Æмæ кæд тагъд кодтон, уæд- дæр мæм афтæ каст, цыма дысон-изæрæй бирæ сабырдæр цæуын, цыма фæндаг чидæр барæй аивæзта. Мæ фыдбылы- зæн иу ран мæ къах дурыл фæбырыд æмæ мæ уæраджы сæр- тæм ихджын доны аныгъуылдтæн. Чысыл ма бахъæуа, дон мын мæ хызын ма аскъæфа. Фæгæпп ма ластон. Уæдæ мæ къæхтæ куы басийой, зæгъгæ, ноджы цырддæр азгъордтон. Фæлæ мын уайтагъд мæ зæнгæйттæ мæ зæнджы хæцъæфтæ æрбалвæстой. Асалдысты мæ фæсмын дзабыртæ. Мæ къæхтæ зæххыл нал хæцынц, ихыл бырæгау цъыгъгъуыттытæ кæнынц. Иу хауд. Дыккаг. Æртыккаг хауд... Стæй мæ сæ нымæц фе- рох. Мæ къухтæ... Уыдон мæ, æвæццæгæн, нырæй тынгдæр ни- куы бахъуыдысты. Ранæй-рæтты сæ ныхбынтæй сæ туг рахъард- та, уæддæр мæ хъахъхъæнынц. Ныззæгæл вæййынц салд ду- рыл, рацахсынц бæрзбæласы чырсæй æмбæрзт къалиу. Æмæта уæд мæ салд дзабыртæй мæхи размæ фесхойын. Æхсæры къу- дзийыл, ме 'уæхскыл хызын куыд ауыгъд у, аф.тæ ацауындзæг вæййын. Чысыл-ма, цалдæр къахдзæфы ма æмæ уæд рагъмæ схæццæ уыдзынæн. Уæд уырдыджы æнцондæр цæуæн уы- дзæн. Уæд мæ кæд Хæмыцитæй дæр исчи фенид... Бынæй, дæлиау кæмдæр, фыцы, йæ фырзнæтæй йæ комы- фынк калы дон. Фæстæмæ фæкæсын æм нæ уæндын. Мæ сæр куы разила, мæ къухтæ мæ куынæуал бауромой... Хатгай ме ’уæнгтæ æрлæмæгъ вæййынц, мæ цæнгты хъару нал аззайы. Стæрсын, дымгæ мæ йæ уæлныхты куы сиса æмæ мæ уыцы фыцгæ донмæ куы ныззыввытт ласа. Дымгæ та, цас рагъмæ хæстæгдæр кæнын, уыйас фыдуагæй-фыдуагдæр кæны. Уæд та уый куы басабыр уаид... Цалынмæ рагъмæ схæццæ уон, уæд- мæ, стæй хæхтæ дæр рафæлдахæд, йæ уды быцъынæг дæр ато- нæд. Уæд мын кæд мæ цæстытæ нал къахид, мæ цæсгом мын нал хоид йе ’змисæй, йæ лыстæг хуыртæй. Мæ цæсгом дзы æм- бæхсын, дуры аууон фæтымбыл вæпйып. Нæ мæ уадзы уæддæр. 19 Дæ зæрдæмæ хьуыстои 289
Мæ хъустæ мын хуыпчъытæ кæны, мæ кæрц мын мæ уæлæйæ ласы, фæцæй. мын хæссы мæ дзæкъул. Ахæсс уый дæр, ралас мын мæ кæрц дæр, дымгæ! Æрмæстмæ рагъмæ суадз... Нæ, нæ дын бакомдзынæн, дымгæ! — цыма мын исты бамбардзæн, уый хуызæн ын дзурын æмæ тындзын, хилын рагъмæ, лæбурын салд æхсæлымæ, ныхъхъæбыс кæнын уазал дурæн. Дудынц ных- бынтæ, уæраджы сæртæ. Хурыскæсæны арвыл гæзæмæ рухсы тынтæ зынын байдыдтой. Дон цыма судзгæ кæны, уый хуызæн йæ сæрмæ цъæх фæздæг бады. Мæн хуызæн уымæй дæр дымгæ хъазы, къæдзæхтыл æй хойы. О, дымгæ, дымгæ!.. Æппын фæллад дæр куынæ зоныс, иу минут æнцад куыннæ æрлæууыс! Нæ, нæ дын бакомдзынæн! Нырма мæ къухтæ мæ уæлæ сты. Мæ салд къæхтæ, кæд сæ дыз-дызæй не ’нцайынц, уæддæр ма мæн бауромын сæ бон бауыдзæн. Кæсыс, уæлæ рагъæй йæ салд къабæзтæ тилы цъуй бæлас: «Æри дæ къух... Бирæ дæ нал хъæуы...» Æмæ та йæхи мæнырдæм æркъул кæны, æртасы суанг зæхмæ. Иу хатт ма, ноджыдæр ма иу хатт, мæ ирвæзынгæнæг, цъуй бæлас! Ныртæккæ дæм мæ къух ратдзынæн, ныхъхъæбыс дын кæн- дзынæн... Мæ къах дурмæ фæцарæзтон, мæ тых-мæ бонæй мæхи раз- мæ асхуыстон, фæхæст дæн цъуй бæласы хихыл. Мæ хъæбысы йæ ныккодтон. Уымæп, мæгуыр, суанг бындзарæй йæ къæс- къæс ссыди, йæ алыварс дуртæ базмæлыдысты, фæлæ стоиын нæбакуымдта. Мæ ирвæзынгæнæг, хъæбатыр цъуй бæлас! Чи дæ ныссагъта мæ амондæн къæдзæхы цъуппыл? Кæцæй фæ- дæ, кæцæй мæм æртахтæ?.. Сыстадтæн. Дымгæ мæ, цыма мыл йæ фæстаг тыхтæ æв- зæрста, уый хуызæн иуварсырдæм ахаста, мæ къæхтæ мын салд фæсалæй фæхицæн кодта. Хæмыц! — зæгъгæ, ма мæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодтон, мæ сæр разылд æмæ уырдыгмæ атахтæн... Мæ буарæй, æвæццæгæн, иунæг бынат дæр ахæм нал уыд, æмæ кæм нæ рысти. Куы къух, куы сæр, куы зæнг... Алырды- гæй зæрдæ фæрæхой-фæрæхой систой. Кæйдæр æнгуылдзтæ, цыма мæ хъыдзы кодтой, афтæ змæлыдысты мæ сæрыл. Мæ хъусы азæлди кæйдæр ныхас. Тыххæпты байгом кодтон мæ цæстытæ. Йæхи мæм ныллæг æруагъта Хæмыцы æнæдаст цæсгом. — Ракаст,— цингæнгæ загъта уый æмæ уыцы минут мæ уæлхъус февзæрдысты Дапел, Петро. 290
— Рабадын æй кæнын хъæуы,— мæ фæсонты бын мын йæ дыууæ къухы фæтъыста Данел. Цыма мæ мидæгæй исты фескъуыд, уый хуызæн мæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр ластон. — Йæ цонг æлвæст у, — загъта Данел æмæ мын мæ галиу цонг уыциу риуыгъд акодта. Мæнмæ исдугмæ афтæ фæкаст, цыма мын мæ цонг бынтон- дæр арæдывта. Мæхи ныхъхъæбæр кодтон, стæй сабыргай- сабыргай цонджы рыст фенцад. Æрмæст æй сисын не ’сфæ- рæзтон. — Къанторы хицауад лидзынц... Дзуары рагъыл... Сæ дзаумæттæ бæхтыл самадтой... Тагъддæр, науæд аирвæздзы- сты...—Хæмыцы цæстытæм комкоммæ ныккастæн, афтæмæй тыххæйты загътон æз. — Дзуары рагъыл? — дыккаг хатт мæ бафарста Хæмыц.— Гъы, куыдзы хъыбылтæ, æмæ сын уыцы фæндаг та чи баца- мыдта?.. — Уый ныр уæлдай нал у. Рæвдздæр, бæхтыл бадгæут! Данел, ды ам баззайдзынæ. Иласитæн зæгъ, дзæбæх кæсут. Быдырæй æрбацæуинаг чи у, уыдон тагъд ардæм хъæуы. Кæ- дæм ацыдыстæм, уый-иу сын бамбарын кæн. Хъусыс, куыд ба- дзырдтам, афтæ. Куыддæр Куырæйтты хъæуы мæсыг ссудзой, афтæ уæ бынæттæм. Мах дæр уæллæгтимæ баиу уыдзыстæм,— тагъд-тагъд загъта Петро æмæ Хæмыцы фæдыл азгъордта. йæ ныхас ма æрбайхъуыст: — Лæппумæ дæ цæст фæдар... — Хорз, уымæ дæ зæрдæ ма æхсайæд!—дзуапп радта Да- нел æмæ уый дæр сæ фæдыл ацыд. Æз æрмæст уæд базыдтон, лæгæты кæй дæн, уый. Мæ фарсмæ пихлæйттæ к’одта стыр арт æмæ йæ рухсмæ сатæг- сауæй æрттывтой лæгæты арыд къултæ. Исдугмæ мæ цæсты- тыл ауад, Таймуразы фыд цы лæгæты хуыссыд, уый. Æмæ уый топдзæф уыд, фæлæ æз та? Цæуылнæ дæн Хæмыцитимæ? Лæгæты ракомкоммæ арвыл стъалытæ иугай-дыгай куыд та- дысты, уымæ кæсын æмæ фестыныл фæлварын. Мæхинымæр агурын мæ дзабыртæ. Уыдон арты фаллаг фарс, сæ уæфстæ уæлæмæ, афтæмæй хус кæнынц. Сæ фарсмæ лæдзæджы са- джилыл æрзæбул сты мæ хуылыдз зæнгæйттæ. Мæ къæхтæ Хæмыцы куырæты тыхт. Æртæфстысты. Ме ’нгуылдзтæ, мæ зæвæттæ ма чысыл дудынц. Куырæт иуварс аппæрстон æмæ мæ рахиз къухыл мæхи систон. — Хæмыц, дæ куырæт ахæсс, уазал у! — лæгæты къулыл мæхи банцой кæнгæйæ, ахъæр кодтоп æддæмæ. 291
— Дæ уæлæ йæ скæн, — дард кæцæйдæр ма мæм æрбай- хъуыст йæ хъæлæс. Стæй бæхты къæхты тъыбар-тъыбур ссыд. Хохы тигъæй ма иу зынд фæкодта Хæмыцы хъуынджын худ. Райдианы мæ зæнгты рыст нæ бамбæрстон. Стæй чысыл фæс- тæдæр зæрдæ ныццавтой, мæ быны атадысты. Къулы æнцæйт- ты ма тыххæй бацыдтæн арты фарсмæ, мæ лыстæнмæ. Мæ сæр разылд æмæ æрхаудтæн. Мæ сины сæр, мæ зæнджы рагъ цонгæй фыддæр фесты. Цыма сыл æппындæр фыды мур нал уыд, æмæ се ’стджытæ гом уыдысты... Мæ буар ныддыз-дыз кодта, ауазал ис, мæ цæстытæ æлхысчъытæ систой, ракæсын мæ нал уагътой. Стæй мæ рустæ ссыгъдысты. Мæ ныхы фæрс- тæ фæйнæрдæм рацæйтыдтой. Мæ ком бынтондæр ныххус. — Ме ’рдхорды фырт, фидар фæлæуу!.. Æз дæ ныртæккæ адзæбæх кæндзынæн... Хатгай-иу Данелы хъæлæс йæхи хуызæн нал уыд. Мæ уæлхъус-иу февзæрд йæ чызг Меретхан. Хуырхы къус нæ, фæ- лæ мын-иу цавæрдæр сырх дидинæг мæ фындзы бынмæ æрба- хаста. Стæй та-иу уый дæр цыдæр фæци, арты пиллон-иу æр- байсæфт. Нана, Гыцци, Вася... Æмæ кæй нæ уыдтон, цы нæ уад мæ цæстытыл!.. Цас рацыд, нæ зонын, афтæ мæхи æрæмбæрстон. Ракас- тæн. Данел мæ цуры нал уыд. Мæ хид мæ рустыл лæсæнтæ кодта. Сæр фæйнæрдæм тыдта. Рабадтæн. Акастæн лæгæты хуыккомæй. Мæ бакомкоммæ ихсыд къæдзæхы цъуппыл хъазыдысты хуры тынтæ. Хиды былæй хъуыст адæмы сусæг ныхас, бæхты къæхты хъæр. «Æрбахæццæ сты... Ныртæккæ райдайдзысты», — мæхи- нымæр загътон æз æмæ уыцы сахаты хуызæн æнæхъару, æнæ- бон никуы фæкастæн мæхимæ. Кæм ма бахъуыдаин, кæм ма æрлæууыдаин сæ фарсмæ мæ фыды æрдхæрдтæн? Уыдон ныр- тæккæ. цалдæр боны адæмы удæй чи хъазы, уыцы урс хъа- захъхъæгты ныхмæ схæцыдысты, Хæмыцитæ уыцы бур уы- рыйы йе ’мбæлттимæ хъæумæ æркæндзысты, æз та лæгæты арты фарсмæ хуыссын... Ууылты мæ цæуын нæ хъуыд. Уæвгæ доны сæрты æнæ бахизгæ нæ уыд. Стæй æндæр фæндагыл нæ бахæццæ уыдаин, афоныл нæ фехъусын кодтаин Хæмыцц- тæн... Куы ма сæ баййæфтаин, бæргæ, — æнхъæлдæн, хæццæ тагъд æрбадæн. Æгайтма сын уæддæр афоныл загътон. Æмæ кæд байрæджы кодтон, уæд та?.. Алыхуызон хъуыдытæ кæрæдзийы ивынц мæ сæры магъзы, афтæмæй хъусын, Данелитæ цы дзурынц, уымæ. Ницы сын 292
æмбарын. Æрмæст мæм сæ сусу-бусу цæуы. Стæй Куырæйтты хъæуырдыгæй топпы гæрæхтæ ком ныццарыдтой, — дардыл ныййазæлыдысты. Æз мæ лыстæны рабадтæн. Мæ зæнгæйт- тæ, мæ дзабыртæ, Хæмыцы куырæт мæ уæлæ акодтон æмæ куыддæр сыстынмæ хъавыдтæн, афтæ Данел мæ уæлхъус алæууыд. — Дæ дзаумæттæ кæй скодтай, уый хорз, фæлæ ардыгæй дæ къах дæр куыд никæдæм авæрай, афтæ. Æнхъæлмæ мæм кæс! — загъта Данел æмæ цæугæ-цæуын йæ нымæт йе ’уæхс- чытыл æрбаппæрста, стæй мæм фæстæмæ фæзылд æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта:—Айс, Хæмыц дын æй ныууагъта. Хъу- сыс, дзæгъæл гæрахæй хъахъхъæн, ифтыгъду... Æууæндынц мыл, нымайынц мæ!.. Мæ низ, мæ рыстытæ цыдæр фесты, афтæмæй æнгом нылхъывтон Муссæйы дам- бацайы уазал хъæд. Сыстадтæн. Лæгæты рахизæны къæдзæ- хы æнцой æрлæууыдтæн. Уыцы фыдуаг, æнæхайыры дымгæ та мæ ам дæр ссардта. Мæ пæсгоммæ мын уыциу лæбурд фæ- кодта, мæ ныхæй мын кæдæмдæр аскъæфта мæ хиды фæрд- гуытæ. Смидæг куырæты фæдджиты. Мæхи дзы айнæджы ау- уонмæ баластон. Уæддæр мæ фæрсты къуыс-къуыс кæны. Къуыззитт кæн, дымгæ! Ацы хатт дын афтæ æнцонæй нал ба- комдзынæн! Кæсын, мæхинымæр агурын, Данелитæ цы фесты, уый. Хидмæ хæстæг мæм дурты æхсæнты цалдæр худы гоппы фæ- зын-фæзын кæны. Чысыл фалдæр байбыны æмбырдæй лæу- уынц сæ бæхтæ. Фæйнæрдæм тарст ракæс-бакæс кæнынц. Куырæйтты хъæуырдыгæй та ноджы тыхджындæрæй нæрынц топпы гæрæхтæ, бæхты къаххъæр. Адæмы уынæр. Дымтæ уы- цырдыгæй дымы æмæ сæ хæхтыл араугæ хæссы. Афтæ мæм кæсы, цыма кæмдæр бынтон хæстæг æхсынц, цыма ныртæккæ хиды нарæгæй æрбазындзысты барджытæ. Æрмæст Дзуары рагъæй ницы хъуысы. Чысыл раздæр хуры тынтæй цæхæртæ чи калдта, уыцы хохы цъуппыл ныр сатæгсау мигътæ æрæн- цадысты. Бамбæрзтой хуры. Дымгæ, мемæ хъæбатыр куы дæ, уæд уыцы мигътыл куыд ницы дæ бон цæуы? Цæуыннæ сæ ныппырх кæныс, цæуыннæ сæ ахæссыс искуыдæм? Уадз æмæ хур йæ дзаг цæстæй ракæса, ныррухс уой кæмттæ. Абон ахæм бон у — хъуамæ хур кæсгæ кæна... Ницы дзурыс, нæ? Ниу, къуыс-къуыс кæн уæдæ, цас дæ бон у, уыйбæрц хой дæхи къæдзæхтыл! Хиды фæзилæн æгасæй дæр гыбар-гыбур, топпы гæрæхтæ* 293
сси. Тигъæй æрбазынд цалдæр барæджы, фæстæмæ гæрах кæнынц. Стæй мæ галиу фарсæй ныййазæлыд кæйдæр хъæр: — Цæвут сæ!.. Цыма уыцы ныхасмæ уыд сæ каст, уый хуызæн кæрæ- дзийы фæдыл скъæр-къæр кодтой топпытæ. Хиды сæрмæ уæл- дæф топпыхосы фæздæгæй айдзаг. Мæ галиу цонг куырæты роны атъыстон, мæ зæнгбæттæнæй йæ бæрзæймæ ацауыгътон æмæ хæстæгдæр дуры аууон æрбадтæн. Хъазахъхъ, æвæццæ- гæн, дывыдон арты бахаудзысты, уый æнхъæл иæ уыдысты, æмæ сæ сæр сæ кой сси. Мæ хæдбакомкоммæ дзы дыууæ фæд- фæдыл бæхтæй асхъиудтой æмæ былæй атахтысты. Сæ тарст бæхтæ сæ ных хидмæ сарæзтой. Уым сæм чидæр фæцарæхст— æрцахстой сæ. Мæ хъусты фæрсты къуыззитт кæнынц нæмгуы- тæ. Цалдæр дзы мæ хæдсæрмæ дурыл сæмбæлд, сæ фæздæг акалд. «Æвæццæгæн мæ бафиппайдтой»,— хъуыды кæнын æмæ, дамбаца мæ рахиз къухы, афтæмæй иуварсырдæм абырыд- тæн. Доны фаллаг фарс, фæндаджы хæдбынмæ мæ цæст æр- хæцыд кæйдæр уæлдзармхудыл. Иу дуры аууонæй иннæмæ балыгъд, йæ топпы хæтæл мæнырдæм ныддардта æмæ та мæ хъусы фæрсты нæмыг æрбатахт, раздæр цы дуры аууон бад- тæн, уымæн йæ рыг акалд. Стæй иуцасдæр йе ’хсынæй фен- цад, нал мæм зынд йæ топпы хæтæл. «Цымæ цы фæуыдаид?.. Æвæццæгæн, Данелитæм чъылдымырдыгæй бацæуынмæ хъавы», — загътон мæхинымæр æмæ, чысыл раздæр кæцæй æхста, уырдæм ноджы æдзынæгдæр ныккастæн, мæ дамбаца йæм фехсыны æввонг сарæзтон. Нæй, æрбайсæфт, æрбадæл- дзæх лæг. Ирвæздзæн, Данелитæн фехъусын кæнын хъæуы, зæгъгæ, куыддæр сыстынмæ хъавыдтæн, афтæ та ногæй фæ- зынд. Æрмæст ацы хатт, цы дуры аууон бадт, уым нал — дзæвгар дæлдæр хуырыл. Ныр мæм уыйбæрц дард нал уыд æмæ йæ дзæбæх уыдтон. Йæ цыппæртыл мæм æрбацæйбы- рыд. «Цалынмæ Данелитæм цæуон, уæдмæ уый æрбаирвæз- дзæн... Стæй дамбаца... Цæмæн ма мын æй ныууагъта Хæ- мыц? Ныртæккæйæ хуыздæр ма мæ кæд бахъæудзæн?» — ахъуыды кодтои æмæ йæм дамбаца фæцарæзтон. Ныннæрыд дамбаца. Куыд фехста, уый мæхæдæг дæр нæ бамбæрстон. Æрмæст мæ къух зыр-зыр кодта æмæ дамбацайы хæтæлæн йæ фæздæг калд. Хъазахъхъаг йæ мидбынаты хæрдмæ фæ- 294
хауд. Цалдæр къахдзæфы акодта, стæй та фæстæмæ хуыртыл сЬæтъæпæн. Ныхъхъавыдтæн та йæм, дамбацайы мæнгвæдæ- гыл сабыргай æрбахæцыдтæн, фехстон æй. Лæг йæ зонгуы- тыл алæууыд, йæ дыууæ къухæй йæ гуыбын æрбатыхта, ныхъ- хъæр ласта, стæй иуварсырдæм афæлдæхт. — Цæв сæ, Фидар!.. Сæдæйы фыццаг дын фæуæд! — хæрз- хæстæгæй мæ хъустыл æрцыд Данелы ныхас. Æз æм фæкас- тæн. Уый чысыл дæлдæр дуры фæстæ дзуццæджы бадт æмæ мæм йæ мидбылты худт. Уымæн дæр йæ топпы хæтæлæй фæз- дæг калд... — Æз дын куыд загътон? Цæугæ ныртæккæ лæгæтмæ... Дæ хуыз куы фæцыд бынтондæр, — тызмæгæй загъта Данел æмæ та дурты æхсæн æрбайсæфт. «Данел мæм мæ фыны фæзынд æви?.. Стæй уымæн дæр йæ топпы хæтæлæй фæздæг куы калд... Кæд æй Данел фехста? Æмæ ма мын уæд, сæдæйы фыццаг дын фæуæд, зæгъгæ, цæ- мæн загъта? Хъазахъхъагмæ, æвæццæгæн, уый дæр йæ хъус дардта, æмæ мæм хæстæг уымæн æрбацыд. Нæ дыууæ дæр уыциу æхст фæкодтаиккам? Нæ, уæд дыккаг гæрах нæ фе- хъуыстаин? Данел мæ тæккæ фарсмæкуы уыди... Æз æй куын- нæ федтаин, афтæ мæ цурмæ куыд æрбахъуызыд, йæ цæст мæм куыд дардта?.. Æз æй куы фæивгъуыдтаин, уæддæр Да- нелæй нæ аирвæзтаид»,—дзурын мæхицæн æмæ дамбаца мæ къухы ризы. Уæвгæ къух ризы, æви дамбаца, уый зын равза- рæн у. Ризынц дыууæйæ дæр. Галиу цонг дуды, ныррæсыд. Цыма мæ роны тыххæй цæуы, афтæ мæм кæсы æмæ йын арæхстгай йе ’нгуылдзтæ змæлын кæнын. Риссынц уыдон дæр. Здыйы уæз кæнынц. Мæ зæрдæйы уидæгтæ мып ласынц. Сæ- ры фæхсты цыма цыдæр мидæгæй æддæмæ рæдувы, уый хуы- зæн дзæхст-дзæхст кæнынц. Фæстæмæ та дудынц уæраджы сæртæ, сæр зилы. Æмæ та дурты æнцæйтты, лæгæты арыд къултыл хæцгæ фæстæмæ бацыдтæн арты фарсмæ. Дамбаца мæ ронбасты нытътъыстон, артыл-ма цалдæр суджы къæцæ- лы баппæрстон æмæ лыстæныл æрхаудтæн. Дард кæцæйдæр ма мæм æрбайхъуысти иугай топпы гæрæхтæ, бæхты уасын. Стæй лæгæты талынг цар разылд, йæ къултæ ныкъкъæс-къæс кодтой... Дымгæ сыстад. Кæцæйдæр мæм Милайы æрбахаста. Цинтæ мыл кæны, рæйы. Нана цавæрдæр сау дарæсты... Бæп- пу йын йæ цонгыл хæцы. Дыууæйæ дæр кæуынц. Гыцци... Кæм ис Гыцци? Уемæ цæуыннæ ис? Кæм ныууагътат Гыц- пийы?.. 295
4 Чидæр мын мæ цопг йæ рæбынтыл топы... Тонгæ нæ, сæт- гæ йæ кæны... Йæ тых-йæ бонæй... Мæ цæстытæ байгом кодтон, ракастæн. Мæ уæлхъус— ни- чи. Мæ цонг мæ риуыл æвæрд. Змæлы. Змæлын æнæхъæнæй дæр. Мæ сæрмæ лæгæты талынг цары бæсты — цъæх-цъæхид арв. Хæхты цъуппытæ сызгъæринау æрттивынц. Æрмæст дым- гæ къуыс-къуыс кæны. Мæ быны цыдæр йæхи дуртыл хойы. Уæрдон? Кæцæй фæзынд ам уæрдон? Чи мæ ласы, кæдæм? Ра- бадтæн. Чидæр мын мæ рахиз уæхскыл æрхæцыд, хосыл мæ фæстæмæ æрфæлдæхта. — Де ’мбæрзт дæхиуыл уадз. Хид кæныс, æмæ дæ дымгæ ныццæвдзæн... — Вася! — ныццин кодтон æз æмæ йæ уазал рус мæ был- тыл аныхæст, йæ сæрыхъуынтæ мæ цæсгомыл æркалдысты. — Цы ф-есты Петроитæ?.. Данелитæ?.. — хъæбыстæ конд куы фестæм, уæд бафарстон Васяйы. Уый мын мæ цонг йæ ны- вæрзæн бакодта, æрæмбæрзта мæ, йæхи мæм ныллæг æруагъ- та, стæй уæд загъта: — Æрмæст дæхи гом куы кæнай, уæд дын пу ныхас дæр нæ зæгъдзынæн. Æз ын мæ сæры батылдæй бамбарын кодтон, разы дæн, æрмæст тагъддæр дзур, зæгъгæ. — Уæвгæ дæуæн дзурын дæр ницы хъæуы... Дысон иунæ- гæй цæмæн рафардæг дæ? Ныхас куы бакодтам... — Тагъд кодтон... Цæй, æз æмæ ды бафидаудзыстæм... Дзур, цы баисты?.. — Тагъд кодтай æмæ уыныс!.. — Вася!.. — Мæ маст дæ исын... Цæй, Хæмыцитæн афоныл кæй фехъу- сын кодтай, уый тыххæй дын хатыр уæд. Æрмæст-иу мæ æн- дæр хатт хъаст мауал ракæн. Цæй, де ’рфгуытæй мæ цы тæр- сын кæныс? Хъус, — Васяйы фæлмæн хъæлæс та фæстæмæ йæ гаччы абадт. — Уæвгæ дзы дзуринагæй дæр ницы ис, ныддæ- рæн сæ кодтой. Чи ма дзы баззад, уыдоп сæ гæрзтæ æрæвæрд- той, æмæ уæлæ къанторы фæзы æмбырдæй лæууынц. Уыцы лæгуынсæр уыры худæгæй мары. Æвæццæгæн, фыртæссæй йæ зонд фæцыд, æмæ хъæр кæны: «Ме ’хцатæ!.. Ме ’хцатæ мын æриут! Æз фæсарæйнаг дæн, мæнæн уæ бон ницы у!..» Иæ къухтæ йын сбастой, уæддæр-ма, мæнæн уæ бон ницы у, æз уæ 296
æрцахсын кæндзынæн, зæгъгæ, йæ хурхыуадындзтæ тоны, æртхъирæнтæ кæны... Адæм дæр æм кæсынц æмæ йыл худæгæй мæлынц. Йæ рихиджын æмбал та кæцæйдæр былæй ахауд... — Куыд былæй? — Куыд вæййы, афтæ. Уæддæр нал аирвæздзынæн, зæгъ- гæ, йæхи былæй аппæрста. — Æмæ ды та кæцæй фæдæ? Чи дын загъта, ласын мæ хъæуы, уый?—Хабæрттæ мын иууылдæр куы ракодта, уæд ба- фарстон Васяйы. Уый мæм йæ цъæх цæстытæй иуварсырдæм æрбакаст æмæ дзуапп радта: — Уый та уыд афтæ. Данел дын демæ лæгæты дыууæ бы- дираджы ныууагъта, йæхæдæг хъæумæ фæхабар кодта, мæн дæм уæрдоны рарвыстой. Быдирæгтимæ дæ, мæнæ ныртæккæ цы фæлмæн хуыссæны хуыссыс, уым сæвæрдтам. Уыдон сæ бæхтыл хъæумæ сфардæг сты, æз та дæу ласын. Бамбæрстай мæ? — Бамбæрстон, — загътон æз æмæ йын йæ хъус бынмæ æривæзтон. Вася мæм бахудт: — О, мæ хъус дæр ма мæнæн ивазын хъæуы. Адæм уым цин кæнынц, æз та дын ам де ’лвæст цонгмæ кæсын. Ныртæк- кæ сæ дæхи цæстæй куы фенай, уæд бынтондæр адзæбæх уы- дзынæ. Хæстæг хъæутæй цæуынц, хъуамæ дзы не ’ссыдмæ уæ- хионтæй дæр исчи уа... — Дæ бæх бафынæй. Февзид ма йæм, Вася. Мæнæн ма тæрс,— загътон æз æмæ ме ’лвæст цонгыл, куы фезмæла, зæгъ- гæ, мæ рахиз къухæй ныххæцыдтæн. Вася бæхмæ февзыста. — Æмæ йæ, цымæ, Хæмыц дæр зоны?.. — Æвæццæгæн. Æмæ йæ уæдæ кæдмæ сусæг кодтаиккам? Папæ нæм иу æхсæв æнафоны æрбауад æмæ цæуынмæ куы хъавыд, уæд мын бафæдзæхста, Муссæйы чи амардта, кæд уый исчи зоны, зæгъгæ. Цы ма йын загътаин, кæй йын агуырд- таин? Æмæ куыддæриддæр уыд, афтæ йын æй радзырдтон... — Æмæ дæм хæцгæ нæ кодта? — Нæ-æ,—йæ мидбылты бахудт æмæ йе ’нгуылдз йæ был- тыл авæрдта, ома уæ дзыхтыл хæцут, зæгъгæ. «Хæмыц æй зыдта, æмæ мын, æвæццæгæн, дамбаца дæр уымæн ныууагъта», — хъуыды кодтон мæхинымæр æмæ мæ уæрдон цагъта, мæ цæф^æ алырдыгæй рыстысты, уæддæр мæ зæрдæ цæмæйдæр рухс кодта. Мæ фыды æрдхæрдтæ ахæм хорз адæм кæй уыдысты, мæгуырхуызæй сын рæсугъд зæрдæтæ кæй 297
уыди, иупæгæп мæ кæй пæ ныууагътой, æвæццæгæн, уымæй рухс кодта мæ зæрдæ. Хъæумæ нæ бирæ нал хъуыд, афтæ Васяйæн загътон æмæ уæрдоны гуыффæйы фæрсæй-фæрстæм сбадтыстæм. Уайтагъд хъæуы кæройнаг хæдзæрттæ разындысты. Уæлиауæй сæм бын- мæ каст къанторы уæладзыгджын бæстыхай. Йæ тохынайы сæрмæ уæлдæфы фæйлауæнтæ кодта сырх хъуымацы гæппæл. Кæцæй фæзынд, нырмæ йæ къанторы сæрмæ куы никуыма фед- тон? Тагъддæр, Вася. Дæ бæх та куы бафынæй. Кæсыс, адæм алырдыгæй куыд тагъд кæнынц хъæумæ... Фæтагъд кæн ды дæр... — Сырх тырысамæ кæсыс, къанторы сæрмæ куыд фæй- лауы. Хæмыцитæ йæ æрсагътой, — Вася мын цыма мæ хъуы- дытæ æмбаргæ бакодта, уый хуызæн размæ каст, афтæмæй загъта æмæ та йæ бæхмæ февзыста. Доны фаллаг фарс нарæг къахвæндагыл æрцæйцыд Уæз- дан. Цыма Данелы хосы муртæ уыгъта, уый хуызæн йæ сæр ныллæг æруагъта, хъавгæ цыдæй рараст хъæдырдæм. «Хаудзæн!.. Цы фыдбылыз æй æрхаста, ныр цалдæр азы хъæуы куы никуы уыд, уæд? Æвæццæгæн, иунæгæй стыхст. Адæмы уынæр хъусы... Данелы, кæнæ та мæн агуры... Фæн- дагмæ дзæбæх кæс, дæхи хъахъхъæп, Уæздан!..» — мæ тых- мæ бонæй ныхъхъæр кæнынмæ хъавыдтæн доны фаллаг фарсмæ, фæлæ уыцы сахат хъæугæроп дыууæ хæдзары астæу кæцæйдæр февзæрд ныллæггомау сылгоймаг. Иæ разæй згъордта хъуынджын сау куыдз. — Мила!.. Нана!.. — мæ хъуыр мыи цыдæр ахгæдта, афтæ- мæй загътон æз æмæ уæрдонæй асæррæтт ластон. Цæй цæф, цæй рыст æмæ ма цæй æндæр! Уайтагъд Нанайы хъæбысы смидæг дæн. — Лæппу, æгас дæ?.. Дзæбæх дæ? — йæ хъарм комытæ- фимæ мæ хъустыл уадысты Нанайы ныхæстæ. Йæ мæллæг, æнцъылдтæ цæсгомыл лæсæнтæ кодтой йæ цæстысыгтæ. Йæ лыстæг æнгуылдзтæй мын сгæрста мæ фæсонтæ, ме ’уæхсчы- тæ, ме ’лвæст цонг. Æрмæст ацы хатт афтæ тынг не ’мбæрс- тон мæ цонджы рыст. Уый сгæрстой Нанайы æнгуылдзтæ, Нанайы къух. Нанайы æнгуылдзтæ та риссын никуы код- той. — Уæдæ дзæбæх дæ, зæгъыс, сæрæгас? — цыма йæ цуры кæй дæн, уый йæ ныр дæр нæма уырныдта, афтæ та мæ ногæй бафарста Нана æмæ мæм йæ уымæл цæстытæй ныккаст. — 298
Дæ цонг цæф исты у? Дæ цæсгом дæр цъæррæмыхстытæ, сау- тæ... Къуылых дæр куы цæуыс, æнхъæлдæн?.. — Мæнæн ницы у, Нана. Уæхæдæг куыд стут? Гыцци... Гыцци ма рынчын у? — бафарстон æй æз æмæ йын рахиз къу- хæй йæ сæр мæ хъæбысы æрбакодтоы. — Фæдзæбæх! Бадгæ дæр ракæны. Ницыуал ын у... Фæлæ ды... Ацы змæст рæстæг. Сызгъæрин тæбæгъты дын фæкуывдæ- уа, лæгтыдзуар! Æгайтма лæппуйæн йæ уд дзæбæхæй баз- зад, — йæхиуыл дзуæрттæ æфтауынмæ фæци Нана. Уыцы сахат Миламæ бакæсын диссаг куыд нæ уыд! Æппын зæххыл нал хæцыд. Цъил фестад. Фырцинæй ма мын цы акод- таид, уымæн ницыуал зыдта. Йæхи-иу мыл асæрфта, мæ сагæх- ты æхсæнты-иу иннæрдæм асæррæтт кодта, йæ раззаг къæхтæ- иу мын мæ риуыл авæрдта, йæ рæйынæй не ’нцад. Мæ иу фарс Вася, ме ’ннæ фарс Нана, Мила нæ разæй, аф- тæмæй цыдыстæм хъæуы уынгты. Ныгуылæны хæхтыл касти дыдзы хур. Дымгæ не ’нцад. Нана йæ алывæрстæм сæрбæр- зопдæй каст, цыма адæмæн афтæ дзырдта: «Уый мах лæппу у. Мæ фыртыфырт. Уый дæр йæ фыды æрдхæрдтимæ уыд. Йæ цонг дæр бастæй уымæн хæссы...» Петротæм хæстæг нæ размæ рацыд Меретхан. Уынджы махырдæм куыд тахт, уый æз дардмæ федтон. Æ&æццæгæн, Нанайæ æфсæрмы кодта æмæ сисрæбын слæууыд, йæ сатæг- сау цæстытæ та мæ ныссагъта, йæ мæнæргъыйæ ахуырст был- тæ зына-нæзына змæлыдысты, йæ кæлмæрзæн йе ’уæхсчытæм æрхауд, йæ къабаз ын йæ къухы армы стымбылта-* кодта. — Меретхап, уæртæ Меретхап! — загъта Вася æмæ мын сæхирдæм йæ къухæй ацамыдта. — Уынын æй, Вася... Фæлæ нæм дардæй цæмæн кæсы, хæстæгдæр нæм цæуылнæ æрбацæуы? Æфсæрмы? Кæмæй? На- пайæ? — дзуапп раттынмæ хъавыдтæп Васяйæн, фæлæ мæм уыцы ныхæстæ æгæр даргъ фæкастысты æмæ Меретханырдæм акъахдзæф кодтон. Уый пæм йæхæдæг фæраздæр — нæ цурмæ згъорæгау æрбакодта, æрлæууыд. Фидар, зæгъгæ, загъта уын- гæг хъæлæсæп æмæ йæ цæстытæ доиæй андзаг сты. Йæ бинаг был йæ мидбыыаты скафыд. — Дæ цæссыгтæ асæрф, нæ дыл фпдауыпц...— æндæр ын зæгъын мæ къухы нпцы бафтыд. Стæй йæм хæстæгдæр бацыд- тæн æмæ йып йæ сæрбæттæны къабазæп асæрфтон йæ цæс- сыгтæ... — Кæй дзæбæх чызг у, кæ? — бафарста Нана. 299
Вася йын дзуапп радта: — Данелы чызг, Меретхан... ■— А-а, Данелы чызг у? — йæ ныхас даргъ аивæзта Нана æмæ цæмæдæр гæсгæ мæнырдæм æрбакаст. Къанторы балкъоны лæууыдысты æртæйæ: Хæмыц, Петро- æмæ, быдырæй чи æрбацыд, уыдоны хистæр — цыбыргомау, саулагъз лæг, кæсæнцæстытæ йыл, æфсæддон дарæсы. Лæ- гуынсæр, стæй, Вася, сæ гæрзтæ æрæвæрдтой, зæгъгæ, цы хъа- захъхъæгтæй загъта, уыдонæй фæзы ничиуал уыд. Кæсæицæстджын дзырдта: — Ардыгæй фæстæмæ нæ хæхты хæзнатæн, сæ хъæздыг- дзинæдтæп хицау уыдзысты адæм сæхæдæг... Большевикты. номæй уын арфæ кæнын, хорз адæм, абон уæ бæрзонд хæхты сæрмæ сырх тырыса кæй сфæйлыдта, уый тыххæй. Абонæй фæстæмæ йыл мигъы цъупп дæр макуыуал абадæд... Кæсæнцæстджын йæ ныхасы арæх дзырдта уыцы боны тыххæй. Æмæ, æцæгдæр, афтæ уыд. Уыцы боны хуызæн никуы цин кодтой адæм сæ амопдыл, сæ кæрæдзиуыл. Бирæтæм аф- тæ каст, цыма уыцы бон æцæг æндæр цард райдыдта. Æз дæр мæ хуийæндагмæ нывнæлдтон, мæ зæрды уыди иннæ æл- хынцъытæй иоджы стырдæр æлхынцъ бабæттын. Иу дзыпп, иннæ дзыпп — нæй, нал ис, фесæфт хуийæндаг. «Мæ фыдбылызтæ демæ! Ног хуийæндаг ссардзынæн изæ- ры. Ног æлхынцъ ыл бабæтдзынæн æмæ уый уыдзæн мæнæн дæр мæ ног царды фыццаг бон!» — загътон мæхинымæр æмæ балкъоныл чи лæууыд, уыдонмæ скастæн. Петро мæм фем- дзаст. Хæмыцы хъусы цыдæр адзырдта, стæй та мæнырдæм ракаст. Чысыл фæстæдæр Хæмыц, бæрзопд сырх бæхы рохтыл хæ- цыд, афтæмæй мæ цурмæ æрбацыд. — Фидар, дамбаца цы фæкодтай?—иннæ хæттытæй уæл- дай ацы хатт фæлмæн хъæлæсæй бафарста Хæмыц. Æз дамбаца мæ ронбастæй сластон, радтон æм æй. — Ныртæккæ дæ ницæмæн хъæуы. Стæй ныр дæхæдæг лæг дæ, хæцæпгарз дæ куы хъæуа, уæд æй ссардзынæ. Дамба- цайы бæсты дын мæпæ бæх, нæ лæвар... Хæххон лæппу æнæ бæхæй саст базыр цæргæсæй уæлдай нæу,— уидоны бос мын мæ къухты фæсагъта Хæмыц. — Хæмыц, куыд? Лæвар?.. — йæхи нал баурæдта Нана. — Æмæ нын æй йæ хицау фæстæмæ куы байса, уæд та?.. — Лæвар, Айсæду. Уæдæ ма цæуыл нæ туг фæкалдтам, 300
цæуыл ма рахау-бахау кодта немæ Фидар? Йæ фыд Хъайсы- кы фырт у, æмæ дæхи фæндиаг схъомыл уæд. Бæхæн фæстæ- мæ исынæй ма тæрсут, йæ хицау фæстæмæ пал раздæхдзæн. Æццæй нæ, Фидар? — дзуапп радта Хæмыц æмæ мæм хин худт бакодта. «Дамбацайæ кæй фехстон»...— ахъуыды кодюн æз æмæ Хæмыцмæ бакастæн. Уый ма мæм йæ сæр батылдта æмæ уы- цы сахат адæмы æхсæн æрбайсæфт. Æз исдугмæ мæ мидбы- наты сагъдауæй баззадтæн. Стæй бæх, цыма мæ рагæй нал федта, уый хуызæн йæ бæрзæй æркъул кодта, йæ уымæл хæм- худтæ мын мæ дысыл асæрфта, йæ рæсугъд сæр бæрзонд сис- та æмæ йæ мыдхуыз хъоппæг цæстытæй адæмы сæрты акаст. Мила мæ алыварс ратæх-батæх кодта, лæбурдта бæхмæ. — Ма йыл рæй, Мила. Искæй бæх нæу, нæхи бæх у...— загътон æз æмæ бæхы дзыларбос мæ къухыл æрбатыхтон, йæ тæнæг барцмæ йын сæвнæлдтон, æмæ мæм исдугмæ афтæ фæкаст, цыма йыл ныртæккæ мæхи баппардзынæн, дымгæйау мæ аскъæфдзæн кæмтты нарджыты, дæтты сæрты. Цæсты- фæныкъуылдмæ мæ балæууын кæндзæн нæхимæ, кæрты дуа- рæй ныхъхъæр кæндзынæн: — Гыцци, фест тагъддæр!.. Мæгуырæй мын мауал тæрс!.. «Æмæ уæд Меретхан та?..» — фыццаг хатт мæм фехъуыст мæ зæрдæйы ныхас. Меретхан æмæ Данел кæм лæууыдысты, уыцырдæм фæ- зылдтæн. Цыппар æмхуызон цæсты мæм худтысты, цæхæртæ калдтой... «Судзут, худут, ноджы тынгдæр цæхæртæ калут, Мерет- хан æмæ Данелы цæстытæ! Æнæ сымах уынгæг сты хæхтæ... Æнæ сымах нæ фидауынц кæмттæ!..»—дзырдта, æддæмæ ра- тæхынмæ хъавыд зæрдæ... Ф
НÆ ФЕХЪУЫСТОН МА ЗÆГЪ Нырыккон таурæгъ 1. Бон цъæхтæ кодта... взист фæрдгуытæй æрттивы райсомы кæр- дæг. Мæй, æвæццæгæн, йæ фæндагыл фæтыхст — боны рухс æй хæхты сæрмæ æрцахста. Мигъты скъуыдтæй кæсы. Хурыскæсæн, цыма кæмдæр рагъы фæстæ стыр арт судзы, уый хуызæн сырх- хъулон афæлдæхт. Дымы, хæхтæй йемæ цъититы сатæг хæссы дымгæ. Æз лæууын нæ гыццыл станы раз. Æнæ худ, æнæ хæдонæй. Мæ цыбыр бæмбæджджыны мæхи æрбатыхтон. Кæсын хъæумæ, хæхтæм. Фæлгæсын быдыртыл. Дысоны уарыны фæстæ мæ цырыхъ- хъытæ зæххæй стонын нал комынц. Дугъон бæх- тау фæрсæй-фæрстæм лæууыйц нæ трактортæ, кауынкъул сарагонды бын. Ме ’мбæлттæй ничима сыстад. Чидæр дзы зæр- диаг хуыррытт кæны. Уый та Дебола уыдзæн. «Нæ хистæр», «нæ чъирикувæг». Йæ фындз хæс- тæй нырмæ хъыгдард у. Улæфæн æй дзæбæх нæй. Æмæ нæ æхсæв йæ хуыррыттæй хуыссын кæй нæуадзы, уый хæсты аххоскæны. Растдæр зæгъ- гæйæ та, кæддæр Одеры доны был хъæбысæй хæс- ты цы немыцаг афицеримæ бацыд, уый аххос. Кæм ис, уым авд дæлдзæхы ныххауæд, кæцæй- дæр ыл йæхи хъæддаг гæдыйы скъæрд æрбакод- та, йæ зæнгтæ йæ быны фæтасыдысты Дебола- йæн, æмæ йæ фындз бæласы бындзæфхадмæ æр- хаста. Гъæтт, мæ хæсгæ мæрдтæ, зæгъгæ, йæхи
фæбирæгъ кодта æмæ йын куыддæр мæрдтагæй йæ хурхыуа- дындзтыл фæхæст. Дæ фыдгул дæр афтæ, иу хъпхъхъ ма фæ- кодта афицер æмæ йæ цæстытæ дзагъырæй баззадысты. Æмæ уыцы хабар Дебола йæхæдæг куы фæдзуры, уæд ыл дызæрдыг ничи кæны. Дзæккорыйас къухтæ... Дæ балгъитæ- джы хурхмæ дып уыдон баирвæзæнт. Ныр дæр сæ дойнагдур- тау лыстæныл фæйнæрдæм аппæрста. Йæ сау рихитæ йæ ко- мытæфæй, гæдыйыдымæг дымгæмæ куыд фæйлауа, афтæ фæй- лауынц. Иæ гуыбыр фындзырагъыл, мидæгæй йæ саст кæм хоны, уый хæдсæрмæ хъæдурыйас нос баззад. Цæсгомы фи- дауцæн ницы хъыгдары. Хъæуы ма чидæртæ афтæ дæр дзу- рынц, уыцы нос æй рæсугъддæр кæны, зæгъгæ. Иннæ цæфтæ æддæмæ нæ зынынц, кæд æй фындзæй тынгдæр хъыгдарынц, уæддæр сæ кой пикуы кæны. Фæлæ йæ йæ фындзы нос бирæ фæхурхæй мардта. Цалынмæ йыл сахуыр, уæдмæ йæм афтæ каст, цыма йæ фындзырагъ истæмæй ахуырст у. Æмæ йæ æп- пынæдзух кæм къухмæрзæнæй, кæм хæдоны дысæй асæрф- асæрф кодта. Фæстагмæ йыл цæстытæ сахуыр сты æмæ йыи цыма искæдæм алидзынæй тарстысты, уый хуызæн æм уыс- мæн каст кодтой. Деболайы фарсмæ хъæццулы бын батымбыл нæ «цумайы лæдзæг» Сабаз. Дебола ма йæ хъазгæйæ Къуындзых дæр хо- ны. Асæй гыццыл кæй у, уымæ гæсгæ йыл æвзæр нæ фидауы уыцы ном. Æрмæст æм мах Къуындзыхæй арæх нæ дзурæм. Æз æй куыд æмбарын, афтæмæн йын иуæй-иу хатт хъыг вæййы. Деболайæн йæ хæрзхæрæфырт у Сабаз. Гыццыл ма куы уыд, йæ фыд уæд амард. Мад дыккаг мой скодта æмæ лæппу Деболайæ нал акуымдта. Авд къласы кастфæци, стæй быдыр- мæ трактортæм ралыгъд. Цынæ йып фæкодта Дебола, де ’скъола ма ныууадз, зæгъгæ, фæлæ йæ коммæ нæ бакаст. Йæ гыццылæй нырмæ дæр трактортимæ лымæн уыди. Хæринаг дæр ын ма ратт тракторыл сбадыны разæй. Æмæ сыл сахуыр. ,Фæлæ Дебола куыд зæгъы, афтæмæй афæззæджы лæппуйæн æнæ скъолайæ ныууадзæн нал ис. Дебола та исты фæнд скæ- нæд, æндæр æй æнæ сæххæст нæ ныууадздзæн. Сабаз уый йæхæдæг дæр æмбары, æмæ йæ мады æфсымæры ныхасыл разы у. Æрмæст, йæхи загъдау, профессорæй куы куса, уæд- дæр тракторты хъуыддаг нæ ныууадздзæн... Хъæццулы бынæн йæ пыхцыл сæр зыны Сабазæн, сывæл- лоны адджын хуыстæй хуыссы. Уадз æмæ хуысса. Кæд æй 303
хъæр никуы скодта, уæддæр ратæх-батæхæй куыдзы фæллад бакæны. Тагъд та йæ «пъырыстыф» райхъал уыдзæн æмæ йæ æртæ-цыппар бедрайы дон хæссын хъæуы. Уымæй къаддæ- рæй йæхи не ’хсы Дебола. Астæуæй уæлæмæ йæхи сбæгънæг кæны, йæ хъуынджын уæхсчытæ цагъд нымæты гæбæзты хуы- зæн, йæ фындзыхъæлæй дон цыхцырæгау ныллæууы, афтæ- мæй арсы футтытæ сисы. Ныххуылыдз вæййынц Сабазæн йæ уæраджы сæртæ. Хатгай йæхи нал бауромы æмæ йæ мады æфсымæрæн бустæгæнæгау фæзæгъы: — Æхсгæ кæныс, фæлæ ма йæ мæныл та цы калыс? — Цы загътай, Сабаз? Хъæрдæрæй дзур, нæ дæ хъусын, — пыма æцæг йæ хæрæфырты ныхас нæ фехъусы, \ын хуызæн дзуапп ратты Дебола, æмæ поджы тынгдæр ныффуттытæ кæны. — Гъа уæдæ! — лæппу иуварс алидзы æмæ йæ бед- ра дардæй уыциу сæххæст баласы Деболайыл.—Ардæм ма мын æй цы хæссын кæныс, фæлтау донмæ ныццу æмæ уым дæхи ныууыдай. Нæ фæлæ зивæг цытæ кæны!.. — Цы загътай? Хъæрдæрæй дзур, нæ дæ хъусын... Æркæн, цы фæдæ! — ныхас иннæрдæм аздахы Дебола æмæ йæ цъынд цæстытæй бакæсы лæппумæ. Мах сыл худæгæй нæхи схæссæм. Стыр хъуыддагмæ кæсæ- гау фенхъæлмæ кæсæм, Дебола йæхи æхсын кæд райдай- дзæн, уымæ. Уæлдайдæр æз. Кæд семæ мæймæ æввахс кусын, уæддæр сын сæ хъазæн митыл дзæбæх нæма сахуыр дæн. Но- джы Дебола йæ хæрæфыртимæ исты куы фæдзуры, уæд уыцы æцæгхуызæй райдайы: — Сержанты дзы бафарстай? Сержант дын бар радта? Сержанты зæрдæ нæ фæхуддзæн?... Ме ’фсæддон дарæс кæд æмæ кæд раластон, уæддæр ма мæм сержантæй дзуры. Мæ тракторы дæр мын хæдтулгæ сар- мадзан хоны. Иухатт та мын кæйдæр зæронд хъуылæг бакод- та мæ тракторыл. Хъæлдзæг адæм сты ме ’мбæлттæ, фæлæ дзы уæддæр Де- болайы хуызæн ничи у. Иу бакастæй афтæ зыны, цыма мæсты цы у, уый зонгæ дæр нæ кæны. Фæлæ хатгай йæ хъазæн ны- хæсты, йæ дæлгоммæ æлхысчъыты уыйбæрц маст вæййы, æмæ кæйфæнды дæр басудздзысты. Æз æй федтон, ай размæ колхо- зы сæрдары уæхстыл куыд физонæг кодта, уый. Районы кусджытæй кæмæндæр хъæдрæбын æрдузы карто- фы зæхх бакæнын хъуыд. Æз дын æй бакæндзынæн, зæгъгæ, 304
йын зæрдæ бавæрдта, æрмæст махæй никæмæн ницы загъта. Иу къуырийы фæстæ, æвæццæгæн ын районы кусæг йæ хъуын ацагъта, афтæмæй цæхæртæкалгæ нæ уæлхъус æрбалæу- уыд. — Тагъд дæ куыст ныууадз, æмæ уæлæ Тулдзбыны цы стыр æрдуз ис, уый ахуым кæн, — æнтъæрд рувасы лæф-лæф кодта, афтæмæй йæ къухтæй хъæдырдæм амыдта Дзибо.— Дæ хор- зæхæй... Изæрмæ йæ конд куыд фæуай, афтæ... Лæгæн дзырд радтон, æмæ худинаг у. Сæ картофы мыггаг ныр æнæхъæн къуыри хъæды лæууы... — Чи сты, йæ уд кæмæн схауы? — уæзбын хъæлæсæй йæ бафарста Дебола. — Æххæст ма мæ сæ фыды фыдæлтæй дæр бафæрс. Адæй- мæгтæ. Цæй, фæстиат мауал кæн. Æнхъæлмæ кæсынц, — йæ галиу уæхск хæрдмæ фæхауд, афтæмæй загъта Дзибо æмæ йæ машинæйырдæм фæзылд. Хуым кæнын кæмæн хъуыд, уый, æвæццæгæн, Дебола зыд- та æмæ уæзданхуызæй загъта: — Дзибо, мæ зæрды хæдзар саразын ис. Кæд мæм мæнæ ауалдзæджы дæуæн дæ хæдзармæ дыууæ машинæйы цы хъæд- æрмæгæй æрбаппарын кодта, уымæй иучысыл фæкæса, уæд ын æй ныртæккæ мах Æхсаримæ æд мыст, æд уаллон иннæр- дæм афæлдахдзыстæм... Дзибойы галиу уæхск ноджы тынгдæр скафыд, йæ цæсты- хаутæ стыбар-тыбур кодтой, йæ цыргъ фындзырагъ дон фестад. — Кæцы сабатизæр дын æй дзырдæуыд? — цыма йе ’уæхс- чы змæлд бауромынмæ хъавыд, уый хуызæн йæ галиу къухæн йæ сины сæрыл фæхæцыд Дзибо. Дебола йæ мидбылты æнæбары бахудт. — Мах сабатизæртыл зилынмæ не ’вдæлы... Искæйы ны- хæстæм хъусаг дæр не ’стæм. Мæнæ ацы цæстытыл тынгдæр æууæндæм. — Цæй, кæд уæ не ’вдæлы, уæд мын æй комкоммæ зæгъут, æндæр мын аргъæуттыл цы схæцыдыстут? Æ’з æй бæхтыл дæр бакæнын кæндзынæн. — Исты ма куы срæдийа, зæгъгæ, ин- нæрдæм ныцъцъыллинг ласта Дзибо. — Сæрдар ды дæ. Бæхтыл нæ, фæлæ йæ кæд къамбецтæй кæныс, уæддæр дæ бар дæхи, — цыма мемæ дзырдта, уый хуызæн мæнырдæм æрбакаст Дебола. Ницыуал загъта Дзибо. Сбадти машинæйы æмæ ацыд. 20 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 305
— Ныр дæ уый бар уадз. Смæсты йæ кодтай,—Дзибойы машинæйы фæдыл ма кастæн, афтæмæй загътон æз. — Æмæ дзы цæмæй тæрсын? Мæ куыстæй сисынæй? Æз æндæр хъæумæ дæр ацæудзынæн. Тракторист алы ран дæр хъæуы. Мæнæн лæгъстæгæнджытæ дæр бирæ ис, — дзуапп радта Дебола. — Уыцы хуым кæй у, уый зоныс? Райпойы хи- цау Мыртазаты Гаппойы. Æрдхæрдтæ сты. Иудзырдæй, аных мæ æмæ дæ аныхон... Бамбæрстай мæ?.. Æз ын, цыма уыцы Гаппойы тынг рагæй зыдтон, уый хуы- зæн мæ сæры батылдæй дзуапп радтон. — Кæрæдзи амæттаг фæуæнт! Гæбæр бæх гæбæр бæхыл йæхи хафы, зæгъгæ, мæнгæй нæ фæзæгъынц, — йæ носы хъæ- дурыл йæ арм æрхаста Дебола æмæ уæззау къахдзæфтæй иу- варсырдæм ацыд. Дзибо, æз æфсадмæ куы ацыдтæн, уæд райдыдта куеын колхозы сæрдарæй. Уый размæ та хъæдгæсты хицау уыд. Сæр- дарæй йæ куыд равзæрстой, ууыл ма дис дæр фæкодтон. Уый- бæрц дзæбæх адæмты æхсæн, алы къæцæлы тыххæй дæр гæр- тæмттæ чи иста, уый сæрдарæй равзар... Мæнмæ дæр цыдæр æнахуыр цæстæй кæсы. Кæд мыл æу- уæндгæ нæ кæны! Бон æрбацъæх, уæддæр ма Деболаитæ хуыррыттæй хуыс- сынц. Сабазы, æвæццæгæн, уазал хъыгдары æмæ йæ мады æфсымæры хъæбысы ныттымбыл. Дебола дæр, пыма лæппу- йæн ахауынæй тæрсы, уыйау æй йæ хъуынджын цонджы бын æркодта. Дысоны къæвдайы фæстæ уæлдæф куыддæр æхсызгон æл- хысчъытæ кæны фындзыхуынчъытæ. Цъиуты цъыбар-цъыбур, Тæргайдоны уынæр, мыдыбындзыты дыв-дыв... Алцы дæр уæлдай дзæбæх фидауы ацы райсом. Лæбырд хохы бын, дон- мæ хæстæг кæрæдзийы фæдыл ныххал сты нæ хъæуы хæ- дзæрттæ. Чи агуыридурæй амад, чи урс чъырæй цагъд... Пад- дзахвæндагæй йæм дыууæ къабузы бацыд, иу цæгатырдыгæй, иннæ та хурыскæсæнырдыгæй. Хъæуы астæу баиу сты. Дыууæ фæндаджы йæ бæттынц дунеимæ. Уыцы фæндæгтыл фæцыды- сты йæ фырттæ, йæ цот алы рæттæм, ууылты здæхынц фæс- тæмæ. Паддзахвæндагæй тынг дард нæу, фæлæ уæддæр фæсхъæ- уыл нымад у. Уарынты рæстæг æм æнцонтыл ничи бафтдзæн. 306
Хъæуæй паддзахвæндаджы астæу зæххытæн дæр ахæм нæмт- тæ ис: Цъыфджын, Бæхыхъустæ, Галыгуыбын... Куыд дзу- рынц, афтæмæй дзы кæддæр бæх йæ хъустæм нынныхст, гал— йæ гуыбынмæ. Цъæхты Батрадз ма колхозæн сæрдар куы уы- ди, уæд æм иу аз хуыр бæргæ фæласын кодта, фæлæ цъыма- ратæн сæ хъуыртты дæр нæ фæзынд. Ныр æм хъæдрæбынты ног фæндаг аразынмæ хъавынц. Фæлæ цалынмæ цæттæ кæна, уæдмæ уал ныл, æвæццæгæн, нæ зæронд ном «Цъыфджын» баззайдзæн. Уæвгæ хъæуы цæрджытæй бирæтæ рагацау ног нæмттæ дæр æрхъуыды кодтой: Хуссар, Хурыхъæу, Райдзаст... Сабаз та йæ Ракетæ схонынмæ хъавы. — Æмæ се ’ппæт дæр раст сты. Хуыздæр ма ныууадз, ахæм номы аккаг у нæ хъæу. Æрмæст йæ дыргъты тыххæй дæр. Сæ кой кæм нæ ракæндзысты, иу ахæм нæй. Алы уæздан уазæгæн дзы æппæлынц... Цæрджытæ нæм дыууæфондзыссæдз хæдзары йедтæмæ нæй. Гыццыл хъæуыл нымад стæм. Иу-цалдæр азы размæ нæ дæлæ «Уæлахизы» колхозимæ дæр баиу кодтой. «Размæйы» колхозы бæсты дыккæгæм бригадæй агæпп ластам. Афæдз æмæ æрдæг æнæбары сыхæгты цардæй ацардыстæм. Нæ хъуыддæгтæ хорз нал цыдысты, æмæ та нæ уæд фæстæмæ нæ фыццаджы номæй хонын байдыдтой. Рæсугъд ран æрцарди нæ хъæу. Йæ фæрсты абухгæ, фынк- калгæ згъоры цъитидон. Ноджы йын цы ном æрхъуыды код- той: «Тæргайдон»... Æвæццæгæн, арæх кæй раивылы, уый тыххæй. Сæрд æм куы бакæсис, райсомæй цъæхбын, тæнæг фæлм йæ сæрмæ куы сбады, уæд комыдымæг цавæрдæр æх- сызгон улæфтæй байдзаг вæййы. Кæцæй йæм нæ цæуынц! Сæрды мæйты комырдæм чысыл куы бауайай, уæд доны был- ты цъитидзауты халагъудтæй къахæрæвæрæн нал вæййы. Фæндыры цагъд, физонджыты тæф... Нæ, кæд дæ зымæг æнкъард хонынц, уæддæр дзы дæуæн æмбал нæй, нæ гыццыл хъæу... Хъæуæй рахызт арвыцъæхæй цъæхдæр рог машинæ. «Афтæ раджы чи хъуамæ рацæуа?» — хъуыды кæнын мæ- хинымæр. Æмæ кæсын, астымы куыд фæуырдыг кодта, хи- дыл куыд æрбафардæг, уымæ. Машинæ уайтагъд æрхы ау- уон фæци, уырдыгæй ма мæм йæ уынæр хъуыст. Стæй хæстæг йæ хыр-хыр ссыд. Фæздæджы сатæгсау къуыбылæйттæ суагъ- та райсомы сыгъдæг арвмæ. Стæй, цыма йæ удыбыцъынæг сцæйхауд, уый хуызæн хъæрæй бæстæ йæ сæрыл систа. Чысыл 307
фæстæдæр басабыр, æрмæст æрхæй нал разынди. Йæ бæсты рагъы цъуппыл февзæрд, йæ фадгуытæ уæраджы сæртæм фæлдæхт кæмæн уыдысты, ахæм лæппулæг. Йæ сæрыхъуынтæ арынгмæрзæыы хуызæн, афтæмæй мæм дардæй æрбахъæр кодта: — Гъей, дæ тракторæй ма нын нæ машинæ сæппар. Цъы- марайы нынныхстыстæм!.. Хъæрмæ Дебола йæ хуыссæны рабадт. — Чи у, цы хабар у? — йæ цæстытæ æууæрдгæйæ мæ ба- фарста. — Дæлæ кæмæндæр йæ машинæ нынныхст æмæ трактор агуры, — дзуапп ын радтон æз.— Абæрæг æй кæнон... — Цу, кæд дæ мæ сæр истæмæн хъæуа, уæд мæм-иу хабар кæн. — Хорз, — загътон æз æмæ ацыдтæн. — Лæппу, æз дын трактор куы загътон. Æви мæ хъусгæ нæ фæкодтай?—цыма дзы исты аххосджын уыдтæн, уый хуы- зæн мыл сбустæ кодта машинæйы хицау. Ахæм заман чидæриддæр мæсты вæййы æмæ йæм уымæ гæсгæ ницы сдзырдтон. Ноджы фыццаг хатт федтон уыцы хæрзконд лæппулæджы. «Æвæццæгæн исты хицау у. Барджын ныхас дæр уымæн кæны», — ахъуыды кодтон мæхинымæр æмæ машинæйырдæм араст дæн. — Уæлдæрты дæ бацæуын хъуыд, йæ тæккæ бæзджынты куы балæгæрстай... — Æниу урелæрвты куы æрбатахтаин... Цæй, мауал лæуу. Æрæджы мын кæны,— йæ цъыфæйдзаг къухæй мын мæ бæмбæджджыны дыс аивæзта, афтæмæй загъта маши- пæйы хицау. — Цу, рæвдздæр!.. — Æмæ тынг арф нынныхст? Кæд ын, миййаг, æнæ трак- торæй исты амал... — Амæлттæй ницы, трактор хъæуы, — мæ ныхас мын æр- дæгыл аскъуыдта лæппулæг. — Мæхицæн фидарæй бæргæ фæ- зæгъып, мæ къах дæр сæм нал æрбавæрдзыпæп, зæгъгæ... «Волгæ» ахæм фæндæгтыл фидауы? Хæрæгуæрдон, галтæ... Уыдоны йедтæмæ уæ Цъыфджынмæ цæугæ ннцæуыл у. Хъус- ма, лæппу, ус дын нæма ис? Гъемæ тынг хорз кæныс. Куы ку- рай, уæд горæты. Гæнæн нал и, уæд та «Волгæ» узгæ-узгæ кæдæм цæуа, ахæм хъæуы... — Æмæ дыл тыхбегара уыд, цы хуыцау дæ æрбахаста, дæ 308
цæетысындз кæмæй федтай, уыцы хъæумæ? — фырмæстæй йæм рафыхтæн æз. Уый мæ, æвæццæгæн, фембæрста æмæ хъазгæмхасæн загъта: — Уарзондзинад, мæ гыццыл æрдхорд... Мæ каистæ... Мæ- нæ ды дæр искæй рæсугъды дæ уаты къуымы куы æрлæууын кæнай, уæд æй бамбардзынæ, каис цы у, уый. — Кæмæй сты, чи сты дæ каистæ? — мæ ныхас Дзибойы сиахсимæ кæй у, уый ма мын цы базоиын хъуыд, фæлæ уæд- дæр къахæгау бафарстон æз. Уый мæм дисгæнæджы каст æрбакодта: — Ау, кæд ацы хъæуккагыл нымад дæ, уæд мæ чындзæх- сæвы куыннæ уыдтæ? Дайраны нарджытæй дзы Елхоты гæ- мæхтæм чи нæ уыд, ахæм куынæуал баззад... — Æз нырма хæрзæрæджы ссыдтæн æфсадæй... — Æвæццæгæн. Æндæр дæ мæ чындзæхсæвы федтаин. Æз Дзибойы сиахс дæн, горæты цæрæг. Мæ кой мын фехъуы- стаис... — Куыннæ! Фехъуыстон... — Уæдæ, гъеныр, ныхæстæ нал, фæлæ тæхгæ æмæ трактор ам æрбалæууын кæн! — Цы кодтай, Муратхан, нырма кæрчытæ се ’фтуанхъæ- дæй куы нæма ратахтысты, уæд куыд раджы рабадтæ, дæ каистæ дæ ма расурæнт, миййаг?— нæ уæлхъус февзæрд Де- бола. Стæй нæ цыма хъуыды дæр не ’ркодта, уый хуызæн нæ рæзты машинæйырдæм араст. Йæ ныхасыл ма цæугæ- цæуын бафтыдта: — Стæ-ма, цытæ та ласыс? Æниу, æз æмæ Æхсарæн Дзибойы хуызæн каистæ куы уаид. Сабаты горæ- тæй рафардæг у, хуыцаубоны райсомæй изæрмæ дзæбæх фæ- кеф кæн æмæ къуырисæры фæстæмæ афардæг у. Æвзæр нæ цæрут, æвæдза... — Джигулгæнæг дæ, æви дæ нæ машинæйы хуызæн фе- сæфт? Давæггаджы каст æм цы ныккодтай? — йæ хæлафы фадыгыл хæрдмæ схæцыд, йæ бæгæныхуыз цæстытæ туджы разылдта, афтæмæй дзуапп радта Муратхан. Стæй машинæйы раззаг дуары цур лæбурæджы лæуд æркодта. — Уæ, дæ хæдзармæ дæ фæтардæуа, исчи ма уыйбæрц амайы иу машинæйы? Уæртæ дын уый та чи у? Балтыл куы бафынæй... Æддæмæ цæуылнæ рахизы, цæуылнæ дæм фæкæ- сы? Уæлæмæ! Дæ дынджыр сæрæй балтæ ныцъцъæл кодтай,— машинæйы рудзынгæй мидæмæ каст, афтæмæй хъæрæй дзырдта Дебола. 309
— Иуварс... Æз уæм, уайдзæфтæ мын кæнат, уый тыххæй нæ фæдзырдтон, —Деболамæ йæхи баласта Муратхан. Фæлæ, æвæццæгæн, ме ’мбалы æлхынцъ æрфгуытыл йæ цæст æрхæ- цыд, æмæ йæ хъæлæсы уаг аивта. — Дебола, цæй-ма, кæрæ- дзийы фыццаг хатт куынæ федтам, де ’лхыскъ ныхæстæ ныр- мæ цы æрхастай?.. Дæ’ хорзæхæй, дæлæ ма цæлхытырдыгæй схæцут. Æ(рмæст уыцы иу хæст... Уыцы сахат, цыма йе ’мбалы ныхæстæм æнхъæлмæ каст, уый хуызæн машинæйæ рахызт нæ хъомты фермæйы хицау Хамбийы фырт Алберд. Муратханы хуызæн уымæн дæр йæ сæрыхъуынтæ змæст. Афтид цыбырдыс хæдоны. Райдианы цы æрцыд, уымæн ницы бамбæрста, æмæ нæм суртæгæнаджы ракæс-бакæс систа. — Куыд лæуут уый? — æрæджиау загъта Алберд æмæ машинæмæ йæ сынæг фæцарæзта. — Фæцæуы... Иу хатт ма!.. Муратхан машинæйы фæмидæг. Скусын æй кодта. Æз дæр Албердæн аххуыс кодтон. Æрмæст Дебола иуварсырдыгæй лæууыд æмæ йæ мидбылты худт. Машинæ йæ удæй арт цагъ- та, размæ-фæстæмæ кодта. Стæй Дебола уæззау къахдзæф- тæй æрбацыд. Машинæйыл йæхи бауагъта, йæ ныхас мæ хъустыл æрцыд: — Систам æй!.. Машинæ фыццаг сабыргай атылд, стæй уыциу гæпп алас- та. Алберд фæстаг цалхы комкоммæ лæуд фæци æмæ цъыфæн нал зынд. Æрмæст ма йæ дæндæгтæ нартхоры нæмгуытау æрттывтой. Кæд мæ нал базыдта, зæгъгæ, йæм хæстæгдæр ба- цыдтæн. Йæ нозты тæф калд. Бауайдзæф кæнынмæ йын хъа- выдтæн, фæлæ уыцы сахат машинæйæ уасджыты уасын рай- хъуыст... — Æрбабон... Цом, Æхсар, — мæстыгæрæй загъта Дебо- ла æмæ мын мæ цонгыл рахæцыд. — Фæлæуут-ма, фæйнæ сыкъайы... Бузныг дæр уын куынæ загътам. Хæдæгай, дон уæм нæй? Нæхи ахсадтаиккам, — пæ фæдыл ма рахъæр кодта Муратхан. — Кæркниз уæ нæ хъæуы? Æдылыкъоппатæ, æнæхсадæй хуыздæр фидаут, — дзуапп сын радта Дебола æмæ фæллад арсау мæ разæй рацыд. Иæхинымæр хъуырдухæн кодта, тыхсти. — Кæрчытæ, рог машинæ, балтæн сæ дзæбæхтæ, арахъ- хъæн йæ двайио, горæтаг цард... Суапг ма настæ дæр ралас- тоц. Се ’ппæт дæр Габанты хардзæй. Сабаз, цы фæдæ? Тагъд- 310
дæр — дон! — станырдæм ахъæр кодта Дебола æмæ йе ’уæнг- тæ аивæзта, йе ’ставд цæнгтæ маргъы базыртау хæрдмæ стах- тысты... 2. Мæстджын — дзураг Æризæр. Хуры фæстаг тынтæ ма зæронд тæрс бæлæсты цъуппытыл ауыгъдæй лæууынц. Дардæй кæсгæйæ афтæ зыны, ныма рагъыл хъæд ссудзынмæ хъавы. Фæлладæй цæуы мæ фарсмæ Муради. Уæрдонвæндаджы бæзджын рыг сæнары фæныкау лæпп-лæпп кæны йæ уæззау цырыхъхъыты бын. Мæнæн дæр мæ къæхтæ арт уадзынц. Уæнгтыл уæззау цыдæр йæ тых-йæ бонæй уырдыгмæ æнцайы. Мæ хæдои мæ фæсонтыл судзы, буарыл писийау нынныхæст. Хурсыгъд цъæхбын пинджак йæ рахиз уæхскыл ауыгъд, зыон ым Дуду цы фæныкхуыз нымæтхуд радта, уый йæ галиу къу- хы, афтæмæй йæ алывæрстæм фæлгæсы Муради. Рæсугъд сты сæрдыгон быдыртæ, алыхуызон дидинджы- тæй тыбар-тыбур чи кæны, уыцы къутæрджын рæгътæ. Дард кæцæйдæр хъуысы фиййæутты зарын æмæ йæ изæры уддзæф скъæфы быдырты. Хатгай нæ хъустыл æрцæуы сылгоймæгты кæл-кæлæй худт. Ноджы æдзынæгдæр ныккæсæм уыгæрдæн- тырдæм. Ссивынмæ уыдысты уым абон сылгоймæгтæ. Æмæ æхсæры къудзиты аууонæй стæмтæй-стæммæ сæ урс сæрбæт- тæнтæ, сæ хъулон кофтæтæ куы фæзыныыц, уæд мæнæн мæ улæфт мæ хъуыры фæбадæгау кæны. Мæ зæрдæ мын цыдæр фæрæхойы. Цыма мæ цырыхъхъытæ уыцы сахат зæххыл ны- хæсгæ фæкæнынц, уый хуызæн мын рыгæй стоныы нал фæко- мыыц. Цæстытæ цъыхырыты æхсæнты рауай-бауай сисынц. Дæрддзæф нæм сты чызджытæ æмæ уымæ гæсгæ зын рав- зарæы у, чи сæ кæцы у, уый. Куы мæм сæ иу фæкæсы Зæли- нæйы хуызæн, куы та сæ иннæ. Муради мæ фарсмæ кæй цæуы, уый дæр мæ хатгай ферох вæййы. Мæ сæр чызджытырдæм къулæй баззайы. Адард мæ вæййы Муради. — Æхсар, дæ трактортимæ дæ исты ферох, фæстæмæ цы фæкæс-фæкæс кæныс? — ныр мæ цалдæр хатты, йæ мидбылты бахуды, афтæмæй бафарста Муради. Æвæццæгæн, æмбары, фæсте цæмæы баззайын, уый. Бæргæ йын скалин мæ сусæг хъуыдытæ. Бæргæ йыы радзурин, ныртæккæ мæ зæрдæ, йæхæ- дæг дæр хорз кæй зоны, ахæм чызджы цæстыхаутыл куыд дзедзырой кæыы, уый. Фæлæ йæм чи уæпды? Куы мыл фæху- 311
да, къулбадæг мæ куы рахона. Стæй мæ ныхæстæ дзæгъæлы куы фæуой, уæд та? Зæлинæйæн йæхицæн æргом куы ницыма ской кодтон... Æргом? Æмæ йын куыд хъуамæ зæгъон уарзын дæ, зæгъгæ? Ме ’мбæлттæн дæр уымæй уæлдай куы ницы загътон æмæ мæ уыдон мæ цæстæнгасæй куы æмбарынц, уæд мæ Зæлинæ не ’мбары? Уæдæ мыл хатгай йæ ныхæстæ судзгæ æхсидæвтау цæмæн æрбаскъæры? Йæ цæстæнгасæй мын мæ зæрдæ цæмæн ссудзы? Куы йыл фембæлын, уæд ме ’взаг мæ хъуыры кæй аирвæзы, уый тыххæй? Æмæ исты æцæг ахæм къодах дæн? Уæдæ ма дзы ме ’мбæлтты афæрсæд, кæддæра йын цы зæгъиккой... — Нæ хосгæрдæн машинæтæй иу æгæр бирæ лæууы æмæ уымæ... — æрæджиау дзуапп радтон Мурадийæн æмæ мæ цыд фæтагъддæр кодтон. — Кæд æй чызджытæ фæцæстдзыд кодтой, миййаг? — йæ нымæтхудæй мæм бадодой кодта Муради. Уый дæр хосдзау- тырдæм кæсы. Чызджытæ «Фиййæутты къуыбырæй» фæуырдыг кодтой. Уайтагъд æрхы аууон фесты. Мах фæндагæй иуварсырдæм ахызтыстæм. Муради йæ пинджак æмæ йæ нымæтхуд цæугæ- цæуын, фæндагмæ хæстæг цы зыбыты иунæг рагон кæрз бæ- лас лæууыд, уый бынмæ баппæрста. Йæ хæдоны æгънæджы- тæ суагъта æмæ, йæ дыстæ мидæмæ фæлдахгæйæ, лæбырды бын суадонмæ уæззау къахдзæфтæй ныццыд. Хуырты бынæй æхсызгон сыбар-сыбур кодта цæстысыгау рæсуг суадон. Уыцы сыгъдæгæй уади хъуына дурты æхсæнты æмæ дæлдæр бæзджын хъæзæй йæ хъуыр-хъуыр цыд. Муради йæ цырыхъхъытæ роггомау фелвæста, йæ фад- гуытæ уæраджы сæртæм сфæлдæхта. Афтæ бакодтон æз дæр. Райдианы мын суадоны дон цавæрдæр рог æлхысчъытæ акод- та мæ зæнгты, стæй цыма хъармдæр фæци, уый хуызæн буа- рыл æхсызгон уылæнтæй сфардæг. Цалдæр армыдзаджы дзы скалдтон мæ уымæл цæсгомыл. Хорз дзы банызтон æмæ мын цыма ме 'уæхскæй стыр уаргъ æристæуыд, уыйау суанг мæ къæхты бынæй ныуулæфыдтæн. Æнуд сæрдыгон боны фæстæ мæм тынг адджын фгекасти суадоны дон. Урс чысыл цæппу- зыртæй æпхъызти уый. Кæйдæр арæхстджын къухтæй суадо- ны алыварс самадæуыд дойнагдуртæй рæсугъд быру. Фаелæ пыр уыцы дуртæ пырхытæй лæууыдысты, — хъæуы фос нæ бацауæрстой быруйыл. Муради мæм цыбæлгæнæджы цæстæй каст, йæ мидбылты 312
худт. Стæй уый дæр йæ уæраджы сæртæм доны бацыд. Йæ гом хъуынджын риу æрæхсадта. — Дон нæ, фæлæ æвдадзыхос! — цыма йæ пыхцылтæ сæр суадоны фæцæвынмæ хъавыд, уый хуызæн мæм иуварсырдæм скаст. Стæй йе ’ставд цæнгтæ рæмбыныкъæдзты онг доны аф- сæрста æмæ сывæллонау фурттытæ систа. Мæнæн дæр ницы загъта, йæ хуылыдз сæрыхъуынтæ йæ цæстытыл æрхаудысты, афтæмæй дон-дон уырдыгмæ араст Муради. Куыд-дæлæмæ фæтæнæй фæтæидæр кæнгæ цыд до- ны фæд. Æрмæст иу ран лыстæг хуыры йæ фæд айсæфт. Хуы- ры алывæрсты бирæ фæзылди Муради. Суадоны фæд дард- дæр нал ахаста. Уыцы сахат æнæнхъæлæджы æрбайхъуыст кæйдæр бæз- джын хъæлæс: — Но-о!.. Муради фæстæмæ фæкаст. Æз дæр ныхасгæнæджырдæм ме ’ргом аздæхтон. Бæхы рохтыл хæцыд, афтæмæй комком- мæ суадонмæ æрбацæйцыд хъæусоветы донласæг Асæбе. Мах куы федта, уæд йæ ныхас ноджы хъæрдæрæй æрбайхъуыст: — Но-о! Цæмæй сæ тæрсыс? Дæу хуызæттæ нæ хæрынц... Стæй йæ бæхы цъæхснаг уисæй æрцавта æмæ йын йæ дзы- ларбосыл размæ ахæцыд. — Тæргайгæнаг чындзæй уæлдай нæу... Мæ туг мын ба- нызта... Æртыккаг аз ыл кусын æмæ нырма кæрæдзи хъæр нæма бамбæрстам, — йæхи растгæнæгау загъта зæронд лæг. Мурадимæ, цыма дзы уый хуызæн фесæфт, афтæ æдзынæг ныккаст. — Фосæн сæ хъуыддаг афтæ у... Цæуыл сахуыр уой, уый сын æнæ кæнгæ нæй. Мæ размæ йыл чи куыста, уый йæ къулбадæг ахуыр скодта. Гыццыл истæй тыххæй дæр ын сай- æн... Æмæ, дæ фыды хатырæй, сайæн куынæ уа, уæд та цы гæнгæ у? Уæдæ афтæ уæзбын цыд цæмæн кæны, æнхъæл дæ? Сайæн та агуры. Ныр ын йæ размæ суадоны сыгъдæг донæй’ иу бедрайы дзаг авæр, уæд... Бауырнæд дæ, далæ уыцы бы- лæй агæпп кæныныл дæр йæ цæст нæ фæныкъулид, — йæ га- лиу къухы амонæн æнгуылдзæй, хъæуырдыгæй ыы бæрзонд рагъ зынди, уырдæм ацамыдта зæронд лæг æмæ, цæмæдæр гæсгæ йæ бæзджын рихиты бын йæ былтæ зына-нæзына ху- дын æввонг базмæлыдысты. — О-о... Æхсар куы дæ... Нал дæ базыдтоп. Быдырæй ма цæуай? — Быдырæй, — дзуапп ын радтоп æз. — Дон та ласыс?.. 313
— Дон, мæ хур, Æхсар, дон... Райсом раджы стыны бæсты йæ, зæгъын, изæры сатæджы нылласон... Уазæг, алы бон æгас нæм цу! — йæ къуызыртæ къух Мурадимæ бадаргъ кодта Асæбе. Стæй мæнырдæм разылд æмæ ма бафарста: — Бахатыр кæн, Æ’’хсар, фæлæ уазæг кæцон уазæг у?.. Æз ын Мурадийы бацамыдтон. Асæбейæн йæ гуыбыр фын- дзы бын йæ халас рихитæ сызмæлыдысты, йæ хъуынджын æрф- гуытæ уæлиау систа æмæ загъта: — Гъемæ цы кæны... Æгайтма дæ базыдтон. Хъæуы ныр дыууæ боны дæу койы йедтæмæ æндæр кой куынæуал ис... — Мæ кой?.. Æмæ мыл афтæ тынг чи тыхсы? — дис- гæнæгау бафарста Муради. — Нæ хъæуы хицауад... Стæй, хæйрæг сæ зонæг, ахæм за- тмаи сæ кæрæдзи сæрты хауын байдайынц æмæ... Сæ иуты сын районæй хуыдта Майрæм... Зæронд лæг доны бедра бæхы размæ æрæвæрдта. Бæх йæ сæр бедрайы фæцавта æмæ уыцы минут дон нуазыныл ба- лæууыд. — Кæсыс, куыд уæздан ахуыр у. Иæ къах куы схуылыдз кæна, уымæй тæрсы... Дæ хицауы мæрдтæн фæлдыст фа^у! Тбу!.. Мæ бедра та ма мын цæуыл пырх кæныс?—бæхы га- лпу хъусыл ауыгъдæй чи аззад, уыцы ног цинкæ бедрамæ фæ- лæбурдта, афтæмæй мæстыгæрæй загъта зæронд лæг. — Хицæуттыл дæр мæгуыры бон ис... Дæ бæх куынæ цæуа, уæддæр хицау — аххосджын, — къахæгау загъта Мура- ди. Стæй, зæронд лæг исдугмæ куы ницы дзырдта, уæд ма йæ пыхасыл бафтыдта: — Æвæццæгæн, дæ хицауæй тынг нæ тæр- сыс, æндæр ын йæ мæрдты хурмæ нæ калис! — Куыд!—зæронд цæргæсау йе ’уæпгтыл схæцыд æмæ йе ’рфгуытæ æнахуыр æлхынцъ фæкодта Асæбе. — Тæрсгæ? Асæ- бе? Нæ-æ. Уæдæ ды Асæбейы нæма зоныс. Æз дæр кæддæр дæ гсары уыдтæн. Мæ фыдыстæн, лæджы раз мæ сæр никуы æр- уагътон. Фæлæ ма ныр цы!.. Стæй ныр дæр мæ сæрмæ не ’рхæссин донласæджы куыст, чысыл цыдæртæ мæ куынæ хъыг- дарид, уæд. Фæлæ цы чыидæуа!.. Лæппутæ ацы фыдбылызы хæстæй нал сыздæхтысты... Асæбе зæхмæ ныккаст. Бæхы рохтыл кæй хæцыд, уый дæр дзы айрох, дзыларбос йæ къухтæй æрхауд. Иæ мыдхуыз цæсты- тæ уæрæх байгом кодта æмæ дард кæдæмдæр æдзынæг кæсгæ бяззад. Æз æмæ Муради, зæронд лæг кæдæм каст, уыцырдæм аи- ,314
вæй не ’ргом аздæхтам. Суадæтты фæз армытъæпæнау зынд. Ме ’мбæлттæ фæззыгæнд мæнæуы фæстæ зæхх фæлдæх- той. — Хорз зæххытæ сæ хонынц, — загъта Муради. — Гъо. Æвзæр зæххытæ не ’сты, — йае къæхты бынæй арф .ныуулæфыд Асæбе.— Уæвгæ, иннæ зæххытæй дæр цы загъдæ- уа! Цыфæнды дæр дзы аппар, нæ дæ фæсайдзысты... Ды сæ цæмæй зоныс, фæлæ сæ мах «гæппæлтæ» хуыдтам. Иннæ зæх- хытæй хуыздæр уыдысты æмæ сæ уымæ гæсгæ хъæуы цæрджы- тыл чысыл гæппæлгай уæрстой... — Зонын æй. Уыцы быдырты куы куыстай, уæд дæ ном æгас Иры дзыллæтыл кæй айхъуыст, уый дæр ма зонын, Асæ- •бе. Фæлæ цы кодтой уæ быдыртæ, сæ кæддæры кадæн йæ фæд дæр куынæуал баззади? —зæронд лæджы хъæдгом барæй фæ- цагайдта Муради. — Гъо. Уый æцæг афтæ уыди. Уæд-иу ахæм бон не ’скодта, æндæр районтæй, нæ сыхаг колхозтæй-иу нын нæ нартхоры хуымтæм уынынмæ кæд не ’рбацыдысты, —дзуапп радта Асæ- бе æмæ та цæуылдæр ахъуыды кодта. — Хъæусоветы кусын дын, æвæццæгæн, пайдадæр, стæй æн- цондæр у, — загъта Муради. — Хур дæ нæ судзы, уарынтæй дын тæссаг нæу. Стæй дæ иннæ районтæй, сыхаг колхозтæй хъыгдарæг нæй. Дæ мызд афоныл... — Æвæццæгæн, мæ ракъахынмæ хъавыс, Муради. Нæ. Æз кæйдæрты хуызæп зæххы уæлæнгай сагъд нæ дæн... Æнцонтыл кæй ракъахай, ахæм нæ дæн. Фæлæ дын иу ныхас зæгъон: лæг бæстыл куы равзæра, уæд хъуамæ лæг уа. Æрмæст æй лæгыл куынæ нымадæуа, уæд цы хъуамæ кæпа? Æз дæр лæг дæн, цæрыпæп райгуырдтæн!.. Афтæ хъуамæ зæгъа. Æ’ндæр дæхи ауадз, чысыл истæй тыххæй дæ базыртæ æруадз æмæ стæхын ма фæраз. Уый лæмæгъдзинад у, — зæроид лæгæи йæ маст фы- цын кæй байдыдта, уый бамбæрста Муради. Бæх суадонæй иуварс аздæхти. Кæрдæджы хæлттæ, цыма сæ æвзаргæ кодта, уый хуызæн стæм рæтты æхсыдта. Асæбе пæм исдугмæ кæсгæйæ баззад. Стæй та погæй арф ныуулæфыд. — Уæртæ бæхмæ кæсыс? Кæрдæджытæй йын æнцондæр то- нæн чи у, уыдоныл куыд зилы. Ды, чи зоны, афтæ дæр хъуы- ды кæнай, Асæбе дæр уæззау куыстæй йæхи раласта æмæ лæхицæн бонасадæн кæны. Нæ, мæ фыд цы мæрдты ис, уыдо- лыстæн! Цæй, æгæр дзурыи. Изæр у ныр... — Æз дæм фæкæсдзынæн. Тыхсгæ ма кæн, Асæбе. Мах 315
дæр хъæумæ цæуын хъæуы, — зæронд лæг цыдæр маст тых- хæй кæй уромы, уый бамбæрста Муради æмæ уæрдонырдæм тагъд къахдзæфтæй ацыд. Дыууæ дынджыр боцкъайы уайтагъд донæй айдзаг код- там. Муради сын сæ къæбæлтæ дурæй ныкъкъуырдта. — Æмæ уæдæ Майрæм суадоны дон бирæ уарзы, зæ- гъыс? — цъæхнæууыл æрбадт,"йæ цырыхъхъытæ кодта, афтæ- мæй бафарсга Муради. — Майрæм дæр куыннæ!.. Фæлæ мæ йæ ус та бынтон мæ хъуырмæ скодта. Хъæуы донæй, дам, мæ ахсæн хæлгæ кæны. Цъитидзаутæ дзы, зæгъы, цы нæ калынц, иу ахæм куынæ ис... Гъомæ, зæгъын, бапъирозы гæххæттæй арæзт у дæ ахсæн? Хъæуы адæмæн æгъгъæд чи у, уый дæуæн æгъгъæд цæуылнæ у? Стæй уæдæ ныр цъитидзаутæ сæхи мауал æхсой, дон мауал нуазой. Уыдон дæр адæм куы сты... Нæ, Муради, — йæ ныхас иннæрдæм фездæхта Асæбе, — бамбарын ма мын æй кæн: иу- æй-иутæн хицауы бынаты сæ сæртæ афтæ тагъд цæмæн ра- зилынц? — Æвæццæгæн, фидар нæ вæййынц æмæ уымæн,—цыбыр* дзуапп радта Муради. Мæнмæ дæр афтæ кæсы... Майрæм нæ хъæуы схъомыл. Йæ хорз дæр, йе ’взæр дæр ын зонæм. Фæлæ йæ хъæусоветмæ куы равзæрстам, уæдæй нырмæ йæм йæхи хуызæнæй ницы- уал ис. Уыныс мæ, æз зæронд лæг дæн, йæ фыды æмгар, фæ- лæ мыл хатгай хъæртæ куы сисы, уæд адæмы раз фырæфсæр- мæй цы фæуон, уымæн ницыуал фæзонын. Хъæдмæ йын цу, дон ын лас... Цумайы лæдзæг мæ скодта зæрондæй. Бауырнæд дæ, куы ма дын æй загътон, чысыл цæуылдæрты ахъуыды кæ- нын, æндæр... — Газеттæ нæ фæкæсыс, Асæбе? — зæронд лæг æппындæр æнхъæлмæ цæмæ нæ каст, уымæй йæ бафарста Муради. — Мæхæдæг цæстæй уыйбæрц хорз нал дæн, фæлæ мæ нæ сывæллæттæ æнæ газет нæ уадзынц,—дзуапп радта Асæбе æмæ суадоны раз дзуццæджы æрбадт, цалдæр армыдзаджы фæд-фæдыл банызта. Йæ халас рихитæ йе ’ставд, куыстæф- хæрд æнгуылдзтæй фæйнæрдæм адаудта æмæ Мурадимæ хин каст бакодта, цыма йын афтæ зæгъынмæ хъавыди: «Бирæ дæ нал хъæуы, Муради. Фæхæццæ йæм кæныс... Цæв, цы сфæнд кодтай, ууыл ма бацауæрд... Æ5з дæр мæнæ дæн. Иугай гæ- рæхтæй чи фæтæрса, ахæм Асæбе нæ дæн...» — Уæдæ дын газеттæ фæкæсынц, зæгъыс, нæ?.. 316
— Фæкæсынц, зæгъгæ, дын загътон, — æнæуæлдайныхас лзуапп радта Асæбе. " — Уæдæ Муссæйы хабæрттæ дæр хъусдзыкæ... Кæддæр дын, æнхъæлдæн, дугъы дæ худ дæр куы ахаста... — Лæппу!— йæ къухтæ йæ ронбасты атъыста, йæ сæрыл бæрзонд схæцыд Асæбе. — Хъусыс, æз цы дугъты рауадтæн, ды дæр уал ууылты рауай, стæй йæ дзæбæхдæр базондзынæ, чи кæй худ ахаста, уый. Муссæ мын æй йæхæдæг дзырдта. Æрæджы уым уыдтæн, фарста дæ. Хъæусоветы донласæгæй кæй кусыс, уый куы ба- зыдта, уæд-иу куы ныддис кодта, йæ къухтæ-иу куы ныццагъ- та. Цы дын æй сусæг кæнон, мæ фæдыл суанг хъæугæронмæ рацыд æмæ мын афтæ: — Ме ’рдхорд Асæбейæн-иу æнæ зæгъгæ ма фæу: гъе-уæу- уæк, зæгъ, гъе!.. Дæ дымгæ дæр дын, зæгъ, куы не ’ййæфтам, дæ кады аууонæй зынгæ дæр куынæ кодтам, уæд дыл ныр цы æрцыди? Кæм сты, дæ уырзтæ кæуыл схаудысты, уыцы хуым- тæ? Райсомы уддзæфмæ-иу йæ базыртæ чи тылдта, уыцы нарт- хоры сусæг сыбар-сыбурæй дæм боцкъайы доны цыл ахъхъ-мыл- лухъмæ хъусын хуыздæр кæсы?.. Иу фæззæгæй иннæ фæззæг- мæ цал доны боцкъайы æрбаласыс, уый нæ зонын, æндæр дæм, кæддæр дæ нартхоры хуымтæ уынынмæ куыд цыдтæн, афтæ фæцæуин... Зæронд лæг зæхмæ ныккаст. Арф ныуулæфыд. Стæй йæ ра- хиз рихийы кæрон йе ’нгуылдзты æхсæн аууæрста, йе ’рфгуыты бынты бакаст Мурадимæ æмæ зынтæй загъта: — Уый Муссæ афтæ дзырдта? Æмæ Муссæ дæр, ды дæр искуы ахъуыды кодтат, Асæбе хъæусоветы донласæгæй цæмæн кусы, ууыл? Æвæццæгæн дын уым æнцондæр у... — Муради, афтæ мын зæгъдзынæ, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Искæй ныхæстæм хъусын дæр хорз у, фæлæ трактортæ, быдыр- тæ, хъуццытæ æмæ адæймаджы зæрдæ иу не ’сты. — Бахатыр кæн, Асæбе... Бæфхæрыпы зæрдæйæ дын æй нæ загътоп,—зæронд лæг кæй стыхст, уый бамбæрста Муради. — Ницы кæны. Æз ахæмтыл ахуыр дæн... Сбад уал. Уæд- дæр иырма раджы у. Кæм мыл бандзæрстай, уым мын æххæст мæ пиллонмæ дæр бакæс, — суадоны был кæрдæгыл йæхи æр- уагъта Асæбе. — Кæм мæ ракъахтай, уым, миййаг, уæлдай ныхæстæ куы кæнон, уæддæр-иу мын сæ ныххатыр кæн. Мæнмæ гæсгæ адæймаг йæ рæстдзинадæй адæймаг у. Афтæ фехъуыстои 317
æз мæ фыдыфыдæй, афтæ иу мын дзырдта мæ фыд дæр. Æмæ мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ мæ бон цас уыди, уыйбæрц сыгъдæгæй фæхастон мæ зæрдæйы, мæ зонды уыцы рæстдзинад. Раст зæгъын хъæуы, уыдис-иу ахæм рæстæджытæ, мигътæ-иу сæхи хæрзныллæг кæд æруадзынмæ хъавыдысты, мæ фыдыфыд, мæ фыды дзæбæх амынд-иу сæ быны скæнынмæ кæд хъавыдысты. Фæлæ-иу ахæм уæззау сахат мæ цæетытыл ауадысты мæ фыдыфыды урс-урсид боцъотæ, йе ’мбаргæ цъæх цæстытæ. Мæ разы-иу февзæрд мæ фыды тызмæгхуыз цæсгом. Æмæ-иу уæд мигътæ сæхи фæйнæрдæм айстой. Æнæхъуаджы адæймаджы зæрдæхудты бацæуын, адæймагæн маст скæнын мæ сæрмæ никуы æрхастон. Нæ дын загътон, мæстджын дзураг у, зæгъгæ. Маст... Æххормаг, æнæхуыссæг дæр уыйбæрц нæ сæт- ты адæймаджы хъару. Æмæ уæдæ хъус, цы маст счындæуыд æмæ мæ хъæусоветы донласæг чи скодта, Муссæ мыл цæй тых- хæй худы, уымæ. Æрмæст дын рагацау зæгъын: æнæныфс, тæн- зæрдæ адæймагыл мæ ма банымай. Уæвгæ... Дæ бар дæхи... Мæнæн мæ зæрдæ цы загъта, уый бакодтон. Бæргæ, иу-фынд- дæс азы раздæр мыл куы æрцыдаид... Дæндагæй дæр бахсыд- таин мæ масты... Зæронд лæгæн йæ цæстытæ туджы разылдысты. Йæ рахиз къухæй кæрдæгыл æнцади æмæ уыцы ныхæсты фæстæ йе ’нгуылдзтæ зæххы арф аныгъуылдысты. — Кæд сæ дзургæ никæмæн кæнын, уæддæр мын Æхсар, æвæццæгæн, мæ хъуыдытæ æмбары. Мæхи хъæбулы хуызæн... Дæуæн сæ дзурын. Дæхи загъдау, хуры тæвдæй сатæгмæ чи лидза, уымæн даргъ таурæгътæн рæстæг цæуылнæ хъуамæ уа!.. Æз, раст зæгъын хъæуы, Асæбе йæ быдыры куыст цæмæн иыууагъта, уымæн бæлвырд ницы зыдтон. Æ]рмæст Дзибоимæ цæуылдæр кæй нæ фидыдтой, уый цалдæр хатты мæ хъустыл æрцыд. Искæмæй хъастгæнгæ йæ никуы федтон. — Уартæ рагъы бынмæ цы фæтæнтæ ис, уыдон уыныс? — йæ рахиз къух кæрдæгыл асæрфта Асæбе æмæ йæ ныхас дард- дæр кодта. — Уыдон нæ звенойы хуымтæ уыдысты. Дæс æмæ дыууиссæдз гектары. Уый размæ азты дæр æвзæр нæ уыдысты нæ хуымтæ. Фæлæ уыцы æндæраз фæззæг, мæнæ тугыл аскъуы- дысты, зæгъгæ, куыд фæзæгъынц, афтæ æрзадысты. Сæ фæл- лойыл цин кодтой зæрæдтæ. Нæ хуымтæ уынынмæ нæм цыды- сты иннæ колхозтæй. Кæд нæ рæдийын, уæд нæм, æнхъæлдæн, Муссæ дæр уыди. Æртыдтам нæ хортæ. Уæрдæттæ нæ фаг код- та æмæ нæ нартхор иу-цалдæр боны хуымты кæритæн фæлæу- 318
уыд. Хъæдырдыгæй йын хъæддаг хуытæй тас уыд æмæ йæ ра- дыгай хъахъхъæдтам. Иу сæумæрайсом кæритыл мæ фæндаг акодтон. Кæсын, æмæ къахыртæ. «Дысон дæр ма æнæхъæн куы уыдысты. Чи сæ аластаид?» — загътон мæхинымæр æмæ уæр- донвæдтæ ссарыны зæрдæйæ кæриты алывæрсты æрзылдтæп. Никуы æмæ ницы, — уæрдонвæдæн йæ кой дæр нæй. Æрмæст нæ сыхаг звенойы хуымтырдæм æртæ раны фæд бахаста. Иуыл дзы ацыдтæн. Кæсын, æмæ æнæтынд хуымы цалдæр кæрийьь Иу-дæс машинæйы дзагæй фылдæр нæ уыдаиккой. — Ау, æмæ йæ уæ хуымтæй уырдæм цæмæн баластæуы- даид? — Æз дæр ыл бирæ фæдис кодтон, Муради. Хъуыддаг фæстæдæр сбæрæг. Цæвиттон, мæ фарсмæ куыста Нартыхътьг Госæмайы звено. Ерысæй дæр ма нæм расидтысты. Госæмаимæ та, æз ахæмтæн цы æмбарын, фæлæ нæ сæрдар лымæн уыди. Лымæн дæр, куыд дзурынц, афтæмæй хуымæтæджы лымæн нæ. Идæдз усы бын бабадти. Цалдæр хатты йæ Госæмайы хæдэарæй рацæугæ дæр фендæуыди. Быдыры куыстæй йын куы ницы рауад, уæд та йæ уæртæ фермæйы балæууын кодта. Кæй- дæр хаст хъуццытæ йын йæ разæй скодта. Хуыцау хорз, ныр ам нал ис, уæлæ горæты кæмдæр пъолтæ мæрзæгæй хафы. Гъе- мæ, сылгоймаджы зæрдæ цæмæй балхæнон, хæрзиуæг ын цы амалæй райсын кæнон, зæгъгæ, йæ мах цæттæ хортæм сардыд- та. Бамбæрстай мæ ныр? Дæ иу дзыппæй исты дав æмæ йæ дæ иннæ дзыппы æмбæхс... Искæй кад дæ цъыф къæхты бын сæу- уæрд æмæ дзы цавæрдæр æдзæсгом сылгоймагæн ном кæн... Зæрæдты бафхæр... Æмæ ноджы хъуыддаг æрмæст нартхоры давдыл куы ахицæн уыдаид. Æ’’з нæ звенойы зæрæдты номæй уæлæ горæты æмбырды дзырд радтон, нæ сæрдар та нæ йæ хæзгулы къабайы бын атъыссынмæ хъавыд. Урсзачъе зæрæд- ты... Хъæуы хистæрты... Муради йæ сæр ныттылдта. Æлгъгæнæгау иуварсырдæм аи- вæй ату кодта, стæй уæд мæстыйæ загъта: — Тæрхондонмæ сæ дæттын хъуыд... — Нæ хъаст районмæ бæргæ схастам, фæлæ йæ мады- фсымæр... Райæххæсткомы сæрдар... Хъуыддаг бамынæг кодта. Æз, дам, сып загътон. Мыггагæн, дам, сæ раластой. Цыма уæд нартхорæн боныгон раласæн нæ уыди, кæнæ дзы мах куы ба- фарстаиккой, уæд се ’взæгтыл цъутхæлттæ рауадаид... Абон дæр ма мæ сæр хойын, нæ хъаст дарддæр кæй нæ фехъусын кодтон, уый тыххæй. Нæ ирон æфсæрмытæ нæ зоныс?.. Иу ми- 319
нæвар, иннæ лæгъстæгæнæг. Цæмæн дæхицæн маст кæныс, зæ- ронд лæг куы дæ, цы фæцардтæ, уымæй ма фылдæр фæцæр- дзынæ, ныхъхъуытты йæ уадз, зæгъгæ, мæ быны бабырыдысты. Топл æхст куы æрцæуы, уæд ма йын ацу æмæ йæ нæмыг агур... — Æмæ ды дæр уыцы бон дæ гæрзтæ æрæвæрдтай... Тæр- гай фæлыгътæ... — Æмæ, Муради, дæумæ уый хъазын кæсы?—тарæрфыгæй йæм бакаст Асæбе. — Ды йæ цæмæй зоныс, изæрæй адæм куыс- тæй куы æрбацæйцæуынц, уæд сæм æз мæ цæсгом равдисын кæй нæ фæуæндын, уый. Уæд та мын исчи дзæбæх ныхас куы загътаид, ныфсытæ мын куы авæрдтаид. Зæронд адæймаг сы- вæллонæй уæлдай нæу... Гъа, кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та рæхуыст, зæгъгæ, нын нæ хуымтыл цæхгæрмæ гутон ауагътой. Æхсар ма уæд службæйы уыди. Хъæдындзы хуымы хуызæн цалдæр азы цы хуымтæм фæзылдыстæм, алы нартхо- ры зæнгыл æртæ-цыппар æфсирæй къаддæркæм нæ зад, адæм уынынмæ кæмæ цыдысты, уым мах дзы фæрсгæ дæр ничи ба- кодта, афтæмæй алы хъылма байтыдтой. Гæрзæхсæны бын æй фæкодтой... Донмарæнæй, къанауæй — сæ фæд дæр сын нал ныууагътой. Æвæццæгæн сæ нæ сæр ницæмæнуал хъуыди, æн- дæр афтæ нæ бакодтаиккой... Гъе, уый дыи мæ хабæрттæ. Хъæусоветы донласæг Къони- аты Асæбейы хабæрттæ... Зæрдæйы хъæдгом буары хъæдгом нæу, Муради. Æрæгмæ дзæбæх кæны. Хосгæнæг ын хос стыр зынтæй ары,— арф ныуулæфыд Асæбе æмæ хъæрзгæйæ сыстад йæ бынатæй. — Цæуын афон у. Уæзбын, рæвдздæр! Дæ дым- джытæ æрбацыбыр кæн. Æз дæумæ дзурын. Хинæйдзаг! Цыма мæ нæ хъусы. Хуы къæрццытæм куы ныхъхъус уа, уыйхъуста куы ныддæ. Цом, зæгъын, науæд нæ хицауæн афонмæ йæ ком ныххус. Стæй, дам, мæнæ тагъд мæрдтæ къуырисæр кæндзы- сты æмæ уæд махæн дæр фенцондæр уыдзæни. Уæд ацы суа- допы дон дæр хъæумæ йæхи къахæй цæуын байдайдзæн. Æр- мæст, Уæзбын, тæрсын, мах уæдмæ куынæуал фæцæрæм, уы- мæй. Ницы кæны, иннæтæй уæлдай дзы мах бон дыууæ нозты уæддæр кæнæм. Фæлæ ма дзы нæ хицауы хуызæн хъæуыхи- цæуттæ бирæ куы фæуа, уæд уыцы къуырисæр тагъд кæй не ’рцæудзæп, уымæй дын ард хæрын. Но-о! Цæй, цомут, — бæхы рохтыл рахæцыд Асæбе æмæ Мурадийырдæм бакаст. — Лæг... Алцæмæн дæр лæг хъæуы. Нæ фыдæлтæ тынг раст загътой: куыст мард у, лæг — æгас... — Муради, Æхсар, уæ фыдæлты хатыр бакæнут æмæ ма 320
мæм иу ныхасмæ байхъусут. Диссагæй дзы ницы ис, фæлæ уын æй уæддæр радзурдзынæн,— Асæбе йæ цъæхснаг уис йæ дæлармы атъыста, рагацау йæ ныхæстыл йæ мидбылты ба- худт. — Хохы ма куы цардыстæм, уæд мын иу сыхаг уыд. Йе ’цæг ном Дзандар хуынд, дзургæ та йæм «Сырдонæй» код- той. Ныхас ракæнынмæ йæ ничи амбылдтаид. Хъазты, чындз- æхсæвы адæм йæ хъæлдзæг ныхæстæм тыппырыхæлдтæ код- той. Гæды митæгæнаг. Кусынмæ та, мæнæ йæ астæуы уæлдай хъултæ ис, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, раст ахæм. Ноджы ма йæм иу миниуæг та ахæм уыд: фынгæй йемæ хай нæ рахаста, уæд йæ хæрд йæ фарсыл нæ бахæцыдаид. Стæй хай дæр хуы- мæтæджы хай нæ, кусартæн йе ’сгуы уарзта. Фынгыл-иу нæма æрбадт, афтæ-иу йæ цæрдæг сау цæстытæ хæринæгты æхсæн рауай-бауай систой. Стæй-иу сгуыйыл йæ цæст кæм фæхæ- цыд, уым-иу фæтъæпæн. Иуахæмы фынгыл мæ комкоммæ бадт фæци. Кæсын, æмæ галы сгуы аивæй йæхирдæм баласта, стъо- лы бын æй амбæхста. Минут дæр нæ рацыд, афтæ мæм йæ цæстытæ ныдздзагъыр кодта, хъазгæйæ мæм дзуры: — Уæллæ-гъи, дæ уд куы схауа, уæддæр дын æй нæ рат- дзынæн! Суадз æй дын зæгъын! — Фæстаг сыкъа дæ нуазын нал хъуыди, Дзандар. Цы мын уæгъд кæнын кæныс? — фæрсын æй æз. — Гъы, гæды хафына, йæхи ницы зонæг куыд скодта! Сгуы суадз! — Ие ’рфгуытæ æддæг-мидæг ауадысты Дзанда- рæн. Стæй стъолы бын йæ сæр фæцавта. Кæсы, æмæ сыхæгты дынджыр куыдз галы сгуыйыл ахæц-ахæц кæны. Уæдæ мын мæ хай куы байса, зæгъгæ, куыдз стъолы бынæй хъырны. Уист, зæгъгæ, ма тыххæйты сфæрæзта Дзандар æмæ æд бандон уæлгоммæ ахауд. Куыдз дæр, æвæджиау галы сгуы йæ дзы- хы, афтæмæй Дзандары сæрты асæррæтт ласта... Муради зæрдиагæй ныххудт. Мæ худын нал баурæдтон æз дæр. — Гъе, уæдæ, афтæ, Муради... Иуæй-иутæ нæм Дзандары хуызæн алы фынгæй дæр сгуытæ хæссын уарзынц. Æмæ фынгтыл сæ фæллойæ исты куы уаид, уæд хæссæнт, хæдзар- мæ хæйттæ дæр дзы кæнæнт... Но-о, Уæзбын! — Асæбе йæ ныхас бæхырдæм аздæхта. — Рæвдздæр!.. Иумæ ма цы дыууæ боны кусæм, уыцы дыууæ боны мæ зæрдæхудты мауал бацу. Мæнæ ма æххæст хортæ æфснайд фæуой. Стæй-иу уæд дæ хицау дæр демæ, афтæмæй дæ кæимæ фæнды, уыимæ кус. Уартæ уыцы рæгътæ уыныс? Æз та дын уым нартхоры хуым- 21 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 321
тæ аскъæрдзынæн, ма тæрс. Мæ фыд мард у, уыйыстæн! Ца- лынмæ ма мæ бон у, уæдмæ сыи æз фенын кæнон, нæ зæх- хыл нартхор куыд зайы, уый. Муссæ æмæ Асæбейæ чи кæцы у, уый уæд кæстæртæ фендзысты... Æрмæст æй æргомæй зæ- гъын: Дзибоимæ ницы бакæндзынæн. Кæд нын дæ зæрды исты ис, уæд нын нæхицæй равзарæнт хицау. Чи нæ бамбара, ахæм хуымæтæг адæймаджы... Ног цъылынау æрмæстдæр райдианы мæрзаг чи уа, ахæм нæ... — йæ фæстаг ныхæстæ бынтон ныл- лæг хъæлæсæй загъта зæронд лæг æмæ бæхы сæрты Муради- мæ бакаст. Муради бæхуæрдонæй чысыл дæрддзæфгомау нæууыл бадт æмæ йæ цырыхъхъытæ кодта. Зæронд лæг, кæд йæ бæ- химæ ныхас кодта, уæддæр йæ хъавд махырдæм кæй уыди, уый хорз æмбæрстам. Æмæ Муради йæ цырыхъхъытæ конд куы фæци, йæ бынатæй куы сыстад, уæд Асæбемæ хæстæг- дæр бацыд. — Кæцы ран исынмæ хъавыс зæххытæ? — цыма каст æр- мæст зæххытæм уыди, уый хуызæн бафарста Муради. — Нырма куы ницыма загътон, уæд мæ куыд тагъд фæ- чындз кодтай? — Мæнæн нæ, фæлæ йæ Уæзбынæн хорз куы бамбарын кодтай. Дæ фыдæй дæр ма куы расомы кодтай. Мæнмæ гæс- гæ, ды дæ бæхæн гæды ныхас нæ зæгъдзынæ, — йæ мидбыл- ты бахудт Муради. — О. Не ’хсæн сусæгдзинадæй ницы ис. Уæлдайдæр æй мæнæ ацы уисы сæр куы бахъæуы, уæд. Хъæугæ та йæ арæх бакæны. Нæ фæлæ мæ куыд ракъахтай. Уæдæ ма сæ æз дæр хуыздæр кæмæн радзурон? Стæй сæ æмбæхстæй дæр цас хъуамæ фæдардтаин? Нæ алыварс судзгæ куы кæны бæстæ. Нæ хъуыддæгтæй нæ хъуырмæ куы стæм... — Хъуыддæгтæ бирæ, — хъæуырдæм йе ’ргом аздæхта Муради æмæ уый дæр арф ныуулæфыд. — Æ^мæст сыл иумæ, уæхскуæзæй схæцын хъæуы. — Уый бæгуыдæр афтæ у. Уæхскуæзæй. Иумæ. Иугай атъæппытæй дзы ницы рауайдзæн. Муради, амонын дын нæ хъæуы. Дæхæдæг сæ мæнæй хуыздæр зоныс. Кæдмæ афтæ æгуыдзæг хъуамæ уæм? Кусын нал зонæм, æви нæ быдыртæ сæ дарæн аивтой? Нæ, мæ фыд цы мæрдты ис, уыцы мæрдты- стæн, зонæм! Рæвдз фæлæуут æмæ мах дæр уæ фарсмæ ба- лæудзыстæм. Мæ фыдыстæн, лæджы хуызæн лæгтæй!—уи- сæй бæхмæ февзыста, афтæмæй загъта Асæбе. Стæй уæззау 322
къахдзæфтæй уæрдоны фæдыл араст. Иæ ныллæг, фæтæнтæ гуыр зынтæй хаста. Йæ фæдыл рараст стæм мах дæр. — Муссæ æмæ Асæбейæ чи кæцы у, уый кæстæртæ фен- дзысты!—зæронд лæджы ныхæстæ мæ хъусы зыланг кодтой. Æмæ уыцы ныхæстæ уæгъды загъд кæй нæ уыдысты, ууыл дызæрдыг нæ кодтон. — Бузныг, Асæбе. Раст сты дæ ныхæстæ. Уæлдай бузныг та, кæрæдзи кæй бамбæрстам, уымæй, — уæрдонвæндагмæ куы рахызтыстæм æмæ хъæуырдæм куы фæуырдыг кодта, уæд зæронд лæгæн арфæ ракодта Муради. — Мæхицæн дæр цыма фенцондæр... Уæддæр дæм мæхæ- дæг цæуинаг уыдтæн. Æгайтма сæмбæлдыстæм, — цавæрдæр æхсызгон хъæлæсæй дзуапп радта Асæбе, æмæ та ногæй уи- сæй февзыста йæ бæхмæ. Изæрдалынгтæ сæхи ныллæг æруагътой быдыртыл, хъæ- уыл. Сæрдыгон сыгъдæг арвыл ссыгъдысты иугай стъалытæ... 3. Мах дæр мугæйы цъæрттæ не ’стæм. Суадоны рæсуг дон, изæры сыгъдæг уддзæф æмæ Асæбейы ныхæсты фæстæ мæ боны фæллад кæдæмдæр фæлыгъд. Скъо- ламæ хæстæг, уынджы фæзилæны, зæронд лæгæн «хæрзæх- сæв» загътам. Хъæу йæ фыццаг фынты агъоммæйы рæдзæ-мæдзæ кодта. Дæллаг сыхырдыгæй уддзæф хаста Асæбейы уæрдоны цæл- хыты сæртæг уынæр. Уынджы ма ранæй-рагтты адæм къорд- гæйттæй бадтысты. Мæй нæма скаст. — Æххæст ма Мамсыры дæр куы федтаиккам. Райсом мæ куынæуал равдæла, — загъта Муради. — Куыд дæм кæсы, Мамсырыл цæуæм? — Цом. Боны йæ куынæ ссарæм,— дзуапп радтон æз. Дуканийы дуармæ никæй баййæфтам. Уынджы тигъæй ацырдæм куы фæзылдыстæм, уæддæр ма бæлæсты бын дыу- уæрдæм кодта кæйдæр сауæндæрг. Фæлæ цалынмæ дуканийы цурмæ бахæццæ стæм, уæдмæ цыдæр æрбаци. Æрмæст дуканийы дуармæ, электронцырагъы бынмæ къулæнцой лæууыди Мамсыры къуызыртæ цым лæ- дзæг/ '^'’Ч ’ V ’ « ■ : • — 323
— Иæ лæдзæг ам кæм ис, уым йæхæдæг дæр хъуамæ дард ма уа,— ныллæг хъæлæсæй загъта Муради æмæ йæ цæмæй æхсæвгæс фехъуыстаид, уый тыххæй æнæбары хъæрæй схуыфыд. Исдугмæ дзуапп ничи радта. Стæй дуканийы кæртæй къæхты хъæр райхъуыст. Æнæбары хуыфт. Иæ хæдфæстæ кауы сæрæй фæзынд Мамсыры уæлдзармхуды цъупп. — Чи стут?.. Кæцытæ стут?.. — кауы сæрæй уырдыгмæ иу- æхстон æрзынд, афтæмæй бæзджын хъæлæсæй бафарста Мамсыр. — Хицонтæ. Дæ хæцæнгарз дуканийы дуармæ куы ныу- уагътай, уæд ма дын уый та циу? — хъазгæмхасæн загъта Муради.—Салдатæн-иу уый тыххæй стыр уайдзæфтæ кодтой. Æвæццæгæн, салдат никуы уыдтæ. — Салдат уыдтæн, цы уыдтæн, уый дæ хæдзары уынаффæ нæу. Хъæугæ, уæ цы кæны, зæгъын? Ацафон дуканийы алы- варс цы лекка кæнут? Уæхи иуварс айсут дуканийæ... Сал- дат!.. Сымах хуызæн салдæттæ бирæ ауад ацы дуканийы рæзты. Топпы хæтæл базмæлыд. — Дзæбæх нæ хъавыс, Мамсыр. Дæ иуæхстон махырдæм нæ, фæлæ иуварсырдæм арæзт у. — Иу хатт ма уын æй зæгъын: уæхи иуварс айсут дука- нийæ! — ноджы мæстыгæрдæрæй загъта Мамсыр. — Куы фæивгъуийай, уымæй нæ тæрсыс? Æгас хъæуыл дæ худинаджы хъæр айхъуысдзæн... — Æз дзæгъæл гæрæхтыл ахуыр нæ дæн. Фæлæ куы бахъæуа, уæд мæ хъæстагæй ничи баззайдзæн. Цы уæ хъæуы, зæгъын, æмбисæхсæв? — æхсæвгæсы ныхæстæ баиу сты иу- æхстоны шампалы уынæримæ. «Куы ныл æй ныффæздæг кæна, миййаг»,— мæхинымæр загътон æз æмæ бæласырдæм акъахдзæф кодтон. — Дæ иуæхстонæй нæ цы суттылытæ кодтай, уый бæрæг дын нæй, Мамсыр? Уынгмæ ма рахиз, демæ нæ ныхас и. — Ныхасæн дæр афон и. Æви бон куынæуал скæна, уы- мæй тæрсут? — Æхсар дæн, Мамсыр... Рахиз-ма. Мемæ уаз- æг и... — Уазæг, зæгъыс? Æмæ уазæджы мæ сæр цæмæн ба- хъуыд æмбисæхсæв? — фæлмæндæр хъæлæсæй загъта Мамсыр æмæ йæ иуæхстон кауæй æриста, афтæмæй кулдуарæй 324
рахызт. — Æмæ уæдæ демæ уазæг ис, зæгъыс? Æнафоны уа- зæг... Æнæфысым уазæг... — Уазæгмæ топпы кæсæнæй кæм кæсынц, уым фысым æн- цон ссарæн у, æнхъæлыс? — йæ мидбылты бахудт Муради. — Æнафоны дуканимæ чи фæбырсы, уымæ æрмæст топпы кæсæнæй нæ фæкæсынц, фæлæ йæ гæрах дæр акæнынц. О-о!.. Æхсар куы дæ уый! Хатыр. Ды та кæцы дæ? Уæ амонд уыд, æмæ зæды хуызæн хъалагъурыл сæмбæлдыстут. Гъеныр, æгас цæут! Бахатыр кæнут, нæ уæ базыдтон. Цыдæр къулбадджы- ты хуызæн мæм фæкастыстут талынджы... — Къулбадæг... Абырæг... Каст ма æрмæстдæр топп ныц- цæвынмæ уыди,— Мамсыры дæрзæг, куыстæфхæлд къухыл хæцгæйæ, загъта Муради. Мамсыр Мурадийæн ахæм ныхæстæ кæй кодта, уымæй ныфсæрмы дæн. — Иу-цалдæр къулбадæджы нæм ис. Дардæй бакæсгæйæ зæды къалиутæ, æнæуи та лæгæн йæ дыууæ цæсты астæуæй йæ фындз фелвасдзысты... Уæлдайдæр, мæн хуызæн лæг цæс- тæй хорз куынæуал вæййы, уæд. Ницы куыстыл хæст сты æмæ сæ хуыцау фыдуаг митыл скодта. Хæрæджыйас лæгтæ уынгты ралли-балли кæнынц... Худинаг дæр сæм ницы кæ- сы, — йæхи растгæнæгау загъта Мамсыр, стæй, йæ лæдзæг кæм æвæрд уыд, уырдæм бацыд æмæ дуканийы дуармæ ду- рыл йæхи уæззаугай æруагъта. — Куыд кæсын, афтæмæй дæ тынг хъыгдарынц, æндæр сæм мæсты нæ уаис. Макæ сын цæуылнæ зæгъут? — зæронд лæджы фарсмæ æрбадт, æфтæмæй дзуапп радта Муради. — Раст зæгъын хъæуы, лæппутæй æвзæр лæппутæ не ’сты. Æрмæст сæ куыстыл фæцалх хъæуы. Æниу ма дæуæн цæт- тæйæ уæд... Сæ хæрд сæ бар, сæ дарæс иннæ ахæм. Куыстыл сæничи домы.Æмæ уый, мæнмæгæсгæ, раст нæу, уазæг. Бæл- лæх уый у, æмæ уыцы иугай къулбадджытæ иннæты дæр кæй халынц. Æхсар, дæуæн дæр мæнæ уазæджы раз уайдзæф кæ- нын. Дæхæдæг хорз кусыс. Фæсивæды дæр хорз сызмæлын кодтай. Æрмæст ма уыцы иугай къулбадджытæ... Фæкæсут сæм, гормæттæ. Уæ хъус сæм фæдарут. Нæ уынут, хъæу бо- нæй-бон фыддæрмæ кæй цæуы, уый? Фæсивæд алырдæм кæй лидзынц, уый? Æмæ хъæу кæй у? Иннæ ахæм колхоз? Фæси- вæды. Цæуылнæ, мах зæрæдтæ стæм æмæ кусдзыстæм. Ам райгуырдыстæм, ам фæцардыстæм. Хорз дæр федтам, зынтæ дæр бавзæрстам. Сахуыр стæм алцæуыл дæр. Муради, хатыр 325
бакæн, ды нын нæ хъуыддæгтæм, чи зоны, уыйбæрц дæсны нæ дæ. Нæ фæсивæдæй иуæй-иутæ тынг фæкæсинаг сты. Дзæбæх ныхасæй сын бауарзын кæнын хъæуы зæххы куыст. Науæд иу- гай-дыгай хъæуæй лидзынц. Чи Садонмæ, чи горæтмæ. Уым адæм нæ хъæуы, зæгъгæ, нæ зæгъын. Хъæуы. Фæлæ уын мах дæр кæдмæ фаг суыдзыстæм?.. Раст зæгъын хъæуы, худæн дæр сыл нæй. Фæсивæдæй зæгъын. Иунæг клубы хæррæгъ ма сын уыди æмæ уымæй дæр нæ хицауад хордон скодтой. Сæрд-сæрды дæргъы та дзы кол- хозы карчы цъиутæ вæййынц. Фæсивæд нæ, карчы цъиутæ... Æмæ ма дзы хор дæр куы уаид, цыдæр фæлхæрттæ. Дунейы- ардыстæн, æз Дзибойæн уыдонæй куы уаин, уæд уыцы клу- бæн йæ дуæрттæ ныссæттин. Уæд та, гормæттæ, цъиутæн ис- куы кæркдон саразут. Уымæн дæр та агуыридур хъæуы? Уис- мæ уæ дардмæ цæуын куынæ хъæуы, хъæды бын куы стæм. Кæд уæ бон нæу, уæд та махæн — зæрæдтæн зæгъут. Цыма куыддæр æлхъывд стут, афтæ мæм кæсы... Раст уыд Мамсыр. Иæ ныхæстæм мæ сурхид акалд. Мура- димæ бакæсын дæр нал уæпдыдтæн. Ноджыма уый дæр Мам- сыры ныхæстыл бафтыдта: — Айразмæ уын куы загътон, клуб асыгъдæг кæнут, зæгъ- гæ. Цæмæн ма йæ ныууагътат? — Дзибо нын абон-райсом кæны... — Æнхъæлдæн æмæ Дзибойæ уæхæдæг паддзах сарæзтат. Сæрæндæр уæвын хъæуы, Æхсар, — мæ ныхас мын æрдæгыл аскъуыдта Муради. Мамсыр, цыма йæ ныхас ардыды хуызæн кæй рауад, ууыл фæсмон фæкодта, уый хуызæн Мурадийы- рдæм фæци: — Хабæрттæ кæн, Муради. Æхсар уыйбæрц аххосджын нæу. Аххосджын чи у, уый дæхæдæг бамбардзынæ... — Колхоз иу лæджы колхоз нæу, Мамсыр. Дзибойы раз тæрхъустау нæ хуынчъыты куы бамбæхсæм, уæд уый расту? — Нæу, Муради. Фæлæ иуæй-иу адæймæгтæ дзургæ куыд рæсугъд кæнынц, сæ хъуыддæгтæ афтæ рæсугъд не ’сты,— йæ лæдзæджы фындзæй рыг азмæста, афтæмæй дзуапп радта Мамсыр æмæ йæ худы бынты Мурадимæ бакаст. Муради ницыуал загъта. Мамсыр лæдзæджы фындзмæ ныккаст æмæ исдугмæ æртæйæ дæр æнæ исты дзургæйæ баз- задыстæм. Нæ сæрмæ зæронд сусхъæд бæласы сыфтæртæй дымгæ хъазыд. 326
— Æмæ ма уæдæ æндæр цы хабæрттæ ис, Муради? — æрæджиау бафарста Мамсыр. — Мæнæ Æхсаримæ абондæргъы быдырты фæзылдыстæм. Уый дын иу хабар. Суадоны былæй ардæм Асæбеимæ дзæбæх фæныхæстæ кодтам. Уый та дын дыккаг хабар. Дæуыл нæ фæндаг ракодтам. Уый дын æртыккаг,—дзуапп радта Мура- ди æмæ йæ халас сæрыхъуынтыл йæ арм схаста. — Дон ласынмæ та уыди Асæбе?.. — Дон ласынмæ. Цалынмæ суадонæй хъæумæ цыдыстæм, уæдмæ Майрæмæн йæ хъуын дзæбæх ацагъта. — Афтæ йын хъуыд Майрæмæн. Зæрондæй цумайы лæ- дзæг сарæзта, — арф ныуулæфыд Мамсыр æмæ, цыма сыс- тынмæ хъавыд, уыйхуызæн йæ мидбынат базмæлыд, йæ пал- тойы дымджытæ æрбамбырд кодта, йæ зæнджы бын сæ атъыста æмæ зæхмæ æдзынæг кæсгæ баззад. Иубон та, мæ- гуыр, йæ уæрдон мæнæ хъæусоветы размæ цъымарайы нын- ныхст. Уарын æй æрцахста. Хъæр кæны. Бæхы æлгъиты. Май- рæмæн дæр мард-æгас нал ныууагъта. Хуыцау хорз, уыцы сахат колхозы машинæ кæцæйдæр æрцæйцыд æмæ йæ уый сласта. Цъыфæйдзæгтæй, йæ бæхы гузитæ куыд æвæрдта, афтæмæй йæ шофыр дзæбæх алхыскъ кодта: — Иннæ хатт-иу дзы Майрæмы сифтындз. ^уæд, суадоны дон цы ад кæны, уый дзæбæхдæр базондзæн. Лæппу йæ машинæ фезмæлын кодта æмæ афардæг. Асæбе ма йæ фырмæстæй цы загътаид, уымæн ницыуал базыдта æмæ йæ маст йæ бинаг былыл акалдта — тугæрхæмттæ йæ скодта. Стæй йæ бæхыл ралæууыд æмæ донластæй хъæусове- ты кæрты смидæг. Æз дæр уыцы сахат хъæусоветы уыдтæн. Лæппуты тыххæй мæ цыдæр гæххæтт хъуыди æмæ мæ уым уарын æрцахста. — Хæрæг дæр хæрæг æмæ æз дæр хæрæг! Дæ хицауы мæрд- тыл!.. — богътæ систа Асæбе. Тыргътæм рацыдтæн. Кæсын, æмæ ме ’рдхорд. Бæхæй, лæ- гæй, уæрдонæй цъыфæй нал зынынц. Байриай, зæгъын, Асæ- бе. Уый мæм фæстæмæ фæзылд æмæ уыцы тæвдæй загъта: — йæ хæдзарæй ма байрайæд, мæнæн ацы фыдæбæттæ чи æв- зарын кæны!.. Уый æрæджы уыди. Иу мæй дæр ыл нæма цæ- уы. Афтæмæй йæм ныр кæсыс, иннæрдæм куыд афæлдæхт. йæхи кæлæхы галау куыд аскъæрдта. Йæ хицауы зæд куыд фестын кодта. Цыма, цы маргъы мыггаг у, уый мах нæ зо- нæм. Уæ кæрæдзи амæттаг уæ, зæгъ, хуыцау фæкæнæд! 327
Зæронд лæг зæххыл нал хæцыд. Иæ къуызыртæ лæдзæ- джы фындз хъæбæр зæххы фæныгъуыл-фæныгъуыл кодта, йæ халас боцъо, мæнæуы уæззау æфсиртæ дымгæмæ куы ратас- батас кæной, афтæ змæлыди. Йе ’рфгуыты бынты-иу аивæй бакаст Мурадимæ, уæдæ уый та цы зæгъдзæн, зæгъгæ. Фæлæ Муради ницы дзырдта. Зæронд лæг ын йæ ныхас раст кæй нæ бамбæрста, уымæ гæсгæ дыууæ æрдхордæн сæ мыды къæм кæй бахауд, уый йæм хорз нæ фæкаст. Ноджы Мамсыр æгæр- æгæр куы кодта, Асæбейы мæрдты хурмæ æгæр куы калдта, уæд йæхи нал баурæдта: — Раст мæ нæ бамбæрстай, Мамсыр. Æз Асæбейæ тынг фæбузныг дæн ацы изæр. Дæумæ дæр уый ныфсæй æрбацыды- стæм. — Фыдхъус хæдзархал, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ фæ- зæгъынц. Æз та, зæгъын, кæд Майрæмæй æцæг æппæлы, æмæ гæркъæраг фестадтæн. — Райсом Майрæмæн йæ бæх кæртæй баскъæрынмæ хъа- вы. Звено та аразы. Стæй, мæнæ ныртæккæ цы хиды кой кодтай, уымæй дæр афтæ: райсом, дам, Майрæмæн йæ уд дой- ныйæ куы схауа, уæддæр суадонмæ нал ацæудзынæн. Зæрæд- тимæ нын хидæн æнæ саразгæ нæй. — Æмæ нын æцæг худинаг дæр у. Цастæ йын хъæуы? Хид йедтæмæ ма исты у? — загъта Мамсыр æмæ къахæгау ба- фарста: — Дзæбæх дæ нæ бамбæрстон. Йæ бæх куыд ныууадзын- мæ хъавы Асæбе? Муради комкоммæ загъта йæ ныхас: — Асæбейы æнæхъуаджы бафхæрдтой. Фæлæ йæхæдæг дæр лæмæгъ разынди. — Иæхæдæг? Æмæ уæдæ цы хъуамæ бакодтаид зæронд лæг? Иæ фыртты цот — даринæгтæ. Æхсæв, бон нæ зыдта... Æмæ афтæмæй адæймаджы зæрдæ скъах, бафхæр æй. — Зæ- ронд лæг йæ уæлдзармхуд бæрзонддæр систа, Мурадимæ ба- каст. — Муради, мæ хур, адæймаджы зæрдæ тæссонду. Иæ фæриссын кæнынæн бирæ нæ хъæуы. Иугæр æй фæриссын кодтай, уæд æрæгмæ æнцайы йæ рыст. Асæбе дæр афтæ. Иу кæйдæр тыххæй йæ зæрдæйы хæрамдзинад сæвзæрд æмæ, хуыцауæй разы, æгайтма ныр йæ хъæдгом байгас. Ехх, Асæ- бе, Асæбе!.. — йæ ныхасы кæрон даргъ аивæзта Мамсыр. — Уæдæ та звено аразы, зæгъыс? — Уæ быдырты кад фæстæмæ раздахын ис йæ зæрды. Кæ- 328
мæндæрты сæ фындзтæ амæрэынмæ хъавы, — дзуапп радта Муради. — Ома, кæмæн? Махæн? Ау, æртхъирæн кæмæ кæны, уы- дон мугæйы цъæрттæ сты? Ацы зæххыл не ’схъомыл сты? Æви нæ кусын Асæбе сахуыр кодта?— мæстыйæ загъта Мам- сыр. Уæдмæ мæй гæдыбæлæсты цъуппытæй йæ был сдардта. Мæй- рухсы нарæг уадздзæгтæ змæлыдысты Мамсыры къæхты бын. Зæронд лæг та йæ лæдзæджы фындзæй зæхх азмæста, стæй мæймæ скасти. Æхсызгонæй ныуулæфыд. Мамсыр ныртæккæ ныхас иннæрдæм кæй аздахдзæн, уый зыдтам. Уæзбын зонд у, — ахæмæй йæ амыдтой Мурадийæн хъæуы цæрджытæ. Хъуыддаджы бацæуыны размæ йыл хъуа- мæ бирæ фæхъуыды кæна. Стæй йæ иугæр йæ зæрдæмæ рай- ста, уæд йæхиуыл нæ бацауæрддзæн. Æмæ, раст зæгъын хъæуы, Мамсыр колхозмæ фæстæмæ раздæхыны тыххæй уы- цы æхсæв дзуапп радтаид, уымæ не’нхъæлмæ кастыстæм. — Асæбейæн Муссæйы кой куы скодтон, уæд бынтон зæх- хыл нал хæцыд, — йæ рыгæйдзаг цырыхъхъыты хъустыл бын- мæ æрхæцыд, афтæмæй загъта Муради. — Уæртæ Къутæрты Муссæйы кой? Æмæ уæм уый кой та цæмæн рауад? — хынцфарст акодта Мамсыр. — Асæбе донласæгæй кæй кусы, уый йын тынг хъыг у,— дзуапп радта Муради æмæ мæйрухсы тынтæ зæронды тæнæг боцъотыл куыд тыбар-тыбур кодтой, уымæ кæсгæйæ, йæ ны- хас дарддæр кодта. — Ды дæр дзы нæ ферох дæ... Дæуыл дæр хорз абырыд... — Мæныл? — цыма Мурадийы ныхас нæ бамбæрста, уый- хуызæн йæ сæр ныттылдта Мамсыр. — Мæныл Къутæрты Муссæ?.. Ничи йæм кæсы, дæ хорзæхæй. Цыма Хъарсы фидар басаста. Уæллæй, Муради, кæд дзы æнæ дзургæ нал ис, уæд мах цур йæ рыг дæр никуыцæй зынди Муссæйæн. Асæбейы хуызæн-иу дын æмбырдты хицауады фарсмæ куынæ æрбадти. Куы йæ фенай, уæд ма-иу æй бафæрс, Мамсыр та дæ, зæгъ, йæ хуымы куыд æрцахста. Не’нæзонгæ Муссæ куынæ у, мий- йаг. Цæуылнæ, æдзæрæг бæсты хатгай рувас дæр вæййы æл- дар... — Цæмæн афтæ зæгъыс, Мамсыр? Муссæ нымад лæг у. Кусæг лæг. Быдыры куыст уарзы æмæ йыл йæ зæрдæ нæ ивы. — Нымады тыххæй ницы зæгъын. Фæлæ... Искæйы фыд- гой кæнын нымад лæджы нысан нæу. Мах дæр ын йæ хъуыд- 329
дæгтæм нæ хъус дарæм, æмæ цыма йæхицæй æгæр æп- пæлы. — Æвæццæгæн, цæмæй раппæла, уый йæм ис. Уый дæр хорз, Мамсыр, фæлæ дæхуымы цы ми кодта, куыд æй æрцах- стай? Асæбейы давджыты хуызæн ма разынæд? — йæ мид- былты хин худт бакодта Муради. — Нæ. Муссæ ахæм лæг нæу æмæ искæй кадмæ чи фæны- хила. Нæ сыхаг куыд у,уымæ гæсгæ кæрæдзиимæ хорз фæцар- дыстæм. Районы дæр нæ зыдтой. Раст зæгъын хъæуы, йæ хуымтæ æвзæр никуы уыдысты. Æрмæст, кæрæдзимæ ерысæй цы аз фæсидтыстæм, уыцы аз фæсте аззад. Дыккаг аз дæр афтæ. Æцæг нæ йæ разæй хорз скъуымбил кодта. Æз нæхи зве- нойæ зæгъын. Ауызбийы звено! Уыимæ æнцонтыл дзурæн нæ уыди. Дæхæдæг дæр æй фехъуыстаис, æгас Ирыстоны дæр æй зыдтой. Асæбейæн йæ фыдцъылысмæ ма кæс. Тынг фыдуаг у кусынмæ. Стæй, æвæццæгæн, зæххæн йæ сусæгдзинæдтæ йæхи бинонты цардæй хуыздæр зоны. Раст зæгъын хъæуы, махмæ дæр-иу фæкаст. Фæлæ нæ йæ разæй никуы ауагъта. Ныхас дардыл цæуы, фæлæ иухатт сихæрттыл хуымы кæ- рæтты фæцæйцыдтæн. Кæсын, æмæ иуран нартхæрттæ змæ- лынц. Кæд та, зæгъын, уыцы æнæрай фæуинаджы хъомтæй исчи хуыммæ баирвæзт, зæгъгæ, мæхи уыцырдæм байстон. Цæй хъомтæ ’мæ цæй æндæр... Муссæ разынд. Байрпай, зæгъын, Муссæ. Нырма хъуыдыды куы нæма бæззы, уæд нæм куыд тагъд фæзындтæ? Иу-фондз боны фæстæ, зæгъын, табуафси... — Дæ хъуыдыдыйы мæтæй мæлын. Мæнæ дын дæ хуым- тæ уыпынмæ æрбацыдтæн, — дзуапп радта Муссæ æмæ йæ армы цæугæ дæр чи нæ кодта, ахæм æфсир асгæрста.— Æв- зæр не ’сты... — Æвзæр хъуамæ ма" уой. Асæбейы хуымтæ нæ федтай?— бафарстон æй æз. — Федтон, — нартхоры æфсиртыл йæ цæстæнгас ахæс- гæйæ æмæ сусæг улæфт ныккæнгæйæ, дзуапп радта Муссæ. — Уыцы зæронд хæйрæг сын цыдæр хинтæ зоны. Иарæбын, уæ- дæ сæм мах дæр æхсæвæй-бонæй зилæм... Æвæццæгæн, сыма- хæн уæ зæххытæ дæр хуыздæр сты. Муссæ йæ къæхты бынмæ æркаст. Дзабыры фындзæй хæм- пус зæхх асгæрста. — Æмæ адæмæн æмбисонд сымах зæххытæ куы сты. Дон уæ фарсмæ. Хъæд хæстæг... — Æвзæр сты, зæгъгæ, куынæ зæгъын. Фæлæ уæддæр...— 330
йæ хъуыды кæронмæ нал загъта Муссæ. Уæззау къахдзæфтæй араст мæ разæй. Иæ хуымтæ йын мæхæдæг нæ федтон, фæлæ сæ хонгæ хорз кодтой. Хи ’ппæлынæн ма раджы уыди, æмæ йын цы дзуапп р’аттын хъуыд, уымæн ницы зыдтон. Стæй уыцы аз тыпг зæр- диагæй куыстой Муссæйы зæрæдтæ. Нæ къам нын газеты рауагътой. Муссæ æз æмæ Асæбейы æхсæн лæууыд, йæ къухы дынджыр нартхоры æфсир. Цыма мæ хæйрæг мæ быны бабадт, уыйау ын районы æмбырды хъазгæйæ йæ хъусы куы бацæгъдин: — Ауалдзæджы уыцы нартхоры æфсиры алы фарс хуы- мæтæджы нæ рауай-бауай кодтай. Æвæццæгæп дын дæ къам исдзысты, уый зыдтай æмæ йæ дæхирдæм фæбырын кодтай... •— Куыд? — йæ цæсгом туджы рафыхт Муссæйæн.—Æз?.. Дæ хуымæй? Æз дын лæг æнхъæл куы уыдтæн, ды та... Уымæй размæ дæр кæрæдзийæн хъазæн ныхасгæнаг уы- дыстæм. Ацы хатт мын уайдзæфы хуызæн кæй рауад, уый бæргæ бамбæрстон, фæлæ ма йын цы мæ бон уыди? Цы нæ йын фæкодтон, куыд ын нæ фæлæгъстæ кодтон — йæ масты дзæкъул нал райхæлдта. Зæгъын, афтæмæй йæ куыд ныу- уадзон, æмæ йыл Асæбейы бацардыдтон. Уый йæ тыхтæ- амæлттæй æртасын кодта. Стæй æмбырды фæстæ нæхиуыл рацыдыстæм. Не ’фсины гогызтæн ын сæ тæккæ хуыздæр аха- уын кодтон. Бафидыдтам. Иуафон сыкъа систа æмæ Асæбемæ дзуры: — Уæдæ бафидыдтам, нæ? — Иарæбын, кæд ма исты зонын, уæд бафидыдтат, — мæ бæсты дзуапп радта Асæбе. Муссæ йе ’ргом мæнырдæм раздæхта: — Хуыцауыстæн, Мамсыр, ды дæр, Асæбе дæр мæ зæрдæ- худты бацæуат, уый мæ нæ бауырндзæи. Замманай æфсон нын ис... Мыггагмæ мах нæ цæрдзыстæм. Æртæ зæронды. Æр- тæ æрдхорды. Мах чи нымайы, уыдонæн сæ цæрæнбон бирæ. Цыбырныхасæй, ныртæккæ ардыгæй мæ тæккæ хæдзармæ куынæ рацæуат, уæд фидыд нæ, фæлæ уæм мæ дзыхæй дæр нал сдзурдзынæн. Нæ зæронды дæр фенут. Хуыцауыстæн, æмбырды хабæрттæ йын ракæнут, æндæр йе ’вæрæнтæй фæс- те ницыуал ныууадздзæн... Исдугмæ нæ разы кодтам. Уæлдайдæр Асæбе. — Ау, æз дæр хæдзар куы дæн... Уæдæмæ уал махмæ цо- мут, стæй уæд бæрæг уыдзæни, — ныффæрск Асæбе. 331
— Асæбе, бахатыр кæн, фæлæ æз раздæр загътон. Стæй уазæг дæн æмæ мын уыцы хатыр бакæнут уæ дыууæ дæр, — къæрттæй цъула не ’ппæрста Муссæ. Сразы стæм. Изæрдалынгты Муссæты хæдзары балæууыды- стæм. Сымах дæр ма немæ куы фæуыдаиккат, — ахæм тохъ- хъыл нын ахауын кодта, ахæм, æмæ йæ нард раст дыууæ æн- гуылдзы бæзнæн уыди. Æхсæв-бонмæ махмæ бакæсын: стыр хуыцауæй райдыдтам æмæ ма суанг Муссæйæн йæ фыды- фыды рухсаг дæр расидтыстæм. Нæ лæппуйы бонтæ æрæмы- сыдыстæм. Фæминас кодтам. Стæй уæд боныцъæхты уастыр- джийы зарæггæнгæ æрбафардæг стæм. Гъе, афтæ хæларæй фæцардыстæм Муссæимæ. Æмæ, æвæццæгæн, иу хъуыддагæй раст дæр у... Мамсыр йæ хъуыды кæронмæ нал ахæццæ кодта. Иæ бы- катæй сыстад. Ие 'уæнгтæ айвæзта æмæ хатыр курæгау загъта: — Кæрчытæ уасынц. Æз та уæ ныхæстьтл дарын. Фæл- ладæй... — Ницы кæны. Æрмæст, раст зæгъын хъæуы, ахæм мæй- рухс æхсæв Муссæйы нард тохъхъылы коймæ хъусын бынтон æнцон хъуыддаг нæу,— йæ мидбылты бахудт Муради æмæ уый дæр йæ бынатæй сыстад. — Муссæйы куы фенай, уæд-иу ын зæгъ, Мамсыр дын, зæгъ, дæ уайдзæфты фæстæ тохъхъылыл нал сразы уыдзген. Гал, зæгъ, цæттæ кæн. Теуайы хæссинаг, зæгъ, уыйбæрц ма баруайæд, Муссæ, æмæ дзы хæрæджы уаргъ куыннæуал баз- зайа, — йæ лæдзæг йæ дæларм атъыста, йæ палтойы тæрттæ æрбамбырдтæ кодта, афтæмæй загъта Мамсыр. —Асæбе уын ницы загъта? Ауылты рацæуинаг нæ уыди? — Нæ, ахæмæй нын ницы загъта. Райсом æй фендзынæ... — Ахсæв мæ хъуыди... — Райсом хъæусоветыл дæ фæндаг акæн æмæ йæ уым бай- йафдзынæ. Иæ бæх цалынмæ дæтта, уæдмæ... Æрмæст хъахъ- хъæн, Майрæм æнæ донласæгæй нæ бафæраздзæн, дæ куыс- тæй дæ ма фелвасын кæнæд... — Æмæ мæ уæд мæ хæдзары бадын ничи уадзы? Йæ фы- дæн дæр мæ хуызæн донласджытæ уыди?.. Стæй Асæбе йæ сæрмæ кæм нал хæссы, уым Мамсыр, бырæтты чи рахау-ба- хау кæны, ахæм Мамсыр у? Нæ, мæ фыдыстæн. Ома, дука- нийы дуармæ лæууын æмæ мæ къамтæ бынтондæр æрæвæрд- тон? Нæ! Мамсыр нырма Мамсыр у!.. 332
— Асæбемæ куы байхъусис. Уый дæр изæры раст афтæ дзырдта. Æмæ йыл, æнæгæды ныхас, æз æууæндын. — О-о, æууæндын хъæуы. Уæлдайдæр кусæг лæгыл. Уæл- лæ-гъи, Муради, хорз бакодтат, кæд уын цыфæнды зын уыди, уæддæр ауылты уæ фæндаг кæй ракодтат, уымæй. Афтæ-иу зæрæдты дæр абæрæг кæнут. Нырма нын былæй æппарынмæ раджыу. Мамсырæн «хæрзæхсæв» загътам æмæ рацыдыстæм. 1 Нæ хъæу йæ фыццаг фынтыл уыд. Раздæрау уасджытæ уасыдысты. Цыма ныхас бакодтой, уыйхуызæн кæрæдзи дзы- хæй скъæфтой «хъихъыри-хъу»... Дымгæ хъазыд Мурадийы сæрыхъуынтæй. Къанауы дон сусæг хъуыр-хъуыр кодта. Мæйы рухсмæ тæмæнтæ калдтой хæхты урс цъуппытæ. Хъæусоветмæ фæзилæны тигъæй æрба- зынд иу сауæндæрг. Дуканийырдæм тагъд кодта. Мурадиимæ акаци бæласы бын æрлæууыдыстæм. Чи у, кæдæм тындзы ацы æнафон, зæгъгæ, æдзынæг ныккастыстæм сауæндæргмæ. Йæ лæдзæг йæ къухы, афтæмæй тагъд-тагъд сивгъуыдта уын- джы фаллаг фæрсты Асæбе. Дуканийы раз æрлæууыд. Мура- ди мæм йæ мидбылты бахудт æмæ загъта: — Гъе ныр дæ гуырæй райгæ у, Муссæ!.. Де ’рдхæрдты хуыссæг нал ахсы. Уæйгуытæ райхъал сты, Æхсар... 4. Мæй мигъты скъуыдтæй каст... Дуканийæ Дудуты уынджы тигъмæ иу ныхас дæр не ’скод- та Муради. Йæ къухтæ йæ синтыл дзуарæвæрд, афтæмæй мæ рахиз фарс цыди æмæ-иу хатгай уæззау ныуулæфыд. Мæсты уыд. Иæхимидæг цæуылдæр хъуырдухæн кодта. Цыма йæ къахдзæфтæ нымадта, кæнæ искуы дзыхъхъы куы ныххауа, уымæй тарст, уыйхуызæн бынмæ кæсгæ уæззау санчъехтæй цыд. Цалдæр ныхасы дзы сирвæзт Дзибо æмæ Майрæмы тых- хæй. Сæ кой сын цæмæн кодта, уымæн бæлвырд ницы бам- бæрстон. — Фысым бакæн, Муради, — уынджы тигъмæ куы æрба- хæццæ стæм, уæд загътон æз. — Бузныг, чысыл хъæздыгдæр куы уаиккат, уæд уæ иу сæгъ балхæнин. Фысым ивæггаг... Цу, Æхсар. Дæ фæллад 333
суадз. Райсом нæ раджы стын хъæуы, — дзуапп радта Мура- ди, стæй та йæ дыууæ къухы йæ синтыл дзуарæвæрд акодта æмæ араст. Чысыл фæстæдæр Зæлинæты цæхæрадоны хосы цъынайы сæр йæ сауæндæрг февзæрд. «Æнхъæлдæн æмæ цъынайы сæр хуыссынвæнд скодта», •— хæлæггæнгæйæ загътон мæхинымæр æмæ цалынмæ Муради хосыл йæхи æруагъта, уæдмæ æдзынæг кастæн мæкъуылу сæрмæ. Тынг æм бабæллыдтæн. Æмæ куыннæ! Диссаг у сæрдыгон мæйрухс æхсæв хъæуы. Дæ боны куыс- ты фæстæ фæлладæй цæуыс хъæумæ. Æнæкæрон денджызау фæйлауынц мæнæуы хуымтæ. Сæ сæртæй дын кувынц нартхæрт- тæ. Дымы уддзæф, диссаджы хæххон уддзæф. Айдæнау æртти- вынц мæйы рухсмæ Тæргайдоны фыдуаг уылæнтæ. Цыма кæрæ- дзийæн сæ сусæг ныхæстæ кæнынц, уыйхуызæн куы иу ранæй, куы иннæранæй хъуысы уæрццыты уасын. Дæ сæрмæта цъæх- цъæхид арвыл сæ цæстытæ ныкъулынц æнæнымæц стъалытæ. Дæ сæры кæмдæр зилдух кæнынц хуыссæджы стъæлфæнтæ. Хæринаджы хус тæфмæ дæ комыдæттæ уайынц. йæхимæ дæм сиды хæдзæртты рухс. Æрмæст дæу дæ къах нæ хæссы уын- гæй. Æппынфæстаг, ныууагътай де ’хсæвæр. Схылдтæ хосы цъынамæ. Хæринаджы тæф нал — быдираг дидинджыты тæф, ногкарст хосы тæфæй байдзаг дæ зæрдæ. Дæхи уæлгоммæ ауагътай цъынайыл. Фæйнæрдæм аппæрстай дæ фæллад уæнг- тæ. Бирæ, тынг бирæ фæкастæ арвы цъæхмæ, ссардтай Авд хойы, Фиййауы лæдзæджы. Фæхъуыстай доны зарджьпæм, сыфтæрты сыбар-сыбурмæ. Хъусыс, кæмдæр хъæугæрон кæй- дæр куыдз куыд рæйы, уымæ дæр. Цымæ цæуыл рæйы — уынгты иу цъиуызмæлæг куы нæ ис, уæд? Æвæццæгæн, йæ ахуыр афтæ у. Уадз, æмæ рæйа. Рæйгæ куы нæ кæна, уæд æй райсом йæ тызмæг хицау фæсурдзæн йæ хæдзарæй. Уадз, æмæ рæйа. Ахæм мæйрухс æхсæв куыдзы рæйд дæр хорз фи- дауы. Ды хуыссыс хосы цъынайыл æмæ кæд дæ хуыссæн фæл- мæн у, уæддæр ма дæ нывæрзæн бакодтай дæ армытъæпæн æмæ дæ сæ уæлныхты дард кæдæмдæр хастой дæ сæнттæ. Дæ зæрдыл æрлæууыдысты дæ сабийы бонтæ. Муради дæр афтæ. Цымæ, цæуыл хъуыды кæны, цæуыл сты йæ сæнттæ? Бинонтæ йын, сывæллæтæ. Мæнау дзы йæ уарзон чызг арвыталынгты куынæ ралидз-балидз кæны... Судзы, мынæг рухсæй судзы Дудуйы уаты рухс. Æрмæст рудзынгæй ничи зыны. Уæвгæ дзы зынгæ дæр чи фæкæна[ 334
Æвæццæгæн, Дуду йæ уазæгмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, стъолы уæлхъус бафынæй. Зæлинæ та фермæйы ис. «Цæуон, æмæ йæ райхъал кæнон. Науæд зæронд ус бон- мæ фæбаддзæн æмæ тæригъæд у»,— загътон мæхинымæр æмæ Зæлинæтæм араст дæн. Рудзынг бахостон. Рудзынджы хости- мæ мæ хъустыл æрцыди Мурадийы ныхас: — Æхсар, фæстæмæ ма куы раздæхтæ... Цы ма дæ фе- рох?.. — Дудуйæн ма йæ рухс судзы æмæ йæ, зæгъын, схуыссын кæнон, — дзуапп радтон æз æмæ дуарырдæм ме ’ргом аздæхтон. — О-о, куыд мæ байрох. Иæ райхъал мæ нæ фæндыд. Ацы фæлмæн хуыссæнтæм мæ нæ рауагътаид. Æмæ ахæм хуыс- сæнуат æнуд уатыл баив. Мæнмæ гæсгæ, уый æдылыдзинад у. Афтæ нæу? Уыцы сахат Дуду тыргътæм рахызт æмæ нын уый нæ ны- хас баурæдта. — Мидæмæ... Уазæг ма дзы хуыздæр цы уа! Зæронд усы æмбисæхсæвтæм ауыгъдæй фæдар, — загъта Дуду æмæ мæм комкоммæ ныккаст.— О-о, Æхсар куы дæ уый... Æмæ Мура- дийы кæм ныууагътай? — Де ’хсæв хорз, Дуду. Муради... — хосы цъынамæ баца- мыдтон æз. Зæронд ус цъынайы сæрмæ скаст. — Æххормагæй? Фæлладæй?.. — Дуду, дæ хорзæхæй, хъазт мæ ма ракæн. Мæ хъарм хуыссæны мæ уадз, — лæгъстæ кодта Муради. — Хъарм хуыссæн, — ныххудт Дуду. — Сургæ дæ никуы- дæм кæнæм. Æрхиз, мæ хур, Муради. Æхсаримæ исты ахæ- рут, стæй кæд бæласы цонгыл фынæй кæныс, уæддæр дæ бар дæхи. — Æз дæр æй хуыдтон, фæлæ нæ бакуымдта, — загъ- тон æз. — Ома, Дуду уадз æмæ бонмæ бадæд. Уæддæр зæронды хуыссæг нæ ахсы. Бадæд, æнхъæлмæ кæсæд... Афтæ, нæ? — йæ раздарæны бын йæ къухтæ амбæхста, мæнырдæм æрба- каст, афтæмæй уайдзæфгæнæгау загъта Дуду. — Нæ, уый уын никæй зæрдæмæ фæцыдаид... Цы фæдæ, Муради? Муради ницы дзуапп радта, фæлæ мæкъуылы фарсыл йæ- хи уырдыгмæ рауагъта æмæ зæххыл йæ тъæпп фæцыд. Иæ ныхас æрбайхъуыст: 335
— Гъе ныр дæ уæлибæхтæй райгæ у. Мах сын ныртæккæ Æхсаримæ сæ бынæй рухс суадздзыстæм... Æрмæст ма семæ... — Рацæут, рацæут. Уымæн дæр уын исты амал чындæ- уыдзæн, — дзуапп радта Дуду æмæ нæ разæй тыргътæм бахызт. — Æз... Æз цæуын. Хæрзæхсæв, Муради... — Цалынмæ нын Дуду алывыд нæма ныккалдта, уæдмæ цом, — мæ цонгыл мын ахæцыд Муради, стæй йæ халас сæ- рыхъуынтæй хосы муртæ ацагъта. Мæ разæй роггомау суад асинтыл. Уæлибæхтæ ма хъарм уыдысты æмæ сæ тæф калд. Хъæ- дындзтæ æмæ булчъы сыфты тæбæгъты æхсæнæй йæ сæр сдардта гуыбынджын графин. Цырагъы рухсмæ сырхбын дардта сыгъдæг, ахуырст арахъхъ. Муради æмæ Дуду фæрсæй-фæрстæм æрбадтысты, уай- тагъд ныхæстыл фесты. Æз сæм мæ хъус дардтон, фæлæ сын, раст зæгъгæйæ, сæ ныхæстæн бæлвырд ницы æмбæрстон. Мæ бакомкоммæ сынтæджы сæрмæ къулæй касти Зæлинæ. йæ са- тæгсау æрфгуытæ йæ фæтæн ныхыл уæлиау систа, йæ былтæ зына-нæзына змæлыдысты. Искуы ма къамы былтæ фезмæ- лынц!.. Уый мæнмæ афтæ каст. Иæ русы къуырфытæ йын йæ цæсгом ноджы тынгдæр худын кодтой. Æз æм аивæй кастæн æмæ мын мæ зæрдæ цыдæр хъыдзыгæнæгау кодта. Къаммæ æгæр æдзынæг куы кастæн, уæд мæ Муради йæ уæраджы сæ- рæй æрбакъуырдта. Æз хæрдмæ фæхаудтæн. Фефсæрмы дæн. Булчъы сыф фелвæстон æмæ йæ мæ дзыхы уыциу æппæрст бакодтон. Муради мæм æрбакаст, фæлæ зæгъгæ ницы кодта. • Дыккаг сынтæджы сæрмæ къулыл ауыгъдæй лæууыдысты Дудуйы æхсæз фырты нывтæ. Се ’ппæтдæр афицеры дарæсты. Сæ сæрмæ сау ахуырст рамкæйы — æфсымæрты хистæр Ба- тырбег. йæ хъæбысы, афæдз дæр кæуыл нæма цыд, ахæм гыццыл сывæллон. Цыма йæ фыды хъæбысæй атæхынмæ хъа- выд, уыйхуызæн йæ гыццыл нарст къухтæ уæлиау систа. Кæ- мæдæр худти... «Зæлинæ... Иæ фыды хъæбысы... Нæ, гыццылæй дæр тынг рæсугъд уыди. Æрмæст йæ русы къуырфытæ, æвæццæгæн, фæстæдæр фæзындысты. Куыд худы. Кæдæмдæр атæхынмæ куыд хъавы»,— мæхинымæр хъуыды кодтон æз æмæ иу каст сывæллонмæ кодтон, иннæ та Зæлинæмæ. Миты къæрттау урс- урсид базыцъæрттæй, æрвхуыз зæлдаг хуыссæнæмбæрзæнæи 336
мæ фындзыл уад быдираг дидинджыты адджын тæф. Мæ сагъæстæ мæ скъæфтой Тæргайдоны былмæ, Зæлинæмæ. Цы- мæ цы кусы афонмæ? Æвæццæгæн, фæлладæй хуыссы йе ’мбæлтты фарсмæ. йæ даргъ, сатæгсау дзыккутæ пырхæй лæууынц йæ фæлмæн базыл. йæ къухтæ йæ нывæрзæн... Нæ, йæ риуыл... Ныр уый куы зонид, йæ уаты Дудуйы фарсмæ кæй бадын, йæ къамтæм ын кæй кæсын... Суанг ма уæлæ йæ фыды хъæбысы бæгъæмзæнгæй кæм бады, уыцы къаммæ дæр... Цы- мæ цы зæгъид? Куыд акæнид? Æвæццæгæн мæ йе ’рфгуыты тарæй фæсурид йæ хæдзарæй. Уæвгæ мæ сургæ дæр цæмæн хъуамæ фæкæна? Мæхи æвастæй куынæ æрбацыдтæн. Ныр æнæнхъæлæджы дуарæй куы æрбахизид, йæ мидбылты куы бахудид, Дуду æмæ Мурадийы раз куы зæгъид: — Куыд нæм фæрæдыдтæ? Нырмæ нæм иу цыд куыд ни- куы æрбакодтай?.. — Цымæ, цы фæуин уæд? Иумæ дæр нал фæкæсин, иннæ- мæй дæр нал фефсæрмы уаин. йæ русы дзыхъхъæн ын... Шифанеры æрдæггом дуарæй зыны Зæлинæйы чырынтæ къабайы кæрон. (Дæ цæрæнбон бирæ, Дуду, уыцы дуар аф- тæмæй чи ныууагъта.) Зæлинæйы чырынтæ къаба... Йæ иннæ дарæстæй мын уы- цы хуымæтæджы хъуымацæй хуыд къаба адджындæр у. Гæ- лæбуйы хуызæн дзы вæййы Зæлинæ. Рог. Цыма искуыдæм атæхынмæ фæхъавы... Кæсын, аивæй мæ цæстæнгас хæссын къабайыл. Хатгай мæм мæ зæрдæ сдзуры, цыма шифанеры къаба нæ, фæлæ Зæ- линæ йæхæдæг бамбæхст. Цыма мæм уырдыгæй сусæгæй кæ- сы. Ныртæккæ рахиздзæн. Иæ русты къуырфытæй мæм бахуд- дзæн. Сисдзæн йæ базыртæ æмæ гæлæбуйау атæхдзæн уаты гом рудзынгыл, фæткъуы бæласы бынты, æхсæвы æртæхджын кæрдæгыл. Фарон уалдзæг мын Тæргайдоны былæй мæ зæр- дæ куыд ахаста, афтæ... Уæддæр ыл уыцы чырынтæ къаба уыд. Иннæ чызджыты æхсæн бæрæг дардта. Дидинæгджын атагъайы мæм æцæг гæлæбуйы хуызæн каст. Уыйразмæ дæр æй цалдæр хатты федтон, фæлæ йæм мæ хъус никуы æр- дардтон. Хъæуы уынгты Зæлинæйы хуызæдтæй фылдæр цы уыд! Фæлæ уыцы бон, цыма йæ уыйразмæ уынгæ дæр никуы фæкодтон, цыма æндæр искуыцæй æртахт, уыйхуызæн мæм фæкаст Зæлинæ. Ныртæккæйы хуызæн ма мæ цæстытыл уайы. Мæ трактор ныллæууыд. Иу сахаты бæрц ыл фæцархайдтон. Иу ран дæр 22 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 337
мын æнæсгæрст нал баззад, фæлæ йын йе ’ркусын кæнынæн ницы амал ардтон. Къухæй, цæсгомæй мазутæй нал зындтæн. Тракторыл мæ бон кæп нæ цыд, мæ коммæ кæй нæ каст, уы- мæй мæхимæ мæсты кодтон. Стæй, бæлæттæ хуртуаныл куыд амбырд уой, афтæ мæ алыварс æрбамбырд сты дæсæм къласы чызджытæ. Сæ рувæнтæ се ’ккæйтты. Алырдыгæй мыл нык- калдтой: — Æхсар, дæ тракторыл ма нæ хъæумæ бахæццæ кæн. — Дæдæй, уæртæ йæхи мазутæй куыд фесæфта! — Цомут, чызджытæ, тæрсгæ дзы кæнын. — Йæ бензины смагæй быдыртæ фесæфта. — Мæгуыр нæ уыдзæн, уыцы бензины смагмæ чи смуддзæн, уыцы чызг. — Лæппу хорз саргъы бæхыл куы нæ бада, уæд цæй лæп- пу у? — Цæй-ма, ласыс нæ æви нæ? Цыма дæ сайгæ фæчынди, уый каст нæм цы кæныс?.. Мæ зылынтæ дæгъæл мæ къухы, афтæмæй се ’хсæн лæу- уыдтæн. Зын мын уыд, æгуыдзæгæй мæ кæй æрбаййæфтой, уый. Худтысты мыл. Чысыл ма бахъæуа, дæгъæлæй сæм ма февзидон. Фæлæ уыцы сахат иннæ чызджытæп йæхи фæразæй кодта Зæлинæ. Мæ тæккæ раз алæууыд æмæ ныллæг хъæлæ- сæй загъта: — Ныууадзут ма йæ... Хъуыды дæр сæ ма кæн, Æхсар. Истæмæй дæм фæкæсын хъæуы?.. — Чызджытæ, цомут, сæхи бар сæ уадзут. Æхсар, хæстæг æм ма бацу, йæ зæрдæйы цæхæрæй ныттæпп кæидзынæ, — схор-хор та кодтой фæйнæрдыгæй æмæ æваст фæпырх сты. Æрмæст ма Зæлинæ исдугмæ йæ мидбынат лæугæйæ баззад. Йæ сатæгсау цæстытæй мæм æфсæрмхуыз каст скодта, йæ цæсгом сырххъулон афæлдæхт, йæ русты къуырфытæй мæм зына-нæзына бахудт æмæ йе ’мбæлтты фæдыл дидинджыты æхсæнты гæлæбуйау атахт. Æз фыццаг хатт федтон ахæм цæстытæ. Мидæгæй сæ цы- дæр сыгъд æмæ æнахуыр цæхæр калдтой. Сæ иунæг фæкастæй мын асыгътой мæ зæрдæ. Стæй йæ бæзджын сау æрфгуыты бын амбæхстысты. «Цæмæн, цæмæн мæ фæуагътат иунæгæй мæхæлд тракторы фарсмæ? Цæуылнæ мæ бауагътат иучысыл уæхимæ бакæсын? Æви чызджыты ныхасæй фæтарстыстут? Кæм уыдтæнырмæ? Абоны хуызæн дын цæуылнæ искуы федтон дæ сагъæсæйдзаг 338
цæстытæ?» — Цы æрцыд, уый дзæбæх дæр нæма бамбæрстон, афтæмæй цавддурау лæууыдтæн мæ мидбынаты. Дидинджыты æхсæн йæ чырынтæ къабайы уымæ бакæсын, — цыма йæхæдæг дæр дидинæг уыд. Æрмæст иннæты хуызæн нæ,— рæсугъддæр, хæрзконддæр, нырма быдырты чи никуыма æрзад, ахæм диди- нæг... Ноджы ма мæм рагъæй фæстæмæ фæкаст. Цыма йæ къух мæнырдæм батылдта... Стæй рагъыл дидинджытæ æнæ Зæлинæ аззадысты. Уыдонæн дæр се ’рттывд, сæ рæсугъддзинал ахаста йемæ. Æрмæст ма атагъайыл дымгæйы рог базыртæ æрхастой чызджыты цъæхснаг зарæг: Мæ хуры хай, рæсугъд чызгай, Куынæ дæ федтаин бæргæ!.. Дæ худыимæ, дæ хъазынмæ Кæм лæууы иунæджы зæрдæ!.. Мæнмæ афтæ каст, цыма фæстæмæ раздæхдзæн, рагъыл та фæзындзæн Зæлинæ. Æмæ тракторы сæрмæ схызтæн, уыр- дыгæй кастæн рагъмæ. Алы дидинæджы змæлдмæ дæр мæ зæрдæ къæпп кодта. Хъуыстон чызджыты цъæхснаг хъæлæс- тæм æмæ дзы мæхинымæр агуырдтон Зæлинæйы хъæлæс. Фæ- лæ зарæг дардæй-дарддæр кодта. Йемæ мын хаста мæ зæрдæ- йы. Стæй рагъыл сабыргай тайын байдыдтой дидипджытæ. Зарæг дæр нал цыд, æрмæст ма баззад мæ хъусты æмæ ца- вæрдæр æхсызгон азæлд кодтой йæ ныхæстæ: Мæ хуры хай, рæсугъд чызгай... Æрхызтæн зæхмæ. Зæлинæ кæм лæууыд, уым мæ зонгуы- тыл æрхаудтæн. Сындзæй, кæрдæгæй, дидинæгæй мæ размæ цыдæриддæр фæци, уыдон æрбассывтон, мæ хъæбысы сæ нык- кодтон... — Æхсар, фынæй бадæ æви? — мæ хъуыдытæ мын æрдæ- гыл аскъуыдта Муради. — Дон ма радав. Стæй дзы дæхæдæг дæр аназ. Æнкъард ма кæн. Фæлтау фынгмæ æвнал... — Куынæ... Хъусын уæм, Муради... Мæ ныхæстæ афтæ ныллæг хъæлæсæй загътон, æмæ мæ Муради нæ фехъуыста. Æз разы уыдтæн суанг бонмæ дæр Зæлинæйы уаты фæбадыныл, йæ къамтæм, йæ хуыссæнтæм, йæ чырынтæ къабамæ кæсыныл. Æмæ мын Муради уыцы ныхæстæ куы загъта, уæд мæм афтæ фæкаст, цыма Зæли- нæйы уатмæ нырма ныртæккæ æрбахызтыстæм, цыма Мура- ди æмæ Дуду сæ ныхас нырма ныртæккæ райдыдтой. 339
«Кæдæм тагъд кæныс, нырма раджы куы у? Уæд та ды цу, æз уал ам баззайдзынæн», — зæгъынмæ хъавыдтæн Муради- йæн, фæлæ мæхи баурæдтон. Муради ма мын ноджыдæр иу хатт куы бауайдзæф кæна, уымæй старстæн æмæ сын сæ ныхæстæм байхъуыстон. Дуду, цыма мын мæ хъуыдытæ бамбæрста, уыйхуызæн Зæлинæйы кой кæнын байдыдта: — Мæ зæрдæ ма æрмæст уыцы иунæг сывæллоныл лæууы. Худгæ мыл ма фæкæн, фæлæ ма мын ме ’хсæз фыртæй иунæг уый баззад. Мæхи у, уый тыххæй нæ зæгъын, фæлæ æмбаргæ, æнæзивæг чызг у. Иуæй-иу хатт, зæгъын, кæд мæхимæ афтæ кæсы, зæгъгæ, адæмы дæр афæрсын. Æвзæр мын дзы ничима ницæмæй загъта. Иæ мад æмæ йын йæ фыды дæхæдæг зыд- тай. Йæ мад ма мын уæддæр куы цардаид. Кæд, мæгуыр, цар- дæй ницы федта, уæддæр дзы бирæ хорздзинæдтæ зонын. Аф- тид йæ дзыхы ныхас дæр адæймаджы аргъ уыди... Сæ кой дæр æлгъыстаг фæуæд, мæнæн мæ хæдзар чи фехæлдта... Мæ дзуринæгтæ дардыл дзуринаг сты, Муради. Фæлæ ныхас чыз- джы тыххæй уыди. Дæсæм къласмæ куы схызт, уæд катайы бацыдтæн, цы фæуыдзæн, кæдæм ацæудзæн, горæты стыр скъолатæм мын куынæ бахауа, зæгъгæ. йæхи дæр ын цалдæр хатты фарстон, кæдæм цæуынмæ хъавыс, зæгъгæ. Ницы бæл- вырд дзуапп мын радта. Ныры фæсивæды нæ зоныс, сæ зæр- дыл цынæ æрбалæудзæн, иу ахæм нæй. Йе ’мбал чызджыти- мæ-иу уæртæ фаллаг уаты куы æрæмбырд сты, уæд-иу сын сæ ныхæстæм хъуыстон. Цæуыл нæ тæрхæттæ кодтой, цæуыл нæ дзырдтой!.. Суанг ма-иу, Амырычы паддзах цы хуины, уымæ дæр ахæццæ сты. Фæлæ дарддæр кæдæм цæуын ис сæ зæрды, уый тыххæй сæ никуы ницы фехъуыстон. Цы дын æй сусæг кæнон, мæнæн та рагæй дæр мæ зæрдæмæ ацы дохтыр- тæ цæуынц. Зæлинæйы цалынмæ дохтырæй фенон, уæдмæ ма мæ хуыцау куы фæцæрын кæнид, зæгъгæ, æхсæв дæр, бон дæр хъуыды кодтон мæхинымæр. Иоджы мæнæ нæ сыхæгты чындз Фатъимæт дæр дохтыр у. Удыгагайы хуызæн чындз. Тынг æнувыд мыл у. Арæх нæм æрбауайы. Йæ урс халаты уыцы æфснайдæй мæ уæлхъус куы алæууы, уæд ма адæймаг дзæ- бæхдæр цæмæ бакæсдзæн! Бауырнæд дæ, æрмæст йе ’рбацы- дæй дæр мæ низ цыдæр фæвæййы. Стæй дзы адæм куыд буз- ныг сты, семæ куыд фæлмæн ныхас кæны!.. Нæ чызгмæ дæр уыцы миниуæг хæццæ кæны. Иуæй-иухатт æм кæсынтыл кæд нæ фæвæййын... Нырма цы у, фæлæ адæмимæ арæхсы. Тынг 340
мæ фæндыд, дохтыр куы суыдаид, уый. Æмæ-иу ын Фатъимæ- тæй æппæлынтæ систон. Уый-иу мæм лæмбынæг фæхъуыста, стæй-иу цæхæрадонмæ рацыд. Уым та йæхицæн сæрмагонд хуымтæ уыди. Цынæ дзы бакодта: цавæрдæр ног хъæдындз- тæ, булчъытæ, нартхор, мæнæу, картоф. Кæсгæ дæр сæм ца- вæрдæр хæцæнджын тымбыл авгæй кодта. Чызг куы ницы дзырдта, уæд мæхæдæг ацыдтæн горæтмæ. Цæмæн цæуын, уый йын не ’схъæр кодтон. Нæ уарзы ахæм хъуыддæгтæ. Исчи йæ сæрыл сдзырдта, уæд ын уымæй хъыг- дæр ницы ис. Нæ хæрæфырты лæппу, агрономтæ кæм ахуыр кæнынц, уым ахуыргæнæгæй кусы. Хъуамæ йæ зонгæ дæр кæ- най — Цæразонты Бечи... — Куыннæ! Хорз æй зонын Бечийы,—дзуапп радта Му- ради. — Гъеуæдæ, уыцы Бечи махонæн йæ хойы лæппу у. Иæ мад раджы амард, нæхи хæдзары схъомыл. Дохтырты скъолайы йын зонгæтæ уыдзæн, зæгъгæ, горæты балæууыдтæн. Куыннæ мыл бацин кодтаид! Хæринаджы фæлмæндæр, сæны дзæбæх- дæр... Цынæ минас æрæвæрдта, иу ахæм ын нал баззад. йæ сывæллæттæ мын сæ фырцинæй цы акодтаиккой, уымæн ницы- уал зыдтой. Нозты мыггагæй кæд искуы-иухатт бæгæныйæ иучысыл ацаходын, æндæр æй мæ дзыхмæ дæр нæ хæссын. Сывæллæттæ ныллæууыдысты, лæгъстæтæ мын систой æмæ мын мæнæ уыцы сыр-сыргæнаг сæнæй иу агуывзæ бадардтой. Нæ дæ бауырндзæн, цыма мын исчи мæ зæнгтæ мæ бынæй фелвæста, уый хуызæн мæ сæры смидæг. Мæ балцы сæр радзырдтон Бечийæн. Уый мæм иуцасдæр æнæисты дзургæйæ фæкаст, стæй æрæджиау загъта: — Дуду, дæхæдæг мæ куы зоныс, æз Зæлинæйы тыххæй цыфæнды хъуыддаджы дæр бацæудзынæн... — Ницы йæ хъæуы, æрмæст мын æй дохтырты скъоламæ райсын кæн. Ахуыры фæстæ сæ дыгай азтæ кусын кæй хъæуы, уый дæр хъусын. Фæлæ, мæ хур, Бечи, цалынмæ уый дыууæ азы кусгæ кæна, фондз азы скъоламæ цæуа, уæдмæ ма дын æз фæцæрдзынæн? Стæй иу сæрд иу хуыцаубон колхозы куыстæй куы никуы фæхицæн. Уыдон нымады нæ цæуынц? йæ мад æмæ йæ фыд ацы хæсты... Уыдонмæ дзы кæсæг нæй!.. — Ис. Фæлæ уæддæр закъон афтæ амоны, — мæ ныхас мын айста Бечи.— Кæд дæ фæнды, уæд æй ардæм рарвит. Æз æй заводмæ ратдзынæн. Махмæ цæрдзæн. Ам куы уа, уæд 341
ын изæрыгæтты институтмæ йæхи цæттæ кæныны фадат дæр уыдзæн... . Мæнæн мæ фырмæстæй мæ хъуыр цыдæр ахгæдта. Дзу- рын дæр æм ницыуал сфæрæзтон æмæ мæ бынатæй сыстад- тæн. Иæ ус, йæ сывæллæттæ мыл ныххæцыдысты. Сбад, исты уал ахæр, Зæлинæйæн дæр исты амал кæндзыстæм, зæгъгæ, мын лæгъстæтæ систой. Йæ хистæр чызг, йæ цæстытæ доны разылдта, афтæмæй йæ фыдмæ бауырдыг: — Ды та алы ран закъонтыл дзурыс... Æмæ уæдæ фарон Бодзийы чызджы цæмæн райсын кодтат? Уый колхозы нæ, фæлæ сæ цæхæрадоны дæр куы никуы ницы бакуыста... — Светлапæ, дæу дзы ничи фæрсы, дæ дзыхыл æнцад хæц! — уыциу хъæр фæкодта йæ чызгыл Бечи. Рацыдтæн. Мæ фæдыл рацыдысты бинонтæ иууылдæр. Бе- чи мын мæ цонгыл ныххæцыд. Урæдта мæ, зæрдæ мын æвæрд- та, рарвит æй, мæ хъус æм фæдардзынæн, зæгъгæ. — Хорз... Мауал цæут. Рарвитдзынæн æй, —Бечи мын цæ- мæй мæ цонг суагътаид, уый тыххæй загътон æз æмæ сæм фæстæмæ дæр нал фæкастæн, афтæмæй уынджы уырдыгмæ араст дæн. Скæуынмæ мæ бирæ нал хъуыд, афтæ мæсты уыд- тæн Бечимæ. Адæймаджы дæ комы-комдзæгтæй схæсс æмæ дæм ахæм цæстæй ракæсæд... Мæхи хъуыддаджы тыххæй дæр ма куы уыдаид, фæлæ чызджы тыххæй... Дæхæдæг знон цы уыдтæ, уый дæ абон ферох уæд... Нæ, Муради, æз мæ гыццы- лæй нырмæ дæр ахæм адæймæгтæй ме ’сæфт уынын. Афтæ сахуыр кодтон мæ сывæллæтты, Зæлинæйы. Бауырнæд дæ, Бе- чийы ныхæсты фæстæ мын сæ фæлмæн хæринæгтæ дæр мастад скодтой. Сæ сыр-сыргæнаг сæн та мын мæ хурхы- уадындзтæ сыгъта. Уынджы тигъмæ куы ныххæццæ дæн, уæд Светланæ мæ уæлхъус февзæрд. — Дуду, цом... Науæд нæ ныртæккæ папæ æрæййафдзæн. Иæ машинæйы дæ хъæумæ ныххæццæ кæнынмæ хъавы. Дæу- мæмæ рарвыста. Ма йын баком. Цалынмæ Зæлинæйы хъуыд- даг бакæнай, уæдмæ ма ацу,—мæ цонгыл мык фæхæцыд Светланæ æмæ мæ кæйдæр кæрты смидæг кодта. — Кæмæ цæуын хъæуы, уый дын æз бацамондзынæн. Ацырдæмдæр æр- балæуу... Папæ нæ фендзæн... Æмæ æцæг чысыл фæстæдæр, уынджы дыууæрдæм ракæс- бакæс кодта, афтæмæй нæ рæзты йæ цъæхахуырст машинæйы æрсыххуытт ласта Бечи. Чысыл дæлдæр машинæ баурæдта. 342
Рахызт æмæ иуцасдæр уым фæлæууыд. Иæ цæст куы никæ- уыл æрхæцыд, уæд машинæйы дуар мæсты тъæпп ныккодта. Машина йæ фæздæгкалгæ цæхгæрмæ уынджы фæау- уон. Светланæ мæ йемæ ракодта. Кæм кусы, уый мый бацамыд- та. Куыддæр дуарæй бахызтыстæм, афтæ нæ размæ иу дзæбæх лæппу фæци. — Исчи дæ хъæуы, нæ мады хай? — фæлмæн хъæлæсæй мæ бафарста уый. Æз ын дæ ном загътон. — Бахатыр кæн. Иучысыл банхъæлмæ кæс. Ам ис, нæ, уый æз ныртæккæ базондзынæн, — дзуапп радта лæппу æмæ гауыз- тæй æмбæрзт асинтыл хæрдмæ сызгъордта. Æнхъæлмæ кæсын нæ бирæ нæ бахъуыд. Уайтагъд лæппу, йемæ бæрзондгомау, къæсхуыртæ лæг, афтæмæй фæстæмæ фездæхт. — Бахатыр кæн, хорз ус, Муради ныртæккæ ам нæй. Ми- дæмæ нæм рацу. Кæд дын мæ бон истæмæй баххуыс кæнын у, уæд табуафси, — загъта мын къæсхуыртæ лæг æмæ мын мæ къух райста. — Муради мæ йæхæдæг хъуыди, æхсызгон хъуыддагæн, — дзуапп ын радтон æз, стæй мæхинымæр ахъуыды кодтон: «Бе- чи йæ ныфс кæмæ нæ бахаста, уый æвæццæгæн, Мурадийæн йæхи йедтæмæ никæй бон у саразын. Ды та ма дæхи цæуыл хурхæй марыс?..» Лæппу хатыр ракуырдта æмæ кæдæмдæр ауад. Къæсхуыр- тæ лæг мæ йемæ асинтыл скодта, йе ’стыр уаты мæ фæлмæн бандоныл сбадын кодта. Мæ хабæрттæй мæ лæмбынæг фæфар- ста. Æз дæр ын сæ сæрæй-бынмæ радзырдтон. Суаиг ма йын Бечийæ дæр рахъаст кодтон. Ноджы Светланæ мемæ нæ ра- куымдта, бынæй мæм обкоммæ æрбацæуæны æнхъæлмæ каст. Светланæ нæ, фæлæ Бечи йæхæдæг куы уыдаид мæ цуры, уæд- дæр дзы нæ фефсæрмы уыдаин. Мæ зæрды цы уыд, уый загътаин... Бечийы уыцы лæг йæхæдæг дæр зыдта. Ничи йæм кæсы, не ’зноныккон фыдуаг Бечимæ! Цы лæг дзы рауад!.. Цыбырныхасæй мын уыцы къæсхуыртæ лæг зæрдæ ба- вæрдта. Нæ уынджы номыр нын йæхимæ ныффыста, Зæли- нæйы номæй мæ бафарста. Кæйдæримæ ма тилифонæй дæр дзырдта. Æз ын цы зонын, фæлæ Зæлинæйы кой куы скодта, нæ мыггаг нын куы загъта, уæд æй бамбæрстон, ныхас мах тыххæй кæй цæуы, уый. Æфсæрмы куынæ кодтаин, уæд æй 343
раст мæхи хъæбулау мæ хъæбысы ныккодтаин. Афтæ ра- зыйæ дзы рацыдтæн. Йæхи мын бæрæг кæмæйдæр схуыд- та... — Æмбалтæй,—зына-нæзына йæ мидбылты худт, афтæ- мæй Дудуйы бæсты загъта Муради æмæ галиу къухы арм ру- дзынгæй дымгæмæ адардта. — О, Æмбалтæй... Мæ судзгæ мæрдтыстæн, æппыидæр мын куы ницы сарæзтаид, уæддæр дзы хъаст нæ ракодтапн. Дзæ- бæх цæстæй мæм кæй ракаст, йæхи мады хуызæн мыл кæй ба- цин кодта, уый мæ никуы ферох уыдзæн. Гъомæ, уæдæ махон- тыл цы сæ фыдбылыз ратахт. Истæмæ сæм куы бацæуай, уæд адæймаджы хъæрты бын цæмæн фæкæнынц?.. Дæ хорзæхæй, куы йæ фенай, уæд-иу ын мæ номæй арфæ ракæн. Тынг дзæбæх адæймаг мæм фæкаст... Уæ хорзæхæй, хæргæ исты акæнут. Ны- хæстыл уæ ныддардтон... Дуду мæнырдæм æрбакаст, фынгмæ мын ацамыдта, стæй йæ ныхас дарддæр кодта: — Мæ балц кæй фæрæстмæ, уый тыххæй хъæлдзæгæй æр- цыдтæн хъæумæ. Зæлинæмæ кæрты дуарæй уыциу хъæр ба- кодтон: — Чызг, кæм дæ, кæ? Фыццаг мæм цæхæрадонæй кæйдæр худын райхъуыст. Стæй мæ размæ разгъордта Зæлинæ. — Нана, æрхæццæ дæ? — мæ хъæбысмæ йæхи æрбаппæрс- та Зæлинæ. — Алыбон æгас цу, Дуду! — кауы сæрты мæм цъиутау суа- сыдысты йе ’мбал чызджытæ. Зæлинæйæн мæ хабæрттæ сæрæй бынмæ ракодтон. Уый ныххудт æмæ загъта: — Бузныг, нана... Фæлæ мах нæ гæххæттытæ æндæр ран- мæ æрвитæм... — Куыд æндæр ранмæ? Кæдæм? —хъыг мын куыннæ уы- даид, æмæ йæ схуыст ныхасæй бафарстон. Уый мæм лæгъстæ- гæнæджы каст æрбакодта, йæ сæр мын мæ дæллагхъуыр атъы- ста æмæ ныллæг хъæлæсæй загъта: — Нана, мæсты мæм ма кæн. Уæртæ Замирæт, Винерæ, Уа- цирæт... Нæ къласы чызджытæ се ’ппæт дæр... Тыхсгæ ма кæн, нана... Ахæм мæсты йæм æрбадæн æмæ йын уыцы сахат алывыдтæ куы ныккалдтаин, уый дæр мæ фæндыд. Фæлæ мæ гæныстоны зæрдæ нæ батардта. Цалдæр боны мæ маст тыппырæй фæ- 344
хастон. Æмæ куыннæ! Æз, зæгъын, кæд дохтыр суаид, зæгъгæ, горæты къуымты хæстæджытыл, обкомтыл рахау-бахау кæнын, уый та Уацирæттæ æмæ Замирæттимæ бынтон æндæрырдæм ныццавта. Арвыстой сæ гæххæттытæ агрономты скъоламæ. Раст зæ- гъын хъæуы, уый дæр æвзæр куыстнæу. Уæлдайдæр ныртæккæ, уыцы машинæтæ, уыцы алы диссæгтимæ дæсны адæймаг хъæуы. Дзæбæх мын уæд, йæ куыстæй йæ зæрдæ райæд, æн- дæр мæ цы хъæуы? Æрмæст мæнæ фæстаг бонты цæуылдæр фенкъард. Кæд ай размæ Дзибоитæм кæй сдзырдта, уый тых- хæй, миййаг. Стæй ацы Нинæйы ацыд... Кæнæ та, æвæццæгæн, йæ куысты йæ зæрдæмæ исты нæ цæуы... Æргом дзырд у. Гæ- ды ми йæ ныййарæгæн дæр нæ ныббардзæн... — Æвæццæгæн дзы исты маст и, — цæмæдæр гæсгæ арф ныуулæфыд Муради. — Кæд æнкъард кæнынц, миййаг?.. — Чызджытæ?... Нæ зонын, фæлæ сын цыма дардæй ба- кæсгæйæ... Чингуытæ... Фæндыр сын балхæдтой... — Нæ дæ æмбарын. Гъома, куыд дардæй бакæсгæйæ? — Дудуйы ныхас баурæдта Муради. — Ды ма йæ æрæййæфтай, нæ зонын, фæлæ-иу мæ рæстæ- джы афтæ уыд, — дардыл райдыдта йæ ныхас Дуду. — Чыз- гæн-иу йæ хъазтмæ цæуын афон куы æрцыд, уæд-иу æй мыг- гаджы чындзытæ, хæстæджытæ, хионтæ æнæхъæн мæй цæттæ кодтой. Мах чызг иннæтæй рæсугъддæр уа, йæ дарæстæ дзæ- бæхдæр уой, зæгъгæ-иу ын хъуымæцты зынаргъдæртæй къа- батæ хуыдтой. Иæхицæн йæ бон кæмæн нæ уыд, уыдонæн та æххуыс кодтой. Мыггаджы кæстæр чындзытæ, лæппу-фæси- вæд-иу æй семæ ракодтой, сæ хъус æм дардтой. Авгау ын æрхауынæй тарстысты. Къулбадæг лæппуты æлхыскъ ныха- сæй йæ хъахъхъæдтой. Æмæ йæм уæлдай ныхас ничи уæыдыд. Мæнмæ гæсгæ, уый æвзæр нæ уыд. Чызг адæмы æхсæнмæ рацыд, чындзæхсæвмæ йæ бацагуырдтой, уæд хъуамæ нывыл рацæуа, рæсугъдæй равдиса йæхи, йæ бинонты, йæ хæстæ- джыты... Æрæджы уæртæ Боботæм чындзæхсæвы уыдтæн. Нæ лæ- джы хæстæджытæ сты æмæ нæм хонæг æрбарвыстой. Хъазты адæммæ кастæн æмæ дæ нæ бауырндзæн, кæд мæ зæрдæйы тугтæ нæ ныккалдысты. Дзæбæх фæсивæд дзы æрæмбырд. Хæрзæгъдау. Фæлæ дзы, фермæйы чи кусы, уыцы чызджы- тæй иуы дæр нæ федтон. Цы дын æй æмбæхсон, Зæлинæ дæр уыцы сахат хъазты куы уыдаид, уый мæ тынг фæндыд. Чындз- 345
æхсæвтæ нæм алы бон куынæ вæййы, миййаг. Уадз, æмæ йе ’мгæрттимæ йæхи аирхæфса. Адæмы фена. Кæд ма цæудзæни хъазтмæ, чындзæхсæвтæм?.. Куы базæронд уа, уæд? Театр æрцæуа — быдыры чи нæ кусы, уыдонæн. Кино æрласой, уый дæр уыдонæн. Æмæ дын, раст куы зæгъон, уæд чызджытæ мæсты дæр равæййынц. Æз сæм арæх ныууайын, сæ хъæсты- тæ мын арæх ракæнынц. Æмæ сыл худæн дæр нæй. Цы уы- нынц цардæй? Сæ хъуццытæ, сæ чингуытæ, стæй уыцы зыбы- ты иунæг фæндыр... Иуæй-иухатт сæм куы хъусай, уæд ахæм æнкъард цæгътытæ фæкæнынц æмæ... Фæлæ уæддæр сæ куыст æвзæр нæ цæуы. Кæрæдзи æнкъард кæнын нæ уа- дзынц... Муради, иу ныхас ма дын зæгъынмæ хъавын. Æрмæст дын хъыг ма уæд. Цæвиттон, нартхор чи цас æрзайын кæны, æхсыр чи цас æрдуцы, уыдон куы фæнымайут, уæд уæ адæй- маг йæхæдæг ферох вæййы... Мæ чызг фермæйы кæй кусы, уый тыххæй дын æй нæ дзурын... Дуду йæ ныхас фæци. Муради йе ’нгуылдзы бын дзулы фæлмæн ратул-батул кодта æмæ зæронд усмæ æдзынæг каст. — Адæймаджы зæрдæ машинæ нæу... Хорз æй загътай, Дуду,—дзуапп радта Муради æмæ рудзынгæй æддæмæ акаст, Æз дæр хъуыды кодтон Дудуйы ныхæстыл. Дымгæмæ змæлыдысты бæласы сыфтæртæ. Хъуысти Тæргайдоны иугæндзон уынæр. Æмæ мæнмæ аф- тæ каст, цыма уый доны уынæр нæ уыд, фæлæ фермæйы чызджытæ фæндырæй цагътой. Дуду мæм аивæй æрбакæсы. Цыма мæ фыццаг хатт фед- та, уыйхуызæн мæ цалдæр барсты скодта мæ сæрæй суанг мæ къæхты онг. Æвæццæгæн мын мæ хъуыдытæ æмбары. Кæнæ та мын кæд исты зæгъынмæ хъавы? Нæ, мацыма мын зæгъ, Дуду. Зæлинæимæ дæм иумæ æрбацæудзыстæм. Нæхæдæг дын зæгъдзыстæм, нырма нæ кæрæдзийæн дæр зæгъын кæй нæма уæндæм, уыцы ныхае. Зæгъдзыстæм дын æй... Æмæ Зæ- линæйы куынæ фæнда, уæд та? Уæд та дын æй мæхæдæг зæгъдзынæн. Иунæгæй... Сыстадыстæм. Уасджытæ уасыдысты. Мæй хæхты сæр ауыгъдæй лæууыд æмæ рудзынгæй мидæмæ каст. Муради Дудуйæн арфæ ракодта æмæ кæртмæ рахызт. Æз дæр йæ фæдыл рацыдтæн. 346
5. Уæйлагнымæт Дымдта хæххон уддзæф, æмæ нæ сæрмæ дыргъбæлæсты сыфтæртæ сусæг сыбар-сыбур кодтой. Муради йæ хæдоны æгънæджытæ суагъта, йæ худ систа æмæ йе ’уæнгтæ аивæзта. Цыма уæлдæф. иууылдæр аныхъуырынмæ хъавыд, кæнæ искæн йæ хъæбысы ныккæнынмæ хъавыд, уыйхуызæн йæ къæхть: бынæй ныуулæфыд. Хæхтырдæм акаст. йæ халас сæрыхъуып- тæ дымгæмæ змæлыдысты. Чысыл фæстæдæр нæ фæдыл рацыд Дуду дæр. Иæ галиу цонгыл сау уæйлагнымæт, афтæмæй Мурадимæ комкоммæ ба- раст. Исдугмæ, цыма цыдæр зæгъынæй тарст, уыйхуызæн æнæисты дзургæйæ алæууыд, стæй йæм нымæт бадаргъ кодта: — Батырбеджы нымæт... Уазал дын куы уа, миййаг,— ныллæг хъæлæсæй загъта зæроид ус, стæй роггомау фæстæмæ фæзылд æмæ мæнмæ фæдзырдта: — Æхсар, цом-ма, дæ рын бахæрон, уæртæ хихсæны дон акæн, райсом раджы куы цæуа, миййаг. Æз бедрайы дон рахастон, бæласы фарсыл цы цъæх- ахуырст хихсæн уыд, уый дзы байдзаг кодтон. — Цæут ныр. Æнафон у... Муради, хæрзфынтæ-иу фе- нут,—тыргътæй ма нæм радзырдта Дуду æмæ хæдзармæ бацыд. Муради йæ мидбынат æнцад лæууыд. Мæйы рухсмæ нымæт йæ иу къухæй иннæ къухмæ райс-байс кодта. Цыдæр дзы агуырдта. Фæлæ цы? Цы ссарынмæ хъавыд нымæты?.. Æз ыл дис кодтон, фæлæ йæ бафæрсын нæ бауæндыдтæн. Стæй пы- мæт цалдæр дыдагъы бакодта, йæ рахиз уæхскмæ йæ сæп- пæрста æмæ кулдуарырдæм азылд. — Цом, доны был иучысыл абадæм. Уæддæр нæ хуыссæг фæлыгъд,— загъта Муради æмæ мын ме ’уæхскыл йæ къух æрæвæрдта. Тæргайдон Дудутæм дард нæу. Дыууæ цæхгæрмæ уынджы æдде йæ уынæр дзæбæх хъуыст. Уæззау къахдзæфтæй, æнæисты дзургæйæ, мæ разæй цыд Муради. Иæ рыгæйдзаг цырыхъхъытæ, цыма сæ хицауы уæ- зæй фæйнæрдæм тыдтой, уый хуызæн хъыс-хъыс кодтой. «Цы кодта? Цæуыл фенкъард? Хæдонæй буары æхсæн йæ къух цæмæн атъысс-атъысс кæны? Зæрдæ? Æмæ йын уæд абондæргъы йæ кой иу хатт дæр куыннæ скодта? Уыцы тæв- 347
ды, уыцы æнуды йæм цæуылнæ æвнæлдта?» — хъуыды код- тон мæхинымæр æмæ йын æдзынæг кастæн йæ фæтæн фæсон- тæм, нымадтон ын йæ уæззау къахдзæфтæ. Доны былмæ куы бахæццæ стæм, уæд Муради йæ нымæт иуварс æрæвæрдта, донæй цалдæр армыдзаджы скалдта йæ цæсгомыл, мæнырдæм æрбакаст æмæ загъта: — Афтæ, гъе, мæ гыццыл æрдхорд... Донæн йæ улæфт дæр æндæр ад кæны. Кæсыс, йæ уылæнтæй куыд хъазы, йæ пырхæнтæ кæй уæнг хауынц... Дурты кæрæдзиуыл куыд хойы. Мæйы рухс дзы йæхи дзæбæх куыд найы... Мæнæ ма нымæ- тыл мæ фарсмæ æрбад, æз дын иу хабар ракæнон. Ды нырма лæппу дæ, чи зоны æмæ дæ искуы царды бахъæуа. Ардæм дæр дæ уымæн ракодтон. Мæнæ бæласы бындзæфхад уыныс? Ам кæддæр стыр хæрис бæлас уыди... Стыр хæрис бæлас,— дыккаг хатт загъта Муради æмæ бæласы бындзæфхадыл йæ- хи бауагъта. Иæ бæзджын сау æрфгуытæ уæлиау систа. Иæ сæрыхъуынтæ йæ, æвæццæгæн, хъыгдардтой æмæ сæ йæ ра- хиз къухæй иуварсырдæм аппæрста. Хæхтыл та йæ цæстæнгас ахаста. Йæ гуыбыр фындз, йе ’лвæст былтæ, йæ цыргъ роцъо —уыдон æй иумæ кодтой хæххон цæргæсы хуызæн. Иæ тыхджын къабæзтæ-иу куы систа, йæ фæтæнтæ гуыр-иу куы базмæлыд, уæд-иу мæм афтæ каст, цыма ныртæккæ йæ ба- зыртæ базмæлын кæндзæн, стæхдзæн, цы хæхты бæрзæнд- тæм фæлгæсы, уыдонмæ. Æз æнхъæлмæ кастæн, уæдæ мын цы радзурдзæн, зæгъгæ. Æрмæст Муради тагъд нæ кодта. Касти хæхтæм æмæ мæйы фæлурс тынтæм йæ цæсгом абонæй ноджы фæлладдæрхуызæй зынд. — Ам стыр хæрис бæлас уыд,— æппын æрæджиау загъта Муради æмæ мæнырдæм æрбакаст. Сæрыстырдзинад... Нæ, ца- вæрдæр æнкъарддзинад ын ныллæг æруадзын кодта йе ’рфгуытæ. — Дудуйы фырт Батырбегимæ иумæ ахуыр кодтам,— цы- ма йæ ныхæстæ йæ хъуырæй иугай ласта, уыйхуызæн рай- дыдта Муради. — Бирæ æхсæвтæ, бирæ бонтæ арвыстам иу- мæ. Ды нырма лæппу дæ, бахатыр кæн, фæлæ нæ сусæг хъуыддæгтæ дæр иумæ кодтам. Мæнæ ам стыр хæрис бæласы бын, кæйдæр хъазты фыццаг хатт сæмбæлдыстæм фарны- хъæуккаг дыууæ чызгыл. Симдтам семæ, кафыдыстæм. Нæ дыууæйæ чи амондджындæр уыди, йæ сæр нæ кæмæн тынг- дæр зылди, уый зын равзарæн уыд. Æвæццæгæн сæ адæймаг 348
нымад дæр нæ фæуыдзæн, мах уый фæстæ Фарныхъæуы уынгты цал хатты ауадыстæм. Сæ куиты рæйын, сæ родты уаст дæр нын уæлдай ад кодтой. Стæй цалдæр мæйы фæстæ Батырбегæн æрхастам Зæлинæйы мады. Мæн акодтой æфсад- мæ. Уайтагъд хæст райдыдта æмæ нæ фарныхъæуккæгтæ ам баззадысты. Батырбегæн — Дудуйы хæдзары, мæнæн та йæ мад æмæ йæ фыдмæ. Фарныхъæумæ цы писмотæ фервыстон, уыдон æрæмбырд кæн, уæд сæ лæг мæймæ дæр каст нæ фæ- уаид. Цынæ йæм фыстон, цы дзæбæх ныхас мæм не ’рвыста, цы- нæ зæрдæтæ æвæрдтам кæрæдзийæн!.. Муради исдугмæ йæ ныхас баурæдта, йæ риуыкъæй ноджы тынгдæр байгом кодта, стæй мæ бафарста: — Хуыссæг дæ нæма æрцахста?.. — Нæ. Дзур дарддæр, — дзуапп ын радтон æз. — Мæныл дæр уæд дæуæй фылдæр нæ цыдаид æмæ дын сæ афтæ бæлвырд уымæн дзурын... Зондджын чызг уыди, иу æнкъард ныхас мæм никуы ныффыста. Стæй дзы уæд иу-цал- дæр мæйы писмо нал райстон. Кæдæм нæ фыстон, кæй дзы нæ фарстон — чызг фесæфт! Æрмæст иу хъуынтъыз фæззы- гон бон йæ мадыфсымæры чызгæй писмо райстон. Писмо куыд райстон, тагъд-тагъд æй куыд кастæн, уый ма хъуыды кæнын... Уый уыдис боныцъæхты. Æхсæв-бонмæ арв æмæ зæхх кæ- рæдзи хостой, афтæмæй цъымараты фæцыдыстæм. Бонырдæм донластæй, фæлладæй æрæнцадыстæм иу хъæдрæбын. Уай- тагъд, цыма сæ каст мах æрбацыдмæ уыд, уыйхуызæн хуры фыццаг тынтæ нæзы бæлæсты цъуппытыл схъазыдысты. Хъæд райхъал. Цъиуты цъыбар-цъыбурмæ нæ исдугмæ нæ фæллад дæр ферох. Тагъд-тагъд цы уымæл акъоппытæ скъахтам, уы- донæй рахылдыстæм. Нæ фæздæг нæ фæсоптæй калд, афтæ- мæй кастыстæм хуры тынтæм, хъуыстам цъиуты тъæлланг зарджытæм. Кæмдæр нæрыдысты сармадзактæ. Арв гуыр- гуыр кодта. Æрмæст уыдон махæй дард уыдысты. Мах уыцы сахат уыдонмæ не ’вдæлд... Хæсты быдыры салдаты цин бирæ иæ хæссы, зæгъгæ, хуы- мæтæджы нæ акæнынц. Афтæ рауад мæ хъысмæт дæр. Уыцы райсом мæм æрбахастой чызджы писмо. Уым фыст уыд: «.„Дзерассæ æмæ Мæдинæ... Партизантæн хæринаг хастой, афтæмæй немыцмæ бахаудысты. Æхсæвы сæ Тæргайдоны былмæ ракодтой æмæ сæ уым адæмы сусæгæй зæронд хæрис бæласыл сæ дзыккутæй æрцауыгътой...» 349
Сæ дзыккутæй... Æрмæстдæр ма йæ бындзæфхад кæмæн баззад, уыцы зæронд хæрис бæласыл. Мæнæ ацы тæккæ ран... Муради йæ галиу цонг бындзæфхадыл æрбатыхта, цыма йын хъæбыс кодта, уыйхуызæн ыл йæхи æруагъта æмæ йæ ныхас кæмдæр йæ риуы æнкъард зарæгау аскъуыд. Схуыфыд. йæ рахиз къухæй та йæ сæрыхъуынтæ иуварсырдæм акодта, стæй йе ’рфгуыты бынты мæнырдæм æрбакаст. — Дзерассæйы зыдтаис... Зæлинæйы мады... — Зыдтон. Иухатт ма мын гыццылæй дзабыртæ дæр ба- хуыдта... — Ныр та дын мæнæ ацы нымæты хабар ракæндзынæн. Нымæт куынæ уыдаид, уæд афонмæ нæ дыууæ дæр хуыррыт- тæй хуыссыдаиккам. Ныртæккæ доны был нæ бадтаиккам. Фæлæ йыл фæсмон ма кæн, мæ гыццыл æрдхорд. Хуыссæг æнæмæт адæймæгты уарзы... Мæнæ ацы æвзистæргъæвæг уы- ныс? Йæ чъылдымыл фыст ис æрмæстдæр дыууæ дамгъæйы: «Ц. М.» Мæ ном æмæ мæ мыггаджы райдайæн дамгъæтæ. Цæргæсты Муради. Дзерассæйы фæстæ ма сæ чи хъуыды кæ- ны бинонтæй? Дуду? Æгæр фидар дæр ма у. Хæдзары дзаг бинонтæн йæ иунæг цъæх чызгимæ сæ быныл баззадысты. Амæй-уый лæгдæр æхсæз фырты... Уыдопæй иу дæр дæ уæл- хъус ма æрбалæууæд, дæ уаргъ дын ма фæрогдæр кæнæд. Тыхджын у, фидар у, æвæдза, адæймаг. Нымæт Батырбегæн æз кæй балæвар кодтон, уый дæр дзы раджы байрох, æвæц- цæгæн, зæронд Дудуйæ. Кæд æй хъæугæ ницæмæн кæны, уæд- дæр æй бавæрдта, рæмпæг абадын дæр ыл нæ уадзы. Батыр- бегæн æй куыдæй балæвар кодтон, афтæмæй лæууы. Æрмæст йе ’ргъæвæг фæсау. Дзæбæх нал зынынц йæ фыстытæ... Æнæ- уи та куыд æрттывта, уый зоныс? Гыццыл лæппуйæ мын æй мæ фыды æрдхорд, хъуымыхъхъаг зæрингуырд сарæзта. «Къæвда бои дæ кæрц ма ныууадз, хур бон—дæ нымæт»,— афтæ-иу мын дзырдта мæ фыдыфыд. Æ(мæ-иу, институтæй колхозтæм куы цыдыстæм, уæд æй кæддæриддæр хастон мемæ. Нымæт Батырбегыл мæнæй хуыздæр фидыдта. йæ бæрзонд, фæтæн уæхсчытыл-иу æй куы æрбаппæрста, уæд æм адæймаг кæсынæй пе’фсæст. Стæй иухатт, уæртæ «Къостайы» колхозы уыдыстæм, афтæмæй Фарныхъæумæ Дзерассæйы фенын- мæ цыд. Арв уарындзаст уыд æмæ мын мæ нымæт ракуырдта. Ацыд. Уайтагъд æцæгдæр уарын байдыдта. Æз æм суанг æм- бисæхсæвтæм фæбадтæн. Стæй Батырбег зынæг куынæ уыд, уæд станмæ бахизæны лыстæныл бафынæй дæн. Иуахæмы 350
дуары хъæрмæ фехъал дæн. Кæсын, æмæ Батырбег нымæт къулыл ауындзы. Ницы йæм сдзырдтон. Уый ма иучысыл алæууыд, стæй мæ фарсмæ дзуццæджы æрбадт æмæ мын йæ уымæл былтæ мæ русыл авæрдта. — Нæ ныххуылыдз дæ?— куыд ничи нæ фехъуыстаид, аф- тæмæй йæ бафарстон æз. — Бузныг... Дæ нымæт куынæ уыдаид, уæд... Ноджы аф- тид къабайы... Иннæ сабаты сæм минæвæрттæ æрвитын хъæуы, — дзуапп радта Батырбег æмæ мæ фарсмæ лыстæныл йæ фæсоны норттыл атылд. Цавæрдæр зынаргъ духийы тæф æрбахаста йемæ æнуд, уымæл станмæ... Æхсызгон мын уыд, Батырбегæн йæ балц кæй фæрæстмæ, уый, æмæ йын уыцы рай- сом мæ нымæт балæвар кодтон. Тæргайдон йæ уылæнтæй хъазыд. Дуртимæ хъуырдухæн кодта. Йæ пырхæнтæ фæйнæрдæм тахтысты. Йæ уазал комы- тæфæй улæфыд. Мæй Сæнапы хохы цъуппыл æрæнцад. Аны- гуылынмæ йæ бирæ нал хъуыд. Муради сыстад. Нымæт ныц- цагъта. Цалдæр дыдагъы йæ бакодта. Зæронд хæрисы быпдз- æфхадмæ ма иу каст æркодта. — Æмæ ууыл уæд та куы фæуыдаиккой Батырбегæн йæ зынтæ... Æхсæз æфсымæрæй ма иу уæддæр куы баззадаид. Фæлæ цы загъдæуа адæймаджы хъысмæтæн!.. Мад фыртæн кæй цæры, йæ фыды уынгæ дæр чи нæ фæкодта, уыцы æна- хъом сабийы фыд кæй хъæуы, дардæй йæм йæ гыццыл къух- тæ кæй тилы, алы цæуæджы размæ бæгъæввадæй кæй тæхы, уый йæм хъаргæ дæр нæ кæны... Мурадийы ныхæстæм мæ зæрдæ суынгæг. Уæззау къах- дзæфтæй цыдтæн æз дæр йæ фарсмæ æмæ мæхинымæр хъуы- ды кодтон: «Цы нæ федтой, цы нæ бавзæрстой нæ хистæртæ! Чи сæ къуылых у, чи æнæкъух... Бирæтæн дзы сæ цæфтæ ныр дæр нæма байгас сты. Бирæтæ дзы сæ фыдæлтæй раздæр сурс сты... Зынтæ, æфхæрдтытæ. Фæлæ сæ зæрдæтæ сыгъдæ- гæй, рæсугъдæй рахастой, Муради... Иæ зæрдæйы сагъæстæ дзуры мæнæн, Дзибоитæ æрмæстдæр къулбадæджы йедтæмæ кæмæ ницæмæй дзурынц, уымæн. Ноджы Дудуйыл куыд тых- сы! Майрæмитæ дæр ахæм цæстæй куы кæсиккой зæронд ус- мæ. Мурадийы загъдау, Дудуйы хуызæтты хъуамæ нæ къух- тыл хæссæм. Авгау сын æрхауынæй тæрсæм. Иу зулныхас, иу зулцæстæнгас — æмæ та фæстæмæ дудын байдайдзысты сæ зæрдæйы хъæдгæмттæ...» — Æхсар, райсом-иу дæ фæндаг мæныл ракæн. Ма бафы- 351
нæй у,— мæ хъуыдытæ мын æрдæгтыл аскъуыдта Мурадийы бæзджын хъæлæс. — Хорз, — цыма мæ фынæйæ фехъал дæн, уыйхуызæк ын дзуапп радтон æз. Уый ма мын ме ’уæхск æрхоста, зæгъгæ ницы кодта, афтæмæй Дудутырдæм араст. Уайтагъд мæ хъу- стыл æрцыд Зæлинæты кулдуары къæс-къæс. Рацыдтæн нæхимæ. Уынгты иуцъиуызмæлæг нал уыд. Кæд ма Мамсыр, Асæбе æмæ Муради уыдысты хъал, æндæр ин- нæтæ иууылдæр бафынæй сты. Мурадийы ныхæсты фæстæ алыхуызон хъуыдытæ кæрæдзи ивтой мæ сæрымагъзы. Мæйы рухсмæ мæм нæ хъæу касти уæлдай рæсугъдæр. Мæ алы- вæрстæм, цыма нæ хъæуы уынгты фыццаг хатт цыдтæн, уый- хуызæн цыбæлæй кастæн. Хъæу... Чи ма йæ хъуыды кæны, чи ма йæ зоны, кæпæй нырмæ лæууы ам, лæбырд хохы бын, чысыл тъæпæныл! Цал фæлтæры дзы аивтой кæрæдзи! Цал цæрынхъуаджы дзы ба- бын хъæуæй дард кæмдæр! Æрмæстдæр ма иуæй-иутæн баз- зад сæ хорзы ном. Æрмæстдæр ма иуæй-иуты кой фæкæнынц ныхасы зæрæдтæ, хъæуы цæрджытæ. Цæрайы скъола... Баси- лы хид... Батырадзы уынг... Батырадзы фæндæгтæ... Батырадзы фæндæгтæ... Хорз ма хъуыды кæнын æз Баты- радзы. Æфсадмæ куы цыдтæн, уæддæр ма колхозы сæрда- рæй куыста. Цалдæр æмæ ссæдз азы. Æнæ раивæгæй. Абоны хуызæн ма мæ цæстытыл уайы, иухатт æмбырды куыд дзырд- та, уый: — Хъаст мæ ма ракæнут, фæлæ мæ зæнгтæ мæ коммæ нал кæсынц. Мæ зæрдæ слæмæгъ. Уæхæдæг мæ зонут, зындзина- дæй мæхи фæстæмæ никуы раластон. Уемæ цыдтæн кæддæ- риддæр. Ныр мæ бон нал у. Азтæ мæ сæ разæй скъуымбил кодтой. Гъемæ уæ курын, суæгъд мæ кæнут. Мæ бæсты мæнæ æрыгæттæй искæй равзарут. Кæд мæ фæндонмæ хъусут, уæд Айсæдуйы. Тыхджын, ахуыргонд сылгоймаг. Афтæ хуыздæр уыдзæн... Не ’сразы сты хъæуы адæм. Ныууагътой йын йæхи. Стæй иуахæмы, тæккæ найгæнæнты заман, тулдз бæласау мусы ныг- гуыпп ласта. Кусгæ-кусын, æнæхъыпп-æнæсыппæй мæнæуы кæрийыл йæ уд систа Батырадз. Æвæццæгæн, ууыл йæ цæс- сыг чи не ’ркалдта, ахæм бирæ нал баззад. Ныр дæр ма хъæуы астæу бæрз бæлæсты бынæй бæрзæндты кæсы йæ 352
къæдзæхын дурæй амад цырт. Иæ номæй йын схуыдтой хъæ- уы рæсугъддæр уынг. Исты хорз хъуыддаджы кой æрцæуæд, æндæр æй æнæ æрæмысгæ нæ фæуыдзысты хъæуы адæм. Цалдæр хатты мын йæ кой ракодта Муради дæр. Хорз зыд- той кæрæдзи... Ды та цы, Æхсар? Цы сарæзтай, цæмæй дын æрæмысдзы- сты дæ ном райсом дæ хъæубæстæ? Æви ды дæр хъæуы цæр- джытæй бирæты хуызæн фæрауай-бауай кæндзынæ мæнæ ацы цъыфджын уынгты, уалæ уыцы гæмæх рæгътыл... Баддзынæ чындзæхсæвты, кувдзынæ хистыты. Стæй дын иу бон дæхи- уыл дæр схæцдзысты æмæ дæ балæууын кæндзысты хъæуы сæр уæлмæрдты. Иннæтыл куыд фæкæуынц, афтæ дæуыл дæр акæудзысты — чи зæрдæбынæй, чи та адæмы цæстмæ. Дæ хисты ма дын «рухсаг» зæгъдзысты, стæй дыккаг бон цард æнæ дæу йæ куыст дарддæр кæндзæн. Гуырд дæ, гуыринаг дæ, уый дæ иунæг мады йедтæмæ хъуыды дæр ничиуал æр- кæндзæн. Ничиуал дæ æрæмысдзæн йæ дзæбæх дзыхы ныха- сæй... Ды цы уынгтæ надтай, уыдоныл цæудзысты æндæртæ, араздзысты цард... Нæ, кæд дæм æндæр ницы хорздзинадмæ æнхъæлмæ кæсынц дæ хъæубæстæ, уæд дзæгъæлы нæмыс уынгтæ. Кæй хъæуы дæ цард афтæмæй? Зæлинæйы? Чи зоны, раст дæ, фæлæ цæмæн хъæуы Зæлинæйы дæр? Æвзонг дæ нырма? Уый дæр раст у. Æрмæст дæ фыдæлты ныхас дæ зæрдыл дар, æнæхъару кæй дæ, уый де ’взонджы аххос куы кæнай, уæд. Уыдон-иу афтæ дзырдтой: «Гайлаг родæй бæрæг у, лæппуйæ цынæ бакæнай, уый зæрондæй нал бакæндзынæ...» «Æгады цардæй мæлæт хуыздæр у...» Æмæ цынæ диссæгтæ дзырдтой нæ фыдæлтæ! Цынæ зондджын ныхас ныууагътой сæ кæстæртæн! Æрмæст сæ арæх нал фæхъуыды кæнæм, фе- рох нæ вæййынц. Сæ фæдыл цы ныууагътой, зæгъыс? О, уыдо- нæн æндæр уыд сæ рæстæг! Æндæр уыд сæ фадат. Мигъ, сау мылазон мигъ сын æхгæдта сæ развæндаг... Дæуæн та? Цы дын нæ фаг кæны, цы дæ хъыгдары? Цу, дæ риуы æмбæрц цу раз- мæ. Ныууадз дæ фæстæ исты. Дæ фæстæ... Фæлæ цы хъуамæ ныууадзай дæ фæстæ? Цæмæй хъуамæ скæнай ном дæхицæн, дæ бинонтæн, дæ хъæубæстæн? Цæмæй!.. 5. Маст фæкъæртт Мурадийы нал баййæфтон. Æрмæст кулдуары ракомкоммæ æхсынцъы бæласы бын лæууыдысты дыууæйæ. Бутиан — уæ- 23 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 353
лæсыхаг, къæсхуыртæ сылгоймаг, йæ хъулон раздарæны фæд- джи йæ ронбасты тъыст, йæ сау сæрбæттæны бынæй йæ урс дадалитæ зындысты, афтæмæй Дудуйæн дзырдта: — Дысон æй æрæджиау базыдтон, æндæр æм æруадаин. Уæддæр æм уæлæмæ, горæтмæ цæуинаг уыдтæн. Æмæ уæ- дæ фермæйы ис, зæгъыс, нæ? Цæй, уæдæ бахатыр мын кæн, Дуду. Æв фермæмæ згъорын кæд ма йæ ныййафин. 0, хæдæ- гай, миййаг æй уым куынæ ссарон... Дæ хорзæхæй, Дуду, ауылты куы цæуа, уæд-иу ын зæгъ, æмæ мæм иучысыл фæ- лæууæд. Куы дын æй загътон, тынг æхсызгон мæ хъæуы. — Хорз, зæгъдзынæн ын, — дзуапп ын радта Дуду.— Ный- йафдзынæ йæ. Бутиан фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй цыбыр къах- дзæфтæй цæхгæрмæ уынджы атындзыдта. Æз Дудумæ хæстæгдæр бацыдтæн. «Дæ райсом хорз» зæгъынмæ йын хъавыдтæн, фæлæ йæхæдæг фæраздæр: — Æхсар... Куынæ зындтæ, уæд Муради фермæмæ ацыд. Уым дæм æнхъæлмæ кæсдзæн... — Иучысыл афæстиат дæн,— æгæр кæй афынæй дæн, уый йын не ’схъæр кодтон зæронд усæн. — Нæ къулбадæджы дыгæрдыг æй ’райхъал кодта. Цыма сыдæй мард, уый хуызæн æхсæвыцъæхæй мæкъуылы уæлхъус балæууыд. Æвæццæгæн æй йæ сыкъатæ хæрынц æмæ йæ сæр хосы батъыста. Гыццыл ма бахъæуа, мæкъуыл ма рафæлда- ха. Расурон æй, зæгъгæ. цалынмæ уырдæм уадтæн, уæдмæ лæджы райхъал кодта,— йæ мидбылты бахудт Дуду æмæ йе ’вæргæ дæндæгтæ ферттывтой. Йæ къухтæ та йæ раздарæны бын атъыста. Æз фермæмæ рацыдтæн. Нæ хъæуккæгтæ, хъазгæйæ, «Майрæмы уынг» кæй хонынц, уый дæр иннæ уынгтау æмы- змæлд кодта адæмæй. Чи дон хаста, чи йæ хъуг скъæрдта, чи йæ сыхагимæ ныхæстæ кодта. Бедраты уынæр, родты уасын... «Майрæмы уынг», иннæ райсомты-иу куыд раджы райхъал, афтæ райхъал ацы райсом дæр. Хъæусоветы дуармæ уæрдоны ифтыгъдæй лæууыд Асæбейы бæх. «Кæдæм сфæнд кодта зæронд? Дон ласынмæ та ма цæ- уæд»,— хъуыды кодтон мæхинымæр æмæ уæрдонмæ хæстæг- дæр бацыдтæн. Уыцы сахат, дæргъæй-дæргъмæ фæйнæгæн йæ дыууæ кæроныл хæцыдысты, афтæмæй кæртæй рахызтысты Мамсыр æмæ Асæбе. | — Цы сфæнд кодтат? — бафарстон æз æмæ, уæрдоны 354
гуыффæйы цы дыууæ хъæды уыд, уыдонмæ бацамыдтон.— Адонимæ уæ Майрæм куы æрцахса, уымæй нæ тæрсут? Гъа, Мамсыр ма цыфæнды фæуæд, уый хъæусоветы нæ кусы, фæ- лæ дæуыл цы æрцыди, Асæбе? — Æмæ сæ хъæдæй куы ластон, уæд мемæ, миййаг, уыд? Ласт дæр хидæн уыдысты, фæлæ сыл абон-райсом фæкодта. Шифанер дзы аразынмæ хъавыд. Сывылдз шифанер, — загъ- та Асæбе. Стæй йæ куырæты фæдджи йæ синысæр асагъта æмæ Мамсырмæ цæхгæрмæ фæзылд. — Дæ разы ма скъæты фæлхæртты бын ды тæрс фæйнæджытæ ис, уыдон дæр авæ- рæм... — Уæ, ма кæн, зæронд, æгæр спырындз дæ. Уæд та Май- рæмæн йæхи æрбацыдмæ фæлæууæм. Æхсары загъдау, мæ- нæн цы йæ бон у, фæлæ фыдбылызтæ дæуыл æрæнцайдзы- сты, — дæлгоммæ ныхасæй дзуапп радта Мамсыр, æмæ йæ цыма фæйнæджытæ хæссын тынг нæ фæнды, уый хуызæн скъæтырдæм араст. \ — Донласт хуылыдзæй нал тæрсы. Тæнзæрдæйæ хъæба- тыр нæй, Мамсыр... Стæй нæ æфхæргæ дæр цæмæн бакæн- дзæн, нæ зонын. Нæ хæдзæрттæм сæ куы нæ ласæм, миййаг. Хид аразын хъæуы? Хъæуы. Бузныг ма нын хъуамæ зæгъа,— дзуапп радта Асæбе æмæ уый дæр йе ’рдхорды фæдыл ацыд. — Æнхъæлмæ кæс... Бузныгыл дæр дæ нæ ныууадздзæн. Æртæ чъирийы, двайнойы графин,— сарайæ йæ худын рай- хъуыст Мамсырæн. — Уымæй йын ма тæрс. Цъæх цады комæй йын дон кæй фæластон, уый тыххæй мын куы никуы ницы сарæзта, уæд ныр хиды тыххæй? Нæ, ахæм Майрæм дзы нæ федтон. Иæ къæбæр нымад у, кæмæн æй дæттын хъæуы, уый хорз зоны, — цыма дзуапп Мамсырæн нæ, фæлæ мæнæн лæвæрдта, уый хуызæн мæм йæ рихийы бынты бахудт.— Зын ын уыдзæн, фæ- лæ цы гæнæн ис? Йæ фыдæлтæ дæр сывылдз шифанертæ нæ дардтой... Зæрæдтæн фæйнæджытæ уæрдоны сæвæрынмæ аххуыс кодтон. — Æхсар, ды цу. Ныртæккæ лæппуты ардæм хъæуы. Уы- дон нын аххуыс кæндзысты. Уæвгæ, кæд мæнæ Мамсырмæ хъæуы фæкæсын. «Рæгъауы» фæстæ куы фæгобан уа, мий- йаг... Ахъуыды ма кæн, дуканийы алыхуызон къафеттæ æмæ сæкæрты адджын тæфмæ, дæхæдæг зоныс, астæуыстæджы уæлдай хъултæ фæзыны... — фæйнæг йæ фæдыл рацæйласта, 355
афтæмæй загъта Асæбе. Стæй Мамсырмæ фæстæмæ ракаст. Мамсыр æй æнæисты дзуапп кæй нæ ныууадздзæн, уый зыд- та. Æмæ æцæг, Мамсырмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Иæ нымæтхудæй йæ ныхы хид асæрфта æмæ йе ’рдхорды фелхыскъ кодта: — Дæ бонæй у, ды рæгъаумæ дæр фистæгæй нæ цæуыс. Саргъыбæхыл, уæрдонæй. Цъæх цады донæй хаст дæ ды... Ныртæккæ дæм бæрæг уыдзæн. Тæрсын, мæ астæуыстæджы хъултæ нымайынмæ дæ куынæуал равдæла, уымæй. Нæ сæр- мæ арв хъулæттæ кæнын байдыдта, ме ’рдхорд. Дæлæ Май- рæм лæбурæджы цыд скæны. Дæ гуырæй райгæ у. — Мæ фыдбылызтæ йæ хай. Иннæ бонты сихормæ куы нæ сты, уæд ыл ацы райсом цы æрбамбæлд?.. — Муради... Бамбæрстай мæ?— фæйнæг йе ’уæхскæй мæстыгæр æппæрст æркодта, афтæмæй загъта Мамсыр. — Гъо, уыцы хъуыддагхуыз дæр уымæн у. Кæсыс, йæ урс хæлаф дæр не ’скодта абон... — Хид аразут? Нырмæ дæр æм февналын хъуыд. Цастæ ацаразинаг у, — хистæртæн «уæ райсом хорз» дæр нæ загъта, зфтæмæй æцæг хъуыддагхуызæй æрбалæууыд нæ уæлхъус Майрæм. Зæронд, хур кæй басыгъта, ахæм сау хæдон йæ уæлæ, йæ цырыхъхъытæ, цыма дысон-бонмæ быдырты фæрахау-ба- хау кодта, уый хуызæн рыгæй нал зындысты. — Муради нын алывыд ныккалдта. Хъæусоветы фындзы бынмæ, дам, уыцы хид саразынæн не ’стут. Худинаг уын нæу? — загъта Асæбе æмæ Майрæммæ бакаст, кæддæра цы зæгъвд, зæгъгæ. —• Тынг раст уайдзæф нын бакодта... Цæттæ хъæдæрмæг сарайы... Иу бон æм февнæлдтаиккат. Куы йæ зоныс, Асæбе: мæн мæ куыстæй мæ сæр схъил кæныны бон нæй. Цалдæр хат- ты дын зæгъынмæ хъавыдтæн, хид саразæм, зæгъгæ, фæлæ мæ иннæ хъуыддæгты æхсæн ферох... Æмæ Муради мæн нæ агуырдта? — йæ рыгæйдзаг цырыхъхъытæм æркаст, йæ галиу къух йæ ронбасты атъыста, афтæмæй бафарста Майрæм. Асæбе цæмæндæр мæнырдæм æрбакаст, йæ иу æрфыг фез- мæлыд æмæ дзуапп радта: — Куыннæ!.. Иæ ныхас дæуæй куы райдыдта... — Æмæ ныр кæм и? — Мæ-гъа, ам-фалæмæ баивгъуыдта... — Иунæгæй? — Иунæгæй... 356
Майрæм ницыуал загъта. Хъæусоветырдæм цæхгæр фæ- зылд æмæ ма тыргътæй йæ ныхас райхъуыст: — Рæвдздæр февналут. Ныртæккæ уæм æз дæр фæкæс- дзынæн... — Æиæ уыцы кæсагæй нырмæ кæм уыд нæ хицау? Фен- дзынæ, Асæбе, уый ма нæ йæ шифанеры маст <иу æмæ дыууæ хатты нæ райсдзæн, — загъта Мамсыр æмæ бæхы рохтыл ахæцыд. Раст зæгъын хъæуы, Мурадимæ куынæ тагъд кодтаин, уæд ма Мамсыритимæ афæстиат уыдаин. Кæд мæ фыдæй дæр би- рæ хистæртæ уыдысты, уæддæр сæ уæлдай уарзтæй уарзтон. Æнувыд мыл уыдысты сæхæдæг дæр. Сæ хъазæн ныхæстæм- иу куы бахæццæ сты, уæд сæм адæймаг хъусынæй не ’фсæст. Цынæ дзырдтой кæрæдзийæ, цынæ мысыдысты кæрæдзиуыл! Иу хъæуы схъомыл сты, дыууæ æфсымæры цард фæкодтой. Зыдтой сæ кæрæдзийы хабæрттæ, сæ кæрæдзийы сусæг сæнт- тæ. Æмæ-иу дыууæ зæрондæй иу иннæйы куы фелхыскъ код- та, уæд дыккаджы ныхас агурын нæ хъуыд. Кæмæндæриддæр дзы йæ хъазæн ныхас цæттæйæ лæууыд йæ былыалгъыл. Æр- мæст хъæубæстæй абон дæр ничи зоны, чи сæ хистæр у, уый. Сæхæдæг дæр æй нæ зонынц. Сæ гæххæттытæм гæсгæ æм- гæрттæ сты. Æрмæст Мамсыр стæвдтæдæр у, Асæбе та, Мам- сыр дзы куыд фæзæгъы, афтæ цыма хор æмæ донæй нæ цæры, уый хуызæн хус æмæ даргъ. Кæддæр ма дзы Мамсыр хъазгæйæ афтæ дæр загъта: — Асæбе, дымгæ кæй кæны, уый æмбарыс? Дæ дзыппы уæд та дуртæ нывæрдтаис, дымгæ дæ искуыдæм куы фæхæс- са, миййаг... — Мæнæн ма тæрс, фæлтау дæлæ уынджы тигъыл дæ фырты фырт кæуынæй йæхи акъæртт кодта æмæ уый баса- быр кæн... — Æмæ йыл цы æрбамбæлд, чысыл раздæр æй дзæбæхæй куы ныууагътон? — сывæллоны коймæ йæ хъустæ сдардта Мамсыр. — Дада мын мæ хъазæн порти аныхъуырдта,— уыцы æцæгхуызæй загъта Асæбе æмæ сæ дыууæ дæр зæрди’аг худт ныккодтой. Куывды дæр, хисты дæр фæрсæй-фæрстæм бадынц. Стæй ахæм хъуыддæгтæм искуы-иухатт йедтæмæ хицæнтæй дæр нæ цæуынц. Рынчын сæ мачи уæд, æндæр иу хистæры бæсты дæр дыууæйæ бадынц. Афтæ сыл сахуыр сты хъæубæстæ æмæ 357
сæм, фынджы уæлхъус, кæмæн куыд бадгæ у, уый тыххæй ра- гæй ничиуал дзуры. ...Хъæугæронмæ ахызтæн. Фермæйырдæм фæндаджы иу- вæрсты тындзгæ æрбацæйцыд Аслæмбеджы мад^Бутиан. Мæ цурмæ куы æрбахæццæ, уæд æваст фæлæууыд. Р1æ маст кæ- мæн фæкъæртт, ахæм адæймаджы хъæлæсæй загъта: — Фæдфæливджытæ, сайæгойтæ!.. Нæ сæрдар Дзибойæ зæгъын... Ныр æм æнæхъæн мæй къахихсыд бадæн. Ме ’взаг æрдуйæ нарæгдæр сси. Абон-райсом мын фæкодта. Цыма йыи сывæллон дæн, уыйау мæ сайы. Мæ мад цы мæрдты ис, уыцы мæрдтыстæн, кæд ма мын иуæй-иухатт ахæмтæм кæсгæйæ мæ цард ад фæкæны. Уæ, уæ бындур ныззила, дзурынмæ та куыд дæсны сты, дзурынмæ!.. Комкоммæ дæм кæсдзæн, гæды ны- хæстæ дын кæндзæн, æмæ йæ цæст дæр нæ фæныкъулдзæн. Цу, дæхи дæр мауал удхарæй мар æмæ мах дæр. Райсом куынæ уа, уæддæр дæм иннæбон зындзысты, сараздзысты дын дæ хæдзар, зæгъгæ, мын иу-дæс хатты зæрдæ бавæрдта. Фенхъæлмæ йæм кастæн, стæй куы ничи зынд, уæд та йæм æндæрæбон бацыдтæн. Уый мæм фæгæпп кодта, йæхи мыл сцагъта æмæ мын афтæ: — Хъус-ма, Бутиан, нал дæ фæразын. Дæ хорзæхæй, дæ хæлддзаг мусонджы йедтæмæ колхозæн куыст нал ис? Цы мæм лæбурыс алы бон? — Куы ницы дæм лæбурын, Дзибо. Зæрдæ мын куынæ бавæрдтаис, уæд ын афонмæ исты амæлттæ кодтаин,— мæхи сраст кæныны зæрдæйæ йын дзуапп радтон æз. — Æмæ дын уæд обкоммæ дæ хъаст æнæ сæрвитгæ нæ уыди? Иу бон нал лæууыд дæ хæдзар? Цæугæ, æмæ дæ об- коммæ чи сардыдта, уыдон дын æй саразæнт. Мах ныртæккæ дæумæ не ’вдæлы, — цæхæр калдта, афтæмæй дзырдта Дзибо. — Цæй обкомы кой кæныс? Æз дæуæй дарддæр куы ни- кæмæн ницы загътон... Уæдæ мын афонмæ дæр афтæ загътаис, æмæ уæд исты кодтаин. Мæ мæгуыр лæппу дæр йæ бон зыд- таид,— уыцы ныхæстæ ма йын куыд загътон, уый дзæбæх дæр нал хъуыды кæнын. Гыццыл ма бахъæуа, мæ зæрдæ ма ба- хъарм уа. Æнæуи дæр мын хъыгдард у. Тыххæйты ма тыргъ- тæм рацыдтæн. Уым цæджындзы æнцой иуцасдæр фæлæууыд- тæн. Лæппу мæ, цы кæныс, зæгъгæ, цалдæр хатты бафарста, фæлæ йын ницы схъæр кодтон... Æнæуи дæр, мæгуыр, ныр дыккаг мæй йæ хуыссæнæй нæ рахызти. Ноджы нæ хæдзары пълантæм кæсгæйæ, йæхи бон сын кæй ницы у, уый тыххæй 358'
мæсты кæны, тыхсы... Мæ судзгæ мæрдтыстæн, иуæй-иухатт афтæ стыхсы, æмæ йын, йæхицæн исты куы кæна, уымæй стæрсын. Æмæ ма мын ууыл исты куы æрцæуа, уæд мæ цард циу? Цы ма дзы кæнын уыцы хæдзæрттæй, уыцы цардæй?.. Нæ лæппуйы нын нæ зоныс, Аслæмбеджы?.. — Зонын,— дзуапп радтон æз æмæ уыцы сахат мæ цæсты- тыл ауад, йæ иу къах хауд кæмæн уыд, йæ галиу рæуæджы дыууæ нæмыджы кæмæн ахызт, уыцы къæсхуыртæ Аслæм- беджы фæлурс цæсгом. Иæ мады дæр ын зыдтон. Федтон-иу æй хъæуы, быдыры. Фæлæ афтæ тагъд кæй базæронд, уый нæ зыдтон. Æвæццæгæн, йæ рынчын фырты мæтæй... — Лæппуйы кой дын кодтон, — дзырта зæронд ус.— Сæ цæрæнбон бирæ йе ’мбæлттæн, уыдон æй рох нæ уадзынц. Сæ хъус æм дарынц. Ацы фæззæг дæр та йын Хъырыммæ гæх- хæтт ссардтой. Сабеш дæр ын аххуыс кодта. Тагъд йæ цæуын афон у, фæлæ хæдзар афтæ æдзæллагæй куыд ныууадза. Йæ иу тигъ бынтондæр ныккалд. Дзибо мын зæрдæ куынæ ба- вæрдтаид, уæд æй йе ’мбæлттæ афонмæ бæргæ сарæзтаиккой. Уый тыххæй дæр дзырдтон нæ сæрдарæн, иучысыл нæм хъæдæрмæгæй каст куы уаид, уæд æй аразгæ Аслæмбеджы æмбæлттæ скæниккой, зæгъгæ. Дзурын дæр мæ не ’суагъта. Дæ фырт махæн не ’ппæты тыххæй куы ссардта уыцы уæз- зау низ хæсты быдыры, дæхæдæг, цалынмæ дæ бон уыд, уæд- мæ дæхи колхозы куысты куы рафтыдтай, уæд нын дæ хæдзар- мæ фæкæсын хæлæг кæныс? Нæ, иу æрдхорд дæр нæ æмæ иннæ дæр. Нæхи бар нын æй уадз. Уый Аслæмбеджы æрд- хæрдты хъуыддаг нæу, мах хъуыддаг у... Мæсты дæр ууыл кæнын, йæ ныхæстыл иннæрдæм кæй ра- зылд. Уæдæ мыл обкоммæ бахъаст кодтай, зæгъгæ, загъта æмæ йын, мæ иунæджыстæн, йæхицæй цы фехъуыстон, æндæр кæд исты зонын! Аслæмбеджы æмбæлттæй сын кæд исчи исты загъта. Æндæр мын ацы лæг мæ хæдзары хабар цæмæй зоны? Æрдæбон йемæ куы ныхас кодтон, уæд мын уайтагъд афтæ: — Уæдæ Бутиан ды дæ? Гъы, куыд у дæ хæдзар? Хорз дын æй сарæзтой? Аслæмбег ма хуысгæ рынчын у? Æз дисы бацыдтæн, нырма йын куы ницыма загътон, уæд мын мæ хабæрттæ цæмæй зоны, зæгъгæ. — Æнæхæдзар сæ лæгтыдзуар фæкæнæд... Бахатыр кæн, фæлæ нæ хъæуы колхоз куы сарæзтой, уæдæй нырмæ дзы хæ- рæджы хафт фæкодтон. Ныррынчын дзы дæн. Мæ бон кусын 359
нал у æмæ мæ ныр куыдзы хъуыды дæр нал кæнынц. Ноджы мæ æндæрæбон Дзибо правленийæ ратардта, дæуæн иунæг бон ницы уыдзæн, нæ фæллой быдыры уарынмæ сæфгæ кæны, ныртæккæ нæ дæумæ не ’вдæлы, зæгъгæ. Уæдæ ма йæ цæмæ æвдæлы? Галуантæ дзы куынæ агурын! Æрмæстдæр мæ рын- чыныл тæдзгæ куыд нæ кæна, афтæ... У-у, мардзæ, зæгъ ын. Дæумæ уæддæр кæд байхъусид... Мæ ныхæстæ йын кæд хъыг уыдысты, уæддæр ын сæ загъ- тон. Уадз æмæ сæ зона. Уæдæ ма сæ хуыздæр кæмæн загъ- таин? Байхъуыста мæм. Зæхмæ бирæ фæкаст, стæй æрæджиау загъта: — Цу, Бутиан, ныр æй мæ бар уадз... — Куыд дæм кæсы, Æхсар? Нæ мæ фæсайдзæн? Æууæн- дон ыл? Искуыдæм ма хъаст кæнон? — Макуыдæм уал. Муради йæ ныхас нæ фæсайдзæн... — Гъемæ, дæ рынтæ мæ гуыбыны. Æз дæр афтæ æнхъæл дæн. Йæ ныхæстыл бæрæг уыд. Хуымæтæджы мæсты уыд Дзибо æмæ Майрæммæ! Ныр мæм Дзибо бынтондæр схæрам уыдзæн... Цæй, уæвгæ дзы тæрсгæ ницæмæй кæнын. Цы сæфт дæн., уымæй сæфтдæр нал фæкæндзынæн. Иæхи аххостæ сты. йæхицæй зæххы бикъ, комы дæгъæл аразы... Майрæмы кой дæр ын ракодтон. Уадз æмæ йæ зона. Влас- ты худинаггæнæг кæй у, уый дæр ъш загътон. Гъомæ, уæдæ, Æхсар, кæдмæ нæ дзыхтæ бастæй дардзыстæм. Уынынц æй, лæг дзæгъæлы уынгты рабыр-бабыр кæны, кæнæ разуæзæн ницы хос у, кæнæ фæстуæзæн. Æмæ йын, истæмæ дæ астæу æртасын кæн, зæгъгæ, ничи зæгъы... Тæхуды, иу бон мæм йæ арахъхъы тæф калгæ куыд æрба- цыд, уый куы федтаис... Мадымайрæм дæр æй хуымæтæджы нæ хонынц... Ныззылынтæ, æфсæрмыгæнаг чындзы ратас- батас систа. Цалынмæ мемæ ныхæстæ кодта, уæдмæ мын мæ хæдзар цалдæр хатты ацарæзта... Уæд æй æнæдзургæ ничи уагъта? Цæуыл ма мын мæ мастыл цæхх кæны... Дымгæ, хъæуы хицау нæ фæлæ... Бутиан зæххыл нал хæцыд... — Цæй, æз тæхын. Нырма лæппу æххормаг у. Иунæгæй йæ ныууагътон,— йæ ныхас фæци Бутиан æмæ та цыбыр къах- дзæфтæй згъорæгау акодта. Æз йæ фæдыл кæсгæ баззадтæн. Кæд мын мæ ном нæ загъта, уæддæр мæхимæ азымджын кастæн Бутианы, йæ рынчын фырт Аслæмбеджы раз. 360
«Нырмæ дæр Дзибомæ цæмæн æнхъæлмæ кастыстæм? Цы Дзибо у, уый нæ зонæм. Хъæуы фæсивæдæн дыууæ боны куыст дæр куынæ уыд. Ау, уæдæ-иу адæм раздæр сæхи куысты- ты разæй дæр хъæуы сидзæргæсты куыстытæ куы кодтой. Зиутæ-иу куы арæзтой. Уæд мах цы кодтам, афтæ æнæрхъуы- ды цæмæн стæм?» — хъуыды кодтон мæхинымæр æмæ фыр- æфсæрмæй мæ цæсгом сыгъд. ...Фермæйы кæрты ничи уыд. Æрмæст чызджытæй чидæр урс халат æмæ хъулон сæрбæттæны иу зынд фæкодта. Фæстæ- мæ дæр нæ фæкаст, афтæмæй, сæ фæллад цы уаты уагътой, уым фæмидæг. Иæ фæдыл бацæуон, зæгъгæ, куыддæр уыцы- рдæм фæзылдтæн, афтæ фермæйы хицау Хамби кæройнаг скъæтæй рзхызт. Йæ кепкæ—йæ дæларм, базыцъарыйас цъæх къухмæрзæнæй йæ сырххъулæттæ цæсгомы хид марз- та, афтæмæй йæ гуыбын йæ разæй рахаста. Йæхинымæр кæи- мæдæр хæцыд, хъуыр-хъуыр кодта. Æз æм ницы сдзырдтон. Иæхæдæг дæр мæ нæ бафиппайдта. Къæсхуыртæ, бурхил фыдцъылысæй йæ хъуыды кæнын Хамбийы. Фæлæ æхсæны куысты куы бахауд, уæд йæ нарæг астæу бонæй-бон дзагдæр кæнын байдыдта. Стæй йæ фæрстæ синтимæ сæмвæз сты. Гуыбын размæ ракъуыпп, стымбыл. Йæ нарæг, æвзист æргъæвæгджын рон кæмдæр къуымы баппæрста. Рон иуæй гуыбыныл æххæсгæ нал кодта, иннæмæй таæдæр- гъæвджытæ гуыбыны æнцъылдты кæмдæр æмбæхстæй лæууы- ди. Æнæ ронæй куыд цыдаид, æмæ йæ фырт Алберд горæты æф- сæддон рон балхæдта. Ныр уыцы роныл йæ гуыбын ауыгъдæй хæссы. Æмæ йæм фæрсырдыгæй куы кæсай, уæд афтæ зыны, цыма уыцы æфсæддон рон куынæ уаид, уый йыл хæрдмæ куы- нæ хæцид, уæд гуыбынæн зæххыл йæ тъæпп раджы фæцыдаид. Афтæ каст Хамбийæн йæхимæ дæр, æмæ уымæ гæсгæ тынг бузныг уыд йæ ронæй. Йæ къухтæн дæр ын тынг æххуыс уыд. Роныл-иу сæ æрсагъта, йæ гыццыл цъæх цæстытæ-иу æрфгуы- ты бын амбæхста, цыма сын истæмæй фæрæхойынæй тарсти... — Ды дæр ам дæ? — йæ бæрзæй ма асæрф-асæрф кодта, афтæмæй мæм фемдзаст Хамби.— Цу тагъддæр, æнхъæлмæ дæм кæсы. Æнæ дæу йæ къæбæр йæ хъуыры нал цæуы,— йæ бур цæстыхаутæ сæ мидбынат скафыдысты, афтæмæй ралæ- хурдта Хамби. «Цымæ сыл цы æрбамбæлд? Иу дæр дзы рæстмæ ныхас зæгъын куынæуал зоны. Майрæм æмæ мæм Дзибо дæр, бирæгъ 361
фысмæ куыд кæса, афтæ кæсынц», — загътон мæхинымæр æмæ йæ, кæддæра дарддæр цы ми кæнид, зæгъгæ, къахæгау бафар- стон: — Мурадийæн кусарт, миййаг, акодтат? Афтæ æхсызгон æй цæмæн бахъуыдтæн?.. — Гъо... Фараст нæл фысы æмæ иу цъæх дыгæрдыг... Цу, миййаг дæм дзы куы ницыуал æрхауа... Æртыккаг бон йæ фæ- дыл кæй ралли-балли кæныс, уый тыххæй дын сгуыйы хай ныууагъта. Дæ фыдæбæттæ дын уæдæ хуыздæр цæмæй ба- фида?.. — Цыма мæныл дæ топпыхос дзæгъæлы сафыс, Хамби... Кæмæндæр йæ бæхыл йæ бон нæ цыд æмæ йæ саргъы надта...— басабыр кæнын æй уыд мæ зæрды, фæлæ фермæйы хицау иу- ран нал лæууыд. — Дæ зæрде мах нæ зонæм, цытæ кæныс, уый? Нырма сырдтыты нæма фæдæ, Æхсар. Фæсмон дæм æрцæудзæн. — Æртхъирæн?.. Мæнмæ?.. Цæй тыххæй? Цы зæгъынмæ хъавыс, уый ма комкоммæ зæгъ. Бахатыр кæн, фæлæ æз дæ уайдзæфтæм хъусынмæ не ’рбацыдтæн! — мæ масты дзæкъул сабыргай хæлд, афтæмæй йæм хæстæгдæр балæууыдтæн. Цыма йын сывæллон уыдтæн, уыйхуызæн мæм мæстæй марæджы цыд æрбакодта. Иæ сины сæртыл æрхæцыд æмæ æлгъгæнæгау загъта: — Мард, дам, чъыллипп нæ кæны... Ничи йæм кæсы, йæ къæдзилыл куыд схæцыд. Чи дæ, цы дæ хъæуы ам, фермæйы? Цæуыл сызмæстай бæстæ? Цæмæн ныл æрдауыс Мурадийы? Нæ бынæттæм нын кæй хъавыс, уый тыххæй? Зæлинæйы дæр ныл уымæн сардыдтай?.. — Чи уæ ардауы Мурадийыл? Нæ, Хамби, ды кæй зæгъ- ыс, уый дзы нæ рауайдзæн! Дæ ныхæстæ дæ ма ферох уæнт. Æз дын сæ иуахæмы мæхæдæг дæ зæрдыл æрлæууын кæндзы- нæн. Æрмæст-иу сыл фæсмон ма фæкæн. — Мæ рахиз къухы æнгуылдзтæ æддæг-мидæг ауадысты. Мæхи ма йæм тыххæй баурæдтон. — Цъæхæй рæгъæд... Нырма дæ авдæны бын куы нæма бахус, уæд мæм цытæ уæндыс? Дæ хæстæг Мурадийæ хъал дæ? Дæ зæрдыл æй бадар, Муради цæрæнбонты ам нæ уы- дзæн. Ацæудзæн. Æзæмæдытаам баззайдзыстæм. Муради- йæн кæд дæуæй хæстæгдæр ничи ис, уæддæр паддзах нæма у. Бамбæрстай? Па-а-ддзах нæма у!.. — Хъус-ма! — йæ цонг ын ацахстон æз.— Хистæры хатыр 362
дын фæуæд. Æрмæст-иу мæ инкæ хатт хъаст мауал ракæн... Æвæццæгæн мын æгæр æвнæлд фæци, йæ цонг тыххæйты атыдта мæ къухæй. Иуварс ацыд æмæ мæм æлхынцъæрфыгæй æрбакаст. — Фæлæуу, Æхсар, кæд дæ митыл фæсмон не ’ркæнай, уæд дæм бæрæг уыдзæн. Кæстæртæ мын кæй ис, уый дæ рох ма уæд. Уыдон дæр мад æмæ фыдæй райгуырдысты. Ирон туг сæм ис... Дæ мад Айсæдуйы мæстытæ дæр мæнæй райсынмæ хъавыс?.. — Зынгджын зынгæй стъæлфаг... Æнхъæлдæн æмæ дын дæ гамхуд систой. Де ’хсыры къæм нæ, фæлæ æнæхъæн æргъуын бахауд. Дæ фырт Албердæй та дын тæрсгæ нæ кæ- нын. Кæд горæты нæ, фæлæ Мæйы алы фæрсты лекка кæны, уæддæр.— Кæд мæ маст цæджджинагау фыхт, уæддæр мæ мидбылты бахудтæн æз. Æвæццæгæн, уыцы сахат хибар ран куы фæуыдаиккам, уæд ыл нæ бацауæрстаин. Ме ’ппæт мæс- тытæ дæр дзы систаин. Кæд мæнæй бирæ хистæр уыд, уæддæр æм мæ ныфс бахастаин. Ау, йæ дæс цæфæн ын иу цæф уæд- дæр нæ ныккодтаин... «Мурадийы хæстæг... Нæ бынæттæм нын хъавыс... Арда- уыс ныл æй... Гæды митæ йын кæныс... Кæцæй сæ æрхъуыды кодта? Цæмæн сæ бахъуыдысты уыцы ныхæстæ? Раст уыди Аслæмбеджы мад...» — Мæ мастимæ иумæ сæмхæццæ сты уы- цы хъуыдытæ. Сæры фæхстæ фæйнæрдæм тыдтой. Зæрдæйы риуыгуыдырмæ нылхъывтой. Æмæ сæ цыма Хамби тæрсгæ кодта, уый хуызæн йæхи аивæй фæстæмæ-фæстæмæ аласта, скъæты фæстæ фæци. Чызджыты уатæй райхъуыст кæйдæр худын. Æз уыцы- рдæм фæкастæн. Рудзынджы цур, йæ къухы дынджыр цъæх кружкæ, афтæмæй лæууыди тымбылдзæсгом саулагъз чызг. Иæ галиу дæлхъуыр стыр сау стъæлф, йæ фæтæн фындзы бынмæ, дасынмæ чи бæззыд, ахæм сау рихитæ. Чызг худæгæй бакъæцæл. Иæ къухæй мæм цыдæр ацамыдта, стæй æд доны бедра мæ цурмæ рауад. . .— Нæ хицауы нын цæмæн бафхæрдтай? — йæ мидбылты худт, афтæмæй мæ бафарста чызг. — Æнæ дæу дæр ын хорз фесты. Иæ хид къоппæй акалд. Обкомы секретарь ын йæ хъуын ацагъта. Ныр дæр уæртæ мидæгæй ис. Дзибоитæм куы бакæсис. Уыдон дæр нырма æрæджы æрбацыдысты. Цом-ма, байхъус сæм. Ахæм æмбырд нæм никуыма уыд. Куыд дæсны лæг у, æвæдза. Мурадийæ зæгъын... Æрдæбон куы æрбацыд, 363
уæд мæ фыдбылызæн йæ размæ фæдæн. Бацин мыл кодта, стæй мæ уæд Хамбийæ бафарста. Уæртæ доны былырдæм ацыд, зæгъгæ, мæ дзæгъæлдзых нал фæлæууыд. Арвыста мæ Хамбимæ. Йæ хуыр-хуырæй йæ ссардтон. Иæ бæгъæввад къæхтæ доны уазалмæ сарæзта, афтæмæй фæрвы бын цъæх нæууыл хуыссыд. Райхъал æй кодтон. Горæтæй дæ цавæрдæр уазæг агуры, зæгъгæ, йын куы загътои, уæд йæ цæстытæ аууæрста. — Нæ йæ ссардтон, зæгъгæ, йын зæгъ. Бамбæрстай? — йæхи мыл сцагъта Хамби æмæ йæ хæлафы фадгуытæ уæлæ- мæ фæлдахыныл фæци. Рацыдтæн. Мурадийы куыд фæсайдтаин, æмæ йын Хам- бийы хабæрттæ ракодтон. Уый ницы загъта. Æрмæст йæ сау бæзджын æрфгуытæ базмæлыдысты æмæ доны былырдæм ацыд. Хамбийыл куы- дæй фембæлд, цы йын загъта, уымæн ницы зонын. Æрмæст чысыл фæстæдæр фæстæмæ куы æрбаздæхтысты, уæд Хамби йæ фарсмæ уайсадæг чындзау цыд. Иæ хæдоны риу — хуы- лыдз, йæ худ — йæ къухы. Мæ цурмæ куы æрбахæццæ сты, уæд мæм, Муради йæ куыд нæ федтаид, афтæмæй йæ тым- был къух батылдта. Уый тымбыл къухæй æвзидын уарзы. Ма- хыл хъæртæ кæнынмæ дæсны у. Фæлæ Мурадийы раз дзæбæх куы ныхъхъус. Маст чи ферох кæна, ахæм нæу Хамби. Фыд- былыз саразыпыл нæ бацауæрддзæн. Тæрсгæ дзы ницæмæй кæнын. Фермæйæ мæ фæсурæд, нæ хæдзарæй дæр ма мæ сурдзæн? Мæлæты зæрдæрухсæй дзы куынæ кусын, мий- йаг... Чызджы фæстаг ныхæстæн, фермæйы Хамбийы тыххæй нæ кусыс, зæгъгæ, дзуапп раттынмæ хъавыдтæн, фæлæ уыцы с’а- хат Зæлинæ кæртмæ рахызт... — Афассæ, дæ дон æлхæнгæ кæныс æвн?..— загъта Зæли- нæ æмæ куыддæр йæхинымæр фæтыхст. — Бæстæ уазæгæй байдзаг æмæ... Куыд у, никæй зæрдæ дзы бахъарм? Иу уал дзы скъæты фæстæмæ фæцæуы, — дзуапп радта Афассæ æмæ Хамбийырдæм бацамоныны бæсты мæнырдæм æрбакаст. — Цом, ды дæр нын не ’мбырдмæ бай~ хъус. Ракæн æй, Зæлинæ... Афяссæ, цыма æцæг искæмæн йæ зæрдæ бахъарм и æмæ уымæ тагъд кодта, уыйхуызæн кæройнаг скъæтырдæм азгъордта. , — Ам цы лæуыс? Мидæмæ цом, — цавæрдæр ризгæ хъæ- 364'
лæсæй загъта Зæлинæ æмæ йæ къухы æрмттæ йæ рустыл авæрдта.— Цæй, цом. Цы мæм ныккастæ?.. ■ — Æндзаргæ уыл бачындæуыд, æви уыцы сырхæй, уыцы фæздæгкалгæ куы рагæпп кæнут? — йæ цурмæ хæстæгдæр ба- цыдтæн æз. Зæлинæйæн йе ’рфгуытæ сынтыбазыртау йæ ны- хыл хæрдмæ стахтысты, æрбакаст мæм æмæ дзуапп радта: — Араугæ... Бензинимæ... Цом, дæхæдæг æй фендзынæ. Æмæ, æцæг, хъомдонæн кæд йæ рудзгуытæ, йæ дуæрттæ гом уыдысты, кæд дымгæ йæ иу кæронæй иннæ кæронмæ дымдта, уæддæр дзы сулæфæн нæ уыд. Хуылыдз фаджысы смаг фындзыхуынчъытæ арыдта. Æмбырды хуызæнæй дзы ницы баййæфтон. Ныхас кæй кæм æрæййæфта, уым йæхицæн æрбынат кодта. Иутæ дурын кæвдæсты былтыл бадтысты, иннæтæ лæугæ кодтой, чи та цæхи рагъхъæдыл бауагъта. Фыццаг бакæсгæйæ афтæ зынд, цыма сын исчи ныхас кæны æмæ уымæ хъусынц. Æрмæст Афассæ доны бедраимæ се ’хсæн куы февзæрд, уæд базмæлы- дысты. Хамби дæр, цыма йæ къæхты бын зæххæн ныттоны- нæй тарст, уыйхуызæн хъавгæ æрбацыд, кæронмæ æввахс кæвдæсы тигъыл æрбадт. Дзибо, хъугдуцджытæй ивгъуыд мæй чи цас æрдыгъта, уыдон нымадта. Чызджытæм йæ къухæй амыдта, сæ нæмт- тæ сын радыгай дзырдта. Кæй дзы Дзыкъы хуыдта, кæй Бæдул... — Афтæ сæ цæмæн хоныс, нæмттæ сын нæй? — йæ ныхас ын баурæдта Муради. — Сæ кæрæдзийы афтæ хонынц æмæ сыл æз дæр афтæ са- хуыр дæн, — æнæбары йæ мидбылты бахудгæйæ, дзуапп рад- та Дзибо. — Хъус-ма, æз та дæ æндæр цæмæйдæр бафæрсынмæ хъа- вын. Хур арвы астæумæ куы ссыд, бонсихорафон куы сси, уæд хъом нырмæ ам цæмæн сты? Æнуд скъæты сæ цы дарут, сæрд куы у, уæлдæф сын цæмæн хæлæг кæнут? Райсомæй сæ сæ хизæнуаты цæуылнæ дуцут?.. Дзибо, цыма йын стуртæй исчи йæ къахыл ныллæууыд, уый- хуызæн йæ мидбынаты акатай кодта, стæй æрæджиау дзуапп радта: — Дуцæн машинæтыл ахуыр сты... Хизынмæ сæ раджы аскъæрынц. Æрмæст абон цæмæн бафæстиат сты... Хамби, дæхи цы нылхъывтай, фос ацафонмæ ам цæмæн сты? Цал хатты уын загътон, хизынмæ сæ афоныл скъæрут, зæгъгæ? 365
— Хизынмæ уыдысты, дуцынмæ сæ æрбаскъæрдтам; — бустæгæнæгау дзуапп радта Хамби. — Бон-изæрмæ сæ дыууæрдæм ратæр-батæр кæнæм. Ни- цæйаг æхсырласæнтæ ссарын сæ бон нæу. Машинæтæ... Ныр- мæ дæр сæ машинæтæй дыгътам? Уыдон иууылдæр ныхæстæ сты, — мæстыйæ загъта Къобосты къæсхуыр Фæрдыг. Дзибо йæм сылгоймæгты сæрты акаст. — Фæрдыг, кæд исты зæгъынмæ хъавыс, уæд хæстæгдæр рацу. Дæ ныхас дзæбæх нæ хъуысы. — Мæнæн мæ ныхас рагæй нæ хъуысы... Фæнды дзур^ фæнды ма, — йæ бырынкъ акъуырдта Фæрдыг æмæ кæвдæсы тигъыл æрбадт. — Зæгъ! — Фæрдыджы йæ рæмбыныкъæдзæй басхуыста, йæ фарсмæ цы æрыгон чызг лæууыди, уый. • — Зæгъдзынæн. Ацы хатт ма мын æнæ зæгъгæ нæй,— йæ бынатæй сыстад Фæрдыг. Дзибо йæм æнæбары худт бакодта: — Æфсæрмы ма кæн, Фæрдыг. Æнахуыр адæймагæй нæм ничи ис. Нæ фермæйы зæронддæр кусджытæй дæ. Нæ хорз дæр нын зоиыс, не ’взæр дæр. Дæ ныхасмæ дын кæддæриддæр байхъусдзыстæм... — Уæ, сымах ма искæйы ныхасмæ куы хъусиккат æмæ Фæрдыг цавддур куы фестид, — Мурадийы бакомкоммæ цæ- джындзы фарсмæ слæууыд, афтæмæй райдыдта Фæрдыг. — Муради, рагацау æй зæгъын: мæ ныхæстæ кæмæндæрты æх- сызгон нæ уыдзысты. Мæнæ ныртæккæ Дзибо афтæ нæ зæгъы, радзур, мах дын кæддæриддæр дæ ныхæстæн аргъ скæндзы- стæм, зæгъгæ. Нæ йыл æууæндын. Дзибойæн дæр, Хамбийæн дæр исты зæгъ, æндæр адæймагæн йæ дзых ахгæнынц. Цы нæ æвзагæй сдзурдзысты, цы йæ нæ рахондзысты! Искæйы истæ- мæй бафæрсой, искæимæ истæуыл баныхас кæной, уый сæм нæй. Æрмæст дын æдылы ныхас куы зæгъой, уæддæр æй æх- хæст кæн. Уый тыххæй æмæ уыдон хицæуттæ сты, хъуыддæг- тæ хуыздæр зопыпц. Æмæ ма уæд æххæст мæнæ мах дæр ду- цæн машинæтæй баивæнт, æндæр ма нæ ам цæмæн да- рынц? Муради, Нинæйы хабæрттæ дæхæдæг зоныс. Æвзæр кусæг нæ уыди, йæ бон цы уыд, уымæй архайдта. Фæлæ йын йæ сæр разилын кодтой. Сывæллон чызджы зæрдæ скъахтой. Уал хор- зы дæу дæр æмæ мæн даер, уый йæ цæссыгæй йæхи цал хатты фехсадта. йæхи дæр ын раст нæ кæнын. Æгæр лæмæгъ, æгæр Збб
тæнзæрдæ разынд. Нинæйы размæ мæнæн дæр бирæ хæттыты дзырдтой. Нæ сын бакуымдтон. Æмæ уæд Нинæйыл сæ тъæпп фæцыди. Уыдтам æй, газеты кастыстæм, Нинæ æнæхъæн Иры- стоны хъугдуцджыты куыд «амбылдта», уый. Загътой нын: «Уæ дзыхтыл хæцут, уый нæ колхозы кады тыххæй у. Районы кад...» Æмæ мах дæр ныхъхъус стæм. Æрмæст мæнæ Зæлинæ, йæ цæрæнбон бирæ уæд, фермæйы цæстфæлдахæн митæ кæ- нынц, зæгъгæ, Дзибойы хъусы бацагъта. Дзибойæ йæ зæрдæ куы ницæмæй барухс, уæд райкомы балæууыд... Дыккаг бон фермæмæ алырдыгæй тæхын байдыдтой. Лæгъ- стæтæ. Æртхъирæнтæ. Чызджы сау халæттау ратон-батон сис- той. Суанг ма йыл зæронд Дудуйы дæр сардыдтой... Æз Зæлинæмæ аивæй кастæн. Уый Афассæйы галиу фарс лæууыд, Фæрдыджы ныхæстæм ныфсæрмы æмæ йæ кæлмæр- зæны къабаз йæ æнгуылдзты æхсæн æууæрста. Фæрдыг дарддæр йæ ныхас кодта: — Хъуццытæ быдыры дуцæм, зæгъгæ, сын кæдæй нырмæ дзурæм. Нæ, Хамби ныцъцъæх: хъуццыты дуцæн машинæйыл ахуыр кæнын хъæуы, сæ дуцын афон быдырæй фермæмæ сæхæ- дæг куыд тæхой, афтæ. Æ1мæ тæхынц, æрмæст сæхæдæг нæ, хъомгæстæ сæ быдырæй фермæйы æхсæн ратæр-батæр кæнынц. Тæхуды, чысыл раздæр куы æрбацыдаис, уыдон тæригъæд дæ- хи цæстытæй куы федтаис... Машинæтыл ахуыр нæ, фæлæ сæм хæстæг дæр нæ уæндынц. Машинæтæм бацæуæнтæ цы бырын- цъаг дуртæй амад сты, уыдон скалæм, ницæмæн хъæуынц, зæгъгæ, сын лæгъстæ кæнæм цалдæр мæйы. Нæ, нæ фермæ уы- донæй куы фидауы, зæгъгæ, къæрттæй цъула не ’ппарынц. Нæ ныхæстæ нын æрдумæ дæр ничи дары. Уæлдайдæр 'Хамби. «Дзибо афтæ загъта. Дзибойы дзы афæрсон»,— æндæр дзы ницы фехъусдзынæ. Лæг дæ æмæ дæхи сæрæй дæр исты æрхъуыды кæн... Нæй, Хамбимæ ахæмæй ницы ис. Мæ дзæгъæлдзых та нал фæлæууыд æмæ Хамбийы цæствæлдахæн миты тыххæй Дзибойæн загътон. Куыд уынут, афтæмæй ма Хамби абон дæр кусы, æз та къæйных, дзæгъæлдзыхæй баз- задтæн. Уæдæй фæстæмæ сæ цæстысындз фестадтæн. — Цæстысындз нæ, фæлæ æдзæсгом!—йæ цæстытæ туджы разылдысты, йæ тымбылкъухтæ лæбурынæввонг систа, афтæмæй Фæрдыджырдæм æфсæрста Хамби. Муради йæм фæкомкоммæ. — Æвзæр дзыхæй сæм кæй дзурыс, уый сын æгъгъæд нæу, лæбургæ .дæр ма сæм кæныс?—загъта Муради æмæ йе 367
’рфгуыты сæрмæ фæндыры тæнтау амбырд сты йæ ныхы æнцъылдтæ. — Чызджытæ, исчи ма йын бедра йæ сæрыл æркæнæд! Ие ’нтыды тæфæй мæ фындзыхуынчъытæ сæхгæдтой... — Дæ цæсгом дыл æрхауæд, кæд цы дзыхæй дзурыс... — Чидæр хæрæг уасынæн куы дардта, афтæ йæ фермæйы кæдмæ дарынмæ хъавут? Цыма Мурадийы ныхасмæ æнхъæлмæ кастысты, уыйхуы- зæн сылгоймæгтæ Хамбийыл алырдыгæй ныккалдтой. Уый дæр сæм йæ цъынд цæстытæй каст æмæ фырмæстæй йæ бинаг был фæтæпп-фæтæпп кодта. Æвæццæгæн ын фадат куы уы- даид, уæд дзы иуыл дæр нæ бацауæрстаид. Иугай-дыгай сæ сæ къабæзтæй фæкалдтаид. Фæлæ йæ цыдæр тых урæдта, об- комы секретармæ касти, кæд сын уый исты зæгъид, зæгъгæ. Ницæмæй барухс йæ зæрдæ Мурадийæ. Сылгоймæгты фарс рахæцыд. — Фехъуыстай, цы номæй дæм дзурынц, куыд бирæ дæ уарзынц, уый? Афтæ æнхъæл ма у æмæ сæ исчи сардыдта. Нæ, уыдон, чи цы у, уымæ æз æмæ дæуæй дæсныдæр сты... — Дзæгъæлдзырдмæ, искæуыл цъыфкалынмæ та ноджы дæсныдæр... Муради, æз дæр адæймаг дæн. Æз дæр мæсты зонын. Бон-изæрмæ лæгмæ цы номæй не ’сдзурдзысты, ахæм сын нæй. Æмæ сæм æз дæр мæхи нал бауромын, æвзæртæ дæр сын фæзæгъын. Тынгдæр та, цæмæй нæ куыст хуыздæр цæуа, уый тыххæй. Æмæ уый сæ зæрдæмæ нæ цæуы. Раст зæгъын хъæуы, се ’ппæт афтæ не ’сты. Фæлæ нæм ис, Фæрды- джы хуызæттæ ма нæм ис, уыдон иннæты дæр змæнтынц, кол- хозы разамындыл цъыфкалæн кæнынц. Райкомы кусджыты фыдкой кæнынц,— зæххыл нал хæцыд Хамби. Дзибо йæ цырыхъхъы фындзæй сыджыты мур ратул-ба- тул сисы, стæй Хамбийы ныхас куы фехъуыста, уæд уый- ырдæм бакаст æмæ йын йæ цæстæй ацамыдта, дæхиуыл хæц, зæгъгæ. Гæдырувас ахæмтыл ахуыр уыд, ахæм ран ныхæстæй рамбулæн кæй ницы ис, уый зыдта æмæ ныхъхъус. Муради йе ’ргом Хамбийырдæм аздæхта, йæ халас сæры- хъуынтæ йæ ныхыл æркалдысты, афтæмæй загъта: — Ды афтæ æнхъæлыс, æмæ ацы адæм хуырымтæ сты, ницы æмбарынц, ницы зонынц? Зонынц. Уæ хæрзмыггаг хъуц- цытæн сæ фароны родты уе ’хсæн кæй байуæрстат, дыууадæс мин фысæй ма уæм æрмæстдæр цыппар мины кæй баззад, районы кусджытæн алы цыдæн дæр кусарт кæй кæнут, уæ 368
хуытæн се ’мбис цагъды кæй фесты, уе ’стуртæн сæ фынддæс проценты ныр дыккаг аз хуыскъ кæй сты, доны былты уæ физонджыты уæхстытæ æмбæхстæй кæм дарут, уæ арахъхъы афтид æвгтæ нысанæн кæм фехсут, уый дæр ма уын зонынц. Нымайон ма дын сæ дарддæр?.. — Искæйы дам-думтæ нымайын æнцон у, — цыма йæ ны- хæстæ йæ хъуырæй тыххæй ласта, афтæмæй та ногæй æр- байхъуыст Хамбийы хъæлæс. — Дам-думтæ? — тарст бæлоны базыртау хæрдмæ стах- тысты Мурадийы сæрыхъуынтæ.— Уыдон мæ ныхæстæ не ’сты. Адæмы ныхæстæ сты. Сымах уæ бынæтты кæй тыххæй стут, уæхицæн уæладзыг хæдзæрттæ кæй хардзæй аскъæрдтат, уы- доны ныхæстæ. Ныр дæр мæ нæма бамбæрстай? Дзибо йæ бинаг былыл йæ дæндæгтæй ныххæцыд, сыджы- ты къуыбар йæ къахы бын нылхъывта. Цыма йæ сæрыл исты æрхауынæй тарст, уый хуызæн йæ цыбыр бæрзæй уæхсчыты æхсæн аныгъуылд. Хуыздæр уавæры нæ уыд Хамби дæр. Иæ бур æрфгуытæ цæстытыл æрхаудысты, бамбæхстой сæ. Баст арсау йæ мид- бынаты рафт-бафт кодта. Йæ сурхид калд. Цы ныхъхъус дæ, нæ быны нын цъæх арт кæй æндзары, уый нæ уыныс, цæуыл- нæ йын исты зæгъыс, зæгъгæ, Дзибомæ мæсты каст кодта. Цы- ма кæвдæсы æрæмбæхсынмæ хъавыд, уыйхуызæн йæхи фæстæ- мæ-фæстæмæ аласта. Фæлæ уыцы сахат Афассæйы хъæр райхъуыст: — Мæ къах! Дез! Мæ къахыл мын ныллæууыдтæ... Хамби, кæвдæсмæ мæ цы нылхъывтай?.. Чызджытæй чидæр ныппыррыкк кодта. Æмбырд ууыл фæци. Сылгоймæгтæ суанг кæртмæ рацыды- сты Мурадийы фæдыл. Дзибо йæхи хæстæг ласта обкомы сек- ретармæ, тарæрфыгæй фæкæс-фæкæс кодта сылгоймæгтæм. Цыма сын афтæ дзырдта, уæхи иуварс айсут, зæгъгæ. Фæлæ уыдон уайтагъд йæ разæй фесты. Дзибо кæмдæр фæсте аззад. Муради Зæлинæйы уæхскыл йæ къух æрæвæрдта, йæ цон- гыл сызгъæрин сахат хурмæ цæхæртæ калдта, афтæмæй кол- хозы сæрдары машинæйы цурмæ бацыдысты. Фæдзырд- та мæм. — Фæсивæдæн зæгъ, уæ куыст дæр ныууадзут æмæ Бути- аны хæдзармæ фæкæсут. Хъомдоны сæр дæр сисут. Уæхи бы- рутæ дæр фехалут, уæддæр райсом, иннæбон хæдзар æмбæрзт куыд уа^ афтæ. Бамбæрстай мæ? 24 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 369
— Бамбæрстон,— дзуапп радтон æз æмæ йæ даргъ æн- гуылдзтæ Зæлинæйы уæхскыл куыд базмæлыдысты, уымæ аивæй бакастæн. 7. Зæрдæйы ностæ Дыууæизæрастæу. Æнуд, æнæзмæлгæ быдыртыл уддзæф хъазы. Кæрдоджыны рагъыл сæхи уырдыгмæ рауагътой фер- мæйы стурвос. Тагъд кæнынц сæ родтæм. Уасынц. Æз цæуын фермæйæ хъæумæ. Къогъотæ, æвæццæгæн, изæ- ры сатæгмæ се ’мбæхсæнтæй ратахтысты æмæ мын æнæха- тырæй æлхысчъытæ кæнынц мæ цæсгом, мæ гом цæнгтæ. Фæрвы къалиуæй сæ сурын. Æдзæсгæмттæ, æрдумæ дæр мæ нæ дарынц. Куы иу ран, куы иннæ ран фæсадзынц сæ цыргъ фæттæ мæ хидæй уымæл буары. Мæ ных цалдæр раны акъуы- зыртæ. Хъуыдытæ... Хъуыдытæ... Уæззау хъуыдытæ... Иу дзы ин- нæйы ивы. Иу дзы иннæйы хуызæн нæу. Сæры магъзы зил- дух систой. Ацы куырм къогъотау рæхойынц зæрдæйы. Хам- би... Цæмæн æй бахъуыдысты уыцы æрæмысгæ ныхæстæ? Цы йын ракодтон? Нырма хорзæй дæр, æвзæрæй дæр куы никæ- мæн ма ницы фæдæн. Цы фæнд сæм ис? Æрыгонæй мæ аныхъуырынмæ хъавынц? Цъæхæй рæгъæд дæр мæ уымæн хонынц? Нæ, Хамби, кæд æнæхæцгæ нал ис, уæд кæронмæ. Хæрæгсастыл дæ нæ ныууадздзынæн... Зонын æй, нæ мыл ба- цауæрддзынæ. Дам-думтæм дæсны дæ. Уæвгæ мын цы дæ бон у? Дæу хуызæн, де ’мбæлтты хуызæн адæмы мæ ныхмæ куы- нæ скодтон. Кæд мæ исчи исты зæгъа, уæддæр — уæ хъу- зæттæ. Цæуын æмæ та ногæй мæ цæстытыл уайы мæ фыд Дане- лы æнцъылдтæ, хурсыгъд тетрад. Диссаг у, исты стыр маст мæ куы бацæуы, уæд мæ зæрдыл цæмæн æрлæууы мæ фыд? Кæд ын йæ ныхас кæй никуы фехъуыстон, йæ хъæбысы мæ кæй никуы систа, уый тыххæй? Нæ, æвæццæгæн дзы исты æх- хуыс фæцагурын, ме ’мгæрттау мæнæн дæр мæ фыд мæ фарс- мæ куы уаид, уый мæ фæфæнды. Исчи дзы дзæбæх ныхас куы фæзæгъы, уæд мæнæй лæгдæр нал вæййы. Ахæм зæгъджытæ та арæх вæййы нæхимæ дæр, æндæр хъæуты дæр. Адæм дзы куыд дзурынц, кæд ахæм лæг уыд, уæд афтæ цæмæн рауад йæ хъысмæт? Кæй дзыхæй? Кæй хахуыртæй? Гыццийы дæр бæр- гæ фæфæрсын. Ракъахынмæ дæр æй бæргæ фæхъавын. Фæлæ 370
йæхи ницы зонæг скæны. Æвæццæгæн æй нæ фæнды, æз ис- кæмæ æвзæр зæрдæ дарон, уый. Гыцци... йæ сæрыл куырой нæ разылд, æндæр цынæ бав- зæрста, ахæм ын нал баззад. Йæ комы-комдзæгтæй мæ фæ- хаста. Сидзæры ном мыл нæ бауагъта. Куыст, æхсæвæй-бо- нæй куыст. Уæззаудæр, зындæр рæтты нæлгоймæгты æмцыд фæкодта. Уæлдай хъæрзт, уæлдай ныхас дзы никуы ничи фехъуыста. Абоны хуызæн ма мæ цæстытыл уайы: кæрты сугтæ æфс- найын. Гыцци сарайы цармæ схызт. Фæйнæг æй фæсайдта æмæ йæ фарс сугсæттæн къодахмæ æрхаста. Æрмæстдæр мын дыккаг бон схъæр кодта, йæ фæрск саст кæй у, уый. Ныр ыл æртыхстысты йæ бирæ фыдæбæттæ. Уæлдайдæр уыцы цæфтæ. Байгас вæййынц. Фæсабыр вæй- йынц сæ рыстæй. Стæй та, йæхи загъдау, дудын байдайынц... Тилын фæрвы къалиу. Сурын дзы къогъоты. Хус гæдыйы- дымæг къæрццытæ кæны мæ къæхты бын. Кæд гæдыйыдымæг нæу, кæд та мæ фыды зæронд тетрады сыфтæ къæрццытæ кæнынц... Мæнæ тетрады æвдæм фарсыл сау дамгъæтæйтагъд- тагъд фыстытæ: «...Фыдуаг дæ, æнæхатыр дæ, рæстæг! Фæстæмæ дæр нæ кæсыс. Хæххон уадау згъорыс размæ. Хъулон никæй кæныс. Адæм дын иууылдæр æмхуызон сты. Цымæ æцæг афтæ у? Дæхæдæг ыл никуы ахъуыды кодтай? Никуы, нæ? Дзæгъæлы! Иутæ дын дæ фæндаг рог æмæ рæсугъд кæнынц. Иннæтæ та æрмæстдæр сæхи рæсугъдыл архайынц. Дæ фæндаджы мæт нæй уыдоны. Ды та сæм иннæты цæстæй кæсыс. Чи дын цы у, уымæн мур дæр ницы æмбарыс. Дзæгъæлы! Хивæнд дæ, рæстæг. Никæй рыст дæм хъары. Дзæгъæлы! Уæвгæ дын ацы ныхæстæ дæр цы кæнын? Куынæ мæ бамбар- дзынæ, куынæ мыл батыхсдзынæ. Цу, згъор, куыд дæ фæнды, афтæ! Æз дæр мæхи ныффидар кæндзынæн. Æнцонтæй дын нæ бакомдзынæн афæлдахын. Куы афæлдæхон, уæддæр ма дæм сыстдзынæн. Æмæ та иугæр куы сыстон, уæд ногæй тох- мæ, цардыл, бонтыл, сахæттыл, иунæг улæфтыл карз тохмæ! Кæд, дæу рæсугъд чи кæны, дæ фæндаг дын рогдæр чи кæны, уыдонимæ банымаис мæн дæр. Хур адæмæн иумæйаг хур у. Алкæмæн дæр дзы хъуамæ хай уа... Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы... Мæ фæстæ сыстдзысты мæ тыхджын кæстæртæ... Нæ фехъуыстон — мачи зæгъæд! Сыстадысты... Алкæмæн дæр хъуамæ хурæй хай уа... Никæ- 371
мæн ратдзынæн мæ хуры хай!.. Мæ тыхджын кæстæртæ»... Цымæ цы хуызæн уыд мæ фыд, уыцы ныхæстæ куы фыста, уæд? Боныцъæхты сæ фыста, æви æмбисæхсæв?.. Фæндаг хъæумæ кæм фæзылд, уым чидæр гæдыбæласы бын лæууы. Мæнырдæм кæсы. Чи у? Цы йæ хъæуы, кæмæ æнхъæлмæ кæсы дыууæизæрастæу? Мæнмæ, миййаг? Æмæ уæд мæ размæ цæуылнæ рацæуы?.. Мæ цыд фæтагъддæр кодтон. Сылгоймаг бæласы бынæй йæхи мæнырдæм райста. Нинæ!.. Кæцæй фæци? Кæм уыди дыккаг къуыри? — Æхсар, æз дæумæ æнхъæлмæ кæсын, — тыхстæй, æф- сæрмыгæнгæйæ загъта Нинæ.— Гыцци нæфæразгæ у æмæ уымæ æруадтæн... Зонын æй, раст кæй нæ бакодтон, уый. Æр- мæст мæ- бынтон былæй ма аппарут... Мæ фæскомцæдисон хъуыддæгты тыххæй мæ хъуыдтæ. Æмбырд уæм нæма уыд?.. — Нæма, —дзуапп радтон æз æмæ йын йæ къух райстон. Уый мæм, цыма мæ истæмæй тарст, уый каст æрбакодта, æм- бырд нæм кæй нæма уыд, уый куы базыдта, уæд йе ’хсызгон улæфт сирвæзт. Цавæрдæр æмбæхст циндзинадæй ссыгъды- сты йæ цæстытæ. Ныррухс йæ къæсхуыртæ, фæллад цæсгом. — ЛЗз та, зæгъын, кæд мæ æнæ мæхи аппæрстат... Æм- бырд уæм куы уа, уæд-иу мын фехъусын кæнут. Æз уын æм- бырды мæ хабæрттæ радзурдзынæн. Уадз æмæ сæ сымах дæр зонат,— йæ къæхты бынмæ ныккаст, афтæмæй загъта Ни- нæ. — Раст кæй нæ бакодтон, уый мæхæдæг зонын. Цæй, æндæр мæм ницы ныхасаг ис. Иу хатт ма дæ курын, мæ хъуыд- дагмæ мын куы кæсат, уæд-иу мæм фæдзурут. Кæм дæн, уый нæхимæ зонынц... — Æмæ фермæмæ куы нæма ныууадтæ? Де ’мбæлтты цæуыннæ абæрæг кодтай? — Нинæ цæуыныл куы ныллæууыд, уæд æй бафарстон æз. — Ме ’мбæлтты?.. — дзуапп радта уый æмæ аивæй фер- мæйырдæм акаст. — Цы цæсгомæй? Цы мын зæгъдзысты? Лидзæг. Хæлд адæймаг... Мурадийы фенын мæ тынг æхсызгон хъуыди. Абон райсом æй дардмæ федтон, æрмæст æм мæхи равдисын нæ бауæндыдтæн. Ныр ма йыл фæсмон бæргæ кæ- нын, фæлæ фæсмонæй цы ис?.. Кæд уæхимæ цæуыс, уæд иумæ цом. Хъæусоветы хидмæ дæ бахæццæ кæндзынæн. Тæрсгæ мæ ма кæн, афтæ бынтон сæфт æнхъæл мын ма у... 372
— Цытæ дзурыс, Нинæ? Æви мæ æфхæргæ кæныс? Раст зæгъын хъæуы, дæ ацыд не ’ппæтæн дæр хъыг уыд. Уый фæс- тæ мын æй чызджытæ дзырдтой. Райсомæй, дам, Нинæйы хъуццытæм бакæсын диссаг уыд. Нæ уаты къæсæрмæ, -дам, æрæмбырд сты æмæ сывæллæттау мидæмæ кастысты, уасы- дысты... — Кастаиккой... Ахуыр мыл уыдысты. Мæ ныхас-иу мын дардмæ дæр куы айхъуыстой, уæд-иу мæ алыварс амбырд сты,— уынгæг хъæлæсæй загъта Нинæ æмæ йæ кæуындзæг йæ хъуыры фæбадт. Хъæу йæ изæры зылдтытыл уыд. Адæм сæ кæртыты змæлы- дысты. Мæй нæма скаст. Æрмæст изæрдалынгтæ сæ сау ны- мæтæй æрæмбæрзтой хæдзæртты, уынгты. Мах Нинæимæ лæууыдыстæм, Мамсыр æмæ Асæбе кæй сарæзтой, уыцы ног хидыл. Нинæ, хиды рагъхъæдыл йæхи банцой кодта, афтæмæй дзырдта: — Дæумæ гæсгæ, дысон талынджы мæ зæрдæйы дзæбæ- хæн æрбацыдтæн хъæумæ? Адæм мæ цытæ дзурынц, уый нæ хъусын? Хъусын. Абондæргъы уынгмæ дæр уымæн нæ ракас- тæн. Мурадимæ дæр уымæн нæ рауæндыдтæн. Се ’ппæтæн куыд радзурон мæ зæрдæйы сагъæстæ?.. Æхсар, ныххатыр мын кæн, уромын дæ. Фæлладæй... Æз райсом раджы цæуын. Боныцъæхтыл. Зæлинæмæ хæрам ницæмæй дæн. Уый нырма сывæллон у. Раст бакодта. Бауырнæд дæ, уый куынæуыдаид, уæд ма, чи зоны, афонмæ дæр газеты мæ къамтæ уадзиккой. Мæ номæй-иу ын арфæ ракæн. Зæрдæйæ дын зæгъыи. Уый мæнæй тыхджындæр, зондджындæр разынд. Ныр хъус, мий- йаг мæ уе ’мбырдмæ куынæ бауадзат, уæд-иу фæсивæдæн мæ бæсты ды радзур мæ хабæрттæ. Дæуыл баууæнддзысты. Уар- зынц дæ. Нинæ къанауырдæм азылд, цыма доны сыбар-сыбурмæ хъуыста, уыйхуызæн рагъхъæды сæрты уырдыгмæ кæсгæ баз- зад. Стæй æрæджиау загъта: — Фермæмæ куы æрцыдтæн, уæд дзы фыццаг бопты мæ зæрдæ ницæмæй барухс. Изæрæй-иу фос куы æрдыгътам, уæд-иу ме ’нгуылдзтæй кæрдзыны къæбæр сисын дæр мæ бон нал уыд. Рыстысты се ’стджытæ. Устытæ-иу алыхуызон хъæл- дзæг ныхасыл куы схæцыдысты, фæндырæй-иу куы æрцагъ- той, уæд сæм æз та мæсты кодтон. Уыдон ма-иу бадтысты, аф- тæ-иу æз мæ хуыссæны бахаудтæн. Дард кæцæйдæр ма-иу мæм хъуыстысты сæ хъæлдзæг ныхæстæ, сæ фæндыры цагъд. 373
Райсомæй-иу мæ мæ синтæй стасæн нал уыд. Мæ зæнгты хæцъæфтæ-иу æлхынцъытæ систой. Тæригъæд мын кодтой иу- уылдæр. Æз та-иу сæм хæлæгæй мардтæн. Рыстхуыз, къæс- хуыртæ, фæлæ цас фæрæзтой, куыннæ фæлладысты! Сæхи хъуццытæ-иу дыгъд куы фесты, уæд-иу мæнæн дæр аххуыс кодтой. Цыма раст сæхи сывæллои уыдтæн, афтæ мæм сæ хъус дардтой. Амыдтой мып. Цалынмæ фермæмæ нæма ныц- цыдтæн, уæдмæ мæм æнцон каст хъугдуцæджы куыст. Стæй, дæхæдæг æй зоныс, иугай-дыгай фæсивæды мæ фæдыл хонын байдыдтон. Фæцалх дæн мæ куыстыл æмæ мæ зæрды уыд зæ- рæдты раивын. Баууæндыдысты мыл фæсивæд. Зæронд хъуг- дуцджытæй иу-цалдæры раивтам. Нæхицæн дзырд радтам, нæ хистæртæй фæсте нæ баззайдзыстæм, зæгъгæ. Стæй мæн уæ- лиау систой... Районæй, газеттæй, къамисæгæй. Фыццаг нын хицæнæй нæ къам газеты рауагътой. Йæ бынмæ йын ставд дамгъæтæй ныффыстой: «Размæйы» колхозы фæскомцæдисон хъугдуцджытæ. Астæуæй бады сæ раздзæуæг Уæлладжырты Нинæ»... «Размæйы» колхозы æрыгон хъугдуцджытæ фæуæ- лахиз сты сæ хистæртыл!..» — Фыццаг фыстыл къуыри дæр нæма рацыд, афтæ та ныффыстой газеты. Нæ фырæфсæрмæй хистæртæм бакæсын дæр нал уæндыдыстæм. Цыма газетмæ нæхæдæг ныффыстам, афтæ сæ æфсæрмы кодтам. «Нæ чызджыты нын æмбыд бæндæнтæй уæлиау систой æмæ сын тас у, куы расхъиуой, уымæй... Фæкæсын сæм хъæуы, на- уæд нæ худинаджы хъæр айхъуысдзæн», — нæ сусæгæй кæ- рæдзийæн дзырдтой хистæртæ. Æмæ мæ ууыл куы ныууагъ- таиккой... Иу изæр фермæмæ кæцæйдæр æрбакодтой фынддæс хæрзымыггаг хъуджы... Хæрзхаст. Сæ фæздæттæ сæ сагæхты нæ цыдысты. Тынг сыл бацин кодтам. Уыцы хъуццытæй нæ алкæмæ дæр фæйнæ куы æрхаудаид, уымæ бæллыдыстæм. Стæй нып райсомæй Хамби фехъусын кодта, хъуццытæ мах не ’сты, рæстæгмæ нæм сæ æрбарвыстой, зæгъгæ. Афтæ базза- дысты фермæйы рæстæгмæйы хъуццытæй. Дыгътам сæ, зыл- дыстæм сæм. Се ’хсыр сын иннæ æхсыртимæ æрвыстам рай- онмæ. Стæй мæм иу мæйы фæстæ Хамби фæдзырдта. Бидар- кæйы мæ сæвæрдта æмæ колхозы правленимæ араст стæм. Фæндагыл мын цыдæр гæды митæ кодта. Цавæрдæр стыр æм- бырдмæ арвитынæй мын зæрдæтæ æвæрдта. А дыууæ боны нæ фермæйы кад æнæхъæн Ирыстоныл айхъуысдзæн, зæгъгæ, дзырдта. Æнæуи дæр хиппæлой у, æмæ йын йæ ныхæстæм мæ хъус уыйбæрц не ’рдардтон. 374
Правленийы Дзибойы йедтæмæ никæй баййæфтам. Куыд- дæр дуарæй бахызтыстæм, афтæ мæ размæ рацыд. Йæ мид- былты мæм бахудт, мæ къух мын райста, стæй мæ йæ фæл- мæн бандоныл сбадын кодта. «Цы зæд сыл ратахт? Цæмæй мын лæгъстæйаг сты? Цы сæ зæрды ис?» — хъуыды кодтон мæхинымæр æмæ сындзытыл бадæгау бадтæн. Æнхъæлмæ кастæн, уæдæ мын цы зæгъдзы- сты, зæгъгæ. Дзибо йæ ныхас дардыл райдыдта: — Нинæ, фæсивæд дын дæ ныхасæн аргъ кæй кæнынц, уый не ’ппæтæн дæр æхсызгон у. Бауырнæд дæ, газеты, кæнæ æм- бырдты нæ сыхæгтæй искæйы хорзы кой куы фæкæнынц, уæд сæм кæд хæлæгæй нæ амæлын. Йарæбын, уæдæ мах дæр ку- сæм. Нæхиуыл нæ ауæрдæм. Дæхæдæг нæ уыныс, æхсæвæй- бонæй быдыры, фермæйы... Æрмæст, цыма нын хинтæ счын- дæуыд, уыйхуызæн нæ хъуыддаг размæ нæ цæуы... — Хуыздæр куы кусиккам, уæд, æвæццæгæн, мах кой дæр кæниккой,— мæхи йæм нал баурæдтон æз. — Æмæ дын уæдæ æз цы дзурын? Цыдæр нын нæ фаг кæны, Нинæ, цыдæр. Бауырнæд дæ, Нинæ, бирæ цæуылдæрты нæ ахъуыды кæнын кодта ацы мартъийы Пленум. Хуыздæр кусын нæ кæй хъæуы, уый æмбарæм. Фæлæ махæн иунæгæй цы нæ бон у? Адæм, адæм. Адæмæн та хъуамæ дæу хуызæи раздзæуджытæ уа. Дæу хуызæн амидингæнджытæ. Иу хатт ма дын æй зæгъын, мах дыл нæ зæрдæ тынг дарæм. Ардæм дæр дæм уымæн фæдзырдтам. Нинæ, нæ сыхæгтæй нын куы æппæлынц, уæд уыдон махæй цæмæй лæгдæртæ сты? Сæ зæх- хытæ хуыздæр сты, сæ адæм сæрæндæр сты? Не ’сты. Æмæ уæдæ цæуыннæ хъуамæ кæной мах колхозы кой? Не ’стур- тæ — хуыздæр, нæ хизæнтæ — бæркадджындæр, уæрæхдæр. Уæдæ нæ адæм дæр дзыхъхъы лæуд не ’сты. Нинæ, ныхас дар- дыл цæуы, фæлæ дæ иу хъуыддаг курæм. Тагъд Дзæуджыхъæ- уы æмбырд уыдзæн республикæйы хъугдуцджытæн. Нæ колхо- зы номæй ды хъуамæ уым радзурай. — Æ’мæ дзы цы радзурдзынæн? Нырма ныр куы райдыдтон кусын. Ирыстоны раззагдæр хъугдуцджытæн сæ хъуыртты дæр куы никуыцæй зынæм, уæд нæ æнæдзургæ ничи уадзы? Стæй хистæртæй цæуылнæ исчи радзуры? Уыдон рагæй куы кусынц. Сæ куыстмæ дæр махæй бирæ дæсныдæр куы сты. Мах дæр ма уыдон куы сахуыр кодтой, — бафарстон Дзибойы. — Хъус-ма, Нинæ, мах дæр дæ былæй не ’ппарæм. Мах 375
дæр, кæд нæ хицæуттæй равзæрстой, уæд хъуамæ истæуылты хъуыды кæнæм. Ныртæккæ фæсивæды рад у. Дæ алывæрстæм кæсыс, размæ куыд лæгæрдынц. Раст зæгъын хъæуы, мах æн- дæр искæйы дæр равзæрстаиккам. Фæлæ уый раст нæ уыда- ид. Фæсивæд дæ фæдыл ныххæррæтт кодтой фермæмæ. Нæ сыхæгтæй хъуамæ цауддæр макæмæй уæм. Бамбæрстай мæ? — Бамбæрстон... Æрмæст фосмæ истæмæй фæкæсут. Уы- цы бардæ ма сын ластой, фæлæ уый дæр ныр дыккаг къуыри... Уалдзæджы холлагхъуаг кæй уыдысты, уымæ гæсгæ...— нæхи- уыл кæй нæ ауæрдæм, уый йын бамбарын кæнынмæ хъавыд- тæн, фæлæ мын Хамби мæ ныхас айста: — Уыцы уалдзæг нал ныууадздзыстут, æви? Аивгъуыдта, нал раздæхдзæн! Бардæйы кой кæныс, æмæ машинæтæ... Фе- хæлдысты. Дзибо, дæ хорзæхæй, дæхæдæг ма йын æй бамба- рын кæн, уыцы бардæйы койæ мæ хъустæ ныррæсыдысты. Дæхи загъдау, нæ фыдæлтæ дæр сæ хъуццыты бардæйæ хас- той? Замманай хос сын, хизæнтæ... — Хамби, Нинæ раст зæгъы. Бардæ хъæуы. Фæлæ ма иучысыл бафæразут, Нинæ. А дыууæ боны нæ машинæтæ сцæттæ уыдзысты æмæ уыл мах бардæйы зæй рауадздзыстзем,— дзуапп радта Дзибо æмæ та æнæбары худт бакодта.— Уæдæ афтæ, Нинæ... Дæхи цæттæ кæн. Æмбырды цы дзуринаг уай, ууыл Хамбиимæ дзæбæх ахъуыды кæнут. Дæ цæуыны размæ- иу æй махæн дæр фенын кæн. Æрмæст фысгæ ныккæнут. Дæ ныхæстæ фыст куынæ уой, уæд ныссуйтæ уыдзынæ. Æз æй мæхицæй зонын. Иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтон уы- цы æмбырдты... Дзæбæх радзурынæн дæсны адæймаг хъæуы. Сæ мард фесæфа, иуæй-иутæ дзурынмæ куы фæвæййынц, уæд сæм кæд хæлæг нæ бакæнын. Стыр хъуыддаг у уый... О, хæ- дæгай, республикæйы хъугдуцджытæм фæсидын дæ ма фе- рох уæд. — Куыд?.. Куыд сæм хъуамæ фæсидон?.. — Куыд вæййы, афтæ... Æз, «Размæйы» колхозы æрыгон хъугдуцæг Уæлладжырты Нинæ, мæхимæ исын алы хъугæй дæр æхсæз мин литры æхсыр æрдуцыны хæс. Сидын уе ’ппæт- мæ дæр социалистон ерысæй... — цыма мæ бæсты æмбырды йæхæдæг дзырдта, афтæ æцæгхуызæй загъта Дзибо. Æз ын хъазын æнхъæл уыдтæн. Бафарстон æй: — Цытæ дзурыс, Дзибо? Æнæхъæн Ирыстоныл мæ худи- наджы хъæр куыд айхъуыса, афтæ мын кæныс? Дзырд цы æр- тæ мин литры тыххæй радтон, уыдонимæ?.. 376
— Æртæ мин литры нæ, æхсæз мин литры хъуамæ æрду- цай ды. Æмæ сæ дуцгæ дæр æркæндзынæ! Афтæ нæу, Хам- би? — йæ бынатæй сыстад Дзибо æмæ мын ме’уæхскæрхоста. «Æхсæз мин литры... Куыд хъуамæ æрдуцон иу хъугæй æх- сæз мин литры?» — хъуыды кодтон, правленийæ куы рацы- дыстæм, уæд. Æмæ æрмæст сæ койæ дæр мæ буар рызт. — Уæ хорзæхæй, хынджылæг мæ кæнут, æви цы уæ зæр- ды ис? Цы дæлгоммæ ныхæстæ кæнут? Кæд мæ æмбырды дзурын кæнут, уæд ма мæ правленимæ цы ластат? Фермæйы йын зæгъæн нæ уыд? — бафарстон Хамбийы. Уый мæм дис- гæнæджы цæстæй æрбакаст æмæ дзуапп радта: — Ирыстоны хуыздæр хъугдуцæг хъуамæ мах колхозы уа. Уый та уыдзынæ ды, Уæлладжырты Нинæ. Дæ ном, дæ кад дын бæрзонд сисынмæ хъавæм, Нинæ. «Размæйы» колхоз, нæ хъæу, æппынфæстаг, колхозы разамынд... Дæ кад не ’ппæ- тæн дæр кад уыдзæн... — Æмæ куыдæй? Цæй æхсæз мин литры кой кодта Дзи- бо? — фермæмæ цас хæстæгдæр кодтам, уыйбæрц тынгдæр тыхстæн æз. — Æдылытæ стут, зæгъгæ, уын куы фæзæгъын, уæд мæм мæсты фæкæнут. Колхозы сæрдар дын йæхи дзыхæй загъта, æз дæр дын дзурын. Цы ма дæ хъæуы? Цы ма нæ рафæрс- бафæрс кæныс? Уыцы фынддæс хъуджы нæм уæдæ, сæ къам сын сисæм, уый тыххæй æрбатардтой? Се ’хсыр сын былæй калæм? Ныр дæр мæ нæма бамбæрстай? Бидаркæйæ уыциу сæррæтт аластон. Хамби ма мæ фæдыл хъæр кодта, æрмæст ын йæ ныхæстæн ницыуал бамбæрстон. Нартхоры хуымы иудзæвгар фæтахтæн. Стæй иу ран æрхы был æрбадтæн. «Нæ, сымах цы зæгъут, уый нæ уыдзæн! Сайыны фæнда- гыл?.. Мæ номæй?..» — Мæ рустæ сыгъдысты, афтæмæй фарс- тон мæхи æмæ мæ цæстысыгтæ гæр-гæрæй уадысты мæ фын- дзы фæрстыл. Бауырнæд дæ, Æ’хсар, уыцы заман хъæумæ куы æрцыдаин, хъæуы астæу мæ хъæлæсы дзаг куы ныхъхъæр кодтаин, уый дæр мæ фæндыд. Абон дæр ма мæхимæ хæцын, афтæ кæй нæ бакодтон, уымæй. Афтæ бакæнын хъуыд. Кæд искуы истæмæй фæрæдыдтæн, уæд уыцы бон. Сæттын ыл, мæ- хи аххос уыди... Уæвгæ ма дын сæ ныр цы дзурын? Кæй ма хъæуынц мæ ныхæстæ?.. — Нинæ хиды рагъхъæдыл хæцыд æмæ йæ дыууæ къухы дæр рызтысты. Стæй йæ рахиз къу- хæй йæ уымæл цæстытæ асæрф-асæрф кæнгае мæнырдæм æр- 377
бакаст, цыма мæ фæрсынмæ хъавыд: æмбарыс мæ, дзурон ма дын сæ?.. Стæй, мæ дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй йæ ныхасыл бафтыдта: — Мæ хабæрттæ, Æхсар, дæуæн сæ куыд лæмбынæг дзу- рын, афтæ никæмæн ма радзырдтон. Дæ бар дæхи, худ-иу мыл. Фæлладæй дын мæ даргъ таурæгътæм хъусын æнцон кæй нæу, уый дæр зонын. Фæлæ дын сæ уæддæр дзурын, кæд мын иучысыл фенцондæр уаид... — Дзур, Нинæ... Тынг зæрдиагæй дæм хъусын, — дзуапп ын радтон æз æмæ йын йæ лыстæг, уазал цонгмæ бавнæлдтон. Æвæццæгæн ын йæ цонгмæ кæй бавнæлдтон, уый йын æхсыз- гон уыд æмæ мæм йе ’стыр сау цæстытæй иуварсырдæм æрба- каст. Йæ хус, тæнæг былтæ кæуыны размæйы змæлд бакод- той. Афтæ хæстæгмæ рагæй нал федтон Нинæйы. Иæ тымбыл сырх рустæ цыдæр фесты. Иæ роцъо ныццыргъ. Йæ хурсыгъд нæсгомыл ма баззадысты æнкъард дыууæ сау цæсты. «Хъус, æххæст нæм кæронмæ байхъус»,— куырдтой мæ уыдон. Æмæ йæм æз хъуыстон. Уый дзырдта: — Бирæ ма фæбадтæн уыцы бон æрхы был. Бирæ ма фæхъуыды кодтон Хамби æмæ Дзибойы ныхæстыл. Стæй хъуц- цытæн сæ дуцын афонмæ ссыдтæн фермæмæ, ме ’мбæлттæм. Фарстой мæ чызджытæ, фæлæ сын ницы схъæр кодтон. Нæ мæ уырныдта, сæ къæхты бын мæ афтæ сæууæрддзысты, уый. Минæвæрттæ, лæгъстæтæ... Цынæ хуызы мемæ нæ дзырдтой, цынæ ныхас мын кодтой! Колхозы номæй, районы кадæн... Баууæндыдтæн сыл. Стæй уый фæстæ æрцыд, æппæтæй тынг- дæр кæмæй тарстæн, уыцы хъуыддаг. Иæхи хъæбулы цæстæй мæм чи каст, мæ ныхасыл мын чи æууæндыд, уыцы æмбæлт- тæй мæ фæхицæн кодтой. Цалдæр боны фæстæ мын газеты фыццаг фарсыл мæ къам рауагътой. Ацы хатт, къамæн йæ бынмæ нал, фæлæ къамæн йæ сæрмæ ноджы ставддæр дамгъæтæй ныффыстой, Уæлладжырты Нинæ дыууæ мæймæ алы хъугæй дæр мин æмæ фондзыссæдз литры æхсыр æрдыгъ- та, зæгъгæ. Ме ’мбæлттæм дыууæ боны дæргъы æндæр ныхас нал уыд. Уæлдайдæр хистæртæм. Сæхи мыл атигъ кодтой. Хъус-хъусæй алы ныхæстæ кодтой. Дзибо сæм цалдæр хатты ссыд, басабыр сæ кодта. Æрмæст нæ хæлардзинад, кæрдзыны састæй куыд т
фæзæгъынц, афтæ фæстæмæ нал баныхæст. Ничиуал мын кодта ме ’мбæлттæй йæ сусæг ныхæстæ. Цыма мæ истæмæй тарсты- сты, уыйхуызæн дардтой сæхи. Цалдæр хатты сфæнд кодтон, зæгъын, æппæтдæр сын радзурон. Фæлæ, хъуыддаг сæхæдæг кæй æмбарынц, уый зыдтон æмæ мæхиуыл ныххæцыдтæн. Систой мæ. Бонæй-бон уæлдæр. Газетты, радиойы мæ кой йед- тæмæ.ницыуал уыд. Иу æмбырд, иннæ æмбырд... Кæм мæ нæ балæууын кодтой, кæм мæ нæ раппæлыдысты, кæм мæ нæ раныхас кæнын кодтой!.. Стæй сызгъæрин сахат, зынаргъ хъуымæцты хæйттæ, Мæскуымæ балц, æмбырдты хицæутты фарсмæ... Фæцахуыр сыл дæн. Æмæ-иу мæ хатгай, æмбырды хицæуттæ кæм бадтысты,- уырдæм куынæ бакодтой, уæд-иу мын хъыг уыд. Ахæм заман-иу мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп цыд. Миййаг мын кæд мæ хъуыддæгтæ базыдтой æмæ мæ исты куы зæгъой, зæгъгæ, уыдон аууон нымбæхстæн. Ничи дзырдта мæ ныхмæ. Æрмæстдæр æппæлгæ. Æппæлыдысты иууылдæр. Дзырдтой, цæмæй иууылдæр мæн фæзмыдтаиккой... Хамбийы гæды митæн та бынтон кæрон нал уыд. Мæ алы- варс рувасы рауай-бауай кодта. Мæ аууонау мæ фæстæ зылд. Лæппутæй-иу мæм исчи исты хъазæн ныхас куы скодта, уæд-иу йæ дзыгъуыртæ цæсгом туджы рафыхт. Цалдæр хатты мын йæ бинонтæй дæр рахъаст кодта. Цыма дзы исты хæсджын уыдтæн, уый цæстæй мæм каст. Ныхас æппарæн мæм кодта. Стæй мæм иуахæмы Зæлинæ асидт æмæ мын загъта: — Мæ хъустыл цыдæр ныхæстæ цæуы æмæ дæ бафæрсын- мæ хъавын... Уæвгæ, кæд дæхи афтæ ныллæг æруагътай, дæ сæр дын кæд афтæ разилын кодтой, уæд ма дæ фæрсгæ дæр цы кæнын? Зæлинæ мæм æвзæр зæрдæ нæ дардта. Æнувыд ыл уыд- тæн мæхæдæг дæр. Уæлдай ныхас мын кæй нæ зæгъдзæн, ууыл æууæндыдтæн. Ноджы мæм, цыма мыл йæхи ныццæвын- мæ хъавыд, уый цыд æрбакодта. Цымæ та мæм цы фыдбылыз кæсы, зæгъгæ, мæ буар ныддыз-дыз кодта. Мæстыйæ йæ ба- фарстон: — Цы та æрхъуыды кодтой? Цыта мыл æрæмысыдысты?.. — Цы дын ис иумæйагæй Хамбиимæ? Демæ цæры, зæгъ- гæ, дæ цæмæн дзурынц? Ау, кæддæры Нинæйæ дæ æппындæр ницыуал баззад? Чидæртæ дыл сæ къæхтæ цæмæн сæрфынц? — Чи дын загъта? Кæмæй йæ фехъуыстай? — тыххæйты ма сфæрæзтон æз æмæ йæ хъæбысмæ мæхи баппæрстон. Мæ хъæлæсы дзаг ныккуыдтон: 379
— Чидæр мыл йæ цъыф къæхтæ кæй сæрфы, уый уынут æмæ мыл комкоммæ зæгъыны бæсты сусæг ныхæстæ кæнут... Æмбæлттæ ма дзы хуыздæр цы уа... — Цы дын æй æмбæхсон, фæстаг заман дæм дзурын дæр нал уæндæм. Дæ ныхас фылдæр — хицауадимæ, горæтаг, æн- дæр хъæуккаг уазджытимæ... Æрмæст кæугæ нæ, кæуын лæ- мæгъ зæрдæйы нысан у. Чызджытæй мын æй ничи дзырдта. Хамбийæн æй йæхицæй фехъуыстон, — дзуапп радта Зæлинæ æмæ мын радзырдта, Нинæимæ цæрын, зæгъгæ, Хамби кæ- мæндæр йæхицæй куыд æппæлыд, уый. Бæргæ, уыцы сахат зæхх мæ быны куы аскъуыдаид. Кæд æмбисбон уыд, уæддæр мæм афтæ каст, цыма мæ алыварс бæстæ бынтондæр бата- лынг. Зæлинæ мæ дæларм бацыд æмæ мæ фермæйы кæртæй доны былырдæм акодта. Иуцасдæр уым фестæм. Фæныхæстæ кодтам. Зæлинæ мын, кæд мæнæй кæстæр у, уæддæр алы фыд ныккалдта. Æнæхъару, æнæныфс, къæхтæ мæрзæн... Æмæ мын цынæ фæдзырдта! Æв æм хъуыстон, разы уыдтæн мæ кæстæры уайдзæфтыл. Мæ масты дзæкъул фæйнæрдæм тыдта. — Лидзгæ... Æхсæв уа, бои уа — цыфæнды афон дæр лидзгæ. Райкомы радзурдзынæн мæ хабæрттæ... Æмæ сæ кæд райкомы дæр зонынц, уæд та? Кæд Дзибоимæсæ ныхасиу у?.. Цыфæнды дæр уæд, мæнæн уæлдай нал у. Лидзгæ... Ардыгæй тагъддæр лидзгæ! — йæхи къултыл хоста мæ зæрдæ. Фæссихор, чызджытæ сæ хъомтæм зылдысты, афтæ рацыд- тæн фермæйæ. Ме ’мбæлттæй зæгъгæ дæр никæмæн ницы код- тон. Иучысыл куы рауадтæн, уæд мæ хъустыл æрцыд уæрдо- ны цæлхыты уынæр, бæхьт къæхты хъæр. Нартхоры хуымы æрæмбæхстæн. Иæ бидаркæйы къуымæлдзæфæй бадт Хамби æмæ йæхинымæр цавæрдæр хъæлдзæг зарæг кодта. Мæ буар та ныддыз-дыз кодта. Стæй иучысыл куы адард, уæд мæ бы- натæй фæцагайдтон. Де ’знаг дæр ахæм зæрдæимæ куы цы- даид, æз цы зæрдæимæ цыдтæн. Иуæй мæм афтæ каст, цыма мæ Хамби йæ бидаркæйы фæсте сырдта, иннæмæй та мæ ме ’мбæлтты хъæлæс фæстæмæ здæхта. Райкоммæ нал бацыдтæн. Хæстæг кæцæйдæр кауы къæрцц фæцыд. Нинæ фестъæл- фыд. Мæ цонгмæ мын фæлæбурдта æмæ тарст хъæлæсæй загъта: — Цом. Мæнæн уæлдай нал у... Дæуыл дæр та исты куы æрæмысой, миййаг... 380
8. Аслæмбег немæ рацыд... Æддейы бакæсгæйæ бынтон æгуыдзæгхуыз нæ уыди Бу- тиан æмæ Аслæмбеджы хæдзар. Зæронд фæткъуы бæласы цæнкуыл къабæзтæ йæ сæ быны бакодтой. Йæ хъуынахуыз æмбæрзæндуртæ ма чысылтæ зындысты. Самандурæй амад, æдзухдæр ног чъырæйцагъд хæдзар. Йæ гыццыл, сыгъдæг рудзгуытæй каст бæласы бынты, машинæтæ, уæрдæттæ ис- куы-иухатт йедтæмæ кæм нæ цыдысты, уыцы хъæуы кæройнаг уынгмæ, хъæдрæбынты горæтырдæм паддзахвæндаг кæм згъордта, уыцы быдыртæм, уыцы рæгътæм. Хæдзары рæзты цыди гыццыл къанауы дон. Ранæй-рæтты скултæ. Боныцъæх- тæй дзы изæрдалынгтæм сыхы хъазтæ, бабызтæ сæхи надтой, бæгъдулæг кодтой. Зæронд хъæдын хид йæ цыппæртæ ныссагъ- та Бутианы хæдзарæй уынджы æхсæн. Кулдуарæй бахизæны бурбын-цъæх кæрдæгыл нарæг къахвæндаг дыууæ дихы фæци. Иу — хæдзармæ схизæн асинтæм, иннæ та, рахизырдыгæй кæр- ты къуымы цы сарагонд уыди, уырдæм. К/ьахвæндæгты фæйиæ- фарс урс карчы цъиутау зæххыл ныттымбыл сты, сæ чъырæй- цагъд къæвдатæ кæмæн иыхсадтой, ахæм дойнагдуртæ. Хиды галиу фарс, фæткъуы бæласы бын, хъæдын быру, цыма лæу- уынæй бафæллад, уыйхуызæн йæхи бæласыл бакъул кодта. Æмбыд дæндæгты хуызæнæй зындысты быруйы саст цæ- джындзтæ. Рагæй лæууы хъæуы кæройнаг уынджы Бутиан æмæ Ас- лæмбеджы хæдзар. Кæд æй сарæзтой, уый Аслæмбег хъуыды дæр нæ кæны. Хæсты размæ йæ аивынмæ бæргæ хъавыдысты, цæхæрадоны ма сæ ног хæдзарæн уæрм дæр скъахтой. Иæ фундаменты дуртæ ма абон дæр цæхæрадоны цæндæй лæу- уынц. Фæлæ фыд фæрынчын æмæ уайтагъд амард. Мад æмæ фыртæн сæ фадат нал сси хæдзар саразын: райдыдта хæст æмæ Аслæмбеджы акодтой хæстмæ. Фырт æнæ къахæй, уæззау цæфтæй ссыд, базылдысты, барæвдзытæ кодтой сæ хæдзары къуым. Кæд хъæуы бирæ хæдзæртты хуызæн агуыридурæй амад нæуыд, уæддæр æй Бутиан сыгъдæг дардта..Фæлæ асæр- ды цалдæр боны тыхджын къæвдатæ æрцыд. Æмбæрзæндур- тæй цалдæр саст разынд æмæ иу æхсæв йе ’стъарапилтæ цал баурæдтой, кæртырдыгæй цар æртыдта. Хæдзары фисын йæ сæрæй йæ бынмæ афаст. Райсомæй йæ сыхæгтæ федтой. Цар æмбыд разынд. Иæ хъæдæрмæг æгасæй дæр уыди ивинаг. 381
Бутиан йæ хæдзары дзаумæттæ, уынджырдыгæй цы къуым уыд, уырдæм æрæмбырд кодта, Аслæмбеджы сынтæг сара- гондмæ рахаста. Сыхæгтæ сæ хуыдтой, цалынмæ хæдзар рæвдз- кæной, уæдмæ уал махмæ рацæут, зæгъгæ, фæлæ мад дæр, фырт дæр не ’сразы сты. Сæхи сарагонды æнхъæлмæ касты- сты колхозы арæзтадон бригады æрбацыдмæ. Хурбонты фæстæ къæвда рæстæг скодта. Дзибо сын зæр- дæ бавæрдта, фæлæ хæдзары ныккалдыл дыууæ мæйы ра- цыд, уæддæр аразджытæн сæ кой-сæ хъæр дæр нæма уыд. Муради мын куы нæ загътаид, уæддæр мæхи зæрды уыд фæсивæды æрæмбырд кæнын. Бутианы ныхæстæм мæ цæсгом æфсæрмæй сыгъд. Кæд Дзибойæ хъаст кодта, уæддæр ын йæ уайдзæфтæ æз мæхимæ æмбæрстон. «Нырмæ йæ нæхи сæр цæуыннæ æрцахста? Алцы дæр нын хъуамæ амонгæ кæной?» — мæхимæ хæцыдтæн, цалынмæ фер- мæмæ хæццæ кодтон æмæ Хамбийыл фембæлдтæн, уæдмæ. Раст зæгъын хъæуы, Дзибо ацы хатт ницыуал загъта, æнæ иу ныхасæй рафыста фæйнæджытæ. Йæхи нын рæстытæг кодта: — Худинаджы хъуыддаг у, нырмæ дæр нын афтæмæй кæй баззад, уый. Мæлæты бирæ йын куы нæ хъуыд... Фæлæ лæ- джы йæ сæр схъил кæныны бон нæй æмæ... Стæй сымахæн дæр уайдзæф бакæнын æмбæлы. Фæсивæд стут æмæ йæм иу бон уæ дыстæ фæфистæг кодтаиккат. Мæнмæ цы кæсут? Сомы мæ нæ кæнын кæнут, мах уæ карæн куы уыдыстæм, уæд нæ ахæм хъуыддæгтæ нæ ирвæзти. Нæхи куыстытæ дæр-иу ныу- уагътам, уæддæр хъæуы сидзæргæстæн аххуыс кодтам. Зиу цы у, уый искуы фехъуыстат?.. — Æмæ дын цалдæр хатты мæхæдæг куы дзырдтон, хъæ- дæрмæг нын ратт æмæ йæ саразæм, зæгъгæ,— йæ ныхас ын айста Дебола. — Дзырдтай, фæлæ, мæ хур Дебола, ахæм хъуыддæгты тыххæй правленийы уынаффæ хъæуы. Стæй тæккæ мæ- нæугæрдæнтæ æрæййæфтой æмæ адæмы уыдæттæм æвдæлди? Æндæр Бутиан æмæ Аслæмбеджы тыххæй æз... Кæд мыл алырдæмты хахуыртæ фæфыстой, уæддæр сæм хæрамзæрдæ нæ дарын. Нæ, хуыцауыстæн... — Хахуыртæ зæгъыс? Фыддæр миты аккаг уыдыстæм,— йæхи йæм нал баурæдта Дебола. — Цæй, нæ кæрæдзи нал къахдзыстæм. Цæут, фæкæсут æм. Исты ма уæ куы хъæуа, уæд’ мæм хабар кæнут. Цыма 382
нæ правленийæ сургæ кодта, уыйхуызæн нын Дебола пæ цæнгтыл рахæцыд, нæ разæй уынгмæ рахызт. Правленийы бакомкоммæ гæдыбæласы бын сатæджы лæу- уыди йæ рыгæйдзаг «Газик». Шофырæн машинæйы рудзын- гæй йæ хъуынджын сæр, мард бабызы сæрау æрзæбул, аф- тæмæй хуыррытт кодта. Дзибо йæм тагъд къахдзæфтæй ба- цыд, йе ’фцæгготæй йæ бауыгъта. — Дæ сæр дын исчи хæрæгнасы æфсон хæссы... Цавæр фынæй у? Цыма дæ дыдынтæ ныххостой, уый рæсыд куы нык- кодтай... Рæвдздæр — районмæ! — мах цæстмæ тызмæгæй загъта Дзибо æмæ шофыры фарсмæ дæргъытæ гауызыл æрбадт. Машинæ тархъæнджын рынчынау схуыфыд, йæ фæздæг скалд, ныггæрæхтæ кодта æмæ нарæг уынджы ныббындз. — Правленийы уынаффæ... Мурадийы ныхасы фæстæ дзы правлени дæр дзæбæх æрбайрох,— йæ фæдыл ма иу каст акод- та Дебола æмæ цыма йæ дзыхы рыг бакалд, уыйхуызæн иу- варсырдæм ату кодта. Æртыккаг бон, хуры тынтæ бæлæсты цъуппытыл куы ссыгъдысты, уæд мæ фæрæт мæ дæлармы, мæ дзыппытæ зæ- гæлтæй се ’дзаг, афтæмæй рараст дæн Аслæмбегтæм. Дебола мæ разæй фæци. Хæдзары сæрæй йæ ронбастæй уæлæмæ зынд. Æмбыд рейкæтæ, стъарапилтæ æд рыг, æд зыгуым цæ- хæрадонмæ зыввытт кодта. Хæдзары тохнайы фарсмæ афтид майкæйы лæууыд Сабаз. Йæ сæрыхъуынтæ сæмхæццæ сты, йæ цæсгом, йæ цæнгтæ сæ- гæй нал зындысты, афтæмæй æмбæрзæн дуртæ фæйнæгыл бынмæ скъæрдта. — Дебола, сабырдæр, хæдзар фæлдахыс, — йæ мадыфсы- мæрæн лæгъстæ кодта Сабаз. — Рæвдздæр æвнал! Ныхæстæ къаддæр... Науæд дæ æм- быд рейкæйы бæсты цæхæрадонмæ фехсдзынæн, — дзуапп ын лæвæрдта Дебола. Цæуылдæр йæ мидбылты худт. — Ды тыхæвзарæн куы нæ кæнай, уæд нæ зоныс,—йæ мила цæсгомæй йæ урс-урсид дæндæгтæ æрттывтой, афтæмæй тæргайгæнæджы хъæлæсæй дзырдта Сабаз æмæ Деболайыл йæхи атигъ кодта. — Къуындзых!.. А-гъа, мæнæ мæ хæдоны фæдджийæ дæ цæссыгтæ асæрф. 383
— Нæ, абон дын мæсты кæнын нæ бакомдзынæн. Цыфæн- ды дæр дзур, — Деболамæ та иуварсырдæм бакаст Сабаз. — Ды Сабаз нæ дæ, фæлæ маймули. Дзывылдар. Уæрццы лæппын. Тутайы нæмыг. Бамбæрстай? — лæппуйы пехцел сæрыхъуынтæ йæ рыгæйдзаг къухтæй аууæрста Дебола, стæй йын йæ бæгънæг уæхскæн фæлмæн къæрцц æркодта. — Мæ дур мын æппарыс. Сæумæцъæхæй та куы райдыд- тай, — трубайы фæстæмæ балыгъд Сабаз. — Сæумæцъæхæй райдайын хъæуы, зæрдæйæн йæ хъуыд- даг афтæ у: цалынмæ хур скæса, уæдмæ йæ куы нæ сиф- тындзай, уæд лæмæгъ кæны, — йæ галиу уæхсчы сæрты рей- кæтæ цæхæрадонмæ кæрæдзийы фæдыл тæхынц, афтæмæй дзуры Дебола. — Зæрдæ дæр тракторы маторæй уæлдай нæу, цалыпмæ скуса, уæдмæ йæм базилын хъæуы, науæд дыл бон ахæц-атъæппæй баизæр уыдзæн. Бамбæрстай мæ? — Зæрдæ... Тракторы матор... Æндæр цы æрхъуыды код- таис, уый дын нæ уыд? Уæвгæ... Æрæджы иу чиныджы кастæн æмæ дзы афтæ фыстой, иуæй-иутæн, дам, сæ зæрдæтæ бензи- нæй кусынц... — Уырны мæ. Кастаис, Сабаз... Ды кæсынмæ Арыхъхъы моллойæ уæлдай нæ дæ. Æрмæст иу хъуыддагæй раст нæ кæ- ныс, ахæм диссаджы чиныг куы ссарыс, уæд-иу æй мæнæн дæр авæр. Иумæ куы кусæм, дæ хистæр мæ куы хоныс... Гъей, дæхимæ кæс, дуртæ кæдæм пырх кæныс! — Куынæ,— дзуапп радта Сабаз æмæ йæ бæгънæг цон- гæй йæ ныхы хид асæрфта. Мæнæп кæддæриддæр æхсызгон вæййынц Сабаз æмæ Де- болайы хъазæн ныхæстæ. Уæлдай сын нæу, тракторы гайкæ дæр уæд, цыма стыр исты у, уыйхуызæн ыл даргъ таурæгътæ сисынц. Кæм сын йæхæдæг фæзилы, кæм сын дзургæ фæкæны, кæм та тымбыл кафт... Афтæ уыд ацы сæрдыгон райсом дæр. Цыма сын сæ хъæл- дзæг ныхæстæ куысты исты ахъаз уыдысты, уыйау сæ кæрæ- дзиуыл цыргъ фæттау æхстытæ кодтой. Æнахуыр адæймаг сæм куы байхъуыстаид, уæд æнæмæнг загътаид, цæуылдæр карз то- хы бацыдысты, зæгъгæ. Аслæмбег хъæды лыггагыл бадт, цыма исты бæрæгбон уыд, уыйхуызæн йæ хурсыгъд æфсæддон китель æд хæрзиуджытæ йæ уæлæ, йæ лæдзæг йæ хъæбысы, афтæмæй, Сабаз фæйнæгыл уырдыгмæ кæй уагъта, уыцы æмбæрзæн дуртæ тагъд-тагъд иста æмæ сæ йæ фарсмæ кæрæдзийы сæрыл амадта. Иæ хид 384
акалд. Йæ сау сæрыхъуынтæ йæ фæлурс ныхыл баныхæстысты. Йæ тæнæг рустæ, цыма сæ истæмæй байсæрста, уыйхуызæн сырххъулон дардтой, йæ лыстæг бæрзæйы норттæ ныттынг С1Ы. — Аслæмбег, фæцæуы дæм! — алы дуры рауагъдимæдæр хæдзары сæрæй хъæр кодта Сабаз. — Рауадз, рауадз!.. Тæрсгæ ма кæн, æз дын ам дæн, — хæрдмæ скæсынмæ дæр æй не ’вдæлд, афтæмæй дзуапп лæ- вæрдта Аслæмбег, æмæ йæ фæллад бæгæныхуыз цæстытæ æна- хуыр цæхæр калдтой. Тынг разы уыд, дардæй кæсыны бæсты йæхицæн куыст кæй ссардта, уымæй. Бутиан бынтон зæххыл нал хæцыд, кæрты гæлæбу фестад. Бырæттæ кауы сæрты цæхæрадонмæ калдта. Стæй æрæджиау йæ сарагондмæ ацыд, йæ иу къухы тарбын ахуырст цайдан, йе ’ннæ къухы дынджыр хъæзын къус, афтæмæй фæстæмæ æр- баздæхт. йæ фыртмæ хæстæг æрлæууыд æмæ хæдзары сæрмæ схъæр кодта: — Дебола, иучысыл улæфгæ дæр акæнут... Мæ къуымæлæй мын уæхи ауазал кæнут. — Къуымæл?.. Къуымæл æмбæлы. Æрмæст ыл хъæбæрæй ма ныккæн, науæд æцæг рейкæйы бæсты Сабазы искуыдæм куы фехсон, тæригъæд у. Къуындзых! О-о, бахатыр кæн! Са- баз, дæлæма мæм уыцы кæхц сдæтт, æз ын йæ быиæй рухс суа- дзон,— загъта Дебола æмæ йæ хæдоны дысæй йæ цæсгомы хид асæрфта. Сабаз асинтыл гæдыйау æртахт, уайтагъд дзаг къусимæ Деболайы уæлхъус февзæрд. — Нæ дын загътон, ды Сабаз нæ, фæлæ уæрццы лæппын дæ, зæгъгæ? Дæ разæй саг дæр нæ фехсдзынæн, Сабаз. Нуаз- гæ, дон кæстæрæй фæнуазынц... — Дон нын куы рахæссой, уæд мæ бар уадз, — хъæдын къус Деболамæ бадаргъ кодта Сабаз. — Цæй, уæдæ-иу мæ хъаст ма ракæн. Дæ хуыз куы фæ- цыди, Сабаз. Цæмæй фæтарстæ? Бутианы цайданы ма дзы дæу фаг дæр разындзæн, —къуымæлы къус йæ тæккæ бынтæй нынцъыхта, йæ былтæ асдæрдта. — Гъеуый дзаума у, гъе!.. Бутиан, дæ хорзæхæй, Сабазæн дæр дзы фæхай кæн, науæд мæм йæ дзыхæй дæр нал сдзурдзæн. Æрмæст ын æй иууылдæр ма радт, иучысыл ма мын дзы фæуадз... — Уыйбæрц дæр дæ хъæуæд, — дзуапп радта зæронд ус æмæ йе ’нцъылдтæ, тымбыл къухыйас цæсгом ныррухс. 35 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 385
Хур дзæвгар суад, афтæ колхозы арæзтадон бригады уæнг- тæ дæр цыппарæй æрбацыдысты. Сæ хистæр Бури, цыма уый агъоммæ бонты дæр Бутианты кæрты куыста, уыйау йе ’мбæлтты разæй хионы цыд æрбакодта. Йæ фæрæт нæзы хъайваныл æрсагъта, æнæбарыгомау нын салам радта æмæ хæдзарыл йæ цæст лæмбынæг ахаста. Стæй æмбыд стъара- пилы лыггаг йæ цырыхъхъы фындзæй бакъуырдта æмæ фæ- сус хъæлæсæй Деболайы бафарста: — Хъайвантæ федтай, æмбыд не ’сты? — Дыууæ кæройнаджы йедтæмæ иннæтæн ницы у,— дзу- апп радта Дебола. Бури йæ сау хъæдабæ къурткæ раласта, йæ урс нымæтху- ды счъилтæ хæрдмæ сфæлдæхта æмæ йе ’мбæлттæн загъта: — Хъайвантæ цæттæ кæнут. Стъарапилтæ дæр цыма лыс- тæгдæр хъуаг сты. Фæйнæджытæ гыццыл не ’рбаластат, — уыцы хъуыддагхуызæй мæнырдæм æрбакаст Бури. ’— Бахъæудзысты, — дзуапп ын радтон æз. — Æппын ни- цы, фæлæ дзы уæртæ сæ сарайы къултæ уæддæр бампъуз- дзысты. — Фæйнæг кæддæриддæр хъæуы. Уæлдайдæр ахæм нæзы фæйнæг, — фæйнæджытæм хæлæггæнæгау ныккаст Бури æмæ уæззау къахдзæфтæй хæдзармæ бахызт. Иучысыл дзы афæ- стиат, стæй дуары цурæй йæ ныхас райхъуыст: — Иæ цар дæр куы æртыдта... Уæ амонды ирвæзт ма нæ фæкодтат... — Уæдæ мын сайын æкхъæл уыдтæ? Куы нæ дæ уырныд- та, — йæ цурмæ бацыд Бутиан. — Æмæ дзы мах бон цы у, Бутиан? Мах салдæттæ стæм. Адæймагыл дæсгай къухтæ куы уаид, уæд бæргæ. Фæлæ нын хуыцау дыгай къухтæ йедтæмæ нæ радта. Нæфаг кæнæм. Не ’ххæссæм, — цыма хъæуы хъуыддæгтæ иууылдæр Буримæ кастысты, уыйхуызæн ивазгæ ныхасæй дзуапп радта, йæ цæнг- тæ фæйнæрдæм акодта. Аслæмбег уæдмæ дуртæ амад фæци æмæ фæткъуы бæлас- мæ хæстæг йæ лæдзæджы æнцой лæууыд. Бурийы ныхæстæм йæ цæсгомы сырх цыдæр фæци, фæстæмæ та йæ фæллад цæстыты бын цъæх тæлмытæ абадт. йæ мæллæг уæхсчытæ базмæлыдысты æмæ катайгæнæгау мæнырдæм разылд. Бæрæг уыд, Бурийы йæ лæдзæгæй æрцæвынмæ йæхи тыххæй кæй урæдта. Æз йæ цурмæ бацыдтæн, мацы сдзур, зæгъгæ, йын мæ цæстæй ацамыдтои. Уый ницыуал сдзырдта. 386 ’
Дебола царæй æрхызт. Фæрæт йæ къухы, афтæмæй Бури- мæ йæхи баласта. — Хъус-ма, Бури. Цæмæн нæ хъыгдарыс? Мах, гормон фæуинаг, кусгæ куы кæнæм... Фæлтау цу, æмæ Дзибойы скъæт рамæрз, дысон дзы хъомтæ... иу-дыууæ сыкъайы дæр ма дзы ануаздзынæ... Ам, цы фæфос кæнай, ахæмæй ницы ис. Цæугæ, мауал нæ хъыгдар!..—Аслæмбег æй куыннæ фехъуыстаид, афтæ йын йæ хъусы дзурæгау загъта Дебола æмæ йæ фæрсты хæдзармæ бацыд. Бурийæн йæ пыхцыл рихитæ сæ мидбынат скафыдысты, ды та дзы цалæймаг дæ, зæгъгæ, Деболайы фæ- дыл акаст. Бури кæддæр ахуыргæнæгæй куыста. Райдиан кълæсты йæм æз дæр ахуыр кодтон. Æвзæр ын нæ уыд скъолайы, фæ- лæ фæстагмæ йæ хъуыддæгтæ нал цыдысты. Кæддæр Бури кæй ахуыр кодта, уыдон горæтæй фæстæмæ хъæумæ æрыздæх- тысты æмæ йын йæ бынат бацахстой. Сау куыст йæ сæрмæ не ’рхаста Бури æмæ иу-дыууæ азьг йæ хæдзары фæбадт, мыдыбындзытæ скодта æмæ уыдонимæ иу къуыппæй иннæ къуыпмæ, иу комæй иннæ коммæ ивта. Бындзыты пайдайæ йæ бинонты дардта. Стæй йын иу зымæг цагъды фесты, æмæ уæд колхозмæ пълотникæй бацыд. Æвзæр куыст ын нæ уыд. Карчы фыд, арахъхъæй цух не ’ййæфта. Бæх кæм атулы, уым дæр ма æрду куы аззайы... Æмæ уыцы æрдутæй фæрæты, белы, халамæрзæны хъæдтæй, фиййæгтæй йæхицæн Тæргайдоны был цъæхсæртæ аскъæрдта. Изæрыгæт- ты, райсомы сатæджы-иу искæй куыстытæ дæр акодта, æндæр хъæутæм дæр-иу ауад. Дзибойы уæладзыгыл дæр иуцасдæр «дзæбæх мыздыл» фæкуыста, кæд дзы йæ хæдзармæ иу кап- пек пайда не ’рбахаста, уæддæр афтæ дзырдта Бури. Æмæ йæ уæвгæ хъæугæ та цæмæн кодтой Дзибойы капеччытæ... Фæл- лойбонтæ, хъæдæрмæг, агуыридур—уыдон зынаргъдæр уы- дысты Дзибойы капеччытæй. Схъал, æлгъгæнæгау каст, йæ- бæсты скъолайы чи куыста, уыцы ахуыргæнджытæм. Æнæ æхца, æнæ хуынд иу зæгæл ныкъкъуырынмæ дæр никæмæуал цыд. Хъæубæсты йæ бирæтæ кæй нæ уарзынц, уый зыдта Бу- ри. Фæлæ йæм афтæ каст, цыма йын йæ цардмæ хæлæг кæ- нынц, сæ цæст ын нæ уарзы, иннæтæй хуыздæр кæй цæ- ры, уый. «Æз мыггагмæ нæ цæрын. Стæй, цы цæрын, уый мæхицæн. Афтæмæй кæй хъæуын, уымæн мæнæ лæг. Кæй нæ хъæуын, 387
уымæн дæр йæ бар йæхи», — хъуыды кодта Бури. Æмæ хаста, кæм цы ардта, уый хаста йæ хæдзармæ, йæ бинонтæн. Бутиан æмæ Аслæмбегæй кæй ницы фæфос кæндзæн, уый зыдта Бури æмæ алы æфсæнттæй, алы гæды ныхæстæй абон- райсом кодта. Стæй йын æвæццæгæп, Дзибо йæ хъуын ацагъ- та, обкомы секретарь сæрмагондæй Бутианы хæдзары тыххæй хæцыд, зæгъгæ, æмæ Аслæмбегты кæрты æрбалæууыд. Уый дæр — æнæ хъæдæрмæг, æнæ истæмæй. Хæдзары алы фæрсты разылд, цармæ схызт, гæххæтты цыдæртæ афыста, стæй йе ’мбæлттæм фæдзырдта: — Хъайванты кæрæттæ даргъцæр рауадзут. Фисынтыл мæнæ уыцы стъарапилтæ сæвæрдзыстут. Сихæрттæм куыд фæуат, афтæ. Æз уæм хуыты фермæйы æнхъæлмæ кæсдзы- нæн... — Цæй, цыма стъарапилтæ никуы сæвæрдтам, уый ныхæс- тæ нын цы кæныс, — бустæгæнæгау загъта, æвæццæгæн, æн- дæр хъæуæй кæй æрбакодта, ахæм цыбыргомау, æнæдаст лæг. — Стæй сихæрттæм цавæр у, мусонг куынæ æмбæрзæм, миййаг!.. — Куы йæ зоныс, æз мæ иу ныхас дыууæ хатты нæ кæ- нын... Цы фæзæгъын, ууыл та раздæр хъуыды акæнын,—йæхи схъулæттæ кодта Бури æмæ цæуынмæ йæ хъус адардта. Дебола, цыма æндæр исты хъуыддагмæ цыд, уыйхуызæн Бурийы цур уæззау къахдзæфтæй балæууыд. Иæ тымбыл къух фæсте йæ синтыл сæвæрдта æмæ уæзбын хъæлæсæй загъта: — Бури, цалынмæ хæдзар æмбæрзт фæуа, уæдмæ дæ къах дæр никуыдæм авæрдзынæ. Бамбæрстай? Бурийы ногдаст рустæ ахъулæттæ сты. Иæ фындзыхуын- чъытæ, цыма йын уæлдæф. нал фаг кодта, уыйхуызæн фæй- нæрдæм ныппака сты, афтæмæй дзуапп радта: — Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ дæ искуы мæ хицау куы >скæной, уæд-иу мæм дзур ахæм дзыхæй. Ныр та уал æндæр хуыцауæн кувын. Бамбæрстай мæ? Сабаз, йæ чъизи къухы уæлармæй йæ мила фындз асæрф- та, афтæмæй Деболайы фарсмæ алæууыд. — Ау-у-адз æй... Цæугæ, мауал нæ хъыгдар,— йæ цæсгрмы æппындæр хуызыцъыртт нал аззад, йæ мæллæг æнгуылдзтæ лæдзæгыл зыр-зыр кодтой, афтæмæй загъта Аслæмбег. , Бури , фæстæмæ дæр нал фæкаст, фæйнæджыты. сæрты ахызт æмæ ма кулдуарæй æрбадзырдта: 388'
— Тыхсгæ ма кæн, Бутиан. Изæрмæ дæ хæдзар дзыхъ- хъынногæй агæпп ласдзæн... Хорз уал баззайут. Æз цæуын. — Бæрзæйсаст дæ хуыцау фæкæнæд, — йæ былты змæл- дæй загъта Бутиан æмæ лыстытæ рамбырд кодта, тагъд-тагъд сарагондырдæм ацыд. Иу-цалдæр минуты фæстæ кæцæйдæр фæзынд Майрæм. Йæ нымæтхуд йæ къухы, цыма йæ æрра куитæ фæсырдтой, уыйхуызæн йæ лæф-лæф цыд. Уыцы рыгæйдзаг цырыхъхъы- ты, уыцы хурсыгъд æфсæддон хæдоны... Быруйы сæрты уыциу хъæр æрбакодта: — Гъеуыдон лæппутæ сты, гъе! Байриат! Муради ацырды- гæй нæ уыди, миййаг? Ацырдæм рацыд, зæгъгæ, куы загътой. Агуырдта, дам, мæ... — Дысон-бонмæ йæ дæ мæтæй хуыссæг дæр нал æрцах- ста, — æлхыскъ ныхасæй дзуапп радта Аслæмбег. — Цы загътай, Аслæмбег? Цæй, мæн не ’вдæлы. Фæкæсут Бутианмæ!— йæ ныхас ма æрбайхъуыст Майрæмæн æмæ уынджы баивгъуыдта. — Хуыцауы тыххæй, уыцы æфсæддон дзаумæттæ кæм ссардта, æфсады иу бон дæр куы никуы уыд, уæд? Ацы æнуды йæхи цæуыл мары? Цы йыл æрцыд? Кæйдæр арыд рувасау зæххыл куынæуал хæцы, — хъайваны сæрты Майрæмы фæ- дыл акаст Дебола. Не ’ппæты бæсты йын Сабаз дзуапп радта: — Куыд дзурынц, афтæмæй нырма æртæ боны йæ цырыхъ- хъытæ нæма раласта, кæд мæ Муради куыстхуызæй фенид, зæгъгæ, æхсæв дæр æд дзаумæттæ хуыссы. Йæ зæвæттæ схау- дысты, уæддæр Мурадийыл нæ хæст кæны. Нæ йæм касты- стут, дзамбас бæхы згъорд куыд фæцæйкодта... Сабазы ныхæстæм ма суанг Бутиан дæр йæ худын нал баурæдта. ...Мæй хæхты сæрмæ стылд æмæ йæ цалхыдзагæй каст Ас- лæмбегты кæртмæ. Мах фæткъуы бæласы бын хъæды лыггæг- тыл æрбадтыстæм. Бутиан нын æртыкъахыг фынг нæ разы æрæвæрдта æмæ хатыркурæгау загъта: — Сымах фаг хорздзинæдтæ мæм нæй, æмæ-иу мæ хъаст ма ракæнут. Сабаз, хъарм картофджыны карст æмæ карчы сгуыйæ рус- тæ кодта, афтæмæй Деболамæ хæстæг нæ уæлхъус лæууыд, зылын сыкъайæ нын курæггаг арахъхъ лæвæрдта. Бурийы 389
æмбæлттæ суанг кæронмæ немæ баззадысты. Кæд сæм Бури тынг æнхъæлмæ каст, уæддæр æй хъуыды дæр нал æркодтой. Ноджы фæйнæ дыууæ сыкъайы куы анызтой, уæд бынтон ба- хъæлдзæг сты. Æндæр хъæуккаг Бурийы фыдгой кодта: — Ардæм æрбалидзынмæ хъавын. Нæ хистæр лæппу йæ рæуджытæй хъыгдард у æмæ йын кæд ам доны был, хъæдрæ- бын хуыздæр уаид. Иугыццыл уæм, зæгъын, акусон, уæ адæм куыд сты, уымæ уын æркæсон... Æмæ мæ мæ фыдбылызæн Бурийы.фыццаг скодтой. Сыдæй куы мæлон, нæ бинонтæ цагъды куы фæуой, уæддæр йемæ нал бакусдзынæн. Æз мæ къухæй Бурийы хуызæттæ сараздзынæн. Хъæдæй. Фæрвы лыг- гагæй... Хицауадмæ бахъаст кæнынæй дæр дзы нæ тæрсын. Мæнæн мæ уавæр, Къоста куыд фыста, афтæ арæзт у: «Нæ хæхты, нæ бæсты æлдар кæмæн нæй»... Аслæмбег мæ фарсмæ бадт, нозтджын лæджы ныхæстæм хъуыста æмæ аивæй йæ хæдзары сæрмæ скæс-скæс кодта. — Гыцци, мæ иннæ лæдзæг дæр ма мын рахæсс, семæ ны- хасы онг суайон, — фынгæй куы сыстадыстæм, уæд йæ мадæн загъта Аслæмбег. Бутиан сарагондырдæм ауад. Уайтагъд фæстæмæ фæзылд. Лæдзæг Аслæмбеджы къухты фæсагъта. — Цу, дæхи аирхæфс, мæ хур. Æгайтма де ’мбæлттимæ цæуыс. Æгайтма мын рабадтæ,— фырцинæй зæххыл нал хæцыд Бутиан. Мæй хæхты сæрмæ ауыгъдæй лæууыд. Раздæрау æдзынæг каст Бутианты кæртмæ, нæхъæуы кæройнаг уынгмæ. йæ дыу- уæ лæдзæджы æнцæйтты мæ фарсмæ цыди Аслæмбег, дзырд- та мын: — Уыцы æндæрхъæуккаг раст уыд. Хъусыс, дон куыд за- ры... Уæлдæф куыд сыгъдæг у... Бутиан суанг хиды хъусмæ нæ фæдыл рацыд, йæ галиу къухы арм йæ цыргъ æфсæрмæ сарæзта, афтæмæй йæ мид- бынат лæугæйæ баззад. Дзæвгар куы ауадыстæм, уæддæр ма мæнмæ афтæ каст, цыма Бутиан йæ фæпыкæйдзаг раздарæны къабазæй йæ цæссыгтæ сæрфта... 9. Дыккаг амонд Уад-дымгæ сыстад. Карст мæнæуы хуымты сæрмæ гæлæ- бутау тæхынц хъæмпыхæлттæ, зыгуымы муртæ. Бæзджын сау мигътæ, цыма сæ исчи сагойæ сцагъта, уыйхуызæн æддæг- 390
мидæг ауадысты. Хъæдырдыгæй арв йæ нæрынæй не ’нцайы, цæхæртæ калы. Мæ хæдфарсмæ хъæмпы цъынайæн йæ гопп фæтахт, —дымгæ йæ йæ уæлныхты систа, бындзыггай йæ нып- пырх кодта быдырты. Фыццаг уарыны ставд æртæхтæ, стæй ихы нæмгуытæ ныггæр-гæр кодтой. Тракторы сæрæй хъæр кæнын ме ’мбæлттæм. Нæ мæ хъу- сынц. Æрмæст мæм сæ къухтæ тилынц, Кæрдоджыны рагъыл кæрæдзийы фæдыл ныххал сты, сæ ных станырдæм сарæзтой. Ардыгæй кæсгæйæ барджыты хуызæн сты. — Æхсар, ацырдæм!.. Ацырдæ-æ-æм! — тыгъд быдыры хъуысы сылгоймаджы хъæлæс. Хъæр кæцæй цæуы, уыцырдæм кæсын. Никæй дзы уынын. Ноджы астымы сæрмæ сыг фæлæууыд. Мигътæ, цыма хаугæ зеркодтой, уый хуызæн зæххыл нытътъæпæн сты. — Ацыр-д-æ-æм! — не ’нцайы сылгоймаг. Уарыны æртæхтæ мæ цæсгомыл уырдыгмæ згъорынц, ихы фæрдгуытæ мæ сæрыл æмдзæгъд кæнынц, афтæмæй фæлгæ- сын быдыртыл, чи мæм хъæр кæны, уый агурын. Æппынфæс- таг сыг хъæдырдæм фефсæрста. Гаппойы обауæн ма мигъты юынæй нымæтхуды гоппау йæ сæр зыны. Обаумæ хæстæг, ныр- мæ ам йæ кой дæр кæмæн нæ уыд, ахæм мусонггонды раз мæ цæст æрхæцыд цавæрдæр сылгоймагыл. Йæ алыварс быдыр- тæ, цыма миты бын фесты, уыйхуызæн урс-урсид дарынц. Гæ- ды бæласау «миты» рагъыл ратас-батас кæны сылгоймаджы гуыр, йемæ змæлы быдыр... Мæ трактор уыцырдæм фездæх- тон, мусонгмæ мæ бирæ нал хъуыд, афтæ бæстæ æгасæй пæр- лæр сси. Мисурæты кæрчытæ тракторы разæй мусонгмæ тах- тысты, хъæр-ахст систой. — Лæппу, бауром!.. Кæдæм тæргæ бæхæй цæуыс? Дæ каистæм куы нæ лæбурыс, миййаг, — йæ хуылыдз сæрыхъуын- тæ йæ фæсонтæм аппæрста, йæ гом тæрттæ йæ къухы ар- мæй амбæрзта, афтæмæй мæ размæ разгъордта Мисурæт. — Бауром... мæ кæрчыты мын цæгъдыс... — Мисурæт куы дæ... Лидзгæ ракодтай? Иу уынæг дæ куыннæ фæци! — дисгæнгæйæ загътоп æз æмæ мæ трактор баурæдтон. — Лидзгæ. Цæй, æддæмæ рахиз. Гогыз бындзмæ куы кæса, уый каст мæм цы ныккодтай? Рахиз дын, зæгъын. Иннæтæ цы фесты? — йæ хуылыдз сæрбæттæиæй кæрчытæм æвзыста Мисурæт æмæ цыма йæ риуæн байгомæй тарст, уыйхуызæн йæ З^æллаггуыры тæрттæ ноджы тынгдæр æрбамбырд кодта. — 391
Арв æмæ зæхх кæрæдзийы хойынц, уый та быдыры бæрæг астæу бындзытæ ахсы. Дæ зæрде уый хъæбатырдзинад у? Æдылыдзинад. Бамбæрстай? Афтæмæйты ныррынчынтæ вæй- йут... — Раст зæгъын хъæуы, дæ хъæр дын фехъуыстон, фæлæ дæ зонгæ нæ бакодтон. Стæй, быдырмæ ралидздзынæ, уый æнхъæл нæ уыдтæн,— загътон æз æмæ тракторæй æрхыз- тæн. — Дзургæ къаддæр... Мæнæ кæрчыты сарамæ басурæм, — йæ сæрбæттæнæй мын иу ныддаудта Мисурæт, стæй цыма йæ кæрчытимæ дзырдта, уыйхуызæн хъуыр-хъуыр систа. — Нæ мæ базыдта... Уæдæ ма Зæлинæ уыдаид, кæддæра дæ трактор хæрдты не ’стахтаид... Мисурæты мæтæй мæлут... Сымах къуырд дзыккутæ, нарæг къабаджынтæ, бæрзонд зæвæтджын- тæ уарзут, мæнæ мæ гоппон уасджыты хуызæн чи у, ахæмтьь Хорз уæ зонын æз... Уыссиу, мусонгмæ дын зæгъын, фæстæ- мæ ма цы фæкæс-фæкæс кæныс... — Ахæмæй дын цы ракодтон, Мисурæт? Дур мæ дурыл куынæуал ныууагътай, æви нæ чызджытæй исчи йæ дзыккутæ акъуырдта? — Къуыргæ нæ, æлвынгæ... Хъæусоветы телыхъæдау цы нырраст дæ? Марадз, уæртæ кæрчытæ æрбасур. Уаргæ сыл кæны... Цип-цип-цип... Сымах дæр хъæндилты бырд цы кæнут? Уæлдай хонæг ма уæм арвитæм? — Мисурæт, чысыл раздæр трактортæ кæдæм баивгъуыдтой, уыцырдæм аивæй фæкæс- фæкæс кодта. Æз æм мæхи нал баурæдтон: — Кæмæндæр, дам, йæ бæхыл йæ бон нæ цыд, æмæ йæ саргъы надта... Цыма кæйдæр бæсты дæ цæфтæ мæныл уайынц? — Æгæр фæдæ. Дис кæнын, куыд сæ баурæдтай, уыцы уæззау цæфты, — йæ пыхцыл дзыккуты æхсæнты мæм æрба- каст Мисурæт. — Æмæ уæдæ цæй лæгтæ ис сымахæй? Сыл- гоймаг тыгъд быдыры зыбыты иунæгæй утæппæт кæрчытимæ тухæнтæ кæны, искæуыл дзы исты куы æрцæуа, зæгъгæ, йæ зæвæттæ артау судзынц, сымах та йæм дардæй кæсут... Куы- ристæ, еууы куыристæ, лæгтæ нæ фæлæ... Лæг æрмæст худæн куы уаид, уæд уыдон дуканийæ фылдæр никуы сты. Ехх, мæн лæг цы хуыцау нæ фæкодта, уый дæлæмæ æрхауæд! Æз уæ тæвд къæйыл бæргæ скафын кодтаин. Хъус-ма, кæрчыты Дзи- бойы æвастæй раластон, уый зоныс?.. 392
— Куыд?.. Æмæ дын ам тыгъд быдыры исты куы кæпой, уæд та? — Уадз æмæ иучысыл се ’уæнгтæ аивазой... Куы сæм ба- кæсис, знопæй нырмæ сæ базыртæ сцагътой. Мæнæуæфсæстæп куыд тыхулæфт кæнынц, уымæ кæсыс? Бæдултæ æмæ лæпнып уасджытæ сты. Иннæты фермæйы ныууагътон. Дзибо мæ, æвæццæгæн, нæма зоны, æндæр мæм афонмæ фæдисы фæцы- даид. Уый хъæртæм чи хъусдзæн... Уæвгæ, хъæр кæнæд, цы дзы фæхъæуа, уыдон бафиддзынæн. Мæ хæдзар, мæ иунæгхъуг дæр ауæй кæндзынæн, мад у æмæ йæ мемæ фермæмæ ракæн- дзынæн. Æз кæм фæразын, уый дæр уым бафæраздзæн, — йæ фæстаг ныхæстæ æнкъардæй загъта Мисурæт æмæ йæ сæрбæт- тæнæй йæ цæсгом асæрфта. Æвæццæгæн, йе ’нкъард ныхас йæ- хи зæрдæмæ дæр нæ фæцыд æмæ ма йын йæ кæронмæ баф- тыдта: — Ницæмæй дзы тæрсын. Мæ хæдзары пайдайæн сæ куы- нæ раластон, миййаг. Кæд мах дæр адæмы хъæр бамбарик- кам, æндæр... Ау, уæдæ иннæ хъæуты æндæр адæмы хатт цæры? Гъа, нартхор, мæнæу нæм афтæ хорз ма зайæЕ1т. Кæр- чытæ дарынмæ та нæ цы хъыгдары? Дон — нæ фарсмæ, хъæд — хæстæг. Быдыртæ... Муради раст загъта: «Лæг, алцы дæр лæгæй аразгæ у. Галтæн сæрбос куынæ уа, уæд фæйиæр- дæм хæцынц». Хъæмпæй æмбæрзт дæргъæй-дæргъмæ сарагонды уасæгæй, бæдулæй кæрæдзийы рæтты абырыдысты. Мах Мисурæтимæ хъæмпыл бадæм. Уарын йæ сæх-сæхæй не ’нцайы. Тæдзынджы- тæ тæдзынц. Сарайы кауын къулты рæбын ма ранæй-рæтты кæригæндтæй лæууынц ихы нæмгуытæ. Дæрдджын палто йæ цыргъ уæхсчытыл, йæ уымæл дзыккутæ фæсоитыл пыппырх сты, афтæмæй мæ фарсмæ бады Мисурæт. Уасджытæ уарыны æртæхтæм сæ къубæлттæ куыд сиваз-сиваз кæнынц, уымæ кæ- сы. Ницы дзуры. Цавæрдæр хъуыдыты кæй аныгъуылд, уый æмбарын æмæ æз дæр мæхи ныхъхъус кодтоп. — Уæртæ уыцы фыдуагмæ кæсыс?—йæ сау æрфгуытæ змæлгæ дæр нæ фæкодтой, афтæмæй загъта Мисурæт æмæ йæ къухæй бацамыдта, чысыл раздæр йе ’мбæлтты къуырдтытæ- гæнгæ цы сырхкъоппа уасæг рацыд, уымæ. — Иннæтæи фаг чи у, уый уымæн фаг нæу. Зæххы цы дон ис, ууыл нал æрвæссы. Ноджыма йе ’мбæлтты дæр къуырдтытæ кæны. Адоны æхсæн дæр къулбадджытæ бирæ ис. Искæйы куынæ басхойа, искæ- мæн маст куынæ скæна, уæд ын йæ цард ад дæр нæ кæны... 393-
Кæй хуызæн мæм кæсы, уый зоныс? — йæ мидбылты худы Ми- сурæт æмæ мæм хинкаст кæны. — Нæ зонын, — дзуапп ын радтон æз. Уый мæ йæ рæмбыныкъæдзæй æрбасхуыста: — Зæххы бынты хуымгæнæг, нæ зондзынæ ды. Бæууæндыд- тæн дыл, куыннæ! Истæмæй дзы тæрсын, æнхъæл дæ? Нæ, ныр- мæ цы бавзæрстон, уымæй фылдæр ницæмæуал æнхъæлмæ кæ- сын. Æгъгъæд мыи фæуæд... Стæй дзы, бæппуйыстæн, хæс- джын дæр ницæмæй дæн. — Майрæмæй?.. Мисурæт мæм йе ’рфгуыты бынты æрбакаст. — Бирæгътæ иууылдæр — къуыбырхъустæ... Уасджытæ иуран нæ лæууыдысты, сæ сырх къоппатæ уа- рынмæ радар-радар кодтой. Æрмæст уыцы æнæнтыст уасæг йæхимæ хæстæг никæйы уагъта, цыма йæ цæргæ-цæрæнбонты доны хъæстæ никуы фæцис, уыйхуызæн йæ лыстæг къубал хæрдмæ сиваз-сиваз кодта. Мисурæт æм æдзынæг каст. Æвæц- цæгæн дзы уазал бацыд æмæ йæ палтойы фæдджитæй йæ уæ- раджы сæртæ бамбæрзта. Тымбылкъухыйас дæр мæм нал зынд. Цыма хъæмпы быргæ акодта, афтæ ныттымбыл. Иæ даргъ цæстыхаутæ æнæзмæлгæйæ лæууыдысты. Былтæ — цъæх, фындз бынтондæр ныссырх. Æз æрмæстдæр уæд ба- фиппайдтон, йæ сæр кæй фæхалас, уый. Уæвгæ йæм нырмæ афтæ хæстæг никуы бадтæн, афтæ лæмбынæг æм никуы æр- кастæн. Йæ дæллагхъуыры гæзæмæ æнцъылдтæ фæзынд. Æр- мæст ма йæ цæсгомыл кæддæры рæсугъддзинад йæхимæ æл- вæста адæймаджы зæрдæйы. Бæзджын сау æрфгуыты бынæй æнкъардæй кастысты йе ’стыр цъæх цæстытæ. Сатæгсау, даргъ цæстыхауты æхсæнæй æрттывтой æмæ цавæрдæр æнкъард- дзинады аууон æвæрдтой цæсгомыл. Афтæмæй кæй бады Ми- сурæт, уый йыл нæ фидыдта. Зæрдæ дурæй конд куынæ у, миййаг. Æвæццæгæн, ахæм сахат уыд Мисурæтыл дæр. Кæй ницы дзырдта, йæ уæззау хъуыдытæ йæ дард кæдæмдæр кæй ахастой, уымæй æфсæрмы нæ кодта, уæлдайдæр мæнæй, йæ райгуырд кæмæн зоны, йæ мадимæ дыууæ хойы цард кæмæн кæны, уымæй! Бирæ диссæгтæ федта Мисурæт. Йæ карæнтæн ныр сæ сывæллæттæ — хæдзардарæг. Бинонтæ сын. Сæхи цин, сæхи зынтæ. Мисурæт дæр уыдонæй фæстæдæр никæмæй баззада- ид. Уындæй, кондæй, æгъдауæй дæлдæр æвæрд никæмæй уыд. Уарзтой йæ лæппутæ, цыдысты йæм курджытæ. Æрмæст ын .394
уыдонæй йæ зæрдæ ничи фæцагайдта, йæ сæр ын ничи рази- лын кодта. Хъæуы уыди æрмæстдæр иунæг ахæм лæппу, ма- дзура, æфсæрмыгæнаг Бадила... Хъæуы фæсивæдæй уæлдай, уый дæр Хъарсы фидар нæ басаста, уæларвæй мæйы чызджы нæ рахаста. Цурчы састы хуызæн. Гуыбырфындз. Дзыгъуыр- тæ. Æрмæст йæ зарын... Зæрдæйы уидæгтæм лæбурдта, æх- сæв хуыссын нæ уагъта... Былтæй, дзыхæй нæ цыд. Æвæццæ- гæн, зæрдæ йæхæдæг зарыд. Зарæгæй диссагдæр та йæ дыу- уæ сау цæсты уыдысты. Уыдон иннæ лæппуты цæстыты хуы- зæн кæсгæ нæ, — судзгæ кодтой. Стæй судзгæ дæр хуымæтæ- джы сыгъд нæ, — адæймаджы æнæхъæнæй, йæ сæрæй йæ къæхтæм сыгътой. Йæ зарæг афтæ тынг кæй хызт зæрдæйы, йæ цæстытæ аф- тæ тынг кæй сыгътой, æвæццæгæн, мадзура дæр уымæн уыд Бадила. Уæд та дзы иу хъæбыс, иу ба куы дарид йæ зæрдыл Мисурæт. Æыæрай фæуæнт, ахаста сæ, иу дæр дзы нæ ныу- уагъта Мисурæтæн Бадила. Арвы талынгты дзы лыгъд. Æвæц- цæгæн, Мисурæты уарзондзинадæй басудзынæй тарст. Нæ, йæ- хи зарджытæ, йæхи цæстытæй чызгæн тарст басудзынæй.Æмæ Мисурæт йæхæдæг та? Хъæуы йæ æмбисондæн куы хастой, йæ цыргъ ныхасæй, йе ’лхыскъæй дойнагдур куы афастаид, хъæуы фæндыр æй куы хуыдтой. Уый æцæг афтæ уыд, фæлæ Бади- лайы раз... Зæрдæ-иу куыддæр ныкъкъæпп ласта. Цæсгом-иу артау ссыгъд. Цæй ныхас æмæ иæй æндæр! Йæ мидбынаты- иу сагъдауæй баззад. Æрмæст иунæг хатт асимдта йемæ. Цы- ма уæлæрвты тахт, афтæ йæм каст Мисурæтмæ. Уæвгæ, уæлæрвты нæ, цыма йæ Бадилайы тыхджын цонг ахсгæ æр- кодта, кæдæмдæр æй фæцæйхаста. Ноджы цыма йæ уындæн хæлæг кодта, уыйхуызæн йæ цæстытæ зæххы ныццавта, стыхст. — Зæххы дын цæхх ныччындæуыд, дæ сæрыл ма уæлæмæ схæц, — йæхи йæм нал баурæдта Мисурæт. Лæппу ницы сдзырдта, æрмæст Мисурæтмæ бакаст стæй, хъазты кæронмæ куы бахæццæ сты, уæд чызджы цонг ныл- .хыскъ кодта æмæ йе ’мбæлтты æхсæп æрбайсæфт. Бæргæ, иу хæст ма йыл куы фæуыдаид, фæлæ Бадила хъазтæй афардæг. Уыцы æлхыскъимæ ахаста Мисурæты зæрдæ... Æрмæст ма йын йæ фæлмæн цоигыл дæргъæй-дæргъмæ цъæх ныууагъта. Стæй уый дæр сабыргай тайын байдыдта, фесæфт... Æвæццæ- гæн, афтæ пæ рауадаид, уыцы æнæхайыры фыстæ куынæ уы- дапккой, уæд. Цыма хъæуы Бадилайы йедтæмæ ничи уыд, уый- 395
хуызæн æй уыцы фæззæг Хъызлары балæууын кодтой. Ныхæс- тæ, арфæтæ æрвыста йе ’мбæлттæн. Фæлæ цы уыдысты Мису- рæтæн ныхæстæ! Уый хъуыдис Бадила йæхæдæг, йæ зарджытæ, йæ дыууæ сау цæсты... Стæй хæст рацыд. Бадила Хъызларæй сыздæхт, зæгъгæ, дыууæизæрастæу Мисурæт хъæуы балæууыд. «Ныр та ма мын кæдæм лидздзæн? Кæд хынджылæг кæны, уæд æндæр искæмæй... Уæлхъæдæй мæ цæмæн бахус кодта? Искæмæн мæм ныхæстæ цы æрвиты, йæхиуыл дзых нæй? За- рынмæ булæмаргъ куы басгуыхы... — хъуыды кодта Мисурæт, фермæйæ хъæумæ куы цыд, уæд. — Куы ницы та йып зæ- гъои? Куынæ та сарæхсон?.. Нæ, ацы хатт мыл зарæг куыскæ- ной, уæддæр ын æнæзæгъгæ нæй. Кæйфæнды цур дæр уæд!» Мисурæт хъæумæ Бадилайы фенынмæ куы ацыд, уæд Ба- дила та фермæйы кæртмæ кауы зыхъхъырæй бакæс-бакæс кодта. Чызджытæ йæ бафиппайдтой æмæ йæ размæ рауады- сты. — Чи дæ хъæуы, дыууæизæрастæу кауы зыхъхъырæй цы кæсыс? — бафарстой йæ чызджытæ. — Сымахæй ничи. Уæд уын æй æрдæбонсарæй дæр злгъ- таин. Цыма уæ мæ хуызæн фесæфт, уый каст мæм цы ныккод- тат? Мисурæт мæ хъæуы... — Гъа-гъа, уый мæнæ Бадила кæй хонынц, \ый ма уай? Цалынмæ Хъызлары дæ къæбæлдзыг уæрыччыты рæвдыдтай. уæдмæ дын дæ Мисурæты ахастой. Фæдисы цæуынвæнд дæр мауал скæн, йæ фæд дæр ын нал ссардзынæ... Кæд ма йæм исты фæдзæхсыс, уæд æй махæн зæгъ, мах ыл дæ саламтæ сæмбæлын кæндзыстæм, — кæл-кæлæй ныххудтысты чыз- джытæ. — Цæй-ма, кæм и? Мæп хъазынмæ не ’вдæлы, ахсæв хæст- мæ цæуын,— тыхстхуызæй загъта Бадила, æмæ та фермæйьг къуымты йæ цæстæнгас ахаста. — Хæстмæ? — цыма хæсты кой фыццаг хатт фехъуыстой, уыйхуызæн æмхъæлæсæй бафарстой чызджытæ. — Бадила, мауал лæуу уæдæ, хъæумæ тæхгæ. Мисурæт чысыл раздæр уырдæм аивгъуыдта,—дзуапп радтой чызджытæ æмæ йьиг «фæндараст» зæгъын дæр нал бафтыд сæ къухы. • Бадила фæстæмæдæр нал фæкаст, кæцæйдæр-ма фæнда- джырдыгæй йæ «хæрзæхсæв» æрбайхъуыст. Бирæ ныхæстæ æрцыди уыцы изæр Бадила æмæ Мисурæ- тытыххæй. Чызджытæ, Хъантеты «æнæнтыст» Залиханæй 396
фæстæмæ, иууылдæр аххосджын кодтой Бадилайы. Фæлæ За- лихан семæ нæ разы кодта: — Иуы аххосæй аххос нæй... Æз Мисурæтæй куы уаин, уæд ын афонмæ йæ бæрзæйыл æрхæцыдаин. Мисурæт махи- мæ дзурынмæ дæсны куы вæййы. Бадила мæ хæстæг у, уый тыххæй нæ хæцын йæ сæрыл. Уый дæр дзы къаддæр аххос- джын нæу. Æз æй зонын, йæхæдæг мын æй фæдзуры. Бадила йæ кæй уарзы, уый Мисурæт йæхæдæг дæр зоны. Афтæмæй кæрæдзийæ тæргайгæнаг сывæллæтты ралидз-балидз кæнынц. Лæппу дæм йæхæдæг ницы дзуры, уæд æм комкоммæ бацу, йæ хъусыл ын ныххæц æмæ йæ дæ фæдыл рахæр-хæр кæн. Нæ, чызджытæ, цыфæнды дзурут, мæнæн мæ зæрдæ нæ бауромид, мæ фæрстæ атъæпп кæниккой. — Бадилайы хуызæн голлæгтыл хъустæ нæ вæййы. Æды- лы къоппа, ничи йæм кæсы, чызджы уæлхъæдæй бахус кæнын кодта. Ды дæр, Залихан, авд хохы фæстæ куынæ цæрыс, дæ хæстæг у æмæ йын цæуыннæ исты зæгъыс? Уыцы хъæбаты- рæй нырмæ кæм уыдтæ? — Залиханыл йæхи цъиуджынкарчы цæф ныккодта чызджытæй чидæр. — Æмæ сын иу æмæ дыууæ хатты дзырдтон? Афтæ сын хъæуы, ныр кæрæдзийы фæстæ ратæх-батæх кæнæнт. Чи зоны, цас ма фæтох кодтаиккой чызджытæ, Мисурæт фæстæмæ фермæйы лæф-лæфгæнгæ куынæ æрбалæууыда- ид, уæд. — Ничи мæ агуырдта? — цыма йæ агурæг стъолы бын уыд, кæнæ йæ чызджытæй исчи йæ фæсаууон бамбæхста, уый- хуызæн æнæууæнккаджы каст кодта Мисурæт. — Гæды æмæ мыстæй хъазут, æви?.. Агуырдта. Фæстæмæ дæм хъæумæ фезгъоры, — мæстыхуызæй загъта Залихан. Мисурæт йæ уæлхъус алæууыд. — Æцæг, нæ мæ сайут?.. — Цы дæ сайæм, уый-иу нын ма ратт... Ахсæв цæуы. Мисурæт уæззаугай йæхи бандоныл æруагъта, йæ хъоп- пæг цъæх цæстытæ доны разылдта. Бадила йæм фермæмæ æр- цыд, уый йын æхсызгон уыд. Ахаста йын йæ зæрдæ. Цæй, кæд хæст мыггагмæ нæ уаид... Сæрæгас уæд, æндæр æм æнхъæл- мæ кæсдзæн. Афæдз... Дæс азы... Æрмæстдæр Бадиламæ... Уыцы фæлмæнзæрдæ, уыцы сауцæст Бадиламæ... Фæлæ афтæ бадæн нæй. Фæстаг æхсæв... Цæугæ куы кæны... Мисурæт сыстад. Йе ’мбæлттæ йæм тæригъæдгæнæджы каст кодтой. йæхи сæм нал баурæдта: 397
— Уе ’взæгтæ уын исчи ласгæ скодта, цы ныхъхъус стутг исты мын цæуыннæ ацамонут? Зæгъгæ ницы кодта?.. — Мауал лæуу, хъæуы дæм æнхъæлмæ кæсы,— æмхъæ- лæсæй дзуапп радтой чызджытæ. Мисурæт ницыуал загъта. Цæуын, зæгъгæ, ма дуарæй йæ ныхас æрбайхъуыст æмæ та фæстæмæ хъæумæ афардæг. Чызджытæй ничиуал ницæмæ сарæхст. Æрæджиау Зали- хан загъта: — Æмбисæхсæв æй иунæгæй куыд ауагътам... — Æцæг зæгъыс. Дæуæн æмбæлд, Залихан. Дзæгъæл- дзырды бæсты йын исты феххуыс уыдаис... — Куыддæр мæхинымæр хъуыдытыл фæдæн æмæ... Ныу- уадзут ма мæ, — уынгæг хъæлæсæй загъта Залихан æмæ йæ цæстытæ доны разылдта. — Цы дыл æрбамбæлд? Ныртæккæ дæр ма дзæбæх куы уыдтæ? — йæ уæлхъус алæууыдысты чызджытæ. — Тæригъæд сын кæнын... Мæн аххос дæр у. Бадилайæн ны- ронг куыд никуы ницы загътон. Уарзæттæ нæ, фæлæ майму- литæ... Уыцы æмбисæхсæв Мисурæт фермæйæ хъæумæ цы зæр- дæйæ цыд, уый йæхи йедтæмæ ничи зыдта. Иунæг адæймаг дæр нæ. Бадила нæ, фæлæ фондзыссæдз Бадилайы дæр... Иæ къæхты бынтæ сыгъдысты. Згъордта, фæлæ фермæйæ хъæуы æхсæн фæндаг æнæкæрон даргъ ныцци. Кæд æндæр искæдæм арæдыд? Кæд йæ зæнгты æппындæр хъару нал ис æмæ сæ мидбынат змæлынц? Нæ, фæндаг уыцы фæндаг у. Мæнæ мæйдары рæдзæ-мæдзæ кæны зæронд хæрис бæлас, йæ рахиз фарс — тъæпæнсæр обау. Дон цæугæ нæ, фæлæ цæуыл- дæр йæхинымæр хъуыр-хъуыр кæны. Мæнæ ноджы сæргъ- астæу хид. Нæ, фæндагыл нæ фæрæдыд. Æрмæст æгæр ныд- даргъ... Фæсæмбисæхсæвты схæццæ хъæумæ Мисурæт. Бадилатыл йæ фæндаг акодта. Кæройнаг уатæй ма рухс цыд, фæлæ дзы ницы змæлд хъуыст. Аивæй кæртыл йæ цæстæнгас ахаста, рудзынгæй бакаст æмæ дзы йæ цæст куы ницæуыл æрхæст, уæд сæхимæ фæцагайдта. Хæдзары смидæг. Мад ма уæларты цыдæртæ архайдта æмæ йæ чызджы уыцы тыхстхуызæй куы федта, уæд тæбæгъ йæ къухæй æрхауд. — М’арт бауазал, цы ’рцыди, хуызыцъыртт дæ куынæ- уал ис?.. — Ницы, гыцци, дзæбæх дæн... Ничи мæ агуырдта? 398
— Агуырдта... Бадила... Чысыл раздæр, цыма йæ исчи æр- басырдта, уый гæпп æрбакодта. Фермæмæ фæцæуыс, зæгъгæ, йын куы загътон, уæд мæ йæ хъæбысы фелвæста. Ныр дæр ма мæ фæрсты къæс-къæс цæуы. Æррамæ дæр ма бакæс; æмæ уымæ дæр. Афтæмæй йæ никуыма федтон. Мæ русæн мын ма ныбба кæна... Стæй мæнæ ацы гæххæтты гæбаз стъолыл фæ- уагъта, дæ къам дын къулæй аскъæфта æмæ йæ мæ цæст дæр нал ауыдта. Р1емæ йын, зæгъын, иу авджы дзаг уæддæр куы авæрин, дурын мемæ аскъæфтон. Нал, нал сæ аййæфтон. Ма- шинæйæн ма мæм йæ уынæр фаллаг сыхæй æрбайхъуыст. — Æлгъыстаг фæу, кæд цы æнæхатыр рæстæг дæ! — æр- мæстдæр ма уыцы ныхæстæ загъта Мисурæт æмæ йæ мады хъæбысмæ йæхи баппæрста, ныккуыдта... Кæдæм ма фæцыдаид, кæдæм ма сырдтаид Бадилайы? Го- рæтмæ? Цыппарыссæдз километры? Фистæгæй? Æмбисæх- сæв?.. — Чызджытæ, бахатыр мын кæнут,— райсомæй фермæ- мæ куы ныццыд, уæд куыдвæлладæй, фæсусхъæлæсæй загъта Мисурæт æмæ стъолмæ Бадилайы гæххæтт баппæрста. Цæмæй йын барæвдыдтаиккой чызджытæ йæ рыст зæрдæ? Цы сæ бон уыд? Æрмæст Залиханæн йæ фындзы футт-футт ссыд æмæ дуары тарвазыл банцой кодта. Чысыл фæстæдæр чызджытæ бакастысты Бадилайы фыст: «Æнæрай скæн дæ кæрчытæй. Æз цæуын, мæ зæрдæ дæ дыууæ цъæх цæсты баззад... Мемæ æрмæстдæр мæ къодах хæссын. Мæхи аххос уыди, нырмæ дын кæй ницы загътон, уый. Ныххатыр кæн, мæ конд афтæ фæци æмæ... Залиханæн æй дзырдтон. Ницыдын загъта? Иу хатт ма йæ бафæрс. Зæр- дæйы сыгъдæгдзинад æвзарыны бон æрцыд. Адæмы цæсты мæ ма бафтау, мæ удæй дæ бирæ фылдæр куы уарзып...» Чызджыты зæрдæтæ суынгæг сты. Æрмæст Залихан пис- мойы йæхи кой куы фехъуыста, уæд Мисурæты баййардта: — Нæ дын дзырдтон? Ды та мын хъазын æпхъæл уыдтæ... — Дзырдтай, мæ гыццыл хо, дзырдтай, — дзуапп радта Мисурæт æмæ Залиханы мæллæг уæхсчытыл йæ пæнгтæ æрба- тыхта. Хæстæй хорзæй ницы хъуыст. Фыццаг сау хабæрттæ... Фыццаг сидзæртæ... Фыццаг цæстысыгтæ... Хæддзу уазæгау æнæфæрсгæйæ цыдысты иу хъæуæй иннæмæ, иу хæдзарæй ин- нæ хæдзармæ, иу зæрдæйæ иннæ зæрдæмæ. Чызджытæ скод- 399
той зарæг æмæ йæ адæмы сусæгæй æхсæвыгæтты иунæгæй за- рыдысты. Уæвгæ, уый зарæг нæ уыд — хъарæг, цæстысыгæй чи пыддымст, ахæм хъарæг. Зарыд уыцы сусæг зарæг Ми- сурæт дæр, иннæ чызджыты хуызæн сусæгæй. Чызджытæ-иу куы бафынæй сты, уæд-иу фæндыр райста, æрмæстдæр-иу йæ былты змæлдæй дзырдта уыцы зарæджы ныхæстæ: Бынты бын бауай, саухъæды халон. Æппынæдзухдæр хъæрæй куы уасыс, гъей... Сыгъд дыл ссæуа, дæлæ машинæ, Лæппуты дзæбæхты хæстмæ куы ласыс, гъей. Бирæ цæссыг фæкалын кодтой уыцы ныхæстæ. Бирæ чыз- джы цæстытæ бахус кодтой. Бирæ фæндырты фæкæуын код- той. Иунæг зæрдæлхæнæн ныхас никуы ныффыста йæ ацæуы- иæй фæстæмæ Бадила: нæдæр йæ бинонтæм, нæдæр Мису- рæтмæ. — Бирæтæй нæй хабар. Æвæццæгæн, писмо кæцæй нæ цæуы, ахæм ранмæ бахаудтой. Тыхсгæ ма кæн, ныффыс- дзæн,—зæрдæтæ йын æвæрдтой йе ’мбæлттæ, чи йæ зыдта, уыдон. Æмæ æнхъæлмæ каст. Æууæндыд адæмы ныхæстыл. Æнæууæндгæ дæр ын цы уыд — иунæг уый куынæ каст æнхъæлмæ йæ уарзонмæ, йæ фыдмæ, йæ хъæбулмæ! Иу æнкъард фæззыгон бон Залихан хъæуæй æрцыд. Фер- мæйы дуарæй нæма æрбахызт, афтæ йæ кæуын æрбайхъуыст. Чызджытæ фæтарстысты, йæ размæ разгъордтой. — Бадилайæ æвзæр гæххæтт райстой,—йæ дысы кæронæй йæ цæссыгтæ сæрфта Залихан æмæ ноджы тынгдæр нык- куыдта. — Цы? — йæ цæнгтæ цæргæсы саст базыртау æрхаудысты Мисурæтæн æмæ цудтытæгæнгæ кулдуарырдæм араст. Чыз- джытæ йæ фæдыл азгъордтой, йæ дæлæрмтты бацыдысты. — Ма мыл фæхудут, чызджытæ... Курын уæ, гыццыл мæ иунæгæй бауадзут, — загъта Мисурæт æмæ йæхи дурыл æруагъта. Бон ыл баталынг. Иæ хъусты ма дард кæцæйдæр зыланг кодта Залиханы кæуын... Дурау ныхъхъæбæр зæрдæ. Сæрыхъуынты фыццаг иугай урсытæ фæзынд, стæй сыл уæд фæззыгон халас æрбадт æмæ уый сæмхæццæ кодта Мисурæты сынты базырау сатæгсау дзыккуты. Зæрдæйы рыст арф æнцъылдтæй æрбадт ныхыл, цæстыбынты, æрфæдтæ кодта дæллагхъуырмæ. Хатгдй ’ма-иу йæ зæрдæмæ рухсыцъыртт бакаст, кæд сыздæхид, кæд’мæнг 400
гæххæтт у, зæгъгæ-иу йæхицæн зæрдæтæ авæрдта. Фæлæ йын кæдмæ фаг уыдысты, Бадила йæхæдæг куынæ зынд, уæд? Æмæ фæстагмæ бафидыдта йæ хъысмæтимæ. Куыст, æхсæ- вæй-бонæй куыст. Уый йын рогдæр кодта йæ зæрдæйы маст. Рæстæгмæ рохуаты аззад усгуртæй. Сусæгæй йæм хъавджытæ уыд, ф>æлæ уыдонæй дæр æргомæй ничи ницы дзырдта. Стæй уæд Дебола фæзынд. Уый раздæр царди Мæхъхъæлы хъæу- ты. Йæ ус аргæ-арын амард, йæ фондзаздзыд фырт æмæ йæ зæронд мадимæ æрбалыгъд Цъыфджыны хъæумæ. Мисурæт йæ зæрдæйы ныххауд, сдзырдта йыл, фæлæ йын ницы ком радта. Æвæццæгæн, чызг йæ дыккаг амондæн алидзынæй тарст æмæ та йæ цъæх цæстыты зынджы стъæлфæнтæ сæрт- тывтой. йæ сау æрфгуытæ кæдæмдæр фæсырдтой ныхы æн- цъылдтæ. Кæцæйдæр та йæм æртахтысты йæ хъазæн ны- хæстæ. Æрмæст раздæрау зыланг нал кодтой. Раздæры хуы- зæн рæсугъд нал фидыдтой Мисурæты дзыхы. ...Уары. Цыхцырджытæй дон сæх-сæх кæны. Уыцы æнæн- тыст уасæг, æвæццæгæн, бафсæст æмæ йæхи цæджындзы рæ- бынмæ байста. Цыма нæ мæстæй мары, уыйхуызæн нæм йæ цæстытæ фæныкъул-фæныкъул кæны. Мисурæт бады, йæхи- нымæр цæуылдæр тыхсы. Дардæй æрбайхъуыст тракторы уынæр. Мисурæт, цыма йæ тарф фынæйæ фехъал, уыйхуызæн хæрдмæ фæхауд. — Æнхъæлдæн æмæ нæм чидæр лæбурæг æрбацæуы, — загъта уый æмæ йæхи дзæбæхтæ кæныныл фæци. — Хуыцау æй скъæфæг фæкæнæд, — къахæгау ын дзуапп радтон æз. — Ма тæрс, ныры лæппутæм уыйбæрц ныфс нал ис, —йæ дзыккутæ бийы, афтæмæй мæм йе ’рфгуыты бынты кæсы Мисурæт. Трактор сарагонды фæстæ æрлæууыд. Цыма йын исчи йæ хъуыры къæрмæг атъыста, уыйхуызæн фæхъус. — Уæртæ фаллаг æрхыл... Æнæхайыр фæуæд! Куыддæр доны былмæ ныххæццæ дæн, афтæ уоцани бæхы лæуд ныккод- ’та. Мæ къух дæм куы тылдтон, уæдæй нырмæ йыл архайын... Дебола йæхи мæ цуры рæстытæ кæны, æви Мисурæтæй ха- тыр куры, уымæн ницы æмбарын. Уарыны размæ мæнмæ йæ къух чи тылдта, уыцы Дебола Мисурæты ферох кодтаид, уый зын бауырнæн уыд. йæ нымæтхуд йæ рахиз къухы, афтæмæй нæ комкоммæ сарайы кæрон æрлæууыд Дебола. Æз æнхъæлмæ кастæн, уæ- 26 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 401
дæ йæм Мисурæт исты сдзурдзæн, зæгъгæ, фæлæ Дебола йæ- хæдæг фæразæй: — Ам стут?.. — Нæ, Чырыстийы цъуппыл, — æлхыскъгæнæгау ын дзу- апп радта Мисурæт. — Æмæ цы кæны, уым дæр æвзæр нæу... — Мидæмæ æрбахиз, тæккæ цыхцырæджы бын цы слæу- уыдтæ? — Донласт хуылыдзæй нал фæтæрсы, Уарзион... — Мæ кæрчыты мын быдырмæ кæй раластай, уый тых- хæй дыл Дзибо куы саргъауа, уæд дæ дæ донласт дæр ферох уыдзæн. — Обкомы секретары дзырдмæ гæсгæ сæ раластон, зæгъ- гæ, йын куы зæгъон, уæд хъыпп-сыпп дæр нал скæндзæн. Æр- мæст мæнæ кауты тыххæй куы хæца, уымæй тæссаг у. Цæй, мæ хæдзармæ сæ куынæ баластон, миййаг,—дзуапп радта Дебола æмæ йæ нымæтхуд лæмаргæйæ нæ уæлхъус æр- лæууыд. — Нæ тракторы тыххæй нын, Дебола, иу карк уæддæр не ’мбæлы? Мах бæдулы фыдыл дæр сразы уыдзыстæм, —Дебо- ла трактор æнæбафæрсгæйæ кæй ракодта, уый йын хъазгæйæ бамбарын кодтон æз. Дебола йæ мидбылты бахудти: — Ирæд ын куы ласæм, уæд ын сæ æрнымайдзыстæм... Бæдулы фыд дæр куыннæ, æвзæр нæу, фæлæ-иу раджы сиах- сæн хъайла дæр кодтой. Тæхуды, йæ каис дæр каисы хуызæн кæмæн вæййы!.. Æвæдза, цы дæ, уымæй иууылдæр хин дæ, Мисурæт. Мадæл кæрчыты фермæйы ныууагътай, хъайла кæ- нын дæ куы бахъæуа, уымæй тæрсгæйæ. Куыд раджы нæ фæ- тарстæ? Удфидар у, мах Æхсаримæ хъайлайæ хаст не ’стæм,—йе ’взаг йæ бæттæнæй феуæгъд Деболайæн æмæ нæ дыууæйы астæу хъæмпыл æрбадт. — Стæ, донластæй мыл дæхи цы хафыс, æнæуи дæр ихæ- нæй мæ гæртт-гæртт куы цæуы, — Мисурæт йæ рæмбыныкъæ- дзæй æнæбары схуыст бакодта Деболайы. Уый йæм йæхи но- джы хæстæгдæр баласта, йæ цонг ыл æрбатыхта æмæ ныллæг хъæлæсæй, цыма йын йæ хъусы исты дзырдта, уый хуызæн загъта: — Тыхсгæ ма кæн, Уарзион... Деболайы зæрдæйы зынгæй ма æгæрдæр стæвд уыдзынæ... — Хуылыдз фæрвы зынг дæр зынг у?.. 402
— Фæрв нæ, фæлæ дурын æвзалы... — Дурын æвзалы дæ, уæдæ æндæр исты хуыздæр уыдзы- пæ... Хъус-ма... —Деболайы цонг йæхицæй аиуварс кодта Ми- сурæт æмæ йын йæ цæстæй мæнырдæм ацамыдта, — ома Æх- сарæй худинаг у. Цы мын æй бамбарын хъуыд, æмæ сыстад- тæн. Мисурæт мæ фæстæмæ сбадын кодта. — Æхсар, курын уæ, сомизæр мын мæ халагъуд уæлæ рагъы бьммæ схæццæ кæнут. Зын аразæн нæу. Каутæ сты æмæ сæ кæрæдзийы фæрстæм авæрдзыстут. Хъæмп ыл мæ- хæдæг дæр бакалдзынæн. Кæрчытæ дæр хизгæ сфардæг уы- дзысты. — Æмæ сæм знонрайсом æнæ мæн æвзæр куынæ сарæх- стыстут. — Цæй, ды дæр, æнхъæлдæн, кæйдæрты фæзмын байдыд- тай... Агуырдтам дæ, фæлæ дæм фермæмæ кæдæм тахтаиккам, æрæджы нын кодта. Стæй, зæгъын, Дудуйы дзæбæх чызджы йæ райсомы хуры тынтæй æнæ хай чи кæны... Дæхинæн дæр æхсызгон нæ уыдаид, — цыма уыцы ныхæстæ мæнæн нæ, фæ- лæ Деболайæн кодта, афтæ йе ’ргом уыйырдæм аздæхта. — Мæнæн уæддæр уæлдай нал у, кæрчытæн быдыр кæй фенын кодтон, уый тыххæй мæ дзуапп дæттын хъæуы æмæ сымах тыххæй дæр ратдзынæн дзуапп... — Ууыл та цæуыл тыхсыс, аласдзыстæм дын дæ каутæ. Æрмæст райсом хъуамæ фæззыгæнд рагъы бынмæ кæ- нæм... — Æмæ сымахæн цы уæлдай у? Ацы быдыртæ кæнинаг не ’сты? — йе ’рфгуытæ фелхынцъ сты, йе ’уæхсчытæ базмæ- лын кодта, афтæмæй мæ афарста Мисурæт. — Кæнинаг сты, фæлæ... — ...Фæлæ колхозы сæрдарæй дзырд нæй. Агроном ницы загъта. Правлени уынаффæ нæ рахаста... Æмæ æз æртæ мин карчы бæрны куы бацыдтæн... Стæй æз быдыры кæй тыххæй рахау-бахау кæнын? Знонрайсомæй нырмæ мæ дзыхы къæбæр дæр нæма уыд, уый зонут? Цæкуытæ... Гъа, сымах дæр дзы фенут, — йæ армыдзаг мын мæ размæ цæкуытæ æрбакалдта Мисурæт. — Чи та ма сылгоймагæн æххуыс бакæны, сымах та «пълантæ, пълантæ»... Кæд уыйбæрц тæппуд стут, уæд сæ æз ме ’ккойы дæр схæсдзынæн. Мæ кæрчыты сыдæй мæлын нæ бауадздзынæн. Ничи мæ хъæуы... — Фæлæуу-ма, куы ницыма дын загътам, цæуыл сцырын дæ? — йæ ныхас баппæрста Дебола. 403
— Хорз, Мисурæт, разы стæм демæ. Зионæй нырмæ æх- хормаг кæй дæ, уый та мах аххос у. Дебола, ды йæ куы зыд- тай, уæд... — Уый аххос нæу, мæхæдæг æй нæ бауагътон. Чызджытæ мæм æрбацæуинаг уыдысты. Куыд æрæгмæ цæуынц, нæ зонын. Кæд, миййаг, кæрчытæ исты кæнынц. Тæрсын, куынæ сæм са- рæхсой. Адон дæр ам куыд ныууагъдæуа, æндæр сæ абæрæг кодтаин... — Джызæлы хъомгæсы катай куы сдæ. Дæ кæрчытæн иу бонмæ сæ уд не ’схаудзæн, — мæсты кæнын байдыдта Дебола. Фæлæ йæм Мисурæт уыцы æнкъард цæстытæй куы бакаст, уæд фæфæлмæндæр. Æ)з сæ фарсмæ бадтæн æмæ кæд мæнæй бирæ хистæр уы- дысты, уæддæр мæм сывæллæты хуызæн кастысты. Æрмæст æрфыджы иунæг фезмæлдæй, цæсты иунæг бакастæй дæр хорз æмбæрстой кæрæдзийы. Фæссихор Мисурæтæн йе ’мбæлтæй иу хæринаг æрхаста. Иæ сæрыл хъæмпы куырис, бæгъæввад, бæгъæмзæнгæй уым æрбалæууыд. Куырис иуварс аппæрста, хæринæгтæ Мисурæты раз æрæвæрдта æмæ йæ къабайы хуылыдз фæдджитæ йæ уæ- раджы сæрты онг æруагъта. — Хуындзау...— йæ цæстæй йæм цыдæр ацамыдта Мису- рæт. Чызг фæсырх, йæ къуыбыр риутыл йæ къухтæ авæрдта æмæ иуварсырдæм азылд. — Знон суанг изæрдалынгтæм æйчытæ нымадтам. Ласгæ сæ кодтой, — йæ риуыгънæджытæ æвæрд куы фæци, уæд загъ- та чызг. — Æз та ма дæ афæрсынмæ хъавыдтæн. Цас арвыстат? — Цыппар мины ссæдз хъуаг... — Сæстытæ дзы бирæ уыд? — Нæ зонын, уыдон иннæтæ нымадтой... Саст æйчыты коймæ Дебола йæ хъустыл схæцыд. — Гъемæ дзы, чызг, иукъорд демæ куы рахастаис, уæд мæгуырдæр фæуыдаиккат? Мах дæр адæм куы стæм. — Йæ къубал чызджырдæм байвæзта Дебола.—Мисурæт, алы бон дын уый куы дзурын... Дохтыртæ, дохтыртæ мын амонынц хъайла. — Дæ гуыбын дзы куы фæрисса... — Уый тыххæй дын фидар дзырд дæттын, ницы мын уы- дзæн. Æрмæст дзы иу хъуыддагæй тæрсын, уæ хъайла æфсæс- тæй карчы уаст куы ныккæнон... 404
— Æмæ дзы хъæстæ дæр куы нæма фæдæ, афтæмæй куы райдыдтай... Чызг йæ армытъæпæны ныппыррыкк кодта. Ныххудтæн æз дæр. Кæд ма дæ дзы уымæй хъæуы, уæд та-иу чысыл фæстæ- дæр æрбауай, зæгъгæ, загътон мæхинымæр æмæ Деболамæ бакастæн. Цыма Мисурæты ныхас хъусгæ дæр нæ фæкодта, уый хуызæн йæ мидбылты худт. Мисурæт ын йæ зæрдæ алхæдта: — Ма тыхс, Дебола. Мæнæ ма Верычкæ ардæм куы цæуа, уæд рахæсдзæн йемæ æйчытæ æмæ дып мах дæ бензины бед- райæн йæ тæккæ цъупдзаг хъайла скæндзыстæм. Æццæй нæ, Верычкæ? — Дæ мад, дæ фыды хатырæй, курын дæ, Мисурæт... Бен- зины бедрайы нæ, мæ нымæтхуд дæр дын дæттын. Æрмæст дæхи кондæй... — Разы дæн. Верычкæ, марадз-ма, дæ сир бынтон ма ныу- уазал уæд. Цалынмæ сын хъайла кæнæм, уæдмæ уал сæ истæ- мæй хорз фен, — загъта Мисурæт æмæ хæринæгтæ чызгмæ ба- лæвæрдта. — Цæмæй йæ базыдтай, сир дын æрхастон, уый? Æвæц- цæгæн, йæ тæфæй... Куы та хæцай, зæгъгæ, мын æйчытæ сфы- цын дæр нæ бауагътой. Дзидза та ласгæ не ’ркодтой. Сир дæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуа, уæд-иу мæн аххос ма уæд, Уарзе- ты конд у. Изгардæй дзы амардтæн, — æцæг æфсинау фынг æвæрынмæ февнæлдта Верычкæ. — Афтæ æмбырдæй уæ æр- баййафдзынæн, уый куы зыдтаин, уæд уыы нæхицæй исты æрбахастаин... — Хорз, мæ гыццыл къона, иннæ хатт дæр дард нал у. Райсом дæ уæддæр ардæм цæуын хъæуы. Дурын-иу æнæхъæ- нæй ма рахæсс. Чи дын æй хæссы хъæуæй ардæм? Фæлтау-иу дзы дæ разы стырдæр графин айдзаг кæн, — йæ хъазæн ныхас та баппæрста Дебола. Чызг ын дзуапп радта: — Æмæ арахъхъ кæнын куынæуал уадзынц. Бæгуы мæгуы- ры бон нæй нæлгоймæгтыл. Цæуыл ма сæ пырх калдзысты... «Ды йæ куыд бирæ уарзыс, афтæмæй»,— зæгъынмæ хъа- выдтæн Деболайæн, фæлæ та йæхæдæг мæ разæй фæци. — Дзыццамæ ма уыйбæрц разындзæн. Йæ арахъхъытæ кæм æмбæхст сты, уый дын зæгъон? Дæ хъус ма мæм æрба- дар, адоны цур дын æй барæй нæ зæгъын... Мисурæтæн, æвæццæгæн æхсызгон уыд, Дебола хъæлдзæг 405
ныхæстæ кæй кодта, уый æмæ йæм барæй ницы дзырдта. Æр- мæст зына-нæзына йæ мидбылты худт æмæ йæм æдзынæг каст. Деболайæн уарыны фæстæ йæ цæсгом гæзæмæ басырх. йæ сау сæрыхъуынтæ, кæддæр-иу гыццылæй уарыны фæстæ куыд къæбæлдзыг уыдысты, афтæ алырдæмты сыздыхтысты, суанг ма йæ рахиз æрфыджы сæрмæ дæр сæхи тасгæ-уасгæ рауагътой. Уыцы бон мæм Дебола æрыгондæр каст. Иæ хъа- зæн ныхæстæ дæр ыл уæды хуызæн никуы фидыдтой. Æнæ- мæнг афтæ касти Мисурæтмæ дæр. Мисурæты сихорыл, цыма стыр куывды бадтыстæм, уый бадт æркодтам. Верычкæйы цæрæнбон бирæ, цы сиры кой кодта, уымæй уæлдай ма йæм æртæ хъарм къабускаджыны дæр разынд. Дебола æхсырæй расидт. Махмæ бакæсын, — даргъ гаджидæуттыл схæцыдыстæм. Суанг ма гыццыл чыз- джы цур мæн æмæ Зæлинæйы амонды тыххæй дæр банызтой. Верычкæйы къулбадæг дæр æхсыры къус бæрзонд ма сиса æмæ ма ныкъкъæрцц ласа: — Ме ’сиахс æййафыс, æмæ дын æвзæр къабайаг нæ ба- комдзынæн. Зæлинæ мæ фыды æмхæрæфырт у... Дзæбæх цæс- тæй мæм куы нæ кæсай, уæд æй æз æндæр искæй фыццаг дæр фæкæндзынæн... Æмæ мыл уæдæ искуы куы амбæлы, уæд йæ бырынкъ иннæрдæм цæмæн акъуыры? Ома, гыццыл чызг у, ницыма æмбары... Æмбарын. Уыйбæрц гыццыл дæр нал дæн... — Æнхъæлдæн, дæ цæстытæ доны разылдтай, — йæ фæд- джи йын раивæзта Мисурæт. — Хъыг мын вæййы, æндæр... Цæй, уæ цæрæнбон бирæ! — уынгæг хъæлæсæй загъта Верычкæ, стæй æхсыр уыциу нызт акодта æмæ мæ фарсмæ æрбадт. Æз ын йæ тæвд уæхскыл мæ къух æрæвæрдтон, йæ мыд- хуыз, уымæл цæстытæм ын бакастæн æмæ загътон: — Ныххатыр мын кæн, Верычкæ, нæ йæ зыдтон. К/ьаба- йаджы тыххæй дæ сæр дæр ма сриссæд... — Къабайаджы тыххæй хъазгæйæ загътон, — бахудт чызг.— Æмæ кæрæдзийæн цы бавæййæм, уый дын Зæлинæ нæ дзырдта? Æнæхъæн сахат ын дæуæй куы феппæлыдтæн. — Куыннæ... Дзырдта мын... Дæ кой мын кодта. Уæдæ уыцы Верычкæ ды дæ? — Гъеуый дæн... 406
— Курын дæ, æндæр искæмæн æй дæттынвæнд мауал скæн... Верычкæ мын мæ къухы къабускаджыны карст фæсагъта æмæ нæ сæр разыйы тылд бакодта. — Æндæр ма цы хабæрттæ ис? Нæ хицауад кæм сты, иу зынæг сæ куыннæ ис? Быдырмæ кæй ралыгъдтæн, уый, æвæц- цæгæн, нæма зонынц,—йæ сæрбæттæны къабазæй йæ былтæ асæрфта, афтæмæй бафарста Мисурæт. — Зонынц æй. Æрмæст сæ дæумæ нал æвдæлы, горæтмæ сæм фæсидтысты. Махæн дæр æй, æйчытæ ласынмæ чи æр- цыд, уыдон дзырдтой... А^исурæт мæм аивæй æрбакаст. Дзургæ ницы скодта, æр- мæст арф ныуулæфыд æмæ йæ кæлмæрзæнæй йæхи æнгом- дæр æрбатыхта. Дебола йын йæ хъуыды дарддæр ^ха- ста: — Æмæ сын ницы тæссаг у? Фæстаг заманы машинæтæ кæрæдзи арæх къуырынц... Стæй уыцы хидыл, уыцы хауæнты... Нæ шофыртæ дæр хæйрæджытæ сты æндæр сæ уыцы фæндæг- тыл куыд никуы ныххæррæгъ кодтой. — Искуы сæ уырдæм дæр хъæуы... — Уый мæхæдæг дæр зонын... — Æмæ цалæй ацыдысты? — Дзибо. Йемæ ма чи ацыд, уый нæ зонын. Дебола æнæбары хуыфт скодта: — Цы уын æй æмбæхсон, æз нæ хицаумæ нæ бæллын. Афонмæ сæ хид къоппæй кæй кæлы, уый тыххæй уын ард хæ- рын. Æз цы Мурадийы федтон, уый сын мах хуызæн нæ фæуыдзæн. — Гæды митæй та сæхи сраст кæндзысты. Не ’нæзонгæ Дзибо куынæ у, — цыма Деболайы дарддæр ракъахынмæ хъавыд, уыйау йæ къух ариуыгъта Мисурæт. Æмæ æцæг Дебола йæ ныхас дарддæр кодта: — Гæдыйы къах цыбыр у... Рувас йæ къæдзил цасфæнды дæр фембæхсæд, уæддæр ын иу бон æнæразынгæ нæй. Нинæ Мурадимæ уыди, уый зонут? Ссæдз мии фысæй дыууæ азмæ колхозы цыппар мины йедтæмæ кæй нал баззад, уый зонут? Зонут. Уæдæ йæ обкомы дæр зоныпц. Горæтæй дæрддзæф стæм, не ’рбацæуæнтæ, нæ фæндæгтæ æвзæр æмæ нæм уый тыххæй арæх не ’фтыдысты. Чи-иу нæм æрбацыд, уымæн та кусарт, двайно, сæр-сæргæнаг бæгæны, физонджытæ. Ноджы сын фæндагмæ кæрдотæ, дыргъты дзæбæхдæртæй... Иу æм- 407
бырд ма нæ куы æркæниккой, уæд сын æз сæ мæрдтæ хурмæ бæргæ ракалин... — Æнхъæлдæн æмæ та сыг æрбацæуы, — йæ къухæй стыр фæндагмæ ацамыдта Мисурæт æмæ йæ зонгуытыл алæу- уыд. — Ды та сын, Верычкæ, горæты æнхъæл уыдтæ... — Махæн дæр æй лæппутæ загътой,— дзуапп радта Ве- рычкæ. — Уый Дзибойы машинæ куы нæ у... Уарын йæ сæх-сæхæй не ’нцад. Дымгæ кодта. Не ’ппæтдæр, машинæ кæцæй æрцæйцыд, уыцырдæм не ’ргом аздæхтам. — Уæзласæн машинæ... Цымæ чи у? Чи нæм æрбабыр- сы? — йæ бынатæй сыстад Мисурæт. — Иæ фистæджытæ — уæлейы, йæ бæхджынтæ—дæлейы. Хуыцау æй мæ фыдыфыд Хъайти дæр фæкæнæд. Дзибо куы уа, уæд та уæлдай хуыздæр. Иемæ зæрдæйæ-зæрдæмæ аныхас кæндзыстæм,— цыма йæхи хъæбысæй хæцынмæ срæвдз кодта, уый хуызæн йæ къухтæ æууæрдыныл фæци Дебола. Машинæ сарайы цур æрлæууыд. Кабинæйæ рахылд Хамби. — Байриат, цигантæ! — цалдæр æртахы йæ дынджыр ф,ын- дзырагъыл ауыгъдæй лæууыдысты, афтæмæй загъта Хамби. Стæй дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, йæ къух дæр ни- кæмæ радта, афтæмæй хæстулæфтгæнгæ райдыдта: — Дзи- боитæ горæты сты. Иæ цæуыны размæ мæнæн бафæдзæхста... Гъома, йæ бæсты мæн ныууагъта. Иæд у... Дæ кæрчытæ бы- дырмæ кæй раластай, уый йын дзырдæуыд. Мæнæн бафæ- дзæхста, цæмæй дын зæгъон, кæрчытæ кæцæй раластай, уым сæ куыд сæмбæлын кæнай, афтæ. Æвæстиатæй. Æнæуæлдай ныхасæй... Гъемæ дын æй хъусын кæнын. Цæугæ дæр дæм уый тыххæй æркодтон. Сымах хъуыддæгтæ та куыд цæуынц, Де- бола? — Дæу хъуыддæгтæй æвзæрдæр нæ, — цыбыр дзуапп рад- та Дебола, стæй мæм æлхынцъæрфыгæй æрбакаст, цыма мæ фæрсгæ кодта, дарддæр та мын цы гæнгæ у, зæгъгæ. Мисурæт загъта: — Хамби, мæнмæ дæр ма байхъус. Дæхицæн уæлдай сæр- низ цæмæн кæныс? Кæрчыты фермæйæн хицау æз дæн æмæ мæ хъуыдытæ мæхæдæг хуыздæр зонын. Стæй, цы дын æй æм- бæхсон, кæрчыты ардæм кæй раластам, уый Муради зоны. Дзибо дæ куы фæрса, уæд-иу уымæн дæр зæгъ: кæрчытæ Му- радийы фæндонмæ гæсгæ ласт æрцыдысты. Исты ма дæ базо- нын фæнды? Ноджы, кæд цыфæнды правленийы уæнг дæ, уæддæр мæнæн хицау нæ дæ. Чидæр, дам, йæхицæн сир кæ- 408
нын нæ з’ыдта, афтæмæй кæмæндæр дзыкка кæнын амыдта, Ныр дæр мæ нæма бамбæрстай? Йæ хъуыддаг хорз чи зоны, йæ рæстдзинадыл кæронмæ чи æууæнды, ахæм ныхасы уагæй дзырдта Мисурæт. Æмæ цæ- мæй уыд æрлæууын йæ бон Хамбийæн уыцы тæнтъихæг, æф- хæрдхуыз сылгоймаджы раз? Йæхи хъуыддæгтæ æмбыд насы тъæпп куы ныккодтой. Стæй уыйбæрц æдылы нæу Хамби, ныртæккæ Мисурæтмæ хъазуаты чи бабырса, йæ хъама йæм чи сласа. Уæлдайдæр æз æмæ Деболайы раз. Æмæ кæд йæ бинаг был фырмæстæй фæтæпп-фæтæпп кодта, уæддæр йæхи- уыл ныххæцыд. — Дæ бар дæхи. Мæнæн хицауад цы бафæдзæхстой, уый дын хъусын кæнын. Стæй правленийы раз фосдарыны куысты тыххæй дзуапп æз дæттын. Сир æмæ дзыккайы тыххæй кæй зæгъыс, уый та дæ хæдзары уынаффæ нæу. Кæм хъæуы, уым æй равзардзысты, — цыма йын йæ цæстытæ бындзытæ хорд- той, уыйхуызæн йæ бур цæстыхаутæ тъыбар-тъыбур кодтой, афтæмæй дзуапп радта Хамби. Дебола цалдæр хатты ахъавыд Хамбийыл дзæбæх «абы- рынмæ», фæлæ йæм Мисурæт йæ хъус дардта, йæ цæстæй йæм амыдта, мæхи бар æй уадз, зæгъгæ. Верычкæ иуварсырдыгæй лæууыд æмæ цæттæ ныхæстæм хъуыста, — Хамби, нæхицæн мæлæты дзæбæх бадтыстæм, дзæбæх ныхæстæ кодтам æмæ нæм сау сынтау кæцæйдæр фæзындтæ. Ауай, цу. Цалынмæ дыл их нæма æруарыд, уæдмæ... — уæд- дæр йæхи нæ баурæдта Дебола. — Æмæ æз демæ куынæ дзурын. Æз мæнæ нæхи хъæук- кæгтимæ куы ыыхас кæнын. Уæ трактортæ дзæгъæл лæуд кæй кæнынц, Мисурæты кæрчытæ ды кæй раластай, ацы каутæн дын сæ аргъ æртывæрæй фидын кæй бахъæудзæн, бухгалтер дыл гæххæт кæй сарæзта, Дзибо йыл йæ къух цæхгæрмæ кæй бафыста, уыдæтты тыххæй дæр дын куы иицы зæгъын... Стæй... «Куыдзы тугæй æхсад... Цы у, уымæй иууылдæр маргу»,— мæхи йæм тыххæйты баурæдтон. Дебола размæ ракъахдзæф кодта. Мисурæт ын йæ цонгыл фæхæцыд. Дарддæр ма куы бафæстиат уа, уæд Деболайы дзæккорыйас къухтæ сæхи кæй нал бауромдзысты, Хамби уый бамбæрста. — Нæ фехъуыстон-иу ма зæгъ, Мисурæт, — æртхъирæны ныхас загъта Хамби æмæ фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæ- 409
мæй машинæйы кæбинæйы смидæг. Цалдæр карчы марды ма- шинæйы рудзынгæй радардтаæмæ ма йæ ныхас æрбайхъуыст: — Иуæй-иухатт, Мисурæт, хæдмæл карк тохъхъылæй зынаргъдæр вæййы!.. Хамбийы машинæ, цъыфы къуыбæрттæ фæстæмæ зыввыт- тытæгæнгæ, стыр фæндаджырдæм афардæг. — Цымæ сæ кæм ссардта? Уыцы фæндагыл ахæмæй куы ницы федтон,— æрæджиау загъта Верычкæ. — Уæ тракторæй мын сæ ма ныццæгъдут, — йæ удæй йæ мидæг ницыуал аззад, афтæмæй мæ тракторы дондзаст фæд- тыл фæцагайдта Мисурæт. Мах дæр карст мæнæуы хуымты фæпырх стæм. — Кæм сæ ссардтаид?.. — афтид къухтæй фæстæмæ куы æрбаздæхтыстæм, уæд нæ бафарста Мисурæт. — Хамбийы хуызæн рувас ахæм хъуыддаджы тыххæй йæ- хи кæрчытыл дæр нæ бацауæрддзæн, — дзуапп радта Дебола æмæ Мисурæтмæ йæхи хæстæгдæр баласта. ...Мæйрухс æхсæв. Уарыны фæстæ уæлдæф—æвæджиау сыгъдæг. Бæстæ — сабыр. Тыгъд быдыры æрмæстдæр иунæг ран судзы арт, Мисурæты мусонджы раз. Арты фарсмæ гæ- зæмæ бæрæг дарынц дыууæ сау æндæрджы. Мæ разæй цæуы Деболайы трактор. Зæхх фæлдахы. Сабаз йæхинымæр цавæр- дæр зарæг кæны. йæ ныхæстæ йын тракторы уынæрæй нæ хъусын. — Судз, макуал ахуысс, Мисурæт æмæ Деболайы арты рухс! Дæхи ма чысыл æрныллæг кæн, Цуанæтты къуыбыр! Кæд афонмæ Зæлинæ дæр ахæм арт ссыгъта...—дзурын мæ- хинымæр æмæ иу каст Цуанæтты рагъмæ кæнын, иннæ каст та Мисурæт æмæ Деболайы арты рухсмæ... 10. Уарыны фыццаг æртæхтæ Клубы адæмæй къухбакæнæн нæй. Бандон кæмæ не ’рха- уд, уыдон сæхи къултæм нылхъывтой. Афтæ зыны, цыма клуб фæйнæрдæм ивазгæ кæнынц æмæ йæ цар дæр ацы бон ныллæгдæр уымæн у. Адæмы комытæф, тамакойы фæздæг мигъы къуымбилтау цары зилдух кæнынц, клубы нарæг дуæрттæм сæ ных сарæзтой. Ницы сын æнтысы. Зыхъхъыр- тæй, цыма ихæнæй йæ уд схауы, уый хуызæн мидæмæ лæбу- ры уазал дымгæ. 410
Æнуд у клубы. Кæд йæ пъолтæ ног æхсад сты, кæд æй чъырæй рацагътой, уæддæр карчы фаджысы смаг кæны. Адæм сæ хæдæтты æгънæджытæ суагътой, сæ хид кæлы. Астæуккаг рæнхъы фæрсæй-фæрстæм бадæм Деболаимæ. Нæ разæй — Мамсыр æмæ Асæбе. Сæ гом сæртæй сæ фæздæг кæлы. Мисурæт гыццийы хъусы цыдæр дзуры. Худынц дыу- уæйæ дæр. — Уæлдæф дæр нын хæлæг кæыут, кæрты цæуылнæ сарæз- там не ’мбырд? — фæсте хъуысы кæйдæр бæзджын, фæсус хъæлæс. — Уарынæй тас у. Хъусыс, дымгæ куыд къуыс-къуыс кæ- пы, — дзуапп ын дæтты æндæр хъæлæс. — Уæдæмæ ма ныл æххæст фыцгæ дон раскъæрут æмæ цæттæ фыхæй агæпп ласдзыстæм. — Хъусын нæ бауадз... Кæдæй-уæдæй ма иу ранмæ æрæм- бырд стæм. Дæ труба мын мæ хъусмæ цы сарæзтай?.. — Дæ зæнгтæ ма иу ран ныууадз, зæххыл сæ цы хойыс? Мæлдзыджыты губаккыл бадыс æви?.. Къулрæбынæй хъуысы кæйдæр худын: — Бындзытæ мæ хæлафы фадгуыты сбырыдысты. — Бындзытæ æдылы не ’сты, цæуыл сæ бадын хъæуы, уый зонынц... — Дæ фадгуытæ бæтгæ бакæн... — Æгонгæй, фæстæмæ сын ратæхæн куынæуал уа, уæд дын дæ хъыдзыгæнæнтæм дæр бавналдзысты... — Хуыцауы хатыр бакæнут, иучысыл нæ хъусын бауадзут... Дзурынц, алы æлхыскъ ныхас кæнынц адæм. Куы иу ран, куы иннæ ран. Æрмæст сæ Дзибо нæ хъусы. Цæуылдæр кæй худынц, уый хъусы, фæлæ йæ ныртæккæ уыдонмæ не ’вдæлы. Стъолмæ æввахс лæууы æмæ йæ даст сæр иыггуыбыр кодта, йæ размæ цы гæххæттытæ ис, уыдонмæ. Йæ сæрæй йæ фæздæг кæлы уымæн дæр. Уæвгæ, Дзибойæн, æвæццæгæн йæхимæ аф- тæ кæсы, цыма æмбырды чи бады, уыдонæй уый хуызæн йæ хид никæмæн кæлы. Æмæ куыннæ! Уыйбæрц адæмы раз Дзи- бойау куынæ лæууынц æмæ дзуапп куынæ дæттынц колхозы куысты тыххæй... Бæргæ йæ ницæмæн хъуыд ацы æмбырд. Бæргæ дзырдта Мурадийæн, æххæст нæ фæззæджы куыстытæ бакæнæм, стæй 411
йæ уæд сараздзыстæм, зæгъгæ. Нæ бакоммæ каст. Йæ фарс фесты Мамсыр, Асæбе, Мисурæт... Æмæ ныр йæ хуылыдз къухмæрзæнæй йæ ныхы хид сæр- фы. Иæ хъуынджын æрфгуытæ хатгай бæрзонд сисы, йа^ цæстæнгас ахæссы адæмыл. Иуæй йæхи сæры фæздæг, иннæ- мæй адæмы комытæф. Алы ног кастæн дæр бæзджынæй-бæз- джындæр кæнынц, ныллæгæй-ныллæгдæр уадзынц сæхи. «Улæфут, тынгдæр дымут, ноджы тынгдæр фæздæг кæн, мæ сæр! Уадз, æмæ мæм иуæй-иутæ бынтондæр мауал зыной. Мауал сæ уынон». — Кæд сæ комкоммæ нæ дзуры, уæддæр йæ цæстæнгасыл бæрæг сты уыцы ныхæстæ. Йæ ныхмæ чи дзур- дзæн, уыдонæн сæ сусу-бусуйæн кæрон нал ис. Худынц. Ныр- тæккæ сæ чи цæуыл хъуыды кæны, уый дæр зоны Дзибо. Дæлæ дуары æрбахизæнæй чысыл раздæр бады Госæма Кæцæй та фæци? Горæтæй? Сæрмагонд ацы æмбырдмæ?.. Æвæдза, уый ныртæккæ ардæм æрбаирвæзт, уæд мын мæ пакъуы азгъалид. Мæ фыдбылызтæ дæ хай, кæд мæм, гогыз бындзмæ куы кæса, уый каст цы ныккодтай... Хъайлайы дзæ- бæхæй, цæрвджын уæлибæхæй, адджын дывайнойæ мын кæй фæлæвæрдтай, уыдоныл дæм фæсмон æрцыд? Мæхæдæг дæр дын къаддæр хæрзтæ нæ фæдæн. Æмбисæхсæв-иу дын дæ кæрты дуарæй дзаг машинæ куы баскъæрдтон, уæд мæм æн- дæр цæстæй кастæ. Æнæрай скæн дæ адджын дывайнойæ. Мæ фарсы тæнæгæй фæци. Дæхæдæг æй куынæ зæгъай, уæддæр æй ныртæккæ исчи æнæ радзургæ нæ фæуыдзæн. Ахæмтæ сæ рох нæ кæнынц. Уæвгæ, дæхиуыл дæр æууæнк нæй, дæуæн дæ рихи даст у. Мæ бинонтæй дæр мæ уымæн фæцæйхицæн кодтай. Гæ- ды рувасау мæ алы фæрсты уымæн ссиллæг дæ. Ныр та, цымæ, кæй сайдзынæ дæ цæрвджын уæлибæхтæй, дæ адджын дывай- нойæ? Дæ мард фесæфæд, дæсны сæ кæныс, исчи дзы разын- дзæн мæ бæсты. Дæ цæстытæ та хуымæтæджы нæ силлæг сты Кæйдæр та дæ хызмæ фæласыс. Чи уыдзæн, цымæ? Хæрзаг æй рагацау куы зонис, уæд ныртæккæ йæ фарсмæ фæтъæпæн уаис, дæ судзгæ цæстытæ та йын йæ зæрдæйы Нарты Сосланы фæттау ауадзис. Зарæггæнæгау та йын йæ хъусы бадзурис, кæддæр мæнæн цы зæрдæхъыдзыгæнæн ныхæстæ кодтай, уы- дон. Æмæ мын, уæвгæ, искуы исты дзырдтай? Фылдæр кæугæ, цæссыгтæ... Æппынæдзух дæ кæуындзæг дæ былалгъыл бадт. Мæстытæ дын бирæ скодтон. Райдианы мæ хурхæй дæр би- рæ фæмардтай. Дæ рудзгуыты бынмæ мæ бирæ фæлæууын код- тай. Мæ бæллæхтæ дæр уыцы рудзгуыты бынæй нæ райдыдтой. 412
нæ. Адæмы дзыхы дæр, дæ рудзгуыты бын бирæ кæй фæлæу- уыдтæн, уый тыххæй нæ бахаудтæн, нæ. Дзур, радзур, цы- дæриддæр дæ фæнды, уый. Адæм нæ цы зонынц, уымæй фыл- дæр ницыуал зæгъдзынæ. Радзур, цалдæр хатты дæм мæ къух кæй систон, уый дæр... Æ’рмæст дын æй рагацау зæгъын: мæ хуызæн æдылыйыл нал фæхæст уыдзынæ. Мæн хуызæн дæ йе ’ккоймæ схизын ничиуал бауадздзæн. Ды та дæхи къæхтыл ауæрдгæ кæныс, искæйы æккой бадын уарзыс... Уыцы дыууæ зæронд бирæгъы кæрæдзимæ куыд фемдзаст вæййынц. Мамсыр æмæ Асæбейæ зæгъын. Сæ рæмбыныкъæдз- тæй кæрæдзи куыд рæхуыстытæ кæнынц. Нæ, иугæр уыдонæй исчи сыстад, уæд мын уый Госæмайы хуызæн нæ фæуыдзæн. Ме ’нæзонгæ куынæ сты, миййаг, Мамсыр æмæ Асæбе. Дæ фыд- гул уыдон дзыхы бахауæд, хæрæджы æфтаугæ дзы сараздзы- сты. Ноджы обкомы дæр сæ фарс сты. Скъулбадæг сæ код- той, дыууæ зæронд къодахы. Сæ хуымтæ сын байстай, сæ куыстæй сæ фæсырдтай. Диссаг сты ацы обкомы кусджытæ дæр, цынæ зæгъдзыстьь, иу сын ахæм нæй. Кæцæй сæ фæсырд- тон? Хъаст нæ, фæлæ мын хъуамæ сызгъæрин тæбæгъты ку- вой. Майрæмимæ сæ замманай бынæтты нывæрдтам. Хур сæ нæ судзы, къæвда сыл нæ уары, мызд афойнадыл исынц. Цы ма сæ хъæуы? Зæронд къодæхтыл ма иу дзæбæх уарын куы æрцæуа, уæд бынтондæр ныххæррæгъ уыдзысты. Æмæ обко- мы кусджытæн циу, уыдон семæ куынæ кусдзысты, сæ хъуыр- хъуырмæ сын куынæ хъусдзысты, миййаг... Раст уыдысты нæ фыдæлтæ: хорз, дам, ма ракæн æмæ фыд ма ссарай. Ничи сæм кæсы, æнæ базыртæй ма мæргътимæ тæхынц. Сæ бензин кæй фæци, уый сæ нæма уырны. Нæ, хъуамæ мацы зæгъой Мам- сыр æмæ Асæбе. Æмæ уæд уыцы нартхоры хабар та?.. Ард дæ хæдзары, Госæма, ды мæм дæ цæстытæ куынæ ныдздзагъыр кæнай! Дæ фыдбылызтæ мын сты. Абон дæр ма сæхицæн куыстаиккой... Уыцы нартхор куы ласыы кодтон, уæд фæлтау ме ’взаг йæ рæбыныл куы ахаудаид... Фæлтау мæ цæргæ-цæ- рæнбонты сылы хъæстæ куы никуы фæуыдаин. Бæрзæйсаст куы фæуыдаин... Мамсыр куы сыстид, атæппæт адæмы æхсæн мын ме ’рагъæй гæрзытæ куы рауадзид, уый дæр ын æмбæлы. Цыма æцæг сыстынмæ хъавы, цыдæр зæгъын ис йæ зæрды... Нæ, уый Асæбейы хъусы цыдæр дзуры. Нæ сыстдзæн, ницы зæгъдзæн Мамсыр... Стад фиуæй мын æлхæд бæргæ сты зæ- ронд бирæгътæ дыууæйæ дæр... Адæмы æхсæнæй йæ сæр куыд сдар-сдар кæны Бутиан. 413
Уый зæгъдзæн, уый йæхи нæ бауромдзæн. Бæтгæ йæ куы ба- кæной, уæддæр æнæисты зæгъгæ нæ фæуыдзæн. Тæссаг адæй- маг у уый. Госæмайы фермæмæ куы раивтам, уæд ын йæ хаст хъуццытæ уымæн кæй раттын кодтон, уый мын уæддæр æр- лæууын кæндзæн мæ зæрдыл. Æмæ ма уый цыфæнды фæуæд, фæлæ йæ хæдзар, йæ рынчын фырт... Иу-цалдæр боны ма куы фæлæууыдаид уæддæр. Сарæзтаиккам ын йæ ницæйаг хæдза- ры къуым. Нæй, мæ ныхасмæ дæр нал байхъуыста æмæ Му- радимæ балæууыд. Муради дæр мæ фыдбылызæн æрхæццæ, æвæццæгæн. Ме ’взагæй мæ куы ничи ласта, цæмæн æй асайд- тон? Уыцы сæрниз та мæ цæмæн хъуыд? Стæй цастæ сарази- наг уыд йæ хæдзары къуым? Афоныл æй аразын хъуыд. Уæд дзы йæ хъуццыты маст дæр ферох уыдаид. Госæма дæр дзы ферох уыдаид. Ныр æм кæсыс, цыма мæм æрбалæбурынмæ хъавы. Æрмæстдæр йæ бынатæй сыстæд, æндæр адæм ных- хор-хор кæндзысты. Цæхæрадоны чындз, афтæмæй йæ куыд уарзынц. Иæ ныхасмæ йын куыд хъусынц. Æнæгæды ныхас, кусæгæй тынг раст, тынг æнæхин кусæг уыд. Æмæ куы мæсты кæна, мæ ныхмæ куы дзура, уæддæр ын æмбæлы. Йæ иунæг рынчын хъæбулыл царæй кæмæн тæдза, уый æнæдзургæ куыд хъуамæ фæлæууа? Мæхи аххос уыд, саразын ын хъуыд йæ хæдзары къуым... Мæхи аххос уыд?.. Æгæр бирæ дзы нæ исын мæхимæ? Æмæ ма уæд завхоз, парторг, бригадиртæ та цæмæн хъæуынц? Уыдон дæр истæуыл дзуапп дæттынц æви нæ? Уы- донмæ дæр исты аххос хауы æви нæ? Нæ, мæнæй уый, æнхъæлдæн æмæ бынтондæр былмæ фæ- цæуыс... Уыдоны аххос æй фæкæн æмæ дыл нызгъалой, сæ къæхтæй дыл ахæцой. Хъуыддаг Мурадимæ кæм бахæццæ, уым ын кæронмæ мæхицæн дзуапп дæттын хъæуы. Ахæм за- ман хус сугты артыл фæтæген калын пайда нæу... Фæлæуу, фæлæуу... Майрæмырдæм æй фездахон. Уæдæ ма хъæуыхицау сæрнизæн дарæм. Майрæмырдæм, уадз æмæ уый дæр иу адæймаджы тыххæй уæддæр ратта дзуапп. Кæм и, кæ? йæ кой-йæ хъæр куы никуыцæй зыны. Гъы, куырысмæдзæ- уæг... Муради хъæуы куы фæзынд, уæд йæудисыныл куыд ныл- лæууыд, йæхи куыд æрбарынчын кодта. Мауал дзы сулæф... Лæгдзинад равдисын кæм фæхъæуы, уым йæ усы фæдджийы бын абыры. Уæвгæ кæй фæрынчын, уый хуыздæр уыд. Тæрхъу- сæй тæппуддæр у, уый дæр мыл истытæ нызгъæлдтаид. Æу- уæнк ыл нæй. Æрдумæ дæр мæ нæ дары, хъæуы уынгты йæ машинæтæ, йæ уæрдæттæ цæуынц, афтæмæй иу ницæйаг хид 414
саразын йæ бон нæу, зæгъгæ, мыл ныккалдтаид уый дæр. Мæнмæ машинæтæ, трактортæ нæй, цы мæ бон у, зæгъгæ, йæ тæнæг æфсæртæ скуыстаиккой. Ме ’нæзонгæ Майрæм куы нæ у, миййаг. Æмæ йæм æцæг цы ис? Йæ иунæг хæдмæл бæх æмæ Асæбейы хæррæгъ. Уыдонæй мын хъæуы культурон революци куыд нæ сараздзæн... Фæлæ Бутианы хæдзармæ базилын йæ бон уыди? Уыди. Æмæ йын уæдæ цæуыннæ бах- хуыс кодта? Айсæду... Куыд æнцад бады. Тарæрфыгæй мæм куыд кæ- сы. Æвæццæгæн та исты йæ зæрдæмæ нæ цæуы. Нæ цæудзæн. Уый ахæм адæймаг у. Æмбырдты дæр искуы-иухатт йедтæ- мæ нæ дзуры. Æрмæст дзургæ ракæнæд, æндæр адæм йæ фæ- дыл ныххæррæтт ласынц. Цыма сæ мад у, уыйхуызæн ыл æм- бырдтæ кæнынц.’Зондæй йæ фæрсынц. Нæ бацауæрддзæн, ис- ты зæгъдзæн Айсæду. Æмæ иугæр йæ масты дзæкъул райхæлд- та, уæд дæ гуырæй райгæ у, мæнæй уый... Бирæ йæ фæдыл фæрауай-бауай кодтон. Бирæ йын фæлæгъс- тæ кодтон. Æрмæст уый Госæмайы хуызæн нæ разынд. Куы ни- цы ком мын лæвæрдта, уæд æй ныхъхъуытты уагътон. Æгæр сæрыстыр кæй уыд, йе ’мгæрæтты цъиуатæхæг дæр кæй нæ уагъта, уый тыххæй мæ цæсты кадджын уыд. Æрмæст ын æй хъæр никуы скодтон. Йæхи тыххæй куы ницы зæгъа, уæддæр искæй сæрыл радзурдзæн. Ахæм адæймаг у. Цыфæнды дæр зæгъæд, баууæнддзысты йыл. Иæхицæн ын цыма æвзæрæй ницы ракодтон... Иу-цалдæр хатты йын, дæ лæг адæмы знаг уыди, зæгъгæ, загътон. Æмæ йынуыйæрмæст æз нæдзырдтон. Уымæ гæсгæ йæ правленийы уæнгтæм дæр нæ бауагътам. Нæ, хъуамæ мацы зæгъа Айсæду. Уый иннæты хуызæн дзæгъæл- дзых нæу. Æрмæст мæнæ йæ цъæхæйрæгъæд фыртæй тæссаг у. Хæцаг галæй уæлдай нæу. Цыма нæ ацы хъæуы уый æрцæ- рын кодта, уыйхуызæн йæ риуæмбæрц лæгæрды. Хъуыддаг æй кæмнæуа, уымдæр йæ фындз фæтъыссы. Фæсивæды амидин- гæнæг... Дзаттейæн бæргæ дзырдтон, уыцы къулбадæджы фæ- сивæды хъуыддæгтæм хæстæг ма æруадз, зæгъгæ. Нæ бакаст мæ коммæ. Ноджы фæскомцæдисы райкомы секретарь дæр ам æрбалæууыд. Чырыстийы цъупмæ йæ систа, цыма йæ мах нæ зонæм... Дæ амонд у, Æхсар, æмæ дæм афоныл мæ хъус не ’рдардтон, дæ рохтæм дын дзæбæх нæ бавнæлдтон, æндæр Дзи- бойы дæ цæргæ-цæрæнбонты дæр нал ферох кодтаис. Дæу хуы- 415
зæн хъуымыздзыхтæ иу æмæ дыууæ не ’ртасын кодтон... Цы гуыбынниз ма дæ тилы, адæмы сæрыл цы гæппытæ сисыс? Тракторты бригаддæ къухы, фæскомцæдисы хицау. Цымадæ хъæуы? Æвзæр уасæгау дæ базыртæ куынæ цæгъдай, уæд нæ зоныс... Нырма йæ фындзы бын нæма бахус, афтæмæй цытæ зоны. Мурадийы роны куыд абырыд. Афтæ куы ахæсса, уæд дард ацæудзæн. Кæдæм фæнды цæуæд. Мæн ма хъыгдарæд, мæ хъуыддæгты мын йæ фындз ма тъыссæд, æндæр цыфæнды дæр кæнæд. Кæсыс, хъæуы æвзаргæ лæгтимæ куыд бады, мæ ныхæстыл йæ мидбылты куыд худы. Дзурынмæ йæ фыдæй уæл- дай нæу. Уымæй ’дæр уæлдай ныхас никуы ничи фехъуыста. Йæ фыдæй зæхмæ хал нæ аппæрста. Дзурдзæн, Æхсарæн æнæ радзургæ иæй. Мурадиимæ æвæццæгæн, сæ ныхас конду. Зо- нынæй, йæ мады кой нæ ракæндзæн. Иугæр куы дзура, уæд- дæр фæсивæды сæрыл. Нинæйы хабæрттæ дзурыныл куы схæ-' ца... Хамби дæр, кæд зæрондырдæм йæ зонд нæ фæцыд, уæд æрыгон чызджы бын цы бабырыд. Бинонтæ йын куы ис, уæд æй адæмы дзыхы цæмæн бафтыдта? Уыцы фынддæс хъуджы æхсыр йæ номæй районмæ кæй ласта, уый æнæхъæн дыууæ мæйы зонгæ дæр куынæ бакодта. Хæрæгау дæ мæ фæдыл фæластон, Хамби. Иу куыстæй дæ иннæмæ фæрадав-бадав кодтон. Зæгъын, кæд адæмы хъæр бамбарис, фæлæ никуы æмæ ницы. Фыддæр цы фæдæ, æндæр дæ сæры зонды мур нæ бацыд. Ныр ды дæр хъуамæ мæ ных- мæ радзурай, дуканийæ цæрвтæ куыд ластам, иу æхсыры боцкъайæн æртæ хатты гæххæттытæ куыд æлхæдтам, уыдæт- тæ сæрдары æккой сæвæрай, нæ? Дзур, кæйдæр загъдау, куы- рис сыгъд æмæ йыл бæттæн худт. Дæхæдæг дæр дзы уæлæн- гæйтты нæ аирвæздзынæ. Дæумæ дæр сæ хъæуы, ма тæрс. Ома, ныртæккæ мæн хуызæн дæ сæрæй дæ фæздæг нæ кæлы, æмæ аф- тæмæй баззайдзынæ? Нæ, Хамби, кæд Нинæйы асырдтай, уæддæр Æхсар æмæ Серафин ам сты. Дæ хъæртæй, дæ бур æрфгуыты æлхынцъæй ницыуал бакæндзынæ ныр. Чи нæ рав- зæрста, уыдон цур дзуапп дæттæм... Лæгъз ыыхас, хатыр курын, æндæр гæнæн дзы нал ис ныр. Фæрæдыдыстæм, нæ рæдыд сраст кæндзыстæм... Æрмæстдæр ма уыцы сомытæй, уыцы лæгъстæтæй ис аирвæзæн. Æмæ дын кæд мæ фæстæ дзырды бар радтой, уæд-иу ма бацауæрд. Цæв, дæхи загъдау, бирæгъыл мæгуыры бон куы акæны,уæд куыдзы -бын дæр атулы. Æндæр хуыздæр гæнæн нын нæй. Кæрæдзи æнцой куынæ æрбалæууæм, уæд нын нæ къæдзилтыл арт бан- 416
дзардзысты. Бамбæрстай? Цæв, дæхи сæ къæхты бын аппар. Нæ зын — нæ бынæтты баззайын. Ирвæзгæ акæнæм, æндæр, бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Фæлмæн ныхас, æнæсæр карчы схъиудтытæ та ма байдай... Ам дын фермæйы зæронд устытыл хъæртæ кæныны хуызæн нæу. Мæ галиу фарс стъолы уæлхъус чи бады, уый уыныс? Обкомы секретарь. Уымæй дæр—фыццаг. Алырдыгæй дæм дзырдæппарæн куы сисой, уæд уайтагъддæр дæ бындзытæ стæхдзысты. Дзурынмæ дæ Агуыры æфсад куынæ басæтдзысты, гæды митæм дæ Нарты Сырдон куынæ амбулдзæн... Дæ цыргъ æвзаг ма дæ абонæй хуыздæр кæм бахъæудзæн? Ауалдзæджы доны был цы æртæ роды ахауын кодтай, дæ хæлæрттыл цы хæрзмыггаг родтæ байуæрстай, уыдонæй дæ исчи æнæ бафæрсгæ нæ фæуыдзæн. Нæхи æхцайæ сæ балхæдтам, зæгъгæ-иу зæгъ. Муради мæ куы фарста, уæд ын æз дæр афтæ загътон. Хъусыс, ма-иу ба- сæтт. Гæды рувас, ничи сæ зоны, тас кæмæй у, уыдон мын стад фиуæй æлхæд сты, зæгъгæ, нæ дзырдтай? Æнæрай дзы скæн де ’стад фиуæй, цыма дын æвдадзыхос у, уыйхуызæн дзы алкæмæн*дæр йæ былтæ сæрдыс. Кæуыл дын аххæсдзæн, нæ зонын. Мæнæ чысыл фæстæдæр мæ бынаты куы æрлæу- уай, алырдыгæй дыл куы нызгъалой, уæд дæм бæрæг уыдзæн. Де ’стад фиуæй ма цы аззайа, уый дын кæстæртæ фендзысты. Æрмæст дæ зæрдыл дар, ныртæккæ кæрæдзи ратон-батон кæ- ныны рæстæг нæу. Нæ мæсыг йæхи дурæй ма фехалæм. Æнæ мах дæр æй халæг уыдзæн. Уæвгæ, цæй мæсыг?.. Паддзахады кæй сайæм, нæ хæстæ нæ хъуырæй кæй фæуæлдæр сты, нæ быдырты кад хæмпæлгæрдæджы бын кæй фæци, колхозонтæй бирæты нæ ныхмæ кæй скодтам, уыдонæй амад мæсыг?.. Фæуæд, уыдон се ’ппæт дæр ранымайæнт. Æндæр ма? Нозт? Уый тыххæй мын бæргæ ничи ницы зæгъдзæн. Иууылдæр æй зонынц, Дзибо ахæм æдылы нæу, уынгты нозтджынæй чи ра- цæуа, куывды уæлдай сыкъа чи бануаза. Машинæ? Æмæ ныр- тæккæ машинæ кæмæ нæй, иу ахæм куынæуал ис... Зæххыл мын иунæг сиахс йедтæмæ нæй æмæ уымæн машинæ куы бал- хæнон, уæд цас диссаг у? Давæггаг æхцайæ æлхæд куынæ у, миййаг. Колхоз дзы цы кодта, цæмæн æй хъуыд?..» Иæ сæры фæздæг кæлы Дзибойæн. Йæ ком ныххус, хуы- фæг йæ хъуыры фæбадт æмæ лæбурæгау æвналы доны агуыв- зæмæ. Кæсы адæммæ, Мурадимæ. Цыма обкомы секретары 27 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 417
хъуыды дæр нæ кæны, йæхи афтæ дары, фæлæ йæ зæрдæйы змæлд адæмæй бамбæхсын йæ бон нæу. Асæбе йыл судзгæ фатау исты ныхас куы бауадзы, уæд ныссуйтæ вæййы, ныкъ- къуыхцытæ вæййы Дзибо. Гæххæтты фыстытæ кæрæдзи сæр- ты гæппытæ кæнын байдайынц, йæ разы ма баззайы æрмæст- дæр дзыгъуыртæ гыццыл гæххæтты гæбаз. — Хорз адæм, — йæ гæххæттытæ иуварс акодта, афтæ- мæй фæсус хъæлæсæй дзуры Дзибо. —Æ’з уе ’ппæты номæй арфæ кæнын обкомæн... Сæрмагондæй та мæнæ Мурадийæн. Нæ хъуыддæгтæм нын тынг лæмбынæг æркаст, нæ хъæндзи- нæдтæ нын тынг бæстонæй бацамыдта. Нæ хъæуы фæллой- гæнджыты номæй дын фидар дзырд дæттын, Муради: нæхи- мæ цы стыр хæстæ райстам, уыдон кадимæ баххæст кæндзы- стæм... Дæрддзæфгомау цæрæм æмæ... Стæй нын рæдийут, зæгъгæ, исчи афоныл куы загътаид, уæд... Йæ ныхы хид сæрфы Дзибо, къухмæрзæны бынты кæсы Асæбемæ, Деболамæ, Бутианмæ æмæ дарддæр дзуры: — Уæхæдæг æй зонут, ныр дыккаг аз рæстæг куыд æвзæр хæссы, уый. Хуыцауыстæн... О-о, хатыр, — ферхæцыд Дзибо.— Уарынтæ, хур... Хуызæнæн бон ныл нал кæны.Арæх мæм аф- тæ фæкæсы, кæд, зæгъын, нæ æрдзыхъæд бынтондæр аивта. Кæнæ та кæд нæ хъæуы сæрмæ арв искуы аскъуыд. Бауыр- нæд дæ, Муради, ды нырма ног лæг дæ, нæ хъæуы рагæй нал уыдтæ... Фæлæ ахæм бонтæ вæййы, æмæ нæ сыхаг хъæутьг оæрмæ хур кæсы, махмæ та арв æмæ зæхх кæрæдзи хойынц. Стæй уæд хур ныккæсы, зæхх сырх зынг фесты. Мæ гыццылæй нырмæ ацы хъæуы схъомыл дæн æмæ дзы ахæм диссæгтæ ни- куы федтон... — Ау, æмæ ныл уыйразмæ уарын никуы æрцыд, хур ныл никуы ракаст?—адæмы æхсæнæй хъуысы Мамсыры бæз- джын хъæлæс. «Фидар лæуу, мæнæйуый, арв нæрын байдыдта», — хъуыды кæны йæхинымæр Дзибо æмæ æнæбары худы. — Æмæ æз дæр уый куы зæгъын... Уарынтæ-иу нæм уый- размæ дæр уыди. Раст зæгъын хъæуы, уарынтæй нæхæдæг, правленийы уæнгтæ, къаддæр аххосджын не ’стæм. Куыст дзæбæх куы сæвæрдтаиккам, уæд нын уыдоны бон дæр ницы бауыдаид... Кæсы, адæмыл фæлгæсы Дзибо. Йæ цæст æрхæцыд Хам- бийыл, Майрæмыл... Иæ цыргъ фындз, йæ тæнæг æфсæр уæлæ- мæ сдардта Аслæмбеджы мад... 418
«Ме ’нæуынон фæу, кæд мæм дæ цæстытæ цы ныдздзагъыр кодтай! — йæхинымæр дзуры Дзибо æмæ Хамбийырдæм йе ’рфгуытæй цыдæр амоны. —Хъусыс, афтæ Дзурын хъæуы, гъе. Адæмæн сæ зæрдæтæ куынæ балхæнай, уæд дын дæ цард фе- над кæндзысты. Федтай, фæсте мæ чидæр уыциу гæрах куыд æрбакодта, уый? Æцæг гæрæхтæ нырма нæма райдыдтой, фæстæдæр ма сæ фенай...» Æмæ, æцæг, цыма Дзибойæн йæхи хъуыдытæм æнхъæлмæ кастысты, уыйхуызæн алы рæттæй нызгъæлдтой: — Де ’сиахсæн колхозы’ машинæ цæмæн балæвар код- тай?.. — Хамбийы рувас фермæйы кæдмæ кусдзæн?.. — Колхозы æмбæхст фос цæмæн дарæм? — Родтæ... Родты тыххæй цæуыннæ исты зæгъыс?.. — Хохы дын колхозы дзуджы цал фысы хизы? — Хамбийы фыстæ дæр нын банымай!.. — Госæмайæн Асæбеиты нартхор куыд давтай?.. — Нинæ кæм и, фермæйæ цæмæн фæлыгъд?.. — Æз ам дæн! —дуарырдыгæй адæмы æхсæнты лæбурæ- гау æрбацыд Нинæ. Адæм æм се ’ргом аздæхтой. Дзибо дæр æм йе 1рфгуыты бынты акаст. Стæй, цыма Нинæйы бауромын- мæ хъавыд, уыйхуызæн йæ цæнгтæ уæлиау систа æмæ хъæрæй загъта: — Басабыр ут! Æппын никуы ницы федтат, уазæгæй уæд- дæр фефсæрмы ут! Адæм нæ сабыр кæнынц. Дзибо, цыма йæ къахы сындз суад, уыйхуызæн йæхинымæр скатай, Мурадимæ цæхгæр фæ- зылд: — Гъеныр адон... Цы сæ схуындæуа?.. Муради йе ’рфгуытæ фелхынцъ кодта, йæ бынатæй сыстад, Дзибомæ йæ къухæй ацамыдта, сбад, зæгъгæ, стæй адæмыл йæ цæстæнгас ахаста. Зæйы уынæр æрæджиау дард кæмдæр комы нарæджы куыд басабыр вæййы, афтæ басабыр адæмы уынæр. Æрмæст Нинæ, цыма æцæг искæмæ лæбургæ кодта, уыйхуызæн размæ æрбалæгæрста. — Нинæ, исты зæгъынмæ хъавыс? — бафарста йæ Муради. — Хъавын! Уæдæ ма йæ хуыздæр кæм хъуамæ зæгъон! — Чызджы ауадзут. йæ размæ цы ныццæхгæрмæ стут? — Зæгъ, зæгъ, Нинæ! Не ’ппæты раз æй зæгъ... — Гъеныр дæ гуырæй райгæ у, Дзибо... — Тæрсгæ ма кæн, Нинæ, мах дæр ам стæм... 419
Цыма денджызы уылæн æрбацыд, уыйхуызæн та базмæлы- дысты адæм. Фæлæ уæдмæ Нинæ, йæ кæрдæгхуыз зæлдаг сæр- бæттæн йæ галиу къухы, афтæмæй трибунæмæ схызт. Цыма иуварсырдæм фæцудынæй тарст, уыйхуызæн стъолы тигъыл æрæнцад. Дзибо фæсте бандоныл æрбадт. Йæ ныхы хид асæрф-асæрф кодта. Нинæйы мæллæг къух стъолы тигъыл куыд зыр-зыр кодта, уымæ каст. — Æз аххосджын никæй кæнын, — ризгæ хъæлæсæй рай- дыдта Нинæ. — Æмæ дæ уæд æнæдзургæ ничи уагъта?—къулрæбынæй та æрбайхъуыст кæйдæр ныхас. — Дзурын æй бауадзут! — басабыр сæ кодта Муради. Нинæ исдугмæ йæхинымæр стыхст, стæй хъæрдæрæй загъта: — Ме ’дых, ме ’нæныфсы тыххæй зæгъын... Абон уæ разы къæмдзæстыг дæр уымæн дæн. Ныууагътон ме ’мбæлтты. Фæ- лыгътæн... Нæ хицауадæн сæ гæдыдзинæдтæ, сæ сайæн митæ афоныл хурмæ нæ рахастон. Æмæ абон уæ разы сæттын мæ рæдыдыл. Зонут мæ, куыстæй мæхи никуы аластон. Фæлæ мын сæ фæлывд митæй мæ сæр разилын кодтой, мæ зæрдæ мын скъахтой... Зонут мæ. Уе ’хсæн схъомыл дæн... — Цы зæгъынмæ хъавыс, уый ма бæлвырддæр зæгъ! — йæ бынатæй фестад æмæ Нинæмæ бахъæр кодта Дебола. Æз ын йæ хæдоны фæдджийыл æрхæцыдтæн. — Æмæ уæдæ даргъ таурæгътыл цы схæцыди, нарты ны- хасы куынæ бадæм, миййаг... «Хурмæ сæ нæ ракалдтон...» Йæ къухыл ын сызгъæрин сахат куы бастой, уæд æм хорз касти. Уæд хурмæ никæй калдта. Ныр æм бахъардта, — йæ хъуыр- хъуырæй не ’нцад Дебола. — Хъусгæ ма уал мæм бакæн, Дебола. Æз дæр ардæм, фенат мæ, зæгъгæ, уый тыххæй не ’рбацыдтæн. Кæд мæ иуæй- иутæ сæ цæстысындз федтой, алы ныхæстæ мыл мысынц, уæддæр...— Æвæццæгæн, йæ кæуындзæг йæ хъуыры фæбадт, йæ ныхас æрдæгыл аскъуыд, афтæмæй дзуапп радта Нинæ æмæ махырдæм æрбакаст. Фæлæ та уыцы сахат фæсте кæй- дæр ныхас æрбайхъуыст: — Дзур, ратас-батас нæ, фæлæ. Нинæ йæ къæхты бынмæ ныккаст. Æрæджиау йæ сæр бæр- зонд систа, Мурадийырдæм цæхгæр фæзылд: — Æз цы фæдæн, уый фæдæн. Мæхи тыххæй ницыуал зæ- 420
гъын... Муради, ма сыл баууæнд. Фæдфæливынмæ рувæстæй уæлдай не ’сты. Амонын дын нæ хъæуы, мæнæ ма дзы адæмы бафæрс<. Уыдон дын сæ хабæрттæ фæдзурдзысты. Кусæг лæг сæ цæсты ницы у. Мурмæ дæр æй нæ дарынц. Æрмæст сæхи удтæн цæрыиц. Адæмы раз дын зæгъын, Дзибоитæ ма сæ бы- нæтты куы баззайой, уæд, цы сæфт стæм, уымæй коджы сæфт- дæрмæ æрцæудзыстæм. Кæд ма уæ нæ колхоз хъæуы, кæд ма адæмы истæуыл нымайут, уæд нын мæнæ Айсæдуйы равзарут сæрдарæй. Æз æндæр ницыуал зæгъинаг дæн, хорз адæм... Нинæ ма Гыццимæ иу каст фæкодта, стæй асинтыл тагъд- тагъд æрызгъордта. Адæм ыл амбырд сты. — Нинæ раст зæгъы! — Дзибо-сæрдар нæ нал хъæуы! — Адæмы фæллойæ кæй бахордтой, уый сæ фарсæй фæ- уæд... — Айсæду, Айсæдуйы йедтæмæ нæ ничи хъæуы. — Ныртæккæ йæ равзарæм. Ацы æхсæв... — Муради, ацы хатт махмæ дæр байхъусут. — Уæдæ ма нæм ма байхъусæнт, мах æй æнæ уыдон дæр равзардзыстæм! — хъæр кодтой алырдыгæй. Дз^ибо бандоны аныгъуылд, цыма искæй сыкъайæ ныццæ- вынмæ хъавыд, уыйхуызæн йæ цæсгомы бæсты адæммæ йæ гæмæх сæры тенка сарæзта. Стæй йæ бынатæй сыстад æмæ Мурадимæ бауырдыг: — Рох дæ ма уæд, Муради, мæн обкомы бюро сфидар код- та. Ды иунæгæй обкомы бюро нæ дæ. Иунæгæй дæ бон нæу мæн мæ куыстæй сисын!.. Ацы æнæзакъон æмбырды... — Мах бон у, æмæ дæ исгæ дæр мах кæнæм! — хъæрæй загъта Дебола æмæ мæ зæнгты сæрты æрбахызт, къулрæбын- ты размæ афсæрста. Тыххæйты ма йæ баурæдтон. Муради, йе ’рфгуыты æлхынцъ æнгомæй-æнгомдæр кодта, афтæмæй графины фарс кърандасæй хоста. Адæм куынæ са- быр кодтой, уæд сыстад æмæ Дзибойæн дзуапп радта: — Æз мæхи иунæгæй обкомы бюро нæ хонын. Æрмæст, куыд кæсын, афтæмæй æз æмæ дæуæн бюройы æнæ фембæл- гæ нæй. Стæй ма дын уый дæр зæгъын: де ’ртхъирæнтæй чи фæтæрса, ахæмыл нæ сæмбæлдтæ. Мах дæр ацы зæххыл схъомыл стæм, ацы уæлдæфæй улæфæм. Сбад, дæ хорзæ- хæй. Адæмы дзурын бауадз... — Дзурут, цас уæ фæнды, уыйбæрц дзурут. Æз мæ ныхас æндæр ран кæндзынæн,— гæххæттытæ йæ дæларм акодта Дзи- 421
бо, асинтыл æрхызт æмæ рæбынты-рæбынты йæхи дуарырдæм айста. — Кæрæдзимæ байхъусæм, хорз адæм! Не ’мбырд нæма фæци,— загъта Муради æмæ та йæ бæзджын æрфгуытæ йæ фæтæн ныхыл фæйнæрдæм алыгъдысты. 11. Тæрккъæвда Уыцы изæр Гыццийы равзæрстой колхозы сæрдарæй. Æр- мæст Гыцци, æз æй куыд бамбæрстон, афтæмæй бынтон разы нæ уыди йæ равзæрстыл. Дзырды бар ын куы радтой, уæд æй йæ ныхасы дæр загъта. Фæлæ йæ адæм сдзурын нал бауагъ- той. Уæлдайдæр сылгоймæгтæ, алырдыгæй ныххор-хор код- той, æппын сын басабыры мадзал нал уыд. — Ацы хатт та хъуамæ мах ныхас уа. — Кæй нæ фæнды, мах уый æвзарæм. — Айсæду, Айсæдуйы йедтæмæ нæ ничи хъæуы. — Уадз æмæ ацы хатт нæ кæрцæн йе ’мпъузæн йæхи- цæй уа. — Фидар лæуу, Айсæду, мах дын мæнæ стæм! — Цæмæй тæрсыс? — Дæ зæрдæ ныл нæ дарыс æви?.. — Сымахыл?.. — æрмæстдæр ма уыцы ныхас бафтыд йæ къухы, стæй иуцасдæр адæммæ джихауæй аззад, цы сын зæ- гъын хъуыд, уымæ дæр нал сарæхст. Иæ даргъ цæстыхаутæ бынмæ æруагъта, асинтыл уæззау къахдзæфтæй æрхызт. Сыл- гоймæгтæ йæ алы фарс амбырд сты, сæ уæлныхты йæ ахастой. Дуаргæронæй ма фæстæмæ фæзылд. Деболаимæ кæй лæууын, уый федта æмæ мæм йе ’рфгуыты змæлдæй цыдæр ацамыдта. Æз æй афтæ бамбæрстон, цыма мæ фæрсгæ кодта, дæу та куыд фæнды, куыд ницы мын зæгъыс, зæгъгæ. Цы йын загътаин? Цы зонд ын бацамыдтаин утæппæт адæ- мы раз? Стæй мæ, æвæццæгæн, мæ цæстæнгасæй бамбæрста, йæ сæр та ногæй батылдта æмæ сылгоймæгтимæ дуары æдде фæци. Адæм клубы æнудæй уæлдæфмæ аивылдысты. Арв раздæ- рау хъулæттæ кодта. Кæмдæр хъæды сæрмæ уарын фæхæцыд æмæ дымгæ иугай æртæхтæ хаста. Кæд уарынæй тæссаг уыд, уæддæр адæм къордтæ-къордтæй лæууыдысты, æмбырды йæ ныхас чи нæ загъта, уый йæ уынгмæ рахаста. Афтæ зынд, цы- 422
ма клубы цы иунæг æмбырд уыди, уый уынджы цалдæр æм- бырдмæ рахызт. Алырдыгæй мæ хъустыл уади Гыццийы кой. Чи разы уйд, чи та æлхыскъ ныхасæй дзырдта, йæ зæрдæйы цы уыди, уый. Дебола мæ фарсмæ, афтæмæй мæхинымæр агуырдтон Гыццийы. Æвæццæгæн мæ Дебола бамбæрста æмæ мæ ра- зæй, адæмы къуырдтытæгæнгæ, алæгæрста. — Æхсар, фæлæуу-ма, иучысыл мæ хъæуыс, — мæ хæдо- ны дыс мын ацахста Нинæ. Æз æм фæстæмæ раздæхтæн. — Иу ныхасмæ мæм байхъусдзынæ? — Деболайæн... Цæй, кæд сусæг ныхас у, уæд... — Нæ, уанцон нæу!.. Дебола дæр мын мæ ныхас куы фе- хъуса, уæд хорз. Иæхи кæд дæрдты ласы, уæддæр æм æз мæ- хи æфсымæры цæстæй кæсын. Мисурæтмæ та уæлдайдæр. Фæрсын уæ: куыд бакæнон? Ды мын æй кæд дзæбæхдæр бамбарын кæнис. — Кæд дзы Æхсары фæрсыс, уæддæр дын æй æз зæгъ- дзынæн. Цу, æмæ дæлæ дæ куыст кæн. Тæргæйтты рæстæг нæу ныртæккæ, мæ гыццыл хо. Æз дæуæй куы уаин, уæд фыццаг- зæддагтæй мæхицæн иу къорды райсин, схъомыл сæ кæнин æмæ мыл ныртæккæ чи чыр-чыр кæны, уыдонæн сæ фындзтæ амæрзин. Бамбæрстай мæ? — Мæ бæсты Нинæйæн дзуапп радта Дебола æмæ цыма йæхи чызг уыди, уыйхуызæн ын йе ’стыр къух йæ мæллæг уæхскыл æрæвæрдта. Нинæ ницы дзуапп радта. Æрмæст йæ зæлдаг сæрбæттæ- ны къабазы хаутæ карчы пакъуыйау ратон-батон кодта, йæ сæр ныллæг æруагъта. Дебола та мæ разæй фæци: — Цы ныхъхъус дæ? Мæ ныхæстæ дæ зæрдæмæ нæ фæцы- дысты? Гæнæн нæй, мæ гыццыл хо. Дæ зæрде Бутианы цæттæ хъуццытæ нæ сæрдар Госæмайы фыццаг куы скодта, уæд зæ- ронд усæн æхсызгон уыди? Деболайæн йæ къахыл ныллæууыдтæн. Уый мæм мæсты каст æрбакодта, стæй бустæгæнæгау загъта: — Цæй, хорз. Æз дæр дзы мæхицæн ницы агурын. Кæд ахæм тæссонд у, уæд фермæмæ дзæгъæлы цæуы... — Æз уæм хионы хуызæн æрбацыдтæн. Сымах та...— йæ кæуындзæг кæмдæр йæ хъуыры фæбадт, афтæмæй ма загъта Нинæ æмæ иуварсырдæм лидзæгау акодта. — Цы бакуыстай? йæ хъæдгомыл ма йын цæхх цæмæн 423
кæныс? Цы хуызæн сси, уымæ нæ кæсыс? Афтид стджытæ... Фæдзур æм æмæ фæстæмæ раздæха. — Æндæр мæ мæт нæй... Тæхгæ, йæ къæдзилыл ын хæц. Æрбаздæхдзæн. Уадз æмæ йæ зона, ныр искæй цæттæ хъуц- цыты дзаг фæдджытыл кæй нал æрхæцдзæн, уый. — Æмæ йын уыцы ныхæстæн сабырæй зæгъæн нæ уыд? Дæхи йыл уыциу цæф куы ныккодтай. — Мæнмæ дзæгъæл чох-мохтæ нæй. Ма йын тæрс, ныха- сæй ничима амард.— Нинæйы фæдыл акаст Дебола.— Сдзырд дæр сæм нал ис. Тæргæйттæ, бустæтæ,— стæй, æвæццæгæн, йæ зæрдæ нал фæлæууыд æмæ йæ фæдыл азгъордта. Уай- тагъд фæстæмæ фездæхт. Йæ ныхас йæхицæй фæраз- дæр: — Къулыбадæг... йæ дымгæ дæр ын нал ауыдтон. Фæтæр- гай... Ау, мæ ныхас ын афтæ хъыг уыдаид?.. Æз æм ницы сдзырдтон. Чысыл æддæдæр фермæйы чыз- джытæ Мурадийы алыварс æрæмбырд сты æмæ уыдонырдæм мæхи байстон. Дебола дæр уæззау къахдзæфтæй мæ фæдыл рацыд. — Хъус-ма, райсом Нинæйы фенын хъæуы. Æцæг мын кæд мæ ныхæстæ æфхæрдмæ бамбæрста, — цыма йын æнæ- бары уыд, уыйхуызæн мын мæ фарс йæ рæмбыныкъæдзæй æр- басхуыста Дебола.— Ды та цы ныттыппыр дæ? Цæуыл былы- счъилтæ кæныс? — Хъæуы йын дæуæй тынгдæр куы ничи тæригъæд кæны, уæд æм куыд тызмæгæй дзурыс? — æппынфæстаг ын дзуапп радтон æз. Уыцы сахат Мисурæт нæ уæлхъус февзæрд. — Цы фестут, уæдæй нырмæ сымах агурын... — Дæ чъиритæ уазал ма кæнæнт, миййаг? Раст зæгъын хъæуы, уыцы æнуды фæстæ уазал бæгæны æмæ хъарм уæли- бæх... Æвзæр нæ уаиккой,— ныхас хъазынырдæм аздæхта Де- бола.— Хонгæ нæ кæныс?.. — Æнæ чъиритæй дæр уын ницы уыдзæн. Хъус-ма, æз Айсæдуимæ правленимæ цæуын. Муради нæм дзуры. Быдыр- мæ куы цæуай, уæд-иу дæ дзауматæ аив. Дæ разы дын къамо- ды бинаг лагъзы сыгъдæг мидæггæгтæ, кæнæ та-иу ме ’рцыд- мæ фæлæуу. Æз тагъд уыдзынæн. Лæппуйы дæр куынæ фед- тай, æнхъæлдæн... — Дæхи ма дын иу уынд уæддæр куы фæкодтаин, иннæты мæт мæ нал и. 424
— Де ’гæрыл... Æхсарæй уæддæр фефсæрмы у,— йæ цæс- тытæ йæ галиу къухы армæй амбæрзта Мисурæт. — Тыххæй мæ куы сурай, уæддæр дын ахсæв никуыдæм акомдзынæн. Уыныс, Æхсар, афæдз иу хатт ссæуын мæ хæ- дзармæ, иу хатт бакæсын мæ къæсæрæн, æмæ мæ уæддæр хъиладзагъдæи4 сурынц. Уымæн дын фæдзурын, бинонты хъуыддагыл ма батагъд кæн, зæгъгæ. Къæлæт, гæркъа, ца- гъайраджы тухитæ... Куыд ма дын сæ бамбарын кæнон? — йæ къухтæ йæ хурхыл дзуарæвæрд акодта Дебола, æмæ Мису- рæтмæ бауырдыг.— Хъус-ма, бирæ та ма бафæстиат ут. Æм- бырдты нартхор куы заид, кæнæ дзы æхсыры суадæттæ куы гуырид, уæд афонмæ нæ былæй акалдаиккам. — Мæлæты хъæбатыр та дæ ацы изæр, искуы, миййаг, уыдыстут? — Цыма йын йæ дзыхмæ смыста, уыйхуызæн æм йæхи хæстæг баласта Мисурæт. — Куыд нæ, ды клубы Айсæдуйы фарсмæ куы бадтæ, уæд мах та кæйдæр хуын хордтам,— йæ комытæф ыл бауагъта Дебола. — Цæй, дæу ныхас кæнынмæ молло дæр нæ амбулдзæн. Цæут, мах дæр тагъд фæуыдзыстæм,— загъта Мисурæт æмæ уый дæр адæмы къуырдтытæгæнгæ размæ балæгæрста. Чыз- джытæн дæр, цыма сæ каст Мисурæты æрбацыдмæ уыд, уый- хуызæн фæйнæрдæм фæпырх сты. Муради, Гыцци æмæ Мису- рæт, семæ ма ноджыдæр чидæртæ, афтæмæй правленийырдæм ацыдысты. Уынджы тигъыл лæппутæй чидæр цъæхснаг хъæлæсæй ныззарыд: Колхозон фиййау нын уадындзæй зары. «Махæн Дзибокка хæххон хизæнты йæхи фос дары, гъей!» Колхозон фиййау нын афтæ куы зары: «Дзибо мæ йæ фосæн æххуырстæй дары, гъей!..» Æз зарæгмæ лæмбынæг хъуыстон. Æхсæвы талынджы зы- ланг кодта. — Хæйрæджытæ... Цы нæ æрхъуыды кæндзысты. Хъусыс, йæ ныхæстæ йын æмбарыс, Æхсар? — мæ цонг мын раивæзта Дебола æмæ сывæллонау зæрдæбынæй ныххудт. — Чи сты, цымæ? — Чифæнды уæнт, дзæбæх зарæг ыл скодтой. Ныр æй уы- дон бар уадз. Ирыстоны хъæутыл æй айхъуысын кæндзы- 425
сты,— йæ худын нæ урæдта, афтæмæй мын дзуапп радта Де- бола. Деболайы хуызæн худтысты, нæ фæсте асинтæй æрхизæ- ны чи лæууыд, уыцы сылгоймæгты къорд дæр. Æмæ цыма зарæггæнджытæ фыдæнæн кодтой, уыйхуызæн ноджы хъæр- дæрæй ныццæлхъ ластой: Колхозон фиййау нын афтæ куы зары: «Дзибо мæ йæ фосæн æххуырстæй дары, гъей!..» Мах Деболаимæ нæхимæ рацыдыстæм. Цалынмæ сæ уынджы тигъмæ хæццæ кодтам, уæдмæ йæ дзыхæй иунæг ныхас дæр не ’схауд. Иæ къухтæ йæ дзыппыты, йæ сæр йæ риуыл уагъд, афтæмæй мæ фарсмæ цыд, цæуылдæр хъуыды кодта. Арæх вæййы афтæ Дебола: фыццаг гæркъæраг фесты, йæ дзыхæй цынæ хъазæн ныхас схаудзæн, ахæм нал баззайы, стæй уæд йæ фæтæн ныхы нуæрттæ ныттынг вæййынц, йе ’рфгуытæ ныллæг æруадзы æмæ хъуыдыты аныгъуылы. Æз æй бирæ уарзын афтæмæй. Адæймаг зараг цъиу нæу. Æн- къард кæнын дæр æмбæлы. Мах ыл сахуыр стæм. Æрмæст Сабаз разы нæ кæны йæ хистæры æнкъардыл. — Нæ дыл фидауы, фыдуынд дæ кæны æмæ йæ ныууадз. Фæлтау нын исты радзур. Гæды ныхас дæр уæд,— иуран æй нал фæуадзы Сабаз. Æмæ уæд йе ’взаджы бæттæнтæ суадзы Дебола дæр. Уы- цы æлхынцъæрфыгæй фæзæгъы: — Цæуыл хъуыды кæнын, уый зоныс, Къуындзых? Гъе- ныр мæнæ ацы замманай хуымы дæу хуызæн Къуындзыхтæ ныссадз, уæд дзы цы æрзаид? Хæрзаг бæстæ дзенкъорæй бай- дзагуаид... — Цал хатты мæ садзыс? Фæлтау мæ иу сагъд ныккæн,— ныххуды Сабаз æмæ та уæд суадоны донау фемæхсынц. Са- базы худтæй райхъал вæййы быдыр. — Айсæдуйæн зын уыдзæн... Уыцы гæды рувæстæ колхоз бабын кодтой,— йæ цыд куыд уæзбын у, афтæ уæзбынæй загъ- та Дебола æмæ мын мæ ронбасты йæ дынджыр æнгуылдзтæ атъыста: — Дæ тæнтæ куы бахаудысты, лæппу. Цом уал махмæ, уыдон тагъд нæ уыдзысты. Истæмæйты нæхи хорз фендзы- стæм. 426
Бузныг. Æз ма.... О-о, кæд ахæм хъуыддаг у, уæд дæ нал уромын,— аф- тид голладжы уыгъд мæ бакодта Дебола. ’ Нæ, уæд æй дæуæй æмбæхсын... Цу-цу... Цы æмбæхсыс, уымæн æз ницы зонын. Мæнæй дæр-иу сын саламтæ радт. Деболатæн ма сæ дуары хъыррыст мæ хъустыл æрцыд. Сæ кулдуарь^ сæрмæ ауыгъдæй лæууыд электроы цырагъ. Иæ рухсы лыстæг хæлттæ æрттывдтытæ калгæ фæйнæрдæм тах- тысты. «Айсæдуйæн зын уыдзæн кусын...» Деболайы ныхæстæ мæ сæры зилдух кодтой, афтæмæй цыдтæн нæ талынг уынджы. Дымгæ бæлæсты сыфтæртæй хъазыд. Дыргътæ згъæлдысты, зæххыл тъæппытæ кодтой. Мæ зæрдæ мæм цалдæр хатты сдзырдта, Зæлинæйы фенон, йемæ аныхæстæ кæнон, зæгъ- гæ. Фæлæ кæм уыдзæн: ахсæв сæхимæ баззайдзæн, æви уый дæр йе ’мбæлттимæ машинæйы сбадт æмæ фермæмæ ацыд? Талынджы йын ницыуал базыдтон. Нинæ куынæ уыдаид, уæд æй хъуамæ федтаин. Нæ, ныххатыр мын кæндзæн Зæлинæ. Бамбардзæн мæ. Гыццийы ахæм æхсæв иунæгæй ныууадзон? Æмæ мын уæд райсом цы зæгъдзæн? Кæд мæ истæмæй ба- фæрсынмæ хъавы, уæд та? Клубы дæр мын йæ сæрæй цыдæр куы амыдта. Гыцци, Гыцци... Мæнмæ афтæ кæсы, цыма бæстыл мæ ма- ды хуызæн никæмæн ис. Иæ ныхас иннæты ныхæстæй — фæл- мæндæр. Иæ бахудт, йæ цæстæнгас... Цымæ цы уыдаин, цымæ цы уаин æнæ уыдон? Адæм афтæ куы фæзæгъынц, дæ лæп- пу дæхи хуызæн у, зæгъгæ, уæд фырцинæй йæ цæстытæ доны разилы, ныхасмæ дæр сæм нал сарæхсы... Гыццийы хуызæн... Бузныг, Гыцци, дæу хуызæн мæ кæй хонынц, уымæй. Ницыма дын фæдæн. Зæххыл дæ номæн кæй цæуын, ды æрмæст уымæй дæр амондджын хоныс дæхи. Æз дæр афтæ. Фæлæ искуы исчи не ’хсæн куы æрлæууа, хъæбул æмæ ныййарæджы иумæйаг тугдадзинтæм кард куы æруа- дза... Бахатыр кæн, Гыцци. Уыдон зæрдæхалæн ныхæстæ нс ’сты. Сомыйы ныхæстæ сты. Дыууæ æмæ сæ ссæдзæймаг аз нырма фыццаг хатт загътон. Æрмæстдæр иунæг дæуæн... Цалынмæ Зæлинæйы базыдтон, цалыимæ мын мæ риуы пиллон арт не ’суагъта, уæдмæ дын сæ никуы бафæрæзтон радзурын. Дæхæдæг мын куы дзырдтай, ныр лæг дæ, зæгъгæ. Кæд уыди, кæ? Кæд мын загътай уыцы ныхæстæ? Зæлинæимæ 427
Тæргайдоны был цы æхсæв бадтыстæм, уыцы æхсæв? Нæ, раздæр уыди. Фыццаг хатт æй йе ’мбæлттимæ йæ чырынтæ къабайы быдираг дидинджыты æхсæн куы федтон, уæд уыди уый. Куыд диссаг дæ, мады зæрдæ! Зæгъгæ дæр дын ницы код- тон, афтæмæй мæ куыд бамбæрстай. Мæ цæстытæм мын ком- коммæ ныккастæ, дæ цæсгом хурау ныррухс, фырцинæй дæ скæуынмæ бирæ нал бахъуыд, стæй мын дæ фæлмæн къухы æнгуылдзтæ мæ сæрыхъуынты атъыстай æмæ, дæ ныхас дæ- химæ дæр тыххæй хъуыст, афтæмæй загътай: — Дæ ныййарджытæн цы нæ бантыст, уый дæ къухы хор- зæй бафтæд, мæ хъæбул... Дæ къухы æнгуылдзтæ зыр-зыр кодтой мæ сæрыхъуынты æхсæн. Дæхæдæг иуварс азылдтæ, дæ цæстытæ донæй айдзаг сты, мæ хъустыл ма æрцыд: — Ныр лæг дæ, мæ хъæбул... Лæг... Кæм и лæг? Лæгæн бирæ цыдæртæ хъæуы. Мæ фы- дæй дæр мын, уый лæг уыди, зæгъгæ, куы фæзæгъынц, уæд мыл цавæрдæр базыртæ базайы. Цæмæй лæг уыд? — фæфæрсын дæ алы хатт, Гыцци. Æмæ мын кæддæриддæр фæзæгъыс уы- цы иу ныхæстæ: «Иæ сыгъдæг зæрдæйæ, адæмы бирæ кæй уарзта, хæрамдзинады ныхмæ кæй хæцыди, уымæй». Æз мæ мидбынат сагъдауæй баззайын. Цы дын зæгъон, цы ма дын бафтауон дæ ныхæстыл? Дæуæй, адæмæй йын цы хъусын йæ кой, æндæр æй уынгæ дæр куы никуы фæкодтон.- Иæ дзыхы ныхас дæр ын куы никуы фехъуыстон. «Хæрам- дзинады ныхмæ тох кæнынæй»... Æмæ ма уæдæ адæймаг цæй ныхмæ хъуамæ тох кæна? Хъуыдытæ сæры зилдух кæнынц. Мæ зæпгтыл мын цыдæр уæззау дуртæ ныббастæуыд. Æхсæвы мæйдарау æрæнцады- сты ме ’уæнгтыл. «Айсæдуйæн зын уыдзæн кусын»... Æмæ йын, уæвгæ, æн- цондæр та кæд уыди, Дебола? Кæцы куыст нæ бакодта, кæ- цы куыст дзы нæ зоны? Фæлæ иучысыл куы баулæфыдаид, уæд хуыздæр уыди. Æз куыстаин мæхи бæсты дæр, Гыцци, дæ бæсты дæр. Ды дæр иучысыл куы баулæфай, уæд цас дис- саг у? Цы хъуаг стæм? Дæхи загъдау, адæймаг æнæниз уæдг æндæр ныртæккæйы рæстæг сыдæй ничи амæлдзæн. Стæй тагъд Зæлинæйы... Уый дын фæрогдæр кæндзæн дæ зынтæ. Дæ бæсты-иу дын акæндзæн дæ куыстытæ. Мах амондæн рай- гуырд, зæгъгæ, куы фæзæгъыс. 428
...Фæлладæй, тыхстхуызæй нæхимæ æрбацыд Гыцци. Йæ сæрбæттæн цæугæ-цæуын сынтæгмæ баппæрста, исты бахорд- тай, зæгъгæ, мæ бафарста æмæ мидæггаг уатмæ бацыд. Ис- дугмæ йæ уынæр дæр нал райхъуыст. Кæд æй исчи бафхæрд- та, зæгъгæ, йæ фæдыл атагъд кодтон. Уый йæ сынтæджы бахауд. Базыл ныддæлгом. Æфсæйнаг сынтæг йæ быны къæс- къæс кодта. Хорзау нал фæдæн. йе ’уæхсчытæм ын фæлæ- бурдтон. Йæ буар æгасæй дæр гæдыхъæдау рызт. — Гыцци! Цы кæныс, Гыцци? Исчи дæ бафхæрдта? — хуылыдзыбазæй хъæццулы æхсæн фæцавтон мæ дыууæ къухы. Йæ сæр ын мæ риумæ нылхъывтон. Афтæ кæугæ никуыма федтон Гыццийы. Йæ судзгæ къухтæ мын мæ бæрзæйыл æр- батыхта, йæ сæр мын мæ дæллагхъуыры атъыста, стæй уæд кæуынхъæлæсæй загъта: — Ницы кæнын... Ма мын тæрс. Æфхæргæ мæ ничи ба- кодта. Афтæ æнцон бафхæрæн нал дæн. Нырмæ мыл цы бон- тæ уыди, уыдоныл кæуын... Æвæццæгæн, фæстаг хатт. Ды мын дзæбæх у, æндæр — фæстаг хатт. Дæ хуызæн лæппу кæ- мæн вæййы, уый афтæ æпцон бафхæргæ нал у. Мæ тæккæ ты- хыл куы уыдтæн, адæмæн исты хорздзинад ракæнын мæ бон куы уыд, уæд мыл... — Гыцци, изæры адæммæ кастæ? Цы дзырдтой, уымæ хъуыстай? Уарзынц дæ... Гыцци мæм уæды хуызæн гыццыл никуы фæкаст. Иæ сæр мæ роцъойæ уæлдæр нæ хæццæ кодта. Иæ дæрзæг æнгуылдз- тæ, цыма хæдоныл нæ, фæлæ мæ гом уæхсчытыл уыдысты. — Зонын æй, лæппу. Фехъуыстон сын сæ ныхæстæ. Кæу- гæ дæр ууыл кæнын, куынæуал сарæхсон æмæ куы фæфыд- æнхъæл уой... Ме ’уæхсчытæй йæ къухтæ æриста Гыцци æмæ иуварс алæууыд.— Мурадийæн ма бæргæ дзырдтон, фæлæ мæ ской дæр нал бауагъта... — Æмæ ныр цы фæци Муради? — Нæ машинæйы горæтмæ фæцæуы. Райсом сихæрттæм фæстæмæ раздæхдзæни,— дзуапп радта Гыцци æмæ мæ разæй æддаг уатмæ рахызт, скъаппæй уазал къабускаджынтæ райс- та, бæгæныйы графин сын сæ фарсмæ æрæвæрдта, æмæ мæм йæ уымæл цæстытæй бахудт. — Лæппу, æхсæвæр скæнæм... Цырагъы рухсмæ, цыма сæ чысыл раздæр æвзист донæй æрæхсадта, уыйхуызæн тæмæктæ калдтой Гыциийы урс сæрыхъуынтæ. Æз сæ æмбаргæ дæр нæ бакодтон, уыцы дæр- 429
гъæй-дæргъмæ, сатæгсау дзыккуты æхсæн дзыгуыргай куыд фæзындысты, халас семæ кæцæйдæр куыд æрхастой, уый. Фидаугæ йыл хорз кодтой. Цавæрдæр хæлардзинад, сагъæс- ты уæз æмбæхстой се ’рттывды. Зындысты цонджы стæвдæн быд дзыккутæй, фæстæмæ æнцадысты сæрыл. Йæ фæтæн æрфгуыты бынæй уæндон каст кодтой йæ тарстхуыз, фæллад цæстытæ. Ныхы æнцъылдтæ цæсты кæрæттыл æрфæд кодтой, суадон хуыры бын куыд амбæхсы æмæ дæлдæр фæстæмæ куыд февзæры, афтæ рустыл æрбайсæфтысты, стæй дæллаг- хъуыр, цыма сæ исчи бигæ скодта, уыйхуызæн кæрæдзиуыл стыхстысты. Æз кæсын Гыццийы цæсгоммæ. Йæ къухты змæлдмæ. Ис- дугмæ ницы дзуры. Хъусæй лæууын æз дæр. Цыма изæры æм- бырдæй нырмæ йæ цæсгом зæронддæрхуыз фæци. Цыма йæ къухтæ зыр-зыр кæнынц. Уый æвæццæгæн, æрдæбоны куы- дæй у... — Исты зæгъ,— мæ бæгæныйы агуывзæмæ мын амоны Гыцци. — Дæ разæй? Нæ, Гыцци, ды зæгъ. Уый зонгæйæ Дебола- йы мемæ ракодтаин. — Ракæнын æй хъуыд. О, хæдæгай, бæгæныйы хуын нæм ис, уый куы нæ зыдтай. — Цæй, уæдæ дын дæ ног бынат амондджын уæд,— нуа- зæн мæ къухмæ систон æмæ йæ Гыццимæ бадаргъ кодтон. Уый йæ мидбылты бахудт æмæ мын мæ ныхас айста: — Лæппу, æцæг лæджы куывдтытæ кæныс. Кæм сыл са- хуыр дæ? Цæй, фæлтау æндæр исты сидт ракæн. — Омæ дын куы загътон, сидын нæ зонын, зæгъгæ. — Афон дын у, æгъдæуттæ зонын хъæуы. Хæдзар дæумæ кæсы. — Гыцци, цæй, дзæбæх у. Æз æй дæу тыххæй нуазын... — Уæддæр та мæн тыххæй. Æз та йæ уæдæ нуазын мæ кæддæры къæбæлдзыгсæр, фыдуаг Æхсары цæрæнбоны тых- хæй,— бахудт, ме ’скъуыдтæ къухтæм мын æдзынæг ныккаст, афтæмæй загъта Гыцци æмæ йæ бæгæныйы лгуывзæ уæззау- гай систа. Æз сыетадтæн. Иæ сæр ын мæ хъæбысы æрбакодтон æмæ йын йæ хъусы дзурæгау дзуапп радтон: — Бузныг, Гыцци... — Хорз, зæгъыс? Уæдæ ма дын йæ хуыздæр мады дæр чн ратдзæн?..— ныхас хъазынмæ аздæхта Гыцци æмæ мын къа- 430
бускаджынты тæбæгъ мæ размæ æрбахæстæг кодта.— Дар- дæй сæм цы кæсыс, абондæргъы æххормаг куы дæ... — Уымæй раст зæгъыс. Деболайы загъдау, æххормаг лæг эенæ бензин тракторæй уæлдайнæу. Иу пæртт ма фæкæндзæн æмæ фæци,— дзуапп радтон æз, æмæ къабускаджыны карст Гыццийы къухты фæсагътон. Гыцци йæхи хъæлдзæгхуыз дардта. Фæлæ йæ цæстæнгасыл бæрæг уыди, цавæрдæр хъуыдытæ йæ æнцад кæй нæ уагътой. Хатгай-иу джихæй баззади. Æз йæ цуры кæй бадын, уый дæр-иу дзы æрбайрох. — Муради цы загъта, Дзибойæн цы фæнд кæнынц? — æп- пынæрæджиау бафарстон Гыццийы. — Райсом бæрæг уыдзæн. Тæргайæ ацыд. Сæхимæ йæм арвыстам, фæлæ правленимæ не ’рбакуымдта. Мурадийы ах- хос æй кæны иууылдæр. Обкомы бюройæ æвзиды. — Æмæ дзы Муради та цæмæй аххосджын у? Адæмы йыл уый сардыдта? Стæй сæ ардауын хъуыди? — Æвæццæгæн æй фермæтæй искæцымæ куыстмæ арвит- дзыстæм. Нæ зæрды афтæ ис, кæд сразы уа, уæд. Кæнноддæр колхозы куыст бирæ. Чидæртæ дзырдтой, хъæдгæсты хицауы бынатыл дыууæ нæ зæгъид, зæгъгæ, фæлæ ууыл Муради не ’сразы. — Кæцæй цы фæпайдагæнæн ис, уый хорз зоны. Бæх, уыгæрдæнтæ, хуымзæххытæ, хъæдæрмæг, суг. Æппынфæстаг, мыдычыргъæдтæ. Иудзырдæй, кæсаг йæхи доны æппарын кæны... Уæд Хамби та? — Хорзæй дзы ницы ис. Æвæццæгæн, йæ хъуыддаг тæр- хондонмæ лæвæрд æрцæудзæн. Дзибойыл дæр, Хамбийыл дæр сомизæр партион æмбырды ныхас кæндзысты. Цы уы- наффæ рахæссой, уымæ уал банхъæлмæ кæсын хъæуы... Дæу- мæ та куыд кæсы, Деболайы дын æндæр ранмæ куы раивæм, уæд?.. — Кæдæм? — Майрæмы бæсты, хъæусоветмæ. Муради ма кæйдæр- тимæ аныхас кæнинаг у. Зæгъгæ йын мацыма кæн. — Æмæ йын æй Мисурæт нæ зæгъдзæн? — Уый дæр æй нæма зоны. — Нæ куыстытæ ныкъкъуылымпытæ уыдзысты, фæлæ... Раст зæгъын хъæуы, уыцы бынаты Деболайы хуызæн чи са- рæхсдзæн, нæ зонын. Раст лæг, адæмыл йæ зæрдæ рисдзæн, тыхсдзæн сыл. Æрмæст æй фæрсгæ куы бакодтаиккат, трак- 431
тортæй уын куынæ ракома,— Деболайы коймæ мæ хъустыл Схæцыдтæн æз. — Иемæ ныхасгæнджытæ уыдзæн. Æз дæ, демæ кæй кусы, уымæн фæрсын. Муради йæ цæмæй зоны? Диссаджы æппæлд- тытæ дзы фæкодта. Кæд ма раздæр искуы сæмбæлдысты... — Кæд нæ. Æндæрæбон уæртæ быдыры иумæ хуым код- той æмæ кæд афтæмæй... — Куыд иумæ хуым кодтой? — Муради трактор тардта, Дебола та йæ фарсмæ бадти. Асæбеитæ дæр сæ федтой. — Æвæццæгæн æй уæдæ уымæй зоны. Æрмæст, хуым иумæ кæй кодтой, уый тыххæй ницы загъта. Суанг ма нын Саба- зы кой дæр ракодта. Лæппуйæн, дам, зын уыдзæн, фæлæ йæм Æхсар фæкæсдзæн. Æрмæст, дам, дзы хъæусоветы дон- ласæг ма скæнæд... — Æниу ын дон нæ, фæлæ сызгъæринтæ куы ласын кæнид, уæддæр йæ трактор ныууадзид. Нæ, Сабаз ахæм лæппу нæу,— сæрыстырæй загътон æз æмæ нæ дыууæйæн дæр бæгæны ра- уагътон. — Æз нал, дæхæдæг ануаз. Куыддæр мæ сæр риссæгау кæны. Кæд мын бæгæныйæ риссы, миййаг, — йæ галиу къухы æнгуылдзтæй йæ ных аууæрста Гыцци.— Хъомты фермæйы чи уыдзæн, уымæй мæ цæуылнæ фæрсыс? — Чи? — хынцфарст æй акодтон æз. — Мисурæт,— дзуапп радта Гыцци. — Æмæ йæ кæрчытæ та? Цытæ дзурыс, уый йæ кæрчытæ искæмæн уадзы? Уыдонæй ма нæ куы зонынц... — Ницы кæны, йе ’мбæлттæ дæр цауддæр чызджытæ не ’сты. Уыдон дæр сарæхсдзысты. Раст зæгъын хъæуы, Мису- рæтæн æнцон нæ уыдзæн фермæйы куыст нывыл сæвæрын. Фæкæсын æм хъæудзæн. Стæй мæнæ иннæ аз чызджытæ ин- ститут каст фæуыдзысты æмæ уæд нæ хъуыддæгтæ фæрæвдз- дæр уыдзысты. Ныхас ныл бацайдагъ. Гыцци колхозы хъуыддæгтæ афтæ лæмбынæг зондзæн, адæмы сомбоныл афтæ сагъæс кæндзæн, сæ хъуыдытæ, сæ зæрдæйы уаг сын афтæ хорз æнкъардзæн, раст зæгъын хъæуы, æз уый æнхъæл нæ уыдтæн. Арæх-иу кæд йæ куыстæй уыцы сагъæсхуызæй æрцыд, цæмæйдæр-иу разы нæ уыд, уæддæр сæ мæнæн никуы схъæр кодта. Цыдысты йæм адæм, фарстой йæ цæмæйддерты, дзырдтой йын сæ зæрдæ- йы сагъæстæ. Фæлæ сын цы йæ бон уыди, дæлæмæ дæр, уæ- 432
лæмæ дæр халсарты куыстгæнæг, звеновод. Куы иу ран, куы иннæ ран, йæхæдæг-иу куыд дзырдта, афтæмæй алы ран дæр — æмпъузæн... Хъæу йæ боны уæззау куысты фæстæ йæ фæллад уагъта. Р1у змæлæг, иу цæуæг нал уыди уынгты. Æрмæст ма Тæргай- дон, цыма бон-изæрмæ йæ къухы цы нæ бафтыд, уый искæйы сусæгæй бакæнынмæ хъавыд, уыйхуызæн иугæндзонæй уæз- ’зау улæфт кодта. Мæнмæ афтæ каст, цыма уый дæр фæллай- гæ бакодта æмæ афтæ уæззау улæфт уымæн кæны. Дымгæ рудзынгæмбæрзæнты сæ бæттæнтæй атонынмæ хъавыд. Уа- рыны ставд æртæхтæ сæхи хостой хæдзары æмбæрзæндуртыл. — Гыцци, цæмæй дæ бафæрсынмæ хъавын, уый зоныс? — хæстæгдæр æм бабадтæн, афтæмæй загътон æз.— Æрæджы уæртæ Бæппуйы фыстытæ кастæн. Зын мын куы вæййы, уæд алы хатт дæр мæ зæрдыл æрлæууы. Цæмæн, уый нæ зонын, фæлæ мын уæд бирæ фенцондæр вæййы. Цавæрдæр ныфс мын бауадзы ме ’уæнпы. Бирæ дæм фенхъæлмæ кастæн, уæдæ мын мæ фыды тыххæй исты радзурдзынæ, зæгъгæ, фæлæ мæ ды’ æндæр ныхæстæм аздахыс, тагъд-тагъд мын цыдæртæ адзурыс. Адæмæй дзы цы хъусын, æндæр мын ды ницы дзу- рыс. Афтæмæй та мæ лæг хоныс... Гыцци исдугмæ ницы дзуапп радта, æнæзмæлгæйæ бадт æмæ йе ’нгуылдзты бын къæбæры мур æууæрста. Аджих. Стæй æрæджиау загъта: — Адæймаг хъуамæ йæ зæрдæ истæуыл дара. Искæмæй дзы ныфс уа. Уыдис мæнæн дæр ныфс. Æрмæст бирæ нæ фæ- ци мæ фарсмæ...Стæй ды рахъомыл дæ, дыууæйæ æрлæууы- дыстут мæ фарсмæ, фæлæ мæ уæддæр мæ базыртæ сисын нæ бауагътой чидæртæ. «Адæмы знаджы бинонтæ...» Кæд мын сæ искуы-иухатт йедтæмæ нæ дзырдтой, уæддæр сæ æмбæрс- тон, хъуыстон сæ дардмæ дæр. Басыгътой мын, скæрдæнтæ Шт кодтой мæ зæрдæйы уыцы маргæйдзаг ныхæстæ. Æмæ сæ чи дзырдта, æнхъæлыс? Зондæй, хъаруйæ, ахуыргонддзи- надæй мæнæй бирæ мæгуырдæр чи уыди, æрмæст йæ гæды митæй бынат чи ахста, фылдæр ахæмтæ. Мæ куысты мын аргъ кодтой, дæсны кусæгыл мæ нымадтой, фæрсгæ дæр-иу мæ акодтой, фæлæ мыл æууæндгæ нæ кодтой. «Адæмы знаджы бинойнаг»... Паддзахад иннæрдæм куы афæлдæхтаид, уæд та... Фæлæ цыдтæн, мæ рæстдзинад мæ 28 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 433
риуы æмбæрц хастон. Хъуыды ма йæ кæныс, институт цы зынтæй каст фæдæн, уый? Нæ мæ фæндыд искæмæй æвзæр- дæр уæвын. Царды фæсте баззайын. Адæмæй ницæмæй хъаст кæнын, бирæ хæрзтæ мын фесты, бирæ рæвдауæн митæ фæ- кодтой дæуæн дæр. Уыдон куы нæ уыдаиккой, уæд искæдæм фæлыгъдаин, ныууагътаин мæ хæдзары къуым дæр, ссард- таин мæхицæн куыст. Арæх-иу мæм афтæ каст, цыма адæмæн се ’уæнджы ца- вæрдæр сусæг тас бацыд, цыма æппынæдзух аууонау сæ фæ- дыл зилы, цыма сын сæ къабæзтæ бæтгæ скодта, сæ хъару, сæ ныфс сын сæтты. Æппæтæй зындæр та уыди, адæмæй бирæтæ кæрæдзиуыл кæй не ’ууæндыдысты, сæ зæрдæйы ныхас æргом зæгъын кæй нæ фæрæзтой. Æнæууæнк... Тас... Адæймагыл ма æууæнд, адæймагæй тæрс... Уымæй зындæр ма цы хъуамæ уа! Хъуыды ма кæнын, фæскуыст фæлладæй цыдтæн быдырæй хъæумæ. Дæумæ мæ зæрдæ æхсайдта, афонмæ цы фæциг зæгъгæ, тагъд кодтон. Паддзахвæндагæй мæм къабускайы хуымты комкоммæ æрбацыд иу барæг. Дæуæй чысыл хистæр уыдаид ахæм лæппулæг. Уый размæ йæ никуы федтон æмæ дзы, раст зæгъын хъæуы, тæрсгæ дæр фæкодтон. Дыууæизæр- астæу, тыгъд быдыры... — Ма фæтæрс, Айсæду. Æгайтма иунæг дæ...— цыдæр тыхстхуызæй мын загъта æнахуыр барæг æмæ йæ бæхæй æр- хызт.— Дæ койæ дæ цы зонын, æндæр дæ уынгæ никуы фæ- кодтон. Уæ районы æрæгæй нырмæ кусын. Де ’мбал Данелы хорз зыдтон. Кæддæр иумæ ахуыр кодтам. Фэелæ ныртæккæ ныхас ууыл нæу. Раст дын куы зæгъон, уæд мæ æвдæлгæ дæр нæ кæны. Дæ размæ дæр аивæй рацыдтæн. Æмæ, цалынмæ нæ цуры ничи ис, уæдмæ дын иу ныхас зæгъын: мæхи хойы хуызæн дыл æууæндын, уырны мæ дæ рæстдзинад... Мæнæ ацы гæххæттытæ уыныс? Дæуыл фыст сты. Дæ ныхмæ,— æмæ йæ риуы дзыппæй сласта дынджыр тыхтон, мæ разы йæ лыс- тæг пырхæнтæ ныккодта, стæй мæстыгæрæй йæ ныхасы кæрон- мæ бафтыдта: — Адæмæн се ’ппæтæн дæ зæрдæйы сусæг ны- хас ма кæн. Хорз уыд, æмæ гæххæттытæ мæнмæ æрбахауд- той... Барæг æндæр ницыуал загъта, саргъы гоппыл фæхæцыд æмæ йæ бæхыл абадт. Фæстæмæ къабускайы хуымты стыр фæндаджырдæм фæцагайдта. 4?4
Æз ма йæ фæдыл бирæ фæкастæн. Чи уыд, уый дæр нæ базыдтон. Æрмæст уыцы сахат зилгæдымгæ рацыд, гæх- хæтты гæбæзтæ рыджимæ систа, сыздыхта сæ æмæ кæмдæр æрбайсæфтысты... Гыцци арф| ныуулæфыд. Ницыуал сдзырдта. Стæй, цыма йын улæфын зын уыд, уый хуызæн йæ тæбын кофтæйы æгънæджы- тæ суагъта. — Йæ фенын мæ тынг фæндыд, фæлæ йыл уыцы изæрæй фæстæмæ никуыуал сæмбæлдтæн. Æвæццæгæн ын йæхи дæр искуы фыдбоны тымыгъ æрæййæфта... Сывæллон нал дæ, бамбардзынæ мæ... Алцæмæн дæр ныф- фæрæзтаин, ныхъхъæбæр кодтаин мæхи, иуæй-иутæ мæм сылгоймаджы цæстæй куы кастаиккой, уæд. Хъуыды ма кæнын, хæсты райдайæны нæм райæххæстко- мы сæрдарæй иу тентекк куыста. Цалдæр хатты мæм фæ- сидти районмæ, колхозы сæрдарæй дæ æрвитын, зæгъгæ, гæ- ды митæ систа. Æвæццæгæн мын иуæй-иу сылгоймæгты хуы- зæн æнхъæл уыд. Сидзæргæс, æрыгон... Æмæ йын æз дæр иу æмбырды йæ хъуын акалдтон. Мард, æгас ын нал ныууагъ- тон. Систой йæ йæ куыстæй. Бæргæ, хъуыддаг ууыл куы ахи- цæн уыдаид, фæлæ мæм æртхъирæнтæ байдыдта... — Æмæ ныр цы фæци? — мæ хурхыуадындзтæ фырмæс- тæй атыппыртæ сты, афтæмæй бафарстон æз. — Ахæстонмæ бахауд. Цавæрдæр цæстфæлдахæн митæ фæкодта æмæ йæ æрцахстой. Райæххæсткомы сæрдары... Дис ма кæн, ахæмтæ дæр дзы уыди. Мæнæуы хуымы ма мæгъæл- да куы æрзайы... Гыцци дзырдта, нымадта «кæйдæрты», фæлæ дзы иуæн дæр йæ ном, йæ мыггаг нæ загъта. — Сæ нæмттæ сын цæуылнæ дзурыс? Уадз æмæ сæ æз дæр зонон, цæмæй мын тæрсыс? — Ницæмæн дæ хъæуынц. Æнæ гæды ныхас, нырмæ дæр дын сæ барæй никуы загътон. Искуы сæм исты куы сдзурай, дæ масты фæндагыл куы ацæуай... — Æмæ дзы искæйы мæхицæн кæнгæ æфсымæр куы скæ- нон, уæд та? — Уæд та ноджы хуыздæр. Уадз æмæ йæ зона, ды уымæй лæгдæр кæй дæ, туг тугæй кæй не ’хсыс, уый. Уадз æмæ йæ митыл æрхуда. Чи зоны, раст та уыд ацы хатт дæр Гыцци. Адæймаг хъуа- мæ йæ хорздзинæдтæй, йæ хъуыддæгтæй фæуæлахиз уа йæ 435
фыдгултыл. Æвæццæгæн, Гыцци фидар куы нæ фæлæууы- даид, зындзинæдтæй куы фæтарстаид, æмæ фæсаууонмæ хъæууонхæдзарадон институт каст куы нæ фæуыдаид, уæд æй иуæй-иутæ сæ къæхты бын сæууæрстаиккой. Цы уыдаид, цы- мæ, уæд афонмæ Гыцци? Цы боны хорз æм каст, цы хъысмæт? Иуæй ахуырмæ фæндæгтæ, адæймаг суæвынæн фадæттæ, иннæмæй та цæлхдуртæ, маст, æфхæрдтытæ... Æвæццæгæн, Бæппу дæр йæ тетрады уыцы рæстæджы тыххæй фыста. — Дæ фыдæй мæ фарстай,— дзырдта дарддæр Гыцци æмæ йæ хъæлæс лæмæгъæй-лæмæгъдæр кодта.— Мæнæн зын вæй- йы кæддæриддæр уый тыххæй дзурын. Ома, мæ зæрдæмæ дзы исты хæссын, уый тыххæй? Нæ. Æгæр тагъд атахтысты, цы бонты йæ базыдтон, уыцы бонтæ. Фыццаг горæты. Æз — тех- никумы, уый та институты, стæй уый районмæ кусынмæ ра- цыд. Фæскомцæдисы райкомы секретарæй йæ нывæрдтой. Баминæвар мæм кодта. Раст зæгъын хъæуы, уыйразмæ дæр кæрæдзи иу афæдзы бæрц зыдтам. Иумæ-иу куы æрцæйцы- дыстæм, уæд нæ хо æмæ æфсымæр хуыдтой. Иухатт-ма мын Хъæдгæроны иу чызг лæгъстæ дæр кодта, де ’фсымæрæн мæ ракур, зæгъгæ. Стæй йæ куы базыдта, цы мын бавæййы, уыи, уæд фырæфсæрмæй цы фæуыдаид, уымæн ницыуал зыдта. Замманай хай æмæ ма мын нуазæн дæр æрбарвыста. Дæ фыд-иу уыцы чызгыл худæгæй йæхи схаста уый фæстæ дæр. Разы уыди йæ куыстæй, æхсæв, бон дзы не ’взæрста. Æр- мæст-иу хатгай мæстыйæ æрбацыд, райкомы секретартæй кæй- дæримæ нæ фидыдта. Афтæ аивгъуыдтой, аргъауы фынтау сæ рог базыртыл атахтысты æхсæз мæйы. Æрмæстдæр æхсæз мæйы. Стæй иу æхсæв... суанг фæсæмбисæхсæвтæм йæ чингуыты уæлхъус фæ- бадт. 1 — Дæ чингуыты ацы æхсæв фыццаг хатт федтай? Дæ фæллад суадз,— мæ хуыссæнæй йæм цалдæр дзырды ракод- тон æз. — Ныртæккæ, — дзуапп лæвæрдта уый æмæ тетрады тагъд-тагъд цыдæртæ фыста. Стæй уæд йæ чингуытæ скъап- пы бафснайдта æмæ йæ хуыссæнмæ бацыд. Кæдмæ нал бафынæй стæм! Цæуыл нæ фæсагъæс кодтам! Цынæ æрæмысыдь;стæм, нæ сывæллоны, бонтæй! Иухатт ыл нæ сыхæгты сывæллæттæ куыдзы куыд сардыдтой^ уы.й. дæр 436
ын æрлæууын кодтон йæ зæрдыл. Дæ фыд худæгæй бакъæцæл и. Цыдæр ма мæм дзырдта, фæлæ йæ ныхæстæн бамбарæн нæ уыд. Уыцы сахат мæ хъустыл æрцыд кæйдæр къахы хъæр. Мæ хуыссæны рабадтæн, уæдмæ дуар æрбахостæуыд. Æрдæ- гыл аскъуыд дæ фыды худт. Рахызт йæ хуыссæнæй æмæ мæм тыргътæй йæ ныхас æрбайхъуыст: — Чи дæ? — Хицæттæ, дуар-ма бакæн! — дзуапп ын радта кæйдæр æнахуыр хъæлæс. Дарддæр цы æрцыд, уымæн ницыуал бамбæрстон. Хъуы- ды ма кæнын, дыууæ лæджы йæ семæ куыд акодтой, уый. Æз афтæ æнхъæлдтон, фæстæмæ æрбаздæхдзæн, зæгъгæ. Æмæ уынгмæ разгъордтон. Æнхъæлмæ кастæн. Алы сыбыртмæ, алы цæуæгмæ мæ хъус дардтон. Стæй дæ фыд зынæг куынæ уыд, уæд мæ хæррæгътæ мæ уæлæ баппæрстон æмæ йæ куыс- ты балæууыдтæн. Ничи уыд райкомы, æрмæст йæ дуарыл стыр сау гуыдыр ауыгъдæй лæууыд. Йæ талынг рудзгуытæй мæм каст дæ фыды чысыл кусæн уат. Мæнæн мæ зæрдæ ньГс- сæххæтт ласта. Мæ зæнгтæ мæ быны атадысты. «Кæдæм æй акодтой, цы фесты?» — фарстон мæхи яемæ уынгты æррайы ракæс-бакæс систон. Ратындзыдтон партийы райкоммæ. Уым дæр ничи. Ссардтон æхсæвгæсы, райхъал æй кодтон. Никæй федта. Никæйы æрбакодтой райкоммæ. Хъæууынгты фæзынд иугай цæуджытæ. Фарстон уыдоны дæр. Ничи сæ ницы зыдта. Афтæ уыд уыцы бон суанг изæрмæ. Цавæрдæр уазал цæс- тæй мæм кастысты йæ зонгæтæ, йе ’рдхæрдтæ. Сæ ныхас Д&р иннæ бонты хуызæн нæ уыд,— æнæ уд, скъуыдздзæгтæй... Æр- мæстдæр изæрæй базыдтон хъуыддаг. «Рæдыд ницæмæй у. Ахæм адæймаг нæу. Кæд æй искæимæ ивддзаг кæнут»,— дзырдтон районы, горæты. Фыстон Мæс- куымæ. «Æркæсдзыстæм. Фендзыстæм. Равзардзыстæм»,— дзуапп мын лæвæрдтой алы ран дæр. Æмæ æнхъæлмæ кастæн, æууæндыдтæн, уæдæ йын йæ рæстдзинад равзардзысты, зæгъгæ. Фæлæ мæ æгæр бирæ бахъуыд æнхъæлмæ кæсын. Мæйгæйттæ, азтæ. Стæй райдыд- та хæст æмæ та нын уæд ногæй райгуырд.Январы хъызт боны дзы райстам æнæнхъæлæджы хабар. «Айсæду! Курын дæ, цæссыджы судзгæ сыгтимæ ма сæм- бæл мæ писмойыл. Ныххатыр кæн, нырмæ дæм хабар кæй нæ кодтон, уымæй. «Ам дæ къалати цæттæ»... Хъуыды ма кæ- 437
ныс Къостайы ныхæстæ? Хохаг лæппу райгуырд ногæй. Фыс- сын дæм хæстмæ фæндагæй. Мæ цинæн кæрон нæй, хæсты быдырмæ ацæуыны фадат мын кæй фæци, уый тыххæй. Бын- тон æнамонд дын нæ дæн! Ацы ныхæсты разæй дæиу цæмæй- дæр бафæрсынмæ хъавыдтæн, фæлæ йæ нæ уæндын. Цæй, зæгъон дын æй: цы нын ис? Ныр уый бæрц амондджын куы разынин, æмæ мæ фæдыл исты куы баззаид, æндæр дæ ни- цæмæйуал фæрсын. Куы æрбынат кæнон, уæд дын мæ къам æмæ мæ адрис арвитдзынæн...» — Хъуыды ма кæныс, дыууæйæ дæр куыд куыдтам, уый? Стæй уæд къам дæр нал æмæ адрис дæр. Сæ бæсты йæ сау гæххæтт ссыд, цыппар уæззау дзырдимæ: «Хъæбатырæй фæ- мард знаджимæ тохы...» Гыцци йæ сæрбæттæны къабазæй йæ цæстысыгтæ асæрф- та, сыстад æмæ къулыл сахатмæ скаст. — Уый дын дæ фыды хабæрттæ. Фæлæ, мæ хъæбул. иу- дадзыг фæстæмæ фæкæс-фæкæсæй цард нæй. Цы æрцыд, уы- мæн раздахæн нал ис. Цард йæхионтæ домы. Æгас уд хуыз- дæрмæ тындзы. Кæсыс, зæрондырдæм ма мæн дæр куы баифтыгътой. Цæй, æхсæвы фарнæй боны фарн хуыздæр у, фæ- зæгъынц, æнафон у ныр,— йæ уæззау ныхæсты фæстæ йæхи хъæлдзæгхуызæй равдисыныл архайдта Гыцци, фæлæ йын дзы ницы уад. Йæ хъæлæс зыр-зыр кодта, йæ цæнгтæ ауыгъ- дæй лæууыдысты. Мæнæн мæ зæрдæ ныддур. Гыцци мын йæхи хабæрттæ, мæ фыды хабæрттæ афтæ лæмбынæг фыццаг хатт радзырдта. «Æз ын фыртæн кæй баззадтæн, уый дæр нæ зыдта, аф- тæмæй фæмард хæсты быдыры»,— хъуыды кодтон мæхины- мæр æмæ æз дæр фынгæй сыстадтæн. Гыцци уæттæ кæнынмæ бацыд, æз та мæхи тыргътæм райстон. Къæвда сæх-сæхæй уарыд. Тæргайдоны хъæр æмæ уарыны уынæр иу кодтой. Мæнмæ афтæ каст, цыма уарын æппын- дæр никуыуал банцайдзæн... 12. Мæ хуры хай Æвæццæгæн, Деболайæн мæ хъæрзынмæ хъусын йæ бон нал уыд æмæ мын иу изæр загъта: — Æхсар, Мисурæты фермæйыл дæ фæндаг акæн, Верыч- кæйы демæ айс æмæ уыцы чызджы фен. Афтæ æнхъæлыс, алы 438
æхсæв сæнттæ цæгъдынмæ хъусын æнцон у? Æхсæв-бонмæ дæ хуыссæны портийау фæхау-фæхау куы кæныс. Верычкæ- йæн æрмæстдæр зæгъгæ кæн, æндæр дын æй уый йæ дыууæ фæлмæн хъусæй дæ цуры æрбалæууын кæндзæн. Махмæ дæ зæрдæ ма æхсайæд. Дæ тракторыл мæхæдæг сбаддзынæн. Мæхионыл та — Сабаз. Лæппу ма мын йæ фырцинæй тымбыл кафт дæр скæндзæн. — Æмæ уый фæстæ мæ хуыссæны хæрдмæ нал хаудзы- нæн? — мæ мидбылты бахудтæн æз. — Уый дæхицæй аразгæ у. Ныр та цу, æмæ дын æз куыд зæгъын, афтæ бакæн. Æз мæ къух ауыгътон: — Нæ ракомдзæн. Искæй цæсты дæр ма мæхи цы æфта- уон... — Цу, цу,—йæ цæст мæм хин ныкъуылд æркодта Дебола. Раст зæгъын хъæуы, фæстаг бонты мæхицæн дæр мæ зæр- дæ мæ мидæг нал ис. Хатгай уый онг свæййын, æмæ дæ трак- тор тыгъд быдыры ныууадз, дæхи дæр ма ныхс, афтæмæй фермæйы балæуу. Фæлæ ме ’мбæлтты æфсæрмæй мæхиуыл ныххæцын. Ахæм мæйрухс æхсæвты уыдон хуым кæной, æз та искуы доны был сатæджы бадон. Цæсгом дæр дзы хъæуы. Изæрдалынгтæй боныцъæхтæм дæр-иу зил Зæлинæйы фер- мæйы алыварс, мæнæ фæззыгæнд куы фæуæм, уæд. Сыдæй куы мæлон, уæддæр Зæлинæйы цурæй нал рацæудзынæн. Сур- гæ мæ куы кæна, уæддæр... Æмæ мын ныр Деболайы ныхæстæ æхсызгон сты. Тыхсы мыл, æмбары мын мæ сагъæстæ. Иннæтæ дæр мæ, æвæццæ- гæн, æмбарынц, фæлæ Дебола хистæр у. — Хъус-ма, махонæн дæр ма-иу зæгъ, иу уадуæддæр куы æрбакæнид. Мæ дзаумæттæ мын æхсынмæ ахаста, уæд та мын сæ, зæгъ, искæмæн æрбарвит... — Нырмæ дæр мын афтæ загътаис. Æз дын сæ мæхæдæг æрбадавтаин,— цыма тынг зынæй цыдтæн, уыйхуызæн хъав- гæйæ загътон æз. Дебола мын ме ’уæхск йæ дынджыр къухæй æркъуырдта, иуварс мæ асхуыста: — Æмæ дзы уæд дæуæй кæстæр никæй ссардтон? Сабаз ахæм хъуыддæгтæм дугъон бæхæй уæлдай куынæ у. Цæугæ, махæй дæр ын-иу æхсидгæ саламтæ ратт. Тæргæйт- тæ, зæгъ, куы кæнай, уæд дæ мах тракторыл раскъæфдзы- стæм. — Мисурæтæй зæгъыс?.. 439
— Цу, цу. Науæд дын дæ Мисурæт дæхи фæкæндзынæн... Къуындзых, ардæм ма разгъор!.. Сабаз цæстыфæныкъуылдмæ нæ уæлхъус æрбалæууыд. — Къуындзых ма мæ ма хон, Дебола. Иннæтæ дæр мæм афтæ дзурын байдыдтой,— Деболамæ йæ сæрыхъуынты бы- нæй мæстыгæр каст скодта Сабаз. — Дæ фæллад суагътай? — Суагътон. Цы кæныс? — Хуым кæнæм, хуым, мæ лымæн лæггаг, Сабаз. Ахсæв. Фæнды дæ? — Иунæгæй? — Цæмæн? Ды нæхи тракторыл, æз та — Æхсарыоныл. Нæ иу — разæй, иннæ та — йæ фæстæ. Куыд, разы дæ? — Æрмæст ды разæй куыд уай, афтæ. Уæд дæ хуыздæр уындзынæн,— цавæрдæр циндзинад йæ хурсыгъд цæсгомыл ахъазыд Сабазæн æмæ мæм сæрыстырæй æрбакаст, цыма аф- тæ дзырдта, цу, тыхсгæ ма кæн, хъуыддæгтæ мæ бар уадз., Æз рацыдтæн. Мисурæтыл Деболайы курдиат сæмбæлын кодтон, стæй дзы Верычкæйы ракуырдтон. Верычкæйы цинрэн кæрон нал уыд. Цалынмæ хъомты фермæмæ хæццæ кодтадо, уæдмæ йæ дзурынæй нæ банцад. Цыма Зæлинæйы уынгæ дæр никуы фæкодтон, уыйхуызæн мын йæ цæстытæ, йæ дзыкку- тæ, йе ’рфгуытæй æппæлыд. Суанг ма мын Тæргайдоны сæхи кæцы ран фæнайынц, уый дæр бацамыдта. Астымы мæ трак- тор куы ныллæууыд, уæд мыл чызджытæ куыд худтысты, мæс- тæй мæ куыд мардтой, стæй Зæлинæ мæ сæрыл куыд ра?сæ- цыд, уый дæр мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта. — Æмæ ды дæр уым уыдтæ? Куынæ дæ æрхъуыды крд,- тон... — Бирæ уыдыстæм æмæ не ’ппæты дæ зæрдыл куыд <ба- дардтаис?.. Верычкæ афтид хæцъил дзабырты, æнæ цъындатæй мæ алывæрсты ратæх-батæх кодта, дидинæджы дзæбæх кæм ардта, уыдон тыдта. Стæй фермæмæ куы фæцæйхæццæ код- там, уæд мæм йæ дидинджыты баст мæстæймарæгау ба- тылдта: — Дæ номæй йын сæ ратдзынæн. Кæм уыдзынæ? Кæм дæ-иу агурæм? — Доны был, хæрис бæласмæ хæстæг,— йæ фæдыл ма адзырдтон æз æмæ мæ цыд фæсабырдæр кодтон. Дон хæстæг уыд фермæмæ. Ноджы хур кæд чысыл раздæр 440
аныгуылд, уæддæр ма рухс уыд. Дзæбæх ма зындысты, фер- мæйы кæрты сылгоймæгтæ хъуццыты æхсæнты куыд рауай- бауай кодтой, уый. Верычкæ мын исдугмæ цыдæр фæци. Зæ- линæ зынæг дæр нæ уыд. Стæй иу-цалдæр минуты фæстæ, Хамбиимæ кæм фæхыл дæн, уым дыууæйæ февзæрдысты. Верычкæ йын цыдæртæ адзырдта, дидинджыты баст ын йæ къухтæй акъахта æмæ та фæстæмæ æрбайсæфт. «Верычкæ, мæ цуры куы уаис, уæд дæ рагацау мæ хъæбы- сы акæнин», — загътон мæхинымæр æмæ доны был æрбадтæн. Змисæй мæ къухтæ, мæ цæсгом ныхсадтон. Гъеныр сыстон, зæгъгæ, афтæ мæ хъустыл æрцыд машинæйы уынæр. Уæлдæ- фы йæ фæдыл рыджы къуыбылæйттæ ауыгъдæй фæуагъта, ’афтæмæй фермæйы кæрты смидæг Гыццийы машинæ. Сыл- гоймæгтæ урс бæлæттау алырдыгæй ракалдысты. Гыцци се ’хсæнæй зынгæ дæр нал кодта. Се ’ппæтдæр хъомдонмæ ба- цыдысты. Æз сындзытыл лæууæгау лæууыдтæн доны был. Æнхъæл- мæ кастæн, Гыцци фæстæмæ кæд рацæудзæн, йæ машинæйы кæд сбаддзæн, уымæ. Фæлæ Гыцци цæмæй зыдта, йæ иунæг фырт йæ трактор кæйдæр бæрны кæй ныууагъта æмæ ныртæк- кæ доны был Зæлинæмæ кæй æнхъæлмæ кæсы, уый? Куы йæ зонид, уæд, æвæццæгæн, уыйбæрц бирæ нæ ныхас кæнид семæ. Фыццаг хатт сæ куынæ федта, миййаг. Лæууын, мæсты кæнын Гыццимæ, мæхимæ. Гыццимæ — æрæгмæ кæй цæуы, уый тыххæй, мæхимæ та — æнæныфс, æнæхъару кæй дæн, уый тыххæй. Æмæ кæд, миййаг, раст кæ- нæм... Исчи нын йæ цъыф къахæй куы ныллæууа нæ уарзон- дзинадыл. Кæрæдзийæ нæ куы фæхицæн кæна. Айразмæ Ни- нæимæ хидыл куы ныхас кодтам, уæд, Æхсар Нинæйы куры, зæгъгæ, цъиутау куыд уасыдысты. Нинæйыл ма йæхи æна- монды уæлдай уый дæр æрæмысыдысты. Гыццыл ма бахъæуа, Зæлинæйы дæр ма баууæндын кæной. Цалдæр боны мæм дзыхæй дæр нал дзырдта. Чи у, чи змæнты уыцы дам-дум- тæй хъæубæсты? Ау, уыдоны марг æвзæгты тыххæй алчи йæ уарзондзинад фæскъуымтæй, талынг æрхытæй адæмы æхсæн- мæ рæсугъдæй рахæссынæй тæрсгæ хъуамæ кæна... Дæлдзæх фæут, уæ мыггаг сыскъуийæд, маргæйдзаг æвзæгтæ!.. Хурныгуылæны хæхты сæрмæ ма арвæй гæзæмæ сырх уадз- дзаг цъынддзастæй кæсы фермæйы кæртмæ. Ноджы мæй, кæд 441
йæхæдæг нæма скаст, уæддæр йæ фæлурс тынтæ разæй рар- выста æмæ хæхты урс сæртыл хъазынц. Тагъд мæй скæсдзæн. Фæу ма, Гыцци, дæ ныхæстæ. Фæлтау райсом æрцæудзынæ. Фермæ дын лидзгæ куынæ кæны. Чызджытæ боны дæр ам куы вæййынц. Мæй тагъд кæй скæсдзæн, уый куыд не ’мбарыс... Верычкæ дæр цыдæр фæци. Æвæццæгæн, Гыцци йæ куы фе- на, уымæй тæрсгæйæ искуы бамбæхст. Уый дæр мæн хуызæн æнхъæлмæ кæсы, тыхсы. Æппынфæстаг, Гыцциимæ кæртмæ рацыдысты. Чи сæ кæ- цы уыд, уый дзæбæх нал æвзæрстон. Иууылдæр мæм Зæли- нæйы хуызæн кастысты. Стæй машинæйы уынæр ссыд, чидæр- тæ дзы абадт æмæ та фæндаджы рыг уæлдæфы ауыгъдæй аззад. — Фæндараст! Мæ риуыдзаг сулæфыдтæн æз æмæ Зæли- нæйы ныртæккæ ардæм хъæуы, зæгъгæ, мæ зæрдæ æнахуыр гуыпп-гуыпп скодта. Минут дæр нæ рацыд, афтæ Верычкæ лæф-лæфгæнгæ мæ цуры æрбалæууыд. — Фæцæуы... Фæласы йæ Айсæду. Дуду æнæфæразгæ у æмæ уымæ. Фендзыстæм, зæгъгæ, ма мæм æрмæстдæр иунæг ныхас скодта. Дудуйы рынчыны тыххæй йын Айсæду йæхæ- дæг загъта. — Æмæ йæ тыхст рынчын хонынц? — Æз дæр ын дæуæй уæлдай ницы зонын. Зæронд адæй- магæн цастæ хъæуы,— дзуапп радта Верычкæ æмæ йæ дза- быртæ фелвæста, доны йæ уæраджы сæртæм бауад. — Цы дзæбæх уазал у... — О-о, уазал у... Доны былты рацыдыстæм. Верычкæ мæ сразы кодта ахсæв хъæуы баззайыныл. Райсом раджы Зæлинæйы размæ кæм бабаддзынæн, уый дæр мын бацамыдта. — Цæй, дæ фындз цы æруагътай? Кæд дын æй Айсæду дæ тæккæ хæдзармæ баласдзæн, уæд та? Ныр æцæг уæхимæ куы бацæуис æмæ йæ уым куы баййафис. Хæрзаг дæ зæрдæ... Цымæ дын куыд акæнид? — алыхуызон дзæбæх ныхæстæ мын байдыдта Верычкæ.— Уæд та дæ Зæлинæтæн сæхимæ бакæ- нин? Уæвгæ, Дудуйæ худинаг у. Исты-ма зæгъ, цы ныхъхъус дæ?.. — Нæ, нæ. Бузныг, Верычкæ. Зæронд усмæ рынчынæй... Фæлтау райсом, дæхæдæг кæм загътай, уыцы ран,— дзуапп 442
радтон æз æмæ чызгмæ ракастæн.— Фæстейы куы баззадтæ... Рæвдздæр, Верычкæ... • — Нæ зонын, цыма дугъы уайыс, уый тахт кæныс æмæ...— мæ фарсмæ февзæрд чызг, стæй сæныккау гæппытæгæнгæ мæ разæй азгъордта. — Раййаф ма мæ уæдæ!.. Верычкæ цы гыццыл уыд, уымæй згъоргæ-згъорын ноджы ныггыццылдæр. Æз йæ фæдыл кастæн æмæ мæхинымæр дзырдтон: «Тæх, згъоргæ кæн, Верычкæ! Дæ зæрдæйы хуызæн зæрдæтæ тæхы- нæн рантысынц, хъызт бон дыл ма скæнæд, фыдлæг дыл макуы сæмбæлæд...» .;.Дудуты рудзгуыты зыхъхъыртæй рухс калд. Сæ бынты иу цыд скодтон, фæстæмæ раздæхтæн. Кæцæйдæр кулдуары хъæр фæцыд. Тута бæласмæ мæхи нылхъывтон. Кæсын. Уын- джы фаллаг фарс сæ сыхæгтæй чидæр донмæ рацыд. Иучы- сыл къанауы был алæууыд, стæй дон систа æмæ фæстæмæ раздæхт. Цæхгæрмæ уынджы цалдæр лæппуйы, цæуылдæр карз ныхас кодтой, афтæмæй клубырдæм баивгъуыдтой. Бæ- ласы сыфтæртæ дымгæмæ сыбар-сыбур кодтой. Тутайы ау- уон уæрдонвæндаджы рыгыл афæлдæхт, зына-нæзына змæ- лыд. Стæй Дудуты тыргътæй бедрайы зыланг фæцыд. «Зæлинæ рацæуы»,— загътон мæхинымæр æмæ мæ мид- бынат скатай дæн. Уыцы сахат кулдуары хъæр фæцыд, уынг- мæ рахызт... Верычкæ. — Чызг, æнафоны дæ исчи æд бедра куы аскъæфа, уымæй нæ тæрсыс? — мæхи нал баурæдтон æз æмæ йæ цурмæ бацыд- тæн. — Æхсар?.. Гъы, гæды рувас, æмæ æрбацæуинаг куынæ уыдтæ... Абырæг дæ, кæйдæр рудзгуытæй цы бакæс-бакæс кæ- ныс? — цавæрдæр фæлмæн хъæлæсæй загъта Верычкæ, стæй мын йæ сæрæй хæдзарырдæм ацамыдта — ам и. — Зæронд куыд у? — Мæн дзы цы фæрсыс? Ардæмты кæм æрбабырстай, уым æй æххæст дæхæдæг фен. Цæй, ныхæстыл мæ мауал дар, тагъд кæнын,— дзуапп радта Верычкæ æмæ къанауырдæм азгъордта. Уайтагъд фæстæмæ фездæхт. — Гъа, ардыгæй мидæмæ та йæ ды бадав,— бедра мын мæ къухты фæсагъта, афтæмæй кулдуарыл мæ разæй бахызт. — Верычкæ, фæлæуу-ма... Дæ бедра айс... Мидæмæ нæ бацæудзынæн,— йæ дысмæ ма йын фæлæбурдтон, фæлæ мæ уый йæхи атыдта æмæ кæртæй йæ иыхас райхъуыст: 443
— Æнафоны уазæг, ма дзы фæтæрсут. Уынджы йæ ссард- тон. Зæлинæ, уазæджы номæй дын мæнæ Дудуйы цур хъусын кæнын, райсом æмбырды куыд уай, афтæ. Цæугæ дæр уый тыххæй æрбакодта. Кæд мыл не ’ууæндыс, уæд ын мæнæ йæхи дæр бафæрс. Мидæмæ, уазæг. Уæлдай æфсæрмытæ ма кæн...— асинтыл хæрдмæ сæгуытау сызгъордта Верычкæ æмæ уыцы минут Дудуйы йæ къабазæй тыргътæм радавта. — Мæ цонг мын тоныс, æрра!.. Фæлæуу-ма, кæдæм мæ дæ фæдыл скъæфыс? — Дуары рахизæны Верычкæйы баурæдта Дуду.— Стæ-ма, уагæр нæм цавæр уазæджы æрбакодтай. Æх- сар куы дæ... Мидæмæ. Бедра дæ разы уым къуымы æрæвæр. — Ардæм æй æри, фæкалдтай йæ,— мæ къухæй мын бед- ра аскъæфта Верычкæ.— Куыд ницæмæ арæхсут, нæлгоймæг- тæ. Фæдгæнгæ йæ куыд æрбахаста. Æз мæ къæхты бынмæ æркастæн. Цырагъы рухсмæ мæм пъолæй ферттывтой доны кæлддзæгтæ. — Куыд дæ, Дуду?.. Афтæ куы загътой... — Адæм дзурынæй фылдæр цы кæнынц... Мæ чызг хæдза- рæй нал у, æмæ ма йæ, зæгъын, иунæг уынд уæддæр куы фæ- кодтаин, зæгъгæ, абон Айсæдуйæн балæгъстæ кодтон. Цы дын æй æмбæхсон, чысыл нæфæразгæ дæн, зæгъгæ, дæр ъш загътон. Уæдæ цы чындæуа? Зæронд адæймагæн иунæ’Гæй фæзын вæййы, Æхсар. Мæ судзгæ мæрдтыстæн, æхсæв мæ хуыссæг куы фæлидзы, хæдзары къуымты куы разилын æмæ мæм дзы сдзурæг куынæ вæййы, уæд быдырмæ лидзыныл свæййын. Дæ хуыссæнтæ дæ дæлармы акæн, дæ хæдзар дæр ныууадз æмæ, дæ чызг кæм и, уым æрцæр. Æндæр гæнæн нæй... — Æгайтма дзæбæх дæ... Дуду нæфæразгæ у, зæгъгæ, тынгдæр уый тыххæй... — Бузныг, мæ хур. Дæ ныййарæджы фæндиаг байрæз. Æз Айсæдуйæ бирæ хæрзтæ зонын. Æрмæст йæ дзыхы ныхас дæр 1мын ныфс у. Бирæ зынтæ федта æмæ йæ алыварс æрбалæуут. Фæкæсут æм. Æз мæнæ не ’взæр чызгæн дæр уыдæттæ фæдзу- рын. Кæсыс, Айсæдуйæн абон, чызгмæ мæ зæрдæ æхсайы, зæгъгæ, загътон æмæ мын æй йæхи машинæйы мæ хæдзары æрбалæууын кодта. Зæрдæйæн бирæ нæ хъæуы. Йе скъахы- нæн дæр, йæ барæвдауынæн дæр... Мах Айсæдуимæ иумæ би- рæ фæкуыстам. Зонын æй. Æз дæр Зæлинæйæн афтæ фæзæ- гъын, ахуыр кæн æмæ дæ исты рауайа, хъугдуцыныл дæ м&- хæдæг дæр сахуыр кæндзынæн, зæгъгæ, — дзырдта Дуду æмæ 444
йæ цыма мæ бензины тæф хъыгдаргæ кодта, уыйхуызæн цал- дæр хатты схуыфыд. Æхсызгон мын уыд, Дуду дзæбæх кæй у, уый. Хъуыстон ын йæ ныхæстæм æмæ аивæй, кæд Зæлинæйыл мæ цæст æрхæ- цид, зæгъгæ, мидæггаг гом дуарæй мидæмæ кастæн. Чысыл раздæр, мах Дудуимæ тыргътыл ныхасгæнгæ фæуагъта, аф- тæмæй уырдæм бацыд Верычкæ. Уынгæ сæ нæ кодтон, фæлæ цæм сæ ныхас хъуыст. — Акæс æм, худинаг у... — Æмæ афтæ нæ загътай, не ’рбацæудзæн, зæгъгæ,— Ве- рычкæйæн ныллæг хъæлæсæй дзуапп лæвæрдта Зæлинæ. — Зæгъгæ кодта, фæлæ, кæсыс, йæ зæрдæ дæм нал фæ- лæууыд. — Де ’гæрыл уай, Верычкæ, цавæр æлхыскъ у!.. 1— Цæй, æгъгъæд дзæбæхтæ кæн дæхи, афтæмæй дæр дын нццы у. Бауарздзæн дæ. — С-сс, хъусы нæ. Мæнæ ма мын мæ къабайы æгънæджы- тæ авæр, нæ сæм арæхсын... ..— Дæдтæ-дæй, мæнæ дæ рустæ куыд ссырх сты. Истæмæй сæ сахуырстай? . — Чернйлайæ. Цы сын акæнон? Судзынц мын... .., — Æрдæбон дæр ма дын дзæбæх куы уыдысты. : — Цæй, нал мæ ныууадздзынæ? Дæ ныхæстæм мын но- джы тынгдæр судзынц. Къæндзы мын мæ буары цы нытътъыс- тай? — Æргуыбыр ма кæн, нæ дæм арæхсын... Уæдæмæ цы, уый зоныс? Хуылыдз хæцъил сыл авæр. — С-сс, кæдæм хъæр кæныс? Дуар гом у, хъусы нæ... Йæ ныхæстæм ын дзæбæх кæй нæ хъусын, Дуду уый фем- бæрста æмæ чызджытæм бахъæр кодта: . — Цы фестут, цы? Зæлинæ, Æхсар дæумæ æнхъæлмæ кæсы. Верычкæ дуарæй йæ сæр радардта. тг- Уым ма куы лæуут. Дуду, æз Æхсарæй куы уаин, уæд дæ, тыргъты лæугæ фæуадзин æмæ нæ тæккæ хæдзары ба- лæууин,— загъта Верычкæ æмæ Зæлинæимæ нæ цурмæ рацы- дысты. — Чызг, дæхи куы рацарæзтай. Уе ’мбырд ахсæв кæнут? — æнахуыр фæлмæн хъæлæсæй загъта Дуду æмæ мæнырдæм æрбакаст. Цыма мын афтæ дзырдта: «Уый мæ чызг Зæлинæ у.,.Мæиунæг дзæбæх чызг;,.» 445
Æмæ æцæг Зæлинæ, æз ын цы чырынтæ къаба уарзтон, уым зæды хуызæн уыди. Зарджыты ма-иу кодтой ахæм чыз- джыты кой... Нарæг астæу, хъуымбылдзыкку, гуырвп- дауц... Иæ тымбыл рустæ, цыма мæнæргъыдоиæй ахуырст уыды- сты, афтæ сырх-сырхид æрттывтой. Суанг ма уыдоны рухсæй йæ къабайы урс æфцæгготыл гæзæмæ сырх фæлм бадт. — Æгас цу,— йæ фæлмæн къух мæм радта Зæлинæ æмæ та йæ русты къуырфытæй зына-нæзына бахудт. Мæнæн мæ цæнгтæ цыдæр æхсызгон æлхысчъытæ акодта, фæлæ Дудуйы æфсæрмæй мæхиуыл фæхæцыдтæн. — Арфæгонд у, — дзуапп ын радтон æз æмæ мæ къух афтидæй аззад. — Æхсар, æмæ уе ’мбырд æмбисæхсæвмæ цы ’рхастат? Бон уын нал фаг кæны? — дыккаг хатт мæ бафарста Дуду. — Не ’мбырд райсом уыдзæн. Ныр та, Мисурæт мын цы- дæртæ фæдзæхста æмæ Зæлинæимæ уыдонмæ бауайæм. Рай- сом раджы цæуæм. Уадзыс нæ, Дуду? Æхсар, ды уал Дуду- имæ аныхæстæ кæн,— загъта Верычкæ æмæ мæм йæ цæст фæныкъуылдта. — Мæн дæр цæуын хъæуы. Цæй, Дуду, хæрзфыйтæ фен... — Фæлæууыдаис уал. Дуду дæр иунæгæй æнкъард кæ- ны,— уыцы æцæгхуызæй та загъта Верычкæ æмæ Зæлинæйы цонгыл ахæцыд.— Цæй, цом. Дуду, мах тагъд æрбаздæхдзы- стæм. — Цæут, цæут... Уæхи дæр аирхæфсут. Æхсар, ды дæр цу. 'Бахæццæ сæ кæн... — Сургæ йæ кæныс? Кæд æй цæуын нæма фæнды, уæд та? — Æгонгæй, Æхсар, уыдонмæ ма хъус. Цу, семæ цу. Ай- сæдуйы мын-иу бафæрс,— йæ мидбылты бахудт Дуду æмæ мæм йæ къух радта. Æз æм æнæнхъæлæджы уыциу лæбурд фæкодтон. — Сабырдæр! Дæ тых мыл æвзарыс?.. — Бахатыр кæн, барæй нæ уыдтæн,— зæронд усы рисгæ къух мæ дæллагхъуырæй феуæгъд кодтон, æмæ чызджыты фæдыл разгъордтон. Зæлинæитæн уынджы Дудуйы къухы кой куы ракодтон, уæд худæгæй бакъæцæл сты. — Уæдæ йын йæ хæрзтæ цæмæй бафидай? Рагацау уал ын йæ цонг фелвæсын кодтай,— йæ рæмбыныкъæдзæй мæ æрба- схуыста Верычкæ, стæй Зæлинæйы бафарста: — Зæлинæ, мæ 446
мард фен, ды йæ махæй куы басусæг кæнай. Дуду уын уæ хъуыддæгтæн исты æмбары? — Фарста мæ æмæ йын æй мæхæдæг радзырдтон. — Æмæ?.. — Ской дæр æй нæ уадзы. Æрдæбон æм нæ кастæ?.. — Æз æндæр бафæрсинаг ницæмæйуал дæн. Уæ кæрæдзи- йы мæрдтæн фæлдыст фæут. Сымахæй уæлдай ма мæхи дæр хъуыддæгтæ ис,— загъта Верычкæ æмæ фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй цæхгæрмæ уынджы сæхирдæм азгъордта... — Фæлæуу-ма, кæдæм фæтæхыс? — йæ фæдыл ма адзырд- та Зæлинæ, фæлæ Верычкæ уайтагъд уынджы тигъæй фæау- уон. — Иунæгæй мæ куыд фæуагъта... Фæлæуу, æз дын дæ дзыккутæ куы нæ ныттонон,— цыма Верычкæмæ тынг мæсты уыд, уыйхуызæн æрæджиау загъта Зæлинæ. — Иунæгæй цæмæн? Дыууæ куы стæм,— йæ цонгмæ йын бавнæлдтон æз. Уый мæм йе ’ргом раздæхта, мæ цæстытæм мын ныккаст, стæй арф ныуулæфыд. — Дыууæйæ... Æрмæстдæр дыууæйæ... Мæ цонг!.. Чысыл раздæр нæ иуы цонг фæцæйтыдтай æмæ уал дын уый фаг у... — Верычкæ дæр дын ацы цонг... — Цæмæй йæ зоныс?.. — Фехъуыстон уæ... — Емынæйы цæф, цыма искуы тыгъд быдыры уыд, уый хъæр систа. Ды дæр æндæр цæмæ хъуыстаис, уый дын нæ уыд?.. Дон цы дзæбæх зары. Мæйрухс æхсæв... — Дудуйы зæрдæхудты нæ бацæудзыстæм, — йæ цонгыл ын ахæцыдтæн æз.— Доныбыл иугыццыл алæууæм. Уым уæл- дæф сыгъдæгдæр у. — Цом, æрмæст бирæ рæстæг нæ. Нанамæ хъуыстай? Зæгъгæ куы ницы кæна, уæддæр тæригъæд у. Иунæгæй... Йæ- хицæн, мæгуыр, хъарджытыл фæвæййы. Æз та уыдонæй тыхстдæр ницæмæй кæнын. Куыддæр мын ме ’уæнгтæ ама- рынц. Цæрын мæм нал фæцæуы. Ноджы сæ куыд æрхæндæгæй фæкæны, уымæ куы байхъусис,— уынджы астæу уæрдонвæн- дагыл мæ рахиз фæрсты цыд, афтæмæй дзырдта Зæлинæ.— Худæн дæр ыл нæй. Ницыуал ын баззад царды. Æрмæстдæр иунæг æз... Тæрсы мын. Æнхъæлмæ мæм кæсы. Фæлæ йын цы мæ бон у?.. Зæлинæ йæ ныхас баурæдта. Æвæццæгæн, йе ’нкъард хъуыдытæй йæхæдæг дæр стыхст æмæ мæм хæрдмæ скаст. 447
— Бахатыр кæн, ацы изæр мæ ахæм ныхæстæ кæнын бæр- гæ нæ фæндыд. Фæлæ уæддæр адæймаг адæймаг у. Æрдæбон дæ нæ фæдыл куы рарвыста, уæд йæ мидбылты куыд худт, уый мæ зæрдæйæ нæ цух кæны. — Барæй нæ уыдтæн... Бахæццæ сæ кæн, зæгъгæ мын куы загъта, уæд мæхи нал баурæдтон. Æгæр æлхъывд мын фæ- ци, — ме ’нæрхъуыды мийы тыххæй Зæлинæйы раз мæхи сраст кæныныл зæрдæйæ дзуапп радтон æз. — Уæдæ мын мæ цонг дæр æнæрхъуыдыйæ састай?.. — Дæ цонг дæр!.. — загътон ын æз æмæ йын йæ фæлмæн къух мæ зæрдæмæ нылхъывтон. Зæлинæ мыл, цыма мæнырдæм цудгæ фæкодта, уыйхуызæн йæхи æрбауагъта. Мæнæн мæ рахиз дæларм цыдæр скафыд. Зæлинæйы фæлмæн къух уыд, мæ зæрдæ уыд, уымæн бæлвырд ницы бамбæрстон. Æрмæст мæ рустæ артау ссыгъдысты. Чысыл фæстæдæр мах Тæргайдоны был фæрсæй-фæрстæм бадтыстæм зæронд бындзæфхады фарсмæ. Уыцы бынатЗæли- нæ йæхæдæг равзæрста. Мурадийы хуызæн уый дæр къода- хыл банцой кодта. Афтæ зынд, цыма къодах йæ хъæбысы уыд. Уæвгæ нæ, Зæлинæ йæхæдæг уыд къодахы хъæбысы. «Æвæццæгæн æй зоны, æндæр мæ комкоммæ ардæм цæ- мæн æрбакодта. Йæхæдæг æй цæмæй хъуыды кæндзæн. Цал- дæр мæйы йедтæмæ йыл куы нæма цыд. Æвæццæгæн ын æй исчи бацамыдта»...— хъуыды кодтон мæхинымæр æмæ æдзы- нæг кастæн, Зæлинæйы цонг зæронд къодахыл куыд æрба- тыхст, уымæ. — Æхсар, æвæццæгæн, æппынæдзух хъазгæ-худгæйæ цæ- рæн нæй. Иуæй-иухатт зæрдæмæ æнæ байхъусгæ кæм и! Æн- къард дæр хорз у. Æз ацы бынат бирæ уарзын. Арæх æм æр- бацæуын. Иунæгæй, куыд ничи мæ хъыгдара, куыд ничи мæм хъуса, афтæмæй. Мæ зæрдæимæ дыууæйæ. Ныхас кæнынмæ. Хъуыды кæнынмæ. Фæрсынмæ... — Нæ хъæуы... Зонын æй. Æмбарын дæ,— Зæлинæйы уæхскыл мæ къух æрæвæрдтон æз. Уый доны уылæнтæй йае цæстæнгас систа, дисгæнæгау мæм æрбакаст: — Цæмæй йæ зоныс?.. — Муради мын æй, мæнæ ныртæккæ ды кæм бадыс, уым Батырбеджы нымæтыл бадт, афтæмæй дзырдта. Æнæуи дæр æй фехъуыстон. . Зæлинæ ницыуал загъта-. Ныхъхъус. > Доны уылæнтæм æдзынæг ныккаст. Стæй мын мæ къухыл йæ тæвд рус æруагъ- 448
та. Æвæццæгæн, хæхты кæмдæр уарыд æмæ дон змæстæй цыд. Иæ уæззау уылæнтæ былгæрæттыл сæхи хостой. Арф кæцæй- дæр хъуыст дурты гыбар-гыбур. Мæйы рухс уылæнты сæрты гæппытæ кодта, хъазыд семæ. Стæй мигътæ кæцæйдæр æрба- хъуызыдысты. Дон къардиуы бын йæхи амбæхста. Æрмæст йæ уынæрæй нæ банцад. Цыма йæ уылæнтæ ныртæккæ сæхи хæрдмæ фехсдзысты æмæ мын Зæлинæйы искуыдæм аскъæф- дзысты, талынджы мæм афтæ каст. Хæстæгдæр æм бабадтæн. Зæлинæ дæр, цыма æцæг доны уылæнтæй тарст, уыйхуызæн йе ’ргом мæнырдæм раздæхта. Нæ рустæ кæрæдзиуыл андзæ- выдысты. Уый тарст цъиуау хæрдмæ фæхауд, ризгæ хъæлæ- сæй мын мæ хъусы бадзырдта: — Айсæду мын куыд загъта, уый зоныс?.. «Ды æмæ Æх- сар, æвæццæгæн, кæрæдзийæн райгуырдыстут»... Афтæ у?.. — Афтæ! —Æрмæстдæр ма уыцы иунæг ныхас бафтыд мæ къухы, мæ улæфт мын мæ хъуыр ахгæдта.— Уый афтæ у... Æцæгзагъта Гыцци!.. Зæлинæ мæ риуыл гыццыл сывæллонау ныттымбыл. Доны уылæнтæм каст, ницы дзырдта. Ныхъхъус дæн æз дæр. Гыц- цийы коймæ мæ цæстытыл ауад, Зæлинæ экзаминты фæстæ горæтæй куы æрцыд, æмæ сæхимæ куы фембæлдыстæм, уыцы изæр. Уаты нæ дыууæйы йедтæмæ ничи уыди. Дуду сыхæгтæй кæмæдæр рынчынфæрсæг ацыд. Цыбырдыс, сырх тæбын коф- тæ йæ уæлæ, афтæмæй гом сæрæй бады стъолы уæлхъус Зæ- линæ. Иæ балцы хабæрттæ кæны. Æз ын æдзынæг кæсын йæ сатæгсау цæстытæм æмæ мæ ногдаст рустæ судзынц. Æнæхъæн мæй! Уæззау æмæ даргъ бонтæ уыдысты уыдон. Хатгай-иу уынгты цæугæйæ мæ хъуыдыты афтæ адзæгъæл дæн, æмæ-иу адæмы æнæбары къуырдтытæ систон, фылдæр хатт-иу фыдæхсæв фæдæн, хуыссæны-иу рафт-бафт кодтон, афтæмæй-иу мыл æрбабон. Уайдзæф мын кодтой мæ зонгæтæ, ме ’мбæлттæ, нæ цурты рацæйцæуыс, фæлæ нæм дзургæ нал кæныс, зæгъгæ. Æмæ ныр бады Зæлинæ мæ комкоммæ стъолы уæлхъус. Мæ рустæ тынгæй-тынгдæр судзынц, буар та куыддæр æна- хуыр ихæн рызт кæны. — Цы кæныс, исты дæ риссы? — цавæрдæр фæлмæн хъæ- лæсæй мæ фæрсы Зæлинæ. 29 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 449
— Нæ, нæ, æз... дзæбæх дæн... дзур дарддæр. Мæймæ цыма ноджы рæсугъддæр фæци, афтæ мæм кæсы Зæлинæ. Рæсугъддæр! О, бирæ рæсугъддæр фæци Зæлннæ! Иæ саулагъз уадултæ уалдзыгон дидинæгау сырх-сырхид. афæлдæхтысты. Худынц йæ русты къуырфытæ... Иæ цæстытæ ноджы тынгдæр цæхæр калынц. Фæлæ хатгай афтæ цæмæн фенкъардхуыз вæййынц? Кæд мæ исты æмбæхсы? Уæвгæ, нæ, Зæлинæ ахæм нæу, йæ зæрдæ афтæ нæ бакомдзæн! Иæ фæтæн ныхыл сынты базыртау цы дыууæ æрфыджы æрæнцад, уы- дон дæр ацы изæр уæлдай рæсугъддæр кæнынц Зæлинæйы худгæ цæсгом. Суанг ма йæ рахиз русы сау стъæлфыл цы дыууæ хъуыны ис, уыдоны змæлд дæр дзæбæх æмбарын. Уæв- гæ, уыдон цы? Зæлинæйы былты змæлдæй цавæрдæр, зæрдæ- йы бын чи агайы, ахæм адджын улæфт куыд сирвæзы, мæ рус- тæ мын куыд судзы, уый дæр æмбарын. Тæбын кофтæ æнгом æлвасы чызджы гуыр. Зырнæйзылдау бæрæг дарынц йæ къуы- быр риутæ. Æмæ мæм афтæ кæсы, цыма уыцы тæбын кофтæ сæрмагондæй Зæлинæйæн конд уыди, æндæр искæуыл фидау- гæ дæр не ’скодтаид. Уый дæр ыл нырмæ никуы федтон, горæ- ты йæ балхæдта. Иæ бæзджын сау дзыккутæ тымбыл быдæй,' æмбырдæй лæууынц йæ уæхсчыты сæрмæ. Иæ рахиз æрфьк джы сæрмæ нарæг уадздзагæй æрттивы цырагъы рухс. Иу фæкастæй афтæ зыны, цыма уый цырагъы рухс нæу, фæлæ йæ сæры урсытæ сты. Æвæццæгæн, уый дæр кæд мæнæу арты сыгъди, кæд йæ зæрдæ мемæ дзырдта? — мæхи фæрсын æз æмæ йын дзуапп дæр дæттын мæхæдæг. — О, хъуыды кодтаид, сыгъдаид... Зæлинæйы фæлмæн къухтæ миты къæрттау урс стъолæм- бæрзæныл змæлынц. Спичкæйы къоппы ма чысыл цыдæртæ аззад, иннæтæ пырхытæй лæууынц. Хъусын æм. Хатгай арф ныуулæфы. Спичкæйы хъæд асæс- тытæ кæны, йæ ныхас æххæст нæма фæвæййы, афтæмæй йын йæ хъуыдытæ мæхæдæг кæронмæ ахæццæ кæнын. Æрмæст алы хатт дæр кæмæндæр æнæ февзæргæ нæ вæййы Зæлинæйы фарсмæ. Мæ уæззау улæфт мæ хъуыры фæбады. Зæлинæ мæм æнкъардхуызæй æрбакæсы: — Æвæццæгæн, мæ ныхæстæм хъусынæй схъыг дæ? Нæ, куыддæриддæр уыди, афтæ дын сæ дзурын. Дæхæдæг мын куы загътай... , Мæнмæ афтæ кæсы, цыма мæ Зæлинæ цыдæр æмбæхсы. 450
«Кæй зæгъын æй хъæуы, Зæлинæ йæ хабæрттæ куыд уæ- лæнгæйтты дзуры, афтæ нæ уыдаиккой,— хъуыды кæнын мæ- хинымæр.— Цæмæн хъуамæ æрлæууыдаид искæмæ уынджы бæрæг астæу? Цæмæн æм хъуамæ бахæсса исчи йæ ныфс, кæд чызгæн йæхи нæ фæнды, уæд? Цæмæн хъуамæ фæраст уа йемæ паркмæ, ресторанмæ? Ау, чызджы цал хонæджы уа, уы- донæн хъуамæ се ’ппæтимæ дæр цæуа? Се ’ппæтæн дæр хъуа- мæ зæрдæ æвæра, сæ алы сайæн ныхасыл дæр сын æууæндгæ кæна? Æмæ ма уæд уарзондзинад та цы у? Цæмæн ма хъæ- уы ахæм уарзондзинад? Кæй ма батавдзæни, кæй зæрдæ ма фæцагайдзæн ахæм уарзондзинад? Æви йæ адæймаг рагацау уынджы æмбæлджытыл, æнæнхъæлæджы хонджытыл байуа- ра. Нæ, уый уарзондзинад нæу! Уарзондзинад хъуамæ æп- пынæдзух цырагъау судза. Адæймаджы цард рæсугъдæй-рæ- сугъддæр кæна. Хъуамæ уынджы æнцонтæй ссаргæ ма уа. Æппынæдзух: æхсæв дæр, бон дæр, фæндагыл дæр, зын раны дæр адæймаджы тугдадзинты гуылфгæнгæ фыца. Размæ сида, ныфсыл ныфс æфтауа. Æвзонгдзинад хæсса»... Æдзынæг кæсын Зæлинæйы цæстытæм. Æрмæст мын мæ зæрдæ арæхæй-арæхдæр цыдæр рæхойы. Мæ буар тынгæй- тынгдæр ризы. Æрбатæвд вæййын, ауазал вæййын. Хъусын уæддæр Зæлинæйы ныхæстæм. Хатгай ныхæстæн сæ хъуыды кæронмæ нал бамбарын. Мæ хъустыл ма ауайы: «Мæ цурмæ æрбацыд... Йæ хъæбысы мæ ныккодта...» — Æгъгъæд! — цалдæр хатты мæ хъуыры фæбадт уыцы дзырд. Мæ бынатæй фæгæпп кæныны онг-иу атынг сты мæ буары норттæ. Ныххæцыдтæн-иу мæхиуыл. Кæд Зæлинæны цæсгоммæ æдзынæг кæсын, уæддæр ын йæ былты змæлд æмæ йæ сæры урсытæ йедтæмæ ницыуал уынын... — Хорз мæ федта, фæбадтыстæм, фæныхæстæ кодтам, стæй уæд парчы сыгъдæг уæлдæфмæ нæхи ра’йстам. Цыма ут- æппæт адæмæй мæнæй амондджындæр ничи уыд, афтæ мæм каст... Зæлинæйы фæстаг ныхæстæ мæ зæрдæйы судзгæ нæмгуы- тау ахызтысты. Сыстадтæн. Хæрзæхсæв дæр ын нал загътон, афтæмæй мæ фæдыл дуар ныггуыпп кодтон æмæ уынгмæ ра- тахтæн. — Æдылы, æз дын дæ мад Айсæдуйы хабæрттæ кодтон,— гом дуарæй ма мæ фæдыл рахъæр кодта Зæлинæ. — Куыд? Гыццийы хабæрттæ?..— уынджы тигъæй ма йæм 451
фæстæмæ фæзылдтæн æз æмæ мæ куыд фехъуыстаид, афтæ хъæрæй базарыдтæн: Мæ хуры хай, рæсугъд чызгай, Куы нæ дæ федтаин, бæргæ!.. Дæ хъазынмæ, дæ зарынмæ Кæм лæууы иунæджы зæрдæ!.. Ныххудтæн. Зæлинæ мæм хæрдмæ скаст æмæ мæ бафарста: — Цæуыл худыс? — Мæ зæрдыл цы æрлæууыд, уый зоныс? — мæ риумæ йæ æрбалхъывтон æз.— Иухатт горæтæй куы æрцыдтæ, уæхи- мæ мын Гыццийы хабæрттæ куы кодтай, уæд куыд фæтæргай дæн... Зæлинæ ницы загъта. Æрмæст мын йæ сæр мæ дæллаг- хъуыры амбæхста. Зæлинæ кæрдæджы хæлттæ тыдта, йæ хæмпус сæрыхъуын- тæ мын мæ цæсгом хъыдзы кодтой, афтæмæй бадтыстæм. Мæнмæ афтæ каст, цыма нæ кæрæдзийæн ницыма загътам. Цыма нæ зæгъинæгтæ нырма ныр райдыдтам. — Айсæдуйæн æй ды дзырдтай? — иуцасдæр æнæ ныхасæй куы фæбадтыстæм, уæд мæ бафарста Зæлинæ. — Фарста мæ æмæ йын æй загътон,— чысыл раздæр нын Верычкæимæ цы ныхæстæ загъта, уыдонæй йын дзуапп рад- тон æз. — Ахæм æфсæрмы дзы фæдæн,— дзырдта Зæлинæ.— Ин- ституты тыххæй, фермæйы тыххæй мæ лæмбынæг фæфарста. Зымæгмæ хъомтæн ног скъæттæ арæзт кæй фæуыдзыстæм, хорз клуб нын дзы кæй уыдзæн, уыдæттæ мын фæдзырдта. Феппæлыд мæ, цыма ме ’мбæлттæй уæлдай исты хъуыддæгтæ сарæзтон... Стæй мын уæд дæ кой кæнын байдыдта. «Æхсæ- вæй-бонæй быдырæй нæ цæуы. Йæ чингуытæ рыджы бын фесты. Хуызыцъыртт дзы нал ис. Цæуылдæр тыхсы. Куы хъæлдзæг, куы та арвы талынгтæй талынгдæр». Хъæумæ нæ бирæ куы нал хъуыд, уæд мæм ноджы хæстæг- дæр æрбабадт. Шофыр нæ куыннæ фехъуыстаид, афтæмæй мын загъта: — Зæлинæ, мæ хъæбулы хуызæн дæ уарзын. Мæхи хъæ- булы хуызæн дæ фæрсын: уарзут уæ кæрæдзийы? Æз уыцы сахат машинæйæ куы асæррæтт ластаин, уый дæр мæ фæндыд. Ныхъхъус дæн. Ницы йæм сфæрæзтон. Уый ме ’уæхскыл йæ къух æрæвæрдта, машинæйы рудзынгæй æддæ- мæ каст, афтæмæй дзырдта дарддæр: 452
— Куы йæ фенай, уæд ын-иу ды дæр зæгъ, бауайдзæф ын кæн, йæ чингуытæм йæ хъус кæй нæ дары, уый тыххæй. Зо- нын æй, дæумæ байхъусдзæн... — Зæгъдзынæн! — цыма мын исчи мæ дзых фегом кодта, уыйхуызæн сирвæзт мæ ныхас. Хуыцау хорз, æмæ уыцы сахат машинæ æрлæууыд. Æз дуар фегом кодтон æмæ машинæйæ уыциу гæпп раластон. Æнхъæлдæн, «хæрзизæр» дæр нал загъ- тон... — Æз ын зæгъдзынæн... Дæ номæй. Нæ дыууæйы но- мæй...— мæ хъæбысы йæ фелвасынмæ хъавыдтæн æз. Фæлæ Зæлинæ хæххон кæсагау ныцъцъыллинг ласта æмæ мæ къух- тæй атахт. Дæрддзæфгомау æрлæууыд æмæ загъта: — Цом, æнафон у ныр. Стæй... Мæ сусæг ныхæстæ дын фæкодтон, зæгъгæ, уæд мæ ардыгæй ахæссынмæ хъавыс? Цæй, цом. Цы ныхъхъус дæ?.. Зæлинæ мын мæ цонгыл ахæцыд, æз йæ фæдыл араст дæн. Суанг сæ кулдуары цурмæ æнæдзургæйæ фæцыдыстæм. Мæй мигъты бынæй фæзынд. Йæ рухсмæ та ферттывтой Зæлинæйы русты къуырфытæ, йæ судзгæ цæстытæ. — Хæрзæхсæв... Хорз бон уыд абон. Хорз æхсæв...— Мæ къухмæ ма мын февнæлдта Зæлинæ. Стæй мæ иунæгæй фæ- уагъта æмæ тыргътыл йæ къæхты хъæр ссыд. ...Хъæусоветмæ хæстæг хиды был лæууыдысты цалдæрæй. Цæуылдæр æхсызгон ныхас кодтой. Æз сæм мæ хъус не ’рдардтон. Раст зæгъын хъæуы, уыцы сахат уыдоныл нæ уыд- тæн. Зæлинæйы ныхæстæ, Тæргайдоны тызмæг гыбар-гыбур мæ хъустыл уадысты. Зæлинæ мæм йæ русты къуырфытæй худт, йæ цæстыты цæхæрæй мæ сæр зилæгау кодта. Цыдтæн æмæ мæм афтæ каст, цыма Зæлинæтæм цыдæр ферох кодтон. — Æхсары хуызæн у,— мæ хъустыл æрцыд, хиды был чи лæууыд, уыдонæй кæйдæр ныхас. Нæ сæм æрлæууыдтæн. Стæй дзы иу мæ фæдыл рацыд, мæ номæй мæм сдзырдта: — Æхсар, кæсгæ дæр куы никæмæуал кæныс. Афтæ схъал дæ? Фæлæуу-ма, ныхасæн мæ хъæуыс. Æз æрлæууыдтæн. Мæ цурмæ, цыма фæкæлынæй тарст, уыйхуызæн хъавгæ цыдæй æрбацыд Хамбийы фырт Алберд. Йæ арахъхъы тæф йæхицæй фæраздæр. Нозты фæстæ йыл хæкъуырццæг бахæцыд æмæ исдугмæ йæ бон сдзурын ницы баци. Мæ цуры лæууыд æмæ мæм хæцаг галы каст кодта. 453
— Хуы... хуыцауыстæн, нæ хъæуы фæсивæд, тæригъæд уын кæнын. Цардæй ницы уынут. Бон дæр — быдыры, æхсæв дæр — быдыры. Цæргæ та ма кæд кæндзыстут? Гъеныр дæу хуызæн лæппу ацафонмæ... Мæнæ дæ бензин цы æвзæр тæф кæны! Хуыцауы тыххæй, тыхсгæ дзы нæ кæныс? — дардыл райдыдта йæ ныхас Алберд. — Уымæй бæргæ нæ тыхсын, фæлæ мæ, раст зæгъын хъæ- уы, дæ арахъхъы тæф хъыгдары. Æвæццæгæн, сыгъдæг дьь вайно уыд... — «Æвæццæгæн» цы хоныс? Сыгъдæг дывайно! Уæдæ æнæуи арахъхъ цы хæрæджы дымæг у! Ие ’нтыды смаг цæуы. Лæг дзы изгардæй амæлы. Нуазыс, уæд дывайно. Уый дæр наливкæгондæй. Стæй дæхæдæг зоныс, адæймаг хъæумæ куы æрцæуы, уæд иу хонæг, иннæ хонæг. Нуазæнтæ, хуынтæ. Æгъ- дау тыхджын у... — Æгъдауы тыххæй раст зæгъыс. Цæй, мæнæн бахатыр кæнут. Райсом мæ быдырмæ раджы цæуын хъæуы,— кæд йæ ныхас фæцыбырдæр кæнид, йæ зæрды цы ис, уый тагъддæр зæгъид, зæгъгæ, дзуапп радтон æз æмæ цæуынмæ ахъавыд- тæн. Цыма мын лидзынæй фæтарст, уыйхуызæн мæ размæ алæууыд, йæхи схъуынджынтæ кодта. Æз мæхи æрцæттæ кодтон. — Æмæ уæдæ ацафон кæцæй цæуыс, зæгъыс? — йæ хæ- къуырццæг дæр дзы ферох, афтæмæй бафарста Хамбийы фырт. — Быдырæй. — Æмæ дæ каистæм нæ бауадтæ? — Бауадтæн. — Дзæбæх сты? — Дзæбæх сты. — Сæ чызджы дæр сын федтай? — Федтон. — Комы дын. — Комы. — Нæ сайыс? — Нæ сайын. — Дуду дæр æй зоны? — Зоны. — Разы у? — Разы у. Исты ма зæгъыс? — Зæгъын,— фырмæстæй йæ бинаг был ахсыдта Алберд,
ие ’рфгуыты бынты мæм æрбакаст, стæй æнæбары худт ба- кодта. — Ленинграды никуыма уыдтæн æмæ иннæбон уырдæм цæуын. Бирæ дзы нæ бафæстиат уыдзынæн. Иу хъæуы уæддæр схъомыл стæм. Дæ чындзæхсæвæй-иу мæ æнæхай ма фæкæн. — Тæрсын, дæ бирæ хъуыддæгтæй дæ мæ чындзæхсæвмæ куы нæ равдæла... — Колхозы сæрдарæн йæ иунæг фырты чындзæхсæвмæ? «Волгæйыл». Зынаргъ лæвæрттимæ. — Демæ ма исчи уыдзæн? — Рох дæ ма уæд, мæнæн æмбæлттæ бирæ ис. Горæт стыр у. Мæ фæдыл дзы чи рацæуа, мæ сæрыл дзы чи сдзура, ахæм- тæ дзы бирæ ис... — Рацæуæнт-иу. Кæйдæриддæр дæ фæнды, уыдон-иу ра- кæн демæ. Иу лæджы хуызæн сын фæуыдзыстæм. Уый тых- хæй дын мæнæ мæхи уд æвдисæн. Раст дæ бамбæрстон? — Фендзыстæм... Хамбийы фырт ма иучысыл алæууыд, стæй цудтытæгæнгæ йе ’мбæлттæм араст. Цыдæр æмхæццæ ныхæстæ ма дзы мæ хъустыл æрцыд. 13. Абырджытæ Чидæр мæ йæ тыхджын къухтæй ныууыгъта. Ракастæн. Мæ уæлхъус лæууыди Дебола, тыхстхуызæй хъæдырдæм каст æмæ мын мæ хæдоны æфцæгготыл схæц-схæц кодта: — Уæлæмæ! Мард дæ æви?.. Уæлæмæ дын зæгъын! Хъусыс?.. Мæ хуыссæнуаты рабадтæн. Мæ цæстытæ æууæрстон æмæ мын Дебола кæдæм амыдта, уыцырдæм акастæн. Бон цъæхтæ кодта. Хъæд тарæй зынд. Быдыртыл мигъы фæлм бадт. Мæ цæст ницæуыл æрхæст. Цы хабар у, зæгъгæ, афæрсынмæ хъавыдтæн Деболайы. Фæлæ уыцы сахат дард кæцæйдæр æрбайхъуыст сылгоймаджы хъæлæс: — Фæд-и-и-с!.. Фæд-и-ис!.. Сабаз мах уынæрмæ йæ пыхцыл сæр хъæццулы бынæй сдардта. — Хуысс! — схъæр ыл кодта Дебола. Стæй мæнмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй йæ нымæтхудмæ фæлæбурдта æмæ хъæдырдæм фæцагайдта. Бæгъæввад, бæгъæмсарæй ныййарц дæн æз дæр Деболайы фæдыл. Исдугмæ сылгоймаджы хъæр нал хъуыст. Стæй та, цыма йæ исчи хурх кодта, уыйхуызæн мæ хъустыл ауад: 455
— Фæдис!.. «Чи у? Ацафон быдыры цы ми кæны? Бирæгътæ?..» — згъоргæ-згъорын мæхинымæр фарстон æз æмæ дзыхъхъыты, къуыппыты сæрты гæппытæгæнгæ тахтæн Деболайы сау æн- дæрджы фæдыл. Мæ зæрды уыд йæ баййафын, фæлæ уый дарддæрæй-дарддæр гæнгæ цыд. Æппынфæстаг æй иу ран ра- гъыл баййæфтон. Дебола дзуццæджы бадт æмæ бынты уæр- донвæндаджырдæм каст. — Цы фæци? — ныллæг хъæлæсæй йæ бафарстон æз. Дебола мæм ницы сдзырдта, æрмæст мын мæ цонгыл фæ- хæцыд æмæ мæ йæ фарсмæ æрбадын кодта. — С-с-с... Уæртæ ма фæндагмæ кæс, цыма дзы чидæр змæлы... — Змæлы,— дзуапп радтон æз æмæ чысыл фалдæр, фæн- даджы кæрон цы сауæндæрг рауай-бауай кодта, уымæ æдзы- нæг ныккастæн. — Хъусыс, хъыпп-сыпп дæр нæ... Дзургæ уый фæстæ кæн- дзыстæм,— загъта Дебола æмæ фæндаджырдæм йæ фазыл абырыд. Æз дæр афтæ бакодтон. Иу дзыхъхъауы æрлæууы- дыстæм. Кæсæм сау æндæргмæ. Дебола мын мæ цонгыл хæ- цы, цыма мын искуыдæм алидзынæй тæрсы. Стæй æваст цæй- дæр гыбар-гыбур ссыд. Сауæндæрг йæ бынатæй фезмæлыд æмæ хъæдырдæм йæ ных сарæзта. Æз фæгæпп кодтон. Де- болайы тыхджын къух мæ баурæдта. Стæй нæ дыууæ дæр, сауæндæрг кæм лæууыд, уырдæм гуыбыр-гуыбыр, хъавгæ цы- дæй бацыдыстæм. Фæндаджы был къанауы уæлгоммæ фæл- дæхтæй лæууыд кæйдæр мотоцикл. Дебола йын йæ бынæй цавæрдæр хъуымацы гæппæл раласта, æркаст æм, йæ роны йæ атъыста æмæ мæстыйæ загъта: — Кæйдæр раскъæфтой... Хъæдмæ чи фæлидзы, уый, æвæццæгæн, мотоциклы хицау уыд. Иннæтæн ам хæстæг æнæ уæвгæ нæй. Дард нæ алыгъдаиккой. Фалдæр цом! Кæд сæм хæцæнгæрзтæ ис, миййаг... Иу ран зæронд ауæдзы нæхи æрныллæг кодтам. — Хъæдмæ чи фæлидзы, уый дзæгъæлы ауагътам,— йæ хъусы бадзырдтон Деболайæн. — Кæд æцæг скъæфджытæ сты, уæд нæ уый ницæмæн хъæуы. Сылгоймаг цы фæци, уый базонæм. — Уый дæр, æвæццæгæн, хъæдмæ ахастой, æндæр цы хъуамæ фæуа... — Æнхъæл нæ дæн. Хъæдмæ афтæ тагъд нæ бахæццæ уы- 456
даиккой. Æвæццæгæн, сæ мотоцикл ныллæууыд æмæ уымæн фæкъуылымпы сты. Кæд хъæдмæ нæ баирвæзтысты, уæд сæ искæй ардæм хъæуы... Æмæ æцæг, иу-цалдæр минуты фæстæ фæндаджы фаллаг фарс кæцæйдæр сауæндæрг фæзынд! Къанауы былæй æрба- хъæр кодта: — Жорж!.. Цы фæдæ, Жорж!? Нæма йæ сарæзтай? Æр- баййафынц нæ! Бон æрбарухс... Жорж!.. Дебола та мын мæ цонгыл ныззæгæл. — Уый дæр та нын ирвæзы,— йæ хъусы йын дзурын æз. — Сабыр,— мæ цонг мын тынгдæр æлвасы Дебола. Сауæндæрг ма иугыццыл алæууыд, стæй йын дзуапп куы ничи лæвæрдта, уæд, Жорж кæй хуыдта, уымæн йæ мады рал- гъыста, æмæ фæстæмæ фæзылд. Дебола мын мæ цонг суагъ- та. Æз мæ бынатæй фæгæпп кодтон æмæ йыл мæхи баскъæрд- тон. Сауæндæрг мæ разæй ныббындз. — Æрлæуу! — уыциу хъæр ыл фæластон æз. Сауæндæрг ма иу-цалдæр санчъехы акодта, фæстæмæ фæ- каст, зæххыл фæтъæпæн, стæй арыд уырыйау йæ цыппæртыл азгъордта. Æз æй фæсте басырдтон. Цæстыфæныкъуылдмæ йе ’ккой куыд абадтæн, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Иæ сæрты мæ фехста. Мæ галиу фарсæн мын ахæм цæф фæкодта, æмæ мæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Стæй йæ «уыхъ» фæцыд æмæ мæ фарсмæ æрфæлдæхт... — Чызг кæм ис? — нæ уæлхъус уæйыджы лæуд кодта, афтæмæй лæппуйы фарста Дебола. Фæлæ, æвæццæгæн, Де- болайы дзæккор къух æгæр æрирвæзт лæппуйыл æмæ дзурын нæ, фæлæ йæ сæр схъил кæнынæн дæр нал уыд. — Къулыбадæджы сæныкк, æз дæу фæрсын, цы фæци чызг?! — лæппуйы йе тæрттæй фелвæста Дебола.— Цы фæ- ци?.. Лæппу ницы дзуапп радта, йæ зæнгтæ йæ быны фæдыдагъ сты æмæ уадзыгæй зæххыл афæлдæхт. Дебола йын йæ рон райхæлдта, йæ къухтæ йын дзы фæстæмæ сбастам. — Уыныс, цытæ дары? — зæххæй, æрттывдтытæ чи калдта, ахæм цырхфындз кард систа Дебола æмæ лæппуйы йæ къа- хæй бакъуырдта: — Хуыцау хорз, æмæ мæ дæгъæл мæ дзыппы фæци, æндæр нын ацы пехцелсæр кардæй исты фыдбылыз сарæзтаид... Йæ цуры лæуу. Дзæбæх æм кæс. Ма йын тæрс, афтæ тынг æй нæ 457
ныццавтон. Ныртæккæ дæм йæ дыууæ дзæццæй скæсдзæн. Станмæ-иу æй акæн. Æз цæуын... Дебола лæппуйы кард йæ цырыхъхъы хъусы атъыста, къа- науы сæрты багæпп кодта æмæ, нæ пехцелсæр кæцырдыгæй æрбацыд, уыцырдæм азгъордта. Иæ сауæндæрг ма мæм ра- гъæй иу зынд фæкодта. Лæппу, цыма Деболайы ацыдмæ æнхъæлма^ каст, уый- хуызæн йæ цæстытæ байгом кодта. Рабадт. — Цы хынджылæг скъæрут? Мæ къухтæ мын цæмæн сбастат? Стæй исчи афтæ цæвы!.. Абырджытæ стут? — тыз- мæгæй загъта уый æмæ йæ къухты бастыл ахæстытæ кодта. Ницы йын дзы рауайдзæн, уый куы базыдта, уæд мæм лæгъ- стæгæнæджы каст скодта. — Æфсымæр, дзæгъæл лæуды бæсты ма мын мæнæ мæ къухтæ суадз. Хынджылæгæн æгъгъæд у... Æргæвдинаг фыс уын, миййаг, куы нæ дæн. Хъадамантæ мыл цы сæвæрдтат... Хъус-ма, æз æмæ ды кæрæдзи куы базонæм, уæд дæхицæн хуыздæр уыдзæн. Æдылы ма разын... — Æмæ чи дæ, цы номæй дæм бадзурон? — Мæнмæ? Тагъд ма кæн, базондзынæ йæ. Цæй, цæмæ ма кæсыс? Мæ уæлхъус цы стелыхъæд дæ? Иу хатт ма дын æй зæгъын: суадз мæ, науæд дæм фæсмон æрцæудзæн... — Кæй раскъæфтат? Кæм ис чызг? Дæхи ницы зонæг цы скодтай,— йе тæрттæй йæ бауыгътон æз. Уый ныккæрзыдта, йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд æмæ загъта: — Сабырдæр, мæ сæр цæф у... Кæй раскъæфтам, уымæй мæ фæрсыс? Уый мæт дзæгъæлы кæныс. Цы йын хъуыд, уый йын бакодтам... Нæ ирон уæздан чызджытæм та иу миниуæг ахæм ис: фæнддзæн æй, дæ размæ рацæудзæн, машинæмæ басæррæтт ласдзæн, стæй уæд йæ дзæбæх мад, йæ тызмæг фыд йæ зæрдыл æрбалæууынц, хъæр-цъæхахст сисы, æрдиаг кæнын байдайы... Цы мæм ныккастæ? Уæвгæ, хъæуы лыстæг сырдтæ та ахæмтæн цы зонынц!.. Мæ фырмæстæй мæ ныхы тугдадзинтæ рацæйтыдтой. Би- рæгъау æхсæвы мæйдары рахъуызыд, кæйдæр æрыгон цард фехæлдта, æвзæр уаллонау мæ къæхты бын ратас-батас кæ- ны, уæддæр йæ куыдзы бон нæ зоны. Уæддæр ма фæстæмæ лæбуры. Худгæ мыл кæны... — Ныртæккæ куынæ банцайай, иу ныхас дæр ма куы скæ- най, уæд дын æз дæ хурхыуадындзтæ халгай сласдзынæн,— 458
мæ зæнгты хæцъæфтæ сæ мидбынат скафыдысты, мæ рахиз къухы норттæ æрбатымбылтæ сты, афтæмæй загътон æз æмæ, мæхи куынæ бауромон, зæгъгæ, иуварсырдæм азылдтæн. — Дæ нервытæ хъахъхъæн... Колхозон куыстьт уыдон тынг æхсызгон хъæуынц,— йæ цæсгом бынтон суагъта пехцелсæр- джын. Стæй, æвæццæгæн, йæхи нервытæ нал баурæдтой. Цы- ма йæ исчи тæвд къæйыл авæрдта, уыйау йæхи сыздыхтытæ кодта. Иæ гæндзæхтæ сцагъта æмæ лæгъстæмæ фæци: — Суадз мæ... Ауадз мæ... Æз ницы зонын. Æз никæй ра- скъæфтон. Æмгары фæдыл рацыдтæн. Æз ницы зонын... — Ай суртæгæнаг куы дæ, суртæ!.. Афтæмæй уæдæй ныр- мæхъæбæр дзыхæй дзурыс. Уæлæмæ! Дæ рихитæ мысты къæ- дзилты хуызæн. Сывæллонау дæхи зæххыл цы хойыс? — Иæ мæкъуыстджытыл ын фæхæцыдтæн, йæ къæхтыл æй слæууын кодтон. Лæппу, цыма ныццæвынæй тарст, уыйхуызæн йæхи фæгуыбыр кодта, исдугмæ сыбыртт дæр нал сфæрæзта, стæй йæ мидбынат цъилау ныззылд, цыма кауы сæрты гæпп кодта, уыйхуызæн мыл йæхи æрбаскъæрдта æмæ мæ йæ къахæй сриуыгъта. Мæ амонд уыд, æмæ дзы мæхи фæсайдтон, æндæр мæхæдæг уæлгоммæ хуысгæйæ баззадаин. Пехцелсæрджын йæхи нал баурæдта, зæххыл та йæ тъæпп фæцыд. Æвæццæгæн, ныртæккæ, мыл куы ралæууа, зæгъгæ, фæтарст, æмæ йæ фазыл абырыд. Хæцаг галы каст мæм æр- бакодта. Иæ фæстаг фæлварæнæй кæй ницы рауад, уый куы базыдта, уæд йæ пыхцыл сæр ныттылдта æмæ бустæгæнæгау загъта: — Ам ма бирæ лæудзыстæм?.. — Мæн кæдмæ фæнда, уæдмæ. Мæ разæй цæугæ, де ’мбæлтты кæм ныууагътай, уырдæм æнæфæстæмæ фæкæсгæ- йæ. Æрмæст дын рагацау хъусын кæнын: куыддæр лидзын- вæнд скæнай, мæ коммæ нæ кæсай, афтæ дын мæнæ дæхи кард дæ дыууæ уæны астæу ныссадздзынæн. Æрмæст — ком- коммæ де ’мбæлттæм. — Мæнæн æмбæлттæ нæй. Æз никæй зонын... — Ау, Жоржы дæр нæ зоныс, йæ мотоциклыл дæ быдыр- ты куы фæласта... — Нæ зонын!.. — Цæйдæхи загъдау, мæ цуры цы стелыхъæд дæ? Цæу- гæ. Дæ фæрстæ ма æнæхъæнæй кæй баззадысты, уый тых- хæй иу, æртæ чъирийы скæнын кæн. Æви сымахмæ чъиритæ нæ кæнынц? Махмæ хъæуы ахæм æгъдау ис... 459
Лæппу ма мæм иу каст æрбакодта, стæй уæззау къахдзæф- тæй мæ разæй араст. Æрдæбон ма мæм Деболайы сауæн- дæрг цы рагъæй фæзынд, цалынмæ уырдæм хæццæ кодтам, уæдмæ бон гæзæмæ æрбацъæх. Хъæдрæбынтæ ма сау талынг дардтой. Кæрдоты къохмæ хæстæг дыууæ адæймаджы сæ фæдыл кæйдæр ластой. Ратон-батон æй кодтой. — Уыдон сты? — рагъæй куы фæуырдыг кодтам, уæд ба- фарстон мæ пехцелсæрджыны. Уый исдугмæ йæ мидбынат сонтауæй аззад, стæй дзуапп радта: — Æз ницы зонын... «Ирвæздзысты... Фæхæссынц кæйдæр æнамонд чызджы. Цы фæци Дебола? Цæуылнæ сæ бауромы? Мацы йын кæ- нæнт»... — стыхстæн мæхинымæр. Гыццыл ма бахъæуа, мæ пех~ целсæрджыны уым ма фæуадзон æмæ сæ фæдыл ма ныййарц уон. Фæлæ уыцы сахат кæрдоты къохæй чидæр сæ размæ ра- згъордта. — Æрлæу-у-ут! — ныййазæлыд Деболайы хъæлæс. — Цæв сæ-æ! — мæ тых-мæ бонæй йæм ныхъхъæр кодтон æз æмæ, пехцелсæрджын цы фæци, зæгъгæ, лæппуйырдæм фæкастæн. Уый йæхи сабыргай-сабыргай иуварс фæцæйласта. Æвæццæгæн, йæхинымæр загъта, ныртæккæ йе ’мбалмæ аз- гъордзæн æмæ аирвæздзынæн. — Кæдæм фæцæуыс, кæ? Нæ ныхас дæ ферох? Æрбад!— уыциу хъæр ыл фæкодтон æз. Лæппу зæххыл фæтъæпæн. Йæ зыр-зыр ссыд æмæ мæм йæ пыхцыл сæрыхъуынты бынæй туджджыны цæстæй ракаст. Йæ нарæг фадыгджын хæлаф рыг æмæ цъыфæй нал зынд. Йæ галиу къухы астæуыккаг æн- гуылдзыл æрттывдтытæ калдта сызгъæрин къухдарæн. — Цæй, тагъддæр мæ искуыдæм акæн. Мæ сæр цæф у, зæгъгæ, дын куы загътон,— йæ къухты бастыл та ногæй ахæс- тытæ кодта, афтæмæй загъта пехцелсæрджын. Уыцы сахат станæй тракторы уынæр æрбайхъуыст. Æвæц- цæгæн, Сабаз иунæгæй нæ фæдыл нæ рауæндыд æмæ ныр нæ хъæр куы фехъуыста, уæд трактор скусын кодта. Æз æм дард нæ уыдтæн æмæ лæппуйæн дзуапп раттыны бæсты ахъæр ластон: — Ардæм, Сабаз!.. — Æрлæуут! — ногæй та мæ хъустыл ауад Деболайы хъæр. Дыууæйæ хъæдырдæм лыгъдысты. Иу — разæй, ин- нæ — фæстæдæр. Дебола сæ фæдыл тахт, цæмæйдæр сæм æв- зыста. 460
— Бирæ дæ нал хъæуы... Тагъддæр, тагъддæр, Дебола! у.у, у-у, мардзæ, ирвæзынц дын! — цыма сæ фæдыл мæхæдæг тахтæн, уыйхуызæн мæ цæнгтæ тылдтон Деболайырдæм.— Бирæ дæ нал хъæуы... Рæвдздæр, Дебола!.. — Тæхынмæ хъавыс, дæ базыртæ куы систай,— йæ къæх- тæ йæ быны батымбыл кодта, донласт каркау ныккука, аф- тæмæй мыл йæ мидбылты худт пехцелсæрджын. Уæдмæ Сабаз æрбахæццæ. Иæ трактор фæурæдта, зæхмæ æргæпп кодта æмæ лæппумæ ныккаст. — Шпион æрцахстат?.. — Фыддæр. Йæ цуры фæлæуу. Лидзынмæ куы хъава, уæд ын уæртæ дæгъæлæй... Хин æмæ кæлæн у, ма дæ фæсайæд. Хæстæг æй ма уадз дæхимæ... — Хорз. Æз ын...— йæ ныхас кæронмæ нæ фæци Сабаз, афтæмæй фæстæмæ трактормæ сгæпп ласта, дынджыр дæ- гъæл фелвæста æмæ пехцелсæрджыны раз салдаты лæуд акодта. Æз Деболайырдæм фæцагайдтон. Цавæрдæр базыртæ мæ сæ уæлныхты хастой. Цæй къæхты рыст ма, æмæ цæй æн- дæр!.. Æрмæст мæ зæрдæ фæйнæрдæм тыдта. Мæ улæфт мæ хъуыры фæбад-фæбад кодта... Дебола хъæды кæронæй фæстæмæ иунæгæй раздæхт. Кæр- доты къохмæ нæма æрхæццæ, афтæ иуран æрбадт. Стæй кæй- дæр зæххæй сыстын кодта, йæ дæларм бацыд æмæ йæ ком- коммæ мæнырдæм æрбакæны. Æз æм -кæсын, сылгоймаг у, уый уынын, фæлæ чи у, уымæн ницы хатын. Стæй æваст мæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Цыма мæ исчи мæ къæхтæй æр- цахста, уыйхуызæн мæ мидбынаты сагъдауæй баззадтæн. Уæдмæ сылгоймаг Деболайæ йæхи фæхицæн кодта, æмæ мæм цудтытæгæнгæ æрбацыд Зæлинæ... — Æхсар!..— æнуд хъæлæсæй загъта Зæлинæ æмæ мыл йæхи æрбаппæрста. Ныттыхст мыл. Йæ буар гæдыхъæдау рызт. Йе ’скъуыдтæ къабайæ зындысты йæ гом уæхсчытæ. Йæ уазал къухтæ мæ фæсонтыл дыууæрдæм рауай-бауай код- той. — Дебола, ды мын бахатыр кæн... Уый æнхъæл нæ уыд- тæн... Бузныг. Мæнæ мыл цы бон фæцæйкодта! Алберд... Хъæдмæ...— ноджы хъæрдæрæй ныккуыдта Зæлинæ. Стæй йæ буар æрлæмæгъ, йæ цæнгтæ ауыгъдæй аззадысты. Æз æй мæ хъæбысмæ фелвæстон. Кæйдæр дæргъытæ пинджак йæ къæхты бын, йæ тугæй- 461
дзаг цонгыл йæ рахиз къухæй хæцыд, афтæмæй нæ фарсмæ лæууыд Дебола. Комкоммæ нæм каст... 14. Ныр та мах рад у... Уарзиаты кæрт æмызмæлд кæны адæмæй. Кæрты хуссар- варс, дæргъæй-дæргъмæ сарайы, ног фаст фæйнæджытыл ау- уоны бадынц хъæуы хистæртæ, уазджытæ. Зылый сыкъатæй рæгъытæ уадзынц, гаджидæуттæ кæнынц Къониаты Дебола- йы, Уарзиаты Мисурæты цæрæнбоны тыххæй, сæ бинонты, сæ туг, се ’стæг, сæ къабæзты цардамонды тыххæй. Хистæр куывд нæма ф>æвæййы, афтæ кæстæртæ зарæг ныццæлхъ ласынц: Æз хохмæ фæцыдтæн Зæрæмæджы тыххæй! Иу ма дзы бануаз дæ зæнæджы тыххæй. Къуыдырфых дзидза нуры цæхдонимæ, лывзæ, уазал кар- чы фыд, хæбизджынтæ. Æмæ цынæ минас ис фынгыл!.. Зæронд кауы æдде, цæхæрадоны дыргъбæлæсты бын тым- был хъазт. Фæсивæд фæззыгон бырынцъаг нæууыл кафынц. Уазджытæн уæлдай кад, нуазæнтæ, арфæтæ... Сæ сæрмæ дыргъбæлæстыл уырдыгмæ æрзæбул сты сырхфарс фæткъуы- тæ, бур-бурид кæрдотæ. Цыма чызджы рæсугъд фæндыры цагъдмæ быдыртæй, хъæдæй алыхуызон зараг цъиутæ æртахт æмæ Уарзиаты дыргъбæлæстыл æрбадтысты. Цыма фæндыры цагъдмæ, фæсивæды кафтмæ срог сты, уый хуызæн кафынц бæлæстæ дæр сæ бурбын сыфтæртæй, сæ уæззау къабæзтæй. Сылгоймæгтæн се ’ппæтæй хъуыддагхуыздæр у Мисурæт йæхæдæг. Урс тæппытæ, æрвхуызцъæх зæлдаг къабайы, цы- ма чындзы æндæр исчи цæуы, уыйау зæххыл нал хæцы. Хъаз- тæй — устытæм, уырдыгæй — хистæртæм. Æппæлынц дзы, стауынц æй... Цыма стыр диссæгтæ сарæзта... Иæ мад Гуассæйæн, йæ хæстæджытæн бæргæ дзырдта: — Уæлдай хъуыддæгтæ дзы ницæмæн хъæуы... Исчи ма зæгъа, зæрондæй... — Зæронд — хъæды халон... Мах чызг нырма фыццаг хатт дæттæм. Циндзинад нæм ис æмæ йæ хъуамæ хуызæнæн са- разæм. Ды æмæ Дебола дæр хъуамæ немæ бадат, цин кæнат. Рамбæхс-бамбæхсы рæстæг нал у ныр. Къуымы дæр бирæ фæлæууыдыстæм. Нæ хъуыддæгтæ йæ зæрдæмæ кæмæн нæ фæцæуой, уымæн дæр йæ бар йæхи. Мæнæ йын хæдзар, хæрд, 462
нозт. Чындз Къониатæ хæссынц, чызг мах æрвитæм, æмæ мах куыд фæнды, нæ чындзæхсæв хъуамæ афтæ саразæм, — дзырдта Мисурæты мадыфсымæр, чысыл къуымæлдзæф уыди, афтæмæй. ...Мамсыр бæгæныйы дынджыр къусимæ мæ размæ фæци- — Нуазгæ! Уæдæй нырмæ дæу агурын. Мæ цæнгтæ мæхи- цæй нал сты. Дæ амонд уыди, æмæ дæ ссардтон, æндæр ын фырмæстæй мæхæдæг йæ бынæй рухс суагътаин... Хъусыс, фæйнæрдæм дзы куы тыдтаин, уæддæр ын æнæнуазгæ нæ уыд. Цы ратæх-батæх кæныс? Иу ран цæуылнæ æрбадыс? Асæбе мæ уæнгуыты дзывырæй рогдæр скодта: ссар æй, нæ нуазæн ын баназын кæн. Кæсыс уæртæ, куыд дæм додой кæны!.. Æн- дæрæбон дын быдыры нуазæнæй зæрдæ нæ бавæрдтам? Хæ- дæгай, хуымтыл дон зыгъгъуыттæй уайы... Бузныг, хорз нын баххуыс кодтай. Цæй, науæд ацы замманай хъæзынкъус сæ- фы... Æмæ ма уæд Гуассæйы бæгæныйæ цæм нуаздзыстæм? Нуазгæ, нуазгæ, Æхсар! Уыциу нозт... Æнæсулæфгæйæ! — зæххыл нал хæцыд Мамсыр. — Исты дзы зæгъ, Мамсыр, хистæр дæ,— бæгæныйы къус æм фæстæмæ бадаргъ кодтон æз. — Дыууæйæ иу нуазæн баиаздзыстæм, зæгъгæ, нæм ахæм ныхас куынæ уыди. Фæлæ дын, раст куы зæгъон, уæд «нæ» зæгъын мæ бон нæу. Уæлдайдæр Гуассæйы бæгæныйæ,— хъæ- зынкъус райста Мамсыр.— Дæ цæрæнбон бирæ, Æхсар... Фер- вæзын мæ кодтай. Де ’фсонæй мæхи иучысыл аирхæфсон. Æндæр мын афонмæ мæ бындзытæ стæхын кодтаиккой... Иу- чысыл айрæджы кодтон, стæй куы æрбацыдтæн, уæд мыл алы- рдыгæй ныккалдтой. Нырмæ кæм уыдтæ, зæгъгæ, уыдонмæ бакæсын! Чи — нуазæн, чи — базыджы хай, чи — уайдзæф... Æваст мын цытæ акодтой, уымæн ницыуал базыдтон. Иудзыр- дæй сæ хъæстагæй ницæмæй баззадтæн. Дæхæдæг мæ уы- ныс... Уæддæр, хуыцау хорз, æмæ мæхи цыдæр амæлттæй ра- сайдтон. Дæу æфсонæй. Ныр дæ иу-дæс минуты бырц агурын. Чысыл мын фенцондæр. Æндæр дын, мæ гыццыл /æрдхорд, Уарзиаты Мисурæты хæдзарæй хæсгæ фæуыдаин. Дзурон ма, Æхсар?.. Къостайы загъдау: «Æркарстам, æрластам нæ хор- тæ, нæ хос...» Æмæ ныр нуазын дæр, зарын дæр, кафын дæр нæ бон у. Уайдзæф нын ничи бакæндзæн, Æхсар. Нæхи фæл- лойæ, нæхи хъаруйæ... Исты гæдыйæ зæгъын?.. Афтæ, уæдæ, гъе, мæ гыццыл æрдхорд. Цæй, Мисурæт не ’ппæтæндæр уар- зон адæймаг у æмæ Деболаимæ æмзай-æмзæронд бауæнт. 463
Хистæрты куывд сыл æрцæуæд. Авд лæппуйы æмæ сын иу цъæх чызг куыд райгуыра... Æхсар, мæ мардыл фæку, ды мын дзы иугыццыл куынæ ануазай... — Цæмæн уый зæгъыс, Мамсыр! — батыхсæгау кодтон æз. Стæй бæгæныйы къус райстон æмæ дзы дзæбæх банызтон. Къусы ма цы бæгæны аззад, уый Мамсыр æнæ иу ныхасæй акъул кодта. Йæхæдæг йæ къæхты бынæй ныуулæфыд, йæ сырх къухмæрзæнæй йæ былтæ асæрфта, йæ мидбылты бахудт æмæ мын хъазтырдæм йæ сæрæй ацамыдта: — Гуассæйы бæгæныйы фæстæ дын иу тымбыл кафтæй хуыздæр аходæн зын ссарæн у... Хъазты кæрон бæласы бын æрлæууыдтæн. Чызджытыл мæ цæст ахастон. Зæлинæ йæ чырынтæ къабайы се ’хсæн лæу- уыд. Мæн куы федта, уæд йæ цæсгом фæрухс, стæй æфсæрм- хуызæй йæ сæр иуварсырдæм азылдта. Мæнæн мæ зæрдыл æрбалæууыд, Дебола Зæлинæйы куы байста, уыцы æнамонд’ райсом. «Нæ, исчи дæ бафхæра, уымæн æвгъау дæ, Зæлинæ... Ал- берд... Ды дæ горæтаг æрдхæрдтæй ныфсджын уыдтæ. Кæй- дæр рог машинæйæ хъал уыдтæ. Бад ныр де ’мбæлттимæ. Чи цы фæагуры, уый ссары. Хамбийы давæггаг æхцатæ дæр дæ нал раластой ахæстонæй. Дæ мæскуыдзау сæрылдзурджытæ дæр дын ницы’ хорздзинад сластой. Сырды хæмхуттыл цъут- та æвæрд куынæ уа, уæд хæцгæ кæны»,— Зæлинæмæ аивæй кастæн, афтæмæй хъуыды кодтон мæхинымæр. Лæппутæ иу-цалдæрæй мæ размæ рауадысты. «Салам» мын загътой. Чидæр ныхъхъæр кодта: — Æхсарæн иу кафт!.. — Мауал æм кæсут... Чызг цæттæ у. Дзыхъхъынног иту- вæрд чызг!—дзуапп радта, чызджытырдыгæй лæдзæджимæ чи лæууыди, уыцы къæсхуыр, дæргъæй-дæргъмæ лæппу. Лæппутæ мын мæ къабæзтыл фæхæцыдысты æмæ мæ хъазты астæу смидæг кодтой. Зæгъгæ дæр ын ничи кодта, аф- тæмæй мæ разæй февзæрд Верычкæ. Цыма хъазты адæмæй кафынмæ йæхицæн æмбал нæ уыд, уыйхуызæн сæрыстырæй каст, йæ цæнгтæ уæздан дард кодта. Стæй мæ рæзты сиргæ æрбацыд, йæ цæстæй мын чызджыты- рдæм ацамыдта: «Дзæбæх каф. Чи дæм кæсы, уый зоныс?..» Цæргæсау ноджы бæрзонддæр систа йæ базыртæ Верычкæ, Зæлинæйырдæм мæ йæ фæдыл асайдта. 464
Хæрдмæ хау, Æхсар! — мæ къæхты бын мын цъæхх нæуу æрхостой лæппутæ. Фæлмæп мидбылты худт хъазыд Зæлинæйы саулагъз цæс- гомыл. Цыма истæмæй сæрыстыр у æмæ мын мæ алы фæ- зылдмæ дæр лæмбынæг кæсы, афтæ мæм сдзырдта мæ зæрдæ, æмæ мæ рахиз къахыл цъилау ныззылдтæн. — Æмдзæгъд!.. — Æмдзæгъд нæй! — загъта лæппутæй чидæр æмæ фæси- вæды къæрццæмдзæгъдмæ бæласы къалиуæй гæлæбутау хъазты астæумæ æртахти цалдæр сыфтæры. Иу дзы Верычкæ- йы уæхскыл абадт. — Æллæх\ Фæбыцæу сты! Дæхи йын бауарзын кæн, Æх- сар! — мæ хъустыл ма æрцыдысты лæппуты хъазæн ныхæстæ. Раст зæгъын хъæуы, мæхимæ гæсгæ æвзæр пе ’скафыдтæн. Уæдæ ма хуыздæр кæм хъуамæ скафыдаин!.. Стæй симд райдыдта. Мæ хæстулæфтæй нæма банцад- тæн, афтæ та Верычкæйы хæйрæг мæ уæлхъус февзæрд. Мæ дысæй мæ чызджыты цурмæ бадавта, мæ къух мын Зæлинæ- йы дæларм фæтъыста æмæ уыцы хъуыддагхуызæй загъта: — Æхсар, мауал æй суадз. Ныр та сымах рад у. Нæ фе- хъуыстон-иу ма зæгъ... Аслам лæвар дын нæ бакомдзынæн... Тæрсгæ дзы ма кæн, Зæлинæ, бирæгъ нæу. Æнгомдæр, æнгом- дæр ыл хæц!.. Зæлинæ фæсырх. Цыдæр зæгъынмæ хъавыд Верычкæйæн, фæлæ уый фæндырдзæгъдæджырдæм азгъордта. Æнахуырфæлмæн æмæ рог уыди Зæлинæйы цонг. Фæрис- сынæй йын тарстæн æмæ йыл уæздан хæст кодтон. Стæй мын йæхæдæг мæ цонг нылхъывта, æрбакаст мæм, йæ русты къуырфытæй мæм бахудт æмæ ныллæг хъæлæсæй загъта: — Дæ тых мыл æвзарыс?.. Æппынæдзух мæнырдæм ма кæс. Худинаг у... Уæлæ тыргътыл... Тыргътыл фæрсæй-фæрстæм лæууыдысты Гыцци, Дуду, Гуассæ æмæ цалдæр усы. Махырдæм кастысты. Дуду Гыц- цийæн цыдæр дзырдта. Сæ дыууæ дæр худтысты. Махырдæм цыдæр амыдтой... — «Ныр та мах рад у»,— йæ хъусы дзурæгау загътон Ве- рычкæйы ныхæстæ Зæлинæйæн. Уый мæм йæ судзгæ цæсты- тæй æрбакаст, йæ рæмбынкъæдз мын мæ фарсмæ фæцарæзта æмæ та йæ цæсгомыл ахъазыд уыцы диссаджы фæлмæн мид- былты худт... 30 Дæ зæрдæмæ хъуыстон
БАЛЦЫ ЗАРÆГ Рæсугъд дæ, бæстæ! Æнæкæрон дæ, бæстæГ Дымгæ дæ иу кæронæй иннæ кæронмæ нæ хæццæ кæны. Хур дыл не ’ххæссы. Цæст дæм кæсынæн не ’фсæды. Къах дыл цæуынæй нæ фæллайы. Кæм ис, цымæ, дæ кæрон? Иæ зæрдæйы фæндиаг дыл< цæрынæй чи бафсæст? Дæ уалдзæджы кæл-кæлæй худт æнæхъæнæй кæмæн радтай? Дæ сæрды улæфт йæ риуы кæмæн ныууагътай? Дæ фæззæджы хæрзтæй амондджын- дæр чи уыди? Дæ зымæджы хъызтæй йæ зæрдæ> кæмæн схъарм кодтай?.. Цымæ, уыдонæн се ’ппæтæн дзуапп чн ратдзæн? Бимболаты ныхæстæй. Æз, Тымбыл æмæ Таму 1 ах æртæйæдæр цæрæм иу кæрты. Мыртгæджыны Мичурин — Бимболаты фыртыфырт Таму, нæ хистæр Тымбыл æмæ æз — Æхсараты Æхсары фырт Æхсарбег. Куыд уынут, афтæмæй — сыгъ- дæг æхсарæй конд. Мæ номæвæрæг ма мын мæ номыл «бег» дæр афтыдта. Æвæццæгæн, цæмæй нæ мыггагæй, мæ фыдæй æхсарджындæр уыдаин, уый тыххæй. Фæлæ уын раст куы зæгъон, уæд мæ номæвæрæг уæдæй тынгдæр никуы фæрæдыд. Цæй æхсарджын ис мæнæй? Нæ сыхы лæппутæй ме ’ккой чи нæ абаддзæн, иу ахæм куынæ ис. Мæ маст райсынмæ сæм мæ ныфс куынæ хæссын. Æнæ гæды ныхас, хатгай мæнæй дæр хъæстагæй нæ баззайынц. Фæлæ уый хæрз стæмхатт вæййы. Уый æмæ дын Тымбыл. Иугæр йæ къух искæ- йы фындзмæ ирвæзгæ бакæнæд, æндæр æй тугæй- дзагæй радавы. Тымбыл йæ бæрæгбоны ном у, æнæуи Дзабе хуины. Бабеты Дзабе. Нæ хистæр. Мæнæй цыппæрдæс боны раздæр райгуырд, Та- муйæ та иу æмæ ссæдз. Къуыбылойы хуызæн у æмæ йæ, æвæццæгæн, Тымбыл дæр уымæн фæ- кодтой. Хъæдуры гагаты хуызæн арф кæцæй- дæр æрттивынц йæ дыууæ сау цæсты. йæ къух- ты æнгуылдзтæ, хыссæйы спичкæйы хъæдтæ куы атъыссай, уый хуызæн. Йæ цæсгом, гогызы ап- кау, дзыгъуыртæ. Тымбылтæ иууылдæр уæзбын
вæййынц, фæлæ Дзабе, иннæтæй хъауджыдæр, уæзбын нæ уыди. Худæг та куыннæ у, мæхи мæллæг кæнын, зæгъгæ, нæхи скъолайæ рацыд æмæ ныр дыккаг аз горæтæн йæ иннæ кæ- ронмæ хафы. Трамвайы дæр нæ, фистæгæй. Кæрты къуымы турник саразын кодта. Цынæ йыл кæны, уый ахæм нæй. Сæр- дæй, зымæгæй. Уарыны дæр. Уæддæр уыцы къуыбылойæ лæу- уы. Æрмæст хæрынмæ махæй рæвдздæр у. Сæхимæ куы вæй- йæм, йæ мад Фаризæт нын дынджыр тæбæгъты хъæрмхуыпп куы ’ркæны, уæд... Цæй, йæ хорз хæлары фыдгой чи кæны! Уадз æмæ хæра, Фаризæты загъдау, искæйы хардзæй куынæ хæры. Уæдæ исчи Тамуйы хуызæн у, афтид стджытæ, къæцæлтæ. Ноджы — бурхил. Сæрыхъуынæй, æрфыгæй — цыма хур æн- дæр никæмæ кæсы. Махæй кæстæр у, афтæмæй та — гæды- бæласы дæргъæн. Йæ цыбыр хæлафы куы рацæйтæхы, уæд ын тæрсгæ фæкæнын, йæ зæнгтæ йæ быны куы базгъæлæнтæ уой, зæгъгæ. Йæ къубал хъазы къубалы дæргъæн. Афтæмæй дын дæ мæкъуыстæгыл фæхæст, уæд дæ гуырæй райгæ у — йæ къæс-къæс ссæуы. Йæ цæстытæ курæггаг цæхдоны хуы- зæн. Æрмæст нæ кæрты устытæ куыд дзурынц, афтæмæй æз æмæ Тымбылæй хæларзæрдæдæр у. Мах дæр сæм бынтон æв- зæртыл нымад не ’стæм, фæлæ уæддæр Тамуйы сæ цумайы лæдзæг хонынц, уæлдайдæр йæ фыдыфыд Бимболат дыргъ- афон хъæуæй куы ссæуы, уæд. Кæрты устытыл разилы, Бим- болаты лæвæрдтæ сыл байуары. Æз æмæ Дзабейæн дæр иу- гай кæрдотæ нæ къухты фæсадзы, цыма нæ мæстæй фæмары, кæнæ йын сызгъæрины къæрттытæ сты. Уый æмæ дын Бимболат йæхæдæг, æнæхъæн чыргъæд кæртмæ рахæссы, бæласы бын æрбады æмæ йыл карчы цъиу- тау æрæмбырд вæййынц гыццыл сывæллæттæ. Кæрт сæ сæ- рыл сисынц. Сæ къухты иугай кæрдотæ тыххæй цæуы, сæ фындзы бынтæ хус дæр нæма кæнынц, афтæмæй Бимболаты чыргъæд фæйнæрдæм айваз-айваз сисынц, алчидæр æй сæхи- мæ хæссыныл сбæндæн вæййы. Иудзырдæй, айк мæцъисæн фæлдахынц. Сывæллæтты хъæлæбамæ, сæ хъæрмæ æрæмбырд вæй- йынц хистæртæ дæр. Æвæццæгæн, Бимболат ахæм сахатæй амондджындæр никуы вæййы. Йæ урс рихиты бынæй сæм фæхуды. Иæ цæсгом æгасæй ныррухс вæййы. Сывæллæттæ дæр ыл алырдыгæй сбырынц, йæ рихитæм ын æвналынц, йæ 467
нымæтхудæй йын хъазынц. Чи йæ Биба хоны, чи йæм Дадайæ дзуры. Зæронд лæджы æгасæй сæхи бакæнынц. Иæ фырты- ■фырт Таму дзы нымады дæр нал вæййы. Мах дæр афтæ. Уæв- гæ, сывæллæтты разæй махыл куы цин кæна, уæд уый раст дæр нæ уыдзæн. Фæндзæм къласмæ чи бацæуы, уый ма сы- вæллон вæййы!.. 2 Уыцы райсом кæртмæ мæнæй раздæр ничи рацыд. Хуы- лыдз сæрæй, бæгъæввадæй. Зæхх райсомы æртæхæй чысыл уымæлгомау уыд æмæ мын æхсызгон æлхысчъытæ кодта мæ къæхты бынтæ. Гæдыбæлæсты цъуппытæ сызгъæриндоны- тылдау æрттывтой хурмæ. Бæлæсты сыфтæртæ дымгæмæ су- сæг сыбар-сыбур кодтой. Сырддонцъиутæ цъыбар-цъыбур систой, алы хъæлæстæй зарыдысты. Иу къалиуæй иннæ къа- лиумæ пæррæстытæ кодтой. Рæсугъд райсом уыд уыцы райсом. Æвæццæгæн, Бимбо- лат хуымæтæджы нæ дзырдта: «Хуры скаст чи фена, уымæн йæ изæр амондджын вæййы...» Æз æрмæст уыцы райсом бамбæрстон, Бимболат афтæ цæмæн дзырдта, уый. Фæлæ кæд гæдыбæлæсты цъуппытæ цыфæнды æрттывд кодтой, цъиуты зарын цыфæнды хорз фи- дыдта, уæддæр мæнæн мæ хъуыдытæ æндæр цæуылдæр уы- дысты. «Æндæр хатт... æндæр хатт сæм бирæ фæкæсдзынæн. Раз- дæр сыстдзынæн, цъиуты зарæг æппæты фыццаг æз куыд фе- хъусон, афтæ. Ныр та уал...» — дзырдтон мæхинымæр æмæ мæ комыдæттæ уадысты, дысон мын Таму цы кæрдотæ радта, уыдонмæ. Мæ фындзы хуынчъытæ мын хъыдзы кодта кæрдо- ты адджын тæф. Мæхи Тамуты рудзгуыты бынмæ баластон. Тарвазыл схылдтæн æмæ æрдæггом рудзынгыл мидæмæ ба- кастæн. Никæй дзы федтон. Исдугмæ бахойын дæр уыд мæ зæрды, фæлæ хистæртæй искæйы куы райхъал кæнон, зæгъгæ, мæ ныфс нæ бахастон. Уыцы сахат мæ хъустыл æрцыд кæйдæр цъæм-цъæм. Зæх- мæ æргæпп кодтон. Кæсын, æмæ Дзабе мæ уæлхъус лæууы. Уый дæр бæгъæввад, бæгъæмсар. Æрдæгхæрд кæрдо йæ къу- хы, йæ гыццыл сау цæстытæй мæм мæстæймарæджы каст кæ- ны, афтæмæй йæ комдзаг тагъд-тагъд æмпулы. Мæ бон æм кæсын нал уыд, æмæ мæхи иуварсырдæм аздæхтон. Дзабе мæ 468
фембæрста, мæ уæлхъус алæууыд æмæ мын кæрдойы æрдæг мæ къухты фæсагъта. Æз ын мæ сæрæй акуывтон æмæ кæр- дойæ ныррус кодтон. Дзабе йæ мидбылты худт. Мæ худын нал баурæдтон æз дæр, æмæ йын йæ тæвд уæхскыл мæ къух æрæвæрдтон. Таму- ты рудзынджы бынмæ бацыдыстæм æмæ, цæмæй пæ исчи фехъуыстаид, уый тыххæй хъæрæй райдыдтам: — Æмæ дын уæддæр дысон Таму куыд загъта?—рудзынг- мæ йæ цæстытæ ныццавта, афтæмæй мæ фарста Дзæбе. — Æз раджы сыстдзынæн. Ма та бафынæй у,—дзуапп ын радтон æз. — Адæймаг хъуамæ йæ ныхасæн хицау уа... Сайын хорз нæу... — Раст зæгъыс. Мах æм æнхъæлмæ кæсæм, уый та хуыр- рыттæй хуыссы. — Йæхицæй чи ’ппæла, уымæй ме ’сæфт уынын. Кæдæй нырмæ йæм æнхъæлмæ кæсæм. — Æмæ йын фынæй æнхъæл дæ Тамуйæн? Дзырд дын дæттын, уый махæй раздæр сыстад... Уæдæ ма фæкæс, кæд- дæра ныртæккæ ам нæ уаид. Афтæ æнхъæлыс æмæ нын нæ ныхæстæ нæ хъусы? Хъусы, — цыма дардмæ искæмæ дзырд- та, уый хуызæн рудзынгæй мидæмæ каст Дзабе. Æмæ æцæг уыцы ныхæсты фæстæ уаты дуары хъæр фæ- цыд, йæ фæдджи кæрдотæй йедзаг, афтæмæй нæ размæ ра- цыд Таму. — Афтæ æнхъæлут, æмæ уын уæ ныхæстæ нæ хъуыс- тон? — йæ фæдджи мæнырдæм æрбадаргъ кодта Таму. — Ацыд? — кæрдотæм нæма бавнæлдтон, афтæмæй йæ афарстон æз. — Раджы. Дада ацафонмæ хуыссæны фæразы? — æцæг- хуызæй дзуапп радта Таму æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта:— Уый афонмæ бæлæсты бын кæрдоты дзæбæхтæ уидзы... — Нæ ныццыдмæ? — хынцфарст æй акодта Дзабе, æмæ йæ хæдоны дысæй йæ былтæ асæрфта. 3 Мах, нæ кæрты сывæллæттæ, сæрды мæйты цалдæр хатты сфæнд кодтам Тамуйы фыдыфыд Бимболатмæ ацæуын. Изæ- рæй-иу кæрты иунæгæй куы аззадыстæм, уæд-иу суанг лыс- 469
тæг хъуыддæгты онг дæр æрныхас кодтам нæ балцы хабæрт- тыл. Æрмæст нæ бирæ ныхæстæй ницы уад. Фатъимæт ныф- фæрск æмæ йæ фырт Дзабейы хъæумæ ауадзыныл нæ разы кодта. Мæ мад дæр йæ фарс фæци. Иуахæмы та Бимболат хъæуæй ссыд. Таму йын балæгъстæ кодта: — Дзабеиты хъæумæ ацæуын фæнды, фæлæ сæ сæхимæ нæ уадзынц. Зæгъ ма сын, дада... Тынг сæ фæнды... — Тынг зæгъыс? Хорз. Сылгоймæгтимæ баныхас кæнын, уæхæдæг æй зонут, æнцон хъуыддаг нæу. Фæлæ уæ кæд афтæ тынг фæнды, уæд æз хъуыддаг мæхимæ исын. Махæн нæ цинæн кæрон нал уыд. Бимболаты алыварс гæп- пытæ систам. — Цæут, хъазут уал, бабайы хуртæ. Æрмæст уæхи цæттæ кæнут. Æгайтма уæ хъæумæ фæнды. Ныртæккæ нæм куыст тынг бирæ ис,— загъта зæронд лæг æмæ Дзабейы уæхск æр- хоста. Мах Бимболатæн «бузныг» загътам æмæ кæрæдзийы фæс- тæ уынгмæ уыциу згъорд акодтам. Цæй хъазын æмæ цæй æн- дæр! Терчы был кæрзбæласы бын аууоны æрбадтыстæм æмæ махмæ бакæсын, цыма æппын адæймаджы къах кæм никуыма æрлæууыд, ахæм ранмæ цыдыстæм, уыйау бынтон ницæйаг хъуыддæгтæй райдыдтам. Дзабе загъта: — Мæ уидыг æмæ мæ тæбæгъ дæр рахæссон?.. — Æххæст ма уæ арынг дæр рахæсс, кæрдзын цæм кæн- дзынæ? — рамæсты йæм дæн æз. Дзабе мæм ныхас скæнын дæр нæма сфæрæзта, афтæ йыл Таму дæр йæхи баскъæрдта: — Ау, дадамæ дæу фаг къус æмæ уидыг нал разындзæп? Цæхæрадонгæс у, зæгъгæ, уæд ын хæдзар æнхъæл нæ дæ? — Омæ... Цæй, цы мæм фæлæбурдтат? Уæхицæй мын æды- лыдæр æнхъæл стут? — йæ цæсгом ныссырх, йæ пака фыыдзы фуртт-фуртт ссыд Дзабейæн. — Тыхсгæ ма кæн, нанамæ дæу фаг тæбæгътæ ’мæ уидгуы- тæ разындзæи,— сабыр æй кодта Таму. — Уæ тæбæгътæ-ма ныууадзут. Уæдæмæ халамæрзæн са- разæм,— фæткъуытæ æмбырд кæнынæн хорз уыдзæн. Науæд сæ иугай уыгъд кæд фæуыдзыстæм,— мæ фæнд сын фехъусып кодтон æз. , — Халамæрзæн... Дадамæ халамæрзæнтæ цас ис, уый зо- 470
ныс? Нæ, æндæр исты æрхъуыды кæнын хъæуы,— йæ къух ыл ариуыгъта Таму. — Нæ, æз афтæмæй ницы бакæндзынæн,— загъта Дзабе .æмæ Терчы былты, дуртæ зыввыттытæгæнгæ, уæлæмæ араст. Иу ран дурыл æрбадт. Тамуйы мæ рæнбыныкъæдзæй басхуыстон æмæ йын аивæй загътон: — Сабыр, йæ хъуыдытæ фæлидздзысты... Фæлæ Дзабе хъазы бадтæй бирæ иæ бафæрæзта. Уæззау- гомау сыстад æмæ хъавгæ цыдæй нæ цурмæ æрбацыд. — Æрхъуыды кодтон,— æппынæрæджиау загъта Дзабе.— Стыр хызынтæ бахуийын кæнæм... — Хæринæгтæ хæссынæн? — ацы хатт æм æнæ худгæйæ бакастæн æз. — Хæринæгтæ... Чидæр хъæдмæ сугтæ куы ласта... Ахæм диссаджы кæрдоты разæй хус къæбæртæ? — Æдылы, фæстæмæ куы цæуæм, уæд дыргътæ цæм ра- хæссынмæ хъавыс? Дæ майкæйы фæдджийы? — Æмæ ма уæд хызын та цæмæн хуийын кæныс? Бур гол- лаг рахæсс, уым фылдæр бацæудзæн,— мæхи та йæм нал бау- рæдтон æз. Таму худæгæй бакъæцæл, цыма Дзабейы хъусгæ дæр нæ фæкодта, уыйау бæласырдæм аздæхт æмæ йын къæцæлы фын- дзæй йе скъуыдтæ къахта. Стæй мах æгæр-æгæр куы кодтам, уæд загъта: — Дзабе, хызыны мæт дæ ма уæд. Æз дып чыргъæд ссар- дзынæн. Колхозы машинæйы дæ рарвитдзыстæм... — Æмæ кæд афтæ у, уæд ма мæ мæ хурхмæ цы скодтат?— бустæгæнæгау сдзырдта Дзабе.— Митæй мæсгуытæ амайæм. Нæхимæ нæ куынæ ауадзой, уымæй нæ тæрсут? — Дадайы бар æй уадзут,—сæрыстырæй дзуапп радта Таму æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Цæй, цомут, кæд бал- цы цæуинаг стæм, уæд нæхи, куыд æмбæлы, афтæ бацæттæ кæ- нæм,— загъта Таму æмæ нæ разæй араст. Мах дæр йæ фæдыл рацыдыстæм. 4 — Хорз минæвар мæм æрбарвыстай! Уæхиуыл дзыхтæ нæ уыд, зæронд лæджы ма цы фæцæуын кодтай? — нæхимæ куы <бацыдтæн, уæд мын тызмæгæй загъта мæ мад. 471
Æз ын ницы дзуапп радтоп. Æрмæст мæ майкæтæ, мæ цы~ быр хæлæфтæ стъолыл иту æвæрдæй куы федтон, уæд мæ мид- былты бахудтæн. Цы базонын ма мын æй хъуыд, мæ мад кæй сразы, уый! — Хъусыс, дæхи хъахъхъæ. Дæттæ ивылд хопынц. Стæй бæлæстæм уæлиау ма хиз. Кæлмхæрд фæткъуытæ ма хæр. Фы- дуаг митæ куы кæнай, уæд дæ дыккаг бон ам æрбалæууын кæн- дзынæн,— цыма йын авдæны сывæллон дæн, уый ныхæстыл мын схæцыд. — Цæй, цæмæй мын тæрсыс? — чысыл фæныфсджындæр дæн æз. Фæлæ куыд бамбæрстон, афтæмæй мæ ныхæстæ гыц- цийы зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Тызмæгхуызæй мæм æрбакаст æмæ загъта: — Ничи сæм кæсы? Нырма зæххæй уылынджы йасы йед- тæмæ нæма зынынц, афтæмæй сæм дзургæ дæр мацы скæн... Куыддæр ныххæццæ уай, афтæ-иу мæм писмо рарвит. Мæнæ дын гæххæтт, кърандас æмæ къонверттæ. — Хорз, гыцци. Куыддæр ныххæццæ уон, афтæ хæргæ дæр> нæма бакæндзынæн, иу кæрдомæ дæр нæма бавналдзынæн, æмæ дæм хабæрттæ иууылдæр ныффысдзынæн. — Бæгъæввадæй цæуынвæнд ма скæн. Фарон федтай, Тер- чы был дæ къахы зæгæл куыд суад, уый? — Хорз, гыцци. Ды куыддæриддæр загъай, афтæ бакæн- дзынæн,— дзуапп ын радтон æз. Цы уын æй æмбæхсон, гыццийы ныхæстæй тыхсын байдыд- тон. Æмæ мидæггаг уатмæ цы ’фсонæй баирвæзтаин, ууыл архайдтон. Мæ амондæн уыцы сахат чидæр дуар æрбахоста. Æз йæ размæ разгъордтон. Дзабейы мад Фаризæт! йæ хыс- сæйæдзаг къухтæ йæ раздарæны бын акодта æмæ йе ’рбацы- дæй йæ ныхас фæраздæр: — Цæмæй сын тæрсын, уый зоныс, Асиат? Æхсæв искуы быдыры куы баззайой æмæ сæ уазал куы бацæуа... Махон йæ уæлæ æмбæрзт нæ уадзы. Ноджы йæ хъуыртæй арæх рынчын- тæ кæны... «Уый дæр та хъуыртæй... Цыма ныл хъуыртæ йедтæмæ ни- цы ис»,— мæстыйæ загътон мæхинымæр. Фаризæт дарддæр йæ ныхас кодта: — Уыцы уазал дæтты хидæйдзагæй сæхи куы ныннайой... Бимболат йæ цæхæрадоны хъуыддæгтæ кæндзæн, æви уыдон хъахъхъæндзæн? — тагъд-тагъд дзырдта Фаризæт æмæ йæ тымбыл рустæ сырх-сырхид афæлдæхтысты.— Уыцы дæттæ ме 472 ’
’нæзонгæ куы не ’сты, миййаг. Сусæны мæй дæр ихы къæртты- тæ куы ласынц... О, цæмæй ма дæ афæрсынмæ хъавыдтæн, сæ зымæгон дарæсæй сын ницы æрвитæм? Хъæуы изæрыгæтты уа- зал вæййы... «Æххæст ма пын кæрцытæ бахуийут. К/ьуымбил цъындатæ, хъусджын худтæ»...— мæхи ма сæм тыххæйты урæдтон æз. Мæсты сæм кæй кæнын, уый гыцци бамбæрста æмæ мын йæ сæрæй ацамыдта, мидæггаг уатмæ ацу, дæу ам ницы хъуыддаг ис, зæгъгæ. Мæ кæсагахсæн æнгуыры бос æндахы къæбæлыл тыхтон, афтæмæй дуары зыхъхъырæй хъуыстон гыцци æмæ Фаризæты ныхæстæм. Гыцци дзырдта: — Цæй хъарм дзаумæттæ сæ хъæуы, Сыбырмæ пын куы нæ цæуынц, миййаг... Ницы сын уыдзæни. Махæн дæр уыдоны хуызæн фадæттæ куы уыдаид. Æгæр бытъу-бытъу дæр ма сын кæнæм. Цыма нæхæдæг уыдоны кары нæ уыдыстæм. Ног карст хосыл кæд сæ фæрстæ нæ фæриссиккой. Стæй райсомы æртæх нырма никæйы къæхтæ басыгъта. Никæуыл ма фæхæцыд... — Дегæрыл уай, Асиат... Нырма ницыма æмбарынц. Исты низ нын ссардзысты,— цыма скæуынмæ хъавыд, уый хуызæн ын уынгæг хъæлæсæй дзуапп радта Фаризæт. Гыццийы ныхас та ногæй райхъуыст. Æцæг, ацы хатт бирæ ныллæгдæрæй. — Фаризæт, нæ митæ сæхи зæрдæмæ дæр нæ цæуынц. Æр- дæбон кастæ, лæппу куыд футтытæ кодта, уымæ? — Махоны куы фенис. Ницы хæссын комы. Фæлæ йæ бæгъ- нæгæй дæр куыд ауадзон? Хъус-ма, уайгæ та сæм кæд ныккæн- дзыстæм, уайгæ? Раст зæгъын хъæуы, сымахонтæ йæ куы нæ сæрра кодтаиккой, уæд æй ауадзынмæ дæр нæ хъавыдтæн. Но- джы ма мæм Бимболат минæвар куы ’рбалæууыд, уæд æнæ сразы дæр цы уыд!.. Гыцци, цыма Фаризæты ныхæстæ хъусгæ дæр нæ фæкодта, уый хуызæн ын ницы дзуапп радта. Æрмæст уаты дуарæй йæ сæр æрбадардта æмæ æрæджиау загъта: — Дæ резинæ дзабыртæ хæссыс, æви дæ батинкæтæ? — Резинæ дзабыртæ,— дзуапп радтон æз æмæ æндахыкъæ- бæл мæ риуы дзыппы нывæрдтон. Фаризæт мæм гыццийы га- лиу уæхсчы сæрты йæ сырх рус æрбадардта. — Резинæ дзабырты дæ къæхтæ уымæл кæндзысты! Ба- тинкæты куы ацæуат, уæд хуыздæр уыдзæн. 473>
— Батинкæты дæр цæуылнæ, фæлæ мæнмæ резинæ дза- •быртæ хуыздæр кæсынц,— куыдфæндыйы дзуапп ын радтон æз æмæ Фаризæтмæ бакастæн, гыццыл ма бахъæуа, уæхимæ тагъддæр ацу, мах гыцциимæ æнæ дæу дæр сарæхсдзыстæм, зæгъгæ йын ма зæгъон. Æмæ æцæг Фаризæт йæ раздарæны дзыппы йæ къухтæ фæ- сагъта æмæ уайтагъд къæлидоры йæ уæззау къæхты хъæр ссыди. «Иæ хъæбынтæй æппæлынмæ æрбацыд?» — мæхинымæр загътон æз æмæ мæ цыма гыцци хъусгæ фæкодта, уый хуызæн мæ ныхæстæй мæхæдæг фефсæрмы дæн... «Уæдæ цæуæм. Бимболаты цæхæрадоны бирæ диссæгтæ кæй уыдзæн, уый дызæрдыггаг нæу»,— хъуыды кæнын æмæ рага- цау мæ цæстытыл уайынц, дыргъты уæзæй зæу-зæу чи кæны, уыцы бæлæстæ. Стъалыджын арв. Бимболаты мусонг. Арты пихылæйттæ. Мæ хъусты зыланг кæны дымгæйы къуыс-къуыс. Бимболаты диссаджы рæсугъд таурæгътæ... Афтæ райдыдта нæ балцы зарæг... 1 Фæстæмæ згъорынц бæлæстæ. Цъæх-цъæхид, сыфтæрджын бæлæстæ. Фæндаг цыма йæ исчи донæй бапырх кодта, уый хуызæн æрттивы æвзист æртæхтæй. Цыма хурмæ стади. Бæ- лæсты бынты куы иуырдæм фæзилы, куы иннæрдæм, куы хæр- ды сызгъоры, куы та уырдыгмæ йæхи ауадзы. Зæу-зæу кæны нæ быны машинæ, суых-суых кæыынц йæ цæлхытæ над фæндагыл. Гом рудзгуытæй дымгæ лæбуры. Мæ сæрыхъуынтæ мын сæмхæццæ кодта. Кæцæйдæр зыгуымы муртæ скъæфы. Æрдæг- цъынд цæстæй кæсын быдыртæм, фæстæмæ чи згъоры, уыцы бæлæстæм. Хæхтæ, цыма улæфгæ кæнынц, уый хуызæн сæ’сæр- мæтæнæг мигъы фæлм бады. Машинæйы рудзынгæй кæсгæйæ сæстытæ сæрвасæны дæндæгты хуызæы сты. Хъæдрæбынты — иугай хъæутæ, хæдзæрттæ цыма нæ размæ рацæуынц, афтæ бæлæсты бынты бакъордтæ сты. Дзабе мæ фарсмæ бады. Æвæццæгæн æй машинæ сцагъта æмæ рæдзæ-мæдзæ кæны. Хатгай йæ сæр ме ’уæхскыл æрхауы. Мæ рæмбыныкъæдзæй йæ басхойын, æнæбары каст мæм æрба- кæны. Мæстæй йæм тъæппытæ хауын. Ахæм дзæбæх райсом 474
быдыртæ ма фен, хæхтæм ма скæс! Цыма мын ацы фæндæгтыл базæронд. Хуыссæджы дзæкъул!.. — Уæлæ уыцы хохæн йæ ном цы хуины, уый зоныс? — кæд дзы йæ хуыссæг айрох уаид, зæгъгæ йæ фæрсын æз. Дзабе мæм кæсгæ дæр нæ кæны, афтæмæй дзуры: — Ды сæ нырма фыццаг хатт уыныс, фæлæ ма æз дысон ■мæ фыны Бимболаты цæхæрадоны дæр балæууыдтæн. — Фынæйæ? — къахын æй æз. Фæлæ мын уый фæстæмæ дзуапп нæ дæтты. Йæ сæр мæ риумæ æртылд æмæ йæ фындзæй æхситт кæны. Ие ’хситмæ ма Бимболаты дæр фæстæмæ ракæ- сын кодта. Зæронд лæг ницы загъта, æрмæст мæм йæ сæрæй ацамыдта, уадз æй, ма йæ хъал кæн, зæгъгæ. Тæхы машинæ. Сæ сæртæй нын кувынц нартхоры æфсиртæ, дидинджытæ. Хосы мæкъуылтæ, цыма æмбæхсынтæй хъазынц, уый хуызæн æрдузты сæхи æрныллæг кодтой. Ранæй-рæтты сæ цъуппытыл бадынц цæргæстæ. Се ’ппæтæн дæр се ’ргом фæн- даджырдæм арæзт. Тæрсгæ дæр ницæмæй кæнынц. Цымæ уы- дон дæр Дзабейау фынæй сты. Таму Бимболаты фарсмæ бады. Рудзынгыл йæхи бакъул кодта æмæ æддæмæ кæсы. Æвæццæгæн ыи дымгæ йæ хъусы истытæ дзуры, æмæ хатгай йæ сæр рудзынгæй æддæмæ адары. Йæ фæсонтыл ноджы тынгдæр спæр-пæр кæнынц æфцæгготы кæрæттæ. Бимболат, æвæццæгæн, истæуыл хъуыды кæны, ницы дзу- ры. Уымæн дæр йæ нымæтхуды счъилтæ дымгæмæ змæлынц. Æрмæст йæ цыбыр æлвыд урс боцъо æмрастæй лæууы. Иу ба- кастæй æцæг Мичурины хуызæп у. Диссаг пæу, æвæдза, цас зонгæтæ йын ис! Станцæйы йын «дæ бон хорз» чи нæ загъта, ахæм нал баззад. Уæдæ машинæйы чи бады, уыдон дæр афтæ. Алырдыгæй йæ хабæрттæй фæрсынц. Се ’ппæтæн дæр худæн- былæй дзуапп дæтты. Уæлдайдæр, уæртæ йæ рахизфарс цы къæсхуыртæ зæронд лæг бады, уый. Станцæйы йæ махимæ лæугæ куы федта, уæд æм комкоммæ æрбацыд, пыхæсты бын æй фæкодта. Цæуыл дзырдтой, уый базопып мæ бæргæ фæн- дыд, фæлæ Дзабе æмæ Тамуйæн сæ удтæ дойпыйæ сцæйхау- дысты. Стæй машинæйы куы сбадтыстæм, уæд цæлхыты суых- суых æмæ дымгæйы къуыс-къуысæй сæ ныхæстæ дзæбæх пал хъуыстысты. Зæронд лæг Бимболатæи цавæрдæр хуыскъ бæ- лæсты кой кодта. Хæстæг кæцæйдæр топпы гæрах фæцыд. Нæ галиу фарс æрдузы сæрмæ мигъы цъупп ауыгъдæй аззади. Гæрахимæ дыууæ цæргæсы стахт æмæ уæлдæфы сфардæг сты. 475
— Гъеныр уый фыдгæнæг нæу, цæргæсты куыд мары? Цьь мæ йæ цы хъыгдарынц? — мæнырдæм кæсгæ дæр нæ ракодта,, афтæмæй загъта Дзабе æмæ йæ къубал рудзынгæй æддæмæ аивæзта, цæргæсты фæдыл диссагмæ кæсæгау каст.— Æгайт- ма аирвæзтысты,— куыддæр æхсызгон улæфт ныккодта Дза- бе.— Цæргæстæм кæсгæйæ мæ зæрдыл цы æрлæууыд, уый зо- ныс? Иухатт мæ фыдимæ Реданты дæр ахæм цæргæс федтам. Хæхтырдæм фæцæйтахт æмæ бæндæны лыггаджы хуызæн цы- дæр фæцæйхаста. — Æвæццæгæн, мæгуыр, йæ къæхтыл исты стыхст æмæ йæ. хъыгдары,— цæргæсы фæдыл кастæн, афтæмæй загътон æз. — Нæ, уый калм фæхæссы,— дзуапп мын радта мæ фыд.— Иæ лæппынтæн. Æвæццæгæн æм афонмæ искуы хохы цъассы æнхъæлмæ кæсынц. — Æмæ сын калмы маргæй тæссаг нæу? — бафарстон" та æз. — Калмæн йæ марг йæ сæры вæййы, йе ’взаджы бын. Мар- гæ дæр æй йæ сæрæй уымæн кæнынц. — Æмæ калмы уыцы бæрзондæй куыд фены? Куыд æй æрцахсы? Мæ фыд мын ме ’уæхск æрхоста æмæ йæ ныхас даргъ ауагъта: — О, о. Арвы цъæхæй бынмæ куы ракæсы, уæд зæххыл цы- дæриддæр ис, уыдон се ’ппæты дæр уыны. Суанг гыццыл мыс- тыты дæр... Мæнмæ мæ фыды ныхæстæ тынг диссаг фæкастысты æмæ цæргæсы фæдыл бирæ фæкастæн. Æмæ æцæг диссаг не ’сты? Афтæ дардæй зæххыл мыст фен,—дымгæмæ йæ цæстытæ ныцъ- цъынд кодта, цæргæсты фæдыл стæхын æввонг йæ цæнгтæ сис- та, афтæмæй дзырдта Дзабе. — Диссаг сты, уæдæ цы сты! — æппынфæстаг йæ хъæлæс райхъуыст Тамуйæн. Мæнæн æхсызгон уыд, Дзабе йæ фынæйæ кæй райхъал, уый. Бимболат æмæ Тамуйæн дæр, æвæццæгæн, къаддæр æх- сызгон нæ уыд. Бимболат нæм фæстæмæ ракаст, ацы хатт йе ’лвыд боцъо адаудта æмæ загъта: — Цы фестут? Бирæ нæ нал хъæуы. Уартæ рагъы бынмæ бæлæсты къох уынут? Гъеуæдæ нæ ныртæккæ машинæ уым балæууын кæндзæн... Мыртгæджыны... Бимболат та фæстæмæ хъуыдыты аныгъуылд. Дард кæ- дæмдæр каст, йæ цыргъ боцъойы кæрон йе ’нгуылдзты æхсæн 476
аеууæрста. Мæнмæ афтæ каст, цыма мах хуызæн уый дæр тагъд кодта хъæумæ. Æмæ, æцæг, уайтагъд къохы балæууыдыстæм. Дардæй кæс- гæйæ хъæуы хæдзæрттæ дыргъбæлæсты бынæй нæ зындысты. уЕрмæст скъолайы агъуыст хъæуы сæрты касти. 2 Хъæуы уынгты фæйнæрдæм фæкæс-фæкæсгæнгæ цæуæм. Бимболат нæ разæй. Дзабейæн йæ дзæкъул йæ фæсонтыл, йæ худ, йæ дзабыртæ йæ къухы, афтæмæй йæхи каурæбынтæм ласы. Йæ сæрмæ фырзадæй зæу-зæу кæнынц чылауитæ. Гæды фиумæ куыд кæса, афтæ сæм скæс-скæс кæны. Æвæццæгæн, Бимболатæй куы не ’фсæрмы кæнид, уæд сыл йæхи раджы асæрфтаид. Кæд цыфæнды уыд, уæддæр æй зæронд бафип- пайдта. Иу хæдзары дуармæ æрлæууыд. Кауы сæр — кæмæ- дæр бахъæр кодта: — Уæ райсом хорз! Уæ чылауитæй уын мæ сæныччытæн иу- чысыл ратонон? — Ратон. Æгайтма сæ чылауитæ хъæуы,— райхъуыст сыл- гоймаджы хъæлæс. Бимболат йæ къæдз лæдзæгæй бæласы къалиу æривæзта. Мах йæ алыварс амбырд стæм. — Сæ рæгъæдтæй сын ратонут,— загъта Бимболат æмæ къалиуыл йæ дынджыр къухæй ныххæцыди. Ноджы йæ тынг- дæр æртасын кодта. Карчы айчы йас сау-сауид чылауитæ сæкæрау дзыхы та- дысты. Дзабе сæ иу иннæйы фæдыл йæ дзыхы калдта. Мах дæр Дзабейæ фæстейы нæ задыстæм. Бимболат нæм диссагмæ кæ- сæгау каст. Стæй къалиу сабыргай суагъта æмæ нæ разæй араст. Æз мæхи Дзабемæ хæстæгдæр баластон. Чылауийæ йæ рус ракъуыпп, афтæмæй мæм йæ сæр батылдта, ома хорз сты, зæгъгæ. — Хæрдмæ дæр сæм уымæн скæс-скæс кодтай. Каурæ- бынты дæр уымæн дæхи ластай,— цыма сæм мæхицæн мæ комыдæттæ къаддæр уадысты, уый хуызæн ын æлхыскъгæнæ- гау загътон æз. Уый мæм йæ амонæн æнгуылдзæй бадодой кодта. — Афтæ æнхъæлыс, æмæ дæ нæ федтон, рыгæйдзагæй чы- лауи зæххæй куыд фелвæстай, уый? Цыма ницы ракодтай, уыйау мæм куы кæсыс? 477
Цы ма йын загътаин? Ноджы уыцы сахат, сæ чылауитæ кæмæн тыдтам, уыдоны гыццыл къæбыла бæстæ йæ сæрыл систа. Кауы зыхъхъырæй ныл йæхи раскъæрдта. Мæ хæлафы; фадыгыл мын ныззæгæл. Мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззад. Мæхи дзы иуварс аппæрстон. Фæлæ къæбылайæн йæ дæндаг мæ хæлафы фадыджы ныссагъд æмæ йæ хъис-хъисгæнгæ мæ- фæдыл аластон. Таму æмæ мыл Дзабе худæгæй бакъæцæл сты. Къæбыла дæр йæ цыппæртæ ныссагъта, хъыллист кодта. Стæй феуæгъд æмæ уымæ бакæсын — фæстæмæ ныббындз. Фæй- нæрдыгæй мæм кауы зыхъхъыртæй, тыргътæй хъæуы сывæл- лæттæ кастысты æмæ мыл худæгæй бакъæцæл сты. — Дæ фадыг дын нæ аскъуыдта, миййаг? — бафарста мæ Бимболат. Æмæ мæ разы дзуццæджы æрбадт. — Нæ. Ницы йын уыди,— мæ бæсты йын дзуапп радта Та- му, стæй мын мæ фадыг асгæрста. — Уæртæ дзы куыд фæтарстысты!.. Гыццыл къæбылайæ... Тæппудтæ, тæппудтæ... — йæ раззаг дæндæгтæ кæрдзыныл чи баивта, ахæм пыхцыл сæр чызг нæм рахъæр кодта кауы сæрæй. Гыццыл ма бахъæуа, æз ыл дур ма баскъæрон. Фæлæ Дзабе мæ уæлхъус алæууыд. — Цæй, уый та дын цы кодта? — Æмæ мæм уæдæ йæ дзыхæй цы кæсы... — Ацу æмæ йын йæхи бафæрс,— дзуапп мын радта Дзабе. Æмæ мыл йæ къух ауыгъта, фæстæмæ дæр мæм нал фæкаст, афтæмæй мæ разæй фæцагайдта. Æз æрмæстдæр уæд федтон, Бимболат æмæ Таму уынджы тигъмæ кæй схæццæ сты, уый. Æнæ дæндаг чызгмæ ма иу каст фæкодтон æмæ ме ’мбæлтты фæдыл азгъордтон. — Лидзгæ! Къæбыла дæ фæсуры!.. Хæцы дыл! — алырды- гæй мыл худынц сывæллæттæ. Мæнмæ та афтæ каст, цыма æцæг уыцы сахат мæ фыдбы- лызы къæбыла куы фæзындаид, уæд æй хъуыды дæр не ’ркод- таин. Цыма мыл цинтæ йедтæмæ хæцгæ нæ фæкодтаид. Ныр- ма мæ зæрдыл ныр æрлæууыд: цы рæсугъд къæбыла уыди. Иу бон æм Тамутæй æнæ ’рцæугæ нæй... 3 Бимболатты кæрт цинтæй, хъæбыстæй байдзаг. Тамуйьг фыды мад — ныллæггомау, къæсхуыртæ зæронд ус Дзыллæ — æппын зæххыл нал хæцыд. Тамуйæн ма цы акодтаид, уый нал 478
зыдта. «Мæ цæстырухс, мæ гыццыл къона!» — цынæ йæсхуыд- та, иу ахæм нал баззад. Мах Дзабеимæ тута бæласы бын лæууыдыстæм, дисгæнгæ кастыстæм, не ’мбал зæронд усы хъæбысы куыд аныгъуылд, уымæ. Дзыллæ Тамуйы куы суагъта, уæд йæ сæрбæттæны къаба- зæй йæ уымæл цæстытæ асæрфта æмæ нæ цурмæ æрбацыд. — Таму, кæй кой мын фæкæныс, уыцы Дзабеитæ сты? — О. Æхсарбег æмæ Дзабе,— цыма нæ фыццаг хатт фед- та, афтæ дзуапп радта Таму. Уæдмæ Бимболат фæстæмæ хæдзарæй рахызт. Æнæ ху- дæй. йæ куырæты æгънæджытæ уæгъд. Тыргътæй рахъæр- кодта: — Не ’фсин, цинтæ сыл уый фæстæ кæндзынæ. Исты хæри- наг уал сын фен. Ныртæккæ цæхæрадонмæ цæуæм. Хæдæгай, уыцы згъæлæццæгтæ нæма аластой? — Аластой. Фæлæ та дысон дымгæ кодта æмæ сæ бынтæ афонмæ дыргъæй байдзаг сты,— дзуапп радта зæронд ус.— Цомут, мæ гыццыл хуртæ. Фæндаг даргъ у, æмæ, æвæццæгæн, сæххормаг стут... Раст зæгъын хъæуы, уыцы рæгъæд чылауиты фæстæ мæп- мæ хæрын нæ цыд. Дзабемæ цы зæрдæ уыди, уымæн ницы зыдтон æмæ йæм фæрсæджы каст бакодтон. Уый мæм йæ сæ- рæй ацамыдта, цом, зæгъгæ. Хъарм æхсыр пух дзулимæ... Хуыздæр ма цы уа! Æхсырæн йæ фынк йæ сæрыл сбадт. Сыр-сыр кæны. Мидæгæй фыцы. Гыццыл урс-урсид цæппузыртæй хъазы. Уæд йæ тæф та! Цыма дзы быдираг дидинджытæ зайы. Æвæццæгæн, аргъæутты дæр æхсыры цады кой уымæн арæх фæкæнынц. Дзул дæр афтæ — йæ арыд фарс нæм сарæзта, йæ сыгъд цæстытæй нæм кæсы. Таму йыл Бимболаты кард цалдæр уагъды акодта. Дзулæп йæ тæф скалд. Нарæг уадздзæгтæй тæбæгъыл æрфæлдæхт. — Уынгæ ма йæ фæкæнут, уынгæ... Нанайы дзул мæм ин- нæ дзултæй адджындæр кæсы. Афтæ нæу? — ыæ разы нын дзу- лы кæрстытæ æвæры, йæхицæй ныббузныг, афтæмæй нæ фæр- сы Таму. ^- М-м-м...— йæ русмæ амоны, йæ сæр тилы Дзабе æмæ* йе ’нгуылдзæй йæ тыппыр рус рæхойы. Æз дæр, цыма къутуйы бынæй раирвæзтæн, уый хæрд кæ- нын. Уæдмæ Тамуйы фыды мад кæртæй æрбахызт. Йæ раздарæ- 479^
ны дзаг фæткъуытæ ’мæ кæрдотæ æрбахаста. Стъолыл сæ æр- калдта æмæ загъта: — Лæппутæ, æрмæст сыл-иу хæлæф ма фæкæнут... Æна- хуырæй дзы уæ гуыбынтæ фæрисдзысты. Хæлæг уын сæ нæ кæнын. Уыйбæрц дæр уæ хъæуæд. Зæронды дыргъдоны ахæм фæткъуытæ æмæ кæрдотæ ис... Уæвгæ сæ уæхæдæг фендзыс- тут. Цæй гуыбын æмæ цæй æндæр, Дзабе йе ’хсыры къус не ’ппæты разæй авдæлон кодта æмæ кæрдотæн сæ дзæбæхдæр- тæй цалдæр йæхирдæм æрбассывта. Цыма афтæ дзырдта, æз мæ гуыбыныл мæ зæрдæ дарын, зæгъгæ, уый хуызæн кæрдо ’фæдфæдыл дыууæ русы ныккодта. Æз ын аивæй йæ къахыл ныллæууыдтæн, бирæгъы лæбурд ма кæн, зæгъгæ йын йæ хъу- сы бадзырдтон. Уый Тамуйы фыды мадмæ йе ’ргом аздæхта æмæ хъæрæй бафарста: — Æццæй нæ, адон нын хæрынмæ не ’рбахастай? — Уæдæ? Хæрут, æз ма уын ноджыдæр æрбахæсдзынæн,—’ загъта зæронд ус æмæ йæ бынатæй сыстад. Дыргътæ хæссынмæ йæ нал ауагътам. Æрмæст æм чысыл фæстæдæр Бимболат кæртæй æрбахъæр кодта æмæ уымæ ацыд. Æз мæхи Дзабемæ хæстæгдæр баластон. — Хъусыс, дæ фырзыд æмæ дæ кæрæфæй исты куы кæнай, уæд дæм нæ къух дæр нæ бакæндзыстæм. Бамбæрстай? — мæ маст ыл акалдтон æз. Уый мын, йе ’ууилын нæ ныууагъта, афтæмæй дзуапп радта: — Дæ хорзæхæй, мæнæн дæ зонд амонæгæй рарвыстой, æви мæ мад дæ? Цы мæм фæныхил-фæныхил кæныс? Дзабе сцырын. Æз дæр ыл мæ къух ауыгътон: — Цы дæ фæнды, уый кæн. — Цæй, куы нæма æрхæццæ стæм, æмæ уæ кæрæдзимæ куы фестут. Куы цыдыстæм, уæд ныхас куы бакодтам, кæрæдзимæ хъусдзыстæм, зæгъгæ,— йæ ныхас баппæрста Таму. Уымæн дæр та дзуапп ссардта Дзабе: — Æмæ мæм хæрын куы цæуа, уæд кæмæ хъуамæ хъусон? Цæй, уæ цæстытæ мæм цы ныдздзагъыр кодтат? Нал мæ хъæ- уынц уæ кæрдотæ! — йæ бинаг был кæуыны размæйы змæлд скодта Дзабейæн. Фæхылмæ нæ бирæ нал бахъуыд. Уыцы сахат Дзыллæ хæдзармæ куынæ ’рбахызтаид, уæд Дзабейæн æнæ исты маст скæнгæ нæ фæуыдаиккам. 480
— Таму, зæронд дыргъдонмæ фæцæуы. Исты ахæрут, кæд, миййаг, уырдæм цæут...— загъта Дзыллæ. — Ныртæккæ,— йæ хæдоны дысæй йæ былтæ асæрфта Дзабе æмæ йæ бынатæй фæгæпп кодта. Мах кæртмæ рацыдыстæм. Исдугмæ Дзабемæ сдзурынмæ дæр нæ хъавыдтæн. Мæхи барæй фæстейы урæдтон. Фæлæ йæм æнæ сдзургæ кæй нæ фæлæудзынæн, уый æмбæрстон. Цыма æппын никуы ницы федта, уый хуызæн йæ алывæрстæм æды- лыйы ракæс-бакæс систа. Иуфарсырдыгæй йæ хæдоны фæдджи æрзæбул, йæ гуыбын размæ ракъуыпп, афтæмæй узгæ-узгæ уынджы араст. Ныззылынтæ. «Мах цæстмæ афтæ кæны»,— зæгъынмæ хъавыдтæн Таму- йæн, фæлæ Дзабе йæхæдæг фæраздæр: — Уæ къæхтыл дуртæ баст и?.. Размæ уын куынæуал æн- тысы... — Куыройы фыдтæ,— дзуапп ын радта Таму. Дзабе æрлæууыд. Иæ хæдоны фæдджи йæ хæлафы комдæ- лы нытътъыста æмæ мæм йæ къух æрбадаргъ кодта: — Цæй, цы ныддымстæ? Мæнау фараст чылауийы æмæ фондз кæрдойы куынæ бахордтай, миййаг. Бафидауæм... — Æмæ хыл куынæ стæм... — Не ’стæм... Уæдæ дæ дзыхыл гуыдыр æвæрд ис, цæуыл- нæ мæм исты дзурыс? — йæ цъæх цæстытæ хатыр курæджы каст кодтой, йæ хæмпус былтæ, кæд не ’змæлыдысты, уæддæр цыдæр дзырдтой, йæ фындзы фæрстæ кæсаджы хъустау змæ- лыдысты. «Цæй, бафидауæм»,— куырдта мæ йæ дзыгъуыртæ цæсгом. Мæ зæрдæ та йæм нал фæлæууыд, æмæ йæм мæ къух бадаргъ кодтон. Хъæугæронæй рахызтыстæм. Дзабе, цыма не ’хсæн æппын- дæр ницы ныхас рауад, уый хуызæн ме ’уæхскыл йæ цонгæй æрæнцад, афтæмæй гæппытæгæнгæ мæ фарсмæ згъордта. Æвæццæгæн ын уыцы хæрды фæстæ уæлдай змæлд зын уыд æмæ хæстулæфт кодта. 4 Бимболат нæ райхъал кодта. Хур нæма скаст, фæлæ горæ- тырдыгæй арв хъулон дардта. Цынæ хъæлæстæй уасыдысты цъиутæ! Бæлæсты къалиутыл гæппытæ кодтой, алы æвзæгтæй цъыбар-цъыбур систой. . . Стæй хур йæ цалхыдзагæй стылд. Бæлæсты цъуппытæ ссыгъта. Бæстæ æгасæй цъиуты зард сси. 31 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 481
Бимболат йæ нымæтхуд систа, йе ’ргом хурырдæм аздæхта, йæ цурмæ нæм фæсидт æмæ цавæрдæр ныллæг хъæлæсæй загъта: — Бон райхъал... Цъиутæм хъусут, куыд цин кæнынц! Рай- сомы хурыскаст зæрдæйы рухс у, Бабайы кæрчытæ. Макуы уае æрæййафæд фынæйæ,— загъта Бимболат æмæ йæ къухы аууо- нæй арвмæ акасти. Ие ’нæдаст цæсгомыл, йæ гом ныхыл ахъа- зыдысты хуры тынтæ.— Дидинджытæм ма кæсут, дидинджы- тæм. Сæхи хурмæ куыд аздæхтой. Цомут ныр нæхи æхсын- мæ,— Бимболат донырдæм араст. Мах дзы нæхи фæразæй кодтам. Уайтагъд доны был балæу- уыдыстæм. Дзабе тæхгæ-тæхын йæ дзаумæттæ фелвæста. Мæ къухы мын сæ фæуагъта æмæ уайтагъд доны смидæг. Мах дæр йæ фæдыл нæхи бакалдтам. Бимболат доны былæй касти, йæ мидбылты худт, цыма нын афтæ дзырдта: — Бон райхъал... Фынæйæ уæ макуы æрæййафæд райсомы хурыскаст... Райсомы хурыскаст чи нæ фена, уый æнæхъæн бон сафы. Æнæхъæн бон чи фесафа, уый та цард æнæхъæнæй сафы... Бон райхъал, Бабайы кæрчытæ... Нæ зæрдыл бадардтам Бимболаты ныхæстæ. Раздæр-иу нæ чи райхъал, уый хъал кодта иннæты. Æцæг, Бимболаты загъ- дау, алы хурыскаст дæр уыди æрмæстдæр йæхи хуызæн, йæхи зарджытимæ, йæхи дымгæйы улæфтимæ, йæхи зæрватыччы тахтимæ. Бимболат махæй бирæ раздæр сысты. Боныцъæхтыл. Цæ- хæрадоны къуымты разилы, стæй доны был къуыбырыл слæу- уы æмæ хурыскæсæнмæ йе ’ргом аздахы. Ныхъхъус вæййьк Цъиуты зарынмæ, уддзæфы сыбар-сыбурмæ... Таурæгъ та уыди хъæбатыр цæргæсыл... 1 Мæй сабыргай стулы. йæ фæлурс тынтæ Урсдоны гуыл- фæнты сæхи найынц. Бимболат мусонджы фарсмæ бады, донмæ кæсы æмæ нын дзуры йæ фыццаг таурæгъ... — Лæппу ма уыдтæн, афтæ мæ иухатт мæ фыд йемæ цуаны акодта. Боныцъæхтыл ацыдыстæм. Сихæрттæм хæхтыл фæра- хау-бахау кодтам. Ницы нæ къухы бафтыд. Бафæлладыстæм. 482
Иуран, сихор бахæрæм, зæгъгæ, суадоны был æрбадтыстæм. Фыд мын айнæджы тигъмæ бацамыдта: — Кæсыс, цæргæсы ахстон... Иухатт мæ фыдимæ ам цуаны уыдыстæм, æмæ мын ахæм таурæгъ ракодта. Раджы кæддæр уæлæ уыцы хохы цъуппыл цардис дыууæ цæргæсы. Бирæ лæппынтæ сын рацыд. Уæд иуахæмы мадæл цæргæс æррынчын. Йæ бон стæхын нал уыд. йæ тыхджын ба- зыртæ йæ сисын нал фæрæзтой арвы цъæхмæ. Æнкъардæй касти хохы цъассæй æмæ йæ цæстытыл уадысты йæ рагон хæ- тæнтæ. Фæлæ йæ цæстыты зынг бонæй-бон тардæр кодта, дард- мæ нал уыдта. Слæмæгъ йæ зæрдæ. Цæргæс та æнæ базырæй, æнæ зæрдæйæ, æнæ цæстытæй цæргæс нал вæййы. Цыдысты бонтæ, мæйтæ. Бынтон æррынчын мад. Æмæ уæд йæ лæппынтæм фæсидти. Загъта сын: — Хъусут, мæ хъæбултæ, æз уын мæ фыццаг балцы хабар ракæнон. Уый раджы уыди, тынг раджы. Сымах цахъхъæн уыдаин, афтæ мын мæ мад иу райсом загъта: «Нырмæ дын мæ бон цы уыди, уый фæкодтон. Мæ комы- комдзæгтæй дæ фæхастон. Абонæй фæстæмæ дæхи тых, дæхи хъаруйæ уыдзæни дæ цард. Цæргæс!.. Нæ ном нæ уæлæ ис. Тымыгътæ, уад, зилгæдымгæтæ. Æппынæдзух — тох. Афтæ у нæ хъысмæт. Афтæ уыдзæн дæ цард дæр. Абон зынтæн цас фылдæр бафæразай, уыйбæрц дын райсом æнцондæр уыдзæн. Зынтæй цы бон фæтæрсай, уыцы бон уыдзæни дæ мæлæты рай- дайæн. Цом ныр мемæ. Мæ мады мад ма æгас куы уыди, уæд мын иуран бацамыдта хæххон суадон. Уыцы суадонмæ уыди иу миниуæг: йæ донæй-иу чи фæхъæстæ, уымæн тымыгъ тых нал кодта. Атахтыстæм. Æз мæ мады алывæрсты рогæн тахтæн. Куы иуырдæм, куы иннæрдæм. Афтæ мæм каст, цыма никуы бафæл- лайдзынæн. Æмæ мæ мад мæ фæдыл каст, ницы дзырдта, æвæццæгæн ын æхсызгон уыд, тæхынмæ хорз кæй арæхстæн, уый. Стæй иуахæмы мæ фæрсты æрбатахт æмæ мæм дзуры: — Дæхи æгæр ма фæллайын кæн, зынтæ нырма разæй сты... Æз ын йæ ныхæстæм мæ хъус не ’рдардтон. Афтæ мæм каст, цыма арв æппынæдзух цъæх уыдзæн, дымгæ мын мæ базырты рог кæндзæн. Стæй æнæнхъæлæджы дымгæ сыстад. Ныффуттытæ кодта, куы мæ иуырдæм ахæссы, куы иннæрдæм. Цавæрдæр тас ба- ць1д мæ зæрдæйы. Цыма мын исчи мæ базыртæ бабæттынмæ 483
хъавыд. Мæ мадмæ мæхи хæстæгдæр баластон.. Уый мæ й& базырæй фæцагайдта, æрбакаст мæм, стæй æрæджиау загъта: — Фидар лæуу. Нырма зынтæ-ныррайдыдтой. Æмæ æцæг, цас дарддæр тахтыстæм, уыйбæрц арв тызмай- гæй-тызмæгдæр кодта, дымгæ тынгæй-тынгдæр ниудта. Стæй их ныууарыд. Æз æнхъæлдтон, уæдæ искуы æрбаддзыстæм^ цалынмæ ацы хъаймæт фæуа, уæдмæ нæхи искуы бафæсвæд кæндзыстæм. Нæй, мад йæхи бæрзондæй бæрзонддæр исы. Иæ базырты æхситт мæ хъустыл уайы. Дымгæ мæ ныхмæ æрлæууыди. Размæ мæ нал уадзы. Цæх- гæрмæ мæ ахæссы. Мæ базыртæ мын сæ рæбынтыл куы стона, уымæй дæр дзы стæрсын. Хъæр кæнын, сидын мæ мадмæ, фæ- лæ мæ уый хъуыды дæр нæ кæны. Цыма ууыл их нæ уары, цыма дымгæ йæ иувæрсты тæхы, уый хуызæн мигъты фæныгъуылы. Бафæлладтæн. Бынтондæр бастадтæн. Мæ базыртæ мæ коммæ нал кæсынц. Иунæгæй баззадтæн мæ фыццаг зынтимæ, мæ фыццаг фыдбонимæ. Тæхгæ нал, фæлæ’мæ дымгæ хус сыф- тæрау скъæфы кæдæмдæр. Айнæг хохмæ мæ комкоммæ фæ- хæссы. Ныппырх мæ кæндзæн ныртæккæ къæдзæхы фарсый: Кæд мæ иувæрсты ахæссид, зæгъгæ, мæ фæстаг тыхтæй арха’- йын дымгæйы ныхмæ. Дзæгъæлы. Стæй мæ æваст чидæр мæ базырæй ацахста. йæ фидар дзæмбытæй мæ хохы сæрты аскъæфта... Уый уыди мæ мад. Уарын банцад. Банцад йæ ниуынæй дымгæ дæр: Иу уæлхоХ быдыры бæласы къалиуыл æрбадтыстæм æмæ мæм мæ мад дзуры: — Нырма дыл ахæм бонтæ бирæ скæндзæн. Цал уыдзысты, уый дын æз дæр нæ банымайдзынæн. Æрмæст иу хъуыддаг дæ зæрдыл бадар. Размæ бырсæг æмæ фæстæмæ лидзæгæн иухуы- зон зæрдæтæ нæ вæййы. Размæ бырсæг ныфсы зæрдæйыл фæ- тæхы, фæстæмæ лидзæг та саст базыртыл... — Æмæ уæд йед та... Суадон. Ссардтой ма йæ? — Бимбо’- латы хынцфарст акодта Дзабе. — Ссардтой... Бирæ зынтæ ма федтой, бирæ мæгуыр бонтæ ма сыл скодта, фæлæ йæ уæддæр ссардтой,— дзуапп радта Бимболат æмæ ныл йæ цæстæнгас ахаста.— Лæппын цæргæс ма тыхтæ æмæ амæлттæй баирвæзт суадонмæ. Стæй суадонЫ донæй куы фæхъæстæ, йæхи дзы куы цынадта, уæд йæ тыхы бацыд, ныфсы базыртæ йæ систой арвы уæрæхмæ. Цæргæстæ куыннæ байхъуыстаиккой сæ мады таурæгъмæ! Загътой йын: 484
— Ныххатыр нын кæн, нæ мады хай. Ды не ’ппæты дæр ахуыдтай уыцы фæндæгтыл, не ’ппæты дæр ды сахуыр кодтай тæхын, зынтæн фæразыныл. Зæгъ нын, цæмæй дын бафидæм дæ хæрзтæ? Мадæл цæргæс сын загъта: — Æз бирæ фæцардтæн. Бирæ федтон. Уыцы дард фæнда- гыл атæхынæн нал бæззын ныр. Æрмæст ма мын кæд истæмæй хорз фæуын уæ зæрды ис, уæд ма мæ уыцы суадоны донæн фæхъæстæ кæнут. Лæппын цæргæстæ фæстæмæ дæр нал фæкастысты, сæ ба- зыртæ сцагътой æмæ суадоны дон хæссынмæ атахтысты. Ма- дæл цæргæс сæ фæдыл бирæ фæкаст. Æгайтма уæ ныййарæ- джы хæрзтæ бафидынмæ нæ фæзивæг кодтат, зæгъгæ ма загъ- та, йæ цæстытæ донæй айдзаг сты æмæ йæ уд систа. — Дон дæр ын ницыуал феххуыс, Баба? — и>цасдæр æнæ исты дзургæйæ куы абадтыстæм, уæд йæ фыдыфыдмæ хæрдмæ скаст Таму. — Ницыуал, мæ хур, Таму. Ницыуал... — Æмæ ардæм дард у уыцы суадон? Исчи ма йæм цæуы?— мæ ныхас баппæрстон æз дæр. — Нæ зонын. Æз дзы мæхæдæг никуы уыдтæн, фæлæ йæ чи федта, уыдон йæ кой арæх фæкæнынц. Чи йæ иу комы хоны, чи та иннæ комы... 2 Мæй мусонджы сæрмæ ныллæууыд. Йæ рухсмæ доны уы- лæнтæ тыбар-тыбур кæнынц. Хæхтæ, цыма абонæй хæстæгдæр фесты — аргъауы уæйгуытау сæ сæртæ бæрзонд систой. Дар- дыл фæлгæсынц. Сабыр у бæстæ. Æрмæст Урсдон зары йæ фынæйгæнæг зар- джытæ. Дæргъвæтинæй. Уыциу хъæлæсæй. Æвæццæгæн, цъиутæ дæр сæ ахстæтты бафынæй сты,— иу сыбыртт сæ нал хъуысы. Мусонджы сæрмæ бæласы сыфтæртæ змæлынц. Доны хъæр ма сын кæдæмдæр скъæфы сæ сусæг сыбар-сыбур. Чингуыты арæх фæфыссынц мæйрухс æхсæвты тыххæй, го- рæты дæр сæ фенын. Фæлæ æцæг афтæ рæсугъд сты, уый ныр- ма ныр бамбæрстон. Мæйы цæрджытæ нæй, уый мæ нæ уырны. Уæдæ уыцы денджызтæ, уыцы дæттæ æнæ адæймагæй цæмæн хъæуынц? Уæвгæ уый Гагаринитæй хуыздæр чи зондзæн? Уы- донæй хæстæгдæр æм ничима уыди. Цымæ дзы, Бимболат цы 48Б
суадоны кой кодта, ахæмтæ нæй? Уыдзæни! Æнæмæнг дзы уыдзæни ахæм суадæттæ!.. 3 Хуыссынц Тамуитæ хус кæрдæгыл. Æрмæст Бимболат ам нæй. Чысыл раздæр сыстад, йæ зæронд палто йе ’уæхсчытыл баппæрста, йæ берданкæ райста æмæ цæхæрадонырдæм кæ- рæтты ацыд. Кæм та зилы, хæйрæг йæ зонæг! йæ хуыссæджы фæдыл берданкæимæ зилы. — Уæддæр мæм хæстæг нал цæуы æмæ йыл куы фæхæст уаин, уæд æй берданкæйæ агæрах кæнин,— æхсæвы йæ хуыс- сæны рафт-бафт куы сисы, уæд æцæгхуызæй фæдзуры Бимбо- лат. Искуы ма хуыссæгæн амарæн ис! Уæлдайдæр топпæй... Æз кæсын доны тыбар- тыбурмæ. Хъусын доны зарджытæм. сыфтæрты сусу-бусумæ. Хатгай стъалы ратæхы æмæ цæхæр- калгæ кæмдæр хæхты фæстæ ныххауы. Æрмæст мæй лæууы йæ бынаты. Æдзынæг кæсы. Тæхгæ дæр никуыдæм кæны. Цæмæй хæхты æхсæвы мæйдар ма æмбæхса, дон æвзист цæппузыртæй æрттива, дымгæ бæлæсты сыфтæртимæ сусæгæй дзура, Бимбо- лат йæ къах мацæуыл скъуыра, æвæццæгæн, мæй ацы æхсæв афтæ ирд цæстæй уымæн кæсы. Дзабе базмæлыд. йæ сæр мæнырдæм разылдта. «Æвæццæгæн, йæ фыны исты федта»,— хъуыды кæнын мæ- хинымæр æмæ йæм æз дæр ме ’ргом раздæхтон. Йæ хъарм ко- мы тæф мæ былтыл ауад. Стæй мын мæ хъусы дзурæгау загъта: — Æхсар, фынæй нæ дæ? Цæуыл хъуыды кæнын, уый зоныс? — Цæуыл? — Бимболатыл... Æз Дзабейæн раджы бафынæй æнхъæл уыдтæн. Тымбылы хуызæн хуыссæджы дзæкъул уыйбæрц бафæразæд. Стæй Бим- болатыл цæмæн хъуыды кæны? Йæ зæрдыл кæцæй æрлæууыд æмбисæхсæв? Дзабе йæ хуыссæны рабадт. Æз ын йæ дыс æривæзтон. — Æрхуысс. Бимболат æрбацæуы... — Нæ, уый бæласы къалиуты къæрцц уыди. йæ фырза- дæй,— дзуапп мын ратта Дзабе. (Ничи йæм кæсы, цытæ зоны. Мæнмæ та кæйдæр къахдзæфты хуызæн кастысты). — Уæдæмæ райсом уыцы суадонмæ цом. Бимболатæн дзы 486
æрхæссæм, æмæ уымæй куы баназа, уæд сног уыдзæн, ницыуал дзы рисдзæн. Æхсæв-бонмæ куыд фæхъæрзы, уымæ кæсыс? ’Нæхи дæр дзы ныннайдзыстæм,— ныллæг хъæлæсæй дзуры дарддæр Дзабе.— Цы ныхъхъус дæ? Дæ ныфс нæ хæссыс?.. — Ныфсæй нæу... — Уæдæ? — Уæдæмæ нæ Бимболат куынæ ауадза... Стæй нын Таму акомдзæн? — Акомдзæн. Хъæлæсмæ йæ æрæвæрдзыстæм. Мах — дыу- уæ, уый — иу. Æрмæст, суадонмæ цæуæм, уый Бимболат куын- нæ базона, афтæ. — Æмæ уæдæ цы ’фсонæй? — Æрыскъæфтæ тонынмæ цæуæм, зæгъгæ, доны былты бафардæг уыдзыстæм. Фæндаг кæуылты цæуы, уымæ изæры кастæн. Фæстæмæ тагъд раздæхдзыстæм. — Афтæ хæстæг ын æнхъæл дæ? — мæ зоигуытыл рабад- тæн æз. — Уæлæ кæсыс, хæхтæ нæ тæккæ сæрмæ куы сты. Уай- тагъд уым балæудзыстæм... — Æмæ суадоны нæхи ныннайдзыстæм, фæлæ дзы хæсгæ та цæм ракæндзыстæм? — Уый дæр мын хъуыдыгонд у. Бимболатæн йæхи дурыны. Уый мæ бар фæуæд. Боныцъæхыл доны фаллаг фарс уыдзæн... Дзабе сцырын. Ныллæууыд, Тамуйы райхъал кæнæм, æмæ уый дæр æххæст хъуыддаг зона, зæгъгæ. Æмæ йæ, æвæццæгæп, хъал дæр ракодтаид, Бимболат куынæ уыдаид, уæд. Мусон- джы фæстæ зæрондæн йæ хуыфын ссыд. Мах нымæты бын тарст мыстытау абырыдыстæм. Тæнзæрдæйæ хъæбатыр нæй... 1 Райсомæй хур нæма скаст, афтæ мæ Дзабе райхъал кодта. — Уæлæмæ, цæуын хъæуы,— йæ пыхцыл сæрыхъуынтæй хосы хæлттæ хæдзарæн лæджы каст кодтой, афтæмæй Тамуйы фарсмæ «лæууыд Дзабе. Цы базонын ма мын æй хъуыд, Таму дæр кæй сразы, уый. Бимболат зынæг нæма уыди. Æвæццæгæн та згъæлæццæг^ тæ уидзынмæ ацыд. — Æз дурын хæссын. Доны фаллаг фарс уæм æнхъæлмæ 487
кæсдзынæн,—загъта Дзабе æмæ йæ дзæкъул йе ’уæхскмæ бап- пæрста.— Фæндаггæгтæ дæр мемæ хæссын... — Фæндаггæгтæ? — ныддис кодта Таму. — Фæндаггæгтæ. Дзул, фæткъуытæ, кæрдотæ. Мæ иннæ æмбæхсæнмæ дæр ма бавнæлдтон. Æрмæст адонæн дæр æм- быд æнхъæл ма у,— загъта Тымбыл æмæ куыддæр фефсæрмы- гомау. Æвæццæгæн, æнхъæлдта, уæдæ та йæ ныртæккæ Та- муимæ, айразмæ мах сусæгæй хæмпæлты фæткъуытæ кæй бамбæхста, уый тыххæй уайдзæфты бын фæкæндзыстæм. Раст зæгъын хъæуы, уæд ын хорз фестæм. Иæ рæдыдыл куынæ ба- састаид, Бимболатæн мæ ма схъæр кæнут, зæгъгæ нын куынæ балæгъстæ кодтаид, уæд ма афонмæ дæр кæрæдзимæ хæцаг галты каст кæниккам. Кæд ын æй нæ загътам, уæддæр ыл нæхинымæр ном дæр сæвæрдтам — «Æмбыд фæткъуы» (йæ фæткъуытæ æмбæхстæй хæмпæлты кæй бамбыдысты, уый тыххæй). — Ноджыдæр та æмбæхсæн? — йæ дынджыр цъæх цæсты- тæ йæм сдзагъултæ кодта Таму. — Фæстаг æмбæхсæн... Цæй, мауал лæуут. Æз уæм уæртæ хæрисы бын æнхъæлмæ кæсдзынæн. Æмæ Дзабе фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй æд дурын, æд хызын донырдæм араст. Æз æмæ Таму Бимболатмæ азгъордтам. Кæд нæхи цыфæн- ды хъæбатырхуызæй æвдыстам, уæддæр пыл, æвæццæгæн, Бимболат фæгуырысхо. — Цы кодтат, цæуыл тыхстхуыз стут?—нæхæдæг ын зæгъ- гæ дæр ницыма кодтам, афтæмæй нæ бафарста Бимболат. — Баба, мах æхсæртæ тонынмæ цæуæм,— тыххæйты сфæ- рæзта Таму. — Æххормагæй? Нæ, нæ. Ныртæккæ зæронд æрбацæудзæн. Нæхи истæмæйты афсаддзыстæм, æмæ уын уæд æхсæртæ то- нын дæр æнцондæр уыдзæни. — Æххормаг нын нæу. Дзул æмæ кæрдотæ бахордтам,— мæхи йæм бакъултæ кодтон æз. Бимболат сразы. Доны былмæ нæ бирæ нал хъуыд, афтæ Таму æнкъард хъæлæсæй загъта: — Бабайы кæй фæсайдтам, уымæй хорз нæ бакодтам... . — Сайын хорз бæргæ нæу, фæлæ... Уартæ кæсыс? — доны фаллаг фарсмæ йын ацамыдтон æз. Дзабе хæрисы бын лæууыд æмæ нæм йæ къух тылдта, тагъддæр рацæут, зæгъгæ. 488
2 Хур дзæвгар суад. Бæстæ райхъал. Хъæд æгасæй цъиуты зарæг фестад. Цынæ хъæлæстæй зарынц! Кæд махыл цин кæ- нынц? Сауцъиутæ, дыгоппон, дзылы. Арвы цъæхы сфардæг сты цæргæстæ. Исдугмæ мæм афтæ кæсы, цыма сæ мидбынаты лæууынц, цыма сæ базыртæ махмæ тилынц, рæвдздæр, мах дæр уыцы суадонмæ тæхæм, зæгъгæ. Æмæ цæуæм. Нарæг фæндаг згъоры нæ разæй. Куы хæрды суайы, куы цæхгæр фæзилы, куы та доны сæрты багæпп кæны. Нæ къухы аууæттæй скæсæм цæргæстæм. Цавæрдæр ныфс нын уадзынц нæ зæрдæты. Сидынц нæм... — Уæлæ уыцы хохрæбынмæ куы бахæццæ уæм, уæд ахо- дæн бахæрдзыстæм,— разæй, фæндаджы галиу фарс цы бæгъ- нæг хох лæууы, уымæ амоны Дзабе.— Ныр уыцы хохы цъуп- пыл фест. Хæрзаг бæрзонд у. Уырдыгæй горæт дæр зындзæн... — Зындзæн,— цыма хохы цъуппыл лæууы, кæнæ уым иу-цалдæр хатты фæци, уый хуызæн фидарæй дзуры Таму. — Горæт зындзæн, фæлæ, цымæ, суадон та?—цыма уыдон мæнæй фылдæр зыдтой, уый хуызæн сæ бафарстон æз. Дзабе та йæхи фæразæй кодта: — Уырдыгæй алцыдæр зыны. Куыд бæрзонд у, уымæ кæсыс? — Фæндаг дæр æм ис,— уыцы æцæгхуызæй йыл бафтыдта Таму. — Уыдзæни. Нæ горæты туристтæ цы хохы цъуппæй. иæ ракастысты, иу ахæм сын куынæуал баззад,— йæ фарс фæлæууыд Дзабе. Æз мæ худын нал баурæдтон: — Туристтæ... Æз дзы Дзабе æмæ Таму-туристтæ никуыма фехъуыстон. Цæмæй йæ базыдтай, ф-æндаг дзы ис, уый? — Алы хохмæ дæр вæййы фæндаг. Уæдæ цуанæттæ кглм вæййынц, æнхъæлыс? Баба дæр цуанон уыди. Уый мын сæ дзырдта,— йæ фындз йæ тымбыл къухæй асæрфта, афтæмæй мæм æлхынцъæрфыгæй æрбакаст Таму, цыма афтæ дзырдта: ды сæ Бабайæ хуыздæр зоныс? — Иугæр кæд Бимболат афтæ загъта, уæд уый раст у,— сразы дæн æз. — Æвæццæгæн, Бимболат ацы рæгътыл бирæ хæттыты суади, — хохы цъупмæ хæрдмæ кæсы, афтæмæй дзуры Дзабе дæр. 489
— Баба кæм нæ уыд, ам ахæм хох нæй. Иухатт ма дзы дзæбидыр дæр æрцахста. — Уый дæр йæ фæстаг къахæй,— гыццыл ма бахъæуа, Тамуйы ныхасыл ма ныппыррыкк кæна Дзабе. — Æмæ дæм цы диссаг кæсы? Дуры аууон бамбæхст, æмæ дзæбидыр йæ рæзты куы ’рцæйцыд, уæд ыл йæхн ныццавта. йæ фæстаг къахæй йæ рацахста. Стæй цæййас уыд, уый зоныс? Галы йас... — Дæхæдæг æй дæхи цæстæй федтай? —Дзабемæ мæ цæст æрныкъуылдтон. — Мæхæдæг æй... Уынгæ йæ нæ фæкодтон, фæлæ... — Фæлæ йæ хъуыды æркодтон,—æмдзыхæй загътам мах. —- Æмæ уæм дзæбидыр æрцахсын цас диссаг кæсы? Æз иу чиныджы кастæн... Стæй Баба куыд тыхджын у, уый зонут? Иæ цæнгты нуæрттæ мæнæ ацы уисæй ставддæр сты,— хæрисы къалиумæ бацамыдта Таму. Стæй махырдæм цæхгæр фæ- зылд.— Цæй, кæд цæуæм, уæд цомут... Уыцы сахат комы нарæгæй машинæйы хъæр райхъуыст. Фæндаджы рыг мигъау йæ сæрыл сбадт, афтæмæй комы нарæгæй рахызт. Нæ цурмæ куы ’рхæццæ, уæд дзыхълæуд фæкодта. Шофъф йæ сæр кабинæйæ радардта, бафарста нæ: — Кæдæм рабалц кодтат, нарты фæсивæд, уыцы æмбыр- дæй? — Балцы. Суадонмæ...—мæ дзæгъæл дзых мæхицæй фæраздæр мæнæн. Шофыр ма нæм йæ къух иу тылд фæкодта æмæ машинæ гыбар-гыбургæнгæ нæ рæзты афардæг. — Æнæ суадоны койгæнгæ дын нæ уыд? — лæбурæджы лæуд æркодта мæ размæ Дзабе.—Гъеныр гъæй зæгъ. Ныртæк- кæ уыцы шофыр Бимболатæн хабар радзурдзæн, æмæ зæронд нæ фæдыл ам æрбалæудзæн... Кæй фæрæдыдтæн, уый мæхæдæг бамбæрстон, фæлæ уæд- дæр мæхи сраст кодтон: — Омæ се ’ппæтæн гæды ныхæстæ кæнæм?.. — Уæд нæ Бимболаты сайын нæ хъуыди. Уыцы шофыр ын куы дзура, уæд нæ цы схондзæн? — йæхи схъуынджын кодта Дзабе. Таму тызмæгæй загъта: — Æз нал цæуын. Кæрæдзимæ хæцаг къæбылаты лæбурд кæнæм... Дзабе йæм комкоммæ ныккаст, йæ къух ариуыгъта: 490
Цæй, сдзырд дæр уæм куынæуал ис. Мæхицæн уæ исты агурын?.. Фæстæмæ уæ чи лидзы, уый тагъддæр, . цалынмæ Бимболаты мусонгæй бирæ нæма рауадыстæм, уæдмæ. Афтæ гыццылгай-гыццылгай, бынтон æнæнхъæлæджы Дза- бе нæ раздзæуæг сси. Æмæ, раст зæгъын хъæуы, уый нæ дыу- ^æйы зæрдæмæ дæр фæцыд. Фæндагыл иу хистæр куынæ уа, уæд зын цæуæн у. йæ коммæ кæсын кæй байдыдтам, Дзабе уый бамбæрста æмæ фæныфсджындæр. Нæ разæй уыцы хъуыддагхуызæй цыди. Йæ хызын йе ’уаехскыл, лæдзæг йæ къухы. Цыбыр хæлафы. Æнæ худæй. Цыма хызыны бæсты йе ’ккойы дынджыр цæргæс бадти. Æртæйæ дæр хохмæ скæс-скæс кодтам. Цас æм хæстæгдæр цыдыстæм, уыйбæрц бæрзондæй бæрзонддæр кодта. йæ сæр- мæ иугай мигъы цъуппытæ фæзынд. Иу дзы зæронд лæджы хуызæн уыди. Бимболаты хуызæн. Дзабе йæ цыд фæсабырдæр кодта, арвмæ скэст æмæ мæ бафарста: — Уæлæ астæуæй цы мигъы цъупп ис, уый мæм лæджы хуызæн кæсы. — Зæронд лæджы хуызæн. Æз та, зæгъын, кæд æрмæст мæнмæ афтæ кæсы,— ныддис кодта Таму. Æртæйæ дæр æрлæууыдыстæм. Мигъ ма иучысыл зæронд лæджы хуызæнæй алæууыд, стæй йæ сæр фæхицæн, йæ боцъо æрхауд, йæ цæнгтæ фæстейы аззадысты... 3 Къæдзæхы рæбын æрбадтыстæм. Урсдон йæхи дуртыл хос- та. йæ пырхæнтæ фæйнæрдæм тахтысты. Уазал уылæнтæ хас- та. Кæд хохмæ искуы къа^свæндаг ис, зæгъгæ, рæбынты-рæбын- ты аивæй рацыдтæн. Дурты ’хсæнтæй ма мæм Дзабе æмæ Та- муйæн сæ сæртæ зындысты. — Фæлæуу, иунæгæй цæуынвæнд ма скæн,— хохы фарсыл зæлланггæнгæ афардæг Дзабейы хъæлæс. «Цыдæр та æрхъуыды кодта»,— загътон мæхинымæр æмæ сæ цурмæ æрбаздæхтæн. — Цы, уый зоныс? — уыцы æцæгхуызæй райдыдта Дза- •бе. — Æрдæбон дæр ма уын зæгъынмæ хъавыдтæн. ДæрдтыЛ цы зилæм, фæлтау мæнæ ацы хохмæ схизæм. Горæт дæр фен- дзыстæм, стæй кæд Бимболаты суадон дæр тагъддæр ссарик- кам... 491
Æз Тамумæ бакастæн, кæддæра уый та цы зæгъы, зæгъгæ. Уый мæм йæ сæр разыйы тылд бакодта. — Æмæ нæм хохмæ бырæн дзаумæттæй куы ницы ис. Æгæр-мæгуыр ма нæ рæттæ дæр куынæ рахастам. Бæндæн нæ уæддæр куы уыдаид,— ме ’мбæлтты фæндыл сразы дæн æз дæр. — Бæндæн ис,— дзуапп радта Дзабе æмæ йæ дзæкъулæй бæндæны скъуыддзаг сласта.— Цыбыргомау у, фæлæ ницы кæны. Æз бæндæн райстон. Кæмдæр æй федтон. О-о, Бимболаты мусонджы рагъхъæдыл. Хæйрæг нæу Тымбыл, куыд æй рахас- та. Алцыдæр ын рагацау хъуыдыгонд уыд. — Æххæст ма хохыл ном дæр сæвæрæм,— загътон æз. — Æмæ афтæ æнхъæлыс, нырмæ йын ном нæма и? Бабайы дзы бафæрсын хъуыд... — Баба дæ Баба дæуæн куы у, цæуыннæ йæ бафарстай? Стæй кæнгæ та цы кæны, нæхи ном ыл куы сæвæрæм, уæд? — Кæнгæ ницы, фæлæ...— Дзабейы ныхасыл дыууæ нал загъта Таму. Иу-цалдæр минуты фæтæрхон кодтам, фæхъуыды кодтам, хохыл цы ном сæвæрæм, ууыл. Фæстагмæ Дзабейы номыл сра- зы стæм. «Æртæ æфсымæры хох». Кæд ын фондзыссæдз номы уыд, уæддæр æй афтæ схуыдтам мах. Уадз æмæ йæ мах помæй дæр хоной. Уадз æмæ мах ном дæр баззайа ацы хохыл! Уадз æмæ исчи зæгъа: «Ам уыди æртæ хорз æмбалы, æртæ хъæба- тыры»... 4 Дурты цæндтыл, къутæрты æхсæнты, бæрзбæлæсты бынтьг райдыдтам нæ балц хохы сæрмæ. Разæй — цыма фæстæмæ рахауынæй тæрсы, уый хуызæн гуыбырæй цæуы Дзабе. Бæн- дæн йæ астæуыл баст. Мах ын йæ кæрæттыл дыууæйæ хæцæм. Таму — мæ разæй, æз — йæ фæстæ. Гыццылæй ма иу дугъы уайынæй хъазыдыстæм афтæ. Æрмæст ацы хатт нæ бæх лæгъз фæндагыл, цъæх нæууыл нæ уади. Дуртæ, хæрд, пысыратæ, хæмпæлтæ. Згъорын нын нæ уадзынц нæ бæхы. Йæ хид йæ ныхæй цъыкк кæны. йæ фæрстæй улæфы. Мах дæр афтæ. Фæ- лæ уæддæр Дзабейæн зындæр у. Разæй уый цæуы. Фæпдаг нын уый амоны... Хур къæдзæхты аууон фæци. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма тагъд баталынг уыдзæн. Тамуйы сæрты кæсын хохмæ. йæ 492
цъупп мæм зынгæ дæр нæ кæны. Æрмæст гæлæбуты йæстæй уынын цæргæсты. Цыма нæ къæхты бын фыцы, уый хуызæн мæ хъустыл уайы доны хъæр. Цымæ, Урсдоны хъæр у? Æмæ уый дæлиау куы баззад. Уæвгæ хæхты гыццыл уынæр дæр дардмæ хъуысы. Цæуы, дурты сæрты хилы Дзабе. Фæстейы баззадысты бæлæстæ, къудзитæ, ихсыд дуртæ, бæгънæг хылычъытæ, бæр- зонд айнæджы цыргъ тигътæ. Æрмæст ма искуы иу ран къæдзæ- хы скъуыдæй сæ сæртæ сдарынц цæнкуылтæ бæласы хихтæ. Иунæг кæрдæджы хал дæр нæй сæ алыварс. Цымæ, цæмæп цæрынц? Чи сæ ныссагъта? Хур нæ зыны. Æрмæст арз ирдæй кæсы. Хохы цъуппыл тыбар-тыбур кæнынц хуры тынтæ. Уæд та Тымбыл иучысыл куы ’рлæууид. Нæ разæй къуыбылойы хуызæн тулы æмæ тулы. Фæстæмæ дæр нæ кæсы. Дзургæ дæр нæм ницы кæны. Таму дæр афтæ — цыма ныхас бакодтой. Кæд уыдон дæр мæн хуы- зæн доны хъæрмæ хъусынц. Диссаг нæу — куы бынтон хæстæ- гæй æрбайхъуысы, куы та бынтон дардæй. Кæд, миййаг, донæн йæ былты цæуæм. Æмæ уæд ком афтæ дæлиау цæмæн баз- зад? Æрдæбон цы бæлæсты бынты цыдыстæм, уыдон гыццыл къутæрты йæсты йедтæмæ цæуыннæ уал зынынц? Нæ, кæд са- быр хилæм, уæддæр, æвæццæгæн, тынг бæрзонд схызтыстæм... Нæ размæ, цыма барæй слæууыд, уый хуызæн хæрдмæ фæ- цыд айнæг хохы тигъ. Хатгай йæм хæрдмæ скæсæм. йæ цъупп нæм зынгæ дæр нæ кæны. Дарддæр цæуæн нал ис. Æрмæстдæр фазыл... — Бæндæныл фидар хæцут. Къæдзæхмæ — хæстæгдæр! — дзуры Дзабе. Æмæ йæ уæраджы сæртыл æрлæууы, бæндæн ивазы, стæй та уæд йæ цыппæртыл абыры. Мах дæр афтæ — хилæм йæ фæдыл. Мæ къухты бынæй дур фæбырыд. Цæсты- фæныкъуылдмæ ком æгасæй гыбар-гыбур сси. Нæхи къæдзæхмæ нылхъывтам. Ныхъхъус стæм. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма ныртæккæ мæ дыууæ уæны астæу дур сæм- бæлдзæн, æмæ мæ къæдзæхы скъуыды абырынмæ бирæ нал хъæуы. Æппынфæстаг, уыцы фыдбылызы къæдзæх фæстейы аззад. Бынтон хæстæгæй хъуысы доны хæл-хæл. Йæ уазал тæф мæ хид цæсгомыл æмбæлы. Дзабе сыстад, нæ акомкоммæ сау хохмæ амоны: — Æхсæрдзæн... Иу тигъæй иннæ тигъмæ куыд гæпп кæны. Цыма йæ фынк калы... 493
Мах Тамуимæ диссагмæ кæсæгау кæсæм æхсæрдзæны хъазтмæ. Æз уымæй размæ никуы федтон æхсæрдзæны хъазт. Таму дæр æм хæлиудзыхæй кæсы, йæ риуы æгънæджытæ дæр ма суагъта. Ноджы æхсæрдзæн афтæ хъæр кæны, æмæ нæ кæрæдзийы ныхас дзæбæх нал хъусæм. Айнæджы тнгъæй йæхи уырдыгмæ æппары, ног дыгъд æхсырау фыцы. Дзабе зæгъгæ дæр ницы кодта, афтæмæй дуры аууæтты иуварсырдæм ацыд. Чысыл фæстæдæр нæм йæ хъæлæс æрбай- хъуыст: — Ардæм! Мæнæ дунейы саунæмгуытæ... Цыма сæ исчи барæй ныссагъта, уый хуызæн дурты ’хсæп- ты чысыл цъæх гæбæзтыл сыфтæрты бынæй сатæгсау æрттыв- той саунæмгуытæ. Мах сыл нæхи ныццавтам. Цæй æхсæрдзæн æмæ цæй æндæр — армыдзаггай сæ нæ дзыхты калæм. Цал- дæр къалиуы дзы мæ дзыппы нывæрдтон, Бимболатæн сæ ахæсдзынæн, зæгъгæ. 5 Чысыл фæстæдæр, нæ былтæ, не ’нгуылдзтæ сатæгсау, аф- тæмæй кæрæдзимæ бакæс-бакæс кодтам: хъыг нын уыд, нæ саунæмгуытæ афтæ тагъд кæй рауыгътам, уый. Иу къутæр дæр дзы никуыуал уыд хæстæг. Æрмæст ма мæ- нæн мæ дзыппы саунæмгуыты пуцæлттæ уыцы уымæлæй, уыцы уазалæй лæууыдысты. — Дурын цы фæци? Ма уып асæттæд,— æхсæрдзæны цур- мæ фæстæмæ куы ’рбаздæхтыстæм, уæд йæ риуыкъæй байгом кодта, афтæмæй нæ бафарста Дзабе. Мах Тамуимæ кæрæдзимæ бакастыстæм. Æз æрмæст уæд фæхъуыды кодтон, нæ дурын бынæй доны был бæласы къали- уыл ауыгъдæй кæй баззади, уый. — Таму, зæгъын, кæд æй ды рахастай,—мæхи йæм бакъул- тæ кодтон æз. — Æз дæ разæй куы цæуын, уæд æй нæ федтаис? — мæ- нырдæм цæхгæр фæзылд Таму. — Æз та йæ дæумæ æнхъæл уыдтæн... Дурын бынæй, доны был баззад. Уæвгæ дзы уыцы сахат цы кодтам, цæмæн нæ хъуыди? — Æмæ уæдæ суадоны дон нæ фæдджиты хæсдзыстæм?— йæ хъуыры тугдадзинтæ анæрстысты, афтæмæй ныл схъæр кодта Дзабе. 494
— Суадон уал ссарын хъæуы,— мæхи сраст кæнынмæ хъа- выдтæн æз. — Æмæ кæд уæртæ уыцы æхсæрдзæн у, уæд та? — æл- хынцъæрфыгæй та мæм æрбакаст Дзабе. — Цæй æмæ дзы нæхи ныннайæм,— ныхас æндæрырдæм аздæхта Таму. Тамуйы фæндоныл сразы стæм. Нæ дзаумæттæ тагъд-тагъд фелвæстам. Цæмæй сæ дымгæ ма ахæсса, уый тыххæй сæ дур- ты бын банорстам, æмæ æхсæрдзæны бынмæ араст стæм. Дза- бе та йæ зондамонæн ныхæстыл схæцыд: — йæ бынмæ уæ мачи бацæуæд. Æвæццæгæн, йемæ дуртæ ласы æмæ... Дон къæдзæхы тигъæй фæйнæрдæм пырхкалгæ схъиудта. Йæ уазал æртæхтæ ныл хаудысты, цалынмæ мах Дзабеимæ йæ цурмæ хæццæ кодтам, уæдмæ Таму хуылыдзæй гæппытæгæнгæ нæ уæлхъус æрбалæууыд. — Дон нæ, фæлæ ихы къæртт. Буар куыд судзы, уый куы зониккат...— загъта Таму æмæ йæ мидбынаты скафыд, йæ къухтæ йæ бæгънæг дæлæрмтты атъыста. Стæй мыл йæхи уы- циу скъæрд æрбакодта.— Нæ дæ уырны? Ма тæрс, дæндагæй нæ хæцы... — Дæ фæрстæ дзы хъахъхъæн! Авд хатты тыхджындæр кæй фæци, уый дæ рох ма уæд! — иуварсырдыгæй нæм кæсы Дзабе æмæ йæ мидбылты худы. Æз Тамуйæ мæхи ратыдтон æмæ æхсæрдзæны был смидæг дæн. Дон мын, æцæг, мæ буар судзæгау алхысчъытæ кодта. — Иуран ма лæуу, суазал уыдзынæ. Тымбылыл дæ тых ма авзар,— уыцы хъуыддагхуызæй та мын загъта Дзабе æмæ æх- сæрдзæны бынмæ бацыд. Мах йæ фæдыл кастыстæм. Дзабе нæ сæр доны фæтъыста æмæ иуцасдæр нал фæзынд. — Иу гал къæдзил агурæг ацыд æмæ ма йæхи къæдзил дæр кæмдæр баззад, афтæ сæфы нæ зондамонæг, пæ раздзæ- уæг! — ныхъхъæр кодтон йæ фæдыл æмæ Тамуимæ Дзабейы размæ азгъордтам. Уый, футтытæгæнгæ, йæхи æууæрдгæ нæ размæ рацыд. — Кæд мæ, зæгъын, сайгæ кæнут. Æцæг уазал куы у,— загъта Дзабе æмæ, æхсæрдзæн кæцæй хауд, уырдæм йæ цы- быр къубал сивæзта. Цæуыл та хъуыды кодта, хæйрæг йæ зонæг, ницы сдзырдта, афтæмæй йæ дзаумæтты цурмæ бацыд, дурыл æрбадт æмæ нæм йæ къух батылдта: — Исты уал ахæрæм... 495
Дзабе кæрдойæ ахæм рус ныккодта, æмæ йæм мæ комы- дæттæ æруадысты. Дзул кæрдоимæ хуымæтæджы адджын уы- ди! Махмæ бакæсын афтид хæдæтты, цыбыр хæлæфтæ ныл. Цыма цалдæр боны къæбæр æмæ доны хъæстæ нæ фестæм, уый хуызæн нæ фæндаггæгтыл нæхи ныццавтам. Нæ фæллад цыдæр фæци. Схъæлдзæг стæм. — Сабырдæр. Кæдæм хæлæф кæнут? Кæрдоты бæсты уе ’взæгтæ куы аныхъуырат, уæд та? — йæ комдзаг йæ дзыхы, афтæмæй ныл худы Дзабе. Мах та Дзабейæн йæхиуыл худæм. Йæ рус айчы йас тымбылæй зыны. йе ’фсæр зæронд дзоныгъы æфсæрау ныззылын. Иæ былтæ æрдæг æхгæд, йæ зыхъхъыр- дæндæгтæн се ’мбис зыны. Таму йын йæ фæсонтæ æрхоста: — Дæ хъуыры бады... 6 Нæ сихор ахицæн. Раст зæгъын хъæуы, хорз минас нын уыд, фæлæ Дзабе хызын йæхимæ баласта, арф ныуулæфыд æмæ загъта: — Цы гыццыл ахордтат, уый уын хæлар уæд. Дзырд уын дæттын, не ’хсæвæр адджындæр уыдзæп... Мæнæн мæ цæстытыл ауад Бимболаты мусонг. Уыцы фæл- мæн хос. Тамуйы фыды мады хъарм дзул ног дыгъд æхсыри- мæ. Гыццыл ма бахъæуа, фæстæмæ цомут, зæгъгæ сын ма зæгъон. Фæлæ йæхи чи худинаг кæны, йæ дзырд чи сайы! Цы- мæ ма нæ бирæ цæуыи хъæуы? Афтæмæй Бимболаты цæхæра- донæй кæсгæйæ куыд хæстæг зындысты хæхтæ! Сихормæ цыд æнхъæл дæр сын нæ уыдыстæм. Аргъауы ныхæстау — цæуæм, цæуæм, æмæ никуыдæм хæццæ кæнæм. Гъепыр схæццæ дæн, зæгъгæ, иу тигъмæ схиз, фæлæ та кæсыс, æмæ иннæ тигъ по- джы бæрзонддæрæй слæууыд дæ размæ. Диссаг сты, æвæдза, хæхтæ! Дардæй сæм куы кæсай, уæд— æмхуызæттæ. Хæстæгмæ сæм куы бацæуай, уæд та—кæм тар- бын, кæм игæрхуыз, кæм та цæхæртæ калынц. Хуры цæст иу хатт дæр кæмæ нæма бакаст, ахæмтæ дæр дзы ис. Хъуына сыл схæцыд. Сæ дон уырдыгмæ лæдæрсы, цыма сæ хъысмæтыл кæуынц. Хæхтæ, цыма нын нæ фæндаг бынтондæр æрæхгæиынмæ хъавынц, уый хуызæн кæ,рæдзимæ хæстæгæй-хæстæгдæр кæ- нынц. Арвæй нæм галдзармы йасы йедтæмæ нал зыны. Уып дæр мигътæй æмæхгæд. Талынг. Цыма бæстыл махы йедтæмæ цъиуызмæлæг нæй. Кæцæйдæр ма хъуысы æхсæрдзæны хъæр. 496
Нæ фæстæ зæлланггæнгæ афардæг вæййы. Адæймаджы хъæ- лæсы хуызæн мæм кæсы. Кæд нæм æцæг исчи сиды, фæстæмæ раздæхут, зæгъгæ? Кæдæм ма цæуæм? Æхсæв нæ ам куы æрæййафа, уæд та?.. Дзабе фæстæмæ арæхæй-арæхдæр фæкæс-фæкæс кæпы. Иæхинымæр цæуылдæр тыхсы. Цыма цыдæр зæгъынмæ хъавы æмæ йæ сдзурын нæ фæразы. Таму дæр афтæ — йе’уæнггæ æрызгъæлдысты. йæ къæхтæ æнæбары ист кæны. — Кæсут-ма,— йæхи дурыл бакъул кодта, афтæмæй йæ къæхты бынмæ амоны Дзабе.— Фысы фаджыс... Сæ фæд фа- лæрдæм фæцæуы... — Кæд æндæр истæйы фаджыс у,— йæ зонгуытыл æрбадт Таму. — Мæнæ ма ноджыдæр! О, о, æнæхъæн кæритæ! Мæнæ сæ фæдтæ дæр! —цыма стыр хæзна ссардта, уый хуызæн ныццин кодта Дзабе æмæ махырдæм разылд. Уыцы сахат нæ сæрмæ ферттывта. Хæхтæ ныррухс сты. Гыбар-гыбургæнгæ цыдæр атахт нæ сæрты. Стæй æваст тæрк- къæвда ныссæх-сæх кодта. Ком бынтондæр баталынг. Иуран дуры рæбын кæрæдзийы фæрстæм ныттымбыл стæм. Арв йæ гæрæхтæй не ’нцайы. Цыма кæмдæр хæхтæ рафæл- дæхтысты æмæ уыдоны гыбар-гыбур у. Уарыны цыргъ фæттæ дуртыл сæхи хойынц. Сæх-сæх кæнынц къæдзæхты тигътæй. Ламихуыз, бур-буридæй. Нæ быны дон бацыд. Ныххуылыдз стæм. Нæ алывæрстæм кæсæм, кæд дзы искуы амбæхсæн бынат ис, зæгъгæ. Никуы æмæ ницы... — Ардыгæй цомут. Дур рахауынæй тæссаг у. Лыстæг хуыртæ згъæлын байдыдтой,— йæ цъæх цæстытæ йæ хуылыдз сæрыхъуынтæй зынгæ дæр нæ кæнынц, афтæмæй дзуры Таму. Фæлæ кæдæм? Уарынæй цыхцырæджы быимæ? Арв æмæ зæхх кæрæдзи куы хойынц. Бæстæ куы баталынг. Арв йæ нæ- рынæй куы не ’нцайы. Нæ хæдсæрмæ къæдзæхыл йæ цæхæртæ куы калы. — Мæ фæдыл! — йæ бынатæй фæгæпп кодта Дзабе. Хы- зын йæ къухты, афтæмæй хохы рæбынты размæ ныййарц. Мах йæ фæдыл. Иу ран байбыны нæ сæртæ фæтъыстам. Æз къæ- дзæхы фарсыл мæ ных ныццавтон. Хуылыдз карчы цъиутау батымбыл сты ме ’мбæлттæ дæр. — Дæхи кæм самæстай? Æви нæ тæрсын кæныс? Цæй хуы- зæн дæ, уый зоныс? Скъæппы хæйрæджы хуызæн,— комкоммæ мæм ныккаст Дзабе. 32 Д* мердæше хъуыстон 497
— Куы никуы,— дзуапп радтон æз æмæ мæ цæсгом асгæрс- тон. Мæ къухты æрмттæ сатæгсауæй æрдавтон. — Фысы фаджысæй ма уæд? — худынц мыл дыууæйæ- дæр.— Дæхимæ айдæнмæ куы бакæсис... — Уый къæдзæхæй афтæ у. Кæсут-ма, куыд ахоры,— йæ къухтæ нæм æвдисы Таму. Хохы фарс милайæ сатæгсау дардта. Æвæццæгæн, фий- йæутты арты фæздæгæй. Ноджы-ма иу æнахуыр мнниуæг уы- ди нæ ног бынатмæ: цыфæнды сыбыртт, цыфæнды сабыр пы- хас дæр дзы æмыр зæланг кодта. Нæ пыхæстæ нын цыдæр фæз- мыдта. Чысыл фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй уый уыди фий- йæутты дарæн — арф æмæ стыр лæгæт. Дымгæ кæй ныппырх кодта, ахæм артдзæст дзы. Æрдæгсыгъд сугтæ, фæсалы муртæ. Алы къæцæлы къæрцмæ дæр хæрдмæ хаудыстæм. Цыдæр« тасдзинад нæм касти лæгæты талынг къуымтæй. Цынæ хъуы- ды æвзæрди сæры! Кæд, миййаг, сырдты уарын лæгæтмæ æр- басырдта æмæ къуымты гæппæввонгæй бадынц? Цымæ ныл бирæгъ куы ’рбамбæлид, уæд ын цы акæниккам? Дуртæй? Цæ- уылнæ, топпæй чи нæ тæрсы, уый дын дурæй фæтæрсдзæн? Уæвгæ, ацафон бирæгътæ лæгæты цы ми кæнынц? Уыдон сæ хуыккæмтты баддзысты... Дзабе та не ’ппæтæй уæндагдæр разынд: цыма æцæг би- рæгъты тæрсын кодта, уый хуызæн къуыззиттæй ныззарыд,. лæгæты къуымты разылд æмæ уайтагъд хъæбысы дзаг лысты- тимæ фездæхт. Спичкæтæ æнхъæл æм нæ уыдыстæм, ф^лæ та йæм уыдон дæр разындысты. 7 Арты тæвдмæ нæ хуылыдз дзаумæтты фæздæг кæлы, афтæ- мæй бадæм. Къæдзæхы тигъæй уырдыгмæ сæх-сæх кæнынц уарыны дæттæ. Семæ дуртæ рахæссынц æмæ та дæлиау кæм- дæр сæ гыбар-гыбур ссæуы. Къæвда не ’нцайы, цыма мах фы- дæнæн кæны, уый хуызæн тынгæй-тынгдæр уары. Бæзджын сау мигътæ къæдзæхы тигътыл ауыгъдæй лæууынц. Дзабе къæцæлы фындзæй фæнык змæнты æмæ рæдзæ-мæ- дзæ кæны. йæ уæззау сæр æй иуварсырдæм фæцæйхæссы. — Ссардта мын фынæй кæнынæн рæстæг. Нæ фæндтæй ну дæр нæ къухы нæ бафтыд. Къæвда кæд райсоммæ нæ банцай- 498
дзæн, уæддæр бæрæг нæй, уый та фынæй кæны. Ахсæв ацы лæгæты куы баззайæм, уæд дæм бæрæг уыдзæни. Æмæ, уæвгæ, куы баззайæм, уæд цы? Æртæ æнæхъæн лæджы... Цы нын уы- дзæн арты фарсмæ? Бирæгъ зынгæй тæрсгæ кæны, зæгъгæ, куы фæзæгъынц. Æрмæст нæ Бимболат кæм агурдзæн? Фип- йæутты дарæны арты фарсмæ бадæм, уый цæмæй базондзæн? Уарыны та фæстæмæ здæхæн нæй. Искуы нæ дуртæ былæй арæцугъдзысты. — Дзабе, цалынмæ дæ сæр цæхæры нæма смидæг, уæдмæ йæ ардæм æри,— йæ тухитæм кæсын мæ бон нал уыд мæнæн, æмæ Дзабейы сæр мæ хъæбысмæ æркъул кодтон. — Замманай фæлмæн лыстæнæй хохы цъасмæ лæгæты хъæбæр дуртæм фынæй кæнынмæ ссу. Донластæй, хуылы- дзæй... — Дзабемæ гæсгæ мæн дæр хуыссæг æрцахста,— йæ ком ивазгæйæ загъта Таму. — Æххæст ма ды дæр куы бафынæй уаис. Сывæллæтты рæвдауæндоны стут, æви уæхи уæлгоммæ цы ауагътат? — уай- дзæфы бын фæкодтон Тамуйы. Уый йæ хуыссæгхъæлдзæг цæстытæ аууæрста æмæ дзуапп радта: — Цæй, ды дæр махæй уæлдай хæхты цъуппытæй куынæ ракастæ. Æдас у, æз нæ бафынæй уыдзынæн. Дзабе мæ хъæбысы ныттымбыл. Мах Тамуимæ нæ зæрдиаг ныхæстæм бахæццæ стæм. — Цымæ, афонмæ нæ дурын цы фæци? — цыма нæ уымæй стырдæр хъуыддаг нæ уыди, уый хуызæн арф ныуулæфыд Таму. — Дурынæн ницы тас у. Чи дзы цы кæны? Нæ раздæхын- мæ бæласы къалиуыл ауыгъдæй лæудзæни,— дзуапп ын рад- тон æз. — Куыд ын ницы тас у? Йæ хъуыр гом, донæй куы байдзаг уа, уæд æй къалиу нал бауромдзæн... Æнæ фæрсгæйæ йæ кæй рахастам, уый тыххæй зæгъын... Ноджы Бабайы бæндæн. Нæ ралидзын. Цы ’рцыди, уымæн гæнæн нал ис. Уæдæмæ цы, уый зоныс?—Таму йæ фыдыфыды æвастæй кæй рацыд, ууыл абон- дæргъы дæр тынг кæй тыхсы, уый æмбæрстон æз æмæ йын йæ хъуыдытæ æндæрырдæм аздæхтон. — Цымæ, хæхты уарын афтæ æваст цæмæн ныккалы? Бы- дыры афтæ куынæ у... Таму мын æрæджиау дзуапп радта: 499.
— Хæхтæ бæрзонд сты æмæ сыл мигътæ уайтагъд сæхи куы скъуырынц, уæд æваст уарын ныккалы. Баба мын æй амыдта... — Иугæр кæд Бимболат загъта, уæд афтæ уыдзæни. Но- джы къæвдайы дон куыд хъарм у... Абоны æхсæрдзæн дæр уый хуызæн хъарм куы уыдаид... — Æвæццæгæн, хæхтæ бон-изæрмæ хурмæ стæвд вæй- йынц, æмæ уарыны дон дæр уымæн хъарм вæййы,— æцæг ахуыргонд лæджы хуызæн та дзуапп радта Таму.— Цыма къæвда фæсабырдæр. Уæд та цæуиккам? Кæд ма схæццæ уы- дзыстæм хохы рагъмæ? Уæдмæ æризæр уыдзæн æмæ ма та- лынджы цы фендзыстæм? Дзабе, уæлæмæ. Дæ хуыр-хуырæй лæгæты къултæ куы змæлынц... Дзабе йæ къах дæр нæ атылдта. Йæ бæзджын былтæй улæфыд. Таму йæм, райхъал æй кæнон, зæгъгæ, йæ къух ба- даргъ кодта. — Уадз æмæ иучысыл афынæй кæна,— Тамуйы къух аиу- варс кодтон æз.— Дурты гыбар-гыбурмæ хъусыс? Уарын фен- цад, зæгъгæ, зæгъыс, фæлæ, мæнмæ гæсгæ та, æрдæбонæй тЬшгдæр уары. Æмæ, æцæг, уыцы сахат лæгæты сæрæй фæдфæдыл ратахт цалдæр дынджыр дуры, дæлиау кæмдæр ком сæ хъæрæй ныу- уынæргъыдта. Цыма ныртæккæ исты æрхаудзæн, уый хуызæн нæ сæртæ не ’уæхсчыты фæныгъуылдысты. Тымбыл хъуыды дæр ницы ’ркодта. — Федтай? — мæ сæрыхъуынты бынæй Тамумæ бакас- тæн æз. — Федтон,— дзуапп радта Таму æмæ мæм йæхи хæстæг- дæр æрбаласта. — Ахæм уарыны цæуæн куы уаид, уæд Тымбыл хуыррыт- тæй нæ хуыссид. Афонмæ нæ рагъæй акæсын кодтаид,— Дза- бейы хуылыдз сæрыл мæ къух æрæвæрдтон æз. — Иу къахдзæф дæр никуыдæм. Бамбæрстат? — æнæн- хъæлæджы райхъуыст нæ фынæйы ныхас.— Таму, рæбындæр æрбабад. Стæй уæ сугтæм цæуынвæнд мачи скæнæд... — Мах та дын фынæй æнхъæл уыдыстæм. Дурты хъæрмæ дзæбæх куы фехъал дæ. Уæлæмæ! Мæ зæнджы хуызæн базтæ дын бирæ уыди? — Дзабейы иуварс асхуыстон æз. Уый мæм йæ цъæх цæстытæй хæрдмæ скаст æмæ лæгъстæгæнæгаузагъта: — Гыццыл ма мæ бауадз. Хæрзгыццыл... Дæ зæнг мæлæты хъарм у, Уарыны сусæг ныхæстæм хъусын куыд хорз у, уый 500 ’
зоныс? Цыма, дард кæмдæр æмдзæгъд кæнынц... Фын&й æн- хъæл мын уыдыстут? Йæ, афтæ мæ цæстытæ куы бацъынй кæнын, уæд мæм истæуыл хъуыды кæнын фæцæуы. Зæгъон уын æй, цæуыл хъуыды кодтон, уый? —Дзабе рабадт, йæ зæнгтæ йæ быны æрбатыхта;—Æндæрæбон сьшах уарыны размæ хъæумæ куы æрцыдыстут, уæд мын Бимболат иу аргъау ракодта, Дзуринаг уын æй уыдтæн, фæлæ мæ ферах. Ныр æр- дæбон лæгæтмæ куы ’рбацыдыстæм, уæд мæ зæрдыл æрлæу- уыд. 8 — Цы у, цæй, радзур ма нын æй. Æви та йæ дæхæдæг æр- хъуыды кодтай? — хæстæгдæр æм бабадтæн æз. — Сомы уын кæнын, Бимболат мын æй радзырдта. Таму, æвæццæгæн æй ды зоныс. Далыс, род æмæ сæгъц аргъау. — Нæ,— йæ сæр батылдта Таму. — Уæдæ афтæ,— цыма æцæг зæронд лæг уыди, уый хуы- зæн ивазгæ ныхасæй райдыдта Дзябе.— Далыс> род æмæ сщгъ цардысты иумæ. Бон-изæрмæ хызтысты хъæдрæбынты. — Ныр нæм,— иуахæмы загъта сæгъ,— искуыцæй исты фыдбылыз куы фæзынид, уæд уæ кæмæ цы миниуæг разынид? Далыс загъта: — Фондзыссæдз мадзалы ссарын мæ бон у. Род сыл бафтыдта: — Мæнæн та дыууæ уыйбæрцы. — Уæд дæуæн та, сæгъ? — Мæнæй мадзæлттæ чи агуры! Цы мæм ис? Ницы,— дзуапп радта сæгъ. Далыс, род æмæ сæгъ кæм цардысты, растуыцы хъæдрæ- бын балымæнтæ сты арс, домбай æмæ бирæгъ. — йарæби,— загъта домбай,—хъæдрæбын нын сыхæгтæ бæргæ ис. Бирæгъ, ды сæм куы ссæуис æмæ сæ фыдызгъæл куы ракурис... Бирæгъ сæм ссыд. Дардæй сæм дзуры: — Байриат, мæ хорз сыхæгтæ! Бирæгъы уындæй род æмæ далыс къутæрты бын смидæг сты. Сæгъ къуыбырмæ схызти æмæ бирæгъмæ дзуры: — Мидæмæ, уазæг! Фысым нæм бакæн. Куыд дардæй нæм дзурыс? — Фыдызгъæлгур уæм ссыдтæн. Мæ хистæртæ мæ рарвыс- той. 501
— Уыйбæрц дæр дæ хъæуæд,— дзуры йæм сæгъ, йæхæдаег йæ раззаг къæхтæй зæхх æрхоста, йæ сыкъатæй б^рæгъмæ æвзиды, бирæгъмæ йæхи хæстæгæй-хæстæгдæр ласы.— Мах нæ фыдызгъæл цы фæкæнæм, уымæн куы ницы зонæм. Уæл- дайдæр бирæгъы фыд... Мидæмæ, уазæг. Хæстæгдæр нæм рацу. Бирæгъ хорзау нал фæци, йæхи фæстæмæ-фæстæмæ аласта æмæ йе ’мбæлттæм ныххоста. йе ’взаг æлхуийы дæргъæн, тых- тæ-амæлттæй ма улæфыд, афтæмæй йе ’мбæлтты уæлхъус ба- лæууыд. — Гъе-ей, ме ’рдхæрдтæ, лидзæм ардыгæй! Нæ сыхæгтæ ахæм сыхæгтæ сты, æмæ бирæгъы фыды йедтæмæ хæргæ дæр ницы кæнынц. Сырдтæ æртæйæ дæр фæгæппытæ ластой æмæ сæ бынат æндæр ранмæ аивтой. — Бын бауат, æддæмæ ралæсут! Лидзæм ардыгæй. Бахæр- дзысты нæ! — схъæр кодта сæгъ род æмæ далысыл. Уыдон дæр сæ бынат æндæр ранмæ аивтой. Сæ фыдбылыз та сæ домбай, арс æмæ бирæгъмæ хæстæг æрхаста. — Уæлæ та нæ сыхæгтæ ф<æзындысты,— ныддис кодта дом- бай æмæ арсмæ дзуры: — Æвæццæгæн, нæ фæдыл зилынц. Ацы хатт ма сæ бав- зарæм. Цу, æмæ сæ фиу ракур. Арс домбаймæ куыннæ байхъуыстаид! Сыстад æмæ зивæг- гæнгæ араст. Иуран бæласы аууон бамбæхст æмæ сæм уырды- гæй дзуры: — Байриат, нæ хорз сыхæгтæ! Иу фиуы мур уæм нæ ра- зындзæн? Род æмæ та далыс адæргæй зæххыл фæтъæпæнтæ сты. Сæгъ та йæ раззаг къæхтæй зæхх æрхоста æмæ арсы размæ рацыд. — Хæстæгдæр нæм рацу, нæ зынаргъ уазæг. Цы дæ хъæ- уы? Дзæбæх дæ нæ хъусын. «Уымæй мæ нæ асайдзынæ»,— хъуыды кæны йæхинымæр арс æмæ йæм хъæрæй дзуры: — Фиу мæ хъæуы, фиу, нæ хорз сыхæгтæ! — Фиуы кой дæр кæныс! Мах æрмæст арсы фиуæй куы цæрæм. Цы йæ фæкæнæм, уый куынæ зонæм. Мидæмæ нæм рацу! Сæгъ арсмæ йæхи хæстæгæй-хæстæгдæр ласы, йæ раззаг къæхтæй зæхх тынгæй-тынгдæр хойы. Арс уыциу богъ ныккод- та æмæ йе ’мбæлттæм алыгъд. 502
— Æз уæ мæрдты уазæг, лидзгæут ардыгæй! Æрмæст арсы фиуæй цæрынц. Лидзгæут, ныртæккæ сæ ардæм хъæуы! Ныууагътой та сырдтæ уыцы бынат дæр. — Гуыбынниз уæ бахæра,— дзуры сæгъ дæр йе ’мбæлт- тæм.— Фидар бынат нæ ссарын хъæуы, науæд нæ ахсæв ба- хæрдзысты... Иуран къæдзæхрæбын бæласмæ схызтысты далыс, род æмæ сæгъ. Изæрæй талынг кæнын куы байдыдта, уæд та раст уыцы бæласы бынмæ æрбафтыдысты домбай, арс æмæ бирæгъ. Бæ- ласы бын æрхуыссыдысты. Иуафон род сусæгæй дзуры: — Цы ма кæнон, сæгъ, мæ доны хуыпп æркæлы? — Æмæ дыууæ фондзыссæдз мадзалы куы зыдтай,— худы сæгъ.— Афтæмæй дæ доны хуыппы тыххæй дæр мæн куы фæр- сыс. Дæхи уæлгоммæ рафæлдах æмæ дæ доны хуыпп дæ хуылфмæ ацæудзæн. Род йæхи уæлгоммæ рафæлдæхта, рахауд æмæ бирæгъыл йæ тъæпп фæцыд. Бирæгъ нынниудта, далыс уымæй фæтарст æмæ арсы синтыл æрхауд. Уæд сæгъ фæхъæр ласта: — Домбайы мæхи бар уадзут! Хæцут сыл!.. Бирæгъ æмæ арсæн фыртæссæй сæ зæрдæтæ аскъуыдысты, домбай та йæхи айнæгæй ныддыввытт ласта æмæ уый дæр кæмдæр ныххæррæгъ. 9 ...Цыма ныл стыр хорз æрцыд, уый хуызæн нæ къæхты бы- нæй ныуулæфыдыстæм. Стæй Тамуйыл худæг бахæцыд. — Нæ, уæддæр дзы родæй худæгдæр ничи уыди,— дзырд- та Таму æмæ йæ лыстæг дæндæгтæ хъуыдыды нартхоры нæм- гуытау арты рухсмæ æрттывтой. — Æмæ уæд далыс та? Фыртæссæй арсы æккойы абад! Дзæбæхмæ дзы бахъавыд,— худтæн æз дæр. Æрмæст Дзабе уыцы хъуыддагхуызæй бадти, артдзæсты цыдæр змæста, стæй мах дæр нæ худын баурæдтам. Алчидæр нæ йæхи хъуыдыты аныгъуылд. Мæнмæ афтæ каст, цыма Дза- бейы сæгъ, далыс æмæ род кæмдæр лæгæтмæ хæстæг уыдыс- ты. Цыма, цы бæласæй рахаудысты, уый дæр нæ хæдфарсмæ зади. Хорз сын æрхъуыды кодтой. Фæлæ нын, цымæ, Дзабе уыцы аргъау цæмæн ракодта? Лæгæтмæ йæ цы ’рхаста? Тæппуд æн- 503
хъæл ный’у? Стæй нæ далыс, кæнæ род;чи у? Æз æмæ Таму? Сæгъ ^га,йæхæдæг? >Æмæ йæхæдæг кæм фесгуыхт? Махæй уæлдай цы сарæзта? Нæ, фæлæ махыл дæр ахæм бон куы акæ- нид, уæд цы æрхъуыды кæниккам? Цæмæй сыл фæуæлахиз уайккам? Ахæм бонæй та нын тынг тæссаг у. Кæсыс, уарын куыд не ’нцайы. Арв куыд гæрæхтæ кæны. Мигътæ ныллæгæй- ныллæгдæр куыд бырынц. Дуртæн та сæ уынæрæй æппын бан- цайæн нал ис. Цыма изæрдалынгтæ дæр кæны. Кæд мæнмæ афтæ кæсы? Нæ, Тымбыл æмæ Таму дæр цæуылдæр тыхсынц. Цыма уарынмæ мæсты кæнынц. Нæ, уæддæр нын Дзабе уыцы аргъау цабмæн ракодта? Ау, арс, бирæгъ æмæ домбай афтæ тæппуд сты? Уæд ма сыл ахæм нæмттæ та цæмæн сæвæрдтой? Æвæццæгæн, æцæг ахæм тæппудтæ сты... Æрдæбонсарæй мæм лæгæты къулæй чидæр кæсы. Йæ къух уæлиау систа, ныхъхъæр кæнынмæ хъавы. Кæд мæ цæстытыл исты уайы? Мæхи ныхъхъус кодтон. Архайын, цæмæй йæм ма кæсон, ууыл. Чи у, цы йæ хъæуы? Цы нын йæ зæрды ис? Кæд æндæр исты у? Дуртæ уый ма калæд... Мæхи Тамумæ хæстæгдæр баластон. Уый мын йæ рæмбы- ныкъæдзæй мæ фарс æрбасхуыста æмæ ныллæг хъæлæсæй дзуры: — Уæлæ ма лæгæты фарсмæ кæс. Адæймаджы хуызæн у. Æз та ма, зæгъын, кæд мæ цæстытыл исты уайы,— мæ та- сæй чысыл фервæзтæн æз. Фæлæ уæдмæ Дзабе сыстад, лæгæ- ты къулмæ бацыд, йæ къухæй йыл цыдæр асгæрста æмæ йæ ныхас райхъуыст: — Ныв. Къæдзæхы фарсыл кæйдæр ныв! Мах нæ бынæттæй фæгæппытæ кодтам. Таму æхсидав сис- та æмæ лæгæты фарс ныррухс. Иæ сæр баст, йæ иу къухы тырыса, йæ иннæ къухы æхсар- гард, афтæмæй йе ’мбæлттæм сиды цавæрдæр хъæбатыр адæй- маг. Иæ фæдыл — цалдæрæй. Иу дзы размæ бахауд. Иннæтæй чи æнæ къах, чи æнæ сæр. Цыма сæ исчи къæдзæхы фарсыл æхсгæ фæкодта. Топдзæфтæ, къæхтытæ, сыгъд. Уый арты сыгъд нæу. Æндæр цæмæйдæр у. Фæлæ цæмæй? Тырысайыл ныхæстæ фыст: «Мæ... т... шист ырд...» — «Мæлæт фашистон сырдтæн»,— æрæджиау загъта ТаМу æмæ лæгæты къулмæ ноджы æдзынæгдæр ныккаст. — Раст у,— арф ныуулæфыд Дзабе. Æхсидав ахуыссыд, уæддæр ма мах, æнæ исты дзургæйæ, 504
лæууыдыстæм лæгæты къулмæ хæстæг. Цыхцырджытæ сæх- саех кодтой. Дуртæ кæрæдзийы хостой. Гуыр-гуыр кодтой лæ- гæты къултæ. Æмæ мæнмæ афтæ каст, цыма уый дурты гыбар-гыбур нæ уыд, фæлæ хæхтыл азæлыд уыцы тырысаджын хъæбатыр лæ- джы хъæлæс. 10 Арт æрмынæг. Изæрдалынгтæ мигъты бамбæхстысты. Лæ- гæтмæ хъуызæгау кодтой. Æнхъæлдæн, уарын нæма банцад. Хохы рагъмæ кæй над схæццæ уыдзыстæм, уый бæлвырд у. Æмæ нæхинымæр хъуыды кодтам, цалынмæ бынтон нæ ба- талынг, уæдмæ фæстæмæ цы амалæй ацыдæуа, ууыл. Не ’ппæты разæй сыстад Таму. Лæгæты кæронмæ рацыд, чысыл алæууыд, стæй уæд хъæрæй загъта: — Уæлæмæ! Æнхъæлдæн, уарын фенцад. Æртæйæ дæр лæгæты кæрон амбырд стæм. Тигътæй ма тæдзынджытæ сæх-сæх кодтой. Уарыны иугай æртæхтæ ма сæ пырх калдтой къæйдуртыл. — Рæвдздæр, цæуын хъæуы,— загъта Дзабе æмæ йæ хы- зын æфснайынмæ фæци.— Кæд ма афоныл коммæ ныххæццæ уаиккам.— Æмæ лæгæтæй рахызт.Æртхъирæнгæнæгау йæ ра- хиз къух бæрзонд систа. Хæрдмæ скаст. Арты хъарм уайтагъд цыдæр фæци. Уазал дымгæ дымдта æмæ уарыны æртæхтæ ноджы уазалдæрæй цъыкк-цъыкк код- той нæ гом сæртыл. Хостой нын нæ цæсгæмттæ. Æз æрмæст- дæр уæд бамбæрстон, мæ къæхты бынтæ куыд сыгъдысты, уый. Къуылых сæныччы гæппытæгæнгæ уади мæ разæй Таму. Æвæццæгæн, уымæн дæр йæ къæхты бынтæ къаддæр нæ сыгъ- дысты. Æрмæст мæм Дзабе дзæбæх нæ зынд. Уый цыди разæй æмæ ницы дзырдта. Æвæццæгæн, нæ балц кæронмæ кæй нæ ахæццæ, ууыл мæсты кодта. Раст зæгъын хъæуы, мæнмæ дæр æрæджиау хардзау æркаст. Æмæ цы нæ бон уыд! Уарын куы- нæ уыдаид, уæд нæ раздæхтаиккам фæстæмæ. Уæлдайдæр Дзабе. Хæрзаг рæсугъд сты хохы цъуппæй кæсгæйæ хæхтæ, быдыртæ. Къæдзæхы фарсыл стыр дамгъæтæй ныффыстаик- кам нæ нæмттæ, нæ мыггæгтæ. Исчи сæ бакастаид æмæ загъ- таид: «Ам уыди æртæ хъæбатыры...» — Æртæ хъæбатыры!.. Къæвда æрдæг фæндагæй кæй ра- сырдта, галтæй чи рацыд æмæ родтæй фæстæмæ чи здæхти, 505
уыцы æртæ хъæбатыры... Фиййæутты лæгæт. Дзабейы аргъау. Уыцы саунæмгуытæ... Хæдæгай, цымæ нын нæ ныцъцъæл сты. Нæ, уыцы уазалæй лæууынц... Нæ, бынтон дзæгъæлы нæ фæ- цыдыстæм, æрмæст ма хохыл нæ ном куы баззадаид. «Æртæ æфсымæры хох», ахæм ном иу хохыл дæр нæма ис. Æмæ йын уæвгæ афтæ схонæн цæуыннæ ис? Иæ цъупмæ нæ гыццыл йедтæмæ куынæуал хъуыди... Мæ къæхты бынтæ сæ судзынæй не ’нцайынц. Цыма тæп- пæлттæ систы. Мæ къахы бын дур куы фæвæййы, уæд мын мæ зæрдæ судзинæй рæхойæгау фæрæхойы. Æрхауынмæ мæ бирæ нал бахъæуы. Фæстæмæ та æхсæрдзæны азæлгæ уынæр. Нæ фазыл кæм бырыдыстæм, уыцы хохрæбын. Иугай къутæртæ. Цæнкуыл бæлæстæ. Пысыра æмхæццæ астæумæ кæрдæг... — Цымæ, абон кæуылты ссыдыстæм, ууылты цæуæм? Æн- дæрырдæм ма ныдздзæгъæлтæ уæм? Уæд та мæй искуыцæй куыракæсид. Цыма бынæй рухсдæр у. Нарæг уадздзагæй дзы цавæрдæр фæлурс тæлм ферттивы. Доны уынæры хуызæн дзы цыдæр мæ хъустыл ауайы. Бæргæ, доны уынæр куы уаид. — Таму-у-у!..— дард кæцæйдæр хъуысы кæйдæр бæзджын хъæлæс. — Му-у-у...— дзуапп ын дæттынц, зæлланг кæнынц къæ- дзæхтæ, хæхтæ. Æрлæууыдыстæм. Хъусæм. Ногæй та уыцы «му-у-у-у» ара- уы хæхтæ. Æртыккæгæм хатт... Ноджыдæр та... — Чидæр нæм агурæг рацыд. Хъусыс, Таму, дæумæ хъæр кæны,— дуры сæрæй бынмæ, коммæ кæсы Дзабе. — Уый Бабайы хъæлæс у,—ноджы зæрдиагдæрæй хъусы Таму. Æмæ йæ армытъæпæнтæ йæ былтыл нукæвæрд акодта, мæ хъусты иннæрдæм атахт йæ цъæхснаг хъæлæс. — Баба-а-а! Гъе-гъе-гъе, е-е-е!..— ныхъхъæр кодтам мах дæр. — Там-у-у!..— дзуапп та нын радтой хæхтæ. 11 Мæй хохы къахырæй йæ цæст æрдардта. Урсдон та æвзист фæрдгуытæй æрттивы. Уаргæ нал кæны, æрмæст мах æртæхæй донласты хуызæн ныххуылыдз стæм. Бимболат йæ куырæты фæдджитæй рæгъæд кæрдотæ исы, цыма йын карчы æйчытæ 506
сты æмæ сын асæттынæй тæрсы, уый хуызæн сæ нæ разы тъæ- пæн дурыл иугай-дыгай æвæры. йæ къухтæ мæйрухсмæ ризæ- гау кæнынц. Æвæццæгæн нæм мæстæй фыцы, кæнæ та фырци- нæй афтæ ризынц йæ къухтæ. — Хуыцау хорз, æмæ уыл уыцы шофыр амбæлд, æндæр уæ кæм агуырдтаин хæхты, талынджы? — цыма æндæр искæимæ стыр загъды бацыд, уый хуызæн нæм хæцы Тамуйы фыды- фыд.— Арв æмæ зæхх кæрæдзийы хойынц. Лæджы дур кæм æрæййафдзæн, уый бæрæг нæй. Адон та мын сæхицæй турист- тæ аразынц. Бимболаты цæхæрадон сæ фаг нал у. Замманай кæрдотæ сæ хъуыры нал цæуынц. Сæ зæрдæ æхсæртæ агуры. Ирыстоны къуымтæй Бимболаты цæхæрадоны чи не ’рбалæу- дзæн, ахæм нæй, адон та дзы хæхтæм лидзынц. Сæ зæрдæ дзы цæуыл фæлæууа, ахæмæй дзы ницы ис... Афтæмæй та мын лæгъстæтæ кодтой: «Демæ нæ акæн. Хъусдзыстæм дæм...» Хуылыдз уæрццыты каст мæм цы кæнут? Хæргæут уын зæ- гъын! — Суадон агуырдтам... Дæуæн, Бабуцайæн...— Цыма йæ ныхæстæй тæрсгæ кодта, уый хуызæн æрхæц-æрхæц кæнгæ загъта Таму. Дзабе ницы дзырдта. Кæрдотæм йæхи сабыргай баласта, сæ хъомылдæры сын йæхирдæм æрбассывта æмæ мæм йæ цæс- тæй цыдæр ацамыдта. Æз мæ саунæмгуытæ мæ дзыппæй сис- тон, Бимболатмæ сæ бадаргъ кодтон. — Дæуæн сæ æрхастам. Æхсæрдзæны былæй... Бимболат саунæмгуытæ райста, йе ’уæхсчытыл хæрдмæ схæцыд, стæй нæ бафарста: — Уæдæ суадон агуырдтат, зæгъут? Æмæ йæ куы ссард- таиккат, уæд дзы хæсгæ та цæм æркодтаиккат? Уæ армы- дзыхъхъы? — Дæ дурын...— мæ ныхас æрдæгыл аныхъуырдтон æз. Дзабе мын мæ фарс æрбасхуыста, дæ дзыхыл хæц, зæгъгæ. Æз мæхи, нæ дурын кæм сауыгътам, уырдæм аивæй айстон. Бимболат мæ бафиппайдта æмæ мæм фæхъæр кодта: — Раздæх, ды йæ кæм ныууагътай, уым нал ис. Æнæхайыр фæуæд, изæрсарæй мæ хурхæй амардта. Гыццыл истæмæй дæр ын тæрс... Нæ фæлæ мын алы дзæбæх ныхæстæй мæ зæрдæ куыд алхæдтат. Хæйрæджы фæтдзæгъдæнтæ! Æз та, зæгъын, кæд ма сыл дзæбæхæй фæхæст уон, уæд сыл лæдзæгæй хорз æрцæудзынæн. Райсом сæ сæумæцъæхæй горæты балæууын кæндзынæн... Цæй, цомут! Лæппу, дурын айс,— æмæ йæ Таму- 507
йæн йæ къухты фæсагъта. Стæй йæ армытъæпæнмæ æдзынæг ныккаст, дисгæнæгау мæ бафарста: — Ацы хус гилдзытæ та уын кæм уыдысты? — Лæгæты сæ ссардтам,— дзуапп ын радтон æз. . — Сослæнбеджы гилдзытæ... Сослæнбеджы лæгæтæй,— зæронд лæг йæ къæхты бынæй ныуулæфыд æмæ цыма гилдзы- тæн æрхауынæй тарст, уый хуызæн сæ йæ армытъæпæны ныл- хъывта. — Кæй Сослæнбеджы гилдзытæ? Ноджы ма дзы цы фед- там, уый зоныс? Нывтæ. Ахорæнтæй конд нывтæ нæ, фæлæ къахт нывтæ... Зæронд исдугмæ йæ мидбынат сагъдауæй баззад, ныхъ- хъус. Æвæдза, сызгъæрин зæронд лæг у Бимболат. Æндæр исчи нын æцæг не ’рæгътæ ныххостаид. Алывыд нын ныккалдтаид. Уый та ма нын йемæ кæрдотæ дæр рахаста. Уазал нæ куьг бацæуа, уымæй дæр ма нын тæрсы. — Фæлæуут, æз уæ бæласмæ кæйдæр фыдуаг сæгъты баст куынæ скæнон,— немæ загъды бацыд Бимболат. Æмæ цас дарддæр цæуæм, уый бæрц йæ хъæлæс фæлмæнæй-фæлмæн- дæр кæны. Чи уыд, цымæ, Бимболат афтæ æнкъардæй цы Сослæнбе1- джы кой скодта, уый? Нæ фыдæлты кад. 1 Мæй мигъты скъуыдтæй кæсы. Хъуынтъызæй, фæлурсæй. Куы йæ иу сыкъа разыны, куы та æнæхъæнæй ракæсы. Кæд уы- мæн дæр мах хуызæн уазал у? Кæд уарынмæ иыххуылыдз? Мигътæ дæр диссаг сты, мæй махмæ кæй кæсы, уый йын цыма хæлæг кæнынц,— йæ алыварс æртымбыл сты. Нæ абоны хохы сæрмæ та карст уыгæрдæны хуызæн сты. Дæргъæй-дæргъмæ уистæ. Æмраст. Мæймæ дзы хæстæгдæр чи у, уыдон та — мæ- къуылтæ-мæкъуылтæ. Æвæццæгæн, Титов мæйæн йæ хуыз куы иста, уæд дзы ахæм уыгæрдæнтæ нæ уыди, æндæр сæ денджыз- тæ не ’схуыдтаиккой газеты. Искуы дæр ма ахæм денджызтæ вæййы?.. Кæсын арвмæ. Мæ къах дурыл цалдæр къуырды скодтон. Дзабе мын иуфарсырдыгæй йæ къухæй амоны: — Уæртæ дæр ма иу дур. Æнæ нымадæй дын ирвæзы... 508
— Дæуæн æй ныууагътон. Дзабе, дур цыфæнды фæуæд, фæлæ ма уæлæ мигътæм кæс. Карст уыгæрдæны хуызæн не ’сты? — Абон хохы цъуппыл цы уыгæрдæн ракарстай, раст уый хуызæн,— мигътæм кæсгæ дæр нæ кæны, афтæмæй дзуры Дзабе. — Æцæг зæгъын... Кæс-ма сæм, кæс... Мæ ныхæстæ Дзабемæ хъаргæ дæр нæ кæнынц. Чи зоны, цæуыл та хъуыды кæны. Дзæгъæлы та нæ ныхъхъус. Уынгты цъиуызмæлæг нæй. Æрмæст нæм алырдыгæй рудз- гуыты рухсытæ сæ цæстытæ ныкъулынц. Куитæ, цыма хъæумæ æнæхъæн æфсад æрбабырста, уый хуызæн бæстæ сæ сæрыл систой. Мæн ныртæккæ уыдонмæ не ’вдæлы. Куитæ рæйынæй фыл- дæр цы кæнынц! Фæлæ мигътæ... Уыдон ахæм рæсугъд рæн- хъытæй арæх нæ фæбадынц мæйы алыварс. Райсоммæ дæр аф- тæмæй куы лæууикой. Хæрзаг рæсугъд фидауиккой хурмæ. Дзабемæ мæстæй тъæппытæ хауын. Иу каст сæм уæддæр куы скæнид. — Исты дæ фесæфт, зæххæй дæ сæр уæлæмæ куынæуал исыс!—дзурын æм æз. — Мигътæ никуы федтон æнхъæлыс? Цæмæ мæ кæсын кæныс? — æппынфæстаг йæ къубал хæрдмæ сивæзта Дзабе. — Хосгæрстмæ. Уæлæ уыныс?.. Диссаг! Цалынмæ Дзабеимæ ныхас кодтон, уæдмæ мæ хос- гæрстæн йæ кой, йæ хъæр дæр нал аззад. Сæмхæццæ сты мигътæ. — Æвæццæгæн сæ дымгæ... Ныртæккæ дæр ма æцæг уы- гæрдæны хуызæн уыдысты... — Уый дымгæйы аххос у,— мæ ныхас мын айста Дзабе. Кæсын мигътæм. Кæд та фæстæмæ хосгæрсты хуызæн суаиккой, зæгъгæ. Фæлæ ницы, хъуынтъызæй-хъуынтъыздæр кæнынц. Алырдыгæй лæбурынц мæймæ. Чысыл раздæр комæй куы рахызтыстæм, уæд Бимболатæн бæргæ балæгъстæ кодтам, ахсæв мусонджы лæууæм, зæгъгæ, фæлæ нæ коммæ нæ бакаст. Нæ азым зыдтам, æмæ йæм уæл- дай ныхас нал сфæрæзтам. 2 Кулдуары хъæрмæ Дзыллæ нæ размæ рауад. Хыссæкъу- хæй, тыхстхуызæй. 509
— Кæм уыдыстут? Изæрсарæй уæ цæхæрадоны къуымты куы агурын. — Хъуыддаджы, не ’фсин, хъуыддаджы... Æнхъæлдæн æмæ ныл дзагармæй æмбæлыс,— дзуапп радта Бимболат æмæ нæм йæ лæдзæгæй февзыста, мидæмæ цæугæут, зæгъгæ. Мах нанайы хъарм уаты фæмидæг стæм. Уæлибæхты тæф нæ былтыл ауад. Бимболат дæр уæззау къахдзæфтæй нæ фæ- дыл æрбахызт. Дзыллæмæ бакæсын,— зæххыл нал хæцыди. Йæ кæрдзын кæнын дæр дзы ферох. — Æз уæ ныртæккæ хорз фендзынæн. Пецмæ хæстæгдæр æрбадут, нанайыгыццыл хуртæ. Уæхи ахъарм кæнут. Кæм ныд- донласт стут? Ды та сæм куыннæ фæкастæ, зæронд? — Дзæбæх сæм фæкæсын хъуыд бæргæ...— йæ ныхас æр- дæгыл аскъуыдта Бимболат æмæ фыццаг махмæ æрбакаст, стæй та йæ лæдзæгмæ. «Фидар лæуут, ме ’рдхæрдтæ. Ныртæккæ райдайдзæн»,— загътон мæхинымæр æмæ Бимболатмæ лæгъстæгæнæгау скас- тæн. Уый мæ хъуыды дæр не ’ркодта. Пецы размæ бацыд æмæ нæ фарсмæ дзуццæджы æрбадт. — Рæвдздæр, не ’фсин, истæмæйты нæ хорз фен. Мæн фæс- тæмæ цæуын хъæуы. Бимболат æз æмæ Тамуйы уæхсчытыл йæ уæззау къухтæ æрæвæрдта. Йæ хуылыдз дысæй мæ бæрзæйыл цалдæр æрта- хы æрхауд. Хуылыдз уыдысты йæ куырæты фæдджитæ дæр. — Лæппуты дæр дæхи хуызæн сахуыр кæндзынæ. Хæрыны тыххæй дын лæгъстæтæ хъæуы. Цалынмæ дæм лæбурæг ныц- цæуай, уæдмæ хъармæй хæринаг нæ бахæрдзынæ. Адон та нырма сывæллæттæ сты. Сæ тæккæ рæзгæйæ. Æмæ уыйбæрц фæразынц? Чидæр йæ уазæджы куыд фарста, уазæг ницы ахæрдзынæ, зæгъгæ, ды дæр сæ уый фарст куы кæныс,— фиуы мурæй чъиритæ сæрста, афтæмæй дзырдта Дзыллæ. Бимболат цалынмæ мидæггаг уатмæ цыд æмæ йæ дзаумæт- тæ ивта, уæдмæ зæронд ус фынг æрæвæрдта. Бимболат нæ йæ фæйнæ фарс сбадын кодта, æмæ йæхицæн агуывзæйы арахъхъ рауагъта. — Цæй, не ’фсин, дзæбæх изæртæ дыл цæуæд,— загъта уый æмæ йæ нуазæн анызта. Цыма исты хъылма у, уый хуы- зæн дзы ныккæрзыдта, йæ цæсгом сæнхъырдтæ. Нана уæлибæхтæй иу гæххæтты атыхта. Дуарæй ма йæ ны- хас æрбайхъуыст: 510
— Сывæллæттæм фæкæс, æз ныртæккæ фездæхдзынæн. — Бирæ ма бафæстиат у, фæстæмæ цæуын,— йæ фæдыл адзырдта Бимболат. Дзыллæйы ныхасы бæсты кулдуары хъинц фæцыд. Таму- йæн йæ дзыхы тæвд уæлибæхы комдзаг, афтæмæй Бимболаты афарста: — Кæдæм ма фæцæуы уыцы талынджы? — Бабуцамæ. Æнæ кæрæдзи сæ къæбæр сæ хъуыры нæ цæуы... Ногæй та Бабуца. Цымæ йыл цæмæн афтæ æнувыд сты? Хæстæг æндæр сын куы ницы бавæййы... Дзыллæ æцæг уайтагъд фæстæмæ фездæхт. Бимболат ма иу нуазæн банызта, тагъд-тагъд ахордта æмæ ацыд. Мах æртæйæ Дзыллæимæ баззадыстæм. Уат нын бакодта æмæ фæлмæн, хъарм хуыссæнты нæхи ауагътам. Мæ къæхты бынтæ та ногæй судзын байдыдтой. Фæлæ хуыссæн ахæм фæл- мæн уыди, æмæ мæ мæ къæхты сыгъд дæр ферох. Карчы цъиу йæ мады базыры бынæй куыд кæса, афтæ ма хъæццулы бынæй касти Дзабе. Уый хуыссыд мæ дæлфæдтæм æмæ уымæн дæр йæ къæхтæ артау сыгъдысты. Дзыллæ фынг æфснайдта, цыма нын райхъалæй тарст, уый хуызæн æнæ иу сыбырттæй архайд- та. Стæй йæ фынг æфснайд куы фæци, уæд Тамуйы хуыссæцмæ бацыд. Иæ дæлфæдтæм æрбадт, йæ ныхыл ын йæ къух авæрд- та æмæ йын ныллæг хъæлæсæй цыдæртæ дзырдта. Зæронд усы былтæ куыд змæлыдысты, уый уыдтон, фæлæ йын йæ ныхæс- тæй ницы хъуыстон. Стæй мæм йæ цæсгом тымбыл къухы йасы йедтæмæ нал зынд. Цырагъы рухс ма мæм дард кæцæйдæр ферттывта, Дзабейы хуыр-хуыр ма мæ хъустыл æрцыд, стæй мæ цæстыхаутæ кæрæдзиуыл аныхæстысты. 3 Фæссихор. Бимболат мусонджы раз къуыбырыл лæууы. йæ нымæтхуд доныбылырдæм тилы. Хъæр кæны: — Бабуца, ныууадз æй. Цæуыл дæхи хурхæй марыс?.. — Ныртæккæ! — доны уылæнты азæлы зæронд усы цъæхс- наг хъæлæс. Мах дæр æм нæ къухтæ тилæм, йæ сæныччы фæдыл куыд разгъор-базгъор кæны, уымæ кæсæм. Къулбадæджы сæныкк! Иæ фыдуаг митæм та бахæццæ. Иæ дзыхы цавæрдæр хæцъи- 511
лы гæбаз, афтæмæй куы иуырдæм ныййарц вæййы, куы иннæр- дæм нычъчъыллипп ласы. Цæуылнæ хъаза, цæуылнæ чъыл- липпытæ кæна,— астæумæ кæрдæг ын! Дон — йæ фарсмæ. Хæрисы къалиутæ... Бабуца йæм цъæхснаг уисæй æртхъирæн кæны. Сæныкк йæ фæстаг къæхтыл алæууы, йæ сæр æм ныттилы æмæ та гæппы- тæгæнгæ къудзиты фæмидæг вæййы. Зæронд ус йæхи æрныл- лæг кæны, хъавгæ йæм бахъуызы. Фæлæ та гæпп — æмæ уæр- тæ сæныкк фæтæхы. Иæхимæ йæ сайы Бабуца, фæлæ сæныкк къæрттæй цъула не ’ппары. Æвæццæгæн, Бабуцайæн йæхимæ дæр хорз кæсы йæ сæныккимæ хъазын. Æмæ æцæг худæджы сæныкк у. Æгæнон. Хъæлдзæг. Æнæ уыдон цыма доны былтæ фидаугæ дæр нæ кæнынц... — Ныууадз æй, Бабуца! йæхæдæг та дæ фæдыл цæу- дзæн! — хъæр æм кæны Бимболат. — Мæ сæрбæттæн мын баууылдта! — уынгæг хъæлæсæй дзуапп дæтты Бабуца, стæй, æвæццæгæн, сæныкк йæ кæнон кæй нæ ныууадздзæн, уый бамбæрста зæронд ус, йæ фæдыл ма йын уис ныддыввытт кодта æмæ махырдæм æрбацыд. Бим- болат мусонджы фарсмæ бæласы къалиуæй хызын райста æмæ йæ мæ фарсмæ нæууыл æрæвæрдта. Уæдмæ Бабуца нæ цурмæ рараст. Йæ дзыккуты быд æрдæ- гæи дæлæмæ райхæлд æмæ йæ урс сæрыхъуынтæ йæ цыргъ уæхсчытыл цагъд къуымбилау ныппырх сты. Дидинджыты ры- гæй бурбын дардтой йæ цъындатæ. Сæныкк ма иучысыл алæууыд, стæй æнæбарыгомау йæ хи- цауы цурмæ æрбараст. Сæрбæттæн зæронд усы къæхты бынмæ æрхаудта, æрбадт æмæ сынæр цæгъдыныл балæууыд. Бабуца сæрбæттæн систа, æркаст æм æмæ æнæхъæн куы разынд, уæд йæ цæсгом фæрухс. Бимболат загъта: — Изæр у ныр... Бабуца, ацы фæткъуытæ демæ айс,— æмæ йæм хызын радта. — Алы бон фæткъуытæ вæййы? Уадз сæ,— Бимболатмæ йæхи бакъултæ кодта Бабуца æмæ æнæбарыгомау иннæрдæм азылд. — Айс сæ,— цыма ныхас бакодтам, уый хуызæн æмхъæлæ- сæй загътам мах. Дзабе хызынмæ фæлæбурдта æмæ йæ зæронд усы къухты фæсагъта. , Бабуца дунейы арфæтæ фæкодта æмæ ацыд. Сæныкк дæр 512
кæрдæджы хæлттæ тонгæ йæ фæдыл араст. Уайтагъд хъæугæ- ронмæ хæстæг иу æрхы фæаууон сты. — Марадзут, хус къæцæлтæ рамбырд кæнут æмæ мах арт скæнæм. Ацы фыдбылызы къогъотæ та базмæлыдысты,— хъæ- уырдæм акаст, афтæмæй загъта Бимболат. 4 Дыууæизæрастæу. Мæй нæма скаст. Сæртæг къæрццытæ кæнынц хус къæцæлтæ. Арты рухсмæ бынтон фæлладхуыз, бынтон фыдхуыз у Бимболаты æнæдаст цæсгом. йæ ныхы æн- цъылдтæ фæндыры тæнтау змæлынц. Йæ хъæлæс æнахуыр зыр-зыр кæны. Ферхæцы, цæуылдæр аджих вæййы. Йæ лæдзæ- джы фындзæй цæхæртæ змæнты, ницы дзуры. Дысонæй нырмæ йæм æнхъæлмæ кæсæм, уыцы Сослæнбеджы лæгæты кой нын кæд ракæндзæн, уымæ. Цыма фыдæнæн кæны, уый хуызæн йæ дзыхæй иу ныхас дæр нæ хауы. — Бабуца афонмæ сæхимæ бахæццæ...— йæ цæстытæ арт- мæ ныццавта, афтæмæй йæхиимæ ныхасгæнæгау дзуры Бим- болат. — Бахæццæ уыдаид,— йæ пехцел сæр батылдта Дзабе, æдоæ Бимболатмæ кæсы, цымæ, дарддæр цы зæгъдзæн, зæгъ- гæ. Фæлæ Бимболат раздæрау ницы дзуры. К/ьуырматы бадт кæнæм мах дæр. Хъусæм, нæ фарсмæ дон куыд сыбар-сыбур кæны, уымæ. Сæ дыв-дывæй не ’нцайынц дзынгатæ. Стæй дымгæ дард кæцæйдæр æрбахаста зарæджы зæлтæ. Бимболат фестъæлфыд. Байхъуыста. Сыстад. Хæхтырдæм йе ’ргом аздæхта. * •— Сослæнбеджы зарæг... Хъусут, уый Сослæнбеджы за- рæг у... Зарæг дымгæйы уылæнтыл зыр-зыргæнгæ тæхы. Куы хъæр- дæрæй, куы та бынтон сабырæй, бынтон æнкъардæй. Стæй кæвддæр комы нарæджы аскъуыд. ; Аскъуыд зарæг. Банцад бæлæсты сыфтæртыл. Ныхъхъус доны уылæнты. Фæндаггæттæ йæ ахастой æндæр хæхтыл, æн- дарр фæндæгтыл. Чи зоны, кæм æй зарынц ацы сæрдыгон изæр!.. Хъусы арты къæрццытæм Бимболат. Судзы йæ лæдзæджы фдадз. Къæрццытæ кæны уый дæр. Æрмæст зæронд ууыл нæу ныртæккæ. Иæ лæдзæгмæ йæ не ’вдæлы. Сослæнбеджы тау- рæгъ нын кæны... 33 Дæ эæрдæмæ хъуыстон 513
— Дыууæ доны сæрмæ къæдзæхыл ностæ федтат? Уыдон сармадзаны цæфтæ сты. Фондз цæфы,— артмæ æдзынæг кæ- сы, афтæмæй дзуры Бимболат.— Немыц сæ фехстой. Топпæн дæр нæ, фæлæ сармадзанæй... — Нывты...— йæ ныхас баппæрста Дзабе æмæ йе ’рфгуы- тæ уæлиау систа. — Нывты. Сармадзанæй,— йæ лæдзæг кæй ссыгъд, уый бафиппайдта Бимболат æмæ йын йæ фындз кæрдæджы атъыста. Æз тарстæн, Дзабе æмæ та Таму Бимболаты фæрсынтыл куы схæцой, уымæй æмæ Дзабейы хъусы бадзырдтои: — Дзурын æй бауадзут... — Хорз,— йæ сæр батылдта Дзабе. Бимболат нын ракодта, æндæрæхсæвæй нырмæ кæмæ æп- хъæлмæ кæсæм, уыцы таурæгъ. Уый та уыди афтæ. ...Царди лæг. Кадджын, дзырддзæугæ лæг. Адæмæн уар- зон. йæ номæн авгау æрхауынæй тарсти. Фæлæ, чысыл раздæр комы нарæджы зарæг куыд аскъуыд, афтæ аскъуыд йæ цард. Баззад йæ хорзы ном, йæ кады ном. Зарджыты, зæрдæты. Ирæй Кæсæгмæ, Кæсæгæй Хъулгъамæ. Кæм ын не ’рæмыс- дзысты йæ ном, кæм ын нæ ракæндзысты йæ кой! Уартæ хъæ- уы сæр къуыбырыл уæлмæрдтæ уынут? Уым дурын цыртытæм кæсут? Уæдæ уын уыдон зæгъдзысты йæ ном. Дыууæ доны сæрмæ къæдзæхы фарсыл фондз цæфы чи у, уыцы нывтæ фед- тат? Уæдæ уыдоны бафæрсут, уыдон уын ракæндзысты йæ царды хабæрттæ. Сослæнбегты Сослæнбеджы царды таурæгъ- тæ. Мыртгæджыны хъæуккаг, дурæй зæрингуырды хабæрттæ. Хъæбатыр лæджы... Хъæбатыр? Цæмæй? Æрмæст ма йæм ды- сон æрбацыд пъæлицæйы хицау. йемæ дур æрбаласта. Нык- кæнды размæ йæ аппæрста æмæ загъта: — Дыууæ бонмæ цырт цæттæ куыд уа, афтæ. Немыцаг афицерæн хъæуы. Стæй, нырмæ цы цыртытæ фæкодтай, уыдо- нæй хуыздæр куыд уа, афтæ. Бамбæрстай?.. — Хуыздæр ма йæ кæмæн хъуамæ саразин? Фæлæ мæ дæхæдæг уыныс, цы хуызæн дæн, уый,— хъæрзгæ-тъизгæйæ дзуапп ратта Сослæнбег. — «Нæ фехъуыстон» ма зæгъ. Дыууæ бонмæ цæттæ куынæ уа, уæд дын цыртæн дæхи ныссадздзынæн немыцаг афице- рæн!—мæстыйæ загъта пъæлицæйы хицау æмæ фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй кæдæмдæр згъорæгау акодта. 514
Бирæ фæлæууыд уыцы уазал æхсæв Сослæнбег цырты ду- ры уæлхъус. Цыма судзаггаг марды уæлхъус лæууыд, уый хуызæн йæ сæр йæ риуыл æруагъта. йæ лæмæгъ уæхсчытæ хæрдмæ фæхау-фæхау кодтой. Цæстытыл цавæрдæр мигъы хæрв бадт. Хъустæ гуыр-гуыр кодтой. Быдырырдыгæй иугай гæрæхтæ хъуыст. Арвыл цыдæр гуыв-гуыв кодта. Судзгæ æх- сидавау цыдæр цæхæртæ калгæ афардæг хъæуы сæрты. Кæ- цæйдæр фæцыд дуары хъæр. Иу куыдзы рæйын дæр никуыцæй хъуыст. Ныццагътой сæ немыц. Иунæг дæр дзы нал ныууагъ- той. Кæмдæр хъæугæрон мардæй лæууы Сослæнбегæн йæхи Мила дæр. Цыма сæ цы хъыгдардтой уыдон та?.. Уæнтæхъил, сæргуыбырæй лæууы къуызыртæ дуры раз Сослæнбег. Цыма йæ ныртæккæ сисдзæн, хъæугæронмæ йæ ахæсдзæн æмæ йæ уым былæй аппардзæн, уый хуызæн дуры сæрмæ ауыгъдæй лæууынц йæ даргъ цæнгтæ. Бæргæ йæ си- сид, бæргæ йæ ахæссид, фæлæ ма уыйбæрц хъару кæмæ ис? Æгуыстæй уæнгтæ афтæ æндзыг кæнынц, уый нæ зыдта. Но- джы зæрдæ... Цыма йæ исчи уæхстыл физонæг кæны, уый хуы- зæн риссы, дуды. Æмæ йæм ныр цырты дур æрбаластой. Хъуамæ дзы, ныр- мæ кæй никуыма скодта, ахæм диссаджы цырт самайа. Кæ- мæн? Немыцаг афицерæн. Йе ’ртæ фыртмæ йын æрра бирæгъы лæбурд чи ’рбакодта, уыцы афицерæн. Йæ зæронд Бабуца тар хъæдмæ кæмæй фæлыгъд, рынчынæй йæ йæхи хæдзарæй чи ратардта æмæ ныр æртыккаг къуыри сырдау уазал ныггæнды кæй тыххæй хъизæмар кæны, уыцы немыцаг афицерæн. Æмæ ма уæд йæ цардæй цы кæны Сослæнбегты Сослæнбег? Иæ къухтæ куы бахуыскъ уыдзысты, куы бакуырм уыдзæни... Æвæццæгæн, Сослæнбег йæхæдæг, стæй’ ныггæнды уазал æмæ дондыппыр къулты йедтæмæ ничи базыдта, уыцы æхсæв ыл куыд хъизæмæрттæй аивгъуыдта, уый. Æнæ авг цырагъы мынæг рухс дæр йæ хицауы хуызæн фæкатайтæ кодта, кæм пиллонæй, кæм та зынджы стъæлфæны йасæй сыгъди. Стæй ахуыссыд. Ингæнау нытталынг ныггæнд. Æмæ уæд йæ син- джын кæрц лыстæны бынæй раласта, йæ цухъхъа скодта. Йæ кусæн дзаумæтты дзæкъул йе ’уæхскмæ баппæрста æмæ цæхæ- радонмæ рахызти. Ныггæнды мæйдары хуызæн ыл хъуын- тъызæй’ сæмбæлдысты боныцъæхтæ. Тагъд кæны ныр. Кæдæм? Уымæн ничима ницы зоны. Æмæ йæ уæвгæчи хъуамæ зона, хъæуы ас адæмæй куы ничиуал баз- зад, уæд? Хъуамæ йæм исчи кæсгæ дæр кæна. Уадз æмæ кæса. 515
Уадз æмæ йæхи дыууæ цæстæй фена, Сослæнбегты Сослæнбег йæ кусæн дзаумæттимæ, йæ бæрæгбоны цухъхъа, йæ уæл- дзæртты кæрц йæ уæлæ, афтæмæй Мыртгæджыны уынгты кæй фæцæуы, уый. Иæ кусæн дзаумæттимæ. Сæрыстырæй. Æмæ цы кæны! Лæг иу бон гуыргæ ракæны, иннæ бон — мæлгæ. Тæн- зæрдæйæ хъæбатыр нæй... Ныггæнды раз фæлдæхтæй баззад цырты дур. Ныууарыд ыл. Миты бынæй ма зынынц æрмæстдæр йæ цыргъ тигътæ, Иу къахвæд æм нæ рацыд ныггæндæй. Иу фæздæджы цъупп нæ фæзынд йæ сæрмæ. Иу рухсы цъыртт нæ ферттывта йæ’зыхъ.- хъыртæ дуарæй. Ацыд лæг, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ нæма фæцух сты, афтæмæй. Тыппырæй ахаста йæ масты дзæкъул. Кæдæм? Уы- мæн цалдæр боны ничиуал ницы базыдта. Ацыд хъæдырдæм. Стæй йæ уæд Скъæтты комы фендæуыд. Дыууæ доны астæу къæдзæхы фарсыл. Æд сарт, æд дзæбуг. Цухъхъа йыл. Дыстæ фæлдæхтæй. Æнæдаст, фыдхуызæй. — Сæрра,— дзырдтой иутæ. — Нæ, уый, бæстыл кæй нæма фендæуыд, ахæм диссæгтæ аразы,— разы нæ кодтой иннæтæ. Скъæтты комæй та хъуыст сарт æмæ дзæбуджы æмыр зæл- ланг. Боны цъæхтæй изæрдалынгтæм. Фæлæ мæсыг йæхи ду- рæй хæлы, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ акæнынц. Чидæр æй не- мыцы хъусты бацагъта. Схъуызыдысты йæм. Стылдтой йæм сармадзан, кæсынтыл æм фесты. Цы кусы бæгънæг къæдзæхы фарсыл æдылы зæронд лæг? Мæцъбæндæнæй бастæй ауыгъ- дæй. Бызгъуыртæ цухъхъайы. Бæгъæмсарæй. Тугæрхæмттæ къухтимæ... Бахъуызыдысты йæм немыц. Ныккастысты йæм æдзынæг- дæр æмæ сæхи дураууæтты æрныллæг кодтой. Къæдзæхы фар- сæй сæм сыстадысты, æхсæвæй-бонæй æмризæджы кæмæй рызтысты, уыцы сырхæфсæддонтæ. Бæхтыл. Гæрзифтонгæй. Сырх тырысаимæ. Ноджы та уыцы цæстытæ къахæг ныхæстæ: «Мæлæт немыцаг лæгсырдтæн...» Фæд-фæдыл дыууæ гæрахы. Фыццаг къæдзæхы рыг акалд. Стæй лæг æд асин уырдыгмæ ратахт. — Зæронд хæрæг, мæ разæй ды хъуамæ бацæуай мæрд- тæм! — йæ автоматы хæтæлмæ æркаст, цалдæр боны размæ йæм цырты дур чи ’рбаласта, уыцы афицер æмæ йе ’мбаел/ггæм фæдзырдта: — Мæ фæдыл!.. 516
Къæдзæхы рæбын лæгæтæй фæцыд цалдæр гæрахы. Афи- цер арсау ныууынæргъыдта. Дуртыл йæ тъæпп фæцыд. Фæ- лæбурдтой йæм йе ’мбæлттæ. Мардæй йæ сæ фæдыл ахæр-хæр крдтой. Ногæй та стынг сты гæрæхтæ. Æхситт кодтой нæм- гуытæ. Сыгътой къæдзæхы тигътæ. Сæ фæздæг калд лæгæты дуртыл. Афицеры фарсмæ ныффæлдæхтысты цалдæрæй. Мæрдтæй, уæззау цæфтæй. Стæй лæгæт ныссабыр. Ничиуал лæвæрдта дзуапп немыцæн. йæ уæлдзæртты кæрцыл уæлгом- мæ хуысгæйæ баззад Сослæнбег. йæ сарт, йæ дзæбуг, йæ хы- зын йæ фарсмæ. йæ тугæрхæмттæ къухæй фидар хæцыди йæ англисаг карабиныл. Холымæ хъуызæг бирæгътау æм бахъуы- зыдысты немыц. Мард у, уый куы базыдтой, уæддæр ма йæ цалдæр æхсты фæкодтой. Сæ цъыф къухтæй йыл ахæцыдыс- ты.Лæгæтæй йæ ратылдтой.Æрцыдысты Дыууæ доны былмæ. Сармадзаны хæтæл къæдзæхмæ сарæзтой æмæ дзы Сослæнбе- джы нывты фæд-фæдыл фондз æхсты фæкодтой. Сармадза- пæй!.. 5 ...Арт къæрццытæ кæны. Судзы. Змæлынц бæлæсты сыф- тæртæ. Доны уылæнтæ. Арвыл цыма исчи нæ арты цæхæр нып- пырх кодта — мингай стъалытæй нæм кæсы, сæ цæстытæ ны- къулынц Бонвæрнон, Фиййауы лæдзæг, Авд хойы... Æдзынæг кæсы арты цæхæрмæ Бимболат. Змæлынц уымæн дæр йæ халас рихитæ. Кæд нын афтæ дзуры: «Кæсут Бонвæр- нонмæ? Иннæты æхсæн куыд тæмæнтæ калы? Афтæ у лæджы хуызæн лæджы цард дæр...». Дзабе æмæ Таму кæсынц æнæкæрон арвмæ. Æвæццæгæн, уыдоны дæр ныртæккæ сæ хъуыдытæ скъæфынц Сослæнбеджы лæгæтмæ. Сæ хъустыл уайы Сослæнбеджы сарт æмæ дзæбу- джы зæлланг... Уæлæуыл баззади йæ ном... 1 Уыцы бон колхоз сæ дыргътæ тыдтой. Сæумæцъæхæй цал- дæр машинæйы дзаг адæм æрбаластой. Æд чыргъæдтæ, æд асинтæ. Уайтагъд бæлæстыл фæпырх сты. Фæткъуытæй, кæр- дотæй дзаг чыргъæдтæ алырдыгæй скъæфтой. Цæхæрадон æг#сæй æмызмæлд сси. Алыхуызон хъæлдзæг ныхас, алыхуы- 517
зон хъæлдзæг зарæг... Цыма алы бæласы къалиуыл дæр исчи бадти. Æз æмæ Таму дзаг чыргъæдтæ скъæфтам машинæтæм. Дзабе дæр уыцы хъуыддагхуызæй бæлæсты бынты рауай-ба- уай кодта. йæ къухы гæххæтт æмæ кърандас. Цыдæртæ дзы фыста. Бимболаты арæх цæмæйдæрты фарста. Дзаг машинæ- тæ хъæуырдæм кæрæдзифæдыл куыд цыдысты, уымæ касти. Иæ гæххæтты цы фыссы, уымæй йæ бафæрсынмæ хъавыдыс- тæм, фæлæ йыл нæ хæст кодтам. Стæй, сæрдыгон дыргътæ тынд куы фесты, фæстаг машинæты адæм хъæумæ куы афар- дæг сты, уæд мусонджы дуармæ чыргъæдыл æрбадт. Фæйнæ- джы гæбаз йæ уæраджы сæрыл æрæвæрдта æмæ не ’скъолайы зæронд нымайæг Бибойы хуызæн гæххæттытæ рафæлдах-ба- фæлдах систа. Кæсæнцæстытæ ма йыл куы уыдаид, уæд — Бибо. — Гъы, куыд у? Цас рауадысты? — лæппуйы уæхсчы сæр- ты бынмæ ныккаст Бимболат. — Ныртæккæ. Æххæст ма сыл згъæлæццæгтæ дæр афта- уон,— дзуапп радта Дзабе æмæ йæ ронæй æндæр гæххæтты гæбаз фелвæста. Таму йæ уæлхъус алæууыд. — Уæд та дын аххуыс кæниккам? — Бузныг. Кæд мын æххуыс кодтат, уæд абондæргъы кæм уыдыстут? Алырдыгæй фæдисмæ згъорæгау згъордтой æмæ... Æнæфыстæй дæр мын дзы бирæ аирвæзти,— цыма Бимболаты раз йæхи раст кодта, уый хуызæн тагъд-тагъд дзырдта Дзабе. — Кæриты раз дæ лæууын хъуыди, ды та сæ фæдыл бын- дзау ратæх-батæх кодтай,— загъта Таму æмæ мæнырдæм æр- бакаст. — Хорз бакуыстат уе ’ртæ дæр. Иууылдæр мæ фарстой, ацы дзæбæх лæппутæ кæй лæппутæ сты, зæгъгæ,—æвæццæгæи нæ, цæмæй нæ ныхас быцæумæ ма рахиза, уый тыххæй раппæ- лыд Бимболат. Уæдмæ Дзабе йæ фыстытæ нымад фæци. Сыстад æмæ лæу- гæйæ загъта: — Мин. Стæй ма авд æмæ ссæдз чыргъæды... Æз æмæ Таму ныддис кодтам: — Уанцон нæу!.. Кæд рæдигæ фæкодтай? — Рæдигæ? Кæд мыл не ’ууæндут, уæд сæ уæхæдæг баны- майут,— йæ гæххæттытæ мын мæ къухы фæсагъта Дзабе. Æз дзы иуы кæрон бакастæн: «1027 чыр. х 10 кил.= 10270 кил.». — Ау, уыцы стыр чыргъæдты дæсгай килограммтæ йедтæ- 518
мæ нæ уыди? Иуыл дзы уæд та схæцыдаис,— гæххæтт æм фæс- тæмæ радтон æз. — Æз сæ рæстæмбис нымадæй нымайын. Бимболат мын куыд бацамыдта, афтæ. — Бимболат? Афонмæ дæр нын æй афтæ загътаис... Раст зæгъын хъæуы, кæд нæхи хъæбатырхуыз дардтам, уæддæр тынг бафæлладыстæм. Дзабе йæ гæххæттытæ Бимбо- латмæ радта. Зæрондæй нæхи ракуырдтам æмæ нæхи найын- мæ ацыдыстæм. Доны был, йæ хæдон æрдæг ласт, афтæмæй Дзабе загъта: — Ацы бон Бабуца куыд æрæгмæ цæуы. — Æз ма йын кæрдотæ дæр бамбæхстон,— загъта Таму æмæ доны уыциу сæррæтт баласта. Куыд сбæрæг, афтæмæй не ’ртæ дæр «æмбæхсджытæ» ра- зындыстæм. Æрмæст Бабуца йæ сæныккимæ никуыцæй зынд. 2 Фæссихор Урсдоны дон тынг хъарм вæййы. Цыма йæ исчи тæвд скæны, уæлдайдæр фæлладæй. йæ уылæнтыл кæдæмдæр аскъæфы буары рыст. — Баба, нæ нæм хæцдзынæ? Дзырд нынратт,—нæхинайы- нæй куы ’рбаздæхтыстæм, уæд æз æмæ Дзабейы фæндонмæ гæсгæ Бимболаты бафарста Таму. — Цæмæн? Æгæр дзæбæх бакуыстат?.. Ноджы ма уæм хæцгæ дæр? Нæ, мæ гыццыл кæрчытæ. Бузныг ма уын хъуамæ зæгъон. Цæмæн уæм хъуамæ хæцон? — фæлмæн хъæлæсæй загъта Бимболат. — Фæйнæ цалдæр кæрдойы бамбæхстам... Бабуцайæн,— йæ фыдыфыдмæ къæмдзæстыгхуызæй бакаст Таму. Бимболат Тамуйы хуылыдз сæрыл йæ дынджыр къух æрæвæрдта æмæ нæм бахудт: — Афтæ æнхъæлут, æмæ уæ нæ федтон, мæ гыццыл абыр- джытæ?.. Æрмæст абон майрæмбон у, æмæ Бабуца уæлмæрд- ты уыдзæн. Алы сабатизæры дæр уæлмæрдтæм фæцæуы. Сос- лæнбеджы ингæнмæ... 3 ...Зæронд бæлæсты бындзæфхæдтау лæууынц цыртытæ. Дурæй амад, хъæдæй конд цыртытæ. Чи дзы иуварсырдæм 519
акъул, чи та бынтондæр афæлдæхт. Иугай æхсынцъы бæлæс- тæ, хъæддаг кæрдотæ пыхсы бын фесты. Сæ бынты ингæн бæ- рæг дæр нал и. Не ’ртæйы йедтæмæ уæлмæрдты иу цъиуызмæ- лæг дæр нæй. Афтæмæй та Бимболат, Бабуца уæлмæрдты уы- дзæн, зæгъгæ, дзырдта. Кæд нырма раджы у? Æз нæ уарзын уæлмæрдтæм цæуын. Æнкъард дзы кæнын. Фæлæ ма мын цы гæнæн уыд, Дзабе æмæ Тамуйы бафæндыд Сослæнбеджы ингæн бабæрæг кæнын, Бабуцайы фенын. Кæр- доты дзæкъул мын ме ’ккойы скодтой, æмæ зилæм иу цыртæй иннæмæ. Агурæм Сослæнбеджы ингæн. Дурын цыртытыл алы- хуызон нывтæ конд. Чи саргъы бæхыл, чи разгæмтты, чи та ирон цухъхъайы. Суанг ма дзы фæндырæй чи цæгъды, ахæм чызджы нывтæ дæр ис. Сæ мыггæгтæ, сæ нæмттæ. Цыма сын райхъалæй тæрсæм, уый хуызæн хъавгæ цыдæй цæуæм, саст хъæлæсæй дзурæм кæрæдзимæ. — Æвæццæгæн, адон се ’ппæт дæр Сослæнбеджы конд цыртытæ сты...— цыртыты фыстытæм лыстæг кæсы, афтæмæй нын дзуры Дзабе. — Мæнæ кæсут, куыд фыст ыл ис? «СС», ома Сослæнбегты Сослæнбег... — Сослæнбеджы конд. Уæдæ сæ æндæр афтæ дæсны чи скодтаид? Бабамæ нæ хъуыстат? — йæ лыстæг къубал хæрд- мæ сивæзта æмæ нын цыртытæй иумæ бацамыдта Таму. Мах цырты цурмæ бацыдыстæм. Иæ алыварс сау ахуырст æфсæйнаг быру. Бырумæ телæй фидаргонд зесты гæбазыл фыст: «Ацы цырты хъахъхъæны паддзахад...» Донхуыз дзæн- хъа дурæй арæзт нæлгоймаджы гуыр. Бызгъуыртæ дарæсы. Ныггуыбыр. Йæ зæнгтæ йæ быны фæтасыдысты. йæ сины къуыбыртæ хæдоны скъуыдтæй ныццыргъ сты. Йæ сæр йæ ри- уыл æрхауд. йæ къæхты бынмæ æдзынæг кæсы. йæ нуарджып къухтæ саст ехсы хъæдау уырдыгмæ зæбулæй баззадысты. Бæгъæмсар, бæгъæввадæй. йæ мæллæг рустыл арф æнцъылд- тæ. Иу .бакастæн афтæ зыны, цыма ныртæккæ йæхи нал ба- уромдзæн æмæ размæ бахаудзæн. Фæуарыд цыртыл. Фæхостой йæ ихтæ. Схъулæттæ йæ кодтой сæ фаджысæй халæттæ. Фыст ыл: «Царды уæз... Кæдмæ дæ хæсдзынæп? Рухсаг у, Дзы- быртт...» Чи у, цымæ, иннæ адæмтæй хъауджыдæр ахæм цырт кæмæн сæвæрдтой, уыцы Дзыбыртт? Чи бауагъта цырты уыйбæрц æнкъарддзинад, уыйбæрц сагъæстæ? Кæй къухтæ ракæсын 520
кодтой дзæнхъа дуры йæ цæстытæй? Чи дзы бавæрдта йæ тæлфгæ зæрдæ? Кæсæм цыртмæ. Цыма нæм цырты хицау йæхæдæг мæрд- тæй рацыд, уый хуызæн нæ цавæрдæр тасдзинад уадзы. Хъыпп-сыпп нæ никæмæй уал хауы. Цырты хуызæн æнæзмæл- гæ лæууæм. Дзабе та ацы хатт дæр нал фæлæууыд. Цырты гом къæх- тæй кæрдæг фæйнæрдæм акодта æмæ йæ ныхас райхъуыст: — Сослæнбеджы конд. Ауыл дæр та уыцы дамгъæтæ фыст... Уæдмæ уæлмæрдтæм цалдæр усы æрбацыд. Фæзынд Бабу- ца дæр. Иæ къухы дидинджыты баст. Мах цырты раз лæугæ куы федта, уæд нæм дардæй йæ ныхас æрбайхъуыст: — Кæцæй фестут? Цы ми кæнут сымах та уæлмæрдты?.. — Мæнæ дын кæрдотæ æрбахастам... Бимболат дын сæ рарвыста,— фæцарæхстæн æм æз. — Ам кæй дæ, уый дæр нын Бимболат загъта,— мæ фарс фæлæууыд Дзабе. Æз мæ дзæкъул æристон, Бабуцайы раз æй нæууыл æрæ- вæрдтон. Уый кæрдотæм бынмæ æркаст æмæ хатыркурæгау загъта: . — Цал хатты, зæгъ, вæййы, исты ныхас æм куы æрхауа, миййаг. Уæвгæ абон дыргътæ куы тыдтат, æнхъæлдæн? Уæд ницы кæны. Сæ тонын афон мын алы хатт дæр хуын фервиты. Иннæтæй уæлдай цыма æз искуы фесгуыхтæн. Гъемæ йын-иу арфæ ракæнут. Бузныг, зæгъ. Æз сæ мæнæ нæ зæрондæн ахæ- лар кæндзынæн. Хæццæ йæм дзы цы бауыдзæн, фæлæ уæддæр зæрдæйæн æнцондæр вæййы... Зæронд ус дзæкъулæй цалдæр кæрдойы систа, хатыр нæ ракуырдта, æмæ гуыбыр-гуыбыр иуварсырдæм ацыд. йæ дыу- уæ фарс сындзы къутæртыл сæнтсырх дидинджытæ кæмæн зад, уыцы ингæны цурмæ бараст. Ингæны фарсмæ фæйнæджы гæбазæй конд бандоныл æрбадт. Стæй нæм иу-цалдæр минуты фæстæ фæдзырдта. Мах йæ цурмæ бацыдыстæм. Йæ кæрдотæй нын фæйнæ радта. йæхæдæг дæр дзы иуæй акомдзаг кодта. Ингæны фæйнæ фарс кауын асиныл сбырыдысты сындзьт дидинджытæ. Уæлейы баиу сты. Ингæныл цырт нæ уыди. Æр- мæст чи бамбыди, ахæм хъæды лыггаг цæхгæрмæ лæууыд. Иæ иу кæрон кæрдæг тарбын цъæх дардта. «Ау, адæмæн уыйбæрц цыртытæ чи фæкодта, уымæн йæ- хицæн иу дур уæддæр куыннæ сæвæрдтой цырты бæсты?» — 521
хъуыды кодтон мæхинымæр æмæ ме ’ргом дурæйконд Дзы- быртмæ аздæхтон. Æвæццæгæн, афтæ хъуыды кодтой Дзабеитæ дæр. — Дидинджытæ мын уарзта. Æмæ йын сæ йæ ингæны уæ- лæ ныссагътон,— æрæджиау загъта Бабуца æмæ Дзыбыртты цыртмæ кæй кæсæм, уый бамбæрста. — Чи уыд Дзыбыртт? Уымæн дæр йæ цырт Сослæнбеджы конд у? — Зæронд усмæ йæхи хæстæгдæр баласта Дзабе. — Дзыбырттæй мæ фæрсут? Уыдис, цардис нæ хъæуы ахæм лæг. Мæгуыр, фæлæ æнæуи хорз лæг уыди. Æххуырсты мыздæй, мæгуыр, йæ уæлæ хуызæнæн дарæс никуы скодта, йæ гуыбын дзы никуы байдзаг кодта. Хъæздгуытæн хос карста, хуым сын кодта, суг сын ласта. Йæхи хæдзар та бонæй-бон фыддæрмæ цыди. Махонимæ гыццылæй фæстæмæ лымæнæй цардысты. Хъæлдзæг адæймаг уыди, хæларзæрдæ. Æмæ йæ уымæ гæсгæ нæ лæг хъулон уарзтæй уарзта. Æгас ма уыди, афтæмæй йын райдыдта аразын, мæнæ ныртæккæ кæй федтат, уыцы цырт. Дзыбыртт ма йыл худгæ дæр кодта, удæгасæй мын цырт куы аразыс, зæгъгæ. Нæ лæг дæр ын афтæ: «Æз дын уæ- лæуыл дæ ном баззайын кæндзынæн». Фæскуыст-иу Дзыбыртты бæласы бын куы ’рбадын кодта, йæ сарт æмæ-иу йæ дзæбугæй дуры хойын куы байдыдта, уæд уыдонмæ бакæсын: Дзыбыртт ын иуран бадгæ нæ кодта, нæ лæг та йæм мæстæй тъæппытæ хауди. Стæй йын иухатт Дзы- быртт цыдæр æфсæнттæй алыгъди. Иу-цалдæр мæйыйын йæ рыг дæр ничиуал федта. Нæ лæг мæсты кодта, Дзыбырттимæ хæцыди. Цалдæр хатты нын нывыл хæрып дæр нал бакуымд- та. Райсомæй-изæрмæ дур хоста, æхсæвыгон та цырагъы рухс- мæ куыста. Ахæм заман зын дзурæн уыдис йемæ. Бинонты цæрын хъæ- уы, уый дæр-иу дзы ферох. Адæмæй ма йыл бирæтæ худгæ дæр кодтой. Æмæ йæ дур æрдæг кондæй баззад, æндæр хъуыддæг- тæй йæ нал равдæлд, уæлдайдæр та Дзыбыртт хæстæг кæй нал цыди, уый тыххæй. Стæй иуахæмы Дзыбыртты мардæй æрластой. Куыд дзырд- той, афтæмæй, æххуырсты кæмæ уыди, уыимæ фæхъаугъа сты. Амардта йæ хицауы, йæ хицауы фырты. Йæхи дæр ын амардтой. 4 — Нæ лæг цалдæр боны дзыхæй дæр нал дзырдта. Бон- изæрмæ хъæдрæбынты зылди. Доны былты рацу-бацу кодта. 522
Сдзырд æм нал уыди. Стæй иу райсом, мах ма фынæй уыдыс- тæм, афтæ сарайæ йæ къупп-къупп райхъуыст. Нæ лæг фæс- тæмæ райгас, зæгъгæ, ныццин кодтон. Æмæ йæ, æцæг, уæды хуызæн кусгæ никуы федтон. Дыууæ бонмæ йæ рустæ бахау- дысты, сцола. Æрмæст йæ къухты змæлдыл цæст нæ хæцыд. Раст зæгъын хъæуы, тынг тыхст уыдыстæм. Дыууæ хоры ас- тæу. Фæлæ лæгмæ сдзурын чи уæндыди! Мæхæдæг цыдæр амæлттæ кодтон. Кæмæй ссад, кæмæй картоф. Сывæллæтты æххормагæй куыд ныууагътаин? Уыцы бонты нæм Дыгургомæй барджытæ æрбацыд. Сæхи Хъуыбадтæй хуыдтой. Сæ хистæртæй чидæр амард æмæ йын цырт сæвæрын уыд сæ зæрды. Цынæ йын фæкодтой, куыд ын нæ фæлæгъстæ кодтой, нæ сын бакуымдта. Цæхæртæ калгæ, æртхъирæнтæ кæнгæ афардæг сты Хъуы- бадтæ. Æз та йæм мæстæй мардтæн. Дæ сывæллæттæн дын иу нартхоры голлаг уæддæр радтаиккой, зæгъгæ. Лæг мæ хъуыдыдæр не ’ркодта, бацыд сарамæ æмæ.йæ куыстыл балæууыд. Æртыккаг бон ма нæм Хъобангомæй дæр æрцыдысты. Аспиатæ. Уыдонæн та сæ чындздзон чызг амард æмæ уымæн кæнын кодтой цырт. Æртæ лæппулæгæй нæ кæр- ты æрфистæг сты. Ацы уазджыты афтæмæй мауал арвит, зæгъ- гæ йæм мæхи бæргæ бакъултæ кодтон, фæлæ мæм йæхи афтæ схъулæттæ кодта, æмæ йæ бамбæрстон, мæ ныхас мын æрдумæ дæр кæй нæ æрдардзæн, уый. Аспиаты минæвæрттæ та бынтон зæххыл нал хæцыдысты. Ме ’рдхорд Дзыбыртты цыртæй мæ сымахмæ не ’вдæлы, зæгъ- гæ сын куы загъта, уæд сæ иу ивазгæ ныхасæй бафарста: — Æмæ чи уыд, Дзыбыртт кæй хоныс, уый? — Мæгуыр лæг. Æнæ хæдзар, æнæ къона мæгуыр лæг,— дзуапп сын радта махон. — Æмæ дзы цы райсдзынæ, кæд ахæм гæвзыкк уыди, уæд? — Мах гуырысхойаг ницæмæй стæм, цас æмбæлы, уыйбæрц дын бафиддзыстæм,— йæ ныхас баппæрста иннæ уазæг. — Бахатыр кæнут, уæ хъалæй, миййаг, не ’рлæууыдыстут мæ дуармæ. Хæраммæ мын æй ма бамбарут, фæлæ æз мæ цæсгом мыздыл нæ уæй кæнын,— дзуапп ын радта нæ лæг æмæ ма сын ныхасы кæрон загъта: — Фысым бакæнут, Аспиа- тæ. Сымах фаг хорздзинадæй нæм ницы ис, фæлæ уын цæхх æмæ кæрдзынæй «еблуагъæ» зæгъæм. — Бузныг. Æрмæст-иу дæм, дæ сæр сæрмæ кæй не ’рхас- 523
тай, уый тыххæй фæсмон ма ’рцæуæд,— фæмæсты йæм сты Аспиатæ. Нæ лæг дæр сæ æнæ дзуаппæй куыд ауагътаид æмæ сын загъта: — Уæхи уæздан куы хонут, хонæг уæм куынæ арвыстам, миййаг, уæд ма мын мæ хæдзары дуармæ цæмæн уайдзæфтæ кæнут?.. Сæ бæхтæ æрцæфтæ кодтой Аспиатæ æмæ уыдон дæр тæр- гайæ афардæг сты. Уыцы хабар уайтагъд дардыл апырх. Фехъуыстой йæ иннæ хъæуты дæр. Æмæ цалынмæ Дзыбыртты цырт арæзта, уалын- мæ йæм йæ ныфс ничиуал æрбахаста. Цы гæнæн ма уыд мæ- нæн дæр! Хæстæджытыл фæзылдтæн æмæ цыдæр хоры муртæ æрæмбырд кодтон. Фæлæ мын уыдонæй дæр, цырт куы сцæт- тæ, уæд Дзыбырттæн хист скæнын кодта. Уæдæй нырмæ лæууы Дзыбыртты цырт. Цалдæр хатты йæ горæтмæ ласынмæ хъавыдысты, фæлæ йæ Бимболатимæ нæ ауагътой æмæ йыл уæд быру скодтой. Уæртæ йыл уыцы фыст баныхæстой. Арæх æм æрцæуынц уынæг. 5 Хур фæныгуылы. Сослæнбеджы ингæныл цы дидинджытæ зайы, уыдон ма йæм се ’ргом бæргæ аздæхтой, фæлæ сæ ба- зыртæ æрлæмæгъ сты. Кæрдæджы хус къæрццытæ фæцыд. Зæронд ус, уынæр кæ- цæй фæцыд, уыцырдæм йе ’ргом аздæхта. Ныддис кодта: — Мæ хæйрæг! Ссардта та мæ. Иу минут æнæ мæн нæ фæразы. — йæ дзыхы сыфтæрджын къалиу, йæ цъæх цæстытæ нæм ныдздзагъыр кодта, афтæмæй дæрддзæфгомау æрлæууыд Ба- буцайы сæныкк. — Дардæй цы кæсыс? Хæстæгдæр нæм рацу,— фæсидт йæ сæныкмæ зæронд ус. Сæныкк ма иучысыл алæууыд, стæй йæ боцъо тилгæ Бабу- цайы цурмæ бацыд. Хатыр курæджы каст скодта йæ хицаумæ. ...Дзыбыртт нæм сæргуыбырæй кæсы. йæ ингæныл змæ- лынц кæрдæджы сыфтæ. Быдираг дидинджытæ. Хæхтæй дымы изæрон уддзæф. Мæ хъусы мын дзуры: «Кæсыс, адæймаг цытæ кæны, уымæ? йæхи зæрдæ искæ- мæн радты, дуры уд бауадзы, йæхицæн дæр цырт кæй хъæуы, 524
уый дзы ферох вæййы... Кæс, дæ зæрдыл бадар ацы дыууæ ин- гæны...» Цыма уддзæф Дзабеитæм дæр афтæ дзуры? Дзурдзæни. Æвæццæгæн, афтæ æпцад, афтæ сæргуыбырæй уымæн лæу- уынц... Дзабейы мадæн сæ ма зæгъ... 1 Дзабе æмæ Таму чысыл æддæдæр змисыл бæгънæгæй хъа- зынц. Тамуйæп йæ сæрыл дьшджыр залмы сыф. Сыфы скъуыд- тæй мæиæуы ’фсиртау хæрдмæ ныхъхъил сты Тамуйы сæры- хъуынтæ. Дзабе мæм йæ чъылдым сыздæхта, йæ хурсыгъд фæ- соитыл допы ’ртæхтæ ’рттивыпц. Нырма чысыл раздæр сыстад донæй. Цæхæрадоны кæронæй хъуысы Бимболаты фæрæты къупп-къупп. Æз бадын доны был, хæрис бæласы бын аууоны. Фыссын писмо гыццимæ. Дзабеитæ сæ писмотæ абон райсомæй афыс- той. Æрмæст сæ æрвитгæ нæма акодтой. Мæнмæ кæсынц. Æртыккаг цъар фехæлдтон мæ тетрады сыфтæй. Уый мын Таму æмæ Дзабейы аххос у. Мæ тæккæ фындзы бын ратæх- батæх кæнынц, цæуылдæр худынц. Цыма сып мæ фарсмæ цæхх ныччыидæуыд. — Нæма фæдæ? Къоста ма басгуых? — Сæ кæл-кæл сын æгъгъæд нæу, фæлæ ма мæ мæстæй дæр марынц. Худут, уæ сæртыл хъен дæр слæуут, мæ цæстмæ кæсæгтæ дæр фестут. Цалынмæ гыццимæ писмо ныффыссоп, уæдмæ уе ’мгæррн не ’рцæудзынæн. Фысгæ та йæ ныккæндзынæн афтæ: «Гыцци, Дзабе æмæ Таму цавæр лæппутæ сты, уый зоныс? Уæвгæ нын сымах æрмæстдæр нæ фыдуагдзинæдтæ нымайут. Рæдиут. Раст зæгъын хъæуы, мæнмæ дæр-иу хатгай афтæ кас- ти. Уæлдайдæр Дзабе. Фыццаг æртæ боны йыл Тамуимæ нæ зæрдæ тынг худти. Цыма йæ цæргæ-цæрæнбонты дыргъы хъæстæ никуы фæци, уый хуызæн сыл йæхи ныццавта. Дзырд- там ын, ма нæ худииаг кæн, исты дын кæндзысты, зæгъгæ. Нæ нæм байхъуыста. Фæткъуытæй ма суанг сусæг æвæрæнтæ дæр фæкодта. Цалдæр хатты ма йын сæ æхсæв йæ нывæрзæиæй дæр раластам. Стæй нын уæд йæ гуыбынæй фæрынчын (гыц- ци, курып дæ, Фатъимæтæн сæ ма зæгъ). Йæ амонд уьгди, æмæ Бимболат ахæм низтæм дæсны разынди, уайтагъддæр æй’би- тъы’иайы хъæбæр.цайæ адзæбæх кодта. Мах æнхъæлдтам, иу- 52^
чысыл фæцоладæр уыдзæн, зæгъгæ. Хъуыды дæр æй не ’ркод- та. Куыд къуыбылой уыди, афтæ къуыбылойæ баззад. Æр* мæст æй хур басыгъта æмæ цыма бæрзонддæр фæци. йæ гуыбынæй ма рынчын куы уыд, уæд нæ Тамуимæ иу бон цæхæ- радоны кæрон хæмпæлтæм акодта. Кæсæм, æмæ дзы æнæхъæц чыргъæды дзаг фæткъуытæ æмæ кæрдотæ æмбæхст. Се ’мбис бамбыд. — Бахатыр кæнут... Нæхимæ хæссынæн сæ бамбæхстон,— йæ фырæфсæрмæй ма цы фæуыдаид, уымæн ницыуал зыдта Дзабе æмæ чыргъæд хæмпæлтæй рахæр-хæр кодта. Мах Тамуимæ кæрæдзимæ бакастыстæм, йæ рæдыдыл йæ: хæдæг кæй басаст, уый тыххæй йын ницыуал загътам. Бимбо- латæн дæр æй не ’схъæр кодтам. Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй сæ не ’ртæйæн бамбæхста. Цалдæр боны Бимболат-1 мæ, кæд мын мæ дыргъты æмбæхсты хабар зоны, зæгъгæ, ком-. коммæ бакæсын дæр нал уæндыд. Æрæнкъард. Гыцци, мæ ныхæстæ мын Дзабейы фыдгоймæ ма бамбар. Уый æрмæстдæр фыццаг бонты афтæ уыд. Фæлæ уый фæстæ... Бимболат æй афтæ бауарзта, æмæ æнæ кæрæдзи минут дæр нæ фæразынц. Райсомæй кæс, æмæ не ’ппæты разæй фæгæпп кæ- ны. Кæм каутæ æмпъузы, кæм ссивы, кæм дыргътæ уидзы. Бимболаты фæлварæн цæхæрадонæй та йæ бынтон нæ къах нæ хæссы. О, хæдæгай, уыцы фæлварæн цæхæрадон цавæр у, уый зо- ныс? Бимболатæн йæ диссæгтæ уым сты. Алыхуызон бæлæстæ дзы æмраст рæнхъæй сагъд. Сæ быны сын хæснагæи дæр ну кæрдæджы хал не ’ссардзынæ. Чъырæй цагъд. Фæткъуытæ, кæрдотæ, чъерамитæ, чылауитæ, балтæ, къомситæ... Æмæ дзы цынæ дыргъы мыггаг ис! Мугæйæ зæгъай... Суанг ма хохаг цъуйтæ дæр. Иу бæласыл та дзы фараст хуызы дыргътæ зайы. Иуырдыгæй йæм бацу — æмæ кæрдотæ, иннæрдыгæй — чы- лауитæ. Тымбыл къухыйæстæ... Æз дæр афтæ æнхъæлдтон, Бимболат æрмæст колхозы дыргъдзæхæрадонмæ зилы. Уынгæ йæ куы фæкæнис, бон-изæрмæ йæм кæцæй не ’рбацæудзысты, цæмæй йæ нæ бафæрсдзысты, иу ахæм нæй. Хъыг дæр сæ куыннæ кæны, уый диссаг у! Алкæмæн уыйбæрц дзур, алкæ- мæн уыйбæрц амон... Мах дæр сын, цыма исты фæзонæм, уый хуызæн Бимбола- ты уазджыты иу бæласæй иннæ бæласмæ рахон-бахон сисæм. Уæлдайдæр Дзабе. Ноджы йын Бимболат æрæджы, ды мæ хæдивæг дæ, зæгъгæ, куы загъта, уæдæй нырмæ йыл бынтон 526
базыртæ базад. Кæм нæ февзæрдзæн, цы хуынкъæй нæ ракæс- дзæн, иу ахæм ын нæй. Таму дзы нымады дæр нал у. Æндæр- æхсæв та нын цы бакодта? Тамуимæ иæ тæккæ фынæйæ уы- дыстæм, афтæ нæ райхъал кодта. — Къæрццытæ хъусут? Æвæццæгæн, давджытæ сты. Уæ- лæмæ!.. Æрмæст сабырдæр, Бимболат райхъал уыдзæн,— лæ хъусты нын дзуры, йæхæдæг сыстад æмæ йæ къахыæлгътыл мусонгæй рацыд. — Фæлæуу. Бабайы райхъал кæнæм,— æрдæг фынæйæ йын дзуапп радта Таму æмæ уый дæр йæ уæраджы сæртыл рабадт. Сыпп дæр нæ нал суагъта Дзабе. Тæппудтæ дæр ма нæ схуыдта. Кæд нæ уæндут, уæд æз мæхæдæг иунæгæй ацæудзы- нæн, зæгъгæ дæр ма нын бауайдзæф кодта. Мах ницыуал загътам, йæ фæдыл рацыдыстæм. Мæйдар. Бимболаты фæлварæн цæхæрадонæй, æцæг, цавæрдæр къæрц- цытæ цыд. — Цалынмæ уын æз зæгъон, уæдмæ уæ дзыхæй иу ныхас дæр куыннæ схауа, афтæ. Хæстæг æм бацæудзыстæм, фæхъæр ыл кæндзыстæм. Æмæ кæд нæ лидза, уæд æй уацайраджы конд æрбакæндзыстæм,—йæ къухы Бимболаты хъæдын сагой, афтæмæй нын хъæбатыр лæджы ныхæстæ систа.— Мæ фæдыл! Къанаумæ куы бахæццæ уæм, уæд ууылты абырдзыстæм. На- уæд... — Цы «науæд»? — фæрсын æй æз. — Кæд æм хæцæнгарз ис, уæд та... — Кæцæй йæм æрцыд хæцæнгарз? — мæхи фæлæг кодтон æз, æмæ сæ разæй араст дæн. Уыдон дæр мæ фæдыл рацыды- сты. Цы дын æй æмбæхсон, гыцци, кæд æй ме ’мбæлттæн хъæр не ’скодтон, уæддæр мæ зæнгты зыр-зыр цыд, мæ зæрдæ гуыпп- гуыпп кодта. Ахæм мæйдар æхсæвы давджыты ныхмæ иунæг хъæдын сагоимæ... Ме ’мбæлттæ дæр, æвæццæгæн, æдас нæ уыдысты. Хъыпп- сыпп сæ никæйуал дзыхæй хауд. Цæхæрадонмæ цас хæстæг- дæр ^ кодтам, уыйбæрц нæ къахдзæф цыбырæй-цыбырдæр... Стæй, къанаумæ куы бахæццæ стæм, уæд Дзабе нæ разæй фæци, арф кæрдæджы аныгъуылд. 2 Пысыратæ нын иæ зæнгтæ судзыиц, афтæмæй фæрсæй- 527
фæрстæм хилæм. Кауы къæрццытæ пæм хæстæгæй-хæстæгдæр кæнынц. Цыдæр футтытæ нæ хъустыл уайы. Æрлæууыдыс- тæм. Феицадысты къæрццытæ. Стæй та фæстæмæ кауы къæр- къæр ссыд. — Æрлæуу! Æхсып дæ! — уыциу хъæр фæласта Дзабе. — Æрлæуу!..— цыма мын исчи мæ дзых фегом кодта, уый хуызæп ныхъхъæр кодтон æз дæр. Давæг исдугмæ фæхъус. Стæй футтытæгæнгæ, тыхулæфт- гæнгæ махырдæм йе ’ргом сарæзта. Уый разынд кæйдæр хъуг. — Дæхи æрныллæг кæп, Дзабе, æхсы дæ! — йæ худын нал баурæдта Таму. — Æгас ма дæ? Æз та, зæгъын, кæд фыртæссæй дæ зæрдæ атъæпп кодта,— йæ уæраджы сæртæ ныхыныл балæууыд, аф- тæмæй йын дзуапп радта Дзабе. — Æмæ дын дæ сагой æрдæгфæндагæй нырмæ æз куы хæс- сын... — Ацырдæм æй раскъæрут, цæхæрадон фесафдзæн! — æнæнхъæлæджы нæ хъустыл æрцыд Бимболаты ныхас... Гыцци, гъе ахæм «давæджы» æрбаскъæрдтам уыцы ’хсæв. Нæ «давæг» йæхи къахæй нæ размæ куыд рацыд, ууыл ма дыккаг бон дæр худтыстæм. Дæуæн дæр æй уый тыххæй ра- дзырдтон. Стæй ма нæ Бимболат колхозы сæрдарæн раппæ- лыд, зноп хос ссивгæйæ хорз кæй бакуыстам, уый тыххæй. 3 Дзабе æмæ Таму сæхи найынц. Цыма мæ мæстæй марынц, уый хуызæи доны цъыллинджытæ кæнынц, цæуылдæр худынц. Таму мæм хъæр кæны: — Фен-ма, харбызтæ нæма ныууазал сты? Уый, хæрис бæласы бын малы цы хъулон харбызтæ ленк кæны, уыдонæй зæгъы. Мæхæдæг дæр сæм мæхи тыххæйты уромын. Ахæм æнуд бон уазал харбыз... Цы ма вæййы уымæй хуыздæр! Кæм нын уыдысты, уый зоныс? Сымах ам цы бон уыдыстут, уымæн нæм йе ’ртыккаг бон сихæрттыл колхозы сæрдар Хъамболат йæ машинæйы æрбацыд. Цыма стыр исты хъуыддæгтæ сарæзтам, уый хуызæн нæ феппæлыд. Бимболат дæр ма йын аххуыс кодта. — Æз сын скъоламæ хорз гæххæтт ныффысдзынæн. Мæхи машинæйы сæ балæууын кæндзынæн горæты,— загъта колхо- зы сæрдар æмæ нæ йæ машипæйы сæвæрдта.— Цомут, æз уын 528
нæ харбызты, нæ неситы хуымтæ фенын кæнон. Бимболат, уа- дзыс сæ? — Куыннæ! Æрмæст-иу Дударæн зæгъ, фæззæг æи дыргъ- донæй йæ къах куынæуал фæхæссы, уæд йæ иу харбызæй мæ- гуырдæр фæуыдаид? Цыфæнды дæрдты, зæгъ, куы фæзилай, уæддæр дæ иу бон мæ къухмæ хъæуы... — Хорз, зæгъдзынæи. Фæлæ йæм дæхæдæг иу уад цæуыл- нæ бакæныс? Нæ йæ ’вдæлы. — Йæ харбызтæ куы фæуой, уæд та йæ равдæлдзæн,— загъта Бимболат æмæ нæм йе ’рфгуыты змæлдæй цыдæр аца- мыдта. Æз æй афтæ бамбæрстон, сæ дынджыртæй-иу сын раласут, зæгъгæ. Мæ сæр æм разыйы тылд бакодтон. Цалынмæ харбызы хуыммæ хæццæ кодтам, уæдмæ колхо- зы сæрдарæн Бимболатæй феппæлыдыстæм. Уый нæм бирæ фæхъуыста, цыма йæ хуыссæг ахста, уый хуызæн цъынддзас- тæй размæ каст. Йæ хурсыгъд бæрзæйыл хиды фæрдгуытæ уырдыгмæ уадысты. йæ урс тæнæг хæдон йæ фæсонтыл баныхæст. йе ’фцæгго- ты кæрæттæ йæ хъусты быымæ гæлæбутау пæр-пæр кодтой. Æз мæхинымæр смæсты дæн, Бимболат Дудар кæй хуыдта, уымæ. Ау, Бимболаты хуызæн лæгæн сæрд-сæрдыдæргъы иу харбыз ма ’рбарвит... — Æмæ уæдæ Бимболат хорз лæг у зæгъут, нæ? — быптон æрæджиау нæ бафарста колхозы сæрдар æмæ, дзуапмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй йæ ныхасыл бафтыдта: — Зонын æй. Мæ гыццылæй нырмæ. Æз дæр сымах карæн куы уыдтæн, уæд йæ дыргъбæлæсты бынты бирæ фæрауай-бауай кодтон. Хъамболат æндæр ницыуал загъта. Æрмæст йæ нымæтху- ды сæрмæ тамакойы фæздæджы зиллæччытæ ауыгъдæй азза- дысты. йæхи размæ акъул кодта, кæдæмдæр æдзынæг нык- каст. Стæй, харбызты хуыммæ куы бахæццæ стæм, хъалагъу- ,ры халагъуды раз машинæйæ куы рахызт, уæд тагъд-тагъд загъта: . — Дудар, мæнæ дын замманай уазджытæ. Истæмæй сæ хорз фен. — Харбызтæ, неситæ... Сæ къæхтыл дæр ма гуыбыптæ... Марадзут, уæхæдæг дзы равзарут. Уæ кой уын хъусгæ фæкод- тон, фæлæ... Нæ уæ бауырндзæн, мæ мидæггаг дзауматæ раи- вынмæ дæр мæ не ’вдæлы. Бимболат мæм хæрзаг мæсты у? — Мæсты нæ, фæлæ ма дæм æртхъирæн дæр кæны. Дæ~ 34 Дæ зæрдæмæ хъуыстон 529
харбызтæ тынд куы фæуой, уæд-иу æм æнæхуынæй ма бацу, фæсурдзæн дæ,— загъта колхозы сæрдар æмæ харбызтæй иу- мæ æргуыбыр кодта. Йæ тымбыл къухæй йæ ныццавта æмæ харбыз цалдæр дихы фæци. Мах йæ алы фарс амбырд стæм, фæйнæ къæртмæ дзы февнæлдтам. Дудар нæм дисгæнгæ каст, йе ’лвыд боцъо змæлыди, йæ гыццыл цъæх цæстытæй худти. — Лæппутæ, марадзут, машинæйы дзы авæрут,— загъта колхозы сæрдар æмæ Дудармæ бакаст...— Бахатыр кæн, де ’вастæй харбызтæн мæхи хицау акодтон... — Æмæ цы кæны, æгайтма сæхæдæг æрбацыдысты. Цомут, сæ дзæбæхдæртæй сын ратонæм,— дзуапп радта Дудар æмæ нæ разæй хуымы балæууыд. Харбызтæн сæ дзæбæхтæй Хъамболаты машинæйы гуыффæ байдзаг кодтам æмæ рацыдыстæм. Бимболатæн хуымæтæджы æхсызгон уыди, йæ карды фын- дзыл харбызы карст бакодта æмæ дзырдта: — Гъе, уый харбыз у, гъе! Сæкæрау дзыхы куыд тайы. Мæ зæрдæ та мын балхæдта... Гыцци, уыцы хабæрттæ дын Бимболаты тыххæй кæнын. Хъæуы йæм иууылдæр сæхи фыды цæстæй кæсынц. Махæн дæр уый тыххæй кад кæнынц. Цæй, æз тæхын, Дзабе харбызтæн сæ хъомылдæры фæхæссы. Æмæ, æцæг, куыд адджын сты, уый куы зонис. Бимболаты загъдау, дзыхы сæкæрау тайынц. Хонгæ дæр сæ Дудары харбызтæ кæнынц. Згъорын...» 4 Арвыл мигъы цъупп нæй. Хур судзы. Нæ харбызты цъæрт- тæ, цыма сæ исчи къæйыл сарыдта, уый хуызæн змисыл ных- хус сты. Змис йæхæдæг дæр къæйыл арыдæй уæлдай нæу — буар судзы, къах æрæвæрæн ыл нæй. Дзабе донæй рахылд. Футтытæгæнгæ змисыл атылд. Йæ цæстыхаутыл доны æртæхтæ æрзæбултæ сты, афтæмæй нæм мæкъулæджы каст кæны. Фæрсы нæ: — Цы уын зæгъынмæ хъавын, уый зонут? Таму мæм йæ цæстæй цыдæр амоны. «Цымæ та цы ’рхъуыды кодта?» — фæрсынц мæ Тамуйы цъæх цæстытæ. — Зонæм,— кæддæра цы зæгъид, зæгъгæ йын дзуапп рад- тон æз. — Цы? — къахы мæ Дзабе. , — Ницы. 530
— Ницы нæ, фæлæ хъуыддаджы ныхас,— йæ хуылыдз роцъойы бынмæ змис æрбассывта, афтæмæй та мæм цъынд- дзастæй æрбакаст Дзабе. — Хъуыддаджы ныхас... Раджы йæ æрхъуыды кодтай? — йæ уæраджы сæрæй мæ схойы Таму. — Тынг раджы. Абон-райсом ма ды Бимболаты фарсмæ хуыррыттæй куы хуыссыдтæ, уæд. — Æмæ ды мæнæй фæстæдæр куы сыстадтæ. Дзабе худы: — Фæстæдæр... Дæ дзыхæй цы нæ схаудзæн, ахæм дын нæп. Цалынмæ ды хъал кодтай, уæдмæ ма æз мæхи дæр цы- надтон. Æццæй нæ, Æхсар? — гæдыйæн мæ къæссайы комыл хæцæг акодта Дзабе. — Цæй, цы зæгъынмæ хъавыс, уый зæгъ. Æнæ ’вдисæнæй дæр дыл баууæнддзыстæм,— загътон ын æз. Таму дæр æм бауырдыг: — Дзур, дзур. Дæ ныхæстæ цъайæ ласæгау цы кæныс? — Æз та сымахæй æдылыдæр—истыуын чи дзуры... Цæй, æмæ сын се ’скъолайыл Сослæнбеджы ном сæвæрæм. — Уый дæр та нын иубоны хохы хуызæн куы рауайа, фæл- тау дзы Бабайы бафæрсæм,— Дзабемæ йæхи хæстæгдæр ба- ласта Таму. — Ды та æппынæдзух дæ Бабайы фæдджийыл ныззæгæл вæййыс. Хъуыддаг уал саразæм, стæй йæ уымæн дæр зæгъ- дзыстæм. Бимболатæн дæр æхсызгон уыдзæн,— йæ уæраджы сæртыл рабадт, афтæмæй йын дзуапп радта Дзабс. Таму йæхи бакъултæ кодта: — Æз куы ницы зæгъын. Фæлæ уал дзы искæй бафæрсып хъæуы. Кæд ыл Сослæнбеджы ном дыккаг æвæрд кæнæм, уæд та? — Æз дзы æндæрæбон хъæуы лæппуты фарстон. Иу Сос- лæнбеджы ном дæр ыл нæй,— дзуапп радта Дзабе æмæ йæ бынатæй сыстад. — Æмæ куыд, скъолайы директорæн зæгъын хъæуы, æви .æндæр искæмæн? — бафарстон æй æз. — Нырма иуæн дæр нæ. Фысгæ уал æй ныккæнæм, стæй бæрæг уыдзæни,— загъта Дзабе æмæ дыргъдонмæ араст. Фæстæмæ ма нæм æрбадзырдта: — Æз ныртæккæ... Мах та нæ кæрæдзимæ бакастыстæм. Таму йæ сæр ныт- тылдта, йæ мидбылты бахудт: 531
— Кæдæм та фæцæуы? — Нæ зонын,— дзуапп ын радтон æз æмæ Дзабейы фæдыл акастæн. Уый Бимболаты мусонджы фæрсты баивгъуыдта. Уайтагъд бæлæсты аууон фæци. Стæвд, схид стæм. Таму загъта: — Цалынмæ Тымбыл цæуа, уæдмæ уал нæхи анайæм. Кæрæдзи фæдыл нæхи доны басхуыстам. Цавæрдæр æх- сызгон улæфт мын фегом кодта мæ хурхыуадындзтæ. Бумбу- лийы уæз дæр нал кодтон донæн. Таму дæр йæ дыууæ къахы дурмæ сбыцæу кодта, ныггуыбыр, афтæмæй дон йæ сæрты нукæй кæлæгау калд. 5 Дзабе уайтагъд фæстæмæ фæзылд. Цавæрдæр зесты гæ- баз йæ къухы, йæ хæлафы комдæлæй гæххæтты тыхтон зынд* афтæмæй доны был æрлæууыд æмæ нæм фæдзырдта: — Рæсугъддæр уæ чи фыссы, уый ма ардæм рауайæд. Мах дыууæйæ дæр йæ уæлхъус алæууыдыстæм. Зесты гæбаз, ахорæнтæ. Кæм та сæ ссардта, нæ цурæй куы никуыдæм цæуы, уæд? Уæдæмæ хин æмæ кæлæн у. йæхи ныхъ- хъус кæны, йæ дзыхæй ныхас нал фæхауы. Стæй та кæс, æмæ цыдæр æрхъуыды кодта., , , ( Хæрисы бын аууоны æрбадтыстæм. Алчидæр нæ гæххæт- тыл цалдæр ныхасы ныффыста. Мæ фыстытæ сæ зæрдæмæ фæцыдысты. Дзабе зесты гæбаз райста, урс ахорæнæй йæ сахуырста, стæй зест куы бахус, уæд мын загъта: — Фысс, æрмæст рæдигæ мацы фæкæн. Хъæуы лæппутæ* ныл зарджытæ скæндзысты. Чысыл фæстæдæр зесты гæбазыл хурмæ цæхæртæ калдтой сырх ахорæнæй фыст дамгъæтæ: «Мыртгæджыны хъæуы Сослæнбегты Сослæнбеджы номыл астæуыккаг скъола». — Нывгæнæгæн бæззыс,— йæ къухæй хураууон акодта, зесты гæбазмæ æдзынæг ныккаст, афтæмæй мæ раппæлыд Дзабе. — Раст зæгъыс,— йемæ сразы Таму дæр, æмæ мын ме ’уæхск йæ къухæй æркъуырдта. Æнæ гæды ныхас, фыст мæхи зæрдæмæ дæр цыди. Урс 532
ахорæныл дзæбæх фидыдтой сырх-сырхид дамгъæтæ. Чысыл размæ фæкъулау сты. Ныр нæ сæйрагдæр хъуыддаг уыди, скъолайы къулыл сæ куыд бакæндзыстæм, уый. Уымæн дæр та Дзабе хос ссардта. Цæмæй нæ Бимболат ма бакъуылымпы кæна, уый тыххæй æз хъуамæ йемæ мусонджы баззайон. Тамуитæ кæм сты, зæгъгæ мæ куы фæрса, уæд ын хъуамæ исты æфсон æрхъуыды кæнон. Горæтмæ писмотæ ныффыстой, æмæ уыдон ахастой. Æндæр хуыздæр ницы æрхъуыды кодтам. Æмæ, изæрæй хур куы аныгуылд, хæхты цъуппьпыл талынг- гæрæттæ сæхи куы рауагътой, уæд Дзабе æмæ Таму хъæумæ афардæг сты. — Де ’мбæлтты кæм ныууагътай? — мусонгмæ иунæгæй куы бацыдтæн, уæд мæ бафарста Бимболат. Æз ын, куыд баныхас кодтам, афтæ дзуапп радтон. Куы æрталынг, уæд Дзабе æмæ Таму фæстæмæ æрбаздæх- тысты. Хъæлдзæгхуыз, хъуыддагхуызæй. Бимболат та уыдоны дæр бафарста: — Нæхимæ нæ бауадыстут? Дзабеитæ сæхинымæр батыхсæгау кодтой. Таму æрæджиау загъта: — Талынг кодта æмæ... Стæй ныл иу машинæ амбæлд æмæ уым абадтыстæм. Зæронд ницыуал загъта. Æрмæст Тамумæ мæстыгæр каст бакодта, иуварсырдæм азылд. Нæ фынæйы размæ мын Дзабе мæ хъусы æрбадзырдта: — Райсом раджы хъæумæ цом. Рагацау мæ цæстытыл уа- йы, райсом скъолайы раз адæм куыд æрæмбырд уыдзысты æмæ дын дæ фыстмæ куыд кæсдзысты, уый. Уадз æмæ йæ зо- ной, се ’скъолайыл сын ном мах кæй сæвæрдтам, уый. — Хорз,— дзуапп ын радтон æз. Райсомæй доны былмæ нæхи ’хсынмæ куы рацыдыстæм, уæд Бимболаты сусæгæй хъæуырдæм ныццавтам. Куыд æн- хъæл уыдыстæм, хъуыддаг афтæ нæ рауад. Скъолайы раз иу цъиуызмæлæг дæр нæ баййæфтам. Нæ зесты гæбаз тигъыл ауыгъдæй лæууыд. Къулбæрзæйæ мæм кастысты мæ фыстытæ,- мæ сырх-сырхид дамгъæтæ. Таму къулрæбынты скъолайы ипыæ тигъмæ араст. Чысыл фæстæдæр нæм йæ къух фæтылдта. Мах йæ цурмæ ныццыдыс- тæм. Уый йæ лыстæг даргъ къубал хæрдмæ сивæзта æмæ цæ- мæдæр дисгæнæгау каст. Зына-нæзыпа йæ мидбылты худт. 533
Хуры фыццаг тынтæм æрттывдтытæ калдта цыппæрдигъон авджы лыггаг. Йæ кæрæттыл чъыры муртæ ныхъхъæбæр сты. Рæсугъд дамгъæтæй йыл фыст уыдысты мах ныхæстæ, знон доны был зесты гæбазыл цы ныхæстæ ныффыстон, уыдон: «Мыртгæджыны хъæуы Сослæнбегты Сослæнбеджы номыл астæуыккаг скъола»... Æз Дзабемæ аивæй бакастæн. Уый иуварс азылд æмæ йæ- хи растгæнæгау загъта: — Скъола чъырæй цагътой æмæ йæ нæ федтон... Таму та йæ мидбылты бахудт, цыма нын афтæ дзырдта: нæ уын загътон, Бабайы дзы бафæрсæм, зæгъгæ... Нæ балцы зарæг 1 Дзабе та фесгуыхт. Æппын æнхъæл кæмæн нæ уыдыстæм,' ахæм миниуæг æм разынд. Цæвиттон, иу райсом доны былмæ нæхи найынмæ рацыдыс- тæм, æмæ йæ уым бадгæ раййæфтам. Гæххæтт æмæ кърандас йæ къухы, афтæмæй йæхинымæр цыдæртæ дзырдта. — Амы йедтæмæ уæхи кæм найат, уый уын нæй? Иуварс, ма мæ хъыгдарут,—йæ цурмæ куы бацыдыстæм, уæд ныл сбус- тæ кодта Дзабе! Стæй, æвæццæгæн, йе ’схуыст ныхасыл фæ- фæсмон кодта æмæ нæм хатыркурæгау хæрдмæ скаст.— Зарæг æрхъуыды кодтон. Байхъусут ма йæм. — Зарæг? — ныддис кодта Таму æмæ йæ фарсмæ фæтъæ- пæн. — Æмæ куыд хуины дæ зарæг? — Дзабейы раз дзуццæ- джы абадтæн æз дæр. — Мæ зарæг нæ, фæлæ нæ зарæг. Не ’ртæйы номæй йæ скодтон. Æрмæст мын йæ ныхæстæ дзæбæх нæма бадынц. Нæхимæ куы цæуæм, уæд æй хъæуы лæппутæн балæвар кæн- дзыстæм. Мæ фæндон уæ зæрдæмæ цæуы? — Цæуы,— æмхъæлæсæй загътам мах.— Азар ма нын æй. Дзабе сыстад, йæ къухы æнгуылдзтæй йæ хурхыуадындз- тæ асгæрста, схуыфыд æмæ ныллæг хъæлæсæй ныззарыд: Мах уарзæм, мах уарзæм Нæ быдырджын зæхх. Йæ мидбыл нæм худы Сырхуадул къæдзæх... 534
— Цыма «быдырджын зæхх» хорз нæ фидауы,— фæурæдта нæ Таму. — Стæй «сырхуадул къæдзæх»... Искуы ма къæдзæх худ- гæ фæкæны? Ноджы «сырхуадул...» Æндæр ныхæстæй сæ куы аивиккам,— мæ ныхас баппæрстон æз дæр. Дзабе фенкъард. Тыхстхуызæй загъта: — Мæхæдæг дæр сæ зонын. Бирæ сыл фæхъуыды кодтон. Аивын сæ хъæуы, фæлæ цæмæй? — йæ гæххæтты гæбазмæ æдзынæг ныккаст, йæ кърандасы къæдзил æхсыдта, афтæмæй нын дзуапп радта Дзабе. Мах æцæг фысджытау хъуыдытыл схæцыдыстæм. Кæрæдзи дзыхæй нæ ныхас истам. Æрмæст нæ чи хъуыди, ахæм дзырд- тыл нæ хæст кодтам. Иутæ дзы зарæджы нæ бадтысты, иннæтæ та нæ сæ фæдыл æндæр кæдæмдæрты ластой. Хур дзæвгар суад, уæддæр ма мах сасирæй луарæгау луæр- стам нæ зарæджы ныхæстæ. Æз стыхстæн. Гыццыл ма бахъæ- уа, дзæгъæлы уæ сæртæ цæуыл риссын кæнут, зæгъгæ сын ма зæгъон. Фæлæ Дзабеитæ афтæ хъуыддагхуыз уыдысты, æмæ сæм сдзурын ницыуал бафæрæзтон. Бимболат нæм обауæй цалдæр хатты ныхъхъæр ласта: — Рацæут, хæргæ уал бакæнут! Нæ йын бакуымдтам, цалынмæ нæ зарæджы ныхæстæ æр- хъуыды кодтам, уæдмæ. — Балцы зарæг æй схонæм,— сæрыстырæй загъта Дзабе æмæ дурмæ сгæпп кодта, йæ къухтæ фæйнæрдæм фæхаста æмæ йæ дзыхыдзаг ныззарыд. Ныззарыдыстæм мах дæр. Бимболат обауыл лæууыд æмæ махырдæм каст. Заргæ кæй кодтам, уый йын, æвæццæгæн, æхсызгон уыд. Мæнмæ афтæ каст, цыма нын уый дæр нæ зарæг зарыд, йæ нымæтхуд нæм уымæн тылдта. 2 Афтæ райгуырд нæ балцы зарæг. Æмæ йæ искуы куы фе- хъусат, искуы йæ куы зарат, уæд зонут, мах æй æрхъуыды код- там: Дзабе, Таму æмæ æз — Æхсараты Æхсары фырт Æхсар- бег. Мæнæ уын йæ ныхæстæ дæр: Нæ мадау дæ уарзæм, Нæ райгуырæн зæхх. Дæ райдзаст быдыртæ — Цъæх арвау уæрæх. 535
Нæ балцы фæндæгтыл Нæ фæллайы къах, Цæудзыстæм сыл размæ Æнæзивæг мах. Цъæх арвы бæрзæндты Цæргæстæ тæхынц, «Нæ фæдыл, пæ фæдыл!» — Хъæрæй нын зæгъынц. Æхсæрдзæпты зарæг, Дыгоппоп, хъæдхой... Цæй, рацу, дæуæп дæр «Фæпдараст» зæгъой!.. Дыккаг бон фæссихор Бимболаты йæ фæлварæн хайы бæ- лæстимæ архайгæ баййæфтон. Иннæ бонтæй мæм йе ’внæлд бирæ сæрæндæр фæкаст. йæ нымæтхуд йæ ронбасты тъыст. йæ хæдоны æфцæггот уæгъд, афтæмæй бæлæстæм хæрдмæ каст, иугай ныхæстæй нын зарыд нæ зарæг. Бимболаты куы бахъыгдарон, зæгъгæ, мæхи бæласы аууон бафæсвæд кодтон. Бирæ йæм фæхъуыстон. Мæнмæ афтæ каст, цыма уый æрмæст Бимболат нæ зарыд. фæлæ бæлæстæ, Урсдон, стæй хæхтæ дæр йемæ зарыдысты. Цыма дымгæйы базыртыл дард кæмдæр зыр-зыр кодтой хъæуы кæстæрты цъæхснаг хъæлæстæ, нæ «Балцы зарæджы» ныхæстæ... Æмæ, æцæг, нæхимæ цы бон цыдыстæм, уыцы бон хъæуы сывæллæттæй фæсте ничиуал баззад. Тамуты раз æрæмбырд сты. Чи пын фæткъуытæ хаста, чи та кæрдотæ. Ноджы колхозы машинæ дæр уым æрбалæууыд. Нæ фырæфсæрмæй ма цы фæуыдаиккам, уымæн ницыуал зыдтам. Дзабета уæлдайдæр—не ’рфгуыты бынæй нæм хæцаг галы каст кодта. йæхи мæм хæстæг æрбаласта æмæ, цыма аххостæ иууылдæр мæн тыххæй уыдысты, уыййау бустæгæнæгау загъта- — Мæлæты лæгтæ... Машинæ та ма дзы кæцæй хъуыд?.. Ницы йæм сдзырдтон. Фыццаг бон ныл йæ къæбылаты чи сардыдта, уыцы пыхцылсæр чызг каурæбын лæууыд æмæ уы- мæ бацыдтæн. — Дæ къæбылайы ма ныл сардаудзынæ? — бафарстон æй æз. 536
Чызг йæ хæдоны дысæй йæ фындз асæрфта, йæ гыццыл сау цæстытæй мæм хæрдмæ скаст æмæ загъта: — Нал... Кæд та нæм æрцæудзыстут?.. — Тагъд, мæ гыццыл дзыкъына, тагъд,— нæ уæлхъус фев- зæрд Дзабе æмæ йын уый мæ бæсты дзуапп радта. Чызг нæ мидбылты бахудт, стæй йæ цæстытæ доны ра- зылдта. Иæ уымæл цæстытæй нæ фæдыл каст Бимболат дæр... •
Ч И Н Ы Д Ж Ы И С: Разныхас РАДЗЫРДТÆ Коммунист Нæ цæугæ мæсыг Æз дын мæ чызджы ратдзынæн Мæсчъыхъæуы Дзыллæйы сагъæстæ Æнæхуыссæг æхсæв Æхсины лæг Фæстаг æхсæв Йæ худындзæг фæкъæртт Рæстмæ чи нæ фæци, ахæм лæвар Æхсызгон улæфт Терчы был Уасил, уасил... Сынкъ Хистæры лæвар Лæгæй-лæгдæр НЫВÆФТЫДТÆ Кæрзбæлас Дыууæ хохы Фæд Зæрдæйы рухс Худынц сывæллæттæ Нæры зæхх Хуры тын Фондзы кæстæр 538'
Кæмæ куывта фыд? Ног тала Мады къухтæ Аууон «Хуыснæг» ПОВЕСТТÆ Сау хохы фиййау Нæ фехъуыстон ма зæгъ Балцы зарæг •
Цæгат Ирыстоны чиягуыты рауагъ- дад уæ куры, цæмæй нын фехъусын ксенат, ацы чиныг уæ зæрдæмæ куыдфæцыди, уый. Нæадрис: Орджо- никидзейы горæт, Димитровы уынг, 2, Чингуыты рауагъдад. МАКСИМ НИКОЛАЕВИЧ ЦАГАРАЕВ Я ВЕРЕН СЕРДЦУ ТВОЕМУ Редактор Г. X. Бицосз Художник X. Т. Сабанов Технический редактор С. X. Гутиева Корректоры И. А. КаО’олова, В. Т. Сырхаева Сдано в набор 29-1-1966 г. Подписа- но к печати 18-У-1966 г. Формат бу- маги 60x841/16- Печ. л. 33,75. Уч.-изд. лист. 27,04. Заказ № 100. Изд. № 12. Тираж 1500. Тем.пл. 1966 г. ЕИ 00174. Цепа 1 р. 05 к. Книжиое издательство Управлсния по печати при Совете Мипистров СОЛССР, г. Орджоиикидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Управлсния по иечати при Совете Миписгров СОАССР, г. Орджопикидзе, ул. Тельмана, 16