Text
                    Уырымты-Хъуылаты Зоя
МÆ ЗÆРДÆ
БАЗЗАДУЕМÆ...
уацтæ
очерктæ
Издатель
Жанна КОЗЫРЕВА
ПРОЕКТ//^ПРЕСС


Издатель Жанна Козырева Сердцем остаюсь я с вами... Владикавказ: ООО «Проект-Пресс», 2004 —192 с, вклейка ©Урумова-Кулаева З.М., 2004 ©Чеджемты Г.З., оформление, 2004
ФÆЗМИНАГ ЦАРД ыртæккæ уæ къухмæ цы чиныг райстат, уый ныффыста Уырымты Зоя. Рагацау æй зæ- гъæм: Зоя фыссæг нæ уыд, нæ уыд журналист дæр, фæлæ уарзта адæмы, адæмы чи фæуарзы, уымæ та вæййы бирæ рæсугъд хъуыдытæ æмæ рухс бæл- лицтæ. Цæмæй уыцы æнкъарæнтæ иннæтæм дæр фæхæццæ уой, уый тыххæй та сæ радзурын фæхъæуы. Радзурынæй ноджы хуыздæр та у уыдон гæххæтты æвджид бакæнын, уымæн æмæ сæ уæд фылдæр адæм бакæсдзысты, фылдæр адæммæ фæхæццæ уыдзысты... Зоя райгуырд æмæ схъомыл Бæрæгъуыны (Красногоры) хуымæтæг бинонты ухсæн. Хуы- мæтæг уыдысты хъæубæсты ухсæн сæ ахаст- дзинæдтæ, хуымæтæг — се сныхас, сæ рацыд, се ’рбацыд, фæлæ уыцы хуымæтæгдзинады бындур уыди æгъдау, æфсарм æмæ нымд, фæтк æмæ бæрц. Ацы бинонты æз дæр хорз зыдтон. Мæ хъæуккæгтæ кæй уыдысты, канд уый фæрцы нæ: уарзон хæстæджытæ нын уыдысты... Уырымты Мигика, хъæуыйаргъ, зæгъгæ, кæ- мæй фæзæгъынц, ахæм лæг уыди. Сатанайы ми- ниуджытæй æнæхай нæ фæци йæ бинойнаг Ану- тæ дæр, хъæубæстæ йæм фæлмæндæр ном Ну- тæйæ дзырдтой. Нутæйы мад Минæт канд хæ- дзары хистæр нæ уыди, фæлæ йæ хъæубæсты нымадтой сæ номдзыддæр сылгоймæгтæй иуыл. Ахæм хъуыдымæ кæй æрцыдысты, ууыл никуы фæфæсмон кодтой, уымæн æмæ ме урвад (Ми- ш
6 Уырымты-Хъуылаты Зоя нæт Дзасохоп уыди) ирон сылгоймаджы ном уæла- хиздзауы тырысайау бæрзæндты фæхаста. Куыд бамбæрстат, афтæмæй Зоя мæ хæрæ- фырты чызг уыди, фæлæ Уырымты бинонтимæ не ухсæн хæстæгдзинадæй уæлдай уыди хæлар- дзинад дæр: мæ фыд æмæ Мишка цæйбæрц хæ- ларæй цардысты, уымæн, мæ мадæн æй къухыл- хæцæг кой скодта, уымæй хуыздæр æвдисæн нæ хьæуы. Къухылхæцджытæ дæр алыхуызæттæ вæййынц. Мишка тæккæ хуыздæрты номхыгъдмæ хауди, уымæн æмæ, йæхицæн хо кæмæй загъта, уыцы сылгоймаг æрыгонæй æртæ сывæллонимæ сидзæргæсæй куы баззад, уæд ыл йæхи никуы атигъ кодта, уазал цæстæй йæм никуы акаст. Уый нæ, фæлæ хæсты фæстæ иу уазал зымæг иннæйы куы ивта, уæд мæ мадæн йæ хъæддзау дæр æмæ йæ каубийæг дæр Мишка уыди, зын сахат йæ ныфсæвæрæг æмæ фидар æнцой йæ кæнгæ ’фсымæры хуыдта. Минæт дæр мæ мадау сидзæргæсæй йе ’ртæ ’нахъом сабиимæ æрыгонæй баззади. Йæ мойы æрвадæлтæ — Беккуызартæй йæм хатджытæ дæр фæци, сабиты мыггаджы бар уадз æмæ дæ дарддæры царды кой бакæн, зæгъгæ, фæлæ сæм Дзасохон кæд хъусгæ кодта, уæддæр сæ коммæ никуы бакаст. Ныггуыбыр кодта æмæ йын хъыс- мæт йе ’ккой цы уаргъ баппæрста, уый кæрæй- кæронмæ намысджынæй фæхаста. Йæ дыууæ чызджы æмæ йæ лæппуйы ахæм фæндæгтыл баф- тыдта, æмæ сæм кæцыфæнды ныййарæг дæр бахæлæг кодтаид. Нутæйы кæстæр хо Недтæ смой кодта Акъо- тæм. Йæ сæрыхицау Матвейы дæр хорз зыд- тон. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æхсæн йæ ном рохуаты нæ баззад. Уæдæ йæ æгъдау æмæ æфсармæй дæр иичи амбылдтаид. Ус æмæ лæг кæд искуы фæрæты хъæдæй барст æрцыдысты, уæд Недтæ æмæ Матвей дæр. Уыдон «а» æмæ «о>>-йæ бирæ азты дæргъы Мæскуыйы горæты тæккæ астæу Смоленскы фæзы фæцардысты
Мæ зæрдсе баззад уемæ... 7 æмæ седзухдæр сæ дуар гомсей дардтой, уымæн æмæ сыл ахæм рæстæг никуы скодта, сæ къæ- сæрæй уазæг цы бон нæ бахызтаид. Мæнæ куыд зæгъы зындгонд кинорежиссер Дзбойты Бабле: — Мæскуыйы дыууæ институты каст фæдæн (Мæхицæй ма йæм бафтауон: сырх дипломтимæ. — Дз. М.). Авд азы дзы фæцахуыр кодтон æмæ мын кæд æмдзæрæны бынат уыди, уæддæр цæргæ Акъотæм кодтон æмæ мæхæдæг æвдисæн уыд- тæн, Акъоты хæдзар ирон адæмæн цæйбæрц уар- зон уыди, уымæн. Бинонтæ-иу хъуамæ цæлгæнæ- ны хуыссыдаиккой, сæ бынæттæ та-иу уазджы- тæн раттаиккой. Кæннод Ирыстон æмæ йæ адæм сæ зæрдæмæ куыд хæстæг уыдысты, уый та! Æз фæзмынмæ æмхиц уыдтæн æмæ та-иу мæ баййардтой, афæзм-ма нын Хапсæты Цæ- лыччы (Бабле бæрæгъуыйнаг Беккуызарты хæ- рæфырт у æмæ мæ хъæуккæгтæй лæгæй-лæгмæ бирæты зыдта. — Дз.М.) кæнæ Хъæбæлоты Би- лары. Афтæмæй-иу сын сæ зæрдыл æрлæууын кодтон сæ зонгæтæ æмæ хæстæджыты хъæ- лæстæ. Мады хойæ мады ад цæуы, зæгъгæ, фæ- зæгъынц. Æмæ раст фæзæгъынц. Æз Недтæйæ æцæгдæр мады рæвдыд баййæфтон. Ахуырмæ цæуыны размæ-иу мын мæ дзыппы сусæгæй кæм æхсæз суарийы авæрдта, кæм — æртæ абазийы. Мæ разы-иу дзаджджынтæ æрæвæрдта, йæхæ- дæг та-иу къæристæ хордта... Мæ ныхас хистæртæй хуымæтæджы нæ рай- дыдтон. Ахæм бинонты ’хсæн чи схъомыл, ахæм хæстæджытæ кæмæи уыд, уый сæ фарнæй хъуа- мæ æиæхай ма фæуыдаид. Æмæ Зоя дæр йæ фы- дæлты фарн мæрдтæм цæуын нæ бауагъта. Хуы- цау ын цы царды боитæ снывонд кодта, уым ар- хайдта хорздзинад кæиыныл æмæ йын æнтысгæ дæр кодта. Адæммæ уарзондзииад равдисынæи æппæты хуыздæр фадæттæ ахуыргæнæджы дæсныйад дæтты, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд иæ фæрæдий- дзыстæм. Чи зоны, Зоя дæр ахæм дæсныйад
8 Уырымты-Хъуылаты Зоя уымæн равзæрста. Бирæ азты йæ зонындзинæдтæ, йæ зæрдæйы хьарм фæлæвæрдта рæзгæ фæлтæ- рæн. Сæдæгæй лæппутæ æмæ дзы чызджытæ рай- гондæй баззадысты æмæ йын йæ ном абон дæр æмæ райсом дæр мысдзысты æхсызгонæн. Зояйы, йæ фæлладуадзæн рæстæг куы ралæу- уыд, уæддæр æнцад бадын нæ бафæндыд, нæ ба- фæндыд, зæгьгæ, нæ бафæрæзта æмæ, кæд йе ’нæниздзинад зæрдæзæгьгæ нæ уыд, уæддæр йæ- хицæн хæсыл нымадта, цы адæмы ’хсæн хьомыл кодта, кæимæ куыста æмæ æмбæлд, уыдоны тых- хæй иннæтæн дæр радзурын. Афтæмæй фыссын райдыдта газеттæм. Уæлдай уарзон цæстæй йæм ракастысты «Рæстдзинад»-ы редакцийы, комкоммæ та Тепсыхьоты Зоя. Журналист æмæ ахуыргæнæг кæрæдзийы бамбæрстой æмæ сæ хæ- лардзинад æмгуыстмæ рахызт. Уыцы æмгуыст та йæ фæстæ бирæ хорз фæстиуджытæ ныу- уагьта. Уырымон Ирыстоны дзыллæтæн радзырдта йæ зонгæтæ æмæ хæстæджыты фæз- минаг хьуыддæгты тыххæй æмæ сæ кьорд азты дæргьы æхсызгонæй кастысты газеткæсджытæ. Тепсыхьоты Зояйы «Рæстдзинад»-ы рагондæр кусджытæй иуыл нымайын æмæ мæ бон фидарæй зæгьын у — йæ хистæрты фарны хьуыддæгтыл нæ сыстырзæрдæ, архайы уыдоны фæзмыныл. Уырымты Зояйы газетмæ кæй æрбахæстæг код- та æмæ йын кæсæг дзыллæтæм уæрæх фæндаг кæй радта, уый дæр ууыл дзуры. Цалдæр ныхасы мæ зæгьын фæнды Уырымоны цардæмбал Хьуылаты Аслæнбеджы тыххæй. Зо- яимæ базонгæ сты Николаевскы станицæйы (ды- гуронау хьаллæйы) астæуккаг скьолайы. Хьуыд- даг уый мидæг ис, æмæ уæды заман Мустыздæ- хы (Аслæнбег мустыздæхаг у) дæр Бæрæгьуы- нау авдазон скьола йеддæмæ астæуккаг скьола нæ уыд æмæ æстæм кьласæй фæстæмæ Никола- евскы астæуккаг скьоламæ цыдысты. Дыууæ æрыгон адæймаджы кæрæдзийы зæрдæмæ кæй фæ- цыдысты, уымæн æвдисæн уыдысты фæстæдæ-
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 9 ры цаутсе. Астæуккаг скъола каст куы фесты (Аслæнбег — сызгъæрип майданимæ), уæд ахуыр кæныпмæ бацыдысты институттæм. Аслæнбег хæххон инженеры дæсныйад райсыны фæстæ йæ цард баиу кодта Зояимæ. Кæд искуы исчи кæрæ- дзийы уарзгæйæ, кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ фæцарди, уæд — Зоя æмæ Аслæнбег. Хъуылайы- фырт Уырымтимæ куы бахæстæг кодта, уæдæй нырмæ йæ нымадтой æмæ абон дæр нымайынц се ’фсымæрыл, уымæн æмæ сæ зæрдæхудты ни- куы бацыд, æцæг сихас куыд вæййы, афтæ йæ нымадтой æмæ нымайынц сæ бинойнагыл. Уырымтæ æмæ сæ хæстæджытæм ахæм хабар нæ вæййы — цин уа, зиан уа — Аслæнбеджы дзы кæм нæ фендзынæ, рæбинаг дзы кæм нæ разыны... Ацы чиныг чи бакæса, уыдон базонгæ уыдзыс- ты бирæ хорз адæмимæ. Зоя кæимæ æмбæлди, кæимæ куыста, уыдоны сурæттæ уæ цæстытыл ауайдзысты æмæ, мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй арфæ кæндзыстут сæ ныффыссæгæн, сæрыстыр уæвæн кæмæй ис, ахæм адæмы цардимæ уæ кæй базонгæ кодта, уый тыххæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ абон фæлтæрты баст- дзинад лæмæгъæй лæмæгъдæргæнгæ цæуы. Фæ- сивæд сæ уидæгтæ, кæцæй равзæрдысты, уый зонынмæ раздæрау нал тырнынц. Бирæ чызджы- тæ æмæ лæппуты куы бафæрсай, дæ мад кæнæ дæ фыд кæй хæрæфырт у, зæгъгæ, уæд дын рæст- мæ дзуапп нæ ратдзысты, афтæмæй та нæ фыдæлтæм хæстæгдзинады къабæзтæ авд фæл- тæры онг æххæссыдысты. Зояйы фыстыты уыцы хъуыддагмæ стыр æргом здæхт цæуы. Йæ уац- хъуыдты кæй кой кæны, уыдоны фæдонтæй би- рæтæ сæ ивгъуыдмæ уæрæхдæр цæстæй акæс- дзысты, уымæн æмæ Зоя, чи кæй хæстæг уыди, кæмæн дзы чи цы æййæфта, уыцы хабæрттыл бæлвырдæй дзуры. Уæлдæр ма йæ куы загътон: нæ фыдæлтæ хæс- тæгдзинадæн стыр аргъ кодтой. Уый, иуæй, адæ- мы кæрæдзиуыл бæттыны ахсджиаг фæрæз уыд,
10 Уырымты-Хъуылаты Зоя иннæмæй, суанг дард хæстæгдзинад дæр къайады бацæуыны бар нæ лæвæрдта. Уый фæрцы та туг сыгъдæгдæргæнгæ цыд. Зындгонд куыд у, афтæ- мæйу нæ алыварс цы адæмтсе цард, уыдонæй би- рæтæ куырдтой се ’мхæрæфырттæ æмæ æндæр хуызы хæстæгуæвæг чызджыты дæр. Махмæ фы- дæй-фыртмæ ахæм æгъдау никуы уыд. Зоя йæ чы- ныджы цы адæмы тыххæй фыссы, уыдоны фæдон- тæ ногæй сæмбæлдзысты се ’ввахс æмæ дард хæс- тæджытимæ, чи нæ сæ зыдта, уыдон та сæ сæхи- цæн раргом кæндзысты. Зоя йæ фыстыты архайы йæ зонгæтæ æмæ къабæзты удыхъæд раргом кæныныл, æмæ йын уыцы хъуыддаг æнтысгæ дæр кæны. Фæлæ уыцы иу рæстæг чиныгкæсæг базондзæни, Уырымты чызг йæхæдæг цавæр адæймаг у, уый дæр, уымæн æмæ, искæй тыххæй дзургæйæ, адæймагæн йæхи цæстæнгас, йæхи миниуджытæн дæр æнæ рар- гомгæнгæ нæ вæййы. Чиныджы тыххæй бæлвырддæр радзурæн дæр ис, фæлæ йæ уæхæдæг куы бакæсат, уæд хуыз- дæр уыдзæн. Ноджыдæр ма йæ иу хатт зæгъын: базонгæ уæ кæндзæн бирæ фæзминаг адæймæг- тимæ. Базондзыстут, сæ ныффыссæг йæхæдæг дæр фæзминаг кæй уыд. Фæзминаг — йæ цардæй, йе ’гъдауæй, йæ намысæй. Дзасохты Музафер
УАЦТÆ, ОЧЕРКТÆ Йæхи аххосæй ■гд акастæн уацхъуыд «Фæдис кæны ныййарæг». Ш) Стыр диссаг у, цæуыл хъуыды кодтой ныронг Батрадз æмæ Фидары ныййарджытæ, куы байсæф- той дыууæ лæппуйы. Тынг аххосджын сты ацы мад æмæ фыд сæхæдæг. Сывæллæттæ сæхи кæуы- нæй мардтой, æмæ мад дæр сæ фæндоныл цыд. Фыд сæ къуыригæйттæ нæ уыны. Куы сæ фены, уæд сын æртыгай сомтæ æмæ фылдæртæ дæр рат- ты. Цæмæн? Сæ мад сын нæ балхæндзæн, цы сæ хъæуы, уый? Сæхицæй хистæр æнæзонгæ лæп- путæ сæм цæуы. Хæдзармæ афоныл не’фтынц. Кæм вæййынц æмæ цы кусынц? Æгæр æрæджиау нæ фыссы йæ мидхъуырдухæнты тыххæй ацы мад? Ныфс æй нæй лæппуты фыдуаг митæ фыдæн ра- дзурынмæ. Ахуыр нæ кæнынц, куыд æмбæлы, афтæ. Маг- нитофон æмæ тамакойыл сафынц сæ зынаргъ рæс- тæг. Ацы мад, инженер уæвгæйæ, бирæ хъуыд- дæгтæ не ’мбары, æмæ ма ахуыргæнджыты дæр хъыгдары. Йæ къухæй фæхаудтой йæ цот йæхи аххосæй. Ахуыргæнджытæ аххосджын сты уымæй, æмæ кæронмæ нæ бамбæрстой ацы бинонты æмæ афо- ныл раст фæндагыл нæ сæвæрдтой дыууæ лæп- пуйы. Æрцæуæд-ма ацы мад Бæрæгъуынмæ æмæ фенæд, Алæджыхъоты Зинæ æнæ фыдæй цы дыууæ лæппуйы æмæ чызг схъомыл кодта. Сæ фыд, гыццылтæ куы уыдысты, уæд амард. Зинæ æнахуыргонд сылгоймаг у, фæлæ уый зоны, цот куыд хъомыл кæнын хъæуы, уый.
12 Уырымты-Хъуылаты Зоя Ахуыргæнджыты бон та тынг бирæ у. Базонын хъæуы, цавæр спорты хуызтæ уарзынц Батрадз æмæ Фидар, æмæ сæ бакæнын хъæуы уыцы спортивон секцитæм. Нæ сæ хъæуы рохуаты уадзын. Сæ мад æмæ фыдæй цы рæвдыд нæ зонынц, уый хъуамæ рай- сой скъолайæ. Уыцы дыууæ лæппуйæн æвзæрæй тас нæу, куыд рæзой, афтæ царды уагмæ кæсдзы- сты æмæ бамбардзысты алцыдæр. Мад ахуыргæн- джыты размæ цæлхдуртæ куынæ æвæрдтаид, фæлæ рæстдзинад куы дзырдтаид, уæд абон са- гъæстæ нæ кæнид æмæ ахуыргæнджытæн дæр сæ куыст, куыд æмбæлы, афтæ уыдаид Батрадз æмæ Фидаримæ. Ахуыргæнджыты уыцы мадæй къад- дæр нæ фæнды лæппуты хорздзинад. Ахæм ма- дæлты аххосæй скъолайы куыст дæр къуылымпы фæкæны. Ацы мад æмæ фыдæн ма мæ зæгъын фæнды, цæмæй сæ алы уæгьд минут дæр æрвитой сæ цо- тимæ. Уæлдайдæр та фыд. Цæуæнт иумæ алы ран- мæ дæр сабат æмæ хуыцаубоны — паркмæ, цирк- мæ, киномæ, театрмæ, концерттæм. Сæ фыды арæхдæр куы уыной, уæд сæ цард дæр сæ зæр- дæмæ цæудзæн æмæ сæ хæдзарыл дæр æнувыд уыдзысты. 04.01.87 «Ма кæ» зæгъæг цæуылнæ ис?.. Газет «Рæстдзинад»-ы куы бакастæн, абон ирон адæмæн сæ хуыздæр бонтæй нæу, зæгъгæ, уæд мын тынг зын уыд. Гуырдзиаг фыдгæнджытæ хус- сайраг ирæтты ныр кæдæй нырмæ хурхæй марынц. Чи сты уыцы фыдгæнджытæ æмæ сæм чи æн- хъæлмæ каст Хуссар Ирыстоны зæххыл? Кæм сты, нымæцæй кадавар адæмы чи хъахъхъæны, уыцы ног конституцион закъонтæ? Цæуылнæ кусынц? Куыд æмбæлы, афтæ «ма кæ» зæгъæг цæуылнæ
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 13 ис экстремисттæн? Хæцæнгæрзтимæ æнæхъæн адæмы ныхмæ цы лæппутæ æрлæууыд, уыдонæн сæ мадæлтæ æмæ сæ фыдæлтæ та цæуыл хъуыды кæнынц? Уырнгæ дæр мæ нæ кæны, уыцы 28 ирон лæгæн цытæ бакуыстой, уый. Стыр хъару æмæ зонд сæм разынди, ныххатыр кодтой ахæм æвир- хъау митæ дæр, кæстæрты сæр хъуыды кæнгæйæ, цæмæй сомбон лымæнæй цæрой алы адæмыхæт- тыты сывæллæттæ зæххы къорийыл. Тынг сæ фæндыди кæрон скæнын ацы хабæрттæн, фæлæ фыдгæнджытæм ницы бахъардта æмæ та ногæй февнæлдтой се ’наккаг митæм. Адæймаг цы зæгьа, уый дæр нал зоны. Бæл- вырд у, Цæгат Ирыстоны цæрджытæ сæ хæдзæрт- ты дуæрттæ гомæй кæй дарынц æмæ кæй ницы бавгъау кæндзысты, сæ уарзон Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыцы адæмтæн. Фæлæ æнусты дæргъы кæм цæрынц, уыцы бæстæ кæмæн хъуамæ ныу- уадзой? Æнæхъæн республикæйы адæм та сын куыд ницы хос кæнынц уыцы абырджытæн? 23.02.91 Йæ ныхас — æвдадзы хос Мæ Нанайæ арæх хъуыстон ахæм ныхæстæ: «Хуыцауы сконд адæймаг», зæгъгæ. О, ахæм Хуы- цауы сконд адæймаг у Уарзиаты Георги, уæздан, зæрдæхæлар æмæ хæдæфсарм адæймаг. Йæ дис- саджы зонындзинæдтæ æмæ æрдзон тых та сты адæй- магæн æвдадзы хосы хуызæн. Æмæ цæуынц Ирыс- тоны алы кæрæггæй йæ сеанстæм, хъусынц æм. Æз æй фыццаг хатт федтон. Нæ мæ уырныдта, адæймаджы æнæ хостæй сдзæбæхгæнæн ис, уый. Рынчындонмæ мæ нæ фæндыд цæуын, кæд мæ туджы æлхъывдад бæрзонд уыдис, уæддæр. Æх- сæв-бонмæ хуыссæг нæ зыдтон, тыхстæн мæ ни- зæй, райсомæй-иу мæ сæр базæй сисын тыххæй фæрæзтон. Æмæ райдыдтон цæуын Уарзиаты Ге-
14 Уырымты-Хъуылаты Зоя оргийы сеанстæм. Мæхи райдыдтон иттæг хорз æнкъарын. Ныртæккæ мæ нæ бæстæйы æппæты хуыздæр рынчындоны дæр куы æвæриккой кæнæ мын хуыздæр фæлладуадзæн бынатмæ лæвар пу- тевкæ куы дæггиккой, уæддæр сын не сразы уаин — Георгийы иу сеансыл сæ нæ баивин. 31.01.92 Адсемы фарн бирсе у Æрæджы та нæ кафджыты къорд «Алан»-ы равдыстой Мæскуыйы телеуынæнæй, цыбыр рæ- стæгмæ дыккаг хатт. Нæ Ирыстонæн стыр кад кæнынц кæстæр фæсивæд. Цы зарæг акодтой, уый, æвæццæгæн, адæмы зæрдæмæ тынг ных- хызт. Æниу дзы ис диссаджы ныхæстæ: «О Хуы- цау! Курæм дæ, не ’фхæрд æфсымæртæн нын амонд æрхæсс!» Зарæг у Хуссар Ирыстоныл. Цалынмæ ирон адæм ацы зарæг фыстой, уæдмæ Гуырдзы та, хъыгагæн, кæрæдзимæ фесты. Хæрз æрæджы Мæскуыйæ æвдыстой гуырдзиаг сгуыхт артисты тынг æнкъардæй. Журналист æй куы бафарста, афтæ æнкъард цæуыл дæ, зæгъгæ, уæд ахæм дзуапп радта: «Куыд нæ уон æнкъард, мæ райгуырæн бæстæйы — Гуырдзыстоны — ирон адæм æфхæрд куы цæуынц. Тбилисы мæ фыды хойы цот (Гаглойтæй) цардысты, æмæ мын хæрз- бон дæр нал загътой, афтæмæй ралыгъдысты æмæ сæ абон дæр нæма зонын, цы фесты ме ’фсы- мæртæ æмæ мæ хотæ. Афтæ бирæ сæ уарзтон!.. Уæд ныр цы диссæгтæ цæуы уыцы горæты?! Иу æнаккаг лæг йæхи хуызæттимæ уæрмы бады, уым та адæмы цæгъдынц æмæ се ’нусон горæт ха- лынц». Гыццылæй нырмæ хистæртæй алы хъуыддаджы дæр ахæм ныхæстæ хъуыстон: «О Хуыцау! Са- бырдзинад æмæ дæ æнæниздзинад курæм, нæ кæ- стæртæ де уазæг». Æппæты фæстагмæ та бæр-
Мæ зæрдæ баззад уемсе... 15 кад фæзæгъынц. Бирæ хорз адæмтæй ныртæккæ дæр фехъусын: «О Хуыцау! Дуне сабыр куыд уа, адæм кæрæдзийы куыд æмбарой, уæд æххорма- гæй дæр цæрдзыстæм...». Æххормагæй никæй бон у цæрын, фæлæ куыд уæздан ныхæстæ сты. Æппынæдзух хæринаджы койæ адæмы хъустæ фæрыстысты. Фыддæр рæс- тæджытæ уыд адæмыл. Уæдæ ныл 1937-æм азы дæр хорз бон нæ акодта, нæ мад йæ цыппар æна- хъом сывæллонимæ куы аззад, нæ фыды нын фондз æмæ ссæдз азы Сыбырмæ куы ахастой, уæд. Нæ нын уæлæдарæс уыд, нæ — хæринаг. Нæ мад æхсæвæй, бонæй куыста колхозы быдырты. Уæдæ цард гыццыл куы фæцæйрæвдз кодта, уæд та нæм знаг æрбабырста. Хæсты фæстæ нæм- иу, хатт уыд, æмæ паддзахады хæсты фаг дæр нал кодта æхсыр. Нæ мад-иу цыдæр амæлттæй царв базары балхæдта, æхсыры бæсты-иу æй радта паддзахадмæ, æмæ-иу мах дæр æхсыры хъæстæ фестæм. Царв-иу уыдтам æрмæстдæр цæрвкъахæнты кæнæ-иу уазæг устытæ сир куы скодтой, уæд. Уыцы азты-иу нæ мад кæрдзын насæмхæццæ скодта æмæ цал уыдыстæм, уал дихы-иу æй акодта. Хæцъил дзабыртæ дардтам сæрдæй, зымæгæй. Мæ хистæр æфсымæр дæс къласы æрчъиты фæцис, æмæ йæ уый ницы ба- хъыгдардта хорз лæг суæвынæн. Мæ цардæмба- лæн та йæ дзаумæттæ цал æмпъузæнæй æмпъызт уыдысты, уый йын ничи банымадтаид æмæ Ни- колаевскæйы станицæйы скъола сызгъæрин май- данимæ каст фæци. Ноджы ма республикæйы Кады чиныгмæ хаст æрцыд, куыд хорз кусæг, афтæ. Адæмы фарн бирæ у, æмæ та ацы æвзæр ха- бæрттæн дæр кæрон уыдзæн. Ирыстоны зæххыл æххормагæй кæй никæуыл ницы æрцæудзæн, уый бæлвырд у, æрмæст нæ кæрæдзийы фылдæр уар- зын хъæуы. 11.02.92
16 Уырымты-Хъуылаты Зоя Нсертон кæстæртæ Адæм зындзинады рабæрæг вæййынц. Абон Иры- стоны арæнтыл, нæ сыхаг кæй хуыдтам, уыцы адæм хуыснæджыты цыд куы ’рбакодтой хæцæнгæрзтимæ, уæд нæ нæртон кæстæртæ, куьгд иу адæймаг, афтæ ныууагътой сæ зæронд ныййарджыты, се ’нахъом сывæллæтты æмæ рæвдз балæууыдысты тохы бы- дыры. Кæд се ’ппæты сæр нæ бахъуыд, уæддæр уыдон хæдзæрттæм нæ тагъд кæнынц, куы бахъæ- уæм, зæгьгæ, цырагъау лæууынц æхсæвæй, бонæй. Афтæ æнхъæл дæн, æмæ ацы цауты фæстæ хис- тæртæй иунæг адæймаг дæр нал зæгъдзæн нæ кæс- тæртæй, чи не ’мбæлы, ахæм ныхас. Хъуамæ нæ нæртон кæстæрты тыххæй кувæм дон нуазгæйæ дæр дунескæнæг стыр Хуыцаумæ. Чи зоны æмæ фæ- зындзæн ног зарæг дæр мæнæ ахæм ныхæстимæ: «Бирæ нын цæрат, нæ буц кæстæртæ», зæгьгæ. Фыдлæг æмæ фыдбон бирæ нæ хæссынц, ирон адæм хæс никæмæй дарынц. Æппæт адæмты дæр бирæ уарзынц, цæрынц лымæнæй. Бафæрсын хъæуы, мæхъхъæлы та чи бауазæг кодта ирон адæ- мы хуызæн сæ зындзинæдты фæстæ, кæм æмæ кæй хъуыдысты? Ирон зæххыл галуантæ скъæрд- той æмæ хъаны цард кодтой. Фыдæлтæ раст загъ- той: «Хæрзгæнæг хорз нæ ары». Стыр бузныг стæм Уæрæсейы æфсадæй, æфсы- мæртау цырд кæй æрбалæууыдысты ирон фæси- вæды фарсмæ, уый тыххæй. 20.11.92 Загъдкъахæгæн — над Кæд цыфæнды æртхъирæнтæ кодтой мæхъхъæл, уæддæр уый æнхъæл ничи уыд, æмæ мæйдар æх- сæв æрра бирæгътау æрбалæбурдзысты. Фæлæ æнæ хæстæй дæр бирæ фыдбылызтæ цыд Ирыстоны цæрæг адæмыл мæхъхъæлы къу-
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 17 хæй. Цал æмæ цал хатты радзырдтой телеуынæ- нæй, лæг йæ хæдзарæй рацыд æмæ нал æрбаздæхт. Чи фистæгæй, чи машинæйы, кæмæн ма-иу йæ ма- шинæ ссардтой сыгъдæй, кæмæн та йæхи мардæй. Се ’наккаг митæн кæрон скæныны бæсты гыццы- лæй, стырæй сæхи ныццавтой Ирыстоны адæмыл æмæ сæ фæллæйттыл. Чи адæмы цагъта, чи сын сæ хæдзæрттæ сыгъта, чи та цæрджыты æмæ æх- сæнады мулк хæлофæй машинæтæм æвгæдта, ин- нæтæ та фос мæхъхъæлы ’рдæм скъæрдтой. Мæнæ абон цытæ уынæм æмæ хъусæм, уымæ гæсгæ, уыдонмæ ахæм фæндтæ рагæй уыд. Æмæ дзы цы рамбылдтой? Æппындæр ницы. Загьдкъа- хæгæн — над. Стæй уыдон цавæр лидзæг адæм сты? Чи сæ асырдта? Ам хъаны цард куы кодтой, кæд сæ ирон адæмимæ цæрын фæндыд, уæд. Ирыстоны зæх- хыл цæрæг адæмимæ сын цæрæн кæй нал ис, уымæн сæхæдæг — æвдисæн. Къæдзæхыйас ирон лæгæн йæ къæбутыл дамбаца ныффæздæг ластой æмæ худгæйæ кæрæдзимæ дзурынц, куыд нæ хауы, зæгьгæ, стæй ма йæ уыцы туг калгæйæ сæхирдæм аластой æмæ йæ æххормагæй, æнæ донæй хъизæ- марæй мардтой. Науæд цы хъуаг сты? Цыдæриддæр сæ хъуыд, уыдон Иры зæххæй куы аластой, иннæ бынтæ æмæ хæдзæрттыл арт куы ’фтыдтой, уæд, уыцы фыдбылызтæ кæмæн ракодтой, уыцы адæм фыд- гæнджытæн æртыгай кæрдзынтимæ кувгæйæ цы- даиккой сæ хæдзæрттæм? Нæ фæлæ хицауадæй ахæм бартæ лæвæрд кæмæ ис, уыдон сын хъæбæрæй цæуылнæ бамбарын кæнынц, цæмæй фос дæр æрбатæрой, мулк дæр æрбаласой æмæ афтæ дарддæр. Афтæ та куыд нæ ахъуыды кодтой, иу хатт нæ бафхæрдтой ахæм миты тыххæй, зæгъгæ, æмæ æгъгъæд фæуæд. Уæдæ афтæ куьт фæзæгъынц, бас кæй басудзы, уый донæн дæр фу кæны. Афтæ æххуыстæ æмæ сын тæригъæдтæ кæм кæнынц, уым сæм исты хорз зонд æрцæуа?
18 Уырымты-Хъуылаты Зоя Диссаг та куыд нæ у, Горбачевы рацарæзты хабæрттæ адæмæн цы фыдбылызтæ æрхастой, уый. Нæ сæр бæрзæндты цы Советон Цæдисæй хастам, уый ныппырх, адæмы лымæндзинад фе- хæлд, кæрæдзийыл сæ сардыдтой-, æмæ тугкалæн хæстытæн кæрон нал ис. Иыронг нын нæ бæс- тæмæ æхсæвæй, бонæй æххуысмæ æнхъæлмæ чи каст, уыдон дæр ныр махæн æххуысгæнæг æмæ тæригъæдгæнæг систы. Горбачевтæ æмæ уый хуы- зæттæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн дыууæрдæм рацу- бацу кæнынц, мæгуыр адæмы цард хуыздæр кæ- нæм, зæгъгæ, æмæ йæ куыд «хуыздæр» кæнынц, уымæн та уæхæдæг — æвдисæн. Сыдæй чи амард æмæ йæ мард баныгæнын йæ бон кæмæн нæу, ахæмтæ дæр ис. Хæсты фыццаг бонты иугай адæмтæ ахæм ха- бæрттæ кодтой, Ирыстон цæттæ нæ уыдис, зæгъ- гæ. Уымæн хорз дзуапп радта нæ мидхъуыддæгты министр Хъантемыраты Георги йæ ныхасы теле- уынæнæй: «Афтæ кæмæ кæсы, цæттæ нæ уыдыс- тæм, уый мæхъхъæлы бафæрсæд». Кæмæн æмбæлы, уыдон дæр Георгийы хуызæн афтæ куы тыхстаиккой, уæд нæм мæхъхъæл быр- сын нæ, фæлæ кæсын дæр нæ бауæндыдаиккой. Иурæстæджы нын Одинцов хицау дæр мæхъ- хъæлы фæрцы уыд. Одинцов æрмæст зæххытæ æмæ куыстытæ нæ уæрста, фæлæ алы æфсæнт- тæй тынг бирæ хорз ирон лæгты бафхæрдта. Партийы рæнхъытæй сæ æппæрста, сæ куыстæй сæ иста æмæ афтæ дардцæр. Мæнæн мæ фыды 1937-æм азы Сыбырмæ аха- стой 25 азы. Мæ мад, æнахуыргонд сылгоймаг, Мæскуымæ Калининмæ ацыд. Ме уæхск, дам, мын æрхоста, кæугæ ма кæн, фæлæ, куы райгуырдтæ, уæдæй абонмæ мын дæ царды хабæрттæ ракæн. Байхъуыста йæм æмæ загъта, ацу æмæ дæ сывæл- лæтты кой кæн. Уый дæр тагъд уæ хæдзары уы- дзæн. Æмæ æцæгдæр афтæ рауад. Одинцовы за- ман та иу лæгмæ бюромæ фæдзырдтой иннæ «хорз» лæджы фæрцы, æмæ иунæг минутмæ партийæ
Мæ зæрдсе баззад уемæ... 19 æппæрст æрцыд. Хорз æй чи зыдта, уыдон сæхи ныхъхъус кодтой, фæлæ йæ æппындæр чи никуы федта, ахæм уырыссаг лæг та йæ фарс рахæцыд, фæлæ-иу уæддæр хицауы фæндоныл сæ къухтæ схъил кодтой. Уый тыххæй загътой нæ фыдæлтæ: «Мæсыг йæхи дурæй хæлы». Мæ Нана та, адæймаджы цардыл дзургæйæ, арæх ахæм ныхæстæ кодта: «Хæргæ скъæты нæ хуытæ дæр кæнынц». Кæд Хуыцау ис, уæд тæ- ригьæд та — бæлвырдæй, æмæ царды мидæг адæй- маг хъуамæ хъуыды кæна йæ райсомы цардыл. Ирон адæм кæмфæнды куы цæрой, уæддæр сæ Ирыстон рох нæ вæййы. Иунæг лæппу мын ис, æмæ Украинæйы службæ кодта, уыд æрыгон афи- цер. Мады зæрдæ кæм лæууы, æмæ йæм ацыд- тæн. Мæ фыццаг фарст уыд йæ хицауадмæ: «Ацы лæппу исты арæхсы?» Уыдон мын æмхуызонæй ахæм дзуапп радтой: «Ирон лæппутæй нæм æв- зæр никуы уыдис». Ам гвардийы кой куыддæр скодтой, афтæ ирон адæмы хæстон хъæбултæ телтæ слæвæрдтой, цæт- тæ кæй сты Ирыстонæн балæггад кæнынмæ. Уыдо- нæй иу уыд инæлар, ахуыргонд Цæголты Ким. Ким, Хуссар Ирыстоны фыдбылызтæ куы рай- дыдтой, уæд хæдзар нал зыдта. Равзæрстой йæ гвардийы хицауæй. Гвардийы хæдæвдæлонгæнгæ хъуыд, æмæ йын йæ курдиат бабар кодтой цыдæр хицаугонд мæхъхъæлонæн, иу автобазæйæ. Уый йын радта æфсæйнаджы сæстæгтæ машинæйы бæсты. Ацы хабæрттæ фехъуыстон Кимæн йæхицæй телеуынæнæй. Иузаман автостанцæйы амбæлдтæн гвардийæ иукъорд лæппуйыл. Хъазгæйæ сæ афар- стон, уæ хабæрттæ куыд сты, уымæй. Загътой, тæрсгæ, дам, ма кæн, нæ мадыхай, мах, куыд æмбæлы, афтæ хъахъхъæндзыстæм нæ уарзон Ирыстон. Сæ хицауады тыххæй та бирæ хъарм ныхæсты фæстæ афтæ бакодтой: «Ким махæн нæ фыды хуызæн у».
20 Уырымты-Хъуылаты Зоя Уæдæ нын Дзуццаты Бибо дæр куыд хъæба- тыр разынд тыхст заман, уый не ’ппæт дæр фед- там. Æппæты ахсджиагдæр та уый у, æмæ йæ нæ фæсивæд куыд тынг бауарзтой. Йæ цæрæнбон нын бирæ уæд. Ирыстоны зæххыл цас хорз адæмтæ цæры, уый хуыздæр базыдтам ацы æвирхъау хæ- сты заман. Ничи ауæрста йæ цардыл нæ уарзон иумæйаг Ирыстоны сæраппонд. Æрхъуыды-ма кæнут, Паршин кæнæ Низами куы фесæфтысты, уыцы саударæн бонтæ. Ахæм адæймаг нæй, æмæ Ирыстоны æдзард хъæбултыл цæссыг чи нæ нык- калдта, рухсаг уæнт. Иры цæрæг адæм сæ æнус- тæм сæ зæрдыл дардзысты. Хæсты размæ цымæ уыцы мæхъхъæлæттæ дæр ахæм хæлддзаг машинæтыл алыгъдысты? Æрæ- джы телеуынæнæй афтæ радзырдтой, цæмæй, кæцы автобазæйæ цал машинæйы атардтой, уый бæрæггонд æрцæуа. Хуыцау ма нын хорз ракод- та, æмæ нæм хæдтæхджытæ, стæй æндæр хæс- тон машинæтæ нæй, науæд нын уыдон дæр алас- таиккой. «Хъызт зымæг, тыхст зымæг — нæ катай, нæ мæт!» Къоста цыма нæ адæмæн ацы тыхст бонтæ уыдта. Нырма, 140 адæймаджы кæм хъизæмарæй мæлынц, уый бæрæг нæй. Зæрдæ куы рисса, уæд, дам, сохъхъыр цæстæй дæр цæссыг кæлы. Фæнды ма мæ дыууæ ныхасы зæгьын нæ го- рæххæсткомы сæрдар Михаил Шаталовы тыххæй. Иухатт æм ирон зæронд лæг бацыд. Уый сыстад æмæ зæронд лæджы размæ рацыд, салам ын рад- та, æрбадын æй кодта æмæ дзурын райдыдта ирон æвзагыл. Ног азы æртæ кæрдзыны фыццаг скуыв- та иронау. Мæхъхъæлы хæсты заман дæр йæхи тынг хорз равдыста. Уымæй уæлдай ма фæсидт ирон адæммæ: «Ирон адæм, уæхи ма фæхудинаг кæнут!» Хорз лæг адæмæй хæс дары, зæгъгæ, ахæм лæгты тыххæй баззад. Михаил, бантысæд дын ноджы фылдæр æнтыстдзинæдтæ. Нæ горæт зæх- хы цъарыл фыццæгтимæ нымад куыд æрцæуа, йæ цæрджытæ та дæ цæрæнбонмæ куыд кувой.
Мæ зæрдсе баззад уемæ... 21 Ирыстоны цæрæг адæмы тынг фæнды, цæмæй, зæххыл цыдæриддæр адæм ис, уыдон кæрæдзийы æмбарой æмæ макуыуал фехъусой хæсты ха- бæрттæ. 18.03.93 Нæй ныббарæн! Уый раджы уыд, 35 азы бæрц рацыд уæдæй нырмæ. Æз куыстон Æрыдоны скъола-интернаты. Фæндзæм къласмæ нæм ахуыр кæнынмæ Дигорайæ æрбацыд Къесаты Эммæ. Фыццаг бонтæй фæс- тæмæ йæхи равдыста хæдæфсарм аемæ æгъдау- джынæй, ахуыр кодта иттæг хорз. Йæ къам ын бакодтой Кады фæйнæгыл. Иуахæмы интернатмæ æрбайхъуыст æвзæр ха- бар — Эммæйы мад, дам, фæцис уæззау рынчын æмæ йæ фæнды йæ чызг æмæ йæ лæппуйы фе- нын. Эммæйы æфсымæр Хъазыбег дæр интерна- ты ахуыр кодта. Хо æмæ æфсымæры арвыстам Дигорамæ. Удæгасæй ма баййæфтой сæ мады, уар- зæгой цæстæй скаст йæ хъæбултæм, зына-нæзына йæ былтæ базмæлыдысты, стæй ахицæн цардæй. Æнахъом сабитæ бынтон сидзæрæй баззадысты. Эммæ æмæ Хъазыбег цалдæр боны фæстæ æрбаз- дæхтысты скъола-интернатмæ. Се ’мкъласоптæ æмæ ахуыргæджытæй цалдæр сæ размæ рацыды- сты тæфæрфæс кæнынмæ. Эммæ, йæ цæстысыг- тæй йæхи æхсгæйæ, дзырдта, амæй фæстæмæ ин- тернат кæй у йæ хæдзар, ахуыргæнджытæ та йын кæй уыдзысты ныййарджыты хуызæн уарзон. Фæстæдæр уæлдай тынгдæр балымæн мемæ. Уый уыдис 1957-æм азы. Эммæ фæцис ахуыр^ кусын райдыдта. Уайтагъд ыл фæцис дзурджытæ. Йæхицæн цардæмбалæн рав- зæрста шофыр Хъиргъуты Хъазыбеджы, æмæ рай- дыдтой цæрынтæ. Нæ рох кодта мæн дæр. Йæ мад мæ хуыдта, мæнæн ты чызджы хуызæн уыд. Ахæм
22 Уырымты-Хъуылаты Зоя бон стæм уыд, æмæ мæн ма абæрæг кæна кæнæ телефонæй ма æрбадзура. Йæ хызын йæ къухы, афтæмæй-иу худгæйæ куы ’рбацыд, уæд-иу æм æз та хыл кодтон, цытæ та æрхастай, ницы мæ хъæуы, зæгъгæ. Уæд-иу уый хъæлдзæгæй дзуапп радта: «Æрбахастон дын ницытæ æмæ истытæ, дæхæдæг сæ æвзар». Сæ хæдзар дзагæй дзагдæр кодта сывæллонæй дæр, дзаумайæ дæр æмæ амондæй дæр. Фæлæ Хуыцауы цæст бирæ цард нæ бауарзта сидзæр чызгæн. Цардбæллон адæймаг æваст æрбарынчын æмæ æрбамард. Мæрдтæм бæсты цæуæнтæ куы уаид, уæд йæ бæсты бацыдаин, фæлæ кæугæйæ ныууагъта йæ бирæ зонгæты, сидзæрæй баззады- сты йæ цыппар сывæллоны. Мæгуыр амæлæг у. Æгæстæ исты амæлттæ кæн- дзысты, адæмы, паддзахады æххуысæй рæздзыс- ты. Эммæйы цардæмбал Хъазыбег ныр йæ саби- тæн мад дæр æмæ фыд дæр уыд. Куыста æхсæ- вæй, бонæй, мæт кодта йæ сабиты хъысмæтыл, хæрд æмæ дарæс хъуаг сæ нæ уагъта. Ивгъуыд азы ноябры фыццаг бонты мæхъхъæ- лон экстремисттимæ удуæлдайæ чи тох кодта, уыдонимæ уыдис Хъиргъуты Хъазыбег дæр. Исчи зæгъдзæн, уыцы тыхст бонты йæ сывæллæтты дзæгъæлæй, æвæгæсæгæй цæмæн ныууагъта. Хъа- зыбег дæр Эммæйы хуызæн æгæрон бирæ уарзта йæ райгуырæн Ирыстон. Мæхъхъæлон лæгмарты ныхмæ риуæмбæрц æрлæугæйæ, уый хъахъхъæд- та йæ сывæллæтты сомбон, Ирыстоны зæхх. 1992-æм азы 2-æм ноябры изæрæй Хъазыбе- гыл сæмбæлд знаджы нæмыг, йæ цæсгомы иуыр- дыгæй иннæмæ ахызт. Дыууæ мæйы бæрц фæхуыссыд Дзæуджыхъæуы тагъд æххуысы кли- никон рынчындоны. Йæ палатæ цух нæ кодта рын- чынфæрсæг адæмæй. Сыхæгтæ, хиуæттæ, æмкус- джытæ, бынтон æнæзонгæ адæм цыдысты, хъæ- батырдзинад æвдисгæйæ хæсты чи фæцæф, уыцы лæппутæм рынчындонмæ. Æз дæр-иу дзы арæх уыдтæн æмæ-иу, не ’взонг лæппутыл адæм куыд
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 1Ъ аудынц, куыд бирæ сæ уарзынц, уый уынгæйæ æмæ æнкъаргæйæ, мæ зæрдæ суынгæг, мæ цæс- тысыгтæ-иу згьордтой. Хъазыбегæн йæ бон дзурын нæ уыд, фæлæ йæ цæстæнгасæй æвдыста, бузныг кæй у, йæ алыварс цы адæм æрбалæууыд, уыдонæй. Йæ цыппар сы- вæллоны æмæ йæ зæронд мады дæр ын хиуæттæ æмæ сыхæгтæ æвæгæсæгæй нæ ныууагътой, ит- тæг зæрдæбынæй сын æххуыс кодтой. Январы фæстаг бонты Хъиргъуты Хъазыбеджы арвыстой Мæскуыйы рынчындæттæй иумæ. Фæ- цис дзы дзæвгар, бадзæбæхтæ йын кодтой йæ цæсгомы хъæдгæмттæ. Иуцасдæр фæцис ам, стæй та йæ ногæй бахъуыд ацæуын. Цы ма зæгъон мæ писмойы кæронбæттæны? Хъазыбеджы бинонты тæригъæд, мæхъхъæлы ирон адæмыл чи ардауы, уыдоныл æфтыд фæуæд. Не стыр маст æмæ фьтдтæ нын æгъгъæд не сты, æвæццæгæн, æндæра Уæрæсейы хицауад ирон адæ- мы цæмæн кæны аххосджын мæхъхъæлон ныббыр- сты. Æнæхæдзарæй чи баззад, уыцы мæхъхъæ- лæттæ сæхæдæг алыгъдысты рагагъоммæ, бирæтæ сæ архайдтой хæсты нæ ныхмæ. Ныр та сæ ногæй æрфæндыд нæ фарсмæ цæрын. 18-æм июны Дзæуджыхъæуы цы митинг уыд, уым радзырдтой, мæхъхъæлимæ иумæ махæн цæ- рæн нал ис. Уæд ма цæмæн фæкалд нæ хуыздæр лæппуты туг? Цæмæн баззадысты сидзæрæй са- битæ, цæмæн кæуынц ныййарджытæ? Ахæм фыд- ракæндæн нæй ныббарæн. 25.06.93 Хъæугæ лæг «Рæстдзинад»-ы исты зындгонд адæймаджы тыххæй куы бакæсын, уæд фæзæгъын, амæн дзы æмбал нæй, зæгьгæ. Фæлæ æрæджы Дзиуаты Бек- солтаны хуызист «Рæстдзинад»-ы куы ауыдтон
24 Уырымты-Хъуылаты Зоя æмæ йын йæхи тыххæй дæр æрмæг куы бакас- тæн, уæд загътон, мæнæ ноджы зынгæдæр адæй- маг, зæгъгæ. Æз æй фыццаг хатт федтон телеуы- нæнæй ирон адæмы съезды рæстæджы. Кæд Мæс- куыйы цæры, уæддæр бæрæг у, Иры алы къах- дзæф дæр йæ зæрдæйы арф кæй æвæры, Ирыс- тон йæ мæт, йæ сагъæс кæй у, уый. Рисгæ дæр тынг фæкодта, ирон адæмы туг æнаххосæй кæй ныккалд, ууыл. Уыцы зын рæстæг хицауады раз йæ фæндон бæргæ загъта, цæмæй йæ рарвыстаик- кой нæхимæ. Бæлвырд æй зыдтой, уый рæстæг- мæ куы сæрвыстаиккой Ирыстонмæ уыцы зын бонты хицауады сæргъы, уæд дзы уыйбæрц бæл- лæхтæ дæр не ’рцыдаид абоны онг. Хорз адæм, чи нæ фехъуыста Дзиуаты Бексол- таны раныхас ирон адæмы съезды, уый райсæд йæ къухмæ ацы азы 10-æм ноябры «Рæстдзинад» æмæ уыйфæстæ æнæзивæгæй ацæудзæн, уырны мæ, æмæ схъæлæс кæндзæн, цæмæй Дзиуаты Бек- солтан Паддзахадон Думæмæ æвзæрст æрцæуа, уый тыххæй. Уæдæ раттæм нæ зæрдæйы хъарм Ирыстоны уарзон хъæбултæн. Бирæ нын цæр, Бексолтан! 01.12.93 Ахсджиаг хьуыддаг у Ныр, цымæ, ирон адæмæй декабры онг «Рæст- дзинад» чи нæ рафыста, уыдон цы хъуыды кæ- нынц, куыд цæрынмæ хъавынц æнæ Ирыстоны хабæрттæ зонгæйæ? Куыд ма ис фехъусын кæ- нæн нæхи адæмæн, ныронг сæ ацы газет чи нæ рафыста, уыдонæн? Куыд бахуыссынц ацы адæм изæрæй æнæ «Рæстдзинад»-ы хабæрттæ бакæс- гæйæ? Æз ахæм хæдзæрттæ зонын, дыгай газеттæ чи исы. Иубон мæм нæ хæдзары дуармæ дыууæ сыл- гоймаджы дзурынц:
Мсе зсердсе баззад уемæ... 25 — Ды нæ цæуыс «Рæстдзинад» фыссынмæ, пен- сиисджытæн æй лæвар фыссынц... — Фыццаджыдæр, æз рафыстон «Рæстдзи- над», дыккаджы та, мæнæй раздæр æй лæвар рафыссын кæмæн æмбæлы, ахæм адæмтæ ис, — загътон æз. Дзæбæх куы ахъуыды кæнæм, уæд алы ирон хæдзар дæр сæ хæринагæй афæдзы æрдæг дæс айчы куынæ бахæрой, уæд сыл ницы æрцæудзæн, æнæ «Рæстдзинад»-æй та нæй цард ирон лæгæн. Газеткæсджытæй алчидæр йæ зонгæтæн, йæ сы- хæгтæн куы бамбарын кæна, «Рæстдзинад»-æй ахсджиагдæр хъуыддаг ницы ис, зæгъгæ, уæд кæд, мыййаг, хъуыддаг фæрæвдздæр уаид. Хуыцауæй стыр бузныг — нæ Ирыстон хъæз- дыг у куырыхон хистæртæ æмæ нæртон фæсивæ- дæй. Хъæлæс кæныны заман адæм тынг тыхстыс- ты, ныр, дам, дзы кæуыл хъæлæс кæнæм, зæгъ- гæ, ома дзы иу дæр аппаринаг нæу, æмæ алкæй дæр фæндыд се ’ппæтыл дæр хъæлæс кæнын. Фæлæ уæддæр равзæрстам хуыздæрты ацы тыхст заман. Æмæ уый раст у. Ныртæккæйы вазыгджын рæстæг царды æп- пæт хабæрттæ дæр, куыд æмбæлы, афтæ фыст цæуынц «Рæстдзинад»-ы. Рафыссут æй! Ирон адæймагæй иронау чи нæ дзуры æмæ нæ кæсы, уыдон та бафæзмæнт нæ горæты хицау Михаил Шаталовы. 24.12.93 Хъусынæй сæм не ’фсæдæм Адæймаг бонæй-бонмæ диссæгтæ хъусы. Мæнæ та «Рæстдзинад»-ы æрæджы бакастыстæм Бирæгъ- ты Андрейы уацхъуыд, «Мæхъхъæлы уацары», зæгъгæ. Базонгæ дзы стæм Баситы Михалы ха- бæрттимæ, Назраны цы бирæ хъизæмæрттæ фед- та, уыдонимæ. Уæдæ сын, семæ цы ирон сылгой-
26 Уырымты-Хъуылаты Зоя маг уыд, Хъозиты чызг, уый дæр цы кодта, цæ- мæи æй бафхæрдтой. Мæ ныхас тынгдæр нæ фæсивæдыл у. Скъо- лайы бакуыстон æртын æртæ азы æмæ иунæг æв- зæр сывæллоныл дæр нæ амбæлдтæн. Басæттын хъæуы ууыл, фыдбылызты нæ кæстæртæ мах тых- хæй кæй бахауынц. Баситы Михалы иу Хуыцау сафгæ кодта, иннæ та йæ ирон зæххыл сæмбæлын кодта. Афтæ йæм дзырдта йæ зæрдæ, фыццагдæр кæуыл амбæла, уымæн цыбырæй йæ хабæрттæ ракæндзæн, æмæ уый бинонтæм хæрзæггурæггаг фæуыдзæн, фæлæ таксист ахæм лæг нæ разынд. Ам дæр та лæгдзинад равдыста хæларзæрдæ æры- гон лæппу, чи зоны æмæ йæ фæстаг сом систа, Михал йæ тыхст хабæрттæ куы кодта таксистæн, уæд. Айрох æй лæппуйы афæрсын йæ номæй, йæ мыггагæй, æмæ йæ ныр тынг фæнды йæ базонын. Амондджын сты, ахæм лæппутæ кæй хæдзæртты хъомыл кæны. Хорз зонæм не ’ппæт дæр, ахæм хæдзæртты нымæц тынг бирæ кæй у Иры зæх- хыл. Мах хæдзары цы ирон лæппутæ цæры, уыдо- ны кой нал кæнын, фæлæ дзы иу уырыссаг лæппу ис, Попов Витя, зæгъгæ, æмæ æнæзонгæйæн дæр йæ уд ратдзæн, куы бахъæуа, уæд. Хæдзары исты змæлд куы вæййы, уæд ын амонын ницы хъæуы. Арæх бакæсын нæ кæстæрты тыххæй, тамако дымынц æмæ карз нозтытæ нуазынц, зæгьгæ. Уыдо- нæн сæ фылдæр вæййынц студенттæ. Æмæ сын кæм вæййы ахæм æхцатæ, кæд сын сæ мадæлтæ æмæ фыдæлтæ нæ раттынц, уæд? Æз уый зæгъын- мæ хъавын, æмæ институты ректор æмæ ахуыр- гæнджытæ уым ницы аххосджын сты. Алы мад æмæ фыд дæр хъуамæ сæ хæдзары, куыд æмбæлы, афтæ сæ кæстæрты хъомыл кæной. Нæ кæстæртæ æфхæ- ринаг не сты искуы иуты тыххæй. Ныртæккæ Иры- стоны тынг бирæ ис ахуыргонд, намысджын фæси- вæд. Уæдæ нын Гергиты Валери цы аивæдты бæр- зæндтæм схызти, уый дæр зонæм бæлвырд. Кæд æй æхсæв æнафоны æвдыстой æрæджы Мæскуы-
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 27 йы телеуынæнæй, уæддæр æм Ирыстоны адæм кæрæй-кæронмæ кастысты. Нæ фæсивæд зонынц, ирон лæг худинаджы бæсты мæлæт кæй райсдзæн. Мæхъхъæлы уацарæй Баситы Михал дæр уымæн тындзыдта йæ адджын Ирыстонмæ. Ног аз хæрзтæ æрхæссæд нæ фæсивæдæн. Фылдæр кæнæнт нæ намысджын кæстæртæ, ирон лæджы ном зæххы къорийыл бæрзæндты чи хæс- сы. Лæгты дзуар уæ йæ рахиз базыры бын бакæ- нæд. Мады Майрæм, зæдтæ æмæ дауджытæ уын уæ фæндæгтæ ноджы уæрæхдæр кæнæнт ахуыра- ды æмæ аивады бæрзæндтæм. Чи фæнымайдзæн нæ номдзыд фæсивæды, фæлæ мæ зæрдæмæ тынг- дæр чи цæуы, уыдонæй иу-цалдæры ранымайон: Гергиты Валери, Цæрикъаты Феликс, Гæззаты Валери, Черчесты Станислав, Сæлбиты Аким, Джиоты Ингæ, Фидараты Тамарæ, Цыбырты Ва- лери, Дзадтиаты Владимир, Къесаты Станислав... Адæймаг сæм кæсын æмæ хъусынæй не ’фсæды. Кæд рæстæг тыхст у, уæддæр æрыгон Беккуы- зарты Таймуразæн стыр аргъ кæнынц цъындауа- фæн иугонды кусджытæ, уæлдайдæр та пенсиис- джытæ. Мах, хистæртæ, кæддæриддæр бузныг стæм нæ кæстæртæй. Уæ къухы бафтæд ноджы фылдæр æнтыстдзинæдтæ царды алы фæндæгтыл. Бирæ нын цæрут! 26.01.94 Нана Нæ мады мады Нана хуыдтам. Тынг мæ фæн- ды уый тыххæй нæ уарзон газет «Рæстдзинад»-ы зæгъын. Нана райгуырдис Бадыхъæуы Дзасохты Барысби æмæ Гуызины хæдзары. Уый-иу мын куыд дзырдта, афтæмæй Бадыхъæуы цардис тынг хорз адæм. Бирæ уарзтой кæрæдзийы. Нанайæн уыдис бæрзонд, хæрзконд æмæ зондæй æххæст цыппар æфсымæры æмæ дыууæ хойы. Хоты хис-
28 Уырымты-Хъуылаты Зоя тæр Фаризæт фæцардис зæронды бонтæм кади- мæ Магкæты стыр хæдзары Алагиры. Ныууагьта бирæ хорз кæстæртæ. Иннæ хо Афассæ уыдис Битарты чындз. Йæ иунæг лæппу Мишæ зынд- гонд уыд Ирыстоны. Кафджыты къордимæ нæ бæстæйы цы горæты не ’рсагъта йæ къахфындзтæ æмæ кæм нæ равдыста йæ зонындзинад хъамати- мæ кафты, ахæм нæ уыд. Нанайы æфсымæртæ кæд уæлдæр ахуыргонддзинад нæ райстой, уæд- дæр царды ахсджиаг бынæтты куыстой,уыимæ, Садоны æрзæткъахæны фæсарæйнæгтимæ дæр. Фыццагдæр ставд телвæндагыл цы вагон рауагъ- той, уым бадтис Нанайы æфсымæртæй иу — Алык- си. Сæ мадмæ хабар куы байхъуыст, уæд, дам, йæ уæрджытæ фæхоста. Хотæ хæдзары арæхстысты сылгоймаджы ку- ыстытæй алцæмæ дæр. Нана-иу махæн дæр афтæ дзураг уыд: «Цалынмæ дæ цæст уыны, дæ къух тасы, уæдмæ цы базонай, уый дæхи. Сылгоймаг хъуамæ судзинæй ма тæрса». Йæхæдæг кæрцытæ хуыдта, хæдбынтæ, хæрдгæбыдтæ кодта. Уæвгæ, Нана цынæ зыдта — фæндырæй цагъта æмæ-иу цыдæр зæрдæмæдзæугæ зарджытæ кодта. Йæ сыгъдæгдзинад дæр бирæйы аргъ уыдис. Уынг-иу уыцы зæрондæй дæр иу кæронæй иннæ кæронмæ ныммарзта. Зæрондæй-иу сывæллонæн дæр сыс- тади æмæ-иу ын исчи куы загъта, уыдон сывæл- лæттæ сты дæ разы æмæ сын куыд сыстыс, зæгъ- гæ, уæд-иу ахæм дзуапп радта: «Æз уымæн абон куынæ сыстон, уæд уый та мæнæн райсом нæ сыстдзæн». Сылгоймаг, дам, бинонты æхсæнмæ дæр æмæ уынгмæ дæр Дзæдайы хуызæнæй хъуамæ ма цæуа. Дзæда кæй хуыдта, нæ зонын. Сылгоймаг, дам, райсомæй куы рабада, уæд хъуамæ фыццаджы- дæр йæхимæ базила, йæ хуыссæн бафснайа. Чыз- гæн’ та, дам, бирæ хæрын не ’мбæлы. Мах, дам, чызджытæ куы уыдыстæм, уæд хъазтмæ цæуыны размæ дыгай бонтæ пæ хордтам, стæй-иу нæ ас- тæутæ рабар-бабар кодтам, кæй астæу нарæгдæр
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 29 у, зæгъгæ. Чингуыты дæр, æвæццæгæн, ахæмты тыххæй фæфыссынц, нарæгастæу-гуырвидауц. Нана махæн зæрондæй дæр хæрзконд уыдис. Йе ’мкъай Гацыр дæр æм йæ номæй нæ, фæлæ, хæрзконд, зæгъгæ, дзырдта. Диссагæн-иу дзырд- той, цалынмæ Нанайы моймæ радтой, уæдмæ ус- гуртæ Бадыхъæуы комы уæлæмæ цыдысты æрмæстдæр Барысбийы хæдзармæ. Иуахæмы та Нанамæ усгуртæ фæзынд. Уый сæм дуары хуын- къæй ракаст æмæ Гацыры куы ауыдта, уæд æм йæ зæрдæ афтæ сдзырдта, ацы лæппу йæ амонд кæй у. Æцæгæй дæр афтæ рауадис. Радтой йæ холыстаг лæппу Беккуызарты Гацырæн. Уый уыдис мадæй сидзæр, фыд ын хорз уыдис, Текка, фæлæ йæ фыдыус æцæг фыдыус уыд, Нанайæн дæр хъыцъыдæттæ нуазын кодта. Гацыр уыд тынг хорз лæппу, кусаг, зараг æмæ кафаг. Бирæ уарзта йæ фæлмæн фыды. Иуахæмы Гацыр тынг суазал фосы куыст кæн- гæйæ æмæ уæззау рынчын фæцис. Нана 25-аз- дзыдæй сидзæргæсæй аззад Холысты цъуппыл. Йæ къухты фыдæбон æмæ йæ цæгаты æххуысæй хъо- мыл кодта йе ’ртæ сабийы. Æртæ дæр уыдысты сæ фыды хуызæн цъæхдзаст æмæ бурхилтæ. Ус- гур лæппутæ та, Гацыры афæдз куы ахицæн, уæд Нанайы цæгатмæ цæуын байдыдтой, ракæнут уæ чызджы, смой кæнæд, зæгъгæ. Æфсымæртæ йæм уæд Холыстмæ æрбацыдысты æмæ-иу ын лæгъ- стæ кæнын байдыдтой, æгъдаумæ гæсгæ раздæх нæхимæ, зæгъгæ. Фæлæ сын Нана фидарæй дзу- апп радта, кæй нæ ныууадздзæн йæ сывæллæтты. Æфсымæртæ аздæхтысты Бадыхъæумæ. Никуы- уал æй бахъыгдардтой, фæлæ йын æххуыс код- той. Нана йæ сидзæрты хъомыл кодта. Уæззау бон- тæ йыл адаргъ сты. Лæджы кад дзы уыдис. Йæ хистæр чызг Анутæйы арвыста Бадыхъæумæ йæ мадырвадæлтæм, уыдон æй уым скъоламæ радтой æмæ абон дæр кæсын æмæ фыссын зоны. Уый у нæ мад. Цæуы йыл 88 азы.
30 Уырымты-Хьуылаты Зоя Октябры революцийы фæстæ хæххон адæм быдырмæ лидзын райдыдтой. Нæ фыд, Нанайы сиахс, цъамадаг лæппу уыд, æмæ быдырмæ ли- дзынвæнд куы скодта, уæд раласта нæ мады мад Нанайы дæр махмæ. Мæ фыд уыдис Бæрæгъуы- ны колхоз аразджытæй иу. Уыдис æм гыццыл аху- ыргонддзинад. Ирыстонæй фыццагдæр цы фæси- вæды арвыстой Мæскуымæ ахуыр кæнынмæ, уыдонимæ уыдис нæ мады хо Недтæ йе ’фсымæр Дæцыгоимæ. Нана та цардис нæхимæ. Уый мах куыд хъомыл кодта, уый зарджыты заринаг у, чин- гуыты фыссинаг. Цъиуджын карк йæ цъиуты куыд хъахъхъæна, афтæ иузæрдион ныл уыд. Æхсæв дæр-иу йæ фарсмæ хуыссыдыстæм, дыууæйæ — йæ сæры ’рдыгæй, дыууæйæ та — йæ дæлфæд- тæм. Цы ис цымæ сывæллонæн нанайæ адджын- дæр. Йæхи мады хуызæн буц фæдардта нæ фыд Нанайы. Æниу мæ фыд цас лæгдзинад равдыста, уыцы мæгуыр рæстæгмæ гæсгæ хохы цъуппыл кæй нæ ныууагъта Нанайы йæ сидзæртимæ, уымæй! Дзасохтæ нын нæ мады мадæн хорз æгъдæуттæ фæлæвæрдтой йæ амæлæты бонмæ, æмæ сæ мах дæр хъулон уарзт кæнæм. Нанайы цардæй ма уын дыууæ хабары ракæ- нон. 1937-æм азы нæ фыды куы ’рцахстой, уæд нæм джигул кодтой. Нана Къостайы чиныг пецы фæнычы амбæхста. Диссаг та куыд нæ уыд цард. Мæ фыды иутæ сафгæ кодтой, иннæтæ та йын кодтой æххуыс. Реуазты Лекс нæм Æрыдонæй фистæгæй фæцыд, джигул уæм кæндзысты æмæ истытæ бафснайут, зæгъгæ. Кобесты Гуыргъохъ нын ныфсытæ æвæрдта æмæ загъта, арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Иннæ ахæм Æккæлаты Дауыр æмæ Хæчъассæ, Годжиты Сæба æмæ Тего, Цогойты Дзаххот æмæ Мишка, Хосаты Хæчъас- сæ æмæ бирæ ахæм хорз лæгтæй мах, 1937-æм азы сидзæртæ, бирæ фæлмæн ныхæстæ зонæм æмæ сын мæрдтæм дæр ныллæг кувæм нæ сæр- тæй. Уæдæ уыцы тыхст рæстæг ахуыры фæнда- гыл кæй фæрцы рацыдыстæм, уый та уыд скъо-
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 31 лайы директор Хъантеты Еналдыхъо. Æз мæхæ- дæг дæр ахуыргæнæгæй фæкуыстон, фæлæ мæ бон афтæ зæгъын у, æмæ нал райгуырдзæн дык- каг ахæм ахуыргæнæг, скъоладзауты уый куыд уарзта. Нана нын амардис 1974-æм азы. Махмæ афтæ каст, цыма ныл нæ дуне баталынг аёмæ нæ цард æнæ уымæй ницыуал у. Мæ фыд дыууæ ныхасы зæгъынмæ хъавыд æмæ йæм чидæр фæрсырды- гæй йæхи æмгæрттæй афтæ бадзырдта: «Цæй, мыййаг, дæ мад куынæ уыдис». Мæ фыд дæр æм уæд дзуры, уый, дам, мын мæ мадæй дæр буцдæр даринаг уыд. Æвæдза, куыд уæздан æмæ зондджын уыдыс- ты нæ фыдæлтæ. Мах дæр нæ удæй арт цæгъ- дæм, бæргæ, фæлæ мæм уæддæр афтæ фæкæсы, цыма уыдоны хуызæн нæ уайынц нæ хъуыддæгтæ. Нæ Нана-иу зианмæ кæнæ чындзæхсæвмæ цæу- гæйæ йæхи куыд рæвдзытæ кодта, йæ уæлæйы дарæс дæр-иу куыд аив уыдис. Ныр та ацæргæ сылгоймæгтæ æмæ æрыгæттæй бæрæг нал вæййы, чи сæ чызгхуыздæр у, уый. Зианмæ цæугæйæ-иу Нана скодта тар дзаумæттæ йæ къахæй йæ сæр- мæ, сæрбæттæны æдде-иу æркодта йæ хауджын стыр сау кæлмæрзæн. Инæлар Хъантеты Мурат куы фæмард, уæд зиан æрæвæрдтой афицерты хæдзары. Кæуын нæ уагътой, æмæ адæмæй иутæ лæууыдысты, иннæтæ йæ алывæрсты зылдысты æмæ фæстæмæ дуарыл уынгмæ хызтысты. Фæлæ Налцыккæй мæрддзыгой адæм куы фæзындыс- ты, Беккуызарты Лизæ хъарæггæнгæйæ, уæд, Мураты алыварс цы инæлæрттæ лæууыд, уыдон дæр нал баурæдтой сæ цæссыгтæ. Æппæты дис- сагдæр уый уыд, æмæ уыцы бæрзонд сылгоймаг, Лизæ, афтæ арæзт уыд, раст цыма Нана рацыд мæрдтæй. Æз лæууыдтæн, æмæ кæугæйæ мæ сæры зилдух кодтой алы хъуыдытæ. Кастæн, мæ алыварс зианмæ цы адæм æрæмбырд, уыдонмæ, фæлæ дзы не ссардтон Лизæйы хуызæн дыккаг сылгоймаг.
32 Уырымты-Хъуылаты Зоя Беккуызарты Тасолтан революционер уыд, æмæ паддзахы заман сæ фæдыл зилын куы байдыдтой, уæд Холысты йæ партион гæххæттытæ Нанамæ радта æмбæхсынмæ. Уый сæ бафснайдта, куыд æмбæлд, афтæ. Адæм уыцы хабар базыдтой æрмæстдæр революцийы фæстæ. Абон дæр мæм афтæ кæсы, цыма мах Нанайы хуызæн нана ни- кæмæн ис. Царды мидæг адæймаджы цыдæрид- дæр хъæуы зонын, уыдоиæй нæ цæуыл нæ ахуыр кодта, ахæм нæй. Суанг ма йыл мæ сывæллæттæ дæр бирæ цæуылдæрты сахуыр сты. Сæдæ азы фæцардис йæ цардæмбал Гацыры мысгæйæ. Нанатæ кæмæн ис, уыдон сæ буц дарæнт, æмæ сын цæрæнт бирæ азты зæрдæхъæлдзæгæй. 5.03.94 Ирон зæхх фæлмæн у О Хуыцау! Кæд адæмы æцæг ды сфæлдыстай, уæд сæ суæгъд кæн æдзæстуарзондзинадæй. Цы дын кодтой ирон дзыллæ? Мах дæ, Стыр Хуы- цау, стыр бузныг куы стæм, нæ адæмы ’хсæн ра- гæй-æрæгмæ курдиатджын адæмтæ бирæ кæй ис, уымæй. Раздæры хабæрттæ нæ кæндзыстæм, фæлæ мæнæ абон аивады ирон адæймаджы ном бæрзæнд- ты чи хæссы, алы бон нæ цæстæй цы кæстæрты уынæм æмæ кæй нæмттæ хъусæм, уыдоны цæрæн- бон нын бирæ уæд. Уарзæм сæ æмæ сын нæ зæр- дæ зæгъы, цæмæй сæ къухты æфта ноджы стыр- дæр æнтыстдзинæдтæ. Зæрдиагæй фæкæсæм æмæ фæцин кæнæм Гергиты Валерийыл, Джиоты Ин- гæйыл, Цæрикъаты Феликсыл, Сæлбиты Акимыл, Гокъинаты Тамарæйыл æмæ иннæтыл. Уæдæ цалынмæ ирон адæм цæрой, уæдмæ сæм хъуысдзысты зынгхуыст Саккаты Валерийы зар- джытæ дæр. Иуæхсæв телевизоры копцерты роя- лыл чи цагъта, уыцы гуырдзиаг лæппу цы бузныг уыд Валерийæ. Цы хъæбыстæ йын фæкодта.
Мсе зæрдсе баззад уемæ... 33 Цымæ гуырдзиаг лæгхортæ æппындæр ницæуыл æрфæсмон кæнынц, ахæм циндзинæдтæм кæсгæйæ. Ирæттæ æмæ сын абхазты фыдбылызтæ фаг не сты, фæлæ ма сæ кæрæдзийы дæр цæгъдынц. На- уæд цæмæн бахуыссыд йæ зынг нæ зынаргь фыс- сæг Булкъаты Михалæн, кæд æмæ ма уый «Рæст- дзинад»-мæ дæр бирæ хорз хабæрттæ ныффыста- ид? Йæ зæрдæ тынг фæрыст, ирон адæм æнаххо- сæй аххосджынтæ кæй систы, уымæй. Михал Гуыр- дзыстонæй лидзæг фæци Октябрскыхъæумæ — тæ- дзынæгæй — цыхцырæгмæ. Йæ бинонтæ алы рæт- ты ныппырх сты. Йæ цардæмбал уынджы баззад, афтæ зæгъæн ис. Æмæ цæмæй фæцис нæ куыры- хон лæгтæй иуæн йæ цард, уый федтам нæхи цæс- тæй — ирон зæхх фæлмæн у æмæ та райста Миха- лы дæр. Рухсаг уæд. О Хуыцау, бахиз ньтн дарддæр нæ адæмы фыд- былызæй, нæ фыдæлтæ дæм, чи зоны, хуыздæр зыдтой кувын, махæн дæр нæ бон куыд у æмæ куыд зонæм, афтæ дæм кувæм. Нæ кæстæртæ — де уазæг. Мæскуыйы уыцы æвирхъау хабæрттæ куы ’рцыдысты ивгъуыд азы октябры, уæддæр та дзы ирон ОМОН фæаххосджын, æппындæр дзы нæ уыдысты, афтæмæй. Ахæм ма æрымысгæ уа? Цъыфкалджыты иу хатт, иннæ хатт ныууадзæм, фæлæ сæ ацы хатт æрфæрсын хъæуы. Нæ фæл- лад фæсивæдмæ дарддæр ахæм хабæрттимæ ку- ыднæуал уæндой. Ирон лæг раджы дæр Хуыцауы ницæуыл йæ хъама йæ кæрддзæмæй никуы слас- та. Уæд ныр? Фæсивæд дыгай æмæ æртыгай дип- ломты хицæуттæ куы сты. Нæ зынаргъ кæстæртæ, ног фæндæгтæ скæнут ахуыры бæрзæндтæм. Уæ рæсугъд фæндтæ уæ къухы бафтæнт. Кæд исчи рæдийы нæ кæстæр- тæй, уæд уыдонмæ дæр хуыздæр хъуыдытæ куыд æрцæуа, нæ уарзон Ирыстон бонæй-бонмæ кад- джындæр куыд кæна, ахæм амонд нæ уæд. 17.03.94 2 Мæ зæрдæ баззад уемæ .
34 Уырымты-Хъуылаты Зоя Æгæр нищемæй фидауы Хорз хъуьгддаг у, газет «Рæстдзинад» фæстаг рæстæг йе ’ргом тынгдæр здахын кæй байдыдта нæ ирон æгъдæуттæ банывыл кæныны фарстатæм, уый. Бæрцæй бирæ не сты, бæргæ, нæ ирон æгъдæуттæм куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы, уыдон. Фæлæ та иу хатт, иннæ хатт уыдоны тых- хæй ацы фарстатыл нæ куырыхон лæгты дзурын баххъæуы дзыхъхъынногæй. Гъе, æрмæст дзы иуæй-иутæм æппындæр ницы хъары. Хорз хъуыд- даг у уый дæр, ирон адæм мыггаджы куывдтæ кæнын кæй байдыдтой. Уыцы ран æрныхас кæ- нынц бирæ фарстатыл. Фыццаджыдæр, мыггагæн кад чи кæны, уыцы хорз адæмты тыххæй. Мамыкъаты мыггаджы куывды хистæртæ ра- хастой хорз фæндон: арахъхъæй бæрц чи нæ зоны, уыдон дзæбæх кæнын. Фæлæ ис ахæм хъæутæ — бæлвырдæй зонынц, сæ фæсивæдæй давгæ дæр чи кæны æмæ нуазгæ дæр, фæлæ сæм ничи ницы дзуры. Нæ фыдæлтæм хæрз гыццыл уыд, нозтмæ æм- хиц чи уыд, ахæмтæ. Тынг æгад уыд ахæм адæй- маг. Хуыдтой йæ къупри. Нозтуарзаг адæймаджы никуыдæм хуыдтой, хъæу æмæ мыггаг куы фæхудинаг кæна, зæгъгæ. Фæсивæд-иу циндзинады фæдыл куы ацыдысты, уæд-иу мæт кодтой, æгæр тагъд сæ фынгыл куы ’рбадын кæной. Хъазтмæ-иу тырныдтой кафынмæ æмæ зарынмæ. Нæ фыдæлтæ. дам-иу къуыригæйттæ бадтысты циндзинады фынгтыл, æмæ дзы гыццыл нозтджын лæг дæр никуы федтаис. Кæстæртæ та-иу дзаг- дартæ уыдысты æмæ нуазгæ нæ, фæлæ сæ дзых- мæ къæбæр дæр нæ хастой. Ахæм фидар æгъдæут- тæ( уыдис хистæртæ æмæ кæстæрты ’хсæн æмæ кæрæдзийы уарзгæйæ цардысты. Цин æмæ, дам, зиан æфсымæртæ сты. Мард, дам, мæрдтæм æнæ худгæйæ нæ цæуы. Мæ фыды мар-
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 35 дыл аст азы куы рацыд, уæд нæ дуармæ машинæ æрлæууыд. Рахызтис дзы дыууæ лæппуйы æмæ хæдзары ’рдæм сæ ных сарæзтой, сæ иуы къухы гæххæтт, афтæмæй. Цы ма мын æй базонын хъуыд, зианы хабары тыххæй кæй æрлæууыдысты, уый. Æрвыст уыдис хъæумæ, хионтæм, æмæ дзы æппæ- ты уæле фыст уыдис мæ фыд. Уый фæстæ цы дыууæ лæджы нæмтгæ уыд, уыдонæн дæр сæ амардыл цал- дæргай азтæ рацыд. Æз мæ мидбылты бахудтæн, уыдон мæм диссагмæ кæсæгау кæсынц, æмæ дзы иу лæппу афтæ бакодта, циндзинады хабар, мыййаг, куынæ у, зæгьгæ. Æз сæ хатыр ракуырдтон æмæ сын загътон: «Рухсаг уæд зиан, стæй, мæнæ уæле фыст чи ис, уыцы æртæ лæджы дæр». Лæппутæ бадис кодтой æмæ сæ хистæр мæст- джынæй загъта, Црауы дæр, дам, нын нæ гæх- хæтт фæстæмæ радтой. Æз сын загътон, кæй фехъусын кæндзынæн, æгас ма чи у, уыдонæн. Æцæгдæр афтæ бакодтон. Мæ фыд амард 1982-æм азы январы. Уыдис тынг хъызт зымæг. Арвыстой хæстæг хъæутæм хъæр- гæнджытæ, иннæтæм та — телеграммæтæ. Фæн- дæгтæ бырынцъаг уыдысты æмæ тынг фæмæт код- там мæрддзыгойы æрцыд æмæ ацыдыл. Нæ фыды зианыл 5 мæйы куы рацыд, уæд та мæ иунæг хо цæрынхъуагæй ахицæн. Мах хионтæм, къабæзтæм арвитын дæр нæ уæндыдыстæм, уый тыххæй æмæ йæм рынчынфæрсæг бирæ адæм фæцыд. Зианы бон бирæ телеграммæтæ райстам. Абон дæр æмæ нæ царды кæронмæ дæр мах стыр хæсджын стæм уыцы адæмтæй. Ацы хабæрттæ ууыл дзурæг сты, æмæ хъæргæнæг дæр, куыд æмбæлы æмæ кæмæ æмбæ- лы, уыдонмæ æрвитын фæхъæуы. Ныртæккæ та телеуынæн, радио æмæ газеттæ афоныл хъусын кæ- нынц адæмæн зианы хабæрттæ. Зианы фынгыл дæр хъуамæ алчи йæ бынат зона æмæ æнæ хъæлæба кæнгæйæ рухсаг зæгъа æмæ сыста фынгæй афоныл. Дигорайы Бичерахтæм зи- аны сæмбæлдтæн къорд азы размæ æмæ дзы дис- саджы хорз æгъдæуттæ федтон. Дзыллæтæ сыз-
36 Уырымты-Хъуылаты Зоя мæлыдысты уыцы кæрты, фæлæ дзы кæуын æмæ, зианы уæлхъус чи ныхас кодта, æндæр никæй дзу- рын фехъуыстон. Адæм кæрæдзимæ цыма уайсадгæ кодтой. Фынгыл бадтысты сæ кармæ гæсгæ адæм, рухсаг-иу загътой æмæ сыстадысты. Афтæ кæрæ- дзийы ивгæйæ, æппæты фæстагмæ æрбадтысты лæггадгæнæг кæстæртæ, æмæ сын хистæртæ ра- кодтой уæлдай арфæтæ. Сидтытæ та уыдысты цыппар. Зæронд мæрдтæ мысынæн дæр ис хицæн бон- тæ, афтæ, хæсты быдыры нæ бæстæйы æмæ Иры- стоны сæраппонд сæ рæзгæ цард чи радта, уыдо- ны мах хъуамæ дон нуазгæйæ дæр мысæм. 24.03.94 Баитысæд сын Рагæй-æрæгмæ дæр мæ райгуырæн хъæу Бæ- рæгъуын фæсте никуы баззад уалдзæджы куыс- тытæй. Мæнæ та ныр дæр хъæуы цæрæг адæм хъазуатонæй бавнæлдтой сæ уалдзыгон куысты- тæм. Нана-иу афтæ дзураг уыд: «Уалдзæг фæдис у, фæззæг та — хæлоф». Нал феххæссы адæймаг уалдзыгон куыстытыл. Тынг куыстуарзаг адæм цæры нæ хъæубæсты. Бирæ дзы ис ног æрлидзæг адæм, суанг ма туркæгтæ дæр. Лымæнæй цæрынц, сæ куыст, сæ цин у иу. Хуыцау сын ахæм ахъаз- гæнæг уæд, æмæ æнустæм дæр куыд нæ фехæла уыцы лымæндзинад. Ныртæккæ ахæм хæдзар нæй, йæ цæхæрадон хуымгонд кæмæн не ’рцыд. Уый стыр æххуыс у хъæуы цæрджытæн. Хъæуы хицауад кæрæдзийы æмбарынц æмæ æмзондæй кусынц ацы вазыгджын рæстæг. Зæрдиагæй архайынц хъæумæ газ бауа- дзыныл. Ныртæккæ уал хæтæлтæ хъæуы астæу- мæ ’рхæццæ сты. Иунæг æдзæрæг хæдзар дæр дзы нæй, бирæтæ та аразынц ног цæрæн бынæттæ, са- ратæ, архайынц хъæуы рæсугьддзинадыл.
Мæ зæрдсе баззад уемæ... 37 Фарон хъæусоветы хицауæй равзæрстой Хъан- теты Викторы. Уый йæ куыст райдыдта, хъæуы астæуты цы уынгтæ цæуы, уыдон барæвдз кæны- нæй. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Нæ совхо- зы директор Быгъдаты Алик, Хъантеты Виктор æмæ иннæтæ архайынц фæллойгæнджыты до- мæнтæ æххæст кæныныл. Бантысæд сын сæххæст кæнын сæ хорз хъуыдытæ. 8.04.94 Фыддæр кæнынц Ацы нозты хабæрттæ æгъдауыл кæд уыдзысты ирон адæмы ’хсæн, уый нæ зонын. Цас фылдæр фыссæм æмæ дзурæм, уыйбæрц иуæй-иутæ та бо- нæй-бон фыддæр кæнынц. Уый мах, сæ алыварс чи ис, уыдоны аххос дæр у. Цыма сæ нæ уынæм, афтæ нæхи скæнæм, сæхи бар сæ ныууадзæм. Фæлæ кæд иæ рагфыдæлты æгъдæуттæм раздæ- хынмæ хъавæм, уæд хъуамæ нæ къуприты, кæм æмбæлы, ахæм бынаты сæвæрæм. Æрæджы нæ хæстæджытæй хорз зæронд ус амардис. Скодтой йын мæрдæхсæвæр. Агъуыст сылгоймæгтæй — йæ тæккæ дзаг. Диссаджы дзаг фынгтæ æрцарæзтой. Уалынмæ æртæ лæджы æрбахызтысты хæлар кæнынмæ. Радтой сæм фæйнæ агуывзæйы, æмæ дзы иу лæг дзурын бай- дыдта, йæ сæр-йæ фат нал æмбæрста, афтæмæй. Иннæ лæг æм бæргæ дзырдта, æгъгъæд у, адæм лæугæ кæнынц, уый уæддæр дзуры. Уæд иу зæ- ронд ус, доны кружкæ йæ къухы, афтæмæй ра- ныхас кодта, æмæ уыцы фыццаг дзурæг дæр ныхъхъус ис. Иннæ хатт та Мызуры мæ иннæ хæстæджы зианы уыдыстæм, æмæ цалынмæ адæм хæрнæ- джы бадтысты, уæдмæ бауадтæн уыцы корпусы ног зианджыны хæдзармæ. Афæстиат дзы дæн, æрæджиау рахызтæн хæдзарæй. Кæсын, æмæ
38 Уырымты-Хъуылаты Зоя фынгыл ничиуал бадт, æрмæст хистæр æмæ ма йæ дæле иу-цалдæр лæджы. Уæ цæстытыл-ма ауайын кæнут ахæм ныв. Уыцы бон адæм кæй зианмæ æрæмбырд сты, уый уыд къæдзæхы хуы- зæн лæппу, фæлæ уыцы фыдбоны нозты тых- хæй йæ цард цæмæй фæцис, уый адæм федтой. Иу бон раздæр мæ зæронд мадимæ, нуазгæ чи кæны æмæ дзы æфсис чи нæ зоны, ахæмты кой кодтам. Æз фидарæй загътон, арахъхъæй йæхи чи мары, ахæм адæймаджы зианмæ нæ ацæудзы- нæн, зæгъгæ. Æмæ дын нæм уыцы изæр æвзæр хабар æрбадзырдтой, райсом Мызурмæ цæуын хъæуы зианмæ, зæгъгæ. Мæ мад æхсæвы дæр нал бафынæй (88 азы йыл цæуы). Райсомæй нæ би- нонтæ, мад дæр немæ, афтæмæй зианмæ араст стæм Мызурыбынмæ. Мæ мад йæхи хойгæ, мах йæ фæдыл кæугæйæ, зианы размæ бацыдыстæм. Мæ цæссыгтæ мæн фæрсгæ дæр нæ кодтой, афтæ згъордтой мæ рустыл зианы тæригъæдæй æмæ йæ иунæг хойы хъарджытæй. Бирæ хæттыты фенын, уырдыглæуджытæн дæр нуазæнтæ кæй авæрынц. Æмæ зондæй, æгъдауæй фидар кæстæртæ лæугæйæ сæ дзыхмæ агуывзæ дæр не схæсдзысты, фæлæ дзы разыны лæмæгъ- дæртæ æмæ уыдон иуæй-иу хистæрты фæрцы банæхуыз вæййынц. Нæ зынаргъ хистæртæ, ма буц кæнут кæстæр- ты нуазæнтæй, сæ бахъахъхъæнын махæн нæ хæс у, бауадзут-иу сæ кæронмæ лæггад кæнын, хæ- дзармæ цы бирæ адæм æрæмбырд вæййы цин кæнæ зианы хъуыддаджы фæдыл, уыдонæн. Уыйфæстæ сыхбæсты æмæ хæдзары разындзæн ахæмтæ, нæ буц кæстæртæн чи раарфæ кæна. Ныр ма иу ахæм æнамонд хабар ис. Бирæ ирон лæгтæ цæрынц иугæйттæй. Кæмæн йæ къай фæ- зцан, чи та бадгæйæ баззад. Æз афтæ æихъæл дæн, æмæ уыдон æппындæр ницæуыл хъуыды кæпынц. Ирон адæмы нымæц къаддæр кæй кæны, уый сæм хъаргæ дæр нæ кæны. Ахæм æиæус лæгтæ сæхи
Мæ зæрдсе баззад уемæ... 39 хуызæттимæ амбырдтæ вæййынц куы иумæ, куы — иннæмæ æмæ афтæ нозтыл фæцалх вæййынц. Мыггаджы куывдтæ цы мыггæгтæ кæной, уыдон хъуамæ бæлвырдæй æрныхас кæной ацы фарста- йыл дæр — ирон лæджы раз тынг бирæ ахсджиаг хæстæ æвæрд ис, уæлдайдæр, абон. 26.04.94 Сыбыры дæллаг къæй баци Лæг фыдæбæттæн конд у, зæгъгæ, æвæццæ- гæн, мæ фыды хуызæттæм хауы. Йæхи куы бам- бæрста, уæдæй йæ амæлæты бонмæ куыст улæфт хуыдта. Æнæ исты кусгæйæ нæ фæрæзта. Мах дæр афтæ сахуыр кодта. Ахуыргонддзинад æм æртæ къласы уыд. Беккуызарты Чермен, зæгъ- гæ, профессор уыдис, æмæ-иу афтæ загъта, уагæ- ры ма, дам, Мишкамæ уæлдæр ахуыргонддзи- над куы уыдаид. Мæ фыд Уæлладжыры комы Цъамады хъæуы райгуырд 1892-æм азы. Æххæст уыдис алцæмæй дæр. Уататы Цетка, Хъайттаты Тъох, Уырымты Текка æмæ, дам-иу, Мишка цы хъазты нæ уыдысты, уый хъазтыл нымад дæр нæ уыдис. Мæ фыд-иу йæхæдæг афтæ дзырдта, чындзхæссæг, дам-иу, куы ацыдтæн, уæд, дам, хъазтæй иунæг минут дæр никæдæм цыдтæн, фынгыл бадынмæ та æпиындæр нæ тырныдтам, афтæ, дам, уарзтам кафын æмæ зарын. Нуазы- ны хъуыддаг нымад уыдис фæсивæды ’хсæн ху- динагыл. Уалынмæ хæххон адæмæн фæцис’ быдырмæ ралидзыны фадат. Нæ фыд æрбынат кодта Бæ- рæгъуыны. Райстой зæххы хæйттæ, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ хæдзæрттæ кодтой æмæ куы- стой колхозы. Тынг зæрдиагæй бавнæлдтой адæм сæ иумæйаг куыстмæ. Мæ фыд райдайæиæй кæ- ронмæ уыдис, колхозæн разамынд чи лæвæрд- та, уыдонимæ. Колхозонтæ куыд куыстой, хи-
40 Уырымты-Хьуылаты Зоя цауад дæр афтæ архайдтой, уæлдайдæр, рувæн- ты заман. Мæ фыд-иу æппæты разæй фæци рывд йæ хай. Æрмæст хъæдæй суг кæй фæласта, уый æгæр диссаг уыд. Ахæм хæдзæрттæ уыд, кæцы- тæн хъуыдис æххуыс кæнын. Стæй-иу мах дæр ме ’фсымæримæ, дыууæ студенты, куы ’рцыды- стæм, уæд-иу æхсæвы хъæдмæ ацыд æмæ-иу бричкæйы дзаг сугтæ Æрыдоны базары ауæй кодта мах тыххæй. Нæ мад æмæ нын-иу нана та хæринæгтæ барæвдз кодтой. Картофтæ, цæхдон, цыхт, хъæдуртæ, ссад. Нæ дыууæ дæр стипенди истам æмæ дзы дзæгъæлы ницы сæфтам. Æз, арахъхъ чи нызта æмæ тамако чи дымдта, ахæм студент нæ хъуыды кæнын. Цыдыстæм театр- мæ, киномæ. Мæ фыд хæдзар кæнынæн хъæдæрмæг ласта Црауы хъæдæй. Зæрдиаг æххуыс ын кодта йæ хо Лешкайы (мæ фыды фаззон) лæг Хестанты Бæбæ, Црауы цæрæг. Куыстуарзаг уыдысты. Нæ сыхаг Беккуызарты Дзби хæсты фæцис йæ рай- дайæнæй йæ кæронмæ. Бадтис уæзæгтæ ласæн машинæйыл. Хæст куы фæцис, уæд ын загътой, ацу, дам, ныр уæхимæ ацы машинæйыл æмæ йыл кус дæ уарзон колхозы. Куы ссыд, уый абоны хуызæн хъуыды кæнын. Чи цин кодта, чи — кæу- гæ. Йæ мад Гыцца (Гусон), кæд асæй гыццыл уыд, уæддæр Нарты Сатанайы хуызæн кадджын æмæ æгъдауджын уыд. Уый йæ лæппу Дзбийыл цингæнгæйæ куыдта, йæ хъарæджы йын дзырдта, йæ хистæр фырт То- тыры немыц кæй амардтой, коммунист кæй уыд, уый тыххæй, йæ кæстæр фырт Гаги та кæй фæ- мард хæсты быдыры. Фæлæ уæддæр.æгас чи баз- зад, уыдон цæрын хъуыд æмæ фосы куыст дæр кодтой æмæ зæххы куыст дæр. Хæстæгæй, æцæгæлонæй адæм кæрæдзийæн тынг æххуыс кодтой. Ууыл дзурæг сты бирæ ха- бæрттæ, мах сæ нæ сывæллоны бонты нæхæдæг нæ цæстытæй уыдтам. Æркæсут-ма ацы къаммæ, æртæ сыхаджы цы уарзон бадт кæнынц — Беккуы-
Мæ зæрдæ баззад уемсе... 41 зарты дыууæ æфсымæры — Дзби, Габе æмæ мæ фыд Уырымты Мишка. Мæ фыд ацы къамы дæр йæ фæрæт зæхмæ не ’руагъта, йæ дæларм æй ба- кодта. Абон махмæ цас хæринæгтæ ис, уымæй сæм фылдæр нæ уыд, фæлæ кæрдзын дæттын зыдтой æмæ йæ хæларæй сыхæгтимæ дæр хордтой. Æн- хъæлмæ нæ кастысты, сæ цæхæрадæттæ сын кæд бахуым кæндзысты, кæд сæ баласдзысты похцийæ æмæ хæххытæ кæд акæндзысты. Къæии, бел æмæ халамæрзæнæй куыстой, хæрæгæй та-иу похци ла- стой. Æмæ фæсарæнтæм мисхал дæр ницæмæ æн- хъæлмæ кастысты. Æрмæстдæр Дзбийы машинæ уыд нæ колхозы хæсты фæстæ бирæ азты дæр- гъы. Æз йæ чызг Фемиимæ ахуыр кодтон педин- ституты. Колхозы хъуыддæгты фæдыл-иу нæ фыдæлтæ горæтмæ куы цыдысты, уæд-иу нын истытæ слас- той. 1952-æм азы нын уыйбæрц сæнæфсиртæ æмæ харбызтæ сластой, раст æнæхъæн æмдзæрæны студентты фаг. Рæстæг цыд æмæ æрхæццæ 1937-æм аз дæр. Районы куыста Дзугатæй Мысост, æмæ иубон нæ фыдæн бамбарын кодта, цыдæр ныхæстæ цæуы æмæ тæссаг у æнамонд хабарæй. Мæ фыд йæ зæрдæмæ ахæм хъуыддагæй ницы хаста æмæ æнцад йæ царды кой кодта. Уалынмæ иубон цал- дæр лæджы гæрзтимæ æрбалæууыдысты æмæ йæ сæ разæй акодтой. Мах ма, йæ цыппар сы- вæллоны, йæ фæдыл бæргæ згъордтам, нæ па- пæйы нын кæдæм кæнут, зæгъгæ, нана та нæ фæдыл йæхи хонгæ, кæугæйæ уади. Абон дæр ма мæ цæстытыл уайы ,нæ рæсугъд, хæрзконд фыд фæстæмæ йæ сабитæм куыд фæкæс-фæ- кæс кодта æмæ нæм куыд дзырдта: «Уæ мад- мæ-иу хъусут, ахуыр кæнут». Нæ мад, йæ хæцъил дзабырты фæсал, афтæ- мæй бон урс ахæстонмæ згъордта, æхсæв та-иу хæринаггæнæгæй куыста трактористтæн Цæллаг- ты Салатимæ. Салат махæн тугхæстæг дæр æййæфта, хорз æххуыс кодта мæ мадæн уыцы
42 Уырымты-Хъуылаты Зоя уæззау рæстæг, тыхсын æй нæ уагъта, куыста-иу йæ бæсты дæр. Мах-иу мæ кæстæр æфсымæр Муратимæ арæх ацыдыстæм, нæ мад кæм куыс- та, уырдæм. Трактористтæ сæ дзулы хæйттæ фылдæр хатт махæн лæвæрдтой. Ныр кæй кой кæнын, уыдонæй уæлæуыл ничиуал ис. Сæ фыл- дæр хæсты быдырæй нал сыздæхтысты, рухсаг уæнт. Ахæстонмæ-иу хæринаг куы ласта нæ мад, уæд- иу махæй искæй ахуыдта йемæ. Æрыдойнаг ус Тогызты Марияимæ хорз базонгæ ахæстоны ду- армæ. Раздæр-иу чи ссыд, уый-иу иннæйы бæсты дур сæвæрдта рады. Урс ахæстоны раз Къубалтæй иу хæдзар цар- дис æмæ адæмы тæригъæдмæ гæсгæ сæ дуар æппындæр æхгæнгæ нæ кодтой. Адæм сæм сæхи тавынмæ цыдысты. Сывæллæттæн ма-иу исты хæринæгтæ дæр авæрдтой. Ахæстоны къуымтæм кæсынæй-иу нæ цæстытæ фæрыстысты, уæдæ кæд искæцæй нæ фыд разынид кæнæ та йæ хъæлæс райхъуысид, зæгъгæ, фæлæ алы хатт дæр фыдæн- хъæл кодтам. Нæ фыды куы ’рцахстой, уæд фыд- гæнджытæ дæр никæмæйуал тарстысты, йæ хис- тæр æфсымæр Биас большевик уыдис æмæ йæ фæстæрдыгæй æрбагæрах кодтой. Йæ бæх ма йын йæ мард хæдзарыл сæмбæлын кодта. Мæ фыд ца- лынмæ Сыбырæй сыздæхт, уæдмæ нæ зьгдта йæ æвирхъау хабар. Нæ хъæуы уæлмæрды йе ’фсы- мæры ингæныл куы бакаст, «1937-æм азы æвир- хъауæй фæмард», зæгъгæ, уæд йæ амæлæты бон- мæ агуырдта уыцы фыдгæнджыты, фæлæ ницы. Алы бон дæр афтæ кодта, æнæ уыцы фыдгæн- джыты базонгæйæ мыи мæрдты бынат нæ уыдзæн, зæгъгæ. Нæ фыд 1975-æм азæй 1982-æм азмæ хуыссæн- уаты уыд фылдæр. Иубон нæ мад сугтæ бахаста æ!угæ нæ фыд, цыма йæ разы исчи бадт, афтæ иы- хас кæны. Мæ мад æм дзуры, кæимæ дзурыс, ам куы ничи ис, уæд. «Мæнæ нæ уыныс, Биас æмæ Дзодзыримæ».
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 43 ...Куыддæр нæ фыды бавæрдтам, афтæ фыс- тæг райстам йæ хистæр æфсымæр Гæбисæй Сан- Францискойæ. Уыйразмæ папæйы нæ мад фарста, Гæбисы уынын дæм нæ цæуы, зæгъгæ. Уый йæ цæстысыгтæ æркалдта, куыд нæ, дам, мæм цæуы. Йæ царды фæстаг æхсæв æз мæ мадимæ бадтæн пецы раз æмæ ныхæстæ кодтам. Мæ фыд иузаман дзуры, уазал у, зæгъгæ. Йæ къæхтыл ын кæрц бамбæрзтам. Мæ мад ын агуывзæйы дзаг арахъхъ радта æмæ дарддæр бадæм. Цæмæндæр нæ хуыс- сæг нал ахста. Уæд дыууадæс сахаты фæстæ мæ фыдмæ кæсын æмæ йæ цыма цьгдæр дзурын фæн- ды, афтæ йæ галиу къух систа æмæ ма нын хæрз- бон загьта. Диссаг та куыд нæ у, æртæ æфсымæры йæм иумæ кæй «не ’рбацыдысты», уый. Афтæ та уымæн уыд, æмæ ма Гæбис æгас уыд, фæлæ йын рагæй дæр ницы зыдтам. 1937-æм азы мæ фыдæн æхсыны тæрхон куы хастой, уæд дзы Гæбисы кой дæр кæй уыд, уымæ гæсгæ папæ йе ’фсымæрæн дзуапп никуы радта фæсарæнтæм. Уыимæ ма махæн дæр тарст, ахуыры фæндагыл стæм æмæ нæ исты куы бахъыгдарой, зæгъгæ. Гæбис революцийы размæ Æрыдоны семи- нар каст фæцис æмæ Америкмæ алыгъд. Ноджы ахæм хабæрттæ дæр æрцыди, цыма нæ фьтд колхозы фæл- лой хæры æмæ ма адæмæн дæр æххуыс кæны. Стæй тæрхон аивтой 25 азæй. Папæ мамæмæ афтæ дзырдта тæрхондоны: «Тыхсгæ ма кæн, Беккуызарон, æз 25 азы 25 боны хуызæн арвитдзынæн». Æмæ иæ фьгд йæ ирон дарæсы Сьгбырьг дæллаг къæй баци. Фæс- тæмæ дзы хабар æрæгмæ цьгдис. Æгас уьгд, уьгй æнхъæл ничиуал уьгд, уальгнмæ Комийы АССР Ух- тайæ ньтффыста. Мах-иу цыппарæй иу чиныгыл æрæмбырд стæм æмæ ахæм бон нæ уыд, мæнæ ацьг рæнхъытæ ма бакæсæм: «Уазал фыд Сыбыр, Уд дзы сцыбыр, Нæй дзы цæрæл» æмæ афтæ дарддæр.
44 Уырымты-Хъуылаты Зоя Кæуынтæ-иу систам нæ хоимæ. Папæ куы сыз- дæхт, уæд-иу афтæ дзырдта, ахæстоны цы аху- ыргонд хорз лæгтæ бадтис, суанг ма фæсарæй- нæгтæ дæр, уыдон куы зыдтаиккат, уæд, дам, мæ хъуыды дæр нæ кодтаиккат. Бирæ хабæрттæ- иу нын нæ кодта, нæ рыст зæрдæтæ ма ноджы- дæр куы фæриссой, зæгъгæ, стæй йæхицæн дæр цас æнцон уыд сæ дзурын. Тынг хъаст кодта лаге- ры хицауадæй, æххормагæй, дам, адæм мардыс- ты, уæззау куыст кодтой бæгънæг æмæ æххорма- гæй уазалы. Мæрдтæ, дам, ныгæнгæ нæ кодтой, фæлæ сæ-иу гом сарамæ калдтой. Лагеры ахæм хæрзхаст хъæхъхъаг куыйтæ дардтой, æмæ-иу ахст лæг иуварс иу къахдзæф куы акодта, уæд-иу æй ныттыдтой. Иуахæмы мæ фыд тынг уæззау рын- чын фæцис æмæ йæ æрдæгмардæй аппæрстой мæрдтæм. Куыддæртæй куы ’рчъицыдта, уæд, дам, æй бамбæрстон, хорз ран нæ дæн, зæгъгæ, æмæ, дам, мæхицæн дзурын: «Мишка, лæджы сæр дæ бахъуыд». Фæйнæрдæм ахæцыд, цы мæрдтæ фæ- калдтой йæ уæлæ, уыдоныл, сбырыд сæ сæрмæ, фæлæ йæм йæ галиу фарс нал хъуыста. Йæ цæс- гомыл йæ къух æрхаста, æмæ цæст нæ гом кæны, къух æмæ къах нæ кусынц, дзых не ’хгæны. Йæ иу фарсыл йæхиуыл схæцы æмæ ницы. Уалынмæ та носилкæтыл кæйдæр æрбахæссынц æмæ, дам, мæн куы ауыдтой, уæд фæстæмæ фæтæхынц хъæр- гæнгæ, саутæй иу райгас, зæгъгæ. Ахст адæм ныххæррæтт ластой сарамæ, фел- вæстой йæ сæ къухты æмæ йæ æрбахастой хъарм- мæ. Лагеры хицауад æмæ дохтыртæ, дам, афтæ фæтарстысты, æмæ бамбæхстысты. Нæ ирон лæг- тæ та, дам, иуæй, фырцинæй куыдтой, иннæмæй та-иу афтæ ныккодтой, мæнæ нæ хæрзконд Миш- ка цыхуызæттæ ныццис. Бирæ хъизæмæрттæ федта цалдæр азы дæргъы Сыбыры. Мысыд æдзухдæр, ирон хорз лæгтæй дзы кæй бафснайдтой, чи дзы сыздæхт, уым чи баззад, уыдоны. Сæ иу уыд, уæлдæр цы Марияйы кой кодтон, уый лæг — Тогызты Темболат — Фы-
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 45 дыбæстæйы Стыр хæсты Советон Цæдисы Хъæ- батыр Хъауырбеджы фыд. 1983-æм азы 1 авгус- ты йæ иунæг лæппуйæн чындзæхсæв скодтам. Дыккаг бон нæм йæ чындзы хæстæг Габолаты Сергеимæ сæмбæлдысты Бæройты Михал (рухсаг уæд), Тогызты Хъауырбег æмæ ма иу сомихаг хорз лæг. Æз сын мæ нуазæнтæ куы радтон, уæд мæ Хъауырбег фæрсы мæхи мыггагæй. Куы йын загъ- тон, Уырымты Мишкайы чызг, зæгъгæ, уæд йæ цæстытæ доны разылдысты, сыстад æмæ мæ йæ хъæбысы ныккодта, уæдæ, дам, мæ хо куы дæ, зæгъгæ. Мæ фыдæн æгæр уæззау уаргъ скодта Хуы- цау. Царды алы рæстæг дæр ыл æвæрдта ног уаргь. Сыбырæй ма æрдæглæгæй ссыд. Доны агуывзæйæ ма дыууæ уидыджы дзаг йæ хъуырмæ цыд, иннæ та зæхмæ калд. Йе ’мсиахс æй аласта Мæскуымæ йæ хæдзармæ, уым æм зылдысты дохтыртæ. Нæ мады хо Недтæ та йæм хæринагæй касти. Цалдæр мæйы фæстæ йæ дохтыртæ рарвыстой нæхимæ, Ирыстонмæ, иугыццыл баулæфа, зæгъгæ. Немыц æрбабырстой нæ бæстæмæ æмæ ма цæй улæфт æмæ цæй æндæр. Фыццæгтимæ фæраст хæстмæ, кæд æй нæ уагътой, уæддæр. Æрыдонмæ фистæ- гæй цыдысты нæ районы алы хъæутæй адæм. Фæдис уыди, æмæ фæсте баззайын никæй фæн- дыди, уæлдайдæр та папæйы, æдзух разæй цæ- уын чи сахуыр. Хæсты рæстæг сæ иуахæмы цæфтимæ ластой Бакумæ госпитæлмæ. Йæхи ракуырдта хицауæй, мæ бинонты, дам, ауынон. Даргъ-Къохæй дыууæ лæдзæгимæ ссыд мах фенынмæ. Райсомæй та бæ- стæ фæдис ссис, немыц Æрджынарæгæй нæ, фæлæ Цыколайы ’рдыгæй æрхæццæ сты. Адæм хъæдмæ алыгъдысты, уæдæ цы уьгдаид. Йæхæдæг цæф- тæ, афтæмæй папæ Нанайы Урсдоны сæрты йе ’ккойы хаста. Немыц æрфарстой, хъæуы ахæм лæг чи у, адæм кæмæ байхъусдзысты. Бацамыдтой сын нæ фыды, æмæ йæм немыцæгтæ æрбацыдысты ирон лæгтимæ. Мæ фыд сын загъта, æз мæнæ
46 Уырымты-Хъуылаты Зоя æрдæг лæг куы дæн, мæнæй ма цæй хицау ис. Ирæттæн та бамбарын кодта, уæхи хъахъхтэæнут, адон куыд æрбацыдысты, афтæ фæстæмæ дæр ацæудзысты тагъд. Мæ фыды ма бæргæ агуырд- той, фæлæ уый хъæдмæ афардæг. Папæйыл 1937-æм азы цъыфкалæн чи кодта, уыдоны Хуыцауы бар бакодта, йæхæдæг та сын йæ арм фынгæн дардта. Нана-иу уыцы хабæрггыл загьд кодта, фæлæ-иу папæ загьта, уадз æмæ, дам, сæхæ- дæг сæхицæн тæрхон кæной. Немыцы алыгьды фæстæ ма колхозы фосæй, фæллæйггæй æрæмбырд кæнæн цы уыдис, уыдоны куыст кæнын байдыд- той. Хъæуы цы иугай лæгтæ уыдис, уыдон уайтагъд колхоз йæ къæхтыл слæууын кодтой æмæ ма иннæ хъæутæн дæр сæ бон æххуыс кæнын уыд. Нæ фыд уыцы рынчынæй æппындæр йæхиуыл нæ ауæрста. Красногоры колхозæй совхоз куы скодтой, уыцы заман хæдзарады хъуыддæгты сæргълæууæгæй куыста. Чысыл фæстæдæр мæ хистæр æфсымæр Тамерлан ссыд Казахстанæй æмæ уал рæстæгмæ акодта нæ ныййарджыты йæхимæ. Тамерлан уæд куыста наукон-куыстадон иугонд «Джезказганцвет- мет»-ы генералон директорæй, ныртæккæ та у Ка- захстаны хуызджын металлургийы президент. Нæ фыдмæ, куыстуарзаг адæймагмæ, хæдзары куысты- тæ фаг нæ кастысты æмæ-иу йæ фырты куыстуаты шахтæйы пълотникæй куыста. Афтæ куыста, æмæ- иу дзы хæдзармæ цæуын ферох ис. Æртæ азмæ ’ввахс фесты сæ фыртмæ, нæ сæ фæндыд уым цæ- рын, мысыдысты сæ хæдзар, Ирыстон. Ардæм куы цыд, уæд ын уыцы куысты пенси снысан кодтой. Уый кæмæдæрты хорз нæ фæкаст æмæ зилын рай- дыдтой, цæмæй зæронд лæгæн сæвæрой колхозон пенси. Мæ фыд уæд йæ хæсты цæфты гæххæттытæ радта, Æрыдоны горæтмæ-иу цы къамис æрцыд, уыцы ВТЭК-мæ, æмæ йын рацыд пенси, куыд хæс- ты инвалидæн. Цыбыр рæстæгмæ та та йæм ногæй фæдзырдтой горæтмæ ВТЭК-мæ, дæ гæххæттытæм, дам, дын ногæй æркæсæм, фыссынц, дам, дыл, хæ- сты инвалид нæ дæ, зæгьгæ. Афтæ, 1937-æм азæй
Мсе зæрдсе баззад уемсе... 47 фæстæмæ папæ кæйдæр фыдæвзагæй бирæ мæсты- тæ федта. Æз адæттæ уымæн фыссын, æмæ ирон адæмы кæрæдзийы нымайын кæй хъæуы, афтæ куы нæ уа, уæд ныл знаг уæлахиз кæндзæн. Æндæр, кæй цы хъыгдардта, цæрæнбонты æгуыстæй иу бон дæр чи нæ фæбадт, хæстæй къуылыхæй чи сыз- дæхт, уыцы лæг. Æмæ ма йын йæ пенси дæр дзырд- даг скодтой чидæртæ. Йæ мæлæты бонмæ ма дыууæ къуырийы куы хъуыди, уæд мæм фæдзырдта æмæ мын афтæ зæгъы, ныр, дам, мæ хъуыддæггæ ууыл ахицæн сты. Æз, дам, Сыбыры куы уыдтæн, уæд- дæр мын афтæ зын нæ уыдис. Ныр йæ фæллад уадзы йæ уарзон зæххыл йæ хистæр хъæбул Пæсæимæ. Амондджын уымæй у, æмæ, уыйас фыдæбæттæ фенгæйæ, йæ уарзон зæххыл кæй сæмбæлд. Кæд исчи царды мидæг йæ хæстæ уæлдайджы- нæй сæххæст кодта, уæд уыдонæй иу уыд мæ фыд дæр. Уыдон тынг уарзтой Советон Цæдис. Хуы- цау зæгъæд æмæ, сæ фæллад уæнгтæ кæй фæрцы айвæзтой, сæ туг кæй тыххæй ныккалдтой, уыцы Цæдис ногæй куыд сырæза, æмæ сæм мах куыд ныхъхъæр кæнæм уыцы хабар сæ ингæнтæм, Къо- ста афтæ куы фыста, хъæр мæрдтæм дæр хъуы- сы, зæгъгæ. Мах та, сæ кæстæр фæлтæр, уыдоны зæрдæхудты куы бацæуæм, уæд нын хæрам уы- дзæн сæ фæллой. 29.04.94 Цы ис уарзондзинадæй рæсугъддæр Ацы ныхæстæ фыссын Алетæйы æргом фыс- тæджы фæдьтл редакцимæ. Мæныл цæуы 63 азы æмæ æз афтæ хъуыды кæнын, ацы æрыгон чызг бонтон дзæгъæлы кæй æфхæры йæхи. Йæхи хъуа- мæ уыцы æнаккаг æфхæра, кæд ма йæм иугыц- цыл адæймаджы миниуджытæй исты ис, уæд. Мад æмæ фыдæн ды, сæ уарзон хъæбул, стыр зын
48 Уырымты-Хъуылаты Зоя скодтай, фæлæ цы гæнæн ис. Сдзæбæх уыдзысты æппæт хъæдгæмттæ дæр æмæ та къæвдайы фæс- тæ скæндзæн хур бон. Искуы иу хаттæй фæстæ- мæ æз æдзухдæр вæййын сылгоймæгты фарс алы хъуыддаджы дæр. Сылгоймаг тырны бинонты рæ- сугъд цардмæ — цæмæй, фыццаджыдæр, царды кæ- ронмæ дыууæ æмбалы кæрæдзийы æмбарой, алы бон лæг афтæ ма дзура: «Æз нæлгоймаг дæн, ды та — сылгоймаг». Алетæ, дæуæн нырма дæ цард разæй ис. Сæм- бæлдзынæ æцæг цардæмбалыл æмæ ферох кæн- дзынæ, дæ рæзгæ зæрдæйы хъуыдытæ æмæ фæнд- тæ дын йæ чъизи къæхты бын кæнынмæ чи хъа- выд, уыцы æнаккаг адæймаджы. Мауал æфхæр дæхи. Бацу дæ мад æмæ дæ фыды хæдзармæ. Мад æмæ фыдæн хъæбулæй зынаргъдæр ницы ис. Мауал сын риссын кæн сæ рыст зæрдæтæ. Дæ риуы тынг стыр хæлар зæрдæ кæй ис, уый бæрæг у дæ цæстуарзон ныхæстæй де ’мгар чызджытæм. Уый у тынг хорз адæймаджы миниуæг. Уыцы дыууæ лæппуйы та сæ «хъæбатыр» æмбалимæ фæсмонгонд фæуæнт. Цы зæгъон, нæ зонын, уыцы мад æмæ фыдæн, ахæм фырт чи схъомыл кодта. Афтæ æнхъæл дæн, æмæ уыдон дæр нæ фæнды, сæ фырт ахæм митæ кæна, уый. Цас рæсугъд хъуы- дытæ вæййы мад æмæ фыдмæ сæ хъæбулы цар- дыуаджы тыххæй. Хъыгагæн, иуæй-иу хатт нæ фæрæстмæ вæййынц, фæлæ уæддæр цард тох у æмæ тох кæнын хъæуы кæронмæ. 24.05.94 Рагон къампие дзурынц Ацы къам кæд ист у, уый бæрæг нæу. Сты дзы Беккуызарты бинонтæ. Астæуæй бады фыд Тек- ка, йæ фæйнæфарс — йæ фырттæ. Галиуырдыгæй фыццаг — йæ чызг Лазикка. Уый хæрз æрыгонæй чындзы ацыд Куырттаты коммæ, Талханаты Ел-
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 49 тагъанмæ, фæлæ дзы бирæ нæ фæцард. Йæ мой æмæ ма дыууæ фыййауы Хъызларæй фос сцæй- тардтой, мæхъхъæл сæ размæ бабадтысты æмæ сæ амардтой. Лизиккайæн Талханаты Елтагъанæй баззад иунæг чызг, æмæ йæ Холыстмæ йæ цæгатмæ æрба- хаста йемæ. Сæвæрдтой йыл ном Дарья. Уый ныр- тæккæ цæры Нартыхъæуы. Беккуызартæ Лазиккайы^ дыккаг хатт моймæ радтой Ксурмæ, Баскатæм. Йæ цардæмбал Черме- нимæ сын рантыст дыууæ лæппуйы æмæ æртæ чызджы. Чермен æмæ Лазикка кæрæдзийæн æгъ- дау æмæ аргъ кæнгæйæ бирæ азты фæцардысты Алагиры. Ныр сæ иу дæр нал ис, рухсаг уæнт. Лазиккайы цардæй бирæ цымыдисаг цаутæ æрхæс- сæн ис. Радзурдзынæн уын дзы иу. Баскатæ ма Ксурты куы цардысты, уæд кæимæдæр фæтуджджын сты. Иуахæмы тудж- джынтæ сфæнд кодтой сæ туг райсын æмæ бахъ- авыдысты тар æхсæвмæ, Баскаты мыггаджы лæг- тæ хохæй быдырмæ зæххы куыстмæ куы ацыдыс- ты, уæд. Лазикка Ксурты иу къуылдымыл йæ мойы хæдзары йæ дыууадæсаздзыд тиу Гæбыла- имæ иунæгæй аззад. Уалынмæ тар æхсæвы куыйты рæйын райхъуыст. Сылгоймаджы зæрдæ тасы æнкъарæнтæ ныххостой. Рæвдз топп аифтыгъта. Гæбылайы фосы раз кæвдæсы хосы бын анорс- та. Дæ сым дæр куыд нæ райхъуыса, зæгъгæ, йын бафæдзæхста, йæхæдæг кæрты кулдуар рах- гæдта. Уæдмæ фыдхæссæг уазджыты хъæлæба ссыд. Агуырдтой нæлгоймæгтæй искæй, Гæбыла дæр уæд, зæгъгæ. — Æз иунæг дæн. Нæлгоймæгтæ быдыры сты. Æмæ кæд сылгоймагимæ хæцын уæ сæрмæ хæс- сут, уæд рацæут! — райхъуыст сылгоймаджы барджын хъæлæс, стæй топпы гæрах ныццарауд- та хæхты. Уый Лазикка тæрсæн æмæ фæдисы æхст фæкодта. Йæхæдæг кæртмæ бахизæн йæ гуырæй ахгæдта, къухтæ фæйнæрдæм айтындз- гæйæ.
50 Уырымты-Хъуылаты Зоя Тугисджытæ, иуæй, сылгоймагимæ схæцын сæ сæрмæ не ’рхастой, иннæмæй, топпы гæрах æры- хъал кодта Ксурты иннæ къуылдымтæ дæр, æмæ адæмы фæдисы хъæртæ айхъусгæйæ сæ фæнд аив- той — лидзæг фесты. Фæлæ уæддæр æвыдæй нæ ныууагътой Лазиккайы. Йæ къухтæ куы фæхъил кодта, раст уæд æй æрбахстой, æмæ нæмыг йæ армы фæлмæны иннæрдæм ахызт. Баскатæ уæдæй фæстæмæ Гæбылайæн амары- нæй старстысты æмæ йæ Мæскуымæ ахуыр кæ- нынмæ арвыстой. Йæ сины саст фæрæстмæ — ра- уад дзы стыр ахуыргонд æмæ разамонæг. Бæрнон бынæтты куыста Норильскы æмæ Мæскуыйы. Хорз æй зыдтой Мæскуыйы æмæ бæстæйы раза- монджытæй бирæтæ. Уыд Ирыстоныл аудæг. Гъе, ахæм у, ацы къамы галиуырдыгæй фыццаг сыл- гоймаг Беккуызарты Лазиккайы цардæй иу цау. Мæлæтæй бахъахъхъæдта йæ тиуы. Къамы, фыд Теккайы рахизырдыгæй, Лазик- кайы фарсмæ лæууы йе ’фсымæр Ладе, фыды иннæ фарс — йæ иннæ фырт Дзæрæхмæт, ком- мунист. Немыц æй Алагиры æрбаййæфтой рын- чынæй æмæ йæ, колхозы бæрнон кусæг кæй уыдис, уый тыххæй амардтой. Кæронæй лæууы Евге. Фыд æмæ цотæй иу дæр æгас нал у. Мæрдты бæс- ты дзæнэеты бадæнт. Сæ фарн та сæфт макуы уæд. 25.06.94 Ма сæ рох кæнæм Цард æиæ хистæрæй нæ фидауы. Хистæр цы хæдзары нæй, уым æгъдау æмæ æфсарм дæлдæр сты. Фыдыбæстæйы Стыр хæст ирон адæмы тынг | бафхæрдта, йæ разагъды лæгтæй дзы бирæ бабын æмæ нæм зæронд нæлгоймæгтæ стæм сты. Иыр, нæ горæты, хъæуты цы ныхæстæ сарæзтам, уым алкæм дæр дзæбæх зондджын куырыхон лæгтæ
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 51 куы кусид, уæд сæ архайд бирæ ахадгæдæр уаид. Ныхасы хъæуынц ахæм нæлгоймæгтæ, кæстæртæ хъуамæ кæй дзырдæй æфсæрмы кæниккой, кæй куырыхон зондæй цæуиккой раст фæндагыл. Ны- хасы раджы дæр дзырддзæугæ лæгтæ бадтис æмæ ныр дæр хъуамæ афтæ уа. Равзæрстой дæ адæм, уæд кус, куыд æмбæлы, афтæ. Мæ фыд-иу афтæ дзураг уыд, кæд лæг нæ дæ, уæддæр лæджы кæс- тытæ кæн. Нæ рагон фыдæлты царды æгъдæуттæ нæ цæ- мæй рох ма кæной, уый тыххæй нæ, æвæццæ- гæн, фæзмын хъæуы, Туркмæ æмæ æндæр бæс- тæтæм цы ирæттæ афтыд, уыдоны. Æз афтæ æмбарын, æмæ Стыр Ныхасы уæнгтæ æмбырды фæстæ горæтæй сæ хъæутæм куы ацæуынц, уæд хъуамæ æрæмбырд кæной хъæуы адæмы æмæ, æмбырды цæуыл дзырдтой, уыдæттыл æрсагъæс кæной. Нæ хъæу Бæрæгъуыны Дзасохты Любæ æмæ Алиханæй уæздандæр æмæ зæрдæхæлардæр, æвæц- цæгæн, нæ уыдис. Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй се ’ртæ лæппуйæ иу нал сыздæхт, дыккаг тынг цæфтæй сæмбæлд йæ хæдзарыл. Фæцис педин- ститут, аспирантурæ, фæлæ уæззау цæфтæ сæ куыст кодтой, æмæ цæрынхъуагæй амард. Фыд Алихан æмæ кæстæр лæппу сæхимæ хъусыныл фесты æмæ уыдон дæр цыбыр рæстæгмæ фесæф- тысты. Ныууагътой Любæйы иунæгæй хæдзары, фæлæ ма йын Хуыцау уыцы хорз ракодта, æмæ йæ иунæг чызгæн хорз цот рахъомыл. Сæ нанайы тынг бирæ уарзынц æмæ йын стыр лæггæдтæ кæ- нынц, уæлдайдæр та Светæ. Фынæй дæр нæ бауы- дзæн, цы бон æй нæ фена, уыцы бон. Хорз ын лæггад кæнынц сыхбæстæ дæр. Бирæ лæггæдты, уæздандзинады аккаг у Любæ. Фæлæ та ацы азы уалдзæг дæр йæ цæхæрадоны гæппæл æхцайыл хуымгонд æрцыд. Мæ цæстытыл ауадысты Лю- бæйы æртæ лæппуйы. Уыдон тракторæй нæ, фæлæ белæй дæр скъахтаиккой Любæйы хуызæн адæй- маджы цæхæрадон.
52 Уырымты-Хъуылаты Зоя Совхозы механизатортæ ацы зæронд усы цæ- хæрадон куы бахуым кодтаиккой, уæд æй æндæр искæмæн æхца фидын нæ бахъуыдаид. Ахæм иугай зæронд адæймæгтæм хъуамæ хъæуты Ныхасы уæнгтæ сæ хъус дариккой. Æнæмæнг, Любæйы хуызæттæн хъæуы лæггад кæнын. Хистæр буц даринаг у. Цас зæрдæхæлардæрæй йын балæггад кæнай, уыйас дæуæн, кæстæр адæймаг, дæхи кад дæр бæрзонддæр уыдзæн. 09.07.94 Хæзнаты хæзнадæр Нæ ахуыргонд лæгтæ рафысс-бафысс кæнынц, кæддæр цы уыдис, уыдæтты тыххæй. Къоста загъта: «Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз». Æмæ уый, æвæццæгæн, мах рæстæгмæ дæр хауы. Марды æгъдæуттæ æмæ иннæ хабæртты тыххæй бирæ фыст æмæ дзырд цæуы. Тынг хорз хъуыдытæ фыссынц хистæр адæм ацы фарста- тыл, кæд сæ фылдæрмæ уæлдæр ахуырад нæй, уæддæр. Ирыстоны хъæуты ирон æгъдæутты тыххæй дзырдæуы рагæй. Мæ райгуырæн хъæу Бæрæгъуыны 80-æм азты бауынаффæ кодтой, зианæн æртæ сабатизæры, дыууиссæдзæм бон нал кæнæм, зæгъгæ. Фæлæ æртыккаг сабатизæр лæг- ты дæр æрхонынц. Раст зæгъын хъæуы, фæндаг- гæттæ аивтой, стæй чындзæхсæв дæр æгъдауыл арæзт цæуы. Тынгдæр мæ зæгъын фæнды нæ хъæуы фæ- сивæды тыххæй. Цыфæнды хъуыддаджы дæр сæ лæггад кæнынмæ ничи амбулдзæн. Ныртæккæйы уæззау рæстæг искæмæн æххуыс кæнын куы бахъæуы, уæд æмхуызонæй февналынц æмæ ,срæвдз кæнынц алцыдæр. Цæуылнæ кувой хъæуы адæм ахæм кæстæрты цæрæнбонмæ. Нана махæн афтæ дзураг уыд: «Мæрдты ме знæгтæ цæрæнт, æз уæлæуыл цы ацæрон, уый мæхи.
Мсе зæрдсе баззад уемсе... 53 Уым ма хæргæтæ æмæ нуазгæтæ куы кæниккой, уæд мæгуыр нæ уаиккой. Куы амæлон, уæд-иу мын мæ ныгæнæн бон хорз хист скæнут, стæй афæдзы хист». Мæ фыд дæр йæ мæлыны размæ фæдзæхста, дыууиссæдз боны æмæ мын мæр- дæхсæвæр ма скæнут, нæ фыдæлтæ, дам, нæ кодтой. Æнæмæлгæ дуне нæй æмæ алцыдæр æгьдауыл куы кæнæм, уæд хуыздæр уыдзæн. Цард кæд фæуæззаудæр, уæддæр афтæ æвзæр нæу. Акæ- сæм-ма, нæ горæты цыхуызæн машинæты нæ ра- тæх-батæх кæнынц лæппутæ, адæм куыд тынг арæзт сты уæлæдарæсæй, уæлдайдæр та сывæл- лæттæ. Бæргæ, цард бонæй-бон хуыздæр куы кæ- нид æмæ адæм æппындæр хæлоф куынæуал кæ- никкой, алцы голлæгтæ æмæ къоппытыдзæгтæй куынæ æлхæниккой хæлофæй, фæлæ раздæры хуызæн кплограмгай. Ныр алы хæдзар дæр скълады хуызæн у, бирæтæн ссады голджытæ амадæй лæ- ууынц. Æмæ цæмæн хъæуы зыд кæнын, фæл- тау кусæм, сæудæджер ныууадзæм, æмæ сабыр- гай цард йæ гаччы сбада. Бирæтæ нын нæ цардмæ хæлæг дæр кодтой, Ирыстоны, дам, алцыдæр ис, йæ адæм дæр, дам, куыд хæларæй цæрынц. Фæлæ нæ мæхъхъæлы агресси тынг бахъыгдардта, æфхæрд æмæ лидзæг адæм сбирæ сты. Цы гæнæн ис, цыфæнды зынæй дæр фæразын хъæуы, цас кæрæдзиимæ æнгомдæ- рæй цæрæм, уыйас нæ иудзинад тыхджындæр уыдзæн. Нæ фыдæлты æгъдæуттæ та нæ афтæ æххæст кæнын хъæуы, æмæ нын царды пайдайаг чи у, уыдон нæ кæстæртæн хъуамæ амонæм авдæ- иæй фæстæмæ. Æппæт хæзнаты хæзнадæр мадæ- лон æвзаг у, æмæ райдайæм уымæй. Стæй — æгъ- дау æмæ фæллой. Карз нозтмæ хъуамæ фæсивæ- дæй иу дæр æмхиц ма уа, сыхаг сыхаджы уарза, бинонты хъæуы хæларæй цæрып, хистæр уа кад- джын бынаты æвæрд. 15.07.94
54 Уырымты-Хъуылаты Зоя Зæронд къамтæ дзурынц Ирон лæппутæ паддзахы заман дæр цыдысты æфсадмæ. Мæнæ къамы ацы лæппутæ 1913 — 14- æм азты уыдысты хъазахъхъаг сидты. Адон Уæлладжырæй рараст кодтой æфсадмæ æмæ бирæ лæгдзинæдтæ равдыстой, се ’ппæт дæр хæрзиуджытимæ ссыдысты. Къам мын радта Æмбалты Алыккайы хо. Хуыдæлты Хечъа уыцы рæстæг уыд Грознайы æхца кусынмæ æмæ йæ хъус- тыл куы ’рцыд, лæппуты Уæлладжыры комæй æфсадмæ кæнынц, уæд ма цæй æхца æмæ цæй куыст. Æрхоны бамидæг æмæ, куыд уынут, афтæ æфсадмæ ацыд. Хечъа архайдта æртæ хæсты. Фыдыбæстæйы хæсты уыдис йæ фырт Мишаимæ. Ахæм лæппуты лæгдзинæдты тыххæй бирæ хорз хабæрттæ фыссæн ис. 8.10.94 Мады хойсе мады ад цсеуы Уæдæ цæй раст загътой нæ рагон фыдæлтæ, мады хойæ мады ад цæуы, зæгъгæ. Махæн иæ ма- дæн иунæг хо ис — Недтæ. Ныр ыл цæуы цыппа- рыссæдз азæй фылдæр, фæлæ ма йын йæ хорз миниуджытæм æрыгæттæ бæгуы бахæлæг кæник- кой. Цыппар уыдыстæм æмæ йæ нæ мадæй фыл- дæр йеддæмæ къаддæр нæ уарзтам. Ныртæккæ дæр æм æнхъæлмæ фæкæсæм, кæд та ссæудзæн, кæд æй феидзыстæм, гыццылæй йæм куыд æнхъæлмæ кастыстæм, уымæй тынгдæр. Недтæ йе ’фсымæр Дæцыгоимæ революцийы фæстæ ахуыр кæныпмæ æрвыст æрцыд Мæскуымæ æмæ уым цæргæйæ баззад. Йе ’мкъай уыд Акъоты Матвей. Нæхицæн иæ мад 1937-æм азы йæ зæронд ныййарæг Ами- нæт æмæ махимæ, йæ цыппар æнахъом сывæлло- нимæ, куы баззад, нæ фыд Михалы Сыбырмæ ахæссыны фæстæ, уæд Нсдтæ йæхи дзулæй дæр
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 55 нал æфсæста, уæдæ кæд бæгънæг æмæ æххормаг стæм, зæгъгæ. Уыцы хорздзинæдтæн бафидæн нæй. Недтæ-иу нын ног дзаумæттæй уæлдай æрвы- ста зæронд уæлæдарæс дæр. Æз-иу сæ Нанаимæ куыд æмпъызтон, уый мæ ныр дæр рох нæу. Иуахæмы Недтæ сæрвыста саст зонтыкк, Нана дзы мæнæн юбкæ бахуыдта, æмæ скъолайы ме ’мбæл- ттæ мæнмæ хæлæг кодтой. Нæ мады хо кæд Мæскуыйы цæры, уæддæр, ирон адæймагыл царды мидæг цы хæстæ æвæрд ис, уыдон сыгьдæгзæрдæйæ æххæст кæны. Уыдон йæ къай Матвеимæ сæхицæн нæ цардысты, фæлæ сæ бон куыд уыд, уыйбæрц æххуыс кодтой алкæ- мæн дæр, уæлдайдæр та, Матвейæн йе ’фсымæр- ты 1937-æм азы куы ’рцахстой, уæд уыдоны би- понтæн дæр. Ахæм сывæллон дзы нæ уыдис, кæй нæ барæвдыдта, ахуыры фæндагыл кæй нæ са- рæзта. Матвей тынг фæлмæн лæг уыдис.æмæ мæрдты кæд исты ис, уæд нæ бацауæрддзæн хæрз- мæ аудыныл. Къорд азы размæ журналист Хъуылаты Чермен (рухсаг уæд) тынг хорз уац ныффыста Акъоты Матвейы тыххæй, «Æмæ йыи акувынц сæ сæртæй», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Æрмæгимæ уыд йæ къам Дзæрæхохты Хадзымуратимæ. Ацы аз 6 авгу- сты «Рæстдзинад»-ы æнцойбоны фарсыл уыд зæ- ронд къам. Къамы ис Матвей. Уæд уый уыд æры- гон командир, къамы дæр бады йе взводимæ — 19 ирон лæппуимæ. Къамыл фæсте Матвейы къухæй фыст ис афтæ: «Комсостав осетинского учебного пупкта допризывников 1907 года рождения. Сни- мок сделан в 1927 году». Матвейы къамтимæ ма ис 1925-æм азы ист къам — Краснодары бæхджын æфсады скъолайы 4-æм рауагъд. Уым сты Плиты Иссæ æмæ ССР Цæдисы маршæл Гречко дæр. Нæ хистæр фæлтæры гуыргъахъ фæндæгтæм æркæс, уæд дзы бирæ куырыхон лæгтæ уыд. Уыдо- нæй иу уыд Акъоты Матвей дæр. Уый суанг йæ амæлæты бонмæ уыдис рæстдзинадыл тохгæиæг, фæлмæн æмæ зæрдæхæлар, чи йæ зыдта, уыцы
/ 56 / Уырымты-Хъуылаты Зоя 7 адæм æй бирæ уарзтой. Сывæллоны бонтæй йæ царды кæронмæ йæ хъарутæ радта советон цар- дыуаг аразыныл. Тох кодта хъазуатонæй, нæ цард нын чи хæлдта, уыцы знæгтимæ, лæгдзинад хъуаг нæ уыд. Ууыл дзурæг сты йæ хæрзиуджытæ æмæ йæ хæцæнгæрзтæ Ирыстоны бæстæзонæн музейы. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайдта йæ райда- йæнæй йæ кæронмæ. Нæ райдзаст стыр бæстæйы алы къуымты йын уыд зонгæтæ æмæ семæ кодта æфсымæры цард. Бирæ хæстон хабæрттæ нын-иу дзырдта æмæ уын дзы æз дæр иу хабар ракæнон: иу немыцаг афицер æй уæззау цæф фæкодта хæс- ты. Матвей, йæ туг калгæйæ, йæ диссаджы бæ- хыл уыциу скъæрд бакодта, ассæста знаджы йæ бæхы къæхты бын æмæ йæм куы рагæпп кодта йæ даргъ æхсаргардимæ, уæд немыцаг йæ дзып- пæй йæ ус æмæ сывæллæтты къам фелвæста. Мат- вей къам куы ауыдта, уæд йæ къух æхсаргардимæ фæстæмæ æруагъта. Уыцы заман командирмæ æрбазгъордтой нæ салдæттæ, сæ къухтыл æй аха- стой, немыцаг та — дæ фыдгул афтæ бауæд. Къам Матвейæн йæ къухы баззад, æмæ хæстæй куы ссыд, уæд æй махмæ дæр равдыста. Хæсты фæстæйæ йæ амæлыны бонмæ Матвей куыста, парти йæ кæдæм æрвыста, уыцы бынæт- ты. Алы ран дæр-иу адæмимæ афтæ арæхст, æмæ- иу æй кæстæртæ сæхицæн фыд хуыдтой. Йæ къай Недтæимæ хæларæй фæцардысты. Сæ кæрдзын, сæ цæхх æнæзонгæтæн дæр хæлæг нæ кодтой. Мæскуыйы сæ фатер иунæг æхсæв дæр æнæ уазæг никуы уыд. Недтæ бирæ фæкуыста СЦТА-йы дæр. Ахæм фырнымд, фæллойуарзаг уыдис, æмæ-иу бирæ вазыгджын фарстатæ уымæн бабар кодтой. Рахъомыл сын хорз цот — æртæ лæппуйы æмæ чызг. Фæлæ амæндтæ аразæг Хуыцау у. Хистæр дыууæ лæппуйы амардысты, Сослæнбег (Бек) цал- ’дæр мæйы размæ ахицæн. Мах дæр ын йæ зианмæ Ирыстонæй атахтыстæм. Зæрдæ куыд нæ скъуы- ди Недтæйы хъарджытæй йæ хъулон лæппуйыл. Æртæ боны дæргъы Мæскуыйы ирон адæм къа-
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 57 хихсыд баисты Акъотæм. Афтæ мæм каст, цыма зиан Ирыстоны ис. Недтæ æмæ Бек асæрды мæ мадмæ рынчын- фæрсæг ссыдысты. Мæ мад дзургæ нал кодта, фæлæ адонмæ йæ цæстыдзагæй ракаст æмæ сдзыр- дта. Иннæ бон та Казахстанæй мæ хистæр æфсы- мæр стахт фæдисы, æмæ уæд нæ мад бынтон сыгъ- дæг дзурын райдыдта. Бек мæ мады разæй æддæ- мæ нæ цыдис, афтæ тынг ын лæггад кодта, раст цыма йæхи мæлæт зыдта. Нæ куымдта Мæску- ымæ, афтæ-иу фæкодта: «Æз ардыгæй никæдæм цæуын, ам ныр хорз у». Ирон зæххæй йæ цæуын кæй нæ фæндыд, уымæ гæсгæ йын аластам немæ ирон фæлмæн сыджы- тæй армыдзаг. Бирæ алыхуызон адæмтæ æрæм- бырд Недтæйы алыварс ахæм уæззау бон, фæлæ мæ уæддæр фæнды бузныг зæгъын Мæскуыйы цæрæг ирон адæмæн. Амæлæн дын ма уæд, ирон лæг, уыйбæрц зонд, хъару æмæ æгъдау кæмæ ис! Ардыгæй фæстæмæ хъуысæнт Ирыстонмæ сæ цин- дзинады хабæрттæ. Райстой зианы хъуыддæгтæ сæхимæ. Се ’ппæты чи фæнымайдзæн, фæлæ дзы иукъорд лæппуйы мыггæгтæ æнæ зæгъгæ нæй: Айларты Ибрагим, Торчынты Алик, Сидахъты Зауыр, Милдзыхты Юри, Акъоты Сашæ æмæ æндæртæ. Недтæйæн ма иунæг лæппу ис, Аслæнбег (Алик), йе ’мбал Тиминæ, Дзапарты Макар (рух- саг уæд) æмæ Зинæйы чызг. Тиминæ хорз адæй- маг кæй у, уый ныронг дæр зыдтам, фæлæ ацы зыпдзинады йæ хорз удыхъæд бынтон рабæрæг. Мах, хнонтæ æмæ дзæбæх зонгæтæ, стыр арфæтæ кæнæм канд йæ цæгат Дзапартæн нæ, фæлæ æнæхъæи Къостайыхъæуæн дæр. Тиминæйы хуы- зæн кæстæртæ уæм фылдæр уæд. Мæскуыйы ирон адæмæн дæр макуыуал фæриссæд сæ зæрдæ. Нед- тæйы кæстæртæ та сымахæн циндзинæдты лæг- гадгæнæг уæнт. Мæскуыйаг ирæттыл искуы куы амбæлыи, уæд сæ афæрсын Недтæйæ. Уыдон æхсызгон худт ба-
58 Уырымты-Хъуылаты Зоя кæнынц æмæ фæзæгъынц: «Уый та чи нæ зоны, æрмæст йæ ирон бæгæны æмæ уæливыхтæн дæр аргъ куынæ ис». Гъемæ нæм фылдæр уæд ахæм хæрзуд хистæртæ, сæ кæстæрты цин æмæ амондæй æфсæст уæнт. 16.11.94 Уыд нæртон куывд Хъуылатæм Нæ фыдæлты æгьдæуттæ ма кæй бон бауыдзæн раздахын, фæлæ сæ уæддæр цæмæйдæрты фæз- мын байдыдтам, æмæ уый хорз у. Хъуылаты мыг- гаджы куывды тыххæй мæ фæнды зæгъын иу- дыууæ ныхасы. Æз мæ Нанайæ арæх хъуыстон: «Хъуылатæ хорз мыггаг сты, ис сæм зондæй дæр æмæ хъаруйæ дæр стыр куырыхон лæгтæ». Сæ мыггаджы куывд уыдис Æрыдоны Хъуыла- ты Васик æмæ Заремæйы хæдзары. Тынг хорз ба- цæттæ кодтой утæппæт адæмы æрæмбырд кæнын- мæ. Стъолтæ тасыдысты алыхуызон хæринæгтæй, нозтæй. Хъуылаты хистæртæ Савели, Хъазыбег æмæ Дебола æрбахуыдтой хъæубæсты кадджын хистæр Уырымты Берды. Хистæрæн æй сбадын кодтой. Мыггаджы тыххæй сидт куы рауагъта, уæд ахæм дзæбæх ныхæстæ кодта, æмæ йæм куывды адæм цымыдисæй хъуыстой. Мыггаджы куывдтæ кæнын куынæ уагътой, уæддæр ма Хъазыбег æмæ Михалы къухты баф- тыд мыггаг æрæмбырд кæнын Заводы поселокмæ Хъуылаты Аслæнбеджы хæдзармæ. Ацы дыууæ лæгмæ тынг бирæ хорз фæндтæ уыдис æмæ сæ къухьт æфтгæ дæр бакодтой. Мыггаг кæрæдзийы базыдтой Цæгат Иры æмæ Хуссар Ирыстоны. Дыгургомы Хъуылатимæ хорз зонгæ нæ уыдыс- 7ы, фæлæ ныр кæрæдзиимæ иу бинонты цард кæ- нынц. Бирæ æрмæг æрæмбырд кодтой мыггаджы равзæрды тыххæй æмæ йыл дарддæр дæр куыст цæуы. Хъуылаты фæсивæд чызгæй, лæппуйæ
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 59 æрттывдтытæ кодтой, сæ хистæрты зæрдæ сæ уын- дæй рухс кодта. Нæртон уыд сæ бадт. Фысым- тимæ дзы тынг балæггад кодтой Æрыдоны фæси- вæдæй иукъорд, сæ цæрæнбон бирæ. Куывды æв- зæрст æрцыд цалдæр лæджы, сæ сæргъы Хъазы- бег, афтæмæй. Уыдон афæдзы дæргъы кусдзыс- ты, мыггаг ахсджиагдæр цы фарстатæ ныммайы, уыдоныл, зæгъæм, зардлсыты æмæ кафджыты къордтæ саразын; мыггаджы нымæц фылдæр кæ- ныныл архайын; фæсивæды ахуыр æмæ фæллойы фæндæгтыл аразын; мыггаг сæхи мидæг дæр, стæй, цы сыхты ’хсæн цæрынц, цы адæмтимæ кусынц, уыдонимæ хæлардзинад фидардæр кæныныл баку- сын; мадæлон æвзагæн аккаг аргъ кæнын... Мыггаг кæрæдзийы куы зоной, куы уарзой, адæмимæ хæларæй куы цæрой, уæд дзы фылдæр уыдзæн номдзыд Дзерассæтæ, Бадзитæ, Елхъантæ, Созырыхъотæ, Черментæ æмæ Мулдартæ. Диссаг мæм фæкаст, ахæм нæртон куывды утæппæт адæ- мы ’хсæн расыгæй кæй никæй бафиппайдтон. Чи зоны æмæ, фылдæр аназын кæмæ цыд, ахæмтæ дæр дзы разындаид, фæлæ алчидæр архайдта йæ мыггаджы астæу йæхи рæсугъдæй равдисыныл, æмбæрстой, хæрын æмæ нуазынмæ кæй не ’рæм- бырд сты, фæлæ цæмæй бæлвырд æрныхас кæ- ной царды вазыгджын фарстатыл, уæлдайдæр та, пæ кæстæрты сомбоныл. Чи балæггад кодта мыггаджы куывды, уыдонæн адæм зæрдиаг арфæтæ ракодтой æмæ хъазгæ-худ- гæйæ сæ фæрныг хæдзæрттæм ацыдысты. Уынаф- фæ рахастой иннæ аз дæр та ахæм куывд скæнын Æрыдоны Васик æмæ Заремæйы хæдзары. Кæй равзæрстой, уыцы лæгтæ та уæдмæ æппæт фарста- тæ дæр бацæттæ кæндзысты, куыд æмбæлы, афтæ. Хуыцау зæгъæд, цæмæй æнустæм Ирыстоиы адæмæн сæ бон сæ фæллойæ уа куывдтæ кæнын, фылдæр хъуысæнт сывæллæтты худыи, фæсивæ- ды къæрццæмдзæгъд æмæ зарæг. N.12.94
60 Уырымты-Хъуылаты Зоя Бутиан Пали йæ хуынимæ Хæдзары циндзинад куы вæййы, æмæ исчи хуын куы ’рбацæйхæссы, уæд æхсызгондзинадæн кæрон нал вæййы. Цы рæсугъд æгъдæуттæ нæм уыдис æмæ цы фесты? Мах ма гыццылтæ куы уыдыстæм, уæд алчидæр хуыны тæбæгъимæ цыд циндзинадмæ. Хъæуы уынгтæ-иу суанг сихорæй изæрмæ хуындзæуттæй нæ цух кодтой. Хуынти- мæ цыдысты æндæр хъæутæй дæр. Хъæуæй-хъæумæ хуындзаутæ цыдысты брич- кæтыл. Æрыдоны не ’рвадæлты лæппу Уырымты Тæтæрхъан ус куы ’рхаста, уæд сæм мæ мад æмæ мæ фыд Бæрæгъуынæй бричкæйы дзаг хуындзæут- тимæ æрбацыдысты. Æз уæд горæты пединститу- ты ахуыр кодтон æмæ горæтæй ме ’мбал чызгимæ ныццыдтæн. Куыд хорз чындзæхсæв уыдис. Æх- сæв-бонмæ хъазты къæрцц-къæрцц Æрыдоны кæ- рæттæм дæр хъуысти. Бæрæгъуыны Урсдоны был цардысты Беккуы- зарты Хамырзæйы бæзджын хæдзар, Пали та уыдис Бутиан, Хамырзæйы уазæгуарзон æфсин. Къамæй дæр бæрæг у, цавæр æфсин уыди, уый. Мæ Нанаи- мæ-иу алы бон дæр бадтысты æмæ ныхæстæ код- той. Ацы къамы Пали йæ хуынимæ лæууы Беккуы- зарты Дзбийы кæрты. Сæ чызг Феня уæд чындзы цыд. Палийыл уæд, 1970-æм азы, цыдис 80 азæй фылдæр, æмæ-ма йæм æркæсут, цы дзæбæх ирон зæронд ус у, уымæ. Амард 1993-æм азы. 17.12.94 Беккуызарты хсестон æфсымæртæ (Уæлахызы 50 азы бонмæ) Октябры революцийы фæстæ хур йæ цалхы- дзагæй æркаст хæхбæсты цæрæг зæхкусæг адæм- мæ. Фæцис сын фадат хохæй быдырмæ ралидзы-
Мæ зæрдæ баззад уемсе... 61 нæн. Беккуызарты Хъазджери æмæ Сæниат дæр 1922-æм азы Холыстæй ралыгъдысты Урсдоны былмæ. Уыцы ран хъæу схуыдтой Бæрæгъуын. Ам æрцардысты Уæлладжыры комæй, бирæ æн- дæр хъæутæй дæр: Æрхонæй, Дæйыхъæуæй, Ну- залæй, Цъамадæй, Бадыхъæуæй... Цардысты æмæ цæрынц хъæубæстæ абон дæр иу хæдзары бинон- ты хуызæн. Сæниат кæд Хъазджерийæ æхсæрдæс азы кæстæр уьгд, уæддæр фæцардысты тынг хæ- ларæй. Рацыдис сын фондз лæппуйы: Гаппо, Геор, Тæтæрхъан, Таймураз, Алыксандр æмæ дыууæ чыз- джы — Нинæ æмæ Оля. Мæ Нана-иу æдзух афтæ дзырдта: «Хъаздже- рийы хуызæн рæхснæг, хæрзконд, кафаг æмæ за- раг лæппу нæ комы нæ уыдис». Сæниат Хъæрæца- тæй уыдис, фæндырдзæгъдæг. Хъазджерийы фыд Хæдæхцæн ма уыдис дыууæ æфсымæры — Афæхъо æмæ Мæцыхъо. Уыдысты Цомайты хæрæфырттæ. Хæдæхц æрхаста бинойнаг, Цогойты чызджы. Уыдис сын дыууæ лæппуйы, Тасолтан æмæ Хъаз- джери. Тасолтан куы рахъомыл, уæд каст фæци семинар æмæ сси зындгонд революционер. Сæ фæ- стæ та ма уыдис цыипар чызджы. Цогон амардис* æмæ Хæдæхц æрхаста Хъæрæцаты Дзегонайы. Уый дæр ма йын балæвар кодта дыууæ хорз лæппуйы — Адылджери æмæ Сабазджерийы. Сабаз куыста оргæнты, Адылджери та уыд журналист. Хъазджерийы хæдзар абон дæр æнæхъæн у Бæрæгъуыны. Афæхъойы цотæй ма чи ис, уыдон азндæр рæтты цæрынц. Мæцыхъойы бинонтæй ма хъæуы цæры Гагийы бинойнаг Зæлу йæ цотимæ. Ацы хæдзарвæндагæй Фыдыбæстæйы Стыр хæс- ты архайдтой æвддæсæй, цыппарæй дзы нал сыз- дæхтысты, иннæтæ та ссыдысты цæфтæ æмæ рын- чынтæй. Хъазджерийы хæдзар мах хæдзары тæккæ фар- смæ лæууы. Цардысты зæрдæрухсæй æмæ хъо- мыл кодтой сæ авд сабийы. Хъазджери бирæ уар- зта зæххы æмæ фосдарыны куыст æмæ йæ цоты дæр ууыл ахуыр кодта. Скъолайы ахуырмæ дæр
62 Уырымты-Хъуылаты Зоя тынг рæвдз уыдысты. Сæ хистæр лæппу Гаппо сахуыр кодта ахуыргæнæджы дæсныйадыл æмæ куыста нæхи хъæуы скъолайы. Арæхстджын кæй уыд, уымæ гæсгæ йæм парти фæдзырдта æхсæ- надон куыстмæ, уыд хъæуы хицау, колхозы парторг. Адæмуарзон, хъæуы куырыхон лæг у. Кæд ыл азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр йæхи иу хъуыддагæй дæр нæ ласы. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты активон архайæг йæ цардыл нæ ауæрста, цæмæй знаг тагъддæр сырд æрцæуа рай- гуырæн Советон бæстæйы арæнтæй. Архайдта партизанты къорды. Немыцы Цæгат Кавказæй куы тардтой, уæд Гаппо дæр æфсадимæ знæгты сургæйæ суанг фæсарæйнаг бæстæты балæууыд. Ис æм хæрзиуджытæ: Фыдыбæстæйы стыр хæс- ты П-аг къæпхæны орден æмæ майдантæ. Цар- ды, куысты — алы ран дæр уыд фæзминаг. Иннæ æфсымæр Георы хæст æрæййæфта æфсады рæн- хъыты, æмæ хъæбатырæй фæмард 1941-æм азы 3 июлы. Сахъ лæппу уыд. Йæ удæй фылдæр уар- зта йæ райгуырæн Ирыстон, Советон Цæдис æмæ йæ сæраппонд йе ’рыгон цард радта. Уæдæ се ’ннæ ’фсымæр Тæтæрхъан дæр уыцы лæгæвзарæн тохы хъазуатонæй йæхи равдыста. Каст фæцис Буйнакскы æфсæддон скъола æмæ йæ уым баурæдтой ахуыргæнæгæй. Хæсты архайд- та йæ райдианæй йæ кæронмæ, хъæбатырæй фæ- мард 1945-æм азы февралы Калининграды бын- мæ. Уырдæм фæстæдæр ацыд йæ кæстæр æфсы- мæр Алыксандр, чиныг дæр ыл ныффыста æмæ йæ рауагъта 1980-æм азы — «По следам Татарка- на». Кæд æппæт хабæрттæ зын æмбырдгæнæн уыдысты, уæддæр йæ къухы чысыл нæ бафтыд Тæтæрхъанæн йæ хæстон æмбæлтты фæрцы. Уый хуызæн лæппуйæн йæ хæстон фæндæгтæ сты чин- гуыты фыссинаг æмæ зарджыты заринаг, афтæ хъазуатонæй архайдта йæ хæстон æмбæлттимæ. Мæлæтæй нæ тарсти æмæ йæ фыстæджыты дæр йæ мад Сæниатмæ æмæ йæ бинойнаг Амалямæ, стæй, кæй нал федта, уыцы чызг Лилямæ афтæ
Мсе зæрдсе баззад уемсе... 63 фыста: «Ма мын тæрсут, знаджы нæмыг мæнæн ницы ракæндзæн. Тагъд мæм уæлахизимæ æн- хъæлмæ кæсут». Йæ къорды разæй йæхæдæг цыд æппынæдзух æмæ-иу немыцы чъылдыммæ куы бабырста, уæд-иу знæгтæ сæмхæццæ сты æнæ- фыййау фосы хуызæн. Гъе, афтæ арæхстис хæ- цынмæ Тæтæрхъан, дæсгæйттæй-иу сæ афæлдæх- та. Стыр аргъ ын уыдис йæ къорды, стæй уæлдæр хицауады æхсæн дæр. Тынг бирæ йæ уарзтой иууылдæр. Уыцы заман цы горæттæ æмæ хъæуты хæцыдис, уым-иу уайтагъд фæзынд йæ ном хæс- тон газетты. Бæргæ бирæ фыстой, фæлæ сæ хæс- ты заман æмбырдгæнæг нæ фæци. Тæтæрхъаны хъæбатырдзинæдты тыххæй дзырдта Лазартæй иу лæппу 1944-æм азы ам, Ирыстоны. Уыдонæн иуахæмы баиу сты сæ хæстон фæндæгтæ, æмæ йæхи цæстæй федта, Тæтæрхъан куыд архайдта, куыд арæхсти, уый. Йæ хъæбатырдзинады тых- хæй йын лæвæрд æрцыд Александр Невскийы æмæ Фыдыбæстæйы хæсты 1-аг къæпхæны ордентæ. Тæтæрхъан йæхæдæг кæй райста, уыцы хæрзиу- джытæ ма уыдысты: «Сырх Тырысайы орден», Богдан Хмельницкийы æмæ Фыдыбæстæйы хæс- ты П-аг къæпхæны ордентæ. Иуахæмы знæгтæ пулеметимæ къудзиты бам- бæхстысты æмæ уырдыгæй æхстой. Тæтæрхъанмæ йæ зæрдæ афтæ сдзырдта^ цы амал ис, уымæй сæ æрсабыр кæнын хъæуы. Иæхиуыл цыдæр къалиу- тæ атыхта, иу къухы дыууæ гранаты, иннæйы — автомат, афтæмæй сæм хæстæг бахъуызыд, бап- пæрста сыл гранаттæ, фæлæ дзы йæ зæрдæйы фæндон пырхытæ куынæ рцыд, уæд сыл автомат аскъæрдта, цырд фелвæста пулемет æмæ къудзи- ты фæмидæг, фæлæ йæ разы кæцæйдæр февзæр- дысты æхсæз немыцаджы автоматтимæ. Ам дæр та равдыста хъæбатырдзинад — фондзы афæлдæх- та, æхсæзæймаг фашисты та æрбакодта, исты ха- бæрттæ кæд ракæнид, зæгъгæ. Æнустæм адæмы зæрдæты цæрдзысты, нæ уар- зон бæстæ æмæ адæмы сæрвæлтау йæ цард чи рад-
64 Уырымты-Хъуылаты Зоя та, уыцы хъæбатыртæ. Рухсаг уæнт. 26-аздзыд хъæбатыр Тæтæрхъан куынæ фæмард уыдаид, уæд ныр йæ хæрзиуджытæ йæ уæрæх риуыл нæ цæуик- кой. Йæ чызг Лиля тынг у йæхи хуызæн. Бабæ- рæг кæны йе ’нæзонгæ хъæбатыр фыды райгуы- рæн Ирыстон, Бæрæгъуыны хъæубæстæ, хионты, æмæ йыл тынг бацин кæнынц. Æфсымæртæй цыппæрæм, Таймураз, хæстæй хæрзиуджытимæ ссыд, дыууæ ордены æмæ цып- пар майданы йæ риуыл æрттывтой. Бирæ цæфтæ ис йæ буарыл. Куы сыздæхт, уæд-иу æй мах, кæ- стæртæ, сфæлмæцын кодтам нæ фарстытæй, кæм хæцыд, цавæр горæттæ суæгъд кодта йе ’мбал хæс- тонтимæ, æмæ-иу нын йæ хабæрттæ дзырдта. Ныртæккæ Таймураз цæры Беслæны. Адылджери дæр хæстæй цæфтæй ссыди 1942- æм азы æмæ куы фæдзæбæх, уæд та фæстæмæ ацыд æмæ дзы кæронмæ фæцис. Хорзæхджын æр- цыд «Сырх Стъалыйы», «Фыдыбæстæйы хæсты 1-аг къæпхæны» ордентæй, майдантæй. Кадджын ветеран арæх æмбæлд кæстæр фæлтæртимæ, дзырд- та-иу сын йæ хæстон хабæртты тыххæй, æрымы- сыд-иу йæ хорз æмгæртты, немыцаг фашистты ныхмæ хæцынмæ кæимæ ацыд, хъæбатырæй дзы чи фæмард, уыдоны. Стыр аргь кодтой Адылдже- рийæн йæ хъæубæстæ, сыхæгтæ, хæстæджытæ. Æмæ сын æмбæлгæ дæр афтæ кодта, тынг фыдæ- бонджын уыд советон рæсугъд цардыл, бирæ рæз- гæ фæсивæды сарæзта раст фæндагыл, бахъахъ- хъæдта нын нæ сæрибар цард немыцаг фашизмæй. Уæдæ æхсæзæм æфсымæр Сабазджери дæр царды хорз фæд ныууагьта. Архайдта Финляндийы хæсты, куыста оргæнты, иузæрдион уыд йæ рай- гуырæн Советон Цæдисыл, адæмыл. Тох кодта рæстдзинадыл. Уарзта кусæг лæгæн аргъ кæнын, аедзухæй дæр-иу уыдоны ’хсæн уыд, дзырдта-иу сып советон цардарæзты хорз фæткы тыххæй, æвзæрын сæм кодта уарзондзинад Фыдыбæстæмæ, райгуырæн Ирыстонмæ. Бирæ рæсугъд бæллицтæ уыд Сабазджеримæ, фæндыд æй цæрын, йæ адæ-
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 65 мæн лæггад кæнын. Фæлæ Финляндийы хæстæй сыздæхт рынчынæй æмæ 1940-æм азы йæ райгуы- рæн хъæу Бæрæгъуыны амард. Æхсæз æфсымæрæй дыууæ — Геор æмæ Тæ- тæрхъан — баззадысты хæсты быдыры. Рухсаг уæнт, сæ нæмттæ рох никуы уыдзысты адæмæй. 01.04.95 Ссе ном щердзæн æнуслие Цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйбæрц адæйма- джы тынгдæр зонын фæнды хæсты æвирхъау ха- бæрттæ. Ирыстоны иу хæдзар дæр ахæм нæй, або- ны онг дæр сæ цæссыг кæм нæ калынц, Фыдыбæ- стæйы Стыр хæсты йæ туг чи ныккалдта, уыцы ирон лæппутыл. Мустыздæхыхъæуы Хъуылаты Тазретмæ куы сыхъуыст, дæ хистæр фырт Нико- лай фæмард, зæгъгæ, уæд йæхæдæг дæр фæраст хæстмæ, æмæ абон дæр, сæ ингæнтæ кæм сты, уый ничи зоны. Хæсты цæхæры Хъуылаты Марья- йæн, йæ удæй фылдæр кæй уарзта, уыцы цыппар адæймаджы бацарæфтыд сты: йæ сæрыхицау Таз- рет, йæ хистæр хъæбул Николай æмæ йе ’фсы- мæртæ Дзабайты Никъала æмæ Геор. Мад баззад йе ’ртæ æнахъом лæппуимæ — Виктор, Аслæнбег æмæ Барисимæ. Иннæ ахæм йе ’фсымæр Никъа- лайы бинойнаг Вастæ йæ дыууæ чызджы æмæ лæппуимæ. Марья æмæ Вастæ (рухсаг уæнт) кæ- рæдзийы ныфсæй цардысты æмæ хъомыл кодтой сæ сабиты. Афтæ зæгъæн ис, æмæ дыууæ хойы цард фæкодтой. Кæрæдзийы зæрдæхудты никуы ницæмæй бацыдысты. Куыд цардысты æмæ цы фыдæбæттæ æвзæрстой ацы дыууæ сидзæргæсы, уый æнæ фысгæйæ дæр æмбæрстгонд у. Вастæйы къухы бафтыд йæ сывæллæттæн уæлдæр ахуы- рад раттын. Марья дæр, кæд йе ’нæниздзинад фæцудыдта, уæддæр алы амæлттæй архайдта, 3 Мæ зæрдæ баззад уемæ .
66 Уырымты-Хъуылаты Зоя цæмæй йæ лæппутæ æнæ фыдæй ма ныдздзæ- гъæлтæ уой царды фæндæгтыл. Мад кæддæрид- дæр мад у æмæ йæ лæппу куывды куы бада, уæд- дæр ыл мæт кæны. Ныртæккæ дæр ма Марьяйы æрымысынц станицæ Николаевскæйы, астæуккаг скъолайы-иу æмбырд- ты президиумы куыд бадтис скъолайы директор Юшковскийы фарсмæ. Дæсны ныхас-иу ракодта сывæллæтты хъомыл кæныны фарстатыл. Йæхицæн йæ астæуккаг лæппу Аслæнбег ахуыр кодта иттæг хорз æмæ сыгъзæрин майданимæ каст фæцис скъо- ла, уыйфæстæ та — Хæххон-металлургон институт. Мады зæрдæ уæлдай тынгдæр рыст йæ хистæр фырт Николайыл — æдзардæй йæ бирæ фæндтимæ фесæфт. Хæларзæрдæ, æмгарджынæй хъомыл код- та Коля. Тынг бирæ йæ уарзтой хъæубæстæ, хæс- тæджытæ. Раст цыма йæ мæлæт зыдта, уыйау ни- куы никæй зæрдæхудт райста. Царды алы фæзи- лæны дæр тынг арæхст. Сыхы нæ, фæлæ æнæ- хъæн хъæуы лæппутæ дæр æм кастысты мадызæ- нæджы цæстæй. Мæнæ сæ сыхаг Зæгъойты Гав- рил Коляйы фæмарды фæдыл цы фыстæг сæрвы- ста сæхимæ хæстæй: «Мæ зынаргъ фыд! Ард хæ- рын, ме ’мбал Хъуылаты Коляйы туг кæй райс- дзынæн цъаммар фашисттæй». Николай фæмард 1941-æм азы 19-æм июлы. Ейскы ахуыр кодта Сталины номыл уæлдæр хæс- тон-денджызои авиацион училищейы. Йæ сæфты хабар куы сыхъуыст, уæд йæ фыд Тазрет та хæст- мæ цæугæйæ ард бахордта: «Æз, фæллойгæнæг адæмы иузæрдион фырт, Хъуылаты Тазрет, цæт- тæ дæн Советон Æфсадæн æххуыс кæнынмæ гит- лерон знæгты ныхмæ хъæбатырæй æрлæууынмæ, кæцыты къухæй фæмард мæ фырт Коля æмæ бирæ уый хуызæттæ». Уыцы ардбахæрд æвдисы ирон лæджы удыхъæд. Кæддæриддæр хъайтарæй тох кодтой знаджы ныхмæ ирон адæм фыдæй-фырт- мæ. Марья кæд нæ зыдта, чи дзы кæм ныгæд ис, уæддæр хорз æмбæрста, уыдон сæ цард кæй нæ бавгъау кодтой Советон Цæдис бахъахъхъæныны
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 67 сæраппонд. Ныр Мустыздæхыхъæуы астæу арæзт ис иумæйаг цырт, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фесæфт, уыдонæн. Ацы ран алы аз дæр 9-æм Майы æрæмбырд вæййынц мустыздæхæгтæ æмæ сын æрымысынц сæ ном. Чи зоны, цас хъуыдытæ уыд ныййарæг мадмæ, йæ уд исыны бонтæ куы ’рхæццæ сты, уæд. Йæ кæстæр фырт Аслæнбеджы къух йæ русыл сæ- вæрдта, æмæ-иу йæ хъарм цæссыгтæ згъордтой йæ уарзон фырты къухтыл. Тынг æй фæндыди цæ- рын, цæмæй йæ лæппутæ ма баззадаиккой бынтон сидзæртæй, фæлæ æвирхъау низ йæ куыст кодта æмæ Марьяйы йæ хъæбултæй атыдта. Йæ фæстæ кæй ныууагъта, уыдон сæ зынгхуыст хистæрты ном кадимæ хæссынц. Виктор йæ фырт Валерийы лæппуйыл сæвæрдта сæ фыд Тазреты ном. Хуы- цау æй зондæй дæр æмæ хъаруйæ дæр уый хуы- зæн скæнæд, амондæй та тыхджындæр, хæцæн- гарзæй хæцын æй макуы бахъæуæд. Фесæфæнт æнустæм фыдзæрдæ, фыдгæнæг адæмтæ, цæмæй цард рæсугъд уа ацы æрттивгæ дунейы, цæмæй макуыуал бахъæуа хæцын фæсивæды. Мæнæ абон Цæцæны Хуыцауы ницæуыл цы тугкалæн хæст цæуы æмæ цас адæм фæцагъд ис! Уæрæсейаг адæмтæ сæ цæссыгтæй сæхи æхсынц, сæ 18—19- аздзыд лæппутæ кæм сты æмæ куыд сты, уымæн ницы зонынц. Хъæр кæнынц фæдис, фæлæ дзуап- дæттæг нæй. Уæрæсейы хицауад иугыццыл Галаз- ты Æхсарбег æмæ Бирæгъты Юрийы зондыл хæст куы уаиккой, уæд ахæм æвирхъау хабæрттæ нæ цæуид. Уыдонæй хуыздæр ацы хæсты фæдыл иунæг лæг дæр нæ радзырдта. Фылдæр нын рат- тæд Хуыцау нæ паддзахадæн ахæм куырыхон зон- дыл хæст лæгтæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ирон адæм нæлгой- магæй, сылгоймагæй сæрибардзинадыл хъæбаты- рæй тох кодтой. Рухсаг уæнт, чи дзы бабын, уыдон, сæ ном цæрдзæн æнусмæ. 05.04.95
68 Уырымты-Хъуылаты Зоя Сæ туджы ис лæгдзинад 1937-æм азы Дзæуджыхъæуы урс ахæстоны раз Къубалтæй иу хæдзар цард æмæ сæ дуар æппын- дæр æхгæнгæ нæ кодтой. Æз дæр сæм мæхи бирæ фæхъарм кодтон авдаздзыдæй. Æз æмæ мæ мады хуызæттæ ахæстоны дуармæ зымæгон уазæлтты æнхъæлмæ кастыстæм, уæдæ нын кæд хæринаг бадæттиккой нæ бинойнагæн, зæгъгæ. Æз-иу мæ ахст фыдмæ ссыдтæн мæ мадимæ Бæ- рæгьуыныхъæуæй горæтмæ хæнъилдзабырты. Уæдæй абонмæ Къубалты мыггаджы уæлдай уарзт кæнын. Ацы азы 11-æм февралы «Рæстдзинад»-ы куы бакас- тæн, «Стыр бузныг, ирон адæм», зæгьгæ, уæд мьга тынг æхсызгон уыдис Къубалты Тотрадзы лæгдзина- ды хабар. Чи бакаст газет, уьщы адæм ын арфæтæ кодтой, стæй, йæ фарсмæ чи ’рбалæууыд, уыцы сы- хæгтæ æмæ хионтæн дæр. Ирон адæм зонынц кадимæ цæрын. Ныртæккæйы заман тынг зын у зианы хæр- дзтæ кæнын. Фæлæ Тотрадзы уыцы уæззау хабары фæдыл куы бацагуырдтой, уæд йæхицæн хæсыл ба- нымадга, куыд æмбæлы, афтæ ахæццæ кæнын зианы хабæрттæ æмæ телефонæй дæр йæ цыбыр дзуапп: «Ма тыхс, ме ’рдхорд», зæгъгæ, ууыл уыд. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ Къубалты мыг- гагæн сæ туджы ис лæгдзинад. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй сæ мыггаг ардыгæй фæстæмæ цины хабæрттæ куыд кæной, Тотрадзы хуызæн лæгтæ та сæм фылдæр куыд уа. 14.04.95 Мсердтæм сраст сты Лæмбынæг-ма бакæсут Кокайты Саламджерийы фыст 1995-æм азы 11-æм февралы «Рæстдзинад»-ы Дауыраты Дацойы хъысмæты тыххæй. Хуымæл- лæггаг лæг, 1887-æм азы гуырд, коммунист, фыц- цаг ирон МТС-ы директор. Рахастой йын æхсыны
Мсе зæрдæ баззад уемсе... 69 тæрхон æмæ йæ сæххæст кодтой 30 дскабры 1937- æм азы. Куыд фыссынц, уымæ гæсгæ — ахуыр- гонд лæг, ног цардыл зæрдиагдæрæй чи архайдта, уыдонæй уыд. Цас рæстæг фылдæр цæуы, уыйбæрц зæрдæ тынгдæр риссы ацы хабæрттыл. Мæ фыд дæр уыдæттæ бавзæрста. Раздæр ын æхсыны тæрхон рахастой, стæй та йæ 25 азы æмгьуыдмæ Комийы рсспубликæйы бамидæг кодтой. Ныр мæн дæр тынг фæнды уæды хабæрттæ бæлвырддæрæй базонын, фæлæ йын уыцы æвирхъау тæрхæттæ кæм рахас- той, уыцы горæт Дзæуджыхъæуы сæ агурын рай- дыдтон 1994-æм азы ноябрæй фæстæмæ æмæ ни- цыма ссардтон. Сæ цæрæнбон бирæ Комийы Рес- публикæйы Мидхъуыддæгты министрады кусджы- тæн, уыдон мын уайтагъд бæлвырд гæххæтт сæ архивæй сæрвыстой. Ныр ныффыстон Мæскуымæ Сæйраг тæрхондонмæ æмæ Уæрæсейы Мидхъуыд- дæгты министрадмæ дæр, кæд мын уыдон баххуыс кæниккой мæ фыды тыххæй бæлвырддæр хабæрт- тæ базонынæн. Сæ аххос цæй мидæг уыд, уый бæ- рæг нæу, афтæмæй сæ сæфтой, æмæ сæ раст кæны ныр закъон, уæд сæ сафгæ чи кодта, уыдоны кой иугыццыл уæддæр цæуылнæ ис? Саламджери йæ уацхъуыды кæронбæттæн цы фарстатæ æрæвæрд- та, уыдонæн адæм дзуапмæ æнхъæлмæ кæсынц. Чи зопы, нæ кæсиккам, фæлæ нæм Одинцов-хицау куы фæзынд, уæд та бирæ хорз лæгтæ æрцыдысты æфхæрд æнаххосæй кæцыдæр «хорз» лæгты фæр- цы. Нæ адæмы æхсæн ахæмтæ куынæ уаид, уæд, чи зоны æмæ абон Саламджери дæр уыцы фарс- тайыл нæ дзурид, стæй иннæтæ дæр. 21.04.95 Куадзæп Цы ис сывæллæттæн куадзæнæй адджындæр бæрæгбон? Куы ’рцæйхæццæ кæны, уæд адæм
70 Уырымты-Хъуылаты Зоя сæхи цæттæ кæнын райдайынц. Æвæццæгæн, уал- дзæджы æрдз куы райхъал вæййы, хур йæ сыгь- зæрин тынтæ æнæвгьау зæххы къорийыл куы бай- тауы, алырдыгæй мæргътæ цъыбар-цъыбур куы сисынц, уæд ма суанг зæронд адæймагæн дæр йæ уæнгтæ фæрогдæр вæййынц, æмæ та йæ цæрын æрфæнды, æрымысы йæ раздæры бонтæ, уæлдай- дæр та — сабидуг. Æз дæр æрхъуыды кодтон, 1939-æм азы куадзæн куыд бæрæг кодтам, уый. Уæд ахуыр кодтон 2-æм къласы. Не скъолайы директор Хъантеты Еналдыхъо æрæмбырд кодта æппæт скъолаты ахуыргæнджыты æмæ сын бам- барын кодта, цæмæй иннæ райсом 7 сахатыл иууылдæр, куыд иу адæймаг, æд хæринæгтæ Бæ- рæгъуыны скъолайы кæртмæ æрæмбырд уæм. Тынг бирæ уарзтам — ахуыргæнæгæй, скъоладза- уæй — нæ директоры, афтæ йæ хæдивæг Хъуппе- ты Алыксандры дæр. Æрæмбырд стæм, уæдæ цы уыдаид, æмæ араст стæм хъæууаты ’рдæм ногдзау- ты зарджытæ кæнгæйæ, хъазгæ-худгæйæ. Фыц- цаг хатт улæфынмæ æрлæууыдыстæм, Терчы сæр- ты цы хид ис, уый ацырдыггаг фарс. Еналдыхъо цыдæр обаугондыл слæууыд æмæ уырдыгæй куы ракаст, уæд фырхудæгæй йæ цæстысыгтæ калдыс- ты æмæ сывæллæттимæ дзуры: — Уый куадзæн уемæ куы рахастат æмæ уæ мах куадзæнæй куы ракодтам. Дзæбæхæй райрæзут уæ мадæлтæ æмæ уæ фыдæлты фæндиаг. Куадзæнтæ та уыл дарддæр ноджы хуыздæрæй цæуæнт. Бон-изæрмæ иу бинонты хуызæн фæхъазыдыс- тæм æмæ изæрырдæм нæ хæдзæрттæм ссыдыстæм. Еналдыхъо æмæ Алыксандр иу скъола нæ, фæлæ иу хъæуæн дæр æгæр уыдысты. Ноджы ма уыцы заман Бæрæгъуыны дæр, иннæ хъæуты хуы- зæн, уыдис æвзаргæ фæсивæд. Уыдон Фыдыбæс- тæйы Стыр хæсты цыдысты сæ риуы æмбæрц рай- гуырæн бæстæ — Советон Цæдис — хъахъхъæн- гæйæ. Хæсты быдырæй ма сыздæхт иугæйттæ — сахъатæй. Уыдонæй иу — нæ уарзон фыссæг Тъох- ты Ванæ. Уæдæ нæ уарзон Еналдыхъо та стыр
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 71 фыдæбæтты бахауд немыцы уацары. Куыддæр- тæй ма йæ сæр схаста нæ Ирыстонмæ æмæ куыс- та Уыналы скъолайы. Уырдæм æм куы бацыдыс- ты, уæд гыццыл скъоладзау-чызг Быгъуыл/ты Галя азгъордта Еналдыхъомæ, цыдæр æвзæр лæгтæ дæ агурынц æмæ, дам, бамбæхс. Галяйæн йæ фæл- мæн къухæй йæ сæр æрсæрфта, æрсабыр æй код- та, стæй йын загъта: — Ма тæрс, ничи мæ бафхæрдзæн, æз раст лæг дæн. Уынайлаг ус Цæллагты Сона æппынæдзух афтæ дзырдта, Еналдыхъойы хуызæн, дам, мад дыккаг ахæм гуырд йæ авдæны нæ ауздзæн. Рухсаг уæнт, мæрдты кæд æцæг искуы хорз ран ис, уæд уым — сæ бынат. Ирон адæмыл та хорз хъуыддæгтæ цæуæд. 22.04.95 Рох нæ уыдзæн Беккуызарты Дæхцыхъо райгуырдис Холысты йæ дада Теккайы стыр æмæ кадджын хæдзары. Дæхцыхъойы фыд Гацыр æмæ йæ хо Евгæ Тек- кайæн уыдысты йæ фыццаг усы цот, Черчесты Ахмæты хæрæфырттæ. Гацыр, куыд дзурынц, афтæмæй тынг сæрæн æмæ æгъдауджын адæймаг уыдис. Фылдæр рæстæг æрвыста Хъызлары фос- мæ зилгæйæ.^Уым тынг суазал æмæ уæззау рын- чын фæцис. Йæ къай Дзасохты Аминæт, рæсугъд æмæ хæрзконд, алцæмæй æххæст сылгоймаг, Га- цырæн балæвар кодта дыууæ чызджы æмæ лæп- пу. Гацыр куы бамбæрста, нал фервæздзæн, уый, уæд фæдзырдта Аминæтмæ æмæ йын бафæдзæх- ста: «Хæрзконд» (афтæ йæ хуыдта), нырма æры- гон дæ æмæ дæ нæ ныууадздзысты цæрын, дæ сабиты хъомыл кæнын, моймæ-иу ацу, æрмæст-иу иæ гыццыл лæппу Дæхцыхъойы дæхицæй ма фæ- цух кæн. Недтæйы Гуырдзыханæн ратт, Нутæйы
72 Уырымты-Хъуылаты Зоя та уадз дæ цæгаты Дзасохтæм Бадыхъæуы». Уыцы ныхæсты фæстæ Аминæты къухыл фидар ныххæ- цыд æмæ ставд цæссыг ныккалдта. Аминæт йæ къайы йæ амæлæты бонмæ, 1974-æм азы онг, нæ ферох кодта, кæд Гацыры афæдзы фæстæ усгуртæ къахихсыд баисты йæ цæгатмæ, уæддæр. 1922-æм азы Бæрæгъуынмæ æрлыгьд йæ сидзæртимæ. Хорз зонындзинæдтæ йын æвдыста Дæхцыхъо скъолайы. Уыйфæстæ ахуыр кодта ахуыргæнджыты рабфачы. 1931-æм азы та — Крас- нодары дохтырты рабфачы. Куысты Æрыдоны районы ахуыры хайады инспекторæй. Абон дæр ма Æрыдоны хистæртæ йæ зонындзинæдтæ æмæ уæз- дандзинады хабæрттæ æрымысынц. Æфсады рæн- хъыты уæвгæйæ, Дæхцыхъойы Фыдыбæстæйы Стыр хæст æрæййæфта Белоруссийы. Хъæбаты- рæй хæцыд Беккуызарты лæппу знаджы ныхмæ. Немыцаг фашисттæ æрра бирæгътау лæбурд- той размæ, цагътой æфсæддонты, æгасæй ма-иу чи баззад, уыдоны та уацары истой. Дæхцыхъо дæр бахауд уацары. Никæцæй дзы ницы хабар уыд бирæ рæстæг, нымадтой йæ мардыл, фæлæ ма йæм уæддæр æнхъæлмæ кастысты. Ныр дæр ма мæ хъустыл уайынц йæ мады уынгæг зæрдæхалæн хъарджытæ. Немыц ссæуынц, зæгъгæ, уæд сывæл- лæтты æмæ зæрæдты хохмæ ластой, фæлæ Ами- нæт нæ акуымдта. «Мæ иунæг фесæфт, æз та мæ сæр бафснайон, хъуамæ банхъæлмæ кæс он, мæ иунæг кæй къухæй фесæфт, уыцы лæгмартæм, æмæ мæ бон цас уа, уыйбæрц сæ мæ иунæджы маст райсоп». Фашистты фæстæмæ куыдзы тард кæнын куы райдыдтой Цæгат Кавказæй, уæд Мæздæджырдыгæй сусæг хабар сыхъуыст, Дæх- цыхъо æгас у, зæгьгæ. Куы айхъуыст хабар, уæд адæмы цинæн кæрон нал уыди, Аминæты иунæг æгас разынд, зæгъгæ. Суанг ма æндæр хъæутæй дæр æрхæццæ сты. Ныр дæр мæ цæстытыл уайы, Акъоты Тамарæ Дигорайæ фистæгæй куыд æрцыд цингæнгæ хуынимæ, уый. Æртæ насджыны уыцы хъармæй æрхæццæ кодта. Тамарæ Дæхцыхъойæи
Мсе жрдæ баззад уемæ... 73 йæ хо Недтæйы файнуст уыдис. Фæстæдæр куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ Дæхцыхъо уыд, знæгтæ фыццаг бон уацары кæй акодтой, уыдонимæ. Цæ- гат Кавказмæ куы хæстæг кодтой фашисттæ, уæд сæ лагерты кавказаг лæгшуты æрæмбырд кодтой æмæ сæ сластой ахæм фæндимæ, исты бызгъуыр- тæ æмæ сын хæцæнгæрзтæ ратдзыстæм, æмæ æр- лæудзысты немыцы фарсмæ... Ницы рауад сæ хъуыдытæй. Фыццаджыдæр, куы бамбæрстой, сæхи зæххыл сты, уый, уæд лидзыныл архайд- той. Иннæмæй сæ куы ластой ацырдæм, уæд зонд- джын лæппутæ бамбæрстой, сойтæ нуазынмæ сæ кæй нæ ласынц, фæлæ цыдæр фыдбылызæн. Æхсæвæй, бонæй сæ сæры уыд æрмæстдæр иу хъуыды, цы хуызы баххуыс кæнæм нæ Райгуы- рæн бæстæ, нæ уарзон адæмæн. Æвзæрст æрцыд къорд, уыдысты дзы: Хъарданты Виктор — хæс- тон дохтыр, Ботъоты æмæ Гутнаты лæппутæ, Бек- куызарты Дæхцыхъо æмæ æндæртæ. Рахастой уынаффæтæ, хæцæнгарз сæ къухы куы бафта, уæд, чи куыд архайдзæн, уый тыххæй. Бирæ хорз хъуыдытæ уыд ацы фæллад æфхæрд лæппутæм. Иуахæмы лидзынвæнд куы скодтой, уæд сæ æрцахстой, фæнадтой сæ, сæ къæхты бын- тæ сын тæвд æфсæйнагæй басыгътой, къухтыл та хъадамаитæ бакодтой. Хъардаиты лæппу фæмард, Ботъоты лæппуйы та уыйфæстæ æрцахстой æмæ йæ фехстой. Мæздæджы цæрæг адæм тынг æх- хуыс кодтой хæринагæй, стæй сын Сырх Æфсады ног хабæрттæ хъусын кодтой. Æппæты тыигдæр сын æххуыс кодтой дыууæ хойы, ахуыргæн- джытæ, Канигинатæ, фыццаг уырыссаг хуторæй. Фæстагмæ ма фыстæг сæрвыстой Бæрæгъуыны скъоламæ 1983-æм азы. Ацы хотæ æхсæвыгон сæ кæрты баныгæдтой Хъарданты Викторы æмæ Ботъоты лæппуйы мæрдтæ. Уыйфæстæ Дæхцыхъо фсхъусын кодта Дигорамæ Ботъоты Темырхъап- мæ, йæ фырт æмæ Хъарданты Виктор кæй фæ- мард сты æмæ кæм пыгæд æрцыдысты, уый. Ацы- дьгсты хиоптæ æмæ сæ сластой Дигорамæ. Æхсæ-
74 Уырымты-Хъуылаты Зоя виуат бакодтой мæ фыды хæдзары Бæрæгьуыны. Æхсæв-бонмæ хъæуы адæм уыдысты мæрдджын, райсомæй та фистæгæй ацыдысты Дигорамæ, сæ цард адæмы сæрыл æдзардæй чи снывонд кодта, уыцы лæппутæн фæндараст зæгьынмæ. Дæхцыхъо фæстаг хатт куы ралыгъд, уæд иу хиды бын æртæ боны фæбадт, стæй æхсæвыгон иу хæдзармæ бахоста, æмæ Томайтæй куы разы- никкой. Цалдæр боны ма уыдоны пъадвалы фем- бæхст, уалынмæ немыцы атардтой, æмæ Дæх- цыхъо, хæстæгдæр цы кусæндон уыд, уырдæм бацыд, æмæ йæ Дзæуджыхъæумæ рарвыстой. Ца- вæрдæр дзуттаг æй фарста æмæ йæ хурхæй мард- та. Уæд Беккуызарты Гаппо, ныртæккæ дæр — цардæгас, ацыд æмæ ссардта Томайты, Канигина- ты. Уыдон ын бирæ хабæрттæ ракодтой. Гæххæт- тытæ сласта Гаппо бирæ адæмтæ æмæ уымы хица- уады къухæвæрдтимæ, ноджы ма сæм ахуыр код- та, куыста, царди уыцы адæмтæй, фæлæ йын дæс азы радтой уæддæр Дæхцыхъойæн æмæ Уралы Нижний Тагилы балæууын кодтой æрдæгмард лæ- джы. Йæ хо Недтæ йæм уырдæм ацыд, æмæ дзы уым дæр хицауад тынг раппæлыдысты. Рахаста уырдыгæй цыдæр гæххæттытæ æмæ архайын бай- дыдта йæ иунæг æфсымæры фервæзын кæныныл æмæ йæ къухы æфтгæ дæр бакодта. Арвыстой йæ Казахстанмæ, Карсакпаймæ. Уым цардис æмæ куыста, тынг æй бауарзтой адæм. Уалынмæ мæ хистæр æфсымæр Уырымты Тамерлан Хæххон-ме- таллургон институт каст фæцис, æмæ йын бирæ хорз рæттæм ацæуæн уыдис, фæлæ уый равзæрс- та Казахстаны горæт Джезказган. Æрбакодта йæ мады æфсымæр Дæхцыхъойы йæхимæ æмæ цар- дысты иумæ. Дæхцыхъо æрыгон инженерæн стыр ныфс уыд æцæгæлон ран. Нæ мады æфсымæр йæ царды ми- дæг бындзы тæригъæды дæр кæй никуы бацыд, мах уый бæлвырдæй зыдтам. Ацы дунейæ ахи- цæн 1985-æм азы кæрон. Чи зоны æмæ ма абон дæр цæрид, фæлæ иуахæмы парчы, пенсиисджы-
Мсг зсердæ баззад уемсе... 75 тæ кæм æрæмбырд вæййынц, уым иу лæгмæ фем- дзаст æмæ йæ базыдта. Уæдæй йæ амæлæты бон- мæ æнцой нал зыдта æмæ æдзух дзырдта, хъуа- мæ, дам, ахæм уæйгæнджытæ нæ намысджын фыдæлты зæххыл ма цæуой. Уыцы фарстаимæ бацыд, кæдæм æмбæлд, уырдæм, æмæ, дам, мæм ахæм цæстæй ракастысты, цыма мæ зонд йæ бы- наты нал ис. Тæхуды æмæ ма ныр Дæхцыхъойы бон дзурын куы уаид, уæд æй бæргæ бафæрсик- кам. Тынг сыгъдæгзæрдæ уыд. Иухатт базармæ ацыд æмæ чыссæ ссардта бирæ æхцатимæ. Дæх- цыхъо йæ æхсæнадон æгъдау хъахъхъæнæн пункт- мæ бахаста. Уыцы ран бадтысты авдæй. Кæй йын ницы хъусын кодтой, сæ хицау фæзынд æви нæ, ууыл йæ зæрдæ рыст. Мах ын-иу хъазгæйæ загъ- там, афонмæ дзы хорз сихор скодтой. Уый-иу афтæ: «Ау, æмæ авд лæджы дæр се ’ууæнк ба- хæрдзысты?» Дæхцыхъойæн баззад кæстæртæ. Лæппу Ас- лæнбег каст фæци Хæххон-металлургон институт æмæ ам, горæты, цæры йæ мад, йæ ус æмæ йæ лæппуимæ. Чызг Заремæ фæцис Саратовы кон- серватори. Нæдæр фашистты лæгмартæн, нæдæр советон гулагæн нæ бацис сæ бон амарын адæймаджы ми- ниуджытæ — Дæхцыхъо йæ царды кæронмæ дæр баззад уæздан æмæ зондджын адæймагæй. Ныр йæ хæстæфхæрд уæнгтæ сæ фæллад уадзынц Бæ- рæгъуыны уæлмæрды йæ мад Аминæты фарсмæ. Рухсаг уæд, йæ хионтæ, зонгæтæ, æмбæлттæй рох нæ уыдзæн. 20.05.95 Цардæй бафсæдæнт 1941-æм азы Уыналыхъæуы фæсивæд дæр араст сты Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ. Быгъуыл- ты Æхсар, Георы иунæг лæппу дæр сæ аййæфта
76 Уырымты-Хъуылаты Зоя 1942-æм азы, уæд ыл сæххæст 16 азы. Æрыгон лæппу æрлæууыд хистæрты фарсмæ уыцы карз тохы. Кæд, мыййаг, истæмæй тарстис, уæддæр ахæм æгъдауджын æмæ æфсæрмыгæнаг лæппу уыд, æмæ æмбæхста йæ хъуыдытæ, йæ размæ цы стыр хæс лæууыд, уый æххæст кодта кадимæ. Новороссийс- кы куы фæцæф, уæд Харьковы госпитæлы хуыс- сыд æмæ-иу уырдыгæй йæ хæдзармæ фыстæг куы ’рвыста, уæд иу хатт дæр йæ уæззау цæфты кой нæ ракодта. Иуахæмы йæ мад Надя, æртæтигъон фыстæг халгæйæ, бамбæрста, хосы тæф кæй кæны, æмæ арф ныуулæфыд æмæ загъта, уый, дам, мæ иунæг кæмдæр рынчындæтты куы рахау-бахау кæны æмæ дын æм тагъдгомау фыстæг афыста: «Æхсар, уый цæф куы дæ, уæд æй цæмæн сусæг кæныс?» Уайтагъд дзуапп райста йæ хъæбулæй. Уый фыста, цæмæй йæм ма ’хсайа сæ зæрдæ. Фæлæ йæм ацыдысты йæ хистæр хо Таисæ æмæ мад. Цас- дæр рæстæджы фæстæ Æхсар куы фæдзæбæх, уæд та ногæй фронтмæ ацыдис. Уыналы цæрджытæ Æхсары хæстмæ ацыды тыххæй афтæ дзырдтой, Æхсар, дам, дзоныгъæй рахызт æмæ хæстмæ ацыд. Йæ зын балцы фæндаг нæ фæдзæгъæл, райста дыууæ ордены æмæ цыппар майданы. Хæстæй сыз- дæхтис 1945-æм азы æмæ бацыдис Дзæуджыхъæуы пединститутмæ. Каст æй фæцис 4 азы бæсты 2 азмæ. Мах æй хуыдтам цæугæ энциклопеди. Ахуыры фæстæ йæ арвыстой кусынмæ Калугæмæ. Бакуыс- та дзы 5 азы, ам сæмбæлд Ритæйыл. Ацыдысты Уралмæ. Йæ мад æмæ фыд цин кодтой, сæ иунæг кæй бабирæ ис, ууьтл — райгуырд сын цыппар лæп- пуйы æмæ æртæ чызджы. Алчидæр дзы йæ бынат ахсы царды аккагæй. Æхсар фæкуыста директорæй Уыналы скъо- лайы, Ритæ та — математикæйы ахуыргæнæгæй. Æхсарæн йæ мад Надя дæр ахуыргæнæг уыд. Йæ ном хъуыстгонд уыд Ирыстоны. Иæ цыппар хойы æмæ йæ чызг Ирæ дæр сты ахуыргæпджытæ. Сæрдыгон æрæмбырд вæййынц Уыналмæ сæ фыды хæдзармæ.
Мæ зсердсе баззад уемæ... 77 Рухсаг уæнт Надя æмæ Геор сæ иунæг лæппу Æхсаримæ, сæ фæстæ кæй ныууагътой, уыдон та цардæй бафсæдæнт — нæ рох кæнынц сæ хистæр- ты ингæн, бафснайынц æй, ссарынц сын сæ ном. 21.07.95 Хъуамсе махмæ хæлæг кæной Стыр циндзинад æрхастой июлы кæрон Прези- денты Кубок рамбулыныл ерыстæ Ирыстоны адæ- мæн. Мæн цыбырæй зæгъын фæнды, нæ хъæу Бæрæгьуыны фæсивæд дыккаг бон дæр куыд ра- балц кодтой горæтмæ футболмæ, уый тыххæй. Цалынмæ горæтмæ хæццæ кодтам, уæдмæ сæм кæсынæй не ’фсæстæн, — сæ уынд, се ’гьдау, сæ уæлæйы дарæс аив уыдысты. Сæ цин се ’рыгон зæрдæтæй æддæмæ бырста, раст цыма сæхæдæг цыдысты футболæй хъазынмæ. Суанг горæты онг фæндаг нæ зынд автобустæ æмæ рог машинæтæй. Мæ зæрдыл æрлæууыдысты, мæ сабийы бонты- иу нæ хистæртимæ куыд араст стæм Беслæныхъæу- мæ бæхты дугъмæ кæсынмæ, Хетæджы къохмæ. Фылдæр-иу цыдыстæм фистæгæй. Ныр та алы кæр- ты дæр иу кæнæ дыууæ машинæйы ис. Уæдæ бал- цы цæугæйæ дæр ныр уæлæдарæс ничиуал куры. Цард кæд абон тынг вазыгджын у, уæддæр дзы Бæрæгъуыны фæсивæдæй ничи фæдзæгъæл, ал- чидæр дзы фæллойы мидæг йæ бынат ссардта, хъæубæсты кадыл мæт кæнынц æмæ фыдбылы- зæй хызт сты. Æрмæст мах, хистæрты, иу хъуьгд- даг æфтауы стыр мæтыл: нæ арæнтæ æгæр бай- гом кодтам æмæ кæцыдæр адæмтæ æхцайы уаца- ры бахаудысты — æлхæнынц асламæй алы хъыл- матæ, æмæ байдзаг нæ гыццыл Ирыстон дæр, кæ- стæрты æнæниздзинадæн стыр фыдбылыз чи хæс- сы, ахæм хабæрттæй. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ мах бæстæйы цы хæринæгтæ ис, ахæмтæ никуы ис, кæд сæ рæсугьд
78 Уырымты-Хъуылаты Зоя гæххæттыты нæ тухæм, уæддæр. Нæ бæстæйы уыйбæрц хорздзинæдтæ ис, æмæ хъуамæ мах фæ- сарæнтæм ма хæлæг кæнæм, фæлæ нæм уыдон хæлæг кæной. Газет «Рæстдзинад»-ы фæрстыл дæр тынг бирæ фыст цæуы ацы хабæрттыл, фæлæ уæддæр сæудæджерад тыхджынæй тыхджындæр кæны. Афтæ мæм кæсы, æмæ сæудæджергæн- джытæй иуы дæр «Рæстдзинад» кæсынмæ не ’вдæ- лы, æндæр сæ киоскты фæзыниккой нæхи бæстаг адджинæгтæ дæр. Фылдæрæй фылдæр кæнæд Ирыстоны зæххыл спорты хуызы бæрæгбонтæ! Уæд цард дæр рæсугъд- дæр уыдзæн, фæсивæды ’хсæн къаддæр уыдзæн знаггадгæнджытæ. Нæ кæстæрты Лæгты дзуар йæ рахиз базыры бын дарæд. Фæзмæнт нæ нæртон фыдæлты, алцæмæй дæр бæрц куыд зоной. 15.08.95 Дзæбæх цот схастой Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд хæхты рæбынæй Дæргъæвсыхъæуæй нæ бæстæ бахъахъхъæнынмæ араст Фидараты Барис дæр. Хæдзары ныууагъта йæ зæронд мад æмæ фыды, йæ бинойнаг Цъæхилты Соняйы цыппар æнахъом сывæллонимæ. Йæхæдæг хæсты хæцыд йæ рай- дианæй йæ фæуынмæ. Хъæбатырæй кæй хæцыд, ууыл дзурæг сты йæ цалдæр ордены æмæ майда- ны, арфæйы гæххæттытæ. Хæцыд 3-аг Украинаг æмæ Белоруссаг фронтты. Фылдæр хатт-иу йæ хæстон фæндæгтæ карды комæй нарæгдæр систы, фæлæ Фидараты лæппу куырыхон зондыл хæст кæй уыд, уымæ гæсгæ-иу йæ сабыр, фидар зон- дæй ссардта мадзæлттæ цыфæнды уæззау уавæ- рæй дæр рацæуынмæ æмæ йын стыр аргъ кодтой йе ’мбæлттæ, уæлдæр хицауад. Уыцы алыхуызон адæмыхæттытимæ афтæ цард, раст цыма иу мады цот уыдысты. Тынг рæсугъд фыста, æмæ-иу æм
Ыæ зæрдæ баззад уемæ... 79 арæх фæдзырдтой штабмæ исты ахсджиаг гæххæт- тытæ фыссынмæ. 1945-æм азы куы сыздæхт, уæд, йæ уæззау цæфтæ ницæмæ даргæйæ, колхозы бухгалтерæй кусын райдыдта, фæлæ афæдз дæр нæ ахаста, йæ къай Соняйы ныууагъта йе ’ртæ чызджы æмæ иунæг лæппуимæ. Сидзæргæс йæ дыстæ батылдта æмæ æхсæвæй, бонæй куыста хæдзары, колхозы быдырты, йæ сæ^ схъил кæныны бон дæр æй нал уыд, афтæмæй. Иæ лæппу дæс къласы каст куы фæцис, уæд мадæн лæгъстæ кæнын райдыдта, цæмæй йæ ауагътаид Зджыдмæ кусынмæ. Мад бирæ рæстæг нæ разы кодта, дзырдта йын, цæ- мæй дарддæр ахуыр кæна, фæлæ йын куынæ саст, уæд сразы, æмæ мад йæхæдæг дæр ацыд Зджыд- мæ. Лæппу хорз куыста, хæдзар сын радтой, хъуг балхæдтой, чызджытæ скъоламæ цыдысты. Фидараты бинонтæ сæ къæхтыл слæууыдыс- ты, фæлæ сæ циндзинад бирæ нæ ахаста. Иубон куы уыди, уæд мад йæхицæн бынат нал ардта, цæмæндæр рыст йæ зæрдæ æмæ та-иу скуывта, мæ иунæг де уазæг, Хуыцау, фæлæ нал фехъуыс- тысты мады ныхæстæ Хуыцаумæ. Шахты фæмард æвирхъауæй Соняйы иунæг фырт. Зын ссарæн уыд, мадмæ уыцы хабар чи бадзырдтаид, ахæм адæймаг. Уалынмæ йæ хъустыл кæуын ауад æмæ мад ницыуал бамбæрста. Зиан раластой Дæр- гьæвсмæ æмæ йæ йæ фыды цур бавæрдтой. Со- няйæн фæстæдæр фатер радтой горæты æмæ уыр- дæм ралыгъд. Хъомыл кодта йæ чызджыты. Хис- тæр, Рая, цæры Беслæны, Ивæ — горæты, кусы 26-æм скъоалйы ахуыргæнæгæй. Тынг арæхсы йæ куыстмæ. Афтæ зæгьæн ис, æмæ йын æрдзæй лæ- вæрд у ахуыргæнæджы дæсныйад. Йæхицæн дæр ис чызг æмæ дыууæ лæппуйы, фæзминаг сты се ’мгæртты ’хсæн, сæ ирон æгъдау æмæ æфсармæй. Æнувыд сты сæ нана Соняйыл. Фæллойы ветеран, хорз цоты ныййарæг Фида- раты Соняйæн йæ намысджын фæллойы тыххæй бирæ арфæйы гæххæттытæ лæвæрд æрцыд, уыдо-
80 Уырымты-Хъуылаты Зоя нимæ майдан «За доблестный тр^д в Великой Оте- чественной войне 1941—45 гг». Йе ’ртыккаг чызг Таисæ у нæ сыхаг, сыгьзæрин адæймаг. Зæгъæн ис, Соня æмæ Барисы фыдæбæттæ нæ фæдзæ- гъæл сты, дзæбæх цот схастой æмæ сæ фæд стъа- лыйау æрттивы. Соня кæд сидзæргæсæй баззад, уæддæр йæ сæрмæ не ’рхаста, чындзы цы ирон хæдзармæ æрцыд, уый ауæй кæнын, æмæ абон дæр Дæргъæвсыхъæуы цæрынц. 18.08.95 Цæй диссаг у ирон лæг!.. Уæлладжыры комы Цъамады хъæуы цардысты Уырымты Цыцо æмæ Дысе. Иузаман Цыцо йе ’фсы- мæр Майрæмимæ ралыгъдысты Æрыдонмæ. Цыцо ахъуыды кодта æмæ фæстæмæ Цъамадмæ алыгъд, нæ зæххытæ хохы дзæгьæл зайынц, зæгъгæ, Май- рæм та баззад Æрыдоны цæргæйæ. Цыцо æмæ йæ ус Дысейæн (Мадзаты чызг) уыдис æхсæз сывæл- лоны: Хъуыдинæ, Дарæ, Тæтæ, Егка, Бега, Дзы- дзу. Уыдонæй алкæмæн дæр уыд бирæ цот. Фæлæ се ’ппæтæй фылдæр цот уыд Тæтæйæн. Тынг кусаг лæг уыд Тæтæ. Уæлдай хуыздæр арæхст хъæды куыстмæ. Æз ма йын хорз хъуыды кæнын йæ арæзт хъæдын дзаумæттæ. Æрæджы йæ къухæй конд тым- был фынг мæ мад радта Æрыдоны музеймæ. Тæтæйы фæстæ цы къабæзтæ ис, уыдонæй дæр бирæтæ арæхстысты хъæды куыстмæ, фæлæ æппæтæй дæсныдæр уыдис йæ чызг Дудуйы лæп- пу Реуазты Иван —амард ацы аз сентябры, рухсаг уæд. Иваны куыстытæ канд Ирыстоны нæ зыд- той, фæлæ ма суанг фæсарæнты дæр. Тæтæ æмæ Бæдзыг (Æмбалты чызг) нымад уыдысты хорз бинонтыл, сæ цоты куьгд хъомыл кодтой, уымæ гæсгæ дзы хистæр хистæры æмбæрста, кæстæр — кæстæры. Сæ цот, уæды заманы хорздзинадæй цы уыдис, уыдонæй алцæмæ дæр арæхстысты.
Мсг зæрдæ баззад уемæ... 81 Тæтæ йæ лæппутæй иуы — Гæбисы — барæвдзытæ кодта Æрыдоны семинармæ. Гæбис семинар каст фæцис 1912—13-æм азты хорз бæрæггæнæнтимæ. Сæхи хъæуы, Цъамады, бауарзта Бицъоты чыз- джы æмæ ирæдæн æхца кусынмæ ацыд Америк- мæ. Ацайдагъ ын уым куыст, цард, æмæ иннæ ирон лæппуты хуызæн йæ къухы нал бафтыд револю- цийы агьоммæ æрбацæуын. Фыстæджытæ бæргæ фыста, фæлæ, куыд æмбæлы, афтæ нæ хæццæ кодтой уыцы змæст рæстæджы. Тынг æхсайдта йæ зæрдæ Ирыстонмæ. Фыццагдæр цы æхца ба- куыста, уыдон æрбарвыста Æрыдоны семинарæн. Уырымты Кирил æмæ Савели куы бакастысты га- зет «Рæстдзинад»-ы уыцы хабар, уæд ныффыс- той Гæбисмæ æххуысы тыххæй, æмæ сын 10 дол- лæры æрбарвыста. Гæбис йæ мадызæнæгæн æхца дæр æмæ уæлæйы дарæс дæр æрвыста йæ хо Ду- думæ. Дуду та дзы хай кодта йæ хотæ æмæ æфсымæртæн. Уыцы рæстæг Гæбисы æфсымæр- тæй иуы — Мишкайы — ахастой Сыбырмæ 25 азы, иннæ æфсымæр Биас уыд коммунист, амардтой йæ, Советон паддзахад æмæ колхозты ныхмæ чи уыд, уыцы знæгтæ. Ацы бæллæхтæ æрцыдысты 1937-æм азы. Гæбис уыдис тынг зондджын, хæрзконд æмæ хъаруйæ æххæст лæппу. Дзаума-иу йæ хæрзконд уæнгтыл, куыд æмбæлд, афтæ куынæ бадтис, уæд æй ницы хуызы скодтаид. Ахуырырдæм тынг здæхт кæй уыдис, уый тыххæй йæ рарвыста йæ фыд Æрыдоны семинармæ дæр. Йæ фыды æфсы- мæр Бега дæр уæлæдарæс уарзаг уыд. Уымæн та иу хæдон уыд, æмæ йын æй хъуг баууылдта. Уый йæ скъæты талынг къуымы бабаста æмæ йæ би- понтæ та хохы къуымты агуырдтой. Бега та йæ иу къах иннæуыл сæвæрдта æмæ æнæмæтæй бады. Уæд æм йæ нана дзуры, ды куыд нæ рацагурыс хъуджы, зæгьгæ. Уый йæм дзуры, йæ удæн тас нæу, зæгъгæ, æхсыр куы нал æркæна, æндæр. Бегайæн тынг хорз лæппу уыдис — Уыгъалыхъ, æмæ Пысылмонхъæуы æххуырсты ныллæууыд.
82 Уырымты-Хъуылаты Зоя Хъæдæй суг ласгæйæ афынæй, рахауд æмæ уæр- доны бын фæцис. Тæтæ æмæ Бегайы иннæ æфсы- мæр Егка та хъæздыгдæр цард, йæ фырт Дзоцци Америкæйæ бирæ ’хца сласта, æмæ Налцыкмæ алыгъдысты. Стыр хæдзæрттæ сарæзтой. Фæс- тæдæр сæ кулак куы скодтой, уæд Егкайы лæп- путæ Нодар æмæ Дзоцци сæхи Дзæуджыхъæумæ райстой. Дзоццийыл-иу иннæ лæппутæ худтысты, арахъхъ кæй нæ нызта, уый тыххæй. Гæбис, Ирыстонмæ йæ зæрдæ æхсайгæйæ, 50 азы бæрц цард æнæ усæй. Стæй ракуырдта англи- саг сылгоймаг æмæ сын райгуырд чызг, сæвæрд- той йыл ном Зæлихан. Ныртæккæйы цард куы уыдаид паддзахы заман ирон фæсивæдæн, уæд зæххы къорийы алы къуымты нæ ныппырх уыда- иккой. Цалдæр азы размæ «Рæстдзинад»-мæ Тауытты Дзамбег куыд фыста, 50 азæй фылдæр фæсарæнты фæцардтæн мæ райгуырæн бæстæмæ мæ былыцъæрттæ хæргæйæ, зæгъгæ, афтæ уыд сæ хъысмæт Гæбис æмæ иннæ ирон лæппутæн ис- кæйы зæххыл. Гæбисæй фæстаг хатт фыстæг уыд сæрды 1982-æм азы, йе ’фсымæр Мишкайы амар- дыл 5 мæйы куы рацыд, уæд. Фыста, кæй йыл цæуы 90 азы. Æппынкъаддæр 20 азы ницы хабар фехъуыста Ирыстонæй æмæ фыстæг куы райста, уæд сывæллонау куыдта. Бирæ хæттыты цæуын- мæ хъавыд Ирыстонмæ æмæ та-иу не срæвдз. Фыста, тынг кæй уарзы Уæрæсейы, хуыдта йæ райгуырæн бæстæ. Йæ фыстæджы куырдта, ма, дам, мæ рох кæнут. Цæй диссаг у ирон лæг, æвæдза, цæрæнбонты Ирыстоны мæт чи кæны. Æз ахæм адæймагыл ба- нымадтон Козаты Зелимы дæр. Зелимы тыххæй «Рæстдзинад» фыста ацы аз 2-æм мартъийы. Куыд æмбæлы ирон адæймагæн, афтæ Хъантемыраты Олегимæ Нью-Джерсийы штаты бацагуырдтой, ирон адæм кæм ныгæд сты, уый, æмæ сын рухсаг загътой иронау. Гæбис Сан-Фрацискойы цардис, Зелимимæ æз ныхас кодтон телефонæй, æмæ мын зæрдæ бавæрдта, цы амал уа, уымæй кæй сбæл-
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 83 вырд кæндзæн Гæбисы хабæрттæ дæр. Æмæ раст бакæндзæн, ирон лæгæн æмбал нæй, кæмфæнды уæд — йæ кад æмæ намыс бæрзонд сты. 26.10.95 Рсестзæрдæ лæг уыд Цытджын Октябры революци стыр циндзинад æрхаста мæгуыр адæмæн, бар сын радта хæхбæс- тæй быдырмæ ралидзынæн. Дæйыхъæуæй Крас- ногормæ ралыгъдысты Хъантетæ. Ацы мыггаджы уыдис куырыхон лæгтæ: Тотрадз, Дженардыхъо, Гацыр, Тега, Бечи... Гыццыл ма куы уыдтæн, уæд, Хъантетæ æмæ Уырымты ’хсæн цы хæстæгдзинад уыдис, уым цыдæр змæстытæ рауад. Уый фæдыл мæ фыды хæдзары æрæмбырд сты, цæмæй æрны- хас кæной бæлвырд уыцы фарстатыл. Тотрадз фæлмæн æмæ уæздан лæг уыдис, йæ ныхæстæ уыдысты арф хъуыдыджын. Мæ фыдимæ хæла- рæй цард æмæ йæ арæх уыдтам нæ хæдзары дæр. Хорз кæстæртæ йын баззад, хъæубæстæ сæ стыр бузныг сты æмæ дарддæр сæ цард ноджыдæр аив- дæр кæнæд. Иузаманы мæ фыдмæ йæ фыды æфсымæры лæппу Теккайы бинойнаг рынчынфæрсæг ссыд Ставд-Дуртæй æмæ йæм уайсадгæ кодта. Мæ фыд ын бæргæ лæгъстæ кодта, цæмæй бадгæ дæр скæ- на, исты хабæрттæ дæр ракæна, фæлæ-иу зæронд ус фæлмæн худт бакодта мæ фыды дæлфæдтæм лæугæйæ. Кæрон нæ уыд йе ’фсармæн. Дженардыхъо æмæ Айшæт Красногоры сæхи къухæй хæдзар скодтой. Се ’хсæзаздзыд лæппу Еналдыхъо дæр сын стыр лæгау кæстæриуæг код- та æмæ дзы сæ зæрдæ рухс уыди. Быдырмæ куы ралыгъдысты, уæд ма сын райгуырдис дыууæ чыз- джы — Фузæ æмæ Ирæ. Бацыдысты колхозмæ æмæ дзы зæрдæрухсæй фæллой кодтой. Уалын- мæ арæзт æрцыд хъæуы авдазон скъола æмæ дзы
84 Уырымты-Хъуылаты Зоя Еналдыхъо дæр ахуыр кæнын райдыдта. 10 къла- сы та фæцис Николаевскы станицæйы. Афтæ уарз- та сывæллæтты, æмæ йæ сабийы бонты йæ зæр- дæйы сæвзæрд стыр бæллиц — ахуыргæнæг суæ- вын. Бацыд педагогон институтмæ. 1936-æм азы йæ каст фæцис æмæ йæ арвыстой директорæй Красногоры скъоламæ. Йæ зонындзинæдтæ зæр- диагæй лæвæрдта, йæ удæй фылдæр кæй уарзта, уыцы хъæуы сывæллæттæн. Цыбыр рæстæгмæ скъола бацахста районы фыццаг бынат. Йемæ куыстой бирæ хорз ахуыргæнджытæ, сæ уарзон- дзинад сыæллæттæм уыдис æнæкæрон тыхджын. Уыдон уыдысты Цомайты Леска, Реуазты Аныч- кæ, Баскаты Валя, Æккалаты Надя, Верæ, Тама- рæ (æртæ хойы), Дзитойты Уарзетæ æмæ Заре- тæ, Тохты Иван æмæ æндæртæ. Тохты Иван хæс- тæй тынг цæфтæй сыздæхт, кусын нал баци йæ бон, фæлæ йæ амæлæты бонмæ фыста æмдзæв- гæтæ. Еналдыхъо-иу йæ хæдивæг Хъуппеты Алык- сандримæ клубмæ куы ’рбацыдысты, уæд-иу гыц- цылæй, стырæй слæууыдысты адæм, раст-иу цыма уæларвæй дыууæ зæды æртахт. Еналдыхъо ахæм зондджын лæг уыдис, æмæ хорз æмбæрста, сы- вæллæттæй кæмæ цы курдиат ис, чи дзы цавæр адæймаг уыдзæн дарддæр, чи дзы цы пайда æрхæс- дзæн бинонтæн дæр æмæ райгуырæн бæстæйæн дæр, уый. Нæ мад та дзы уæлдай бузныг уый тых- хæй уыд, 1930-æм азты йын йæ сабиты цардмæ кæй бацæттæ кодта. Хъулон уарзт кодта мæ хис- тæр æфсымæр Тамерланы. Еналдыхъо-иу искæ- дæм куы цыдис, уæд ын-иу бафæдзæхста, дæ цæст- иу дар къласы ахуырдзаутæм, цалынмæ æрбаздæ- хон, уæдмæ. Лæппуйыл-иу базыртæ базадис æмæ- иу æнцой нал зыдта. Чи зоны æмæ ахæм лæг дæр уый фæрцы у Тамерлан абон. 1951-æм азы Хæх- хон-металлургон институт куы фæцис, уæдæй ныр- мæ кусы стыр бæрнон бынаты Казахстаны. Раст куы зæгъон, уæд уыцы рæстæджы ныййарджы- тæн се ’ппæты дæр фæндыд, цæмæй сæ сабитæй рауайа Еналдыхъойы хуызæн адæймæгтæ. Чи йæ
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 85 зыдта, уыдоны зæрдæты абон дæр афтæ арф æвæрд у, æмæ йæ никуы ферох кæндзысты. Рæ- сугъд, зондджын, рæстзæрдæ лæг уыд. 1941-æм азы нæ Райгуырæн бæстæмæ æрбалæ- бурдта цыфыддæр знаг. Еналдыхъо араст хæсты цæхæрмæ. Ныууагъта йæ уарзон скъола, йæ фæр- ныг хæдзар, йæ фæлмæн мад æмæ фыды, йæ хоты, йæ бинойнаг Уарзетæйы та — æнхъæлцауæй. Уыцы рæстæг адæм куыд фенкъард сты, уый ма хорз хъуыды кæнын абон дæр. Хæстмæ чи ацыд, уыдо- ны раивтой сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ зæ- рæдтæ. Адæм стыр сагъæсы бацыдысты, æххуыс кодтой фронтæн. Циндзинады хабæрттæ цыдæр фесты, нæ хъæу Красногоры фарсмæ Николаевс- кы станицæйæ-иу зарæг дæр нал хъуыст, кæд æмæ-иу боныцъæхтæм сæ зарынæй не ’нцадысты. Мах-иу, сывæллæттæ, нæ дуармæ мæ фыды æфсы- мæр Дзодзыры къорыппы хъæмпыл бафынæйтæ стæм уыцы диссаджы зарджытæм хъусгæйæ. Енал- дыхъойæн лæппу куы райгуырд, æмæ йæм уый æфсадмæ куы ныффыстой, уæд нал фефсæрмы кодта хистæртæй дæр æмæ диссаджы цины фыс- тæг сæрвыста Уарзетæмæ. Фырнымд сылгойма- джы куыд нæ фæндыд, цытæ фыссы йæ сæрыхи- цау, уыдон тагьддæр бакæсын, фæлæ æгъдау куыд амыдта, уымæ гæсгæ йæ Дженардыхъомæ радта. Сабийыл сæвæрдтой ном Виктор. Йæ фыстæджы- ты-иу Еналдыхъо фыста æнæхъæн хъæубæстæм: «Сырх Æфсады чи басæтта, ахæм тых зæххы къо- рийыл нæй! Знагыл кæй фæуæлахиз уыдзыстæм, уый бæлвырд у. Æфсады иунæг салдат дæр ахæм нæй, йæ цард чи нæ ратдзæн иæ адæмты сæрибар- дзинады сæраппонд. Уæлахизимæ нæм æнхъæл- мæ кæсут». Карз хæстытæй иуы уæззау цæф фæцис Енал- дыхъо, бахауд уацары знæгты къухмæ. Куы фæ- дзæбæх, уæд æртæ лæппуйæ ралидзынвæид скод- той, фæлæ сæ æрцахстой æмæ сыи фыдмитæ ба- кодтой, стæй сæ фыддæр ранмæ аивтой. Уый- фæстæ сæ судзынмæ куы ракодтой, уæд уыцы
86 Уырымты-Хъуылаты Зоя рæстæг нæ хæдтæхджытæ æвиппайды бомбæтæ æрæппæрстой, æмæ фервæзтысты. Еналдыхъо уацары фембæлд бирæ ирæттыл, се ’хсæн уыд йæхи хъæуккæгтæ дæр: Реуазты Афæхъо, Хлой- ты Гæбыла, Хапсæты Батло. Афæхъо фронтæй фыста йæ бинонтæм, Хъантеты Еналдыхъойы руа- джы ма, дам, сæмбæлдыстæм нæ райгуырæн зæх- хыл, зæгъгæ. Фыста, хæринагæй дæр æмæ æппæт хъуыддæгтæй дæр сæ кæй срæвдз кодта лидзынмæ уацарæй. Еналдыхъо сын дзырдта, æртæйæ уæ иу уæддæр æмбæлдзæн йæ хæдзарыл æмæ-иу ракæ- нут хабæрттæ мæ бинонтæ, хъæубæстæн. Зæгъут- иу, нæ бон куыд уыд, афтæ кæй архайдтам, нæ сæрмæ æгаддзинад кæй никуы æрхæсдзыстæм, кæй нæ рох кæнæм нæ фыдæлты ныхæстæ: «Ирон лæг зоны кадимæ мæлын». Уыцы æртæ лæппуйæ иу дæр нал сæмбæлд йæ хæдзарыл. Æрмæст ма Афæхъойы ингæны уæлхъус балæууыдысты Эс- тонийы йæ хо Анычкæ æмæ æфсымæр Санахъо. Еналдыхъо ма Уæрæсейы зæххыл æрдæгмар- дæй кæй сæмбæлд, ууыл стыр цин кодта. 1947- æм азы сыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Адæм кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг згъордтой, Енал- дыхъо ссыд, зæгъгæ. Йæ ус Уарзеты сæййæфта уæззау рынчынæй, йæ хо Фузæ амард. Йæ гыц- цыл Викторы арвыста Дæйыхъæумæ, цæмæй уал уым хъомыл кæна. Еналдыхъо Уарзеты климæт аивыны тыххæй Уыналмæ аласта æмæ йæхæдæг дæр уым скъолайы куыста. Амы адæм дæр æй афтæ бауарзтой, æмæ дзы Цæллагтæй иу сылгой- маг афтæ загъта: «Мад дыккаг Еналдыхъойы хуы- зæн авдæны нал ауздзæн». Хорз лæг уыд, бæгуы, йæхи никуы бааууон кодта зын рæстæг, фæлæ сыгъдæг цæсгомимæ цард æмæ куыста. 1949-æм азы фыдбылызы бахауд. Уацары кæй уыд, уый йын йæ ныхмæ æрæвæрдтой. Йæхимæ хъусыныл фæци æмæ ахæстоны къуымты йæ сæрыл хæц- гæйæ рацу-бацу кодта ахæм ныхæстимæ: «Исчи- ма мын зæгъæд, цы ракодтон?» Цалынмæ рæст- дзинад æвзæрстой, уæдмæ Еналдыхъо 1951-æм
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 87 азы йæ цардæй ахицæн. Рафæлдæхт Дженардыхъо æмæ Айшæтæн сæ астæуккаг цæджындз. Базза- дысты дыууæ зæронды æмæ Виктор хæдзары. Виктор уайтагъд айрæзт, фæцис 10 класы æмæ бацыд хъæууонхæдзарадон институтмæ. Цалынмæ ахуыр кодта, уæдмæ та Хуыцау йæ бæллæх æрæ- вæрдта ацы æнамонд хæдзарыл æмæ дыууæ зæ- ронды кæрæдзийы фæдыл ацыдысты ацы дунейæ. Кæд Виктор иунæгæй аззад хæдзары, уæддæр ахæццæ кодта кæронмæ йæ ахуыр. Красногоры совхозы райдыдта кусын директорæй. Не суæгъд кодта йæ фыдыуæзæг. Бахæстæг кодта Æрыдоны Æмбалтимæ. Наташæ цы бон æрбацыд Хъантеты хæдзармæ, уæдæй абонмæ кусы хъæуы дохтырæй. Бинонты цард йæ гаччы сбадт. Уайтагьд дзы рай- хъуыст сывæллæтты худын, æмæ рæзынц дзæбæх, æнæнизæй Аидæ, Сослан æмæ Мæдинæ. Сты фæз- минаг ахуыры дæр æмæ хæдзары мидæг дæр. На- ташæ æмæ Викторæй хъæуы адæм стыр бузныг сты. Иу хъуыддагæй дæр сæхи нæ раласдзысты. Виктор ныртæккæ у Красногоры хъæуы админис- трацийы хицау. Сæ хæдзар у мыды къусы хуы- зæн. Наташæ æмæ Виктормæ цы бирæ хорз фæн- дтæ ис царды мидæг, уыдон рæсугъдæй сæ къухы бафтæнт. 27.10.95 Дæу аккаг ныхæстæ куы ссарин Мæн фæнды иу хорз адæймаджы тыххæй зæ- гъын. Уый у Маркъозты Никъалайы чызг Раисæ. Куыста Æрыдоны скъола-интернаты директорæй, гсз та йæм уыцы рæстæг æрвыст æрцыдтæн ахуыр- гæпæгæй. Ацы скъола уыдис Уæрæсейы Федера- Цийы фыццагдæртæй. Гом та йæ бакодтой, паддза- хы заман днны семинар кæм уыд, уыцы егъау агъуы- сты. Кæрт дæр дзы — стыр. Цы ахуыргæнджытæ Дзы куыстой, уыдон — æрыгон чызджытæ æмæ
88 Уырымты-Хъуылаты Зоя лæппутæ искуы иуæй фæстæмæ. Æхсæв, бон нæ зыдтам, афтæ куыстам Раисæ Никъалайы чызджы разамындæй, йæ ныхæстыл ын дыууæ ничи загъта- ид, æмбæрстам кæрæдзи. Цы сывæллæтты ахуыр кодтам, уыдоны тыххæй уыйбæрц зæгъæн ис, æмæ диссаг. Бирæ рæсугьд бæрæгбонтæ арæзтам Раисæ- йы амындмæ гæсгæ. Уый алы хъуыддаджы дæр уыдис нæ раздзæуæг канд куысты мидæг нæ, фæлæ царды иннæ фарстаты дæр. Алы мæй дæр сывæл- лæттæн арæзтам райгуырæн боны бæрæгбæттæ, тынг сæм цæттæ кодтой сывæллæттæ сæхæдæг дæр. Раисæ Никъалайы чызг-иу тынг рæсугъд ныхæстæ загьта, хъæбыстæ дæр-иу акодта сывæллæтты сæ райгуырæн боны тыххæй. Иуæй-иу хатт-иу нæ зæр- дæ дæр суынгæг сывæллæтты цины цæссыгтæм кæсгæйæ. Сабат кæнæ-иу бæрæгбонты сывæллæт- ты сæхимæ хонынмæ куы ’рбацыдысты, уæд-иу нæ зыдтой, ацæуой æви нæ. Мах дæр сæ афтæ уарзтам, æнæ уыдон тынг æнкъард уыдис. Æз мæ- хæдæг иухатт дыууæ боны куысты нæ уыдтæн. Куы ’рбацыдтæн, æмæ мæ мæ къласы сабитæ куы ауыдтой, уæд мæ алыварс амбырд сты æмæ мын кæугæйæ дзырдтой, куыд мæм æнхъæлмæ кастыс- ты, уый. 5-æм къласы чи ахуыр кодта, ахæм чыз- гæн йæ мад амард æмæ мæн схуыдта йæ мад. Уый уыдис Хъесаты Эммæ (рухсаг уæд). Уыдис ын цып- пар сывæллоны, æмæ ныр баззадысты бынтон иунæ- гæй, сæ фыд Хъыргъуты Хъазыбег дæр мæхъхъæ- лы хæсты заман уæззау цæф фæци æмæ ахицæн йæ цардæй. Иугыццыл сæм мæ цæст дарын, фæлæ сæ зæрдæйæ бирæ уарзын. Маркъозты-Васильева Раисæ райгуырд 1922-æм азы, Коцойты хæрæфырт у. Йæ фыд Никъала каст фæцис Æрыдоны дины ссминар, уыйфæстæ Санкт- Петербурджы уæлдæр дины академи æмæ кусын райдыдта Зæрæмæджы 1900-æм азы. Цыбыр рæ- стæгмæ йæ комы адæм банымадтой сæхицæн æппæ- ты уарзондæр адæймагыл, иттæг хорз ахуыргæ- иæгыл. Бакуыста дзы 1916-æм азы онг. Абон дæр ма комы йæ кой баззад. Раисæ йын уыдис дыууа-
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 89 дæсæм сывæллон. Цыппар чызджы дзы ацыдыс- ты йæхи фæндагыл, райстой ахуыргæнæджы дæс- ныйад, уыдонæй иу уыдис Раисæ. Немыцаг лæгмартæ Ирыстонмæ куы бырстой, уæд адæм зæрондæй, ногæй тох самадтой сæ ных- мæ. Уыдоны æмрæнхъ æрлæууыд æрыгон Раисæ дæр. Æхсæв-бон нæ зонгæйæ йæхи æппæрста раз- загдæр рæнхъытæм. Уый фæдыл йæ кады гæх- хæттыты ис ахæм ныхæстæ фыст: «Дзæуджы- хъæумæ немыцаг фашисттæ куы лæбурдтой, уæд йæ кадджын хъахъхъæнджытæй иу уыд Маркъоз- ты-Васильева Раисæ Никъалайы чызг дæр. Уæл- дæфæй фашисттæ æхстой Ирыстоны сæйраг го- рæт, фæлæ уæззау, тæссаг рæстæг æдæрсгæйæ сырхæфсæддонтæн хаста хæринаг, æндæр хъæугæ дзаумæттæ...» Хæсты фæсчъылдым йæ хъæбатыр фæллойы тыххæй райста цалдæр хæрзиуæджы. Кадджын бæрæгбæтты-иу йæ риуыл æрттывтой, æмæ-иу дзы мах та, кæстæр ахуыргæнджытæ, уыдыстæм сæрыстыр. Æрыдоны скъола-интернаты кусгæйæ, æз Раи- сæйæ бирæ хорз миниуджытæ райстон. Хистæр æмæ кæстæримæ ныхас кодта уыцы иухуызон уæздан, фæлмæн хъæлæсæй. Скъола-интернаты уыд 500 ахуырдзауы. Уыдон уыдысты удыхъæ- дæй, кондæй, зæрдæйыуагæй фæйнæхуызон, фæлæ Раисæ Никъалайы чызджы се ’ппæт дæр иухуызон уарзтой. Æвæццæгæн, уымæн, æмæ сын сæ ныййарджыты фæсаууон дæр мадиуæг кæй кодта. Йæхæдæг та куысты мидæг цы фарста нæ зыдта, ахæм нæ разындаид. Уыдис ын цалдæр хæдивæджы, æз дæр семæ, афтæмæй. Хистæр хæдивæг уыд Æлборты Æхсар — хорз адæймаг æмæ ахуыргæнæг. Иубон мын Æхсар афтæ бакод- та, ды æмæ, дам, Раисæ Никъалайы чызг уæлæ- уыл куынæ амбæлдаиккат, уæддæр уын мæрдты æнæ баиу нæ уыдаид, зæгъгæ. Мæнæн уыцы ны- хæстæ мæ зæрдæйы стыр циндзинад бауагътой, Раисæимæ мæ кæй абарста, уый тыххæй. Уый- фæстæ ма цас фæкуыстон ахуыргæнæгæй алы
90 Уырымты-Хьуылаты Зоя рæтты, фæлæ нал амбæлдтæн Раисæйы хуызæн адæймагыл. Æмæ мæхæдæг тынг архайдтон уый хуызæн кусыныл. Иубон мæ фыд Æрыдоны уыдис æмæ интер- натмæ æрбацыд, фенон, мæ чызг куыд арæхсы куысты мидæг, зæгъгæ. Раисæ куы базыдта, мæ фыд кæрты ис, уый, уæд рацыд æмæ йын дунейы арфæйы ныхæстæ ракодта мæн тыххæй. Мæ фыд исдугмæ хъуыдыты ацыд, кæд мын æндæр искæ- мæй æппæлы, зæгъгæ. Ахуыр æмæ царды раст фæндагыл сывæллоны сæвæрын æнцон нæу, уымæ гæсгæ куыстмæ куыд- фæндыйы цæстæй нæ каст, фæлæ агуырдта æдзух- дæр ног мадзæлттæ. Æниу, цас хъарм зæрдæлхæ- нæн ныхæстæ зоны, уый та! Алы адæймаджы зæр- дæмæ дæр йæ бон у фæндаг ссарын гыццылæй, стырæй. Æппæтæй æххæст кæй фæхонынц, ахæм адæй- маг у Раисæ. Фæлæ азтæ цæуынц æмæ сæ куыст кæнынц. Бæлвырд æй зонын, Раисæ ацал-ауал азы цы скъолайы фæкуыста, цы сывæллæтты фæхъомыл кодта, цы ахуыргæнджыты æхсæн куыста, уыдонæн цас æхсызгондзинад æрхæсдзæн ацы уацхъуыд, уый. Кадимæ сæххæст кодта, ахуыргæнæджы размæ цы фарстатæ æвæрд ис сы- вæллоны хъомыл кæныны тыххæй, уыдон, æмæ ма сæ абон дæр æххæст кæны — 4-æм скъолайы рæзгæ фæлтæрæн рæдауæй дæтты йæ зонындзи- нæдтæ. Йæхæдæг йæ къай Федоримæ схъомыл кодтой дыууæ хорз лæппуйы. Альберт сси дох- тыр, Вячеслав — афицер. Хъомыл кæнынц уыдо- ны цоты дæр. Ахуыры бæрзæндтæм ахæм ахуыр- гæнджыты фæдыл фæцæуынц фæсивæд. Раисæ- йæн йæ фæндыр æмæ гитарæйыл цагъд, зарын, хъæлдзæгдзинадæн æмбал нæй. Тæхуды æмæ дæу аккаг ныхæстæ куы ссарин, Раисæ... Цæр нын амондджынæй, зæххыл цыдæриддæр хорздзи- нæдтæ ис, уыдонæй хайджын у! 8.03.96
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 91 Хъусынæй йæм не ’фсæдæм Уæдæ, зæгьын, цæй диссаджы адæймаг у Гио- ты Михал. Куыд бирæ хорздзинæдтæ зæгъы йæ зæрдæ адæмæн, нæ гыццыл æмæ кадджын Ирыс- тонæн. Кæсын æмæ йæм хъусынæй не ’фсæдæм. Стыр æмбырдты ирон дарæсы куы фæзыны, уæд нын йæ ныхас дæр уæлдай æхсызгондæр вæййы. Хетæджы къохы тыххæй цас бирæ хорздзинæдтæ аразы, цас рæсугьд фæндæттæ бахæссы. Тынг æй фæнды, цæмæй, уыцы диссаджы кувæндон нæ фыдæлтæ куыд хъахъхъæдтой, афтæ уа дарддæр дæр, цæмæй, мах фæстæ цы фæлтæртæ цæра, уыдонмæ йæ раттæм, æрдз æй куыд сфæлдыста, афтæ рæсугьдæй. Хъуыды кæнын, мах-иу, сывæллæттæ, нæ хис- тæртимæ алы аз дæр уырдæм куыд цыдыстæм. Ныййарджытæ нын-иу фæдзæхстой, дард куыд нæ цæуæм, науæд фæдзæгъæлæй тас уыд. Бæлæстæн сæ бакаст дæр уæйгуытау уыд, цыма уыцы иу бон сагъд æрцыдысты, сæ быны та алыхуызон бæр- зонд кæрдæг æмæ къудзитæ задис уæдьг рæстæг. Ныр цы фесты, уый бæрæг нæй. Хетæджы бæрæгбонмæ-иу нæ фыдæлтæ тынг цæттæ кодтой. Нана-иу мысайнæгтæ сыгъдæг бæм- бæджы батыхта, тæбæгъ-иу кувинæгтимæ сцæттæ кодта, авджы та — æхсыр кувынмæ. Дзуары лæг- тæм-иу сæ бахастам, скуывтой-иу сæ, стæй-иу дзуа- ры бынæй нæ кувинæгтæй хæдзармæ дæр æрхас- там, цæмæй дзы бинонтæ се ’ппæт дæр фæхъæстæ уыдаиккой. Æвæдза, нæ куырыхон хистæртæ тынг зонаг æмæ домаг уыдысты. Домдтой сæ кæстæртæй æгъ- дау, æфсарм. Фæдзæхстой, цæмæй кувæндоны нæхи хорз дарæм, æрра худтытæ æмæ дзæгъæлы ныхæстæ ма кæнæм, къалиутæ ма сæттæм, кæр- дæджытæ ма ссæндæм, цæмæй Дзуары бын, Хуы- цау цы радта, уыдон хъахъхъæнæм, быроны æгъ- дауæй дзы нæ фæстæ мацы уадзæм. Ныр дæр
92 Уырымты-Хъуылаты Зоя кæстæртæй ахæм фæтк домы Гиоты Михал, æмæ йæ цæрæнбон бирæ, йæ куырыхон зондæй фæси- вæд хайджын уæнт æмæ уый хуызæн фæрныг фæндæгтыл фæцæуæнт. 20.06.96 Василъевты нындзæхсæв Рагæй цæрынц Дзæуджыхъæуы Федор Васильев æмæ йæ къай Раисæ. Бирæ азты фæкуыстой æхсæ- надон бæрнон бынæггы, сæ зонд, сæ хъару, уды- хъæды миниуджытæ парахатæй лæвæрдтой рæзгæ фæсивæдæн. Ныртæккæ сты пенсийы, уадзынц сæ фæллад. Сæ дыууæ фырты — Вячеслав æмæ Аль- берт — систы дæсны дохтыртæ. Медицинæйы бул- къон Вячеслав Федоры фырт кусы республикæйы æфсæддон комиссарады, у Уæрæсейы уæлдæр ка- тегорийы дохтыр. Альберт кусы Дзæуджыхъæуы дыккæгæм клиникон рынчындоны сæйраг дохтырæй. Дыууæйæ дæр Ирыстоны адæмы æнæниздзинадæн сæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй дæггынц æмæ сын бузныг зæгъæм. Фæлæ мæнæн мæ ныхас уыдзæн, Вячеславы фырт Георгийæн æрæджы цы диссаджы ирон чындзæхсæв скодтой, уый тыххæй. Æз дзы мæхæдæг дæр сæмбæлдтæн. Иуныхасæй, Васильевты бинонтæ фыдæй, фыр- тæй дзурынц сыгъдæг иронау, тынг баст сты ирон адæмимæ. Чындзæхсæв дæр арæзт æрцыд ирон æгъдаумæ гæсгæ. Вячеславы фырт Георги каст фæци Хæххон аг- рарон университеты инженерон-автомобилон фа- культет. У тынг дæсны автомобилист. Уыцы чындзæхсæв арæзт æрцыд æрæджы нæ горæты Къостайы проспекты 92-æм хæдзары. Куыд хъæлдзæг æмæ рæсугъд уыдысты уыцы бон Васльевты бинонтæ! Усгур лæппуйы ныййарджытæ Вячеслав æмæ Беллæ тынг райгæйæ æмбæлдысты сæ уазджытыл.
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 93 Беллæ чындзæхсæвы æппæт хабæрттæ дæр йе ’фсин Раисæ æмæ хицау Федоры уынаффæмæ гæс- гæ кодта. Йæхæдæг дæр тынг сæрæн у, алы хъуыд- дагмæ дæр арæхсы, фæлæ æгъдау афтæ амоны, æнæ хистæры уынаффæйæ кæстæр рæдийын дæр зоны. Куыннæ федтон чындзæхсæвтæ дæр, фæлæ уæддæр Васильевты ирон чындзæхсæв мæ зæрдæйы баззад. Фарастуæладзыгон хæдзары кæрт афтæ дзæбæх æфснайд уыдис, æмæ зæрдæ рухс кодта цæрджытæн сæ алы фæзылдæй дæр. Иу хъæр ны- хас дзы нæ фехъуыстам. Тынг бирæ æвзаргæ адæм æрæмбырд чындзæхсæвмæ, суанг ма сæм хæстæг- дæр республикæтæй дæр æрцыдысты. Сæ чындзаг дæр уыд ирон — Гæбæраты Барис æмæ Виолетæйы чызг Ирæ. Фæсивæдæй та сæм фезмæлæн дæр нæ уыд, æвзаргæ лæппутæ æмæ чызджытæ. Ацыдыс- ты чындзхæсджытæ рæсугъдæй, хъæлдзæгæй. Гæ- бæратæм бафæстиат сты æртæ сахаты бæрц, стæй уалынмæ æрбахæццæ сты хъазгæ, заргæ-худгæйæ чындзимæ. Æрыгон чызг Ирæйыл ахæм ирон да- рæс уыдис, æмæ йæм адæм кæсынæй не ’фсæстыс- ты. Бирæ фæкуывтой ног чындзæн, хистæртæ нæ ферох кодтой, цы хæдзармæ æрбацыд, уым цы куы- рыхон хистæртæ ис, уыдоны дæр — Федор æмæ Раисæйы, арфæ сын кодтой, хорз фæдонтæ сын кæй ис, уый тыххæй. Лæмбынæг хъуыста чындз хистæрты ныхæстæм æмæ-иу мидбылты фæлмæн бахудт. Бынтон æвзонг чызг, медицинон академийы 4-æм курсы студенткæ, хорз мад æмæ фыды къу- хы чи схъомыл, ахæм. Васильевты кæрты циндзинадыл цин кæнынмæ чи сæмбæлд, уыдонæй иу дæр рохуаты нæ уыд. Суанг талынгтæм фæндыр æмæ оркестры цагьд не ’рсабыр. Фынгтæ æртасыдысты алыхуызон хæрд æмæ нозтæй. Тых ничи кодта хæрд æмæ нозтæй фынджы уæлхъус. Иу расыг нæ, фæлæ нозтджын адæймагыл дæр не ’рхæцыд цæст. Суанг изæрмæ адæм зарын æмæ кафынæй нæ банцадысты, сы- вæллæттæ дæр цингæнгæ разгъор-базгъор кодтой.
94 Уырымты-Хъуылаты Зоя Хæдзары цæрджытæй иу лæппулæг Джыккайты Зауыр та афтæ кафыд, зарыд, æмæ адæмы зæрдæ- ты стыр циндзинад уагъта, бирæтæй уымæ кæс- гæйæ сæ хæдзæрттæм цæуын дæр ферох. Зауыр, бирæ азты дзæбæхæй, æнæнизæй цæр, дæ кæс- тæрты дæр ахуыр кæн дæ хорздзинæдтыл. Æры- гон бинонтæ Георги æмæ Ирæйæн та нæ зæрдæ зæгъы, æмзай-æмзæронд куыд бауой. Хистæртæ сын кæй фæкуывтой, уыдон сыл æрцæуæнт. Ацы чындзæхсæвы цы адæм æрæмбырд, уыдо- ны номæй мæ бон бузныг зæгъын у зæронд Фе- дор æмæ Раисæйæн, Вячеслав æмæ Беллæйæн, афтæ сæ кæстæртæн дæр сæ уæздандзинады тых- хæй. Иры зæххыл цы адæм цæры, уыдонæн та мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй сæм фылдæр уа ахæм хъæлдзæгдзинæдтæ, кæрæдзийы хуыздæр куыд æмбарой. Уадз æмæ алы кæртæй дæр хъуысæд сывæллæтты худын æмæ фæндыры цагъд. 6.07.96 Хæрзиуæг ын бæргæ хъуыд Мæ зæрдыл арæх æрлæууы Беккуызарты Ан- нæйы хъысмæт (рухсаг уæд). Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд йæ дыууæ гыццыл саби- имæ иунæгæй аззад Бæрæгъуыны Урсдоны был. Йæ сæрихицау Гаги йæ кæстæр æфсымæр Хазбиимæ ацыдысты хæстмæ. Цæмæй зыдта Гаги, хæст афтæ дæргъвæтин ахæсдзæн æмæ йæ рæсугъд æрыгон бинойнаг сидзæргæсæй баззайдзæн доны был æрдæг- конд хæдзары. Аннæ куыста колхозы быдырты æхсæвæй, бонæй, хъомыл кодта йæ лæппу Тотрадз æмæ чызг Светланæйы. Æххуыс ын кодтой, йæ алы- варс чи цард, уыцы æрвадæлтæ. Сыхы дæр дзæбæх устытæ царди — Дунка, Беккуызарты Кишка, При- ты Дуду æмæ æндæр адæмтæ. Лымæнæй цардысты иумæ, уæлдайдæр та хæсты заман. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, мæгуырыл дур дæр хæрдмæ тулы, зæгъ-
Мсе зæрдсе баззад уемсе... 95 гæ. Урсдон раивылд æмæ æнæхъæн доны былы сыхы хæдзæрттæ аласта, уыдонимæ уыд Аннæйы æрдæг- конд хæдзар дæр. Æппæт хъæу дæр æххуыс код- той, цæмæй ма сæ фæллæйттæй исты фервæза. Мах, скъоладзаутæ дæр, ахуыргæнджытимæ уыдыстæм уым. Афтæмæй Аннæ ахауд хъæуæн йæ иннæ кæ- рон иу хæлддзаг хæдзармæ. Бахъомыл кодта ам йæ сидзæрты. Чызджы моймæ радта æндæр хъæумæ, Тотрадз дæр бинонты хъуыддаг бакодта. Фæстæ- дæр хæдзар куы балхæдта, уæд йæ мадæн лæгъстæ кодта, цæмæй æнæ фыдбылызæй ныууадза, хæлын чи райдыдта, уыцы къуым. Мад куыд нæ уарзта йæ иунæг фырты, фæлæ йын тынг зын уыд уырдыгæй рацæуын, хъынцъым кодта, йæ дарæг хæсты быды- ры фесæфт, афтæмæй йæм æппындæр цæстдарæг кæй нæ уыд, ууыл. Уый тыххæй цыди алы рæттæм йæ курдиатимæ, цæмæй йын баххуыс кæной йæ хæ- дзар цалцæг кæнынæн, фæлæ никуы æмæ ницы. Иуахæмы йæм горæтæй дæр иу лæджы æрæрвыс- той. Уый федта хæдзар, фæлæ дзурджытæ фæцис, йæ лæппуимæ, дам, цæрæд, зæгъгæ. Æмæ нæ бæс- тæйы цал Аннæйы хуызæн сылгоймаджы уыд, æмæ се ’ппæт дæр сæ фырттимæ цардысты? Уæд фырт кæмæн нæй, уый та? Закъон амоны æххуыс кæнын æмæ йæм фæкæсын хъуыд. Ныр Аннæ ацыд йе ’ну- сон хæдзармæ, фæлæ ма цы иугай хæствæллад адæй- мæгтæ ис, уыдонмæ лæгьз дзурын уæддæр куыд арæхсæм, ахæм амонд нæ уæд. 6.07.96 Сæбайы фседонтæ Годжиты Сæба, фыццагдæр Бæрæгъуыны зæх- хыл чи ’рлæууыд æмæ дзы цæрæн хостæ чи арæз- та, уыдонæй иу уыд. Хохаг адæм быдыры рæвдз февнæлдтой зæххы куыстмæ, фос дарынмæ. Зæр- дæргъæвд уыдысты алы хъуыддагмæ дæр. Уыцы заман химикаттæн сæ кой дæр нæ уыд, ластой
96 Уырымты-Хъуылаты Зоя быдыртæм фаджыс. Хæсты размæ нæ колхоз афтæ хъæздыг уыдис, æмæ-иу районы фыццаг бынат бацахста — паддзахады хæстæ-иу уæлдайджын- тæй сæххæст кодта. Æрæвæрдтой-иу сæ рæбыны алыхуызон мыггæгтæ иннæ азмæ, стæй-иу колхо- зонты кæртытæм къорыпджын уæрдæтты ласын байдыдтой алыхуызон хортæ æмæ халсартæ. Диссаджы харбызтæ дзы задис, пъамидортæ, джитъритæ. Суанг ма дзы пырындз æмæ гречкæйы куыст дæр кодтой. Гæн æмæ æхсынæнты быдыр- тæн та кæрон дæр нæ уыдис. Колхозонтæм гæны куыст æппæты зындæр каст. Уыцы хурмæ-иу гæн кæрдгæйæ рыг буарыл афтæ ныйичъи, æмæ-иу изæрæй Урсдоны найгæйæ фылдæр хатт буар зми- сæй æхсгæ æрцыдис. Иннæмæй-иу расыджы хуы- зæн систы, сæ сæртæ-иу рыстысты. Куысты фæ- стæ-иу чи хуырх нозта, чи æхсыр,сæ рæуджытæн тæрсгæйæ. Иуахæмы хæсты размæ хъæуы бын Сырх куы- рæйтты раз хъæугуывд скодтой æмæ мах, сабитæ, уым æрыскъæфæй кæй бахордтам, уый мæм ныр аргъауы хуызæн кæсы. Нæ хъæуы алыварс бы- дырты зади алыхуызон дидинджытæ, Урсдоны æмæ суадæтты та къухæй кæсаг ахстам. Хъæдты задис тынг бирæ алыхуызон дыргътæ, уымæ гæс- гæ хæххон адæм сæ цæхæрадæтты зивæггæнгæ сагътой дыргъбæлæстæ. Балтæ дзы афтæ задыс- ты, æмæ ныртæккæ Бæрæгьуынмæ пъамидортæм куыд цæуынц, уæд та-иу балтæм афтæ цыдысты. Фæлæ Сæбайы цæхæрадоны цы фæткъуытæ æмæ кæрдотæ задис, уыдон зæххы къорийы æппæты хуыздæртимæ абарæн уыд. Сæбайы цæхæрадоны хуызæн дыргътæй хъæздыг цæхæрадæттæ ма уыди Годжиты Тегомæ, Æккæлаты Науырызмæ, При- ты Дадомæ, Мзокты Аддомæ, Цогойты Сосæмæ, Икъаты Хабосмæ, Кобесты Еналдыхъомæ. Цы кусаг æмæ зондджын лæгтæ уыдысты! Хабос йæ царды кæронмæ фæкуыста куырдадзы. Цыдæрид- дæр колхозы æмæ хъæуы цæрæг адæмы æфсæй- наг дзаумайæ хъуыд, уыдон арæзт цыдысты Ха-
Мæ зæрдсе баззад уемсе... 97 босы куырдадзы. Мах-иу, хъæуы сывæллæттæ, æрæмбырд стæм йæ алыварс, лæппутæн-иу гыц- цыл куыстытæ дæр авæрдта. Афтæ-иу дзырдта арæх: «Ахуыр кæнут, мæ хуртæ, царды алцы зо- нын дæр хорз у». Æппæты стырдæр хъæздыгдзинад уыдис, адæм кæрæдзи кæй æмбæрстой, уый. Нæ хъуыды кæ- нын, искæцы кæстæр хистæрмæ дзæгъæлдзырд скодта кæнæ хистæр кæстæры хуыцауы ницæуыл бафхæрдта. Нæ хъæуы ма цы иугай хистæртæ ис, уыдон арæх æрымысынц, хæсты размæ куыд цардысты, уый. Иу лæг æрæджы телеуынæнæй дзырдта, уæды рæстæг, дам, мин æмæ æрдæгæй æртæ галы балхæнæн уыд, ныр та иу дзул дæр нал. Хъæубæ- сты адæм уæд «дæу у, мæн у» не ’взæрстой, фæлæ иу бинонты цард кодтой. Алы хæдзар дæр мыды къусы хуызæн уыд æмæ сæ цæхх, сæ кæрдзынæй æгъдау дæттын зыдтой. Бæргæ, уыцы æгъдæут- тæй ма исты куы бафтид нæ кæстæрты къухы æмæ куы æмбариккой, зæххыл адæймагæй зынаргъдæр кæй ницы ис. Уыцы рæстæджы искæцы лæджы тыххæй куы ’рвыстаиккой, горæты астæу Сæри- бары фæзы нæ, фæлæ кæмдæриддæр нæзы бæла- сæн йæ цъупп ракæн, зæгъгæ, уæддæр не сразы уыдаид. Хуыцауæй уæддæр фæтарстаид. Ныр та адæм, афтæ зæгъæн ис, æмхуызонæй Хуыцаумæ кувæг систы, афтæмæй, кæрæдзийы æфхæрынæй уæлдай ма, æрдз рæсугъддзинадæй кæй сфæлды- ста, уыдонæн дæр тыхмитæ кæнынц чидæртæ. Фыдбоны хæсты рæстæг стæнæг Сæба æмæ Сæнайы бæзджын хæдзар. Хæлд æрцыд бинонты цард. Адоны хæдзары рахъомыл фæзминаг фæси- вæд: Серафин, Маруся, Олычкæ, Иуане, Уырыс- би æмæ Сережæ. Иуане диссаджы уæздан æмæ зæрдæхæлар адæймаг уыд. Йæ куыст афтæ уарз- та, æмæ ма сывæллон лæппуты дæр сахуыр кодта тракторыл кусын, уыдонимæ Додта, Тугъан, Æх- сар, Мухарбеджы. Ацы лæппутæй Цогойты Му- харбег абон дæр ма уыцы куыст кæны, кæд ыл 60 4 Мæ зæрдæ баззад уемæ .
98 Уырымты-Хъуылаты Зоя азæй фылдæр цæуы, уæддæр. Хæсты рæстæг ца- нæбæрæг трактортæ уыд, æмæ æхсæвæй, бонæй быдырæй нæ цыдысты. Мæ мад сын Цæллагты Салатимæ хæринаггæнджытæ уыдысты, æмæ-иу сын хæринаг, хуым кæм кодтой, уырдæм ласта фылдæр хатт. Иуахæмы Хъантеты Солæманы трактор ауæ- дзыл асаст æмæ йæм Иуанейы цалынмæ ацæуын кодтой, уæдмæ йæ нæ ныууагътой. Зарын æмæ кафынмæ дæр уæд фæсивæд куыд тынг дæсны уыдысты, фæлæ дзы Иуанейæн æмбал нæ уыд. Йæ къай Хосаты Замирæтимæ æнæкæрон уарз- тæй уарзтой кæрæдзийы. Рацыд сын хорз цот, æмæ кæд сæ мад æмæ сæ фыд раджы бацыдысты се ’нусон бынатмæ, уæддæр сæ алчидæр абон йæхи фæллойæ цæрынхъом у. Æнувыд сты хъæубæс- тыл, сыгъдæг дарынц сæ фыдæлты ингæнтæ. Ныр бахъуаджы рæстæг сæ фарсмæ æнгом лæууынц сæ фыды иунæг æфсымæр Уырысби йæ бинон- тимæ æмæ иннæ къабæзтæ. Уырысби æмæ Сережæ 20-аздзыдтæй архайдтой хæсты. Сережæ знаджы ныхмæ тох кодта Украинæйы зæххыл æмæ хъæ- батырæй фæмард. Гæнæн ын куынæуал уыд, уæд танк баскъæрдта фашисттыл æмæ йæхæдæг дæр басыгъд танчы хуылфы. Не ’рхаста æрыгон лæп- пу йæ сæрмæ удæгасæй знæгты къухмæ бахауын, тох кодта сæрибарыл фæстаг улæфты онг æмæ йæ чи зыдта, уыдоны зæрдæты æнустæм цæрдзæн. Сæбайы дыууæ сиахсы, амæй-ай лæгдæртæ, ахуыргæндтæ, куырыхон зондыл хæст лæппутæ Маккоты Бечыр æмæ Къутæрты Чермен дæр ба- бын сты хæсты, æмæ Сæбайы дыууæ чызджы — Маруся æртæ сывæллонимæ, Олычкæ иунæг лæп- пуимæ — баззадысты сидзæргæстæй. Бечыр æмæ Чермен сыгъдæгзæрдæйæ архайдтой ног цард ара- зыныл. Чермены кæстæр æфсымæр Хъæрæсейы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уылæнтæ кæдæм ахастой, уый абон дæр ничи зоны. Сæ мад — Хъариан Аминæт сæ Черменимæ сидзæртæй фæ- хъомыл кодта. Уыдис ма йын чызджытæ дæр, хъо-
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 99 мыл сын кæны хорз цот. Аминæт йæ лæппуты фæстæ Урсдоны былмæ цыд алы бон дæр лысты- тæ уидзынмæ æмæ уым зæрдæхалæн хъарджытæ кодта. Иуæй-иу хатт сабыр рæстæджы йæ уынгæг хъарджытæ хъæуы иннæ кæронмæ дæр хъуысы- дысты, æмæ ма устытæ дæр куыдтой йæ тæригъ- æдæй. Хæсты быдырæй ма Сæбайы фæдонтæй йæ хæдзармæ 1946;æм азы сыздæхт Уырысби хæр- зиуджытимæ. Йæ риуыл æрттывтой Фыдыбæс- тæйы хæсты II къæпхæны орден, Сырх Стъалыйы орден, Александр Невскийы орден, Сырх Тыры- сайы орден, Кенигсберг райсыны тыххæй май- дантæ. Уыцы аз ахуыр дæр райдыдта пединститу- ты æмæ дзы йæ амонд дæр ссардта. Йæ цард баиу кодта Уырысби Тъехты Дадойы чызг Зинæимæ. Схъомыл кодтой иу лæппу æмæ æртæ чызджы. Чызджытæ чындзы ацыдысты. Зинæ æмæ Уырыс- би цæрынц сæ лæппу Сергей æмæ уый цардæмбал Мæдинæтимæ. Уырысбийы цот иууылдæр райстой уæлдæр ахуырад. Ларисæ 1980-æм азы Мæскуыйы каст фæци театралон училище æмæ кусы ирон драмон театры. Тынг бирæ йæ бауарзтой, кæимæ кусы, уыдон, стæй театрдзаутæ. Архайы ахæм спекта- клты: «Зæххон хуыцæуттæ», «Фыдæх æмæ уарзт», «Мæ усы лæг», «Дыууæ зæрдæйы», «Пæсæйы фæндон» æмæ æндæрты. Фенæм æй киноты хъаз- гæйæ дæр. Æнгом цæры йæ бинонтимæ, хъомыл кæны æртæ сывæллоны. Иннæ чызг Ритæ кусы дæндæгты дохтырæй. Куыд арæхсы, уый мæхи цæстæй куынæ федтаин, уæд мæ, æвæццæгæн, нæ бауырныдтаид. Иуахæмы Владикавказы уынджы дæндæгтæ дзæбæхгæнæн 3-æм поликлиникæмæ ба- хаудтæн æмæ мын радтой талон 4-æм кабинетмæ. Æнхъæлмæ цалынмæ кастæн, уæдмæ мын иу сыл- гоймаг афтæ, дуары бакомкоммæ цы бандон ис, уым- иу æрбад. Æз æцæгдæр дуарæй куы бахызтæн, уæд бандон уыд уæгъд, дохтыр та йæ къухтæ æхсадта æмæ мæ размæ куы ’рбацыд, уæд мыл тынг бацин
100 Уырымты-Хъуылаты Зоя кодта. Цы хъуыд, уыдон мын сарæзта æнæкъуы- лымпыйæ. Мæ хъус æм дардтон æмæ йæм раир- тæстон иу хорз миниуæг: рынчынтæм иухуызон цæстæй кæсы. Уый тыххæй йæ уæлдай фылдæр уарзынц йæ рынчынтæ. Рæвдз кусы, диссаджы арæхстджын къухты хицау у. Ацы æртæ чызджы тыххæй ма мæ уый зæгъын фæнды, æмæ сæм уæз- дандзинад кæй ис, сæ дзыхыдзырд — сабыр, сæ дарæсы аивдзинадæй та мæм, Нанайы заманы фæ- сивæдæй цыма сты, афтæ фæкæсы. Уырысби у Бæрæгъуыны куырыхон лæгтæй иу. Зинæимæ фæкуыстой нæхи хъæуы скъолайы. Уырысби куыста директорæй æмæ йын лæвæрд æрцыд кадджын ном «Отличник просвещения РСФСР», бирæ кады гæххæттытæ. Абон дæр стырзæрдæ нæ кæнынц хъæуыл, кæд горæты цæ- рынц, уæддæр алы хъуыддаджы дæр вæййынц, сæрд та фæулæфынц хъæуы сæ цоты цотимæ сæ хæдзары. Годжиты Уырысби æмæ Зинæ хæствæллад, фæллойы ветерантæ сты. Бирæ ма фæцæрæнт зæр- дæрухсæй, сæ кæстæртæ сæхи фæндиаг уæнт, цар- ды хорздзинæдтæй æфсæст куыд уой, сабыр цъæх арвы бын сæм амонд парахатæй худæд. 30.07.96 Ныййарæгæй зынаргъдæр нæй Уæдæ куыд тынг хъæуы зæрондæй дæр мад! Мадæн æмбал нæй. Сывæллон куыддæр райгуы- ры, афтæ бамбары ныййарæджы йæ хъарм къу- хæй, мады къух хъармдæр вæййы иннæтæй. Цас бафыдæбон кæны мад, цалынмæ йæ хъæбулы схъомыл кæны, уæдмæ. Уыдонæн бафидæн ницы хуызы ис. Фыццаг сывæллон куы фæзыны, уæд æрмæст мæт кæй фæкæны йæ райгуырды сахаты онг, уый та? Адæймаг зындзинады фыццагдæр йæ мадимæ фæдзуры. Мадæлтæ алыхуызæттæ
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 101 вæййынц, фæлæ цыфæнды куы уа, уæддæр дзы ныййарæг мадæн аргъ нæй, уæлдайдæр, бинонтæ æнгом куы цæрой, уæд. Мах цыппар уыдыстæм — Пашæ, Тамерлан, Мурат æмæ æз — нæ фыд Уырымты Мишка æмæ мад Нутæйæн. Никуы федтам нæ ныййарджыты кæрæдзимæ зул цæс- тæй кæсгæйæ дæр. Нæ хъуыды кæнæм, æмæ нæ искуы искæй фæнадтой. Исты фыдуаг миты тых- хæй-иу нæ фыд цыбырæй къорд ныхасы загъта, æмæ-иу уæд бирæ рæстæг йæ цæстытæм кæсын дæр æфсæрмы кодтам. Клуб нæм хæстæг уыдис, æмæ-иу хатт æрлас- той кинонывтæ. Кинойы хицау-иу дыууæрдæм згьо- рынæй исты кодта æмæ йын-иу кæттагæй йæ аппа- ратмæ фæндаг уæгъдæй уагътой. Иуахæмы та йæ лент аскъуыди, æмæ тагъд куыд рацæйуад, афтæ иу лæджы фынæйæ куы ауыдта, уæд æй хъæрты бын фæкодта: «Ды та ардæм фынæй кæнынмæ æрбацыдтæ», зæгъгæ. Уый дæр уыцы хъæртæм фехъал, уæдæ цы уыдаид, æмæ куы бамбæрста, цы хабар у, уæд дзуры: «Хорз лæг, æз фынæй кæй дæн, уый кино æвдисынмæ исты хъыгдары?» Цы æвдыста уыцы изæр, уый ма чи хъуыды кæны, фæлæ-иу кæттаджы раз слæууыд æмæ-иу цы ныв- тæ фæзындысты экраныл, уыдон йæхимæ гæсгæ дзырдта. Мæнæ уын иу-цалдæр, арæх цы ныхæс- тæ хъуыстон, уыдонæй: «Кæсут-ма, хорз адæм, ацы хæхтæ, дæттæ æмæ бæлæстæм — уыдон кæттагмæ æрбахæсс, уый диссаг та куыд нæ у». Нæхимæ-иу куы афарстам, кино æрбаластой æмæ ацæуæм, зæгъгæ, уæд-иу нæ фыд афтæ, ацæут, фæлæ ацы хатт куынæ ацæуат, уæддæр ницы кæны. Фæлтау, дам, уæ уроктæм дзæбæхдæр æркæсут. Кæд-иу нæ тынг фæндыд, уæддæр-иу дыккаг ныхас нæ фыд- мæ нал скодтам, йæ дзуапп афтæ фидар уыд. Æппæты фыццагдæр нæ домдтой ахуыр. Уæдæ хæдзары æмæ быдыры куыстытæй дæр уæгъд нæ уыдыстæм. Мах-иу ме ’мбал Габанты Венерæимæ (6-æм къласмæ цыдыстæм) хистæрты не ’ййæф- там кусынæй æмæ-иу райсомæй раджы ацыдыс-
102 Уырымты-Хъуылаты Зоя тæм. Чехойты Сæрæбийы хо Верæ та (рухсаг уæд) фысгæ кодта, чи-иу цы бакуыста, уый æмæ-иу не ’ууæндыд, мах дæс æмæ дыууиссæдз мæкъуылы ныккарстам мæнæу, ууыл, æмæ-иу сæ куы сбæл- вырд кодта, уæд-иу йæ рæсугьд цæстытæ цæхæр акалдтой æмæ-иу ахæм ныхæстæ сдзырдта: «Мæнæ хæйрæджытæ!». Мæ мады фыд тынг раджы амардис æмæ æртæ гыццыл æнахъом сабийы сæ 25-аздзыд мад Ами- нæтимæ Холысты цъуппыл æнæ дарæгæй базза- дысты. Мæ мад гыццыл куы рахъомыл, уæд-иу куы иутæм цыд сывæллонгæс, куы — иннæтæм. Фæстагмæ уыд Бадыхъæуы йæ мадырвадæлтæм. Йæ кæстæр æфсымæр Дæхцыхъо æмæ хо Нед- тæ та сæ фыды æппындæр нæ зыдтой. Фæлæ сидзæртæ тагъд рæзынц,.æмæ сæ Нана дзæбæ- хæй рахъомыл кодта. Мамæ-иу афтæ дзырдта, мах, дам, Недтæимæ нæ гыццыл уæхсчытыл су- гæй кæй фæхастам Холысты, уый диссаг уыд. Дæхцыхъо сæ кæстæр уыд, æмæ йæ Нана йæ цурæй дард нæ уагъта йæ къай Гацыры фæ- дзæхстмæ гæсгæ. Нана йæ мæлæты бонмæ дæр Гацыры куыд уар- зта, уый диссаг уыд. Мах-иу æй фарстам, æндæр никуы ничи фæцыд дæ зæрдæмæ? Хъæбæрæй-иу загъта, мæ риуы иунæг зæрдæ и æмæ Гацыры уыд. Мæ мады æмгæрттæ та-иу афтæ дзырдтой, Миш- ка, дам, Нутæмæ кæстæр хойы цæстæй кæсы. Æвæццæгæн, уымæн, æмæ йын нæ мады хæрз æрыгонæй радтой. Бирæ рæстæг ын цот дæр нæ рацыд, 3-æм къласы ахуыр кодта. Зæрондæй дæр ма-иу дзырдта, кæугæйæ йæ куыд ракодтой скъо- лайæ, уый. Октябры революцийы фæстæ хæххон адæм быдырмæ куы лыгъдысты, уæд мæ фыд дæр Бæ- рæгъуынмæ ралыгъд 1922-æм азы. Ам райгуыр- дысты сывæллæттæ дæр. Уыдис нын Нана, мад, фыд æмæ дзаг хæдзарæй цардыстæм. Нæ фыд уыдис, колхоз чи арæзта, уыдонæй иу, нæ мад дæр дзы куыста. Нана та мах хъомыл кодта.
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 103 Ралæууыд 1937-æм аз. Нæ фыды нын æрцах- стой, æмæ райдыдтой нæ мадæн йæ уæззау бон- тæ, рахау-бахау кодта хæцъил дзабырты митыл урс ахæстоны дуармæ, кæд исты бадæттин мæ сывæллæтты фыдæн, зæгъгæ. Æнахуыргонд хæх- хон сылгоймаг зыдта, йæ цардæмбал кæй ницы аххосджын у.æмæ зылдис йæ фервæзын кæны- ныл. Ницы баци нæ мады бон, фыдæн радтой 25 азы æмæ йæ Сыбыры балæууын кодтой йæ цъæх цухъхъа, бухархуд æмæ басылыхъхъы. Уыдони- мæ ма цытæ вæййы, уыдон цы фесты, уымæн абон дæр ничи ницы зоны. Нæ фыд нæ хæдза- рыл сæмбæлд æрдæгмардæй æмæ уæд та райдыд- той ног хъизæмæрттæ. Афæдз æм фæзылдысты дохтыртæ æмæ йæ бадзæбæхтæ кодтой Мæскуы- йы. Мæ мады хо Недтæ æмæ йæ къай Акъоты Матвей Мæскуыйы цардысты æмæ йæ йæ къа- хыл слæууын кодтой уымы дохтырты æххуысæй. Мæ мады фарсмæ адон æнгом куынæ æрбалæу- уыдаиккой, уæд нæ фыд искуы æнæбæрæгæй фе- сæфтаид иннæ хорз лæгтау. Райдыдта Фыдыбæстæйы хæст æмæ, Бæрæ- гъуыны хæцæнгразыл хæцынхъом чи уыдис, уыдон бырстой фистæгæй Æрыдоны Хæстон комисса- радмæ, цæмæй сæ тагъддæр арвыстаиккой знаджы ныхмæ хæцынмæ. Нæ фыд дæр фæсте нæ баззад. Советон Цæдисы адæмтæ хъазуатонæй тох код- той знаджы ныхмæ. Знагыл фæуæлахиз сты. Ныр Горбачев æмæ уый хуызæтты аххосæй не стыр Цæдис ныппырх, адæмты æддæг-мидæг ауайын кодтой, кæрæдзийы марыныл нал ауæрдынц. Иры- стоны зæххыл лыгьд адæм сбирæ сты. Ницы ис а зæххыл фыдыуæзæг æмæ ныййарæг мадæй зынаргъдæр. Æвæццæгæн, нæ хуыздæр за- рæггæнджытæ дæр уымæн зарыдысты æмæ зарынц мадыл, зæрдæ чи агайы, ахæм зарджытæ. Нæй мадæн бафидæн ницæмæй йæ бирæ лæггæдтæ, фыдæбæттæ. Алы хъæбул дæр йæхи æмбарын- хъом куы фæвæййы, уæд æм сæвзæры хъуыды- тæ, мæ мады зæрдæ истæмæй куы барухс кæнин,
104 Уырымт ы -Хъуылаты Зоя зæгъгæ. Махæн нæ мадыл азтæ сæ уæз куы æру- агътой, уæд æй афтæ фæндыд, цæмæй мах æмæ нæ цот йæ алыварс уæм, æмæ нæ йæ цæстытæ уыной. Фæндыдис æй бирæ хорздзинæдтæ махæн. Немыц Ирыстоны зæххыл куы ’рлæууыдыс- ты, уый размæ мах нæ мад аласта цыдæр быз- гъуыртæ æмæ хæринæгтимæ Бадыхъæумæ. Нана нæ акуымдта хохмæ. Фæстæдæр нæм нæ мад На- наимæ æрцыд, æмæ нæ фыд дæр, йæ къах цæф, афтæмæй хæдзармæ госпитæлæй йæхи акуырд- та, мæ сывæллæттæ цы фесты, уый ауынон, зæгъ- гæ, æмæ дыууæ лæдзæгимæ Даргъ-Къохæй фис- тæгæй ссыд, кæд нæмыг йæ къахы иннæрдæм ахызт, уæддæр. Фашисттæ гыццыл фыдбылызтæ нæ ракодтой Ирыстоны. Æрмæст Алагиры цы фыдмитæ бакод- той, уыдон дæр æгæр сты. Мæ мады фыды æфсы- мæр Беккуызарты Дзæрæхмæты Алагиры амард- той, Беккуызарты Тотыры та — Бæрæгъуыны. Нæ хъæуыл бомбæтæ ихуарæгау кодтой, æмæ адæм Урсдоны сæрты хъæдмæ лыгъдысты. Нæ рынчын фыд доны сæрты йе ’ккойы Нанайы хаста, иннæ адæм та сæ мулкæй цыдæртæ ирвæзын кодтой. Фæстæдæр адæм хъæды куы ’рсабыр сты, уæд мæ фыдæн хъазæн ныхæстæ кодтой: «Хуыцауы тыххæй, Нанайæ зынаргъдæр дæ хæдзары ницы ссардтай?». «Уæллæй, ницы», — дзуапп радта уый, — сымах хъазгæ кæнут, фæлæ ма Нана кæм уыдаид кæстæртæн. Иннæ хъæздыгдзинæдтæ та лæгæй аразгæ сты æмæ та сæ сараздзыстæм мæнæ ацы сæр æмæ къухты фæрцы». Тынг уазæгджын хæдзар уыдыстæм. Арахъхъы графин, цæхх, ирон кæрдзын æмæ хъæбæр цыхт æдзухдæр уыдысты нæ фынгыл. Уазæг-иу хæ- дзармæ нæма ’рбахызт, афтæ-иу мæ мад арынг арæвдз кодта. Суанг йæ царды кæронмæ дæр нæ мад афтæ тыхст уазæгыл. Йæ уæззау рынчыны рæстæг æм иуизæр æрба- цыд Дзасохты Музафер йæ къай Фатимæимæ. Дза- сохтæ мæ мадæн йæ мадырвадæлтæ сты. Йæ са-
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 105 бийы бонтæ дæр Бадыхъæуы арвыста йæ мады мадмæ. Æмæ йæм-иу Дзасохтæй исчи куы ’рба- цыд, уæд-иу дзы йæ низ дæр ферох. Музаферитæ куы ацыдысты, уæддæр ма сæ кой бирæ фæкод- та. Алы цæуæгæн дæр æм ахæм ныхæстæ уыдис: «Уæ фенд мын тынг æхсызгон уыдис, хæссын мын ницы хъæуы». Мæ хо Пашæ æмæ мæ фыд 1982-æм азы кæ- рæдзийы фæдыл амардысты æмæ уæд æз мæ мадьт иунæгæй нал ныууагътон. Афтæ зæгьæн ис, æмæ цардтæн Бæрæгъуыны, архайдтон, цæмæй мæ фыды хæдзары кад ма фæцуда. Хистæр æфсымæр Тамер- лан цæры æмæ кусы Казахстаны. Кæд искуы мад æмæ фыдæн хъæбул хорз фæцис, уæд — уый. Фæлмæн у мады зæрдæ, бирæ фæлмæн тынтæ фæнывæнды йæ сабитæн. Æз пенсийы куы рацыд- тæн, уæд дæр ма йæм сывæллон кастæн. Иухатт ын афтæ бакодтон, мæныл ныр 60 азы цæуы, æмæ мын афтæ загъта: «Æз цалынмæ æгас дæн, уæдмæ сымах мæ сывæллæттæ стут». Иубон мын афтæ: «Тамерланмæ мын арвит, мæлгæ кæнын æмæ ма йæ фенон...». Æз ын йæ ныхæстæ ницæмæ æрдард- тон, дзæбæх кæй уыд, уымæ гæсгæ. Мæ чызг дох- тыр у, æмæ йæ ницы хъуаг уагъта, мæнæй дæр æм хуыздæр зылд. Мамæ-иу арæх дзырдта: «Ляля мæ мæлын нæ уадзы». Бузныг уыд мæ мад мæ бинонтæй. Суанг гыц- цыл сывæллæттæ дæр лæггад кодтой сæ Нанайæн æнæзивæгæй. Фæлæ мартъийы кæрон иурайсом мæ мад йæ цæстыты дзаг нал ракаст йæ кæстæр- тæм, нал радардта йæ къухтæ, тынг-иу кæмæ æн- хъæлмæ каст æмæ æппæты фылдæр кæй уарзта, уыцы гыццыл чызг Марианнæмæ. Мæскуыйæ ма йæ хо Недтæ йæ чызг Беллæимæ æмæ мæ хойы чызг Томæимæ схæццæ сты, æмбæрста сæ, фæлæ сæм йæ бон нал ракæсын баци, нал — сдзурын. Рухсаг уæд, чи йын балæггад кодта, уыдоныл та хæрзаудæн кæнæд. 5.09.96
106 Уырымты-Хъуылаты Зоя Уыд номдзыд шахтер Хъарман-Сындзыхъæуы Атайты Сосланы хæ- дзары 1929-æм азы райгуырд лæппу—Васили. Сы- вæллон афтæ дзæбæх рæзти йæ бирæ рæвдауджы- ты хъæбысы, æмæ хистæртæн сæ цинæн кæрон нæ уыд уымæ кæсгæйæ. Йæ нана йын-иу йæ къухыл сырх бæттæн бабаста, мачи йæ фæцæсты кæна, зæгъгæ. Васили йе ’мгæртты æхсæн аккаг бынат ахста йæ уынд, æгьдау æмæ хъаруйæ. Уæззау зон- дыл хæст уыд. Царды мидæг ын цас къабæзтæ, зонгæтæ, хæлæрттæ, æмгæрттæ уыдис, уый æрæ- джы йæ зианы бон бæрæг уыд, бирæ дзыллæтæ сызмæлыд Атайты кæрты. 1941-æм азы хистæртæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ куы ацыдыс- ты, уæд Васили та ФЗО-мæ бацыд, истæуыл дзы ацахуыр кæнон æмæ кусдзынæн ацы тыхст зама- ны, зæгъгæ. Уырдыгæй йæ арвыстой Æрхоны Ки- ровы номыл шахтæмæ. Хъаруджын лæппу æцæг уæйыджы куыст^ кодта, дыгай-æртыгай сменæтæ дæр-иу баззад. Йæ бригад ын ничиуал æййæфта куысты, бæстæйы æппæт раззагдæртимæ нымад æрцыд. Иухатт æй Мæскуымæ дæр æрвыстой раз- загдæрты æмбырдмæ æмæ нæ ацыдис, куыст куы фæкъуылымпы уа, зæгъгæ. Дзæуджыхъæуы-иу уыдис ахæм æмбырдтæ, фæлæ куыстмæ йæ зæрдæ æхсайгæйæ уым дæр æхсæвиуат никуы бакодта. Иу- заман æй Хæххон-металлургон техникуммæ ахуыр кæнынмæ арвыстой æмæ фæстæмæ куы ныздæхт, уæд та ногæй шахтæйы мастерæй кусын байдыдта, ноджы тыхджындæр фæллой кодта йæ къордимæ æмæ-иу дыгай-æртыгай нормæтæ куы сæххæст код- той, уæд-иу сæм оркестр æмæ адæм дидинджыти- мæ æнхъæлмæ кастысты. Киножурналмæ дæр ист уыдис йæ куысты мидæг, хæдзары йæ бинонтимæ. Бирæ фыстой уыцы заман Васили æмæ йæ къор- дй1 тыххæй районы æмæ републикон газеттæ. Васили горæты цæрын куы райдыдта (шахтæйы силикоз-низы тыххæй нал куыста), уæддæр ма йыл
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 107 фыстой, кæимæ куыста, уыдон. Иуныхасæй, мы- сыдысты йæ. Йæ хуызист бирæ рæстæг æвæрд уыд, горæты Къостайы паркмæ бацæуæны раз цы Кады фæйнæг уыдис, уым. Кæстæр фæсивæды зæрдæбынæй ахуыр кодта йæ дæсныйадыл. Кæм фæкуыста, уыцы шахтæ ма ныр дæр фæхонынц Василийы шахтæ. Васили бауарзта, уыцы рæстæ- джы шахтæйы чи куыста, ахæм чызджы — Ты- джыты Замирæйы. Сæ цард баиу кодтой 1950-æм азы æмæ сын рацыдис хорз цот. Дыууæ къайы уарзонæй цардысты. Тынг фæлмæн фыд уыдис Васили. Замирæт абон дæр афтæ фæзæгъы, иу зул ныхас, дам, дзы нæ зонæм, нæдæр сывæл- лæттæ, нæдæр æз. Хæдзары цæрджыты дæр нæма уырны, се ’хсæнæй кæй ахицæн, уый. Чи зоны, æмæ ма Васили ацардаид, фæлæ йын йæ дисса- джы сабыр зондыл хæст лæппу йæ зæрдæ тынг фæриссын кодта. Эдик, 1951-æм азы гуырд, ахуыр кодта аивæдты училищейы. Ахуыры мидæг ахæм æнтыстдзинæдтæ равдыста, æмæ дзы йæ ахуыр- гæнджыты зæрдæ тынг рухс кодта. Уæдæ стыр диссагæн баззад, æмгæрттæ дæр æй куыд уарз- той, уый. Цы бон æй ныгæдтой, уыцы бон газет «Рæстдзинад»-ы рацыдис æрмæг, Эдикæн куыд бирæ бантысдзæн аивады, куыд хорз студент у, уый тыххæй. Эдикæн баззад дыууæ гыццыл лæппуйы — Сослан æмæ Руслан, чызг Азæ та райгуырд йæ фæстæ. Ацы сывæллæтты Васили афтæ схъомыл кодта, æмæ педагогон наукæты стыр ахуыргонды къухы дæр нæ бафтыдаиккой уыйбæрц æнтыст- дзинæдтæ. Сывæллæтты мады, Фатимæйы, йæхи чызджытæй фылдæр уарзта. Ныртæккæ Азæ ахуыр кæны 9-æм къласы иттæг хорз. Руслан ис æфса- ды, Сослан та йæ иунæг фыды æфсымæр Валери- имæ кусынц заводы, уый йын ныр у йæ фыд дæр æмæ йæ дада дæр. Замирæт йæ хъæбул Эдикыл абоны онг дæр ставд цæссыг калы, йæ сывæллæт- ты та йын цъиуджын каркау хъахъхъæны. Æмæ кæд абон нал ис Васили, уæддæр, йæ фæстæ цы
108 Уырымты-Хъуылаты Зоя кæстæртæ ныууагъта, уыдон Замирæты буц дар- дзысты, Василий йæхæдæг куыд цыд адæмы ’хсæн- мæ æмæ сын цы æгъдæуттæ лæвæрдта, уыдон дард- дæр æххæст кæндзысты. 16.05.97 Сомбон хъуыдыйаг у 1943-æм азы ахуыр кодтон Красногоры скъо- лайы 6-æм къласы. Математикæйы ахуыргæнæг нын уыдис нæхи хъæуккаг Цомайты Мухарбег. Мах тынг уарзтам нæ ахуыргæнджыты, тæрсгæ дæр сæ кодтам. Æгъдау та афтæ тыхджын уыд, æмæ сæм нæ ныййарджытæй дæр тынгдæр хъуыс- там. Ахуыргæнæгмæ фæстæмæ иунæг сывæллон дæр не сдзырдтаид. Кæддæр, урочы, нæ къласæй иу лæппуйæн Мухарбег загъта: «Дæ къæхтæ куыд кусынц, дæ сæр дæр афтæ куы кусид». Кафынмæ тынг рæвдз кæй уыд, уымæ гæсгæ йын ахæм ны- хас загъта. Уый мæнæн мæ зæрдыл æрлæууыд, ацы аз 23-æм ноябры «Рæстдзинад»-ы куы бакас- тæн æрмæг «Ныхас не ’взаджы сомбоныл», зæгъ- гæ, уæд. Ацы ран Дзасохты Музафер æргом йæ хъуыдытæ зæгъы, футболыл æгæр бирæ хардз- гонд кæй цæуы æхцайы фæрæзтæ, уый тыххæй. Уыцы ныхæстæ арæх фехъусæн уыдис пенсиис- джытæй дæр. Æниу æнæ чингуытæй дæр куыд ис гæнæн. Мах дыууæ пенсиисæгæй Ирыстоны къуымты æрзилæм чингуытæ агурæг, уæддæр дзы абоны онг иу ирон чиныг дæр нæма ис æмæ нæ фыццæгæм къласы скъоладзау нæ сахуыр кодта æмдзæвгæ «Æхсæрæг». Сывæллоны царды скъола æмæ чиныгæй ахс- джиагдæр ницы ис. Мах та абон æвдисæн стæм, чцнгуытæ хæрз гыццыл кæй кæсынц, кæцыдæр сывæллæттæ скъоламæ куыдфæндыйы цæстæй кæй кæсынц кæнæ та æппындæр кæй нæ цæуынц. Со- ветон хицаудзинады рæстæджы иу сывæллон дæр
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 109 рохуаты нæ уыдис. Цыдæриддæр æвзæрдзинадæй цæуы царды, уыдонæн сæ райдайæн нæ абоны дуджы ис. Кæцыдæр лæппуты сыфцæй ласын хъæуы æфсадмæ, сывæллæтты — скъоламæ, фæлæ æвзæрдзинæдтыл ахуыр кæнынц æнцонтæй. Цы æвирхъау цаутæ цæуы нæ фæсивæды ’хсæн! Цы рæстæг скодта! Цæмæн хъæуынц уыцы бын- тæ, цы ис зæххыл адæймаджы цардæй зынаргъ- дæр? Ницы! Рæстæг афтæ куы ахæсса æмæ нæ фæсивæдæй иуæй-иутæ дзæбæх куынæ ахъуыды кæной сæ цардыл, уæд стыр мæтаг у сомбон. Цæмæй ацы фыдбылызтæй фервæзой ирон адæм, уый тыххæй закъæттæ дæр хъæуы, фæлæ æппæты фыццагдæр бакусын хъæуы ууыл, цæ- мæй скъолатæ, мадæлтæ, фыдæлтæ раздæры хуы- зæн кусой æмзондæй рæзгæ фæсивæды раст фæн- дагыл аразыныл. 10.12.97 Фыдыуæзæгмæ бæлгæйæ Уырымты Тæтæйы фырт Гæбис райгуырд 1895- æм азы 30-æм январы Уæлладжыры комы Цъама- ды хъæуы. Тæтæйæн уыдис бирæ цот. Паддзахы заманы сæ иуæн — Гæбисæн йеддæмæ ахуырæн фадат нæ фæцис. Арвыста йæ Æрыдоны семи- нармæ, æмæ йæ каст фæцис 1913-æм азы. Уæд ацыдис Америкæмæ ирæдæн æхца кусынмæ. Ирыстонмæ йæ былыцъæрттæ хæргæйæ фæ- цард, цалынмæ йыл 50 азы рацыд, уæдмæ. Хъуыд- даг дæр нæ бакодта, Ирмæ йæ зæрдæ æхсайгæйæ. Стæй уæд йæ цард баиу кодта иу сылгоймагимæ, æмæ сын райгуырд чызг. Сæвæрдта йыл ном Зæ- лихан. Абон дæр æгас у, Америкæйы йæ хонынц Цалли. Гæбис йæхæдæг амард сæдæаздзыдæй. Фыста æмдзæвгæтæ иронау, йæ Ирыстон мыс- гæйæ. Гæбис йæ амæлæты размæ йе ’фсымæр Мишкамæ цы писмо ’рбарвыста, уый бакæсыны
110 Уырымты-Хъуылаты Зоя фæстæ сæ хæстæг, зындгонд ирон поэт-прозаик Дзасохты Музафермæ райгуырдысты мæнæ ахæм рæнхъытæ: Уырымты Гæбисы катай Ныууагътон фыдызсехх, фæцыдтæн дзы дард, Æнхъæлдтон, фæхуыздæр уыдзæни мæ цард, Æнхъæлдтон, фæсденджыз, æнхъæлдтон, фæсфурд Мæгуыр лæджы тавдзæн æндæрхуызон хур... Хæтæнты фæхаттæн æнæхъæн æнус, Цæуæнты фæцыдтæн, нæ бавзæрстон цъус Фыдхъизæмар, тухи, хъыцъыдоны ад, Уæддæр-иу мæ цæстыл Фыдыбæстæ уад. Нæхи Цъамад уартæ, йæ дæтты цырен, — Тæхуды, æмæ ма сæ иунæг хатт фен, Бæрзонд хæхты сæрмæ цъæх арвыл цæргæс Куыд ленк кæны, уымæ ма иу хатт ыскæс. Уæд расыгау уаин, кæддæрау æвзонг, Цыма мын мæ дзыхыл ысдардæуыд ронг... Нæ, уыдон сæнттæ сты, тæхудытæ ’рмæст— Бæрæг нæу, кæд фæцъынд уыдзæни мæ цæст... Фыргуыст мыл æртæфсти, фæдæн дзы лæгуат. Нæ мæ уадзы дардмæ йæхицæй мæ уат... Мæ цæстытыл уайы мæ райгуырæн зæхх, Йæ цъититы æрттывд, йæ дæлвæзты цъæх. 05.12.97 Хазбийы хорз зонын Фарон 14-æм сентябры газет «Рæстдзинад»-ы Гуырдзыбеты Барисы уацхъуыд «Кæм дæ, Фида- ры-фырт?», зæгъгæ, куы бакастæн, уæдæй ныр- мæ хъавыдтæн газетмæ ныффыссын Фидараты
Мæ зæрдсе баззад уемсе... 111 Хазбийы тыххæй, фæлæ мæ къухы не ’фтыд. Мæнæ диссаг, Фидараты Хазбиимæ иу ран цас фæ- цардыстæм æмæ йын йæ хабæрттæ куыд нæ зыд- тон. Бæргæ, йе ’хсарджын хабæрттæ адæмы рæнхъмæ хæсты фæстæ хаст куы ’рцыдаиккой, уæд, чи зоны, Хазби нæ бавзæрстаид немыцы ла- герты фæстæ нæхи ахæстæттæ. Иунæг Хуыцау йæ зонæг, цытæ хъуыды кодта Хазби, йæ райгуырæн бæстæ йын куы ссыгъдæг кодтой знæгтæй æмæ йæ риуы дзаг куы сулæфыд, уæд. Æвæццæгæн, загъта, ныр чи цы хъуыды кæны, уый кæнæд, мæн æмæ мæ хуызæн уацайрæгтæн сæ бон цас уыд æмæ цас нæ уыд, уыйбæрц æххуыс кодтам Уæлахизы бон хæстæгдæр кæнынæн. Хæсты фæстæ Фидараты Хазби æмæ уый хуы- зæн æфхæрд, фæллад лæппутæ батылдтой сæ ды- стæ æмæ райдыдтой кусын, цæмæй хæлд хæдзарад йæ къæхтыл слæууын кæной. Æмæ уый сæ къухы æфтгæ дæр кодта. Æз Хазбийы фыццаг хатт фед- тон Казахстаны, Джезказганы шахтæты куы куы- ста, уæд — 1955-æм азы, фæстæдæр та, 1957-æм азы, мæ цардæмбал Хæххон-металлургон институт каст куы фæцис, уæд. Хуыздæр базонгæ стæм цард æмæ куысты мидæг. Хазбиимæ ма уым уыдысты Демыраты Мысост, Томайты Георги æмæ Беккуы- зарты Дæхцыхъо. Æнæ аххосæй аххосджынтæ кæй фæхонынц, ахæм лæгтæ. Куыстой æрхуыкъахæн шахтæты тынг æвзæр уавæрты, фæлæ ирон лæгæн зындзинæдты дæр йæ лæджыхъæд нæ сæфы. Ацы лæгтæ уыдысты куырыхон зондыл хæст. Абон дзы Хазби йеддæмæ æгас ничиуал у, рухсаг уæнт. Сæ цæстыты дзаг ма федтой сæ уарзон Ирыстоны зæхх æмæ ирон адæмы. Хазби ныр Дзæуджыхъæуы цæры. Иæ къай Раяимæ хорз цот схъомыл кодтой. Йæ чызг Тамарæ у зындгонд зарæггæнæг. Аргъ ын кæнынц аивад уарзджытæ канд Ирыстоны нæ, фæлæ нæ бæстæйы иннæ рæтты дæр. Тамарæ Джезказганы ахуыр кодта 16-æм скъо- лайы, æз та куыстон 12-æм скъолайы. æмæ-иу Та- марæйы зарджыты фæрцы 16-æм скъола фыццаг
112 Уырымты-Хъуылаты Зоя бынат бацахста. Мæ мад-иу афтæ дзырдта, сæ хъæ- стæйы, дам, ис зарын, фæндырæй цæгьдын. Ирон адæм уыцы заман бабирæ сты Джезказганы, уæл- дайдæр, фæсивæд. Хазби æмæ ма, уæлдæр цы ирон лæгты кой ракодтон, уыдон сæ кæрæдзиуыл бас- той æмæ иу бинонты цард кодтой. Сæ цин дæр, сæ хъыг дæр иу уыдысты. Сæ хорз куысты тых- хæй-иу арæх газетты бакæсæн уыдис. Куыстой дзы шахтертæй Азиаты Эльбрус æмæ Тамерлан, Будайты Тельмæн, Акъоты Эльбрус, Хъулаты Ха- дзыбечыр æмæ Баппыдз, Гусалты Зауыр æмæ бирæ æндæртæ. Цæцæйнæгтæ æмæ дагестайнæгтæ дæр дзы бирæ цард æмæ уыдонимæ дæр тынг лымæн цардыстæм. Уазæгуаты сæм сæмбæл, уæд дæ Хуы- цауы ницæуыл нæ рауагътаиккой. Адæймаг дисы бацæуы абон, ацы рæстæг уæды рæстæгимæ абар- гæйæ, бæстæ чи ныкъкъаппа-къуппа кодта, кавка- заг адæмты чи сызмæста, уыдоныл. Тæхуды æмæ Кавказы адæмтæ алы бон дæр Гергиты Валерийы ныхæстæм куы хъусиккой, кæд ма истыхуызы сæ гаччы сбадиккой. Ау, уæдæ нæ кæстæрты афтæ- мæй куы ныууадзæм, уæд нын мæрдты нæ хистæр- ты феныны бар дæр куынæ уыдзæн... 1960-æм азы Алма-Атамæ æрбацыд 3-æм курсы студент Уырымты Сослан æмæ æрвыст æрцыд Хаз- бийы хайадмæ, Джезказганы шахтæйы ног æрзæт- къахæн машинæтыл кусынмæ, ластой сæ Амери- кæйæ. 1962-æм азы Сослан каст фæцис æмæ та æрыгон инженер æрбацыд кусынмæ Джезказганмæ. Райдыдта кусын Хазбиимæ. 1963-æм азы А.Н Ко- сыгин ссыд Джезказганмæ æмæ йæ бафæндыд, ног техникæйæ куыд кусынц, уый фенын. Тынг стыр аргь скодта Фидараты Хазбийы хайадæн. Æгъдау æмæ кадимæ фæцардысты Хазби дæр æмæ ма, уæлдæр кæй ранымадтон, уыцы адæмтæ Джезказганы, ныууагътой дзы хорз фæд. Цæры ма дзы абон дæр иукъорд бинонтæ, нæ зæрдæ сын зæгьы бирæ хорздзинæдтæ. 19.06.97
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 113 Уидæгтæ — арф, æгъдæуттæ — фидар Алы ирон хъæуæн дæр хицæн истори, тради- цитæ æмæ æгьдæуттæ ис. Уый та рахатæн вæййы зианы дæр æмæ цины дæр. Æмæ æппæт уыцы фарстатыл лæмбынæг æрдзурын мæ бон нæ бауы- дзæн, фæлæ мæ фæнды, мæ райгуырæн хъæу, мæ сывæллоны бонтæ кæм арвыстон, уыцы Бæрæ- гъуыны цæрджыты ’хсæн цы хорз æмæ фидар æгъ- дæуттæ ныффидар, уыдоны тыххæй цалдæр дæн- цæджы æрхæссын. Цалдæр мæйы размæ фæзиан ис нæ хъæуы ны- маддæр сылгоймæгтæй иу — Беккуызарты Мы- сырхан. Рухсаг уæд. Уый йæ цард Саламджери- имæ куы баиу кодта, уæд йæ амæлæты бонмæ бирæ лæггæдтæ фæкодта канд Беккуызартæн нæ, фæлæ хъæуы иннæ хистæртæн æмæ ма суанг кæстæр- тæн дæр. Беккуызартæ цардысты, доныбыл кæй хуыдтам, уыцы сыхы. Сæ фарсмæ ма уыдис При- ты Дудуйы хæдзар. Уыцы сых зындгонд уыдис йæ цæрджытæй æмæ ма уым цы стыр тымбыл бæлас задис, уымæй дæр. Хъæуы сывæллæтты- иу, сæхи доны найгæйæ, къæвда куы ’рцахста, уæд, сæ дзаумæттæ сæ къухы, афтæмæй лыгъды- сты уыцы бæласы бынмæ. Уый сæ-иу бааууон кодта хурбон дæр. Йæ къалиутæ-иу фæтæн æмæ бæзджынæй дардмæ фæцыдысты. Уыцы ранмæ уæлдай арæхдæр цыдыстæм мах, чызджытæ, уымæн æмæ нæ-иу Мысырхан арæх барæвдыдта. Æмæ нæ уый æрмæст уый тыххæй не ’лвæста йæхимæ. Приты Дудуйæн уыдис чызг, Каткæ, нæдæр хъусгæ кодта, нæдæр дзургæ. Æр- дзæй афтæ рахаста, фæлæ къухæй ахæм дæсны уыдис, æмæ нын-иу къæцæлын чындзытæ (кук- латæ) куы скодта, уæд сæм-иу кæсынæй не ’фсæ- стыстæм. Уыдысты-иу рæсугъд æмæ аив фæлгонц- гонд. Уымæй уæлдай, Каткæ дæсны уыдис къуым- бил æндахæй алыхуызон дзаумæттæ кæнынмæ дæр. Мах-иу йæ алыварс куы æрæмбырд стæм,
114 Уырымты-Хъуылаты Зоя уæд-иу уый дæр цин кодта æмæ мах дæр. Бирæ йæ уарзтам æмæ нын бар куы уыдаид, уæд-иу æхсæв дæр уым баззадаиккам. Гыццыл чызг уæвгæйæ, мæ зæрдыл хорз ба- дардтон, Беккуызарты æмæ Приты цæрæнуæттæ- иу куыд аив æмæ рæсугъд æфснайд уыдысты, уый. Æппæт рæтты сын кæд фæйнæг пъолтæ нæ уыдис, уæддæр зæхбынтæ æнаивдæр нæ уыдысты. Мы- сырхан сæ-иу сыгъдæг куы ныммарзта æмæ сæ-иу хъуывгъаны донæй куы бапырх кодта, уæд сын сæ рæсугъддзинадмæ кæс æмæ кæс! Мысырхан, Каткæ æмæ уыцы сыхы иннæ сыл- гоймæгтæ цыма ерыс кодтой сыгъдæгдзинадыл, уыйау аив уыдысты канд сæ хæдзæрттæ, кæр- тытæ нæ, фæлæ уынгтæ дæр. Бирæты зæрдæты баззайдзысты Мысырханы хорздзинæдтæ. Йæ бахудт æдзухдæр уыдис фæлмæн æмæ уæздан. Сыхы сылгоймæгтæй-иу исчи балцы куы цыдис, уæд уадысты Мысырханмæ, дæ рæсугъд тин- тычъи гаруз кæнæ мын æндæр аив дзаума авæр, зæгъгæ. Уый никуы никæуыл йæхи атигъ кодта. Мысырхан æххæст уыдис æгъдауæй, æфсармæй æмæ ма хорз адæймаджы æндæр миниуджытæй дæр. Беккуызарты Саламджери æмæ Мысырхан æр- мæст сæхæдæг нæ уыдысты уыцы сыхы фидауц, фæлæ ма сæ фæстæ ныууагътой арф уидæгтæ æмæ фидар æгъдæуттæ дæр. Баззадис сын дыууæ лæп- пуйы — Эльбрус æмæ Æхсар. Уыдон дæр, сæ ныййарджытау, сты хæдæфсарм æмæ фæллой- уарзаг. Æмæ кæд ныртæккæ Бæрæгъуыны нæ цæ- рынц, уæддæр арæх сæмбæлынц хъæуы цæрджы- ты алы хъуыддæгты дæр. Мысырханы зианы уæлдай арфæтæ кодтой Æхсары цардæмбал Дзаттиаты Заремæйæн. Уый Мысырханмæ кастис раст йæхи мады хуызæн. Йæ лæггад ын никуы бавгъау кодта. Æмæ уым, æвæц- цæгæн, Мысырханæн йæхи бавæрæн куынæ уыда- ид, уæд афтæ уарзонæй нæ фæцардаиккой æфсин æмæ чындз.
Мсе зсердæ баззад уемæ... 115 Заремæмæ зианы бон сылгоймæгтæ цыдысты кæугæ, раст цыма йæхи ныййарæг мад амард, афтæ. Уый дæр ыл бирæ цæссыг фæкалдта æмæ йыл Мысырхан дæр мæрдтæй хæрзаудæн кæнæд. 23.06.98 Зæрдæхæлар уыд Недтæ Бирæ ирон фæсивæд афтыд Октябры револю- цийы фæстæ Мæскуымæ ахуыры фæдыл. Уыдо- нимæ уыдысты мæ мады хо Недтæ æмæ йе ’фсы- мæр Дæхцыхъо. Сæ фыд сæ гыццылæй ныууагъ- та æвæгæсæгæй. Мæ мад Нутæ сæ хистæр уыдис æмæ чысыл хъуыды кодта йæ фыды. Сидзæргæс æмæ сидзæрæн сæ ном сæ уæлæ ис, фæлæ нæ фыдæлтæй куы баззад — арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Мæ фыд Уырымты Мишка быдырмæ куы лыгъд, уæд Нанайы дæр йæ сидзæртимæ ра- ласта, æмæ æрцардысты Бæрæгъуыны хъæуы. На- найæн дæр бирæ фенцондæр. Недтæ æмæ Дæх- цыхъо Ирыстоны цалынмæ цардысты, уæдмæ Нед- тæ ахуыр кодта Алагиры Зæнджиаты Бæбумæ, Дæхцыхъо та — Краснодары рабфачы. Мæскуы- мæ куы ацыдысты, уæд уым ирон фæсивæд цар- дысты æмдзæрæны тынг лымæнæй, мæнæ цыма иу мадызæнæг уыдысты. Кæрæдзийæн кодтой аргъ, се ’хсæн уыд ирон æфсарм. Недтæ йæ цард баиу кодта алагираг лæппуимæ. Райгуырд сын лæппу — Хъазыбег. Сæ цард нæ ацыдис, æмæ уæд Недтæйы фæсивæд æрбакодтой æмдзæрæнмæ æмæ æмхуызонæй хъомыл кодтой сывæллоны. Недтæмæ усгуртæ, чызгæй йыл чи дзырдта, уыдон къахихсыд баисты, фæлæ никæмæн разы кодта. Уалынмæ фæзынд дигорайаг лæппу Акъоты Матвей йæ гыццыл лæппу Валериимæ. Недтæ сын фæтæригъæд кодта йæхи мæгуырдзинадмæ гæс- гæ, стæй Матвей уындæй дæр æмæ зондæй дæр
116 Уырымты-Хъуылаты Зоя йæ бынат ахста йæ заманы, ахуыр кодта æфсæд- дон скъолайы Плиты Иссæ, Гречко æмæ бирæ зындгонд хæстон адæмтимæ. 1937-æм азы нын нæ фыдæн 25 азы куы стæр- хон кодтой æнаххосæй, уæд нæм бирæ хионтæ цæуын дæр нал уæндыдысты. Матвей та, цæрæн- бонты рæстдзинадыл тохгæнæг кæй уыдис, уымæ гæсгæ ницæмæй фæтарст æмæ ма мæ мадимæ Ка- лининмæ дæр фæцыд, æмæ нæ фыд 1939-æм азы æрдæглæгæй сæмбæлд йæ къонайыл. Акъоты Матвей архайдта хæрз æрыгонæй рево- люцийы заман мидбæстон хæсты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Йæ хистæр æфсымæртæ дæр уыдыс- ты куырыхон зондыл хæст, фесæфтой сæ 1937-æм азы. Уыдоны тыххæй Матвейæн йæ амæлæты бон- мæ дæр тынг рыст йæ зæрдæ. Æфсымæрты бинон- тæ дзы рох нæ уыдысты, йæ бон куыд уыдис, афтæ сын æххуыс кодта. Хæстон лæг уыд æмæ кæм цард, уырдæм-иу аласта йе ’фсымæрты цоты æмæ сæ ахуыры фæндæгтыл арæзта. Абон йæ кæстæртæй Аланмæ стыр фæндтæ ис Матвейы бæллицтæ сæх- хæст кæнынæн æмæ рæсугъдæй йæ къухы бафтæнт. Недтæ куыста ТАСС-ы, вазыгджын хабæрттæ- иу ын бакодтой йæ бар. Матвеимæ куы бацард, уый размæ йæхи лæппу Хъазыбег дыууæаздзы- дæй амард, фæлæ Матвейы гыццыл Валеримæ кæсын кæй хъуыди, уый тыххæй йæ куыст ныу- уагъта. Тынг хорз сывæллон уыдис Валери, . Æз æй афтæ хорз уымæн зонын, æмæ-иу сæрды мæй- ты уыдис махмæ Бæрæгъуыны. Иузаман 5—6-æм кълæсты дæр мæ хистæр æфсымæримæ иу къла- сы ахуыр кодтой. Матвей æмæ Недтæ кæрæдзийы æмбæрстой, хъомыл кодтой уарзонæй се ’ртæ лæппуйы æмæ иунæг чызджы, сæ цæхх æмæ кæрдзын хæлæг никуы бакодтой хионтæн нæ, фæлæ æцæгæлæт- тæн дæр. Æмæ сын уыцы хæлардзинад дзæгъæлы нæ уыд. Ивгъуыд аз ноябры Недтæ йæ цардæй куы ахицæн, уæд Ирыстонæй Мæскуымæ сæ хорз зонгæтæ арвыстой бирæ телеграммæтæ, хъыг код-
Мсе зсердæ баззад уемсе... 117 той Недтæйы чызг Беллæ æмæ йæ лæппу Ала- пимæ. Недтæйыл йæ хъæбулты хъæбултæ Тимур, Алан æмæ Сашæ дæр тынг фæрыстысты, стыр лæггæдтæ йын фæкодтой. Иннæ ахæм йæ чын- дзытæ Тиминæ æмæ Медея, йæ рынчыны æмæ йæ фæстаг мæрдон бонты рæстæг йæ уæлхъус цы- рагъау фæлæууыдысты. Зианы рæстæг Ирысто- нæй Мæскуымæ ацыдысты Недтæйæн хæрзбон зæгъынмæ йæ хойы сиахс Хъуылаты Аслæнбег, йæ кæстæр чындз Тиминæйы æфсымæртæ Мурат æмæ Олег, йæхи иунæг æфсымæры лæппу Аслан (скодта йын цæгаты хæрдзтæ), йæ иннæ хæстæ- джытæ Дзасохты Юрий, Беккуызарты Оля æмæ Таймураз. Гатуты Замирæ тынг рæсугъд радзырд- та йæ зианы уæлхъус, раст, Мæскуымæ куыд ныц- цыд æмæ йæ амæлæты бонмæ алы рæтты цы зæр- дæбын, хæрзæгъдауæй фæфæллой кодта, куыд уазæгуарзон ирон сылгоймаг уыд, уый тыххæй. Бирæ азты цы хæдзары фæцард, уырдыгæй та иу уырыссаг ус, Катя, ахæм дæнцæг æрхаста, амар- дис, дам, нæ сыхаг, иунæгæй чи царди, мæгуыр чи уыд, ахæм уырыссаг ус, йæ уæлæ, дам, ын цы скодтаиккой, уый нæ уыди æмæ, дам ын Недтæ къахæй сæрмæ дзаумæттæ æрбахаста, стæй стъол- мæ хæринаг цы хъуыд, уыдон дæр. Уæдæ Мæскуыйы цы ирон адæм цæры, уыдо- ны аккаг арфæйы ныхæстæ та зын ссарæн сты. Алыккаты Дзабо Недтæйы мардмæ æрбацæуын- хъом не сси æмæ телефонæй зæрдæхалæн ныхæстæ фæкодта. Йæ цæрæнбон бирæ Габолаты Серге- йæн, уый та бирæ фæлæууыд зианы уæлхъус. Мæскуыйы цæрæг ирон адæмæн сæ хистæртæ афтæ хъомыл кæнынц кæстæрты, æмæ сын амо- нын ницы хъæуы ирон æгъдæуттæй, уæлдайдæр, зианы рæстæг — стыр лæггæдтæ бакодтой Нед- тæйæн йæ зианы бонты. Хъайтыхъты Барис, Бæ- ройты Владимир æмæ иннæтæ æрцæттæ кодтой хæрнæджы фынгтæ. Стыр арфæйы аккаг сты Мæскуыйы цæрæг ирæттæ, Недтæйæн йæ фæстаг бон афтæ рæсугъд
118 Уырымты-Хъуылаты Зоя чи скодта, лæггад ын чи бакодта. Хуыцау зæ- гъæд, æмæ Недтæйы кæстæртæм, къабæзтæм уыйас хъару разынæд, сæ лæггæдтæ сын циндзи- нæдты куыд бафидой. Недтæ йе ’мзæххонтæн лæггад кæнынæй нæ бафсæст æмæ цардаудæн кæнæд, уыйбæрц æгъдæуттæ йын чи скодта, уыцы адæмыл. 15.04.98 Цард зынаргъ у Кæсын Нанайы (мæ мады мад) æмæ мæ фыды хо Лескайы къаммæ æмæ мæ мæ хъуыдытæ ахас- той сæ зынвадат царды фæндæгтæм, æрхъуыды сын кодтон сæ бирæ фыдæбæттæ æмæ мæ æрфæн- дыд уыдоны тыххæй радзурын. Нана уыд Дза- сохты Барысбийы чызг. Йæ мад Гызийæн (Седа- нонæн) уыдис аст хъæбулы, æмæ сæ царды кæ- ронмæ фæцардысты тынг лымæнæй. Нанайы æфсымæртæ Бадыхъæуæй Мызуры бынмæ цыды- сты кусынмæ. Уæды заман æрдзы хъæздыгдзи- нæдтæн бельгийæгтæ хицауиуæг кодтой. Нана-иу æдзухдæр дзырдта уыцы хабæрттæ. Тынг æну- выд ыл уыдысты йæ цæгат. Холысты æрыгонæй æртæ æнахъом сабиимæ куы аззад сидзæргæсæй, уæд-иу æй иу бон дæр æнæ бабæрæг кæнгæ нæ ныууагътой. Мæ мад Нутæ уыд йæ хистæр зæ- нæг, 1905-æм азы гуырд. Йæ хо Недтæимæ нын- иу арæх кодтой сæ сидзæр бонты кой, уæлдайдæр та, сæ гыццыл уæхсчытыл суджы къæцæлтæ куыд æмбырд кодтой сæрдæй, зымæгæй, уый. Бирæ хъыцъыдæттæ банызта Нана, фæлæ уæддæр йæ царды кæронмæ цавæр адæймагæй баззад, ууыл дзурæг у ацы къам. Йæ иунæг лæппу Дæхцыхъо кæстæр уыд æмæ йæ тынг буц дардта. Финлян- дийы хæсты заман æм фæдзырдтой æфсадмæ. Уалынмæ немыц ныббырстой, æмæ Дæхцыхъо æнæ хабарæй фесæфт. Нанайæн йæ цæсты бынтæ
д/# зсердæ баззад уемсе... 119 нал хус кодтой цæссыгтæй. Немыцы фæстæмæ тæ- рын куы байдыдтой, уæд хабар сыхъуыст Мæз- дæгæй, Дæхцыхъо æгас кæй у. Нана æдзух афтæ дзураг уыд: «Иунæг мæгуыр у». Æмæ æцæгдæр Дæхцыхъо бирæ зындзинæдтæ федта немыцмæ уацары, стæй та нæхи бæстæйы дæр. Ныр абон мæ къухы ис фыстæг, фыссы йæ Канигинаты дыууæ хойæ иу, уыдон сын хастой къæбæр, не- мыцмæ уацары куы уыдысты, уæд. Стæй сын хъу- сын кодтой фæстаг хабæрттæ. Æрыгон уырыссаг чызджытæй-иу ферох, куыд тæссаг у сæхи цар- дæн, уацары чи уыд, уыцы советон афицертæ æмæ салдæтты уавæрмæ кæсгæйæ. Леска уыдис мæ фыд Уырымты Мишкайы фаз- зон хо, йæ мой уыдис Хестанты Бæбæ, амардис 1931-æм азы. Леска баззадис йæ цыппар чызджы æмæ æртæ лæппуимæ сидзæргæсæй. Йæ файнуст Серафинимæ цардысты иу кæрты дыууæ уарзон хойы хуызæн. Уыцы лымæндзинад абоны онг дæр хæлд нæу сæ кæстæрты фæрцы. Уымæн æвдисæн, Лескайы кæрты цы лæппу баззад — Хасан — уымæн йæ фыццаг сывæллон Азæмæтæн цы куывд скод- той, уый. Хестантæ æмæ къабæзтæй фæсте ничи- уал баззад, æвæццæгæн. Лескайы æртæ лæппуйы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайдтой, хистæр Гатæгьæз та — Финляндийы хæсты дæр. Дзамбо- лат ма хæдзарыл сæмбæлд цæфтимæ. Мад æй фыр- буцæй хуыдта гыццыл Гæбыла. Леска йæхæдæг йæ хорз куысты тыххæй Мæскуымæ дæр уыдис æр- выст, уыд депутат, куыд раззаг колхозон, афтæ йæ къам хаст уыдис Кады фæйнæгмæ. Йæ авд сы- вæллонæн уарзын кодта фæллой, ахуыры фæнда- гыл сæ сарæзта. Хистæр хо Маня ахуыр кодта Бæрæгъуыны скъолайы, мæ мад æй йæ цыппар хъæ- булы бæрц уарзта. Тынг фырнымд уыдис сывæл- лонæй дæр Маня. Æрыгонæй йæ моймæ радтой æмæ ницы амондджын разынд. Баззадис иунæг Мак- симимæ, фæлæ та ныр, æрыгонæй куыд худти йæ цæстытæй, афтæ худы. Максим ын бинонты хъуыд- даг куы бакодта, уæд чындз ахæм нæртон сылгой-
120 Уырымты-Хъуылаты Зоя маг рауад, æмæ йын аргъ нæй. Максим йæхи къух- ты хъаруйæ йæ цардæмбал Земфирæимæ замманай хæдзар сарæзтой, хæлæг никæмæ кæнынц, дзаг хæдзарæй цæрынц. Æппæты ахсджиагдæр та уый у, æмæ дзы сывæллæтты худын кæй хъуысы. Абон Лескайы авд сывæллонæй не ’хсæн сты Маня, Надя æмæ Рая. Лескайæн йæ чызг Ирæйы мæгуырдзинад йæ тых басаста, йæхи хуызæн уый дæр цыппар æнахъом сывæллонимæ сидзæргæсæй баззад. Йæ хъæбулты бæрц кæй бауарзта, уыцы хæрзæгъдау сиахс Гулаты Ахуырбег Хъарманы ахуырдзаутимæ æвирхъау мард акодта. Ирæйæн йæ цыппар сывæллонæй уæлдай йемæ баззадысты Ахуырбеджы мад æмæ фыд. Рынчын зæрæдты Ирæ тынг буц фæдардта сæ царды кæронмæ. Йæ файнуст Лакимæтимæ дыууæ хойы цард фæкод- той. Ирæ æрæджы ахицæн йæ цардæй. Æмæ кæд хæдзары йæ кæстæр лæппу баззад иунæгæй, уæд- дæр æм Лакимæты кæстæртæ ахæм хорз цæстæн- гас дарынц, æмæ сын мах, Ирæйы къабæзтæ, кæ- нæм æнæкæрон арфæтæ. Ноджыдæр иу хабарæн æнæ зæгьгæ нæй. Ирæ йæ мæлæты рынчын куы уыдис, уæд йæ цот иунæг нæ уыдысты. Хистæр сиахс Хъайтыхъты Валери Мæскуыйæ Дзæу- джыхъæуы æхсæн дыууæрдæм кодта, иннæ ахæм, Ирæйæн йæ чындз Нинæйы цæгат дæр афтæ. Æх- сæвы æнафон ахицæн æмæ дохтырты уынаффæмæ гæсгæ хъуамæ райсомæй аст сахатмæ æрæмбырд уыдаиккой æмæ, куыд æмбæлы, афтæ рæвдзытæй йæ Урсдонмæ йæ хæдзармæ аластаиккам. Хабар куы фехъуыстой Лакимæты лæппутæ Æхсар æмæ Отел- ло, уæд балæууыдысты рынчындоны, федвæстой йæ сæ хъæбысы æмæ йæ сæхи машинæйы йæ хæ- дзармæ æрхæццæ кодтой, махæн, дам, нæ зиан хъуа- мæ æнæхицауы хуызæн иунæг цæмæн уа. Уыдæт- тæ лæгдзинæдтæ сты. Зианы хабæрттæ дæр кæ- ронмæ кодтой ацы лæппутæ. Зианы бон, Ахуырбег æмæ Ирæимæ цыппар азы институты чи ахуыр код- та, уыцы лæг — Годжиты Уырысби (рухсаг уæд) — куы раныхас кодта, уæд дзы хъарæггæнæг ус
Ма> зæрдæ баззад уемæ... 121 дæр нал хъуыдис, хорз æгъдæуттæ, хорз кадимæ бацыдис йе ’нусон бынатмæ. Леска амондджын уымæй разынд, æмæ йæ фырт Дзамболаты йæ иунæг хъæбул Хасанимæ дзæбæ- хæй кæй ныууагъта. Ныр, Леска цæмæ бæллыд, уыцы хабар æрцыд, фæзынд дзы бындур — Азæ- мæт. Лескайы кæстæр лæппу Аслæнбег иуæндæс азмæ дзургæ æмæ хъусгæ дæр нæ кодта, æмæ йыл мады зæрдæ уæлдай рыст кодта. Дзурын куы райдыдта, уæд уайтагъд ралæг, æвæццæгæн, фыр- цинæй. Леска фенхъæлмæ каст йæ дыууæ фырт- мæ хæстæй сыздæхынмæ йæ амæлæты бонмæ дæр, фæлæ ницы. Йæ фæллад уæнгтæ ныр бирæ азты улæфынц Црауы уæлмæрды. Йæ фарсмæ йын ба- вæрдтой Дзамболаты дæр. Леска махыл тынг æну- выд уыд. Мæ цæстытыл уайы, Црауæй-иу нæм куыд æрхæццæ Бæрæгъуынмæ фистæгæй, йæ къа- лати йæ къухы, афтæмæй. Мæ фыд æмæ Леска (фаззæттæ) кæрæдзийæн цы хъæбыстæ кодтой, цас цины цæссыгтæ ныккалдтой, уый диссаг уыд. Уыцы рæстæг адæм кæрæдзийыл тынг æнувыд уыдысты, уæлдайдæр, иу мадызæнæг. Ныр та нæ фæсивæд арахъхъы хуыппытæ æмæ æхцайы ка- печчытыл кæрæдзийы цæгъдынц бонсихорафон уыигты. Зæххыл адæймаджы цардæй зынаргъдæр ницы ис, æмæ Хуыцауы цæст бауарзæд, цæмæй цъæх арвы бын сабыр æмæ æнæмастæй нæ бон цæрын уа, нæ кæстæртæ амондджынæй рæзой. 31.12.98 Нымад лæг уыд Бæрæгъуыны нæ сыхы цардысты Беккуызар- ты Ладикка æмæ Дзби. Уыдис сын цыппар сы- вæллоны: Феми, Феня, Хъазыбег, Æхсар. Ладик- ка æмæ Дзби афтæ лымæн цардысты, æмæ сæм, чи зоны, хæлæггæнджытæ дæр уыдаид. Бинонты царды, уæлдайдæр, сывæллæттæ хъомыл кæн-
122 Уырымты-Хъуылаты Зоя гæйæ, уый ахсджиаг хъуыддаг у. Фæлæ уайтагъд фехæлд адæмæн сæ сабыр цард. Райдыдта Фы- дыбæстæйы Стыр хæст. Дзби йе ’фсымæртæ Габе æмæ Гагиимæ ацыд хæстмæ. Хистæр æфсымæр та, куыд коммунист, фæсчъылдымы куыста. Дзбийы йæ уæзласæн машинæ хæстон фæндæгтыл ных- хæццæ кодта æнæ фыдбылызæй суанг Берлинмæ. Уым фехъуыста, хæст кæй фæцис. Йæ хицауад ын бар радтой, цæмæй йæ хæдтулгæйыл ацæуа Ирыстонмæ йæ бинонтæм. Дзби дзæбæхæй схæц- цæ йæ къонамæ. Немыц ныппырх кодтой колхозы бынтæ, скъола. Фæлæ Æрджынарæгæй куыддæр фæдæле сты, афтæ скъола кусын райдыдта. Бирæ азты дæргьы нæ колхозы уыдис æрмæст Дзбийы хæдтулгæ. Фæкуыста йыл æнæфыдбылы- зæй дæргъвæтин рæстæг. Нæхи хъæу нæ, фæлæ ма- иу сыхаг хъæуты цæрджытæ дæр цавæрфæнды афон бахостой Дзбийы кулдуар. Никуы сыл бахъуыр-хъуыр кодта. Йæ хистæр æфсымæр Тотыр асæй дæр æмæ зондæй дæр уыдис куырыхон лæгау. Немыцы къу- хæй фесæфт (уыд коммунист), æмæ баззадысты æнæ дарæгæй йæ рынчын бинойнаг Уæлгъа æмæ æна- хъом дыууæ лæппуйы Додта æмæ Валодя. Тотыр куыста бæрнон бынæтты. Уарзта адæмы æмæ йын уыдон дæр хионæй, æцæгæлонæй стыр аргъ код- той. Валодя уыдис афицер (рухсаг уæд), йæ фæстæ баззад Сослан æмæ Тамарæ. Додта бахъуаджы рæс- тæг цырагъау балæууы мыггаджы æхсæн. Хъæуы дæр исты хабар ис, зæгъгæ, уæд вæййы фыццаг фæ- дисон. Йæ чызг Оля у дохтыр, лæппу Таймуразы дæр зонынц адæм, кусы цъындадзаумайы фабричы хицауæй. Дзбийы кæстæр Гаги нал сыздæхт хæс- тæй. Йæ къай Созанон Зæлу баззад йæ цыппар æнахъом сывæллонимæ, æфсин Гусон, йæ файнуст Уæлгъа йæ дыууæ гыццыл лæппуимæ. Зæлу ахæм хъазуатон сылгоймаг разынд, æмæ хæдзар цудын нæ бауагьта. Абон цæры йæ фырт Котæ æмæ чындз Тамарæимæ. Йæ чызг Беллæ та цæры Цогойты мыг- гаджы ’хсæн кад æмæ радимæ, хъомьгл кæны йæ къай Борикимæ фæзминаг цот.
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 123 Феми, Хъазыбег æмæ Æхсар райстой уæлдæр ахуырад. Феня та сахуыр кодта бухгалтеры дæс- ныйадыл æмæ пенси райсыны онг фæкуыста го- рæт Хъазаны банчы. Абоны онг дæр йæ къаимæ цæрынц уым. Хъазыбег ахуыр кодта Красногоры, стæй та Николаевскы астæуккаг скъолайы. Дард- дæр нæхи горæты бацыд базарадон техникуммæ, æнтыстджынæй йæ каст фæцис æмæ йæ кусынмæ арвыстой Туркменистаны ’горæт Небит-Дагмæ. Уыцы ран фæцард 1978-æм азы онг. Цасдæр рæс- тæджы фæстæ рацыд, нефт æмæ газы куыст кæм кæнынц, уырдæм. Каст ма фæци Мæскуыйы Губ- кины номыл институт æмæ бæрнон бынæтты ку- сын райдыдта нефт æмæ газы куыстуæтты. Йе ’мкъай Коцты Люсяимæ фæцардысты 1997-æм азы онг. Ис сын иунæг чызг Аленæ, æмæ ныр, Хъазы- беджы мысгæйæ, афтæ фæзæгъынц, уæд та, дам, дзы иу тызмæг ныхас куы зониккам, уæд нын кæд æнцондæр уаид. Тынг бирæ уарзта Хъазыбег йæ хъæу Бæрæгъуын. Исчи-иу ног хæдзар аразы, зæгъгæ, уæд-иу æй цыма Хъазыбегæн арæзта, афтæ æхсызгон-иу ын уыд. Нымайын-иу райдыд- та, нæ гыццыл хъæуæй цал фыссæджы рацыд, уыдоны: Чехойты Сæрæби, Тохты Иван, Дзасох- ты Музафер, цыппæрæймагæн та йæ хабæрттæ æнæбæрæг сты абоны онг — Хъаммæрзаты Али- хан. Иу фауд ныхас никуы схауд Хъазыбегæй ни- кæйы тыххæй. Хъазыбеджы Ладиккайы хъулон лæппу хуыд- той сыхбæстæ хъазгæйæ. Ахæм æууæнкджын ны- хас-иу кодта, æмæ йæм-иу мæ мад Нутæ дæр хæ- лæг кодта. Мады йæ цотæй зæронды бонты хъарм ныхас йеддæмæ ницы хъæуы, фæлæ уыйбирæтæ афоныл нæ бамбарынц. Ладикка ма йæ царды фæстаг бон дæр цæхæрадоны цыдæртæ куыста. Йæ цæхæрадоны цы нæ зад, уый зын зæгъæн у, суанг ма китайаг бал дæр. Цыфæнды нæмыг дæр- иу куы аппæрстаид, уæд-иу цæхæр акалдта. Хæс- тæгджын æмæ уазæгджын хæдзары бæркадджын æфсин уыдис Ладикка.
124 Уырымты-Хъуылаты Зоя Бæргæ дзæбæхæй ныууагътой Дзби æмæ Ла- дикка сæ цыппар хъæбулы, фæлæ абон не ’хсæн нал ис хистæр лæппу Хъазыбег, йæхицæй уæздан- дæр, зæрдæхæлардæр лæппу нæ уыдис. Уымæ гæсгæ йæ, цы адæмты ’хсæн фæцардис, уыдон æнусмæ сæ зæрдыл дардзысты. 27.01.99 Дыууæ хæсты архайдта Битарты Василийы чызг Заретæйыл æхсæз азы æххæстæй нæма цыд, афтæ амард йæ мад Дзасохты Афассæ. Заретæ уыдис Афассæйæн йæ хистæр зæ- нæг æмæ тынг раджы райдыдта хæдзары куыстытæ кæнын. Йæ кæстæртæй йын æз зыдтон Тамарæ æмæ Мишæйы. Мæ нана Аминæтæн йæ кæстæр хо уыдис Афассæ. Аминæт йæхæдæг дæр сидзæргæс уыдис æмæ цы уыд йае бон, фæлæ сабитæм уæддæр йæ цæст дардта. Тынг æххуыс сын кодтой сæ мады æфсымæртæ Алыкси, Хаджумар, Гадзыбе, Гуыбе æмæ мады хотæ Фаризæт æмæ Леле. Сæ фыды ’рдыгæй сæм тынг хæстæг уыдис Битарты Тауыр- зæт. Тауырзæты нымадтой ныййарæг мадыл, кæд сæ бирæ хистæр нæ уыд, уæддæр. Тауырзæт арды- гæй Мæскуымæ Тамарæ æмæ Заретæйæн уыдис сæ уынаффæгæнæг йæ фырт Георгиимæ. Тауырзæтæн йæ хистæр лæппу æмæ йæ сæры- хица^ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты бацарæфтыд сты. Йæ иннæ лæппу Мухар кусы Хæххон аграрон университеты. Мишæ хъаматимæ кафыд, æмæ йæ йæ мады хо Аминæт уыдонимæ кафгæ куы федта, уæд æй масты бын фæкодта: «Утæппæт хъаматæй дæхицæн исты фыдбылыз куы скæнай, уæд та?» Битарты Мишæ цы диссæгтæ арæзта сценæйы, уыдон ын æрдзæй лæвæрд уыдысты. Йæ дæсны- йадыл цæстуарзонæй ахуыр кодта кæстæрты. Уый иу хатт кафгæ чи федта, уыдон æй никуы ферох кæндзысты. Кæд абон не ’хсæн нал ис, уæддæр
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 125 йæ курдиаты тыххæй арæх бакæсæм бирæ хъарм ныхæстæ. Иунæг Тамарæ ма сæ ис æмæ цæры Мæс- куыйы йæ хорз кæстæртимæ буцæй. Заретæ дæр æрæджы ахицæн йæ цардæй æмæ ныгæд æрцыд Мæскуыйы облæсты Звенигороды. Æппæты фыццаг Заретæ ахуыр кæныймæ ацыд 1929-æм азы горæт Калининмæ. Чысыл фæстæ- дæр та сахуыр кодта Мæскуыйы медицинон ин- ституты. Йæ фыццаг амонд куы ссардта, уæд цар- дысты Сталинграды. Ам куыста дохтырæй. Уалын- мæ райдыдта Финляндийы хæст æмæ Заретæйы дæр уырдæм ацæуын бахъуыд. Ацы хæсты архай- гæйæ, фесæфт йæ цардæмбал. Фæстæдæр Заретæ дыккаг хатт йæ амонд баиу кодта уырыссаг лæп- ну Леонид Тихоны фыртимæ. Бæргæ дзæбæх, амондджын цард райдыдтой, фæлæ та уæдмæ не- мыцаг фашисттæ æрбалæбурдтой нæ бæстæмæ, æмæ Заретæ йæ къай Леонидимæ хæцыдысты зна- джы ныхмæ Ленинграды фронты. Хæстæн йæ рай- дайæнæй йæ кæронмæ Райгуырæн бæстæ фашист- тæй ссæрибар кæныныл цы хъæбатыр тох фæкод- той, уый бæрæг у, мæнæ ацы къамы сæ риутыл цы бирæ хæрзиуджытæ ис, уыдонæй. Ирон намысджын чызг Битарты Заретæ 35 азы кадимæ фæкуыста ССР Цæдисы хъахъхъæнына- ды министрады санаторитæй иуы дохтырæй. Йæ фæлмæн къухтæй, йæ зæрдиаг лæггæдтæй бирæ рынчынтæн балæвар кодта æнæниздзинад. Рухсаг уæд, æрæджы ахицæн йæ цардæй. Йæ цардæмбал Леонид Тихоны фырт йæ фæстæ баззад, æнкъард кæны, мысы йæ. Куыд раст загътой нæ фыдæлтæ, зæрондæй дæ ус макуы амæлæд, фæндагыл та — дæ бæх. Арæх ацæуы Леонид Заретæйы ингæнмæ, фæбады йæ цуры, сæвæры йыл дидинджытæ. Æмæ рухсаг уæд нæ кадджын æмзæххон ирон чызг Би- тарты Заретæ. Йæ хорздзинæдтæ йын ам дæр, нæхимæ, йæ бирæ зонгæтæ, хæстæджытæ сæ зæр- Дьгл дарынц æмæ йын зæгъынц рухсаг. Йæ лæг Леонид дæр тынг хорз зоньг ирои æгъдæуттæ æмæ иæ бастдзинад нæ халы йæ ирон каистимæ.
126 Уырымты-Хъуылаты Зоя Гъе, ахæм хъайтар уыд ирон чызг Битарты За- ретæ, дыууæ хæсты архайгæйæ никуы равдыста тæппуддзинад, йæ фыдæлты кад бæрзонд фæхас- та йæ царды фæстаг бонтæм. 10.06.99 Нал сыздæхтысты дыууæйæ Æвæдза, цы мæгуыр уыдысты уыцы мадæлтæ, хæстæй сæ хъæбултæм ссæуынмæ æнхъæлмæ чи фæкаст сæ царды кæронмæ æмæ афтæмæй йе ’цæг дунемæ чи ацыд. Уыцы мадæлтæй иу уыд Хестан- ты-Уырымты Леска. Уый йæхи амондджын хуыд- та Хестанты Бæбæимæ. Райгуырд сын æртæ лæп- пуйы — Гатæгъæз, Дзамболат, Аслæнбег æмæ цып- пар чызджы — Маня, Надя, Ирæ æмæ Рая. Уыцы рæстæг хъæздыгдæртыл нымад уыдысты, бирæ цот кæм равзæрд, уыцы хæдзæрттæ. Бæбæ уыд алцæ- мæй æххæст адæймаг. Мæ фыд Бæрæгьуынмæ куы ’рлыгъд, уæд Бæбæ цардис Црауы æмæ нын стыр æххуысты бацыд хæдзар аразгæйæ. Нæ хæдзар уыдис хъæдæлхынцъ. Хъæдæрмæг цы хъуыдис, уыдон Бæбæ цæттæ кодта Црауы хъæды, мæ фыд та сæ ласта уырдыгæй йæ иунæг бæхыл. Бæбæ амардис 1930-æм азы. Леска авд сывæллонимæ баз- зад. Хестантæ хорз мыггаг сты æмæ сæ сидзæр- гæсмæ сæ цæст дардтой, се ’ххуысы хай йын код- той. Сывæллæттæ хъомыл кодтой æнæнизæй. Уалынмæ райдыдта Финляндийы хæст æмæ хистæр лæппуйы хæстмæ акодтой. Йæ хорз служ- бæйы тыххæй йæ иугыццыл рæстæг йæ хæдзармæ рауагътой. Гатæгъæз дыккаг бон йæ мады ’рва- дæлтæм æрхæццæ Бæрæгъуынмæ æмæ йæ мæ фыд Беккуызарты Алиханы чызг Марусяйы уынынмæ бахуыдта. Бæргæ фæцыд Маруся Гатæгъæзы зæр- дæмæ, фæлæ мæ фыдæн бамбарын кодта, мæ иннæ отпускмæ, дам, аргъæвæм нæ чындзæхсæв, æх- хæст, дам, æфсадæй сыздæхон. Уалынмæ райдыдта
Мсг зæрдæ баззад уемæ... 127 Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Ацыд астæуккаг лæп- пу Дзамболат, гыццыл фæстæдæр та — уый кæс- тæр Аслæнбег. Хæст куы фæцис, уæд ма сыздæхт Дзамболат. Иннæ дыууæ баззадысты хæсты бы- дыры. Æрæджы рацыд мыхуырæй «Книга памя- ти» æмæ уым фыццаг чиныджы фыст ис афтæ: «Хестанты Гатæгъæз, 1912-æм азы гуырд, фæмард мартъийы 1943-æм азы; Аслæнбег, 1925-æм азы гуырд, фæмард апрелы 1945-æм азы». Рухсаг уæнт, Леска йæхæдæг æмæ йе ’ртæ фырты дæр, æнустæм дзæнæты бадæнт. Иузаман хæдзар Надяйы уæхсчытыл æруæз код- та, æмæ йæ цудын нæ бауагъта. Хæдзары дæр æмæ колхозы дæр хъазуатонæй куыста æмæ дзы Црауы хъæубæсты лæджы кад уыдис. Йæ кæстæр дыууæ хойы Ирæ æмæ Рая цæмæй уæлдæр ахуырад рай- стаиккой, ууыл архайдта Надя. Дуры гуыбынæй дæр дон рауадздзæн, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм адæймагыл нымад уыдис, сæрæн æмæ хъæл- дзæг. Цот ын нал рацыд, йæ сæрыхицау амард, фæлæ йæ уый фырт Руслан æмæ йæ бинойнаг Зем- фирæ Ногхъæуы Тезиаты хæдзары тынг буц да- рынц. Хуыцау сын раарфæ кæнæд мах бæсты дæр æмæ сæ кæстæрты цинæй æфсæст уæнт. Мах та сын, Надяйы къабæзтæ, стыр бузныг зæгъæм, нæхи хæсджыныл нымайæм ацы дыууæ сыгъзæрин адæй- маджы раз æмæ сын ныллæг кувæм нæ сæртæй. 8.07.99 Æнгом цард кодтой Ацы къамæй нæм цы сылгоймæгтæ кæсынц, уыдон сæ рæстæджы стыр кадджын уыдысты æгъдауæй, зондæй. Сæ цыппарæй абон иу дæр æгас нал у, рухсаг уæнт. Галиуырдыгæй бады Бицъоты Зæрæда, йæ фарсмæ лæууы Нутæ, мæ мад, йæ къух кæуыл æрæвæрдта, уый та у мæ фьгды фаззон хо Хестанты Леска, Зæрæдайы кæс-
128 Уырымты-Хъуылаты Зоя тæр, йæ фарсмæ бады Уырымты Накки, мæ фыды хистæр æфсымæр Биасы бинойнаг. Накки дæр йæ къух Лескайы уæрджытыл æрæвæрдта. Уый, æвæццæгæн, ууыл дзурæг у, æмæ чындзытæн ацы ходыгъдимæ æнцондæр уыдис. Ницы дзы сусæг кодтой, сæ маст æмæ сæ циндзинады хабæрттæ дæр Лескайæн дзырдтой. Зæрæда дæр, чи зоны, къаддæр нæ уарзта чындзыты, фæлæ уый гыц- цыл æндæрхуызон адæймаг уыд. Зæрæда уыд æрыдойнаг Бицъоты Хъылцы- хъойы ус. Схъомыл кодта хорз цот: Къола, Де- бол, Раисæ æмæ Дарьяйы. Къола куыста бæрнон бынæтты. Дарья уыд ахуыргæнæг. Йæ царды кæ- ронмæ фæкуыста йæ райгуырæн хъæу Æрыдо- ны. Хæсты аххосæй нал смой кодта, фæсивæд иууылдæр знаджы ныхмæ хæцынмæ аивылдыс- ты. Чи зоны, æмæ, йе ’рыгон зæрдæйы арф æвæрд цы лæппу уыд, уый хæсты быдырæй нал сыздæхт, æндæр йæ бирæ курджытæй куыд ни- кæйы равзæрста. Къолайæн дæр йæ къай хуынди Дарья. Уый уыд чырыстонхъæуккаг Бичерахты чызг, ахуыр кодта Къолайæн йæ хо Дарьяимæ. Тынг хорз чындз рауад, бауарзтой йæ бинонтæ, хæстæджытæ. Райгуырд ын лæппу Алик, фæлæ уайтагъд Дарья ахицæн йæ цардæй. Бинонтæ сæ- химæ хъусыныл фесты. Хионтæ рохуаты нæ ныу- уагътой Къолайы, бахæстæг æй кодтой æрыдой- наг Мерденты Маняимæ. Уый дæр тынг хорз чындз рауад Бицъотæн. Йæ ныфс бахаста гыц- цыл Аличы схъомыл кæнынмæ дæр, фæлæ Биче- рахты зындгонд хæдзары йæ мады хотæ балæгъ- стæ кодтой æмæ йæ ауагътой хъомыл кæнынмæ Дигорамæ. Уалынмæ ма Бицъоты хæдзары фæзынд бын- дур — Генæ. Фæлæ та хæдзарыл фыдбылызтæ æрцыд — ахицæн сты сæ цардæй Зæрæда, Къола, Раисæ. Маня æмæ Дарья хъомыл кодтой Генæйы, Раисæйы чызг Таяйы, йе ’фсымæр Борик дæр фыл- дæр ам уыдис. Аликы та слæг кодтой йæ мады хотæ, фæцис институт. Йæхи райста Дзæуджы-
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 129 хъæумæ кусынмæ. Уалынмæ йæ фыды хæдзармæ æрхаста Калоты Таняйы. Маня æмæ йын Дарья скодтой нæртон чындзæхсæв. Æз та кæнгæ мад уыдтæн чындзæн. Цæрынц горæты æмæ хъомыл кæнынц дыууæ лæппуйы. Бирæ адæм сызмæлыд чындзæхсæвы бон Бицъоты кæрты. Уæлдай буц- дæр æгъдæуттæ лæвæрдтой Аликæн йæ мады хæ- стæджытæ. Дебол уыдис хæстон лæг. Абон дæр цæры Мæскуыйы. Йæ лæппу Леонид ам, Дзæу- джыхъæуы, йæ амонд ссардта. Ныртæккæ Маня Генæимæ цæрынц Æрыдоны. Маня бирæ азты фæкуыста Æрыдоны районы ахуырады хайады сæргълæууæгæй. Уый заманы кæд хæдтулгæтæ нæ уыд, уæддæр ахæм скъола нæ уыд, кæй дзы нæ бабæрæг кодта. Цыдæрид- дæр ахуыргæнæгæн хæрзиуджытæ æмбæлы йæ хорз куысты тыххæй, уыдон æм иууылдæр сты. Маня æмæ Дарья лымæнæй фæцардысты. Генæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис юриди- кон факультет Мæскуыйы. Чи йæ зоны, уыдон æй хонынц цæугæ энциклопеди. Накки уыд Маккоты чызг, раздæр уыдис Ба- дыхъæуы Дзасохты чындз. Цот ын нæ уыдис æмæ рацыд йæ цæгатмæ. Уыцы рæстæг мæ фыды хис- тæр æфсымæр Биасæн йæ бинойнаг, сындзыхъæук- каг Цæрукъаты Балда, амард, æмæ сывæллæггæ — Лексо, Аксо, Уырысхан, Ксеня æмæ Душа — баз- задысты æнæфæкæсæгæй. Æмæ уæд Биас æрхас- та бинойнагæн Наккийы æмæ сын райгуырд дыууæ лæппуйы кæрæдзийы фæдыл — Мзо æмæ Мишæ. Сывæллæттæ фондз лæппуйы æмæ дыууæ чыз- джы баисты. Цин кодтой, фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста. 1937-æм азы Биасы йæ бæхыл бадгæйæ фæстæрдыгæй æрбагæрах кодтой, коммунист кæй уыд, уый тыххæй. Биасы цотæй ма абон не ’хсæн сты Мзо æмæ Мишæ. Ис сын хорз кæстæртæ. Гъе, афтæ æнгом æмæ уарзон цард кодтой нæ хис- тæртæ сæ кæрæдзиимæ раздæр азты. 4.06.99 5 Мæ зæрдæ баззад усмæ
130 Уырымты-Хъуылаты Зоя Фæзминаг фæдонтæ ныууагътой Магкæты Знауыры хæдзар ис Салыгæрдæны. Знауырæн йæ цардæмбал уыд бадыхъæуккаг Дза- сохты Барысбийы чызг Фаризæт. Царды сæм сæ- хицæй амондджындæр, æвæццæгæн, ничи кастис. Знауыры хæдзар йæ рæстæджы уыд бæзджын, бæркадджын, æгъдауджын, уазæгуарзон хæдзар, нæртон кæстæртимæ. Фаризæт хæдзары æппæт куыстытæ дæр кодта æнæзивæгæй, æмæ цыбыр рæстæгмæ Магкæты мыггаджы ’хсæн йæ бынат ссардта. Æфсарм, æгъдау æмæ йæ куыстыл са- хуыр кодтой йæ фыд Барысби æмæ йæ мад Седан- ты Гызи. Цот уайтагъддæр рахъомыл сты. Сæ иунæг чызг Машæ уыд Цогойты Æмзоры бинойнаг. Адон дæр тынг хорз цот схъомыл кодтой. Раздæр цар- дысты Уыналы, стæй ралыгъдысты Алагиры хъæуы сæрмæ. Машæ уыд хорз адæймаг, æвæццæгæн, дыккаг ахæм гуыргæ дæр нæ ракодта. Йæ хъæл- дзæгдзинад бирæйы аргъ уыдие. Йæ иунæг чызг Тауырзæт дæр раст йæхи халдих рауад. Фæнды мæ иу ахæм хабар ракæнын Машæйы тыххæй. Сæ хæдзар, хохмæ цæугæйæ, фæндаджы был ис. Иубон иу горæтаг æнæзонгæ лæг йæ ма- шинæ сæ дуармæ баурæдта, рахызти æмæ Машæйæ хатыртæ куры, абон, дам, ацы фæндагыл цæугæйæ дæ хуыйы скъуырдтон, æхца мæм нæ уыд мемæ фаг æмæ ацыдтæн нæхимæ. Уæд ын Машæ афтæ, мæнæ ма, дам, мидæмæ рацу æмæ уым лæджы ныхæстæ кæн, кæй фырт дæ, кæмæй дæ, нæ рæз- ты куы цæуай, уæд уый зон, æмæ дын Машæ фысым кæй уыдзæн, зæгъгæ. Йæхæдæг карк уай- тагъд афыхта æмæ йæ, цы ’мбæлы, уыдонимæ фынгыл æрæвæрдта. Ацы хабар æз базыдтон Ма- шæйы зианы бон. Уым ын йæ зæрдæхæлар, къæ- бæрдæттон, уазæгуарзоны хабæрттæ мысыдысты. Йе ’фсымæртæй иу, Хъамболат, зынгæ бынæтты фæкуыста æмæ афтыд Мæскуымæ, уым базонгæ джызæйлаг чызг Дойаты Милусяимæ, æмæ баиу
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 131 кодтой сæ цард. Тынг бузныг уыдысты хæстæ- джытæ Милусяйæ. Мæскуыйы цæргæйæ сæ дуар гом уыдис æппæт хионтæн дæр. Пенсийы куы ра- цыдысты, уæд сæ цæрæнуат Дзæуджыхъæумæ баивтой, æмæ абон дæр уым цæры Милуся. Иннæ æфсымæр Хъасболат та йæ цард баиу кодта сын- дзыхъæуккаг Созайты Зинæимæ. Зинæ кæд си- дзæрæй схъомыл, уæддæр дзы ахæм нæртон сыл- гоймаг рауад, æмæ алы хъуыддаджы дæр йе ’фсин Фаризæты разæй цыд. Иуныхасæй, хæдзары уæз йæхимæ райста. Æмæ цæуылнæ узæлыдаид, мады рæвдыд чи нæ базыдта сывæллонæй, уыцы Зи- нæйыл Фаризæт. Тынг æнувыд ыл сси æфсин, йæ царды кæронмæ дæр никуы бацыд йæ зæрдæхуд- ты. Фæстæдæр бахъуыддаг кодта иннæ лæппу Цæлыкк дæр. Æрхаста Хъараты Нинæйы, æмæ сын уый дæр хорз чындз рауад. Зинæ æмæ Нинæ, иу цары бын цæргæйæ, дыууæ хойау уарзон цард фæкодтой. Ныр Зинæ абон не ’хсæн нал ис, æмæ Нинæ баззад бинонтæн уынаффæгæнæгæй Зинæ- йæн йæ хистæр лæппу Мухарбегимæ. Ацы хæ- дзарвæндагæй чи рацыд, уыдонæй хистæрæй, кæс- тæрæй тызмæгдзæстæй никуы ничи бакодта’, Ала- гиры астæу сын номдзыд Знауыр цы стыр хæдзар ныууагъта, уый кулдуар. Кæстæртæ хистæртыл ахуыр кæнгæйæ, дæрддаг адæймагæн дæр бакæ- нынц дуар æмæ стыр лæгты хуызæн фæзæгъынц, уазæг — Хуыцауы уазæг, мидæмæ рацæут, зæгъ- гæ. Зинæ æмæ Нинæйы чындзытæ Альбинæ æмæ Тамарæ дæр цæрмыстыгъд бакодтой се ’фсинты алы æгъдауæй дæр. Ис ма дзы кæстæр чындзы- тæ, уыдон дæр хорз кад æмæ æгъдау дæттынц хистæртæн. Зинæйыл йæ фыдæбæттæ æртæфстысты, æмæ йæм иууылдæр, гыццыл сывæллонмæ куыд зи- лай, афтæ зылдысты йæ царды кæронмæ. Уыцы уæззау рынчынæй дæр бацæуæгыл тынг цингæ- наг уыд. Æнæ худгæйæ дзурын дæр нæ зыдта. Уайтагъд-иу, хæдзары цы уыд, уыдон стъолыл февзæрдысты, афтæ йæ цæстæнгасæй æмбæрстой
132 Уырымты-Хъуылаты Зоя йæ кæстæртæ. Цæуæг сæм тынг арæх уыд, уæл- дайдæр, хæстæджытæ. Изæры-иу се стыр хæ- дзары куы æрæмбырд сты, уæд-иу куыд хъæл- дзæг уыдис! Цæлыкк тынг хорз цагъта хъисын фæндырæй, иннæтæй та-иу чи заргæ, чи кафгæ кодта. Знауыры фырттæй хæсты быдырæй нал сыз- дæхтысты дыууæ кæстæр æфсымæры — Сæхæм æмæ Алихан. Хистæртæй ма абон не ’хсæн ис Нинæ, фæлæ сæ фæстæ цы кæстæртæ ис, уыдон сты фæзминаг. Зинæйы чызджы чызг Дзгойты Зоя сси педагогон наукæты доктор. Къорд азы фæкуыста ЦИПУ-йы. Ныртæккæ та кусы æмæ цæры Америчы. Уæдæ Цæлыччы фырт Хъауыр- бег та у Ирыстоны зындгонддæр архитектортæй иу. Иннæ кæстæртæн дæр сæ куыст, сæ цард у фæзминаг. Мæ цæст уарзы алы ирон хæдзарæн дæр ахæм кæстæртæ. 27.10.99 Рох нсеу æмгæрттæй Æвæдза, ахъуыды кæнгæйæ, адæймаг кæм рай- гуыра æмæ схъомыл уа, уыцы хъæубæстæ йын тынг зынаргъ вæййынц. Цасфæнды рæстæг дæр дзы дæхи айс, уæддæр æм æнæ ’рыздæхгæ нæ фæуыдзынæ, æнæ йæ адæм нæ бафæраздзынæ. Махæн дæр нæ чысыл хъæу Красногор ахæм уар- зон у, æмæ дзы нæхи ратонынхъом уымæн не стæм. Уæлдайдæр та, куы ахъуыды кæнай, дæ сабион бонтæ кæимæ арвыстай, кæмыты хъазыдтæ де ’мгæрттимæ, уæд марадз æмæ зæрдæйы бынæй ма ныуулæфтытæ кæн, иомæй-номмæ ма банымай дæ рагбонты æмбæлтты, æхсызгонæй сын ма ракæп сæ кой — уæд удæнцой бынат дæр нал фæары адæймаг. Гъе, ахæм уавæры вæййын æз мæхæдæг дæр, ме ’мгар чызджытæ æмæ лæппутыл ахъуы- дьг кæнгæйæ. Мæ цæстыты раз слæууынц амæй-
Мсе зсердсе баззад уемæ... 133 ай рæсугъддæр, сæрæндæр фæсивæд, скъоламæ кæимæ уадтæн, хъазтизæрты кæимæ кафыдтæн, нæ уыцы сагсур фæсивæд. Уыдонæй иу уыд Цо- майты Хатуйы фырт Миша, æнæхудгæйæ дæр дзу- рын чи нæ зыдта, æмбалæн æгъдæнцой чи уыд, хистæрæн æгъдау чи лæвæрдта. Куыд диссаджы æмуд цард фæкодтам, хотæ æмæ æфсымæртæ цыма уыдыстæм, афтæ кæрæдзийыл æрхъæцмæ нæ лæу- уыдыстæм. Афæдз рацыд, Миша не ’хсæнæй куы фæхъуыд, уæдæй нырмæ, фæлæ иунæг минут дæр рох нæу йе ’мгæрттæй, йæ хионтæй, йæ хъæубæстæй. Æвæц- цæгæн, уымæн, æмæ нын хæларзæрдæ, фæлмæн æмбал кæй уыд. Йæ фыд Хату æмæ мад Сенаги цардысты Красногорæн йæ кæрон Урсдоны былыл. Нæ хъæуы астæуккаг скъола нæ уыд, æмæ нæ авд къласы фæстæ дарддæр ахуырмæ цæуын хъуьтд Николаевскы станицæмæ. Нæ фæндаг уырдæм цы- дис Цомайты рæзты. Сæ цурмæ-иу куы бахæццæ стæм æмбырдæй, уæд-иу Миша та йæ мидбылты худгæйæ лæууыд нæ фæндагыл, махмæ-иу æн- хъæлмæ касти. Афтæмæй иу мад, иу фыды зæнæ- гау Красногорæй сыхаг хъæу Николаевскмæ фæ- цыдыстæм æртæ азы. Рынчын-иу нæ мачи фæуы- даид, æндæр-иу фалæмæ дæр, фæстæмæ дæр нæ хæдзæрттæм цыдыстæм иумæ, кæрæдзийæ нын нæ уыд фæхицæн. Стæй астæуккаг скъола куы фес- тæм, уæд иумæ æрæмбырд стæм, нæ дарддæры ахуырыл хъуыдытæ кодтам. Алчи нæ дзырдта йæ бæллицтæ, йæ фæндтæ, кæй кæцы уæлдæр скъо- ламæ бацæуын фæнды, цавæр дæсныйад райсдзæн. Афтæмæй нæ базырджын хъуыдытимæ агуылф код- там Дзæуджыхъæумæ. Уым дæр кæрæдзийæ нæ хицæн кодтам, иу хæдзары сывæллæттау-иу Са- бырдзинады проспекты (уæд хуынди Сталины про- спект) æрæмбырд стæм æмæ-иу уынаффæтæ код- там. Мах, чызджытæ, бацыдыстæм пединститут- мæ, лæппутæн та сæ фылдæр — æфсæддон скъола- тæм. Уыцы рæстæг тынг кадджын уыдис афицер суæвын, стæй Æфсады службæ кæнын дæр. Ахæм
134 Уырымты-Хъуылаты Зоя лæппутæ уыд, æмæ-иу Æфсады рæнхъытæм ацæуы- ны кæнæ афицерты скъолайы сахуыр кæныны тых- хæй сæ азтæм дæр бафтыдтой. Цомайты Миша домбайарæзт лæппу уыд, раст æй цыма саджы фисынтыл самадæуыд, йæ бакаст дæр — рæсугъд, йæ къахайст — рог. Ахæм цæрдæг, хъаруджын лæппуйыл хорз сфидыдтаид афицеры дарæс. Æмæ Миша йæ гæххæттытæ балæвæрдта æфсæддон училищемæ. Фæлварæнты, сæрмагонд æфсæддон къамисы йæ банымадтой хорзыл æмæ ист æрцыд училищемæ. Æфсæддон скъолатæм ма ба- цыдысты Реуазты Петя, Хъуппеты лæппутæ — Из- маил, Костя, Зелимхан, Гаврил. Диссаджы хорз лæппутæ уыдысты иууылдæр. Улæфты рæстæг-иу сæ хæдзæрттæм куы ссыдысты каникулты, уæд-иу æппæты разæй бабæрæг кодтой, пединституты цы æмдзæрæны цардыстæм, уый, ссардтой-иу нæ æмæ- иу, цыма сæ хотæ уыдыстæм, ахæм цинтæ ныл код- той. Кæд-иу сæ искæйы зæрдæйы уарзондзинад ссыгъди нæ чызджытæм, уæддæр-иу, æвæццæгæн, æфсымæрты зæрдæ сæм кæй дардтам, уый тыххæй сæ сусæг уарзт раргом кæнын дæр æфсæрмы код- той. Абон сæ не ’хсæн бирæтæ нал ис æмæ мæрдты дзæнæты бадæнт. Измаил, Костя æмæ нæ иннæ æмбæлттæ та цæрæнт бирæ азты дзæбæх, æнæни- зæй, сæ кæстæрты хорздзинæдтæм кæсгæйæ. Цомайты Миша æмæ йæ иннæ афицер æмбæлт- тæ бирæ æнтыстдзинæдтæ равдыстой Æфсады службæ кæнгæйæ, стæй сабыр царды мидæг дæр, никуы фæхудинаг кодтой ирон лæджы ном, сæ кæстæрты дæр афтæ схъомыл кодтой. Миша удыхъæдæй дæр æмæ бакастæй дæр тæхудиаг уыд. Бирæ чызджытæ йæ уарзтой, фæлæ уый равзæр- ста Хаситы Быдзыгойы чызг Венерæйы. Цардмæ сын рацыд иунæг, фæлæ алцæмæй æххæст, зæгъ- гæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæппу Ростислав. Каст фæци Хетæгкаты Къостайы номыл Паддза- хадон университет, у журналист. Мыггагæн у хорз кæстæр, йе ’гъдау алы ран дæр кæны, æмгæртти- мæ æфсымæрау цæры. Ис ын дзæбæх бинонтæ.
Мæ зæрдæ баззад уемсе... 135 Йæ къай Альбинæимæ хъомыл кæнынц лæппу æмæ чызг — Азæмæт æмæ Мæдинæйы. Хъыгагæн, Ве- нерæ йæ уарзон хъæбулты нал барæвдыдта. Йæ фæстæ ма йæ къай Миша цы къорд азы ацард, уым ын йæ фырт Ростислав æмæ чындз Альбинæ дзæ- бæх балæггад кодтой. Миша Алагиры цард æмæ Венерæйы фæстæ хъуыддаг дæр нал бакодта, кæд- иу æм уый тыххæй йæхионтæ арæх æрхатыдысты, уæддæр. Уæвгæ, æвæццæгæн, алцæмæн дæр фæнд- гæнæг хъысмæт у. Фæцудыдта уайтагъд Мишайæн дæр йе ’нæниздзинад æмæ йæ уæд Ростислав го- рæтмæ йæхимæ раласта, иунæгæй, дам, дын зын уыдзæн, зæгъгæ. Йæ чындз Альбинæ йын хи хъæ- булау лæггад кодта. Стыр циндзинад та йын йæ хъæбулы хъæбултæ лæвæрдтой. Чысыл Азæмæты къухыл хæцгæйæ-иу куы атезгъо кодта, уæд-иу йæ зæрдæ цинæй байдзаг, йæхицæй-иу ныхъхъал, йæ фæдыл хъæбулы хъæбултæ кæй рацыд, баба, зæгъ- гæ, йæм кæй сдзурынц, уый дæр дзы стыр ныфс бауагъта. Фæлæ уæддæр Миша йæ чысыл хурти- мæ цæрынæй нæ бафсæст, уæззау низ йæхицæй хъаруджындæр разынд æмæ йыл фæуæлахиз. Ростислав йæ фæлмæн фыдæн йæ мæрдтæм фæн- даг срæсугъд кодта йæ къай Альбинæимæ. Афæдзы дæргьы ирон æгъдаумæ гæсгæ цы кæндтæ æмбæлы, уыдонæй йын йæ рухс ном ардтой. Гъемæ, Миша та йæ къай Венерæимæ уырдыгæй цардаудæн кæнæнт, цæрынæй кæимæ нæ бафсæстысты, сæ уыцы уар- зон фырт Ростислав æмæ йæ бинонтыл. Азæмæт æмæ Мæдинæйы дзæбæх, æнæнизæй куыд бахъо- мыл кæной, ахæм амонд сæ уæд. Ростислав, æвæц- цæгæн, ныр йæ фыды æфсымæр Михалæн йæхи буц кæндзæн. Михал бирæ азты фæкуыста завод «Кри- сталл»-ы, йæ намысджын фæллойы тыххæй йын лæвæрд æрцыд Ленины орден æмæ æндæр хæрзиу- джытæ. Михалæн дæр ис хорз лæппу — Сослан — æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй дарддæр дæр Ростиславимæ кæрæдзийæн ныфс уой. 9.02.2000
136 Уырымты-Хъуылаты Зоя Хистæр буц у кæстæртæн Абайты Эдуард цы фарстатыл дзуры 20-æм январы «Рæстдзинад»-ы, ахæм хабæрттæ фыццаг хатт нæ кæсæм, æмæ ма йæхи адæймаг чи хоны, уыдон хъуамæ лæмбынæг ахъуыды кæной ацы фарстатыл. Уæдæ цы пайда сты мыггаджы куывд- тæ дæр, кæд Зæрæдты хæдзары æмбис абон ирæт- тæ сты, уæд. Кæд сын уым цыфæнды хорз у, уæддæр сæ зæрдæтæ сæ хæдзæртты сты, цæрæн- бонты сæ ныхбынтæ кæм фæхордтой, кæм базæ- ронд сты, уыцы хъæубæстæ, сыхæгтимæ, сæ уд- сæ цæст —уыдонимæ абадын, аныхас кæнын, кæй фæхъомыл кодтой, уыцы цот æмæ уыдоны цоты уынын. Худинаджы хабæрттæ цæуы нæ ирон зæххыл. Махæн нæ мады мад Нанайыл сæдæ азмæ æввахс цыд, æмæ куы амард, уæд зæрдæхъæрмттæ код- там. Уый уыдис махæн нæ хъомылгæнæг æмæ цар- ды раст фæндагыл аразæг. Мах æнæ Нанайæ иу минут дæр нæ лæууыдыстæм. Нана амардис 1974- æм азы, фæлæ мах цалынмæ æгас уæм, уæдмæ йæ мысдзыстæм. Црауы Черчесты Алыккайæн йæ бинойнаг Лис- ка уæззау рынчын фæцис, æмæ æрбакодта ног æфсин, уый æнæ Лискайы бафæрсгæ арынг дæр не ’рфæлдæхтаид. Лымæн цардысты, Лискамæ сывæллоны зылд кодта, сывæллæттæм дæр афтæ. Абон дæр Любæйы мысынц Лискайы цот хорзæй. Мæ фыд Мишкайы абон дæр æрымысынц, лæ- джы сæр куы бахъæуы, уæд. Дзургæ бирæ нæ кодта, фæлæ йæ гыццыл ныхасы уыд алкæддæр арф хъуыдытæ. Нана нын куы амард, уæд ын ны- хасы бар радтой, æмæ йæ зæрдæ суынгæг. Лæг- тæй йæм чидæр афтæ дзуры: «Цæй, кæд, мыййаг, дæхи мад нæу». Дзуапп ын радта: «Æвзæр, уый мын мæхи мадæй дæр буодæр даринаг уыд». Ацы хистæрты аккаг ныхæстæ кæй бон у зæгъын. Абон ма утæппæт хистæртæй не ’хсæн сты Зæлу, Оля
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 137 æмæ Асиат, иннæтæ рухсаг уæнт. Сæ фæстæ кæй ныууагътой, уыдон та сын бирæ азты сæ рухс ном куыд арой, ахæм амонд сæ уæд. Мах бирæ хорзд- зинæдтыл ахуыр кодтой. Хъæуы адæм хъæлдзæгæй цардысты иу бинон- ты хуызæн æмæ сæ цоты дæр афтæ ахуыр код- той. Кæрæдзийы уарзтой, сæ цин дæр æмæ сæ хъыг дæр иу уыдысты. Нæ нанатæ æмæ мадæлтæ фæндырæй цагътой. Циндзинады-иу фæсивæд афтæ хъырныдтой, æмæ, кафынмæ рæвдз чи нæ уыд, уыдон дæр-иу рахызтысты. Уый æмæ-иу зæрондæй, ногæй куыд симдтой. Чындзæхсæвы фынгæй-иу цы хистæртæ сыстад, уыдон цалынмæ фæйнæ кафты акодтаиккой, уæдмæ сын цæуыны бар нæ уыдис. Нæ хъæуы адæм-иу Хетæджы дзуары бынмæ фистæгæй цыдысты бон раздæр. Мах, сывæллæт- ты, дæр иухатт акодтой. Хистæрæн уыд Реуазты Батырбег (рухсаг уæд), дзурынмæ, кафынмæ, за- рынмæ — дæсны. Æхсæв кæцыдæр хъæуы фæфæ- стиат сты, бонмæ зарын æмæ фæндыры цагъд хъæуы кæрæттæм хъуыст. Кусарт акодтой, фы- сымтæй чи ныхас кодта дзаг фынгты уæлхъус, чи — кафгæ, заргæ. Райсомæй та араст стæм дзуары бынмæ. Мах, сывæллæттæ, Батырбеджы фæ- дзæхстмæ гæсгæ нæхи хорз дардтам. Абон иу хъæздыг хæдзары цытæ ис, уыдон уæд иу æнæхъæн ирон хъæуы нæ уыдысты, фæлæ уæд- дæр уыдон зыдтой сæ цæхх æмæ сæ кæрдзын уазæ- джы раз æрæвæрын. Бæрæгбæтты дæр нæ хъуыды кæнын, æмæ исчи æнæхуыз уа. Уæд æфсинтæ куыд уæздан лæггад кодтой, сæхæдæг та-иу, æвæццæгæн, доны хъæстæ дæр нæ фесты. Мæ мад-иу нæ тæккæ сыхаг Раццæйæн куыд дзырдта, уый абон дæр мæ хъустыл уайы: «Дæ дзых донæй дæр куынæ ран- хъæвзтай». Бæлццон-иу фæзывд искæцæй, уæд-иу ыл уайтагъд амбырд сты. Уæлдæр скъолатæ чи фæци, уыдонæн кодтой хъæугуывдтæ. Æхцатæ сæм уæвгæ дæр нæ уыд, æмæ æмбырд дæр нæ кодтой. Хуынтæ-иу хастой.
138 Уырымты-Хъуылаты Зоя Афтæ алцæмæн дæр аргъ кодтой нæ фыдæлтæ. Кæстæртæй ма рох кæнæнт ацы дзæбæх ныхæстæ: «Хистæр буц у кæстæртæн». Кæцыдæр адæмтæ нын хæлæг куы кæнынц нæ хорз æгъдæуттæм, уæд нæ зæрæдты зæрдæхудты цæмæн цæуæм? Уый æнæхъæн мыггагæн, ирон адæмæн худинаг у. Ахæм зонд æрцæуæд нæ кæс- тæртæм, æмæ хистæр йæ буц бынаты куыд уа. Мæ зæрдæ зæгъы æппæт ирон адæмæн дæр, цæ- мæй нæ рагфыдæлты хорз æгъдæуттæ иу фæлтæр иннæмæ рæсугъдæй хæццæ кæна. 23.02.2000 Рагон къамтæ дзурынц Ацы къамы цы дыууæ чызджы ис, уыдонæй рахизырдыгæй уый у Бицъоты Хъылцыхъойы чызг Дарья (кæимæ ист у, уый нæ зонын). Дарья Æры- доны скъола каст куы фæци, уæд дарддæр уæл- дæр скъолайы сахуыр кодта æмæ йæ царды кæ- ронмæ фæкуыста Æрыдоны астæуккаг скъолайы историйы ахуыргæнæгæй. Цалдæр азы размæ ахи- цæн йæ цардæй. Æмæ кæд искуы исчи хæрзудæй фæцард, уæд уый уыд Дарья. Хъысмæты афтæ бафæндыд, æмæ Бицъоты Хъылцыхъойы хæдза- рыл æрцыд бирæ зиантæ. Дарья дзы баззад йе ’фсымæр Къолайы бинойнаг Мерденты Дудары чызг Маняимæ, стæй гыццыл лæппу Генæимæ. Чындз æмæ ходыгъд лымæнæй фæцардысты, хæ- дзар цудын нæ бауагътой. Маня дæр куыста скъо- лайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыр- гæнæгæй. Генæйы афтæ хъомыл кодтой, æмæ сæ дыууæйæ ныййарæг кæцы уыд, уый ничи æвзæр- ста. Дарьяйыл йæ бирæ фыдæбæттæ куы ’ртæф- стысты, уæд æм Маня, гыццыл сывæллонмæ куыд зилай, афтæ зылд. 31.05.2000
Мсе зсердæ баззад уемæ... 139 Царды уылæнты Дзугаты стыр мыггаджы ’хсæн Созыр баззад сидзæрæй. Йæ фыд амард æмæ йын йæ мад Уырымты Дудуйы йæ цæгат акодтой. Мад æмæ æнахъом саби, ставд цæссыг калгæйæ, фæхицæн сты кæрæдзийæ. Фæлæ уæддæр мад мад у кæд- дæриддæр, сау мæры бынæй дæр йæ зæрдæ фех- сайы йæ хъæбулмæ. Дудуйы Реуазтæм арвыстой чындзы æмæ йын уым дæр райгуырд дыууæ лæппуйы. Сæ иу, Алык- сандр, фæкуыста стыр бынæтты, фæстагмæ та царди æмæ куыста Мæскуыйы Хуызджын метал- лургийы министрады. Йæ иунæг фырт Максим абон дæр цæры æмæ кусы Мæскуыйы институт- тæй иуы. Дыккаг лæппу Иван та уыд хæстон хи- рург, пенсийы куы рацыд, уæд цард Дзæу- джыхъæуы æмæ хъæды гæппæлтæй арæзта дис- саджы фæлгонцтæ. Абон йæ аивадон куыстытæ сты нæ бæстæйы æмæ фæсарæнты музейты. Иван æмæ Алыксандр не ’хсæн нал сты, рухсаг уæнт. Созыр куы рахъомыл, уæд ын бинойнаг æрхас- той æрыдойнаг Гуацъæты Дарьяйы. Уыцы рæс- тæджы фæлтæр дзырдтой, Дарья æмæ Созыры, дам, Хуыцау сфæлдыста кæрæдзийы амондæн. Рантыст сын фондз сывæллоны: Валодя, Райкæ, Азæ, Варя æмæ Хъазыбег. Сыгъзæрин мад æмæ фыды къухы хъомыл кодтой Дзугаты сывæл- лæттæ. Сæхицæй амондджындæр нæ уыдис арв æмæ зæххы астæу, фæлæ 1937-æм азы Созыры æрцахстой, абон дæр æй ничи зоны, цæй тыххæй, уый. Дуду æмæ Дарья куыд хæлар цардысты, уый зарджыты заринаг æмæ чингуыты фыссинаг у. Дуду Алагирæй Æрыдоны астæу хицæн фæндаг скодта йæ хæрæгуæрдоныл. Созырæн стæрхон кодтой ахæстоны дæс азы фæбадын æмæ йæ Архангельскы облæстмæ ар- выстой. Уырдыгæй йæ бинонтæм фыста йæ хъи- зæмар царды хабæрттæ, адæмыл дæр сæ кæй нæ
140 Уыръшты-Хъуылаты Зоя нымайынц æмæ æхсæвæй, бонæй уæззау куыст кæй кæнынц. Дарья йын сывæллæтты хъуагæй бæргæ цыдæртæ æрвыста, фæлæ йæ дарæг нал сыздæхт, фесæфт æнæбæрæгæй. Йæ фондз сы- вæллоны Дарья схъомыл кодта, паддзахадæй ницы æххуыс зонгæйæ. Уыцы рæстæджы фыд- гæнджыты æмæ уæйгæнджыты фæндиаг нæ фæ- цис Дзугаты Созыры хæдзар. Йæ фæстæ цы æнахъом сабитæ баззад, уыдон рахъомыл сты æмæ хæдзар цудын нæ бауагътой. Валодя æмæ Хъазыбег сæ фыды кæрты ног хæдзар сарæзтой, фæлæ сæ фыды къухвæдтæ цы хæдзарыл базза- дысты, уый нæ фехæлдтой. Валодяйы лæппу Олегæн дæр ис лæппу — Тамерлан, Хъазыбегæн — æртæ усгур лæппуйы: Владимир, Аслæнбег, Сослæнбег. Уыйадыл уал абон Созыры хæдзары ис авд уæйыджы хуызæн лæппуйы. Уæдæ дзæ- гъæлы баззад нæ фыдæлтæй: «Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы», зæгъгæ! Иу миниуæг ма сæм ис Созыры байзæддагмæ. Адæмимæ цæрын зонынц нæртон лæгтау. Ацы хæдзарвæндаджы хæрæфыртты тыххæй дæр æнæ зæгъгæ нæй. Хистæр чызг Райкæйæн йæ къай у алагираг Гуыриаты Мæирбег. Схъо- мыл кодтой дыууæ лæппуйы. Сæ иу — Хъазы- бег — кусы Тæмисчъы санаторийы. Уым цы адæм- тæ вæййы улæфын æмæ дзæбæх кæнынмæ, уыдо- ны арфæйы ныхæстæн кæрон нæй. Кæстæр чызг Варяимæ куы сæмбæлæм, уæд та æрымысæм нæ кæддæры уæззау бонтæ. Иæ мад Дарьяимæ-иу урс ахæстоны дуармæ куыд басыдысты сæ хæ- цъил дзабырты, Дарья бон-изæрмæ куыд куыста æмæ-иу йæ дзулы къæбæр дæр йæ хъуыры куыд иæ цыд йæ сывæллæтты хъуагæй, салд нартхор- иу быдырæй сæ рæтты куыд хастой, уыдæттæ. Ныр абон Созыр æмæ Дарья, сæ фæстæ чи рæзы, уыдоны куы фениккой, уæд цæй амондджын уаиккой. 27.07.2000
Мæ зсердæ баззад уемæ... 141 Нæ йæ рох кæнын Æхсæвы æртæ сахатыл райхъал дæн æмæ... диссаг, мæ хъуыдытæ мæ ахастой Хостыхъоты Зинæмæ. Тынг арæх æрлæууы мæ зæрдыл. Æмæ йын рохгæнæн дæр куыд ис. Чи уыд уый æнхъæл, æмæ ахæм æрыгон, алцæмæй æххæст сылгойма- гæн йæ цард æмбисыл аскъуыйдзæп. Æз лæгæй- лæгмæ йемæ зонгæ нæ уыдтæн, фæлæ йын хъуыс- тон йæ ныхасмæ дæр, цымыдисæй йын кастæн йæ фыстытæ дæр. Зинæ уыдис ирон адæмæн куырыхон сылгоймаг, Сатана. Тынг мæ фæндыд йемæ базонгæ уæвын. Иуахæмы трамваймæ æнхъæлмæ кæсгæйæ мæ цæст ахастон адæмыл æмæ дын Зинæ дæр уым куы лæу- уид. Ме ’мбал сылгоймагимæ йæм бирæ фæкастыс- тæм, бирæ фæхъуыдытæ кодтам, цом, бацæуæм æмæ йын йæ къух уæддæр райсæм. Йæхæдæг дæр нæ бамбæрста, куыд æм кастыстæм, уый. Тынг ныл бацин кодта, раст цыма махмæ æнхъæлмæ каст. Но- джы ма йын куы загътон, мах Музаферы хъæук- кæгтæ стæм, зæгъгæ, уæд ныл тынгдæр ныццин код- та. Мæнæн, дам, Музафер ме стыр хæлар у. Ахæм зондджын сæр кæуыл уыд,ахæм зæрдæ кæй риуы куыста, уымæй афтæ зæгъæн ис, æмæ нæ æнæ рæвдыдæй ацыд мæрдтæм. Тохты Иваны дæр фысджытæ цы хъуыды кодтой, æндæр æй ничи хъуыды кодта. Уый цы рынчын уыд æмæ цы уавæр- ты арвыста йæ бонтæ... Иннæмæй та, адæймаг афтæ ахъуыды кæны, цалынмæ иу адæймаг зæххыл цæра, уæдмæ сæ ном сæфт нæ уыдзæн. Иунæг фыссæг дæр йæхæдæг йæхиуыл нæ мæт кæны, уыдонæн сæ мæт у адæмыл. Къостайæ рай- дай æмæ мæнæ ныры фысджытæй фæу, иунæг фыссæгæн дæр йæ хъуыдыты нæй, бирæ агуыри- дуртæ æрбалас æмæ стыр хæдзар самай. Уыдон æндæр хæдзæрттæ амайынц. Сæ алы ног æмдзæв- гæ, алы ног чиныг дæр адæмæн æрхæссы стыр цин. Адæймагæй иугыццыл æрбайрох вæййынц,
142 Уырымты-Хъуылаты Зоя абоны царды æвзæрæй цы ис, уыдон, æмæ та нæм цæрын æрцæуы. Ирон адæмы нымæц иннæ адæ- мыхæттытимæ абаргæйæ, бирæ нæу, фæлæ нæм зындгонд адæмтæ бирæ ис. Сæ хорз хабæрттæ кæсгæйæ æмæ хъусгæйæ адæймагмæ афтæ фæкæ- сы, цыма дзы де ’ххуысы хай дæр ис. Зинæ рухсаг уæд, фæлæ абон не’хсæн нæ Иры- стоны фысджытæм хуыздæр цæстæнгас куы уаид, уый мæ тынг фæнды. 20.07.2000 Уый лæджы дзуапп у Фыдæлты ныхæстæ куыд раст сты, симды, дам, куы бацæуай, уæд симын хъæуы, зæгъгæ. Адæмы бæрны бацæуын та уæлдай стыр уæз у. Иуæй- иуты хохы цъуппыл сæвæр æмæ сæм кув, афтæ сæ фæнды. Æлбегонты Хасан та ахæм адæймаг у, æмæ æхсæв-бон нæ зоны адæмы мæтæй, æмæ йыл уыдон дæр, куыд иу адæймаг, схъæлæс кодтой. Æртæ азы нæ пъадвалы дуар гом у, æмæ нæ хæ- дзары адæм къахихсыд баисты бирæ бæрнон лæг- тæм, стæй уæд сæ къух ауыгътой. Æз иубон зианы дардмæ ауыдтон Хасаны, æфсæрмы дæр кодтон, ахæм æвирхъау бон ын мæ курдиат куыд бамбарын кæнон, зæгъгæ. Фæлæ йын дыууæ ныхасæй бамбарын кодтон мæ хъаст æмæ цыбыр дзуапп райстон: абон фæссихор. Куыддæр æрхæццæ дæн, афтæ иу сылгоймаг æрбацыд, стæй та йæ хæдивджытæй иу лæппу, Сергей, зæгъгæ. Уый зæрдæмæ дуар нæ фæцыд æмæ æндæр æрбаласта. Цыбырдзырдæй, дуар æвæрд æрцыд æмæ ма йæ дæгъæлæй дæр сæхгæд- там. Гъеуый дын лæджы дзуапп хъуыддагæй. Ахæм разамонджытæ фылдæр куы уаид, уæд адæм дæр ницæуыл тыхсиккой. Нæ хæдзары адæмы номæй дын стыр бузныг зæгъын, Хасан, дæ къухы цы адæм кусы, уыдо-
Мæ зæрдæ баззад уемсе... 143 нæн дæр. Уæ куыстуат Ирыстоны, стæй Уæрæ- сейы дæр раззагдæртæй иу у, æмæ уæ къухы но- джы стырдæр æнтыстдзинæдтæ бафтæд, адæмы хорзæхæй кæддæриддæр хайджын ут. 20.07.2000 Сæ цæст нсем дарынц Горæт Дзæуджыхъæуы Автобусты уынджы 17- æм цæрæн хæдзар куы сарæзтой, ууыл дыууис- сæдз азмæ ’ввахс цæуы. Арæзт та æрцыд Садоны шахтертæн. Рохуаты ис уал азы дæргъы. Ныр нæ хæдзар æрæгæй фæстæмæ хауы цæрæнуæтты 5- æм управленимæ, йæ хицау — Тъехты Тамаз. Та- маз цы йæ бакастæй, цы йæ дзыхы ныхасæй цæр- джыты зæрдæтæ барухс кодта. Бирæ хъуагдзи- нæдтæ ис мах алфамбылай уыцы хæдзæртты дæр. Раст нæм цыма хæст уыдис. Ныртæккæ бирæ змæлд цæуы хæдзæртты хъуагдзинæдтæ аиуварс кæныныл. Кæс, æмæ кæм чъырæй цæгъдынц, кæм ахоргæ кæнынц, кæм авг æвæрынц. Иу хæдзарæн та йæ сæр æмбæрзынц, ракалдтой дзы бирæ бы- рон æмæ зесты гæппæлтæ. Иубон Тамаз йæ рог машинæ фæурæдта 13-æм хæдзары дуармæ. Бацыд пенсиисæг зæронд усы фатермæ, цæмæй йын йæхи цæстæй фена йæ уавæр. Ныр ын æнæмæнг баххуыс кæндзæн йе сцалцæг кæнынмæ. Мах хæдзары подъезды, кæддæр их куы ’руарыд, уæдæй нырмæ, цармæ ’ввахс цы гыццыл рудзынг ис, уый састæй лæууыд. Тамазæн куы бакой кодтон, уæд æй уыцы минут авæрын кодта. Хицау афтæ зæрдиагæй куы куса, уæд цæрджытæ сæхæдæг дæр æвналдзысты сæ хæдзæртты хъæн- дзинæдтæ иуварс кæнынмæ, стæй кæртытæ дæр сыгьдæгдæр дардзысты. Мах хæдзары подъезд цалцæггонд куы ’рцыд, уæдæй фæстæмæ цæрджытæ кæрæдзимæ нал æн- хъæлмæ кæсынц, æзфæраздæрæй æфснайынц сæ
144 Уырымты-Хъуылаты Зоя къæсæртæ. Иуныхасæй, зæрдæрухс сты сыгъдæг- дзинадæй. Нæ горæты ис ахæм хæдзæрттæ, сæ бацæуæнтæ æнæфснайд кæмæн сты. Мæрзгæ сæ уæддæр куы кæниккой... Уæлдайдæр, лифт кæм ис, уыцы хæ- дзæртты цæрджытæ сыгъдæгдзинадмæ сæ хъус æппындæр нæ дарынц. Сæ цæрæнбон бирæ цæ- рæнуæтты 5-æм управленийы кусджытæн, нæ подъезд нын афтæ рæсугъд кæй сцалцæг кодтой, уый тыххæй. Раст нæхи цæрæн фатертæй рай- дзастдæр фæцис. Сæ къухтæ фæрнæй фæдарæнт, нæ зæрдæ сын зæгъы бирæ хорздзинæдтæ. Сæ куыст ноджы æнтыстджындæр уæд. 18.11.2000 Ссерхъуызой Æз æнхъæл дæн, хуымæтæг адæм ацал-ауал азы дæргъы Мæхæмæтты Ахуырбеджы тыххæй æрмæст газет «Рæстдзинад»-ы цы арфæйы ныхæстæ фыс- сынц, уыдон ын йæ хорз удыхъæд равдисынæн æгъгъæд сты. Схонæн æй ис мæгуыртæ æмæ си- дзæрты фыд. Ацы аз 21-æм ноябры газет «Рæст- дзинад»-ы мыхуыргонд уыд Дзуццаты Къостайы уацхъуыд «Нæ хæдзарæн — хæрзгæнæг», зæгъ- гæ, ахæм сæргондимæ, æмæ æцæгдæр, йæ кæс- тæртæ сæхицæн сæ царды фæндæгтæ, Ахуырбег кæм кусы, уыцы университеты равзæрстой. Уый стыр амондджын хъуыддаг у. Се ’рыгон царды уыдон ам дæсныйадæй уæлдай бирæ хорздзинæдтæ райсдзысты, царды сæ кæдфæнды дæр бахъæу- дзысты. Ахуырбегмæ цас хорздзинæдтæ ис, уыдонæн кæрон нæй. Йæ алы ныхасы дæр ис ирон уæздан- дзинад æмæ бирæ арф хъуыдытæ. Æз æй лæгæй- лæгмæ нæ зонын, фæлæ ныры студенттæм хæлæг фæкæнын. 1953-æм азы фæдæн, ныр Ахуырбег разамынд кæмæн дæтты, уыцы уæлдæр скъола
Мæ зсердæ баззад уемæ... 145 (уæды пединститут) æмæ дзы мæ зæрдыл дарын бирæ дзæбæх ахуыргæнджыты нæмттæ, зæгъæм, нæ декан С.Ф. Григорович, профессор Дзагуыр- ты Д.А. æмæ æндæрты. Адон мын ахуыры рæс- тæг мад æмæ фыды хуызæн уыдысты. Тынг мæ фæнды, нæ ирон фысджытæй исчи Ахуырбеджы куысты тыххæй чиныг куы ныффыссид. Æз æнхъæл дæн, æмæ, университеты чи ахуыр кæны, уыцы лæппу-фæсивæдæй бирæтæ суыдзы- сты Ахуырбеджы хуызæн лæгтæ. Хуыцауы цæст бауарзæд ирон адæмæн хорздзинад. Æрæджы те- леуынæнæй Ахуырбег куы радзырдта, президен- ты стипенди чи исдзæн, уыцы лæппуты нæмттæ, уæд дзы загъта Уырымты Зауыры ном дæр. Æмæ нæ мыггаг кæрæдзимæ телефонтæй радзур-бадзур систой фырцинæй. Диссаг та мæм уый кæсы, уый- бæрц студенттæ ахуыр кæнынц университеты, æмæ никуы фехъуыстон, исчи дзы хъаст кæны, зæгъ- гæ. Студенттæ сæ фарстатимæ арæх сæмбæлынц Ахуырбегимæ æмæ сæм уый куыд дзæбæх, лæм- бынæг байхъусы, раст фæндагыл сæ куыд аразы. Цавæр диссаджы куырыхон адæймаг у, куыд æх- хæссы се ’ппæтыл. Канд студенттæ нæ, фæлæ сæ фыдæлтæ дæр афтæ хорз хъуыды кæнынц Ахуыр- беджы тыххæй. Стыр æхсызгон нын уыд, æрæ- джы йын Мæскуыйы, Кремлы, Уæрæсейы Феде- рацийы Президент Владимир Путин «Фыдыбæс- тæйы раз сгуыхтдзинæдты» Ш-æм къæпхæны ор- ден кæй радта, уый. Ирон адæммæ ахæм ныхæстæ ис: «Хур дæр æппæты нæ тавы», уæд йæ бон уый- бæрц куыд у? Мæ зæрдæ дын зæгъы, Ахуырбег, ноджыдæр фылдæр æнтыстдзинæдтæ, ирон адæм дын аккаг аргь куыд кæной, нæ рæзгæ фæсивæ- дæй дæ зæрдæ рухс куыд уа, ирон зæхх хъæзды- гæй хъæздыгдæр куыд кæна дæу хуызæн лæгтæй, ахæм арфæ дæхи дæр æмæ мах дæр уæд. Бирæ нын цæр, дæ кæстæрты хорздзинæдтæ уын. 29.12.2000
146 Уырымты-Хъуылаты Зоя Зон дæхи, ирон лæг! Цæмæй адæм Ирыстоны хабæрттæ зоной, уый тыххæй хъуамæ алы хæдзар дæр иса фыццаджы- дæр газет «Рæстдзинад». Нæ бæстæйы иннæ рæт- тимæ абаргæйæ, мах, Ирыстоны цæрæг адæм, цыма æдыхстдæрæй цæрæм, афтæ мæм кæсы. Æвæц- цæгæн нæм уый тыххæй цæуынц алы къуымтæй алы адæмыхæттытæ дæр цæрынмæ. Æмæ кæд Ирыстоны цæрджытæ дæр бынтон æдыхст не сты, уæддæр, Советон Цæдисы заман цы лымæндзи- над уыд алы адæмтимæ, уый хæлд не ’рцыд. Ирон адæмæн сæ фыдæлтæй цы хæзнатæ баззад, уыдо- нæн уый у сæ ахсджиагдæртæй иу. Нæ цин дæр æмæ нæ зиан дæр иу вæййынц. «Рæстдзинад» мæ къухмæ куы райсын, уæд, фыццаджыдæр, рахиз къуымы уæле цы ныхæстæ вæййы, уыдон акæсын æхсызгонæй. Æз газеты номыртæ иууылдæр æм- бырд кæнын æмæ кæстæрты куы фæхъæуынц, уæд та сæ райсæм, æмæ сæ спайда кæнынц. Æркæсут-ма 26-æм январы газеты фыццаг фар- сыл Цырыхаты Михалы ныхæстæм, «Фырты хæс кæй дарын дæуæй», зæгъгæ. Михалы ацы ны- хæстæ тынг хъæуынц фæсивæды, уæлдайдæр, ахуыры фæндаджы бæсты галиумæ чи ахызт, уыдоны. Фæсивæдæй бирæ ис ныртæккæ фæса- рæнты, чи ахуыр кæны, чи та кусынмæ ацыд. Ирон лæг кæмфæнды куы вæййы, уæддæр Ирыстоны кад æмæ намысыл хъуамæ хъуыды кæна. Æз афтæ зæгъын, æмæ нæ абоны хуызæн нæ ирон газет никуы хъуыд, æмæ нын уый бамбарын афон у. Куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы нæ Иры- стонмæ, уыдон куы нæ бамбарой сæ рæдыд, уæд уыдзысты фæсмойнаг. Рафыссут æмæ кæсут «Рæ- стдзинад» уæ кæстæртимæ, ирон адæм. Скъолатæ иуцасдæр се ’ргом раздæхтой ирон æвзагмæ æмæ уый хорзырдæм фæзынд нæ рæзгæ фæлтæрыл. Æркæсут-ма журнал «Ногдзау»-мæ, гыццылтæ цы æмдзæвгæтæ фыссынц, цы нывтæ кæнынц. Фаро-
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 147 ны 3-æм номыры дзы Æрыдоны 2-æм скъолайы 4- æм къласы ахуырдзау Уырымты Чермен цы æртæ æмдзæвгæйы ныммыхуыр кодта, уыдоныл фæцин кодтон: Нал мсе ’вдæлы хъазсентæм, Ахуыр кæнын æз. Ныр сты мæ хæлæрттæ Чингуытæ ’мæ тетрæдтсе. Ирон адæм, кæсут нæ ирон газет æмæ зонат нæхи бæстæйы æмæ дунейы цымыдисаг хабæрттæ. Ам уæ алы фарстæн дæр ссардзыстут дзуапп. Зон дæхи, ирон лæг? 6.06.2001 Рекомы бæрæгбоны 2-æм июны æртыккаг хатт уыдтæн Рекомы æмæ йæ цыма алы хатт дæр ног фенын, афтæ мæм фæ- кæсы. Дыууæ бæрзонд хохы цыма хæрдмæ цæ- уынæй ерыс кодтой, уыйхуызæн арвыл сæмбæл- дысты. Се ’хсæн та зыны иу диссаджы къæдзæх, хонынц æй Моладзан (Монах). Дæлиау згъоры хохаг цъитидон, йæхи дуртæ æмæ къæдзæхтыл хойгæйæ. Уыцы бон цыдыстæм Рекомы бæрæгбонмæ. Тынг бирæ дзыллæ сызмæлыд: гыццылæй, стырæй фæ- цыдысты Ирыстоны алы рæттæй. Фæлæ дзы иу хъæр ныхас нæ фехъуыстам, тамакодымæгыл дæр дзы нæ амбæлдыстæм, нæ дзы федтам карз нозт дæр. Адæм цыма иу бинонтæ уыдысты, ахæм зæр- дæхæларæй ныхас кодтой кæрæдзиимæ. Реком нæ фыдæлты кадджындæр кувæндон уыдис æмæ у. Куыд дзурынц, афтæмæй тынг ра- гон у. Мах дуджы стыр фыдбылыз æрцыд, фæлæ Ирыстоны ахæм сæрæн кæстæртæ разынд, æмæ сæ размæ хæс æрæвæрдтой, цæмæй Рекомы ку- вæндон ногæй саразой. Уыдон куыд бакуыстой,
148 Уырымты-Хъуылаты Зоя куыд зæрдиагæй бацархайдтой, уый алы адæйма- гæн дæр фенын хъæуы йæхи цæстытæй. Цы фæ- сивæд дзы архайдта, уыдонæй бæрæгбоны кувæн- донмæ бацæуæны лæууыд хæрз æрыгон лæппу Алхас. Уый æппæт фарстатæн дæр дзуапп лæвæрд- та. Куыд æрцыд ахæм хъуыды сæ сæрмæ? Чи лæууыд сæ сæргъы? Чи сын æххуыс кодта? Ку- вæндоны рацæуæны та лæууыд Дзлиаты Казик бæгъæмвадæй, йæхæдæг та тынг арæзт, бæрæгбо- ны куыд вæййы адæймаг, афтæ. Мæ зæрдыл æрба- лæууыд мæ Нанайы ныхас, уыдоны рæстæджы- иу кувæндонмæ дзабырты куыд ничи цыд, уый. Иуаз Дыгуры Уæллаг комы сæмбæлдыстæм дзуары куывды æмæ уым дæр сæ дзабыртæ лас- той, мидæмæ цæугæйæ. Казик ма нын афтæ дæр дзырдта, лæппутæ, дам, кусгæйæ дæр бæгъæмвад уыдысты, æмæ дзы йæ къах цъæррæмыхст дæр никæмæн фæци. 8.06.2001 Хъуысæд сæ сабиты худт Бæрæгъуыны уæлмæрдмæ куы бацæуай, уæд уым фæндаджы был ис ног цыртдзæвæн. Сæвæрд- та йæ Габанты Руслан йæ мад Зинæ æмæ йæ фыд Сæхæмæн. Сæхæм йæ иунæг лæппу Русланы ныу- уагъта хæрз гыццылæй. Зинæ уыдис Цæгæраты чызг æмæ йæ моймæ цæуыны кары нæма уыд, афтæ йæ уыд бирæ курджытæ, уыдоны ’хсæн Га- банты Сæхæм дæр. Габанты лæппу фæсивæды æхсæн уыд нымад, хæрзконд, алцæмæй æххæст гуырд. Цæгæраты Зинæ иннæ усгуртæй хъауджы- дæр Сæхæммæ йæхи куы раргом кодта, уæд лæп- пуйы иубон æндæр хъæуккаг усгуртæй чидæр ба- гæрах кодта. Нæмыг къахыл сæмбæлд æмæ йын æнæ лыггæнгæ нæ уыд. Уæд Зинæ йæ бинонтæн загъта, мæн тыххæй, дам, фæсахъат æмæ мой кæ- нын Сæхæммæ. Бинонтæ сразы сты Зинæйы фæн-
Мсе зæрдсе баззад уемæ... 149 доныл. Баиу кодтой сæ амонд æмæ цардысты уар- зонæй. Сæхæм кæд фæсахъат, уæддæр æмбæлт- тæй фæстæдæр никæмæй уыд, нымад уыд хъæу- бæсты уарзон æмгарыл. Уыдон дæр æй рохуаты нæ уагътой, иннæрдыгæй та йæ разæнгард кодта куыстмæ дæр йæ уарзон цардæмбал Зинæ. Сæ цинæн кæрон нæ уыдис, уæлдайдæр ма сын сы- вæллон куы фæзынд, уæд. Раст сæ цыма мæйдар æхсæв дæр хур йæ цалхыдзагæй тавта, афтæ цард- бæллон уыдысты Сæхæм æмæ Зинæ. Сæхæмæй- иу, æвæццæгæн, йæ къабаз йæ уæлæ кæй нæ ис, уый дæр ферох йæ бинонты цинæй. Æрмæст ацы дыууæ къайы циндзинад бирæ нæ ахаста. Райдыд- та Фыдыбæстæйы Стыр хæст, æмæ фæсивæд æрлæууыдысты знаджы ныхмæ. Сæхæмы нæ ауагътой, кæд æй тынг фæндыдис, уæддæр. Не- мыц Бæрæгъуынæй куы ацыдысты, уæд сæ фæс- тæ ныууагътой бирæ фыдракæндтæ. Æмæ иубон бацарæфтыд минæйæ Сæхæм, аскъуыд йæ цард 38-аздзыдæй. Сæ хæдзар та сын сармадзаны нæ- мыг фæхаста, æмæ Зинæ 33-аздзыдæй йе ’нахъом сабитимæ уынджы къæйыл баззад æнæ хæдзар, æнæ Сæхæм. Сидзæргæс мад, æхсæв йæ цæссыг- тæй йæхи æхсгæйæ, хæдзары куыстытæ кодта, бои та куыста колхозы быдырты. Цынæ зындзи- нæдтæ бавзæрстой сылгоймæгтæ хæсты рæстæг. Салд нартхор згъæлстой æмæ сæ сæ рæтты сы- вæллæттæн хастой, чи дзы цæкуытæ кодта, чи — дзæрна фыхта. Зинæ колхозы куыстытæм се ’ппæтмæ дæр арæхст. Цæвæг æмæ æхсырфæй карста мæнæу, хос. Æрджынарæджы бирæ акъоппытæ фæкъахта ипнæ сидзæргæстимæ знаджы танктæ бауромыны пыхмæ. Æрæджиау дæр, дам ма-иу хъæуы устытæ дзырдтой, мах, дам, немыцы Æрджынарæджы урæдтам, уыдоп та нæм Цыколайырдыгæй æрбырс- той, зæгъгæ. Уыцы æвзæр рæстæг нæ хæринаг уыд, нæ — хостæ, æмæ Зинæйы чызджытæй иу тыхджын рыичын фæцис æмæ амард. Дыккаг чызг Терсзæ цæры Алагиры Кокойты мыггаджы ’хсæн.
150 Уырымты-Хъуылаты Зоя Руслан та йæ къай Заремæимæ Бæрæгъуыны цæ- рынц сæхи хæдзары. Ис сын æртæ чызджы — Лианæ, Зæлинæ æмæ Анжелæ. Зинæ ма арæвдыдта йæ цоты цоты цоты цоты дæр, афтæмæй йæ цардæй ахицæн дыууæ азы размæ нæуæдзаздзыдæй, рухсаг уæд. Ныр- тæккæ Габанты хæдзар у мыдыкъусы хуызæн, алцæмæй дæр æххæст æмæ фæрнджын, Зинæ сæ куыд дзæбæхæй ныууагъта, Хуыцау сæ афтæ уа- дзæд зæронды бонтæм, сæ кæртæй хъуысæд сæ сабиты хъæлдзæг худт. 13.06.2001 Дзырддзæугæ лæг уыд Уæлладжыры комы Цъамады цардысты Уырымты Темырхъаны бинонтæ Черчесон æмæ йе ’ртæ фырты — Тасолтан, Агуыбе æмæ Дзот- та. Тасолтан райгуырд 1887-æм азы. Хуыдтой йæ бæрзонд лæг, æгъдауджын æмæ зондджын. Хорз адæймаг Хуыцауы лæвар у æмæ Тасолтаны дæр Уæлладжыры комы цæрджытæ нымадтой Хуы- цауы лæварыл. Цъамады бирæ сæрæн фæсивæд уыд, семæ Тасолтан дæр, уыимæ ма Уататы Сау- лох, Черчесты Садуллæ, Хъайттаты Тъох, Уырымты Текка, Мишка, Биас æмæ æндæртæ. Текка хъал лæппу уыд. Революцийы фæстæ Уына- лы ревкомы куыста æмæ йыл чызджытæ дисса- джы дзæбæх зарæг дæр скодтой, Уырымты Тек- ка нын ревкомы бады, зæгъгæ. Биас та партийы активон æххуысгæнæг уыдис. Тасолтаны рæстæ- джы къæрных æмæ давæг худинаджы хабар уыд. Хъоды кодтой нæ фыдæлтæ ахæм æнаккаг адæм- тыл. Тасолтанмæ цы бынтæ уыдис, уыдон уыдыс- ты йæхи уды фæллæйттæ. Тæхуды, æмæ абоны хъæздыгдзинæдтæй Тасолтан æмæ уый хуызæн лæгтæм куы уыдаид, уæд цас диссæгтæ ныууагь- таиккой сæ фæстæ. Мæ фыд-иу афтæ дзырдта,
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 151 Тасолтанæн, дам, уыдис æрмæст иунæг цухъхъа æмæ уыимæ цы ’мбæлд, уыдон, уыцы заманмæ гæсгæ. Йæ бинойнаг Цæллагты Куарæ уыд уынай- лаг хорз бинонты чызг. Сæхицæн цот нæ уыдис, фæлæ уæддæр Тасолтан Бызыбын сарæзта скъо- ла хæхбæсты сывæллæттæн, цæмæй сын ахуыр кæныны фадат уа. Абон дæр ма йæ хæлддзаг уым ис æмæ йæм фæндаггонтæ цымыдисæй фæкæсынц. Уыцы рæстæджы хæхбæсты ахæм лæппу нæ уыд, æфсадмæ чи нæ ацыдаид, кæнæ ирæдæн æхца бакусынмæ суанг арæнтæй дæр чи нæ ахызт. Та- солтаны æфсымæр Агуыбе уыдис Америчы. Им- периалистон хæст райдыдта, зæгъгæ, уый куы фехъуыста, уæд ссыд æмæ хæстмæ ацыд. Хъæба- тырæй дзы кæй архайдта, уый тыххæй хорзæх- джын æрцыд хæрзиуджытæй, фæлæ уацары ба- хауд. Гуырдзы уырдыгæй сæхионты куы кодтой, уæд уый дæр уыдонимæ йæхи фæкодта. Гъе, ахæм сæрæнгуырд уыдис. Фæлæ уæддæр Тасолтаны хъару^æмæ ныфс æгæр стыр уыдысты уæды рæс- тæг. Йæ мæт, йæ архайд уыд адæмыл, уæлдайдæр та — рæзгæ фæсивæдыл.Скъолайæ уæлдай ма бирæ æндæр æхсæнадон хъуыддæгтæ сарæзта. Хуыд- той йæ мæгуырты фыд, æвæццæгæн, уыдоны хъуа- гæй йæхи дæр никуы бафсæста. Фæзминаг уыд, куырыхон уынаффæгæнæг. Æхсæнадон царды ха- бæртты-иу æй æндæр комы адæм дæр бацагуырд- той, бирæ фарстатимæ-иу æм цыдысты æмæ дзы алкæмæн дæр фæндагамонæг уыд. Стыр дзуап- джын лæгæй баззад йæ зонгæты, хæстæджыты зæрдæты. Уыдис æмгарджын, суанг ма йын æн- дæр адæмыхæттыты æхсæн дæр уыд бирæ хæ- лæрттæ, цы хъуыддаг нæ сарæзтаид, ахæм нæ уыд. Тасолтаны фæлтæры рæстæджы хæдзæрттæ кæныныл æмæ мулкыл ныры хуызæн зыдыка нæ уыдысты разагъды фæсивæд, кæд сæ хъару амыд- та, уæддæр. Уырымты хæдзар ма ныр дæр Зын- цъары лæууы æнæхъæнæй. Сæ къабæзтæй иу, Хъуылаты Валик, уым хъомыл кодта сабийæ æмæ йæ бафæндыд уыцы зæххыл ног хæдзар саразын,
152 Уырымты-Хьуылаты Зоя æмæ йын бантыст. Ныр дзы иу уаты Тасолтаны хæдзарвæндаджы тыххæй музей кæнынмæ хъавы æмæ уымæн æрмæг æрæмбырд кæнын дзæбæхæй йæ къухы бафтæд. Фыдæлтæн кад кæнын кæс- тæрты хæс у, æмæ уый рох хъуамæ ма кæнæм. 25.09.2001 Дсе рухс ном зæрдæты цæрдзсен Ирыстонæн, ирон театрдзаутæн Годжиты Ла- рисæ уыд цыкурайы фæрдыгау. Йæ фæлмæн мид- былты бахудт æмæ йæ цардбæллон цæстæнгас уай- тæккæ тайын кодтой адæймаджы тыхст æмæ мы- лазон хъуыдытæ, адæймаджы здæхтой цардмæ. Цы спектаклты-иу архайдта, уыдон фенынмæ адæм цыдысты ноджыдæр æмæ ма ноджыдæр иу хатт. Цыдысты, цæмæй ногæй феной Ларæйы æвæджиауы рæсугъд цæстытæ, байхъусой йæ уæз- дан хъæлæсыуагмæ. Ныр уыцы фембæлдтытæ, спектаклтæ, изæр- тæ ивгъуыды амæттаг баисты... Ларисæйы ныййарджытæ Уырысби æмæ Зинæ уыдысты ахуыргæнджытæ, уыдон сæ царды фыл- дæр рæстæг фæкуыстой Уырысбийы райгуырæи хъæу Бæрæгъуыны. Схъомыл кодтой æмæ царды раст фæндагыл сæвæрдтой сæ хъæбулты — Со- нетæ, Ритæ, Ларисæ æмæ Сергейы. Цыппар дæр сæ амæндтæ ссардтой, ис сын хъæбултæ. ...Фæлæ æнæнхъæлæджы мæлæт се ’хсæнæй сыскъуыдта бинонты хуыздæры — Ларæйы. Зианы бон ба- зыдтон, йæ цардæмбал иунæг лæппу кæй у, æнæ- хъæн дунейы дæр йæ мыггагæй (Рубастæ) æрмæст иунæг хæдзар кæй ис, уый. Кæд Ларæ æртæ сывæллоны хъомыл кодта, хæ^зары та ма ноджыдæр дыууæ хистæры (йе ’фсин æмæ уый хо) уыд, уæддæр бинонтæ уыдысты æн- гом, хæдзар — хæрзæфснайд, алцыдæр — нывыл. Æмæ уыдæттæ уыдысты Ларæйы руаджы. Лæггад
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 153 кодта хистæртæн, лæггад кодта кæстæртæн. Йæ хъæбултæ — Давид, Ингæ æмæ Зæлинæ куы ра- хъомыл сты, уæд ын фенцондæр. Арæх-иу афтæ дзырдта, мæ хæдзары хистæртæ куы нæ уаид, уæд мæ уарзон театрмæ кусынмæ куыд цæуин, зæгъгæ. Ацы хабар та мæ никуы рох кæны. Ларисæ ахуыры фæстæ Мæскуыйæ йæ къаимæ куы ссыд, уæд æз сæ размæ рацыдтæн (мæ мады хо мын семæ цыдæр хæссинаг рарвыста). Æмæ мæ цалын- мæ лæппу таксийы не сбадын кодта, уæдмæ мæ иæ ныууагъта. Æз ма Ларисæйæн лæгъстæ код- тон, зæгъын мæ трамвайы арвитæд, мæ хæссинаг дæр хæрзрог у, фæлæ мæ уый сдзурын дæр нал бауагъта. Æмæ йæ ныр уæлмæрды куы бауыдтон, уæд мæ Ларисæ исдуг æрбайрох, уыцы æртæ са- биимæ куыд уыдзæн æнæ йæ уарзон адæймагæй. Æртæ сабийы кæрæдзиуыл хæцгæйæ ныддæлгом сты сæ мады мардыл. Сæ цæссыгтæ ставд цæппу- зыртау гæргæргæнгæ-иу ныллæгъстæ кодтой: мамæ, ма нæ ныууадз. Уыцы нывтæм кæсæг адæм зæрдæдихтæ фесты, сæ кæуын-иу райхъуыст. Нæ кæны, нæ, Хуыцау дæр рæстытæ, æндæр Ларисæйы хуызæн цардбæллон удгоймаджы мæрд- ты Барастыры хай куыд бакодта. 23-æм октябры уыд Ларисæйы райгуырæн бон. Æрæмбырд æм сты, Мæскуыйы кæимæ ахуыр код- та, йæ уыцы бирæ хæлæрттæ. Иумæ фæцин код- той, фæкафыдысты, фæзарыдысты. Уымæй цал- дæр боны фæстæдæр райхъуыст æбуалгъ хабар — Ларисæ йæ цардæй ахицæн... Æрæджы Зинæйы абæрæг кодтам. Ныхæстæ кодтам, афтæ йæ нанамæ æрбацыд Давид. Уый ныр йæ мады мадæй исдзæн йæ мады мондæгтæ. Зинæ, фидар фæлæуу, Ларисæйы бинонты цудын ма бауадз. Уæдмæ Давид дæр рахъомыл уыдзæн. Дæ кæстæртæй дæ зæрдæ макуыуал сриссæд. Ла- рисæйæн цы нæ бантыст, уый йæ кæстæртæн бан- тысæд, уый та сыл хæрзаудæн кæнæд. Кæронбæттæны ма æрхæсдзынæи, бæрæгъуы- иаг Цомайты Алик (уый раныхас кодта Ларисæйы
154 Уырымты-Хъуылаты Зоя марды уæлхъус дæр) Ларисæйæн йæ табæты цур цы æмдзæвгæ бакаст, уый. О, дунетыл амæндтæ уарæг! Цсемæн дæ, цæмæн дæ чъынды? Æндæр нын нæ кæнис, нæу абон Ларисæйы не ’хсæнæй ды. Нæ кæниккой саумарой абон Йæ хотæ, æфсымæр, йæ мад, Нæма уыд йæ цотæн дæр афон Æрлæууын йæ чырыны раз. О, дунетыл амæндтæ уарæг! Цæмæн дæ, цæмæн дæ чъынды? Нæ сæр дзы бæрзæндты куы хастам, Цæмæн нын æй байстай уæд ды? 11.12.2001 Нæй ирон лсегæн афтæмæй цсерсен Газет «Рæстдзинад» æмæ журнал «Мах дуг» фарнимæ бакъахдзæф кодтой алы ирон хæдзармæ дæр 2002-æм азы. Ахæм адæмтæ ис, æмæ иу бон дæр сæ бон нæу æнæ «Рæстдзинад», æнæ жур- налтæ. Фæфæнды сæ рафыссын дæр, фæлæ сын æхцайы фæрæзтæ нæ фаг кæнынц. Ирон лæгæн бирæ къабæзтæ ис æмæ æгъдау куы ’рцахсы, уæд æнæ цæугæ нæй. Хистæр фæлтæр дыгай-æртыгай пенситæ бакуыстой, сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, фæлæ сын цæрыны фаг не сты. Ныртæккæ ма бон-изæр- мæ уыцы фыцгæ хурмæ къæпийæ хъæбæр зæхх исчи фæллойбонтыл фæхойæд. Ахæм фыдæбон- джын уыдысты нæ фыдæлтæ. Абон ма дзы иугæй- ттæ не ’хсæн ис æмæ, семæ ныхасгæнгæйæ, стыр æхсызгонæй æрымысынц уæддæр уыцы цард. Хи- онтæ, хæстæджытæ, хъæуккæгтæ, æнæхъæн Иры- стоны адæм кæрæдзиуыл куыд æнувыд уыдысты, иу иннæмæн куыд æххуыс кодта зæрдæбынæй, уый сæ рох нæу. Сыхæгтæ æнæ кæрæдзи сæ нартхоры кæрдзын æмæ хъæдуры къус дæр нæ хордтой. Ныр
Мсе зсердæ баззад уемсе... 155 та бирæ кæстæртæ, зиу цы ныхас у, уый зонгæ дæр нæ кæнынц. Хъæуты ма хабæрттæ рæвдздæр сты, фæлæ кæцыдæр горæтæгтæ, сæ дуары «гла- зок» кæй хонынц, уымæй ракæсынц æмæ ууыл ахи- цæн вæййы сæ уазæгуарзондзинад. Нæ хистæртæ, нæ фысджытæ, ахуыргæндтæ бæргæ бирæ дзурынц æмæ фыссынц нæ ирон æгъдæуттæ раздахыныл. Къадзаты Станислав цы хорз рæнхъытæ фыссы журнал «Мах дуджы»: «Æфсармыл æпцайынц Кавказы цъæх хæхтæ, Æнсеуымæй, оххай, куыксенынцфæлдсехгæ!..» Ацы ныхæстæ тынг фæцыдысты мæ зæрдæмæ. Фæнды мæ, цæмæй алы ирон хæдзар дæр иса га- зет «Рæстдзинад» æмæ, ирон æвзагыл чи цæуы, уыцы журналтæ. Куыд ис ирон лæгæн афтæмæй цæрæн, ирон чиныг, ирон газет ма кæса?! 6.02.2002 Фæзминаг бинонтæ Бæрæгъуынаг сидзæр чызг Дзитойты Нинæ смой кодта октябрскыхъæуккаг Царахаты Митямæ. Уыдис ын тынг хорз æфсин Фырдæ, йæхи цотæй дæр æй фылдæр уарзта. Йæ мой Митя уыдис хæрзконд, куыстуарзаг. Колхозы быдырты хъаз- уатонæй фæллой кодта. Иуахæмы стыр фыдбы- лызы бахауд йæ трактор цалцæг кæнгæйæ æмæ фæсахъат. Иæ къæхтыл нал слæууыд æмæ йæ амæ- лæты онг фæцард инвалидæй. Уыцы сахъатæй дæр йæ къухтæй цæмæ нæ арæхст, ахæм нæ уыд. Ныр æртын азæй фылдæр йæ бинонтæ цæрынц Бæрæ- гъуыны, мах тæккæ фарсмæ. Йæ цоты Митя.цæмæ арæхст, уыцы куыстытыл сахуыр кодта, хъомыл та кодтой дыууæ чызджы — Зæлинæ æмæ Анже- лæйы, цыппар лæппуйы — Витали, Анвер, Инвер æмæ Гигойы. Ацы хæдзары ирон æгъдау уыди уæлиау æвæрд. Митяйы мад Фырдæ уыдис сыгъ-
156 Уырымты-Хъуылаты Зоя зæрин зæронд ус, йæ чындз Нинæимæ куыд цард, уый стыр диссаг уыд. Уыдысты æнгом, хъæлдзæг бинонтæ. Куы-иу æризæр, уæд-иу сых иу ранмæ æрæмбырд сты гыццылæй, стырæй. Сывæллæт- тæй-иу чидæртæ кафгæ кодтой, чи заргæ, чи — ирон фæндыр кæнæ балалайкæйæ цагъта. Хъæл- дзæг изæртæ æрвыстам, ныры рæстæг уæдимæ абар, уæд — арв æмæ зæхх. Ææдза, адæймаг йæ фыны дæр, кæм райгуырд æмæ схъомыл, уыдæт- тæ уыны. Анжелæ æмæ Зæлинæ ныр æндæр мыггæгты æхсæн цæрынц, хъомыл кæнынц сæ сабиты. Сæ фыд Митя æмæ сæ нана нал сты, фæлæ уæддæр арæх абæрæг кæнынц сæ мад Нинæйы. Лæппутæ гыццылæй абоны онг дæр сты æмгарджын. Сæхи куыстытæ дæр ныууадзынц, искæйы сæ сæр куы бахъæуы, уæд. Къухæй та цæмæ нæ арæхсынц, ахæм хъуыддаг нæй. Ацы лæппутæ хæдтулгæйæ, телевизорæй, дзаумæттæ æхсæн машинæтæй, уазал- гæнæнтæй, суанг цæвæг æмæ къæпиты онг кæй фæцалцæг кодтой, уыдонæй сомтæ уæддæр куы истаиккой, уæд Ирыстоиы æппæты бæрзонддæр цъæхсæртæ аскъæрдтаиккой. Цыфæнды хъуыдда- джы дæр сæ лæггад кæнынмæ ничи амбулдзæн. Напа-иу дзырдта, фыдæлтæ хæдзæрттæ нæ код- той, зæгъгæ, афтæ, дам, дзырдтой, фондзыссæдз азы цæрдзынæн æмæ, дам, уый тыххæй хæдзар кæнын. Зарынмæ, кафынмæ уыдысты рæвдз. Сæ фыд Митя ма уыцы рынчынæй дæр бирæ азты цал- дæр лæппуимæ цыдысты Æрыдонмæ Дзугаты Бар- туйы зарджыты къордмæ. Суанг ма Мæскуымæ дæр ацыдысты зарыимæ. Кæд сæ стыр ахуыргонд ничи у, уæддæр сты фæзминаг бинонтæ. Хъæлдзæг, æнæ худгæйæ дзурын дæр иæ зонынц. Цæрынц сæхи фæллойæ. Æз сæ стыр бузныг дæн рагæй дæр. Хæдзары бирæ змæлд ис æмæ исты куыст вæййы, зæ^ьгæ, уæд сæм дзурын дæр нæ хъæуы. 6.03.02
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 157 РАГОН КЪАМТÆ ДЗУРЫНЦ Ирæттæ — Америчы Ацы рагон къам ист у революцийы размæ азты. Куыд мын радзырдтой, афтæмæй ацы æртæ æмбалы æхца кусынмæ уыдысты Америчы æмæ дзы зонын æрмæстдæр Уырымты Агуыбейы (зынцъайраг) — лæууы рахизырдыгæй, иннæтæ бæрæг не сты. 15.05.02 Аккаг аргъ ын кодтой Уырымты Георгийы фырт Тотырбег йæ биной- наг Олинкæимæ цардысты Сындзыхъæуы. Ду- нейы рухсмæ сын фæзынд фыццаг сывæллон Али- хан. Цыбыр рæстæгмæ ахицæн йæ цардæй То- тырбег, æмæ Олинкæ аззад йæ гыццыл Алихани- мæ, иннæмæй та ма æнхъæлцауæй. Райгуырдис ын чызг Дзерассæ. Æрыгон сидзæргæс Олинкæ хъомыл кæнын райдыдта йæ сабиты. Сидзæрхуыз пæ уыдысты, фæлæ уæддæр хæлæг кодтой, фыд кæмæн уыдис, уыцы сывæллæттæм, уæлдайдæр, Алихан. Олинкæ æнгом цард кодта Уырымты мыггаг æмæ сæ къабæзтимæ. Йæ цоты тынг хорз схъо- мыл кодта, сæвæрдта сæ раст фæндагыл, систы йын бинонтæ дæр. Алиханы хъæбултæ Борик æмæ Ритæ сæхи рох кæнын нæ уадзынц къабæзтæн, цингæнаг сты, раст цыма афæдзгæйттæ нæ фе- пынц адæймаджы. Сæ мад, Беккуызароп Тамуся, зæрингуырд кæмæй фæзæгъынц, ахæм адæймаг у, зæрдæрухсæй рæвдауы йæ хъæбулты, уыдо- иы хъæбулты. Тынг бирæ сæ уарзы сæ фыды хо Дзерассæ дæр. Æмæ дзæбæхæй, кæрæдзийыл узæлгæйæ цæрæнт. Фæлæ мæ бæлвырддæр зæгъын фæнды Алиханы цыбыр æмæ æрттивгæ царды тыххæй. Ирон æмбисонд куыд зæгъы, къодах йæ
158 Уырьшты-Хъуылаты Зоя фыццаг цæфæй бæрæг у, зæгъгæ, афтæ Алихан дæр сывæллонæй бæрæг уыд, уæлдайдæр, йæ уæззау зондахаст æмæ, йæ риуы цы адæмуарзон зæрдæ куыста, уымæй, стæй йæ тырнындзина- дæй ахуыры бæрзæндтæм. Гыццылæй дæр æм- гарджын уыдис, йæ царды кæронмæ дæр никæйы зæрдæхудты бацыд. Астæуккаг скъола йæ райгуы- рæн хъæуы каст фæцис иттæг хорз бæрæггæнæн- тимæ 22-æм июны 1941-æм азы. Уыцы бон иумæ райста йæ цæттæдзинады аттестат æмæ æфсады рæнхъытæм сидты гæххæтт. Афтæмæй уыцы бо- нæй фæстæмæ райдыдтой йæ дæргъвæтин æфсæд- дон фæндæгтæ æмæ йын фесты 1947-æм азы. Фы- дыбæстæйы хæсты цавæр фæндæгтыл фæцыдис æмæ цы сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уыдоныл дзу- рæг сты йæ хæстон уырыссаг æмбал краснодай- раг Соломахин Алексейы фыстæджытæ. Фыссы уырыссагау æмæ йын йæ къухфыст æз дæр дæл- дæр мыхуыр кæнын æнæ тæлмацæй, ома, уырыс- сагау: «В марте 1942 года в станице Советской Краснодарского края формировался артиллерий- ский полк. Прибыли к нам из Осетии ребята: Урумов, Уруймагов и два Дзотцоевых, один по- старше, а другой совсем молодой. Получилось так, что с Урумовым Алиханом я подружился и мы с ним не разлучались, пока в конце 1944 года он не ушел из нашей части. У нас с Алиханом были хорошие специальности — топограф-развед- чик. Наблюдая в стереотрубу за противником, мы засекали огневые его точки и наносили на карту, а затем, во время артиллерийской подготовки, по координатам артиллеристы вели огонь, и наша пехота продвигалась вперед. Чем точнее мы засе- кали точки противника, тем точнее поражала их наша артиллерия. За это нас награждали. Алихан всегда отличался. Часто я его менял на «НП» , а другой раз — он меня. Я был секретарем комсо- мольской организации, а он — комсомольцем. Начали мы свой боевой путь в районе станицы Вешенской (родины Шолохова), были у него в
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 159 доме. Наша дивизия стояла на Дону, преграждая путь немцам в обход Сталинграда. До самого ра- нения Алихана мы были вместе. Когда его ранили и он попал в госпиталь, мы переписывались, затем он служил в морфлоте на Кольском полуострове. Я был такой худой да дохлый, при росте 170 см весил 51 кг. А Алихан, бывало, возьмет меня за ремень одной рукой и поднимет легко и смеется. Помогал мне нести стереотрубу. Он такой креп- кий и сильный был. Во время обстрела бегали в укрытие с пятого этажа, а потом снова поднима- лись на 5-ый этаж. Во время такого спуска у Уруй- магова не выдержало сердце и он умер. Умер и похоронили мы его в сосновом лесу, где сейчас город Северодонецк, тогда там был «Ленхимст- рой», только начали строить город...». Алиханы ныййарæг Олинкæ бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыста, уæлдайдæр, йæ фырт фæцæф ис, зæгъгæ, куы райста хабар, уæд. Кæуылты сты мады фыдæбæттæ. Хæсты фæстæ институты аху- ыр кæнгæйæ, Алйхан уым парторгæй куыста. Иуахæмы бюройæ рацыд æмæ мыл хæрхæмбæлд фæци, цингæнгæ мæ æрбахъæбыс кодта, молодец, дам, дæ, зæгъгæ, ахæм ныхæстимæ. Йæ цин та уый фæдыл уыд, æмæ нæ цалдæрæй кæй раппæ- лыдысты бюройы хорз ахуыры тыххæй. Мемæ ма ахуыр кодтой Уырымты Мырзабег æмæ Петя, сæ дыууæйæн дæр сæ фыдæлтæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты бацарæфтыд сты. Петяйæн ма мад уыдис, фæлæ Мырзабег йæ кæстæр хо Дуняимæ æнæ ма- дæй баззадысты. Уæды рæстæг, хæсты фæстæ, уæлдæр скъолатæм алчи йæхи зонындзинады фæр- цы цыдис. Уырымты Алихан Сталины стипенди иста, Мырзабег æмæ Петя дæр тынг хорз ахуыр кодтой. Сæ дарддæры царды дæр уыдысты фæз- минаг, фæлæ Алихан æмæ Петя æрыгæттæй ацы- дысты ацы дунейæ, Мырзабег та ныртæккæ у рынчын, æмæ сдзæбæх уæд. Алихан бирæ азты фæкуыста бæрнон бынæт- ты, уыд скъолайы директор, бирæ уарзта адæмы
160 Уырымты-Хъуылаты Зоя æмæ йын уыдон дæр аккаг аргь кодтой. Сыгъзæ- рин кæй фæхонынц, ахæм адæймаг бæргæ уыдис æмæ мæрдты дзæнæты бадæд, йæ фæстæ цы цот ныууагъта, уыдон та амондджынæй, æнæнизæй цæрæнт сæ хъæбултимæ. 5.05.02 Зæрдæрухссей цсерæнт Кæд ирон зæххыл æнæхин адæмтæ равзæрд, уæд уыдонæй иу уыд Беккуызарты Ауызби, лæг- дзинад хъуаг нæ уыд, цæстуарзон, зæрдæхæлар. Хохæй быдырмæ лидзын куы райдыдтой, уæд си- дзæр лæппу Ауызби æрбынат кодта Бæрæгъуыны йе ’рвадæлты сыхы фисыныл иу тигъы. Райдыдта уый дæр хæдзар кæнын, æмæ йæм хорз фæкасты- сты, куыд мыггаг, афтæ æнæхъæн хъæубæсты адæм дæр. Уыдис æгъдауæй дæр æмæ уындæй дæр æххæст адæймаг. Хъазуатонæй бавнæлдта колхо- зы куыстытæм. Сарæзта йæ цард, бинонты хъуыд- даг бакодта. Æрхастой йын Цогойты Сæлуханы, уыд арæхстджын сылгоймаг, бæрзонд, хæрзконд. Райгуырдис сын лæппу Солтанбег (Додта) æмæ чызг Мерет. Мæ нана-иу арæх æрымысыд Сæлу- ханы мады ныхæстæ, мæ инджынбуар Сæлухан, зæгъгæ. Тынг бирæ уарзта цард, фæлæ дзы хор- зæй ницы федта. Бæргæ дзæбæх мыггаджы чызг уыдис, фæлæ цæгатырдыгæй дæр — мæгуыргомау. Ауызбийы балæггад кæнынмæ ничи амбылдтаид хъæубæсты. Уыимæ ма зараг æмæ кафаг дæр уыд. Циндзинады рæстæг-иу куы ныззарыд, уæд-иу фæсивæд йæ алфамбылай амбырд сты. Раст адæм- тæ 30-æм азты æфхæрд куы цыдысты, уæд дзы Ауызби дæр бахауд æмæ доны къусы сæфт фæ- кодта. Дыууæ æнахъом сывæллонимæ сидзæргæ- сæй аззад æрдæгконд къуымы. Бирæ зындзинæдтæ федта æрыгон сылгоймаг йæ сидзæртимæ. Сывæллæттæ тагъд рæзынц, æмæ
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 161 йын Додта хæрзчысылæй трактористтимæ кусын райдыдта. Зæрдæргъæвд лæппу, йæ мæгуыры бон зонгæйæ, тракторыл сбадтис. Мерет дæр куыд рæзтис, афтæ, йæ бон цы уыд, уыцы куыстытæ кодта. Хæдзар гыццылгай йæ къæхтыл лæууынтæ байдыдта. Мерет чындзы фæцыд, иунæг лæппу схъомыл кодта, æмæ йын амард, йæхæдæг дæр уæззау низæй дзæвгар фæсад æмæ ахицæн йæ цар- дæй. Додта дæр амондджындæр нæ рауад, уый дæр уæззау низы аххосæй мæрдтæм бацыд, йæ мад Сæлухан йæ иунæг лæппуйы фæстæ афæдз дæр нал ацард. Хæдзары баззадысты Додтайы бинойнаг Зæирæ йе ’ртæ хъæбулимæ — Неля, Мурат æмæ Марикимæ. Мурат йæ цардæмбал Светæ æмæ се ’ртæ хъæ- булимæ цæрынц хъæуы. Светæ, æрыгон уæвгæйæ, хæдзары иууыл куыстытыл дæр æххæссы. Сæ хистæр лæппу Чермен дæр тынг хорз гуырд у, фæллойуарзаг. Зæирæйы æккой кæд баззад хæ- дзар, уæддæр æй цудын нæ бауагъта. Абон Ауыз- бийы æмæ Сæлуханы кæрт у мыдыкъусы хуы- зæн. Зæирæйы æртæ сывæллонæн уал абон ис æртæ лæппуйы æмæ æртæ чызджы. Хуыцау сын ахæм амонд раттæд, æмæ куыд фæфылдæр уой, уæд сæ нана Зæирæ йæхи хондзæн ноджы амонд- джындæр. Зæирæ схъомыл тынг хорз мад æмæ фыды къухы. Адæмимæ цæрынмæ æмæ йæ æгъ- дау раттынмæ ничи амбулдзæн. Сæ кæстæртæ дæр уыдонау уарзон æмæ фæллойуарзаг, зæрдæрух- сæй цæрæнт. 6.06.02 Уый аудындзинад у Ацы азы Стыр Уæлахизы бон — 9-æм Май — мæ зæрдæйæ никуы ферох уыдзæн. Цæвиттон, уыцы бон хæсты ветерантæ, фæсфронты архай- джытæ æмæ иннæ хистæр фæлтæр сæ кæстæрти- 6 Мæ зæрдзе баззад усмæ
162 Уырымты-Хъуылаты Зоя мæ æрæмбырд сты ирон театрмæ. Сæ хъæлдзæг- дзинадæй зæрдæ ради, мæнæ цыма хæст уыцы бон банцад, афтæ ветерантæ хъæбыстæ кодтой кæрæ- дзийæн. Оркестр дæр цагъта хæсты рæстæджы зар- джытæ. Зарыдысты æмæ кафыдысты ветерантæ. Уалынмæ дын, цыма аргъауы уыд, афтæ фæси- вæд цæстыфæныкъуылдмæ стъолтæ æмæ бан- дæттæ кæрты авæрдтой, алыхуызон хæрд æмæ нозтæй сæ айдзаг кодтой æмæ утæппæт адæмы æрбадын кодтой дзаг стъолты уæлхъус. Бадт рай- дыдта салдаты сæдæ граммæй. Скуывтой, æры- мысыдысты, хæстæй чи нал сыздæхт, уыцы хъæ- батырты. Цины цæссыгтимæ уыдысты æнкъард цæссыгтæ дæр. Уæдмæ та æрбахæццæ «хæстон- ты» машинæ йæ цæугæ къухнæимæ, егъау æгты салдæттæн кас, афтæмæй. Ацы нывыл дæр æхсыз- гонæй сæмбæлдысты ветерантæ. Мемæ уыд мæ хъæбулы хъæбул чысыл Тамирис, æмæ касæй куы ахордта, уæд мæм худгæйæ дзуры, нана, цы хæр- зад, дам, у, ды дæр мын ахæм кас кæндзынæ?.. Хорз ма мæм фæкаст, мидæмæ бацæуæны кæй лæууыдысты фидæны афицертæ — кадетты скъо- ладзаутæ æмæ Суворовы номыл æфсæддон учи- лищейы курсанттæ. Æрыгон чызджытæ та бадты- сты æмæ цагътой ирон фæндыртæй. Асинты фæй- нæ фарс дæр лæууыдысты дыууæ чызджы æмæ ветерантæн лæвæрдтой дидинджытæ. Ветерантæ тынг бузныг уыдысты уыцы бæ- рæгбон саразæг, нæ горæты мэр Пагæты Хъазы- бегæй. Республикæйы хæстон ветеранты советы сæргълæууæг Къаболаты Солтан ын уый тыххæй зæрдиаг арфæтæ загъта. Йæ арфæты фæстæ вете- рантæ Хъазыбегæн лæугæйæ дæргъвæтин къухæм- дзæгъд сарæзтой. Уæд Пагæйы-фырт дæр сыстад, ныллæг сын акуывта йæ сæрæй, йæ къух йæ зæр- дæйыл авæрдта æмæ сын загъта бирæ хъарм ны- хæстæ, сымах, дам, баурæдтат, зæххы къорийыл цы стыр æвирхъау хæст уыди, уый, сымах, дам, стут Уæлахиздзаутæ æмæ уын уæ ном кадджы- нæй хæсдзысты адæмтæ фæлтæрæй фæлтæрмæ.
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 163 Бæркадджын стъолты уæлхъус бадгæйæ, вете- ранты зæрдæтæ тынг барухс кодтой хæдахуыр ар- тисттæ дæр. Уæлдай диссаг сывæллæггæ уыдысты, къахфындзтыл хæрдмæ хаудысты. Хуыцау зæгъæд, æмæ нæ кадджын хæстон ветерантæн цы кад скодта нæ горæты ног хицау Пагæты Хъазыбег, уыцы кад сын ноджы бæрзонддæр куыд уа, сæ намыс æмæ хъæбатырдзинадæн сын аргъгонд куыд цæуа кæд- дæриддæр. Хъазыбегæн та нæ зæрдæ зæгьы, нæ горæты хорздзинадыл æнувыдæй куыд куса, стыр æнтыстдзинæдтæ йæ къухы куыд бафтой. 11.06.02 Йсе бæллиц бæргæ сæххæст Уырымты Мырзабег йæ кæстæр хо Дунаимæ сидзæрæй баззадысты сæ фыды хæдзары. Фыд хæсты фæмард, мад дæр ахицæн йæ цардæй. Кæд сæм хионтæ сæ цæст хорз дардтой, уæддæр мад æмæ фыды сывæллæттæрг ничи баивдзæн. Мыр- забег цыдис Æрыдоны скъоламæ, Дунайы та сæ хæстæг Астæуккаг Азимæ аласта, æмæ уым хъо- мыл кодта. Мырзабег скъола каст фæцис æмæ бацыд Цæгат Ирыстоны пединститутмæ уырыс- саг æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ. Институт куы фæцис, уæд куыста Æрыдоны. Бирæ уарзта скъоладзауты, йæ куыст. Дарддæр та Мæскуыйы фæцис аспирантурæ. Æвзагзоныны тыххæй йын рацыдис чингуытæ, пайда сæ кæнынц скъолаты ахуыргæнджытæ. Иуныхасæй, йæ зæрдæ лæвæрд- та, кæй ахуыр кодта, уыцы фæсивæдæн. Фæлæ ныр уæззау низы ахæсты бахауд æмæ кусынхъом нал у. Мырзабегмæ бирæ хорз фæндтæ æвзæрди. Кæд сидзæры къæбæртæй ахуыры бæрзæндтæм зын цæ- уæн уыд, уæддæр йæ къухы бафтыд уæлдæр ахуы- рад, йе стыр бæллиц дæр сæххæст, ссис наукæты кандидат. Тынг æй фæндыди Ирыстоны фæсивæ-
164 Уырымт ы-Хъуылат ы Зоя дæн йæ зонындзинæдтæ дæттын- ЦИПУ-йы æмæ цалынмæ нæ фæрынчын, уæдмæ дзы кад æмæ ра- дæй фæкуыста. Ныр ын йæ рынчыны рæстæг дзæ- бæх лæггад кæны йæ хо Дунайы иунæг чызг Рая. Хуыцауæй куры, цæмæй йæ фæлмæн мады ’фсы- мæр, йе стыр ныфс сæнæниз уа æмæ бирæ азты цæра. Мырзабеджы студентæй сидзæрхуызæй пичи федтаид, куыд хъомыл кодта, афтæ йæхи баста мыг- гагыл, хионтыл, хъæуккæгтыл. Мæ сывæллонмæ мын дæ цæст фæдар, зæгъгæ, йæм чи цыд, уыдонæй иуы дæр никуы раздæхта, алкæмæн дæр æй фæндыд æрмæстдæр хорздзинад. Йæ куыстæй-иу ын рæс- тæг куынæ уыд, уæддæр-иу, æгьдауæй цы ’мбæлд, уый искæмæн арвыста цины æмæ зианы фæдыл дæр. Зоны зæрдиагæй цин кæнын, хъыг кæнын. Мырзабег, дæ лæггæдтæ, дæ хорздзинæдтæ рох не сты, кæд æппынæдзух дæ разы не стæм, уæддæр нæ иунæг минут дæр рох нæ дæ. Хуыцау зæгьæд, æмæ дæ тагьд рæстæджы дзæбæхæй куыд фенæм. 27.06.02 Дзæбæх кæстæр уыд Къалаты Коля æмæ Зоя Алагиры цæстуарзон бинонтыл нымад сты, никуы бахæлæг кодтой сæ къæбæр сыхбæстæн, хиуæттæн, зонгæтæн. Коля бæрнон бынæтты фæкуыста, алы ран дæр нымад лæг уыди, йæ арм дардта рæзгæ фæсивæдыл. Уый тыххæй дзы бирæтæ сты арфæйаг. Ныртæккæ Коля йæ фæллад уадзы, фæлæ йæ куырыхон зонд, йæ фæлтæрддзинад баст у æхсæнадимæ, вæййы бирæ рæсугъд хъуыддæгты амидипгæнæг, архайæг. Æмæ йæ цардæй бæргæ нæ уыд хъæстаг, йæ зæрдæ рухс кодта йæ дзæбæх цотæй, сæ ахуыр æмæ сæ фæл- лойы æнтыстдзинæдтæй. Фæлæ йын хъысмæт йæ зæрдæйы рухс фæталынг кодта, фæкъахыр йæ би- нонты бындур. Фарон æнæнхъæлæджы трагикон хуызы бабын йæ журналист хъæбул Алан.
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 165 Хъысмæт дæр æгъатыр куыд нæ у, йæ царды рæсугъд фæндагыл йæ удыхъæды хуыздæр миниу- джыты руаджы фидар санчъехтæй чи æрлæууыд, йæ сæрæндзинадæй фæсивæды ’хсæн хистæртæ сæ цæст кæуыл æрæвæрдтой, уыцы Алан йæ лæ- джы кары æмбисмæ дæр нæ бахæццæ, 27-аздзы- дæй йæ цæхæр зæрдæ бамынæг. Уымæн æрыго- нæй йæ къухы цытæ бафтыд, уыдон æгæр уыдыс- ты иу адæймагæп. Цыма йæ мæлæт зыдта, уыйхуы- зæн, йæхи зонынхъом куы фæци, уæдæй йæ цар- ды кæронмæ иу хъуыддаг дæр райсоммæ никуы ныууагъта. Æвæццæгæн, ахæм чиныг нæ баззад, Алан кæй нæ бакаст. Йæ дæсныйад дæр ахæм уыд — журналист, домдта йæхицæй бирæ^ зонындзинæд- тæ æмæ йын æнтысгæ дæр кодта. Йæ царды фæс- таг бонты ма к^ыста нæ ресиубликæйы Хицауады пресс-центры. Йæ куыст баст уыд æхсæиадимæ, республикæйы хъуыддæгтимæ, æмæ сæ æххæст кодта æнтыстджынæй. Уæдæ хистæртæи æгъдау раттынмæ дæр куыд арæхстис, йæ фыд æмæ ма- дæн уыд гыццыл сабийау коммæгæс, æнæ кæрæ- дзи фæразгæ дæр нæ кодтой, афтæ-иу сын бакод- та, тагъд, дам, уын чындз фенын кæндзынæн, зæгъгæ. Æмæ цæй зын у ныййарджытæн уарзон хъæбулы бæллицтæ мысын, узæлынц ма йып ныр йæ аив къамтыл, йæ чингуытыл, дзаумæттыл. Йе ’намонды бон ма Алан йæ фыд Коляйæн йæ гуы- рæн бонмæ лæвар дæр нылласта горæтæй. Мæнæ цы æвирхъау хабæрттæ цæуы нæ гыц- цыл Ирыстоны — фæсивæд алы æфсæнттæй сæ- фынц. Нæй Аланы хуызæн сæрæнгуырды рохгæ- иæн, йæ ныгæнæн бон йæ чырын нæ зыиди ди- динджытæй, йæ куысты фæдыл цы бирæ Кады гæххæттытæ фæиста, стæй йæм йæ зианы фæдыл Мæскуыйæ, æндæр рæттæй йæ зонгæтæ, æмбæлт- тæ цы тæфæрфæсы телтæ сæрвыстой, уыдон ын йæ мæрдон риуыл куы равæрдтой, уæд сæм сæр- къулæй кастысты мæрддзыгой адæм, йæ ныййар- джытæ, хотæ æмæ æфсымæртæ та йыл зæрдæ- хъæрмттæ кодтой.
166 Уырымты-Хъуылаты Зоя Рухсаг уæд Алан, бирæ хорздзинæдты бацыд Ирыстонæн, æмæ йæхицæн цы нæ бантыст, уый йæ уарзон бинонтæн, æмгæрттæн сæ къухы бафтæд. 3.07.02 Нана Арæх æрымысын мæ сабийы бонтæ. Уыдис нын хуымæтæджы ирон хæдзар, фыд, мад æмæ Нана. Нæхи тынг хъæздыгыл нымадтам, Иана нын кæй ис, уый тыххæй. Афтæ нæм каст, цыма уымæй хъаруджындæр сылгоймаг зæххы цъарыл нæй. Уый нæ алцæуыл дæр ахуыр кодта. Æмæ йæ ак- каг ныхæстæ кæй бон у зæгъын. Нæ мад æмæ фыды колхозы куыстæй махмæ не ’вдæлд, сæ уынд нын бæрæгбоны хуызæн уыд. Æгæр-иу куы схъæлдзæг стæм, уæд-иу Нана афтæ: «Уæртæ уæ фыд æрбацæуы æмæ гыццыл æрсабыр ут». Нæ фыд-иу куы ’рбахызт кæртмæ, уæд-иу нын нæ сæртæ асæрфта æмæ-иу нæ афарста: «Куыд стут, Нанайы хуртæ?» Æвæдза, фидар æгъдæуттæ уыдис нæ фыдæл- тæм. Нана-иу нын бирæ хабæрттæ дзырдта. Нæ хæдзары дуар куы бакодтаис, уæд дæхи ауыдтаис кæсæнмæ. Кæсæны бынмæ та æвæрд уыдис стъол. Мæ фыд йæ фыццаг сывæллон Пæсæимæ хъазыд æмæ уыцы рæстæг, Нана æрбацæуы, зæгъгæ, уый куы ауыдта кæсæнмæ, уæд сывæллон йæ къух- тæй феуæгъд æмæ пъолмæ æрхауд. Иннæ хатт та Нана цæйдæр тыххæй хыл кодта нæ фыдимæ фæ- саууонмæ. Уыцы рæстæг нæ фыд йæ фæстæ фев- зæрд æмæ йæм дзуры: «Нана, цæуыл тыхсыс?» Нана йæ куы ауыдта, уæд фефсæрмы, фæлæ ма йæм афтæ бакодта: «Ме ’иæуынон макуы фæу, кæд кæцæй февзæрдтæ». Æгъдау æмæ æфсарм раздæр тыхджын уыдысты, иннæмæй, адæм хио- нæй, æцæгæлонæй кæрæдзийы уарзтой, циндзи- над æмæ зианы рæстæг æнгом лæууыдысты фæр-
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 167 сæй-фæрстæм. Ныртæккæ бирæ æнæгъдау митæ ис нæ царды. Æрмæст зианы рæстæг бафиппайæн ис, чи не ’мбæлы, ахæм хабæрттæ. Куыд рабадынц суанг сывæллоны онг хæрнæджы. Лæгтæн иуæй-иу хатт сæ хъæлдзæгдзинад зарынмæ рахизы. Уæдæ æхца æмæ мулк дæр кæстæртæн фæзминаг миниуджытæ систы. Мадæлон æвзаг нæ, фæлæ ма мады дæр рох кæнын райдыдтой. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ нæхи ирон газет «Рæ- стдзинад» царды æппæт фарстатыл дæр афтæ афæлгæсы, æмæ дзы иу хъуыддаг дæр рохуаты нæй. Ирон бинонтæй «Рæстдзинад» чи нæ исы, уыдонæн худинаг уæд! 4.07.02 Циндзинад фæуæлахиз Æрæжы Ставд-Дурты уыд нæртон чындзæхсæв. Хохты Аслæнбег æмæ Зинæ сæ кæстæр лæппуйæн æрхастой цардæмбалæн сæхи хъæуккаг чызджы. Хъæуы адæм тынг бацин кодтой ацы дыууæ æры- гон адæймаджы амондыл. Æмæ ма уый дæр диссаг нæ уыд, фæлæ дзы цас дзыллæтæ сызмæлыд Иры- стоны алы кæрæттæй, суанг ма дзы Кæсæгæй дæр уыд уазджытæ. Дæрдтыл хъуысыд фæндыры зæл- тæ æмæ оркестры цæгъдын. Уæд дын дзыллæты ’хсæнæй рагæпп кодта хæрз æрыгон лæппу кафын- мæ, æмæ йыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Уый куы ’рлæууыд, уæд та рагæпп кодта хæрз гыццыл лæппу æмæ бынтон диссаг уый фæци. Лæппуйы размæ къухмæрзæн æрæппæрстæуыд, æмæ йæ каф- гæ-кафын йæ дзыхæй фелвæста. Адæм сын тых- джын къухæмдзæгъд сарæзтой. Иууылдæр куыд хъæлдзæг уыдысты, куыд цин кодтой æрыгæттыл, цас арфæйы ныхæстæ сын фæкодтой... Хохты бинонтæ адæмы, хъæубæсты, хæстæ- джыты кæй уарзынц, уый уыцы бонæй дæр бæ-
168 Уырымты-Хъуылаты Зоя рæг уыд. Аслæнбеджы рагæй зонын, у кусаг, æгъдауджын. Схъомыл кодта дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы. Чызджытæ æндæр хæдзæртты сты. Ис сын цот. Лæппутæ райстой уæлдæр ахуы- рад æмæ кусынц. Чындзæхсæвы адæм нæ тагъд кодтой фынгтæм, фæуæлахиз сыл циндзинад. Иннæмæй, адæм, ра- гæй кæрæдзийы чи нæ федта, уыдон уарзон ны- хасы аныгъуылдысты. Бирæ арфæйы ныхæстæ фæкодтой хистæрæй, кæстæрæй чындзæхсæвы бон Хохты бинонтæн. Алкæйы арфæтæ дæр-иу фесты ахæм ныхæстæй: «Ног чындз хæдзармæ фарн куыд æрбахæсса, кæддæриддæр Аслæнбеджы кæртæй куыд хъуыса сывæллæтты худын»... 5.07.02 Адсемуарзон уыдысты Кæд искуы Ирыстоны зæххыл уæздан, зæрдæ- хæлар адæймаг райгуырдис, уæд — Цæллагты Тай- мураз. Йæ фыд Салат æмæ йæ мад Дзасохты Пæсæ дæр ахæм дыууæ куырыхон адæймаджы уыдысты, сæхи мæт афтæ нæ кодтой, сыхбæстæ, хъæубæстæ æмæ хионтыл куыд тыхстысты зианы дæр æмæ цины дæр. Æз мæ сабийы бонтæй æрхæс- сон ахæм дæнцæг: 1937-æм азы нын нæ фыды æрцахстой æмæ йæ 25 азы Сыбыры балæууын кодтой. Уыцы рæстæг ме 30-аздзыд мад Цæллаг- ты Салатимæ куыста колхозы тракторон брига- дæн хæринаггæнæгæй, фæсхæрд ма-иу стъолыл кæд исты къæбæртæ аззад, уæд-иу нын сæ æрбахаста. Мах тæригъæдæй-иу Салат дæр нынкъард, йæ фæл- мæн зæрдæйæ ныл узæлыд. Уыдыстæм нæ мады мад Аминæты æвджид, уый йæхæдæг дæр сидзæр- гæсæй схъомыл кодта дыууæ чызджы æмæ лæппу, ст&й мах дæр йæ хистæр чызг Анутæйы æвджид аззадыстæм цыппарæй. Кæд гыццылтæ уыдыстæм, уæддæр абоны онг хъуыды кæнæм, адæм пæм цы
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 169 цæстæй кастысты, куыд нын æххуыс кодтой ны- хасæй дæр æмæ хъуыддагæй дæр. Хуыцау нын ахæм хорз ракодта, æмæ нæ фыд дыууæ азы фæс- тæ ссыд æрдæглæгæй. Бузныг уыдыстæм М.Кали- нинæй, уый йын баххуыс кодта. Цæллагты Таймураз адæмæн бирæ хæрзты ба- цыд хионæй, æцæгæлонæй. Хицауад дæр ын стыр аргъ кодта. Иурæстæджы Мæскуыйы Ирыстгны бæрæгбон уыдис æмæ Таймуразы дæр йæ къай Хадизæтимæ акодтой, цæмæй уым равдисой, Иры- стоны цы дзæбæх хæринæгтæ кæнынц, уый. Тай- мураз тынг мæт кодта, æцæгæлон ран куынæ са- рæхстой йе ’мбæлттæ. Фæлæ сæ афтæ бузныг фесты мæскуыйæгтæ, æмæ ма Таймуразæн хæр- зиуæг дæр радтой. Иуахæмы хъæуьт нæ дуармæ Таймураз баурæд- та йæ машинæ æмæ куы рацæйхызт, уæд ног мæй ауыдта, йæ дзыппæй дыууæ сырх туманы систа — иу йæхицæн, иннæ мæнæн. Æз æм æй фæстæмæ лæвæрдтон æмæ, дам, афтæ нæ вæййы, дæхицæн уадзгæ у. Уæдæ цал æмæ цал хатты фехъуыстон адæмæй, Таймураз мын мæ тыхст ацарæзта, зæгъ- гæ. Хадизæт дæр лæггад кæпынмæ тынг арæхст, адæм ын лæгъстæ кодтой, дæ цæст нæм куы фæ- дарис, зæгъгæ. Иуахæмы та Урсдон раивылд æмæ нæм Хадизæт удаистæй æрбахæццæ, ома нæ кæд бахъыгдардта. Таймуразы фырт Салат Беккуызар- ты хæрæфырт уыд, йæ мад Пæсæ та Дзасохон, махæн дæр нæ мад — Беккуызарон, Нана та — Дзасохон. Бирæ вæййы хæстæджытæ дæр, фæлæ уыдон мах хгедзарæн уыдысты хъулон хиуæттæ. Диссаг мæм фæкæсы, цæуыл вæййы хылы сæр адæмты ’хсæн, сабыр цардæй сæ бар куы вæййы, уæд. Бирæтæй-иу афтæ фехъуыстон, тæхуды æмæ, дам, иу Хадизæты хуызæн сылгоймаг дæ къæсæ- рæй æрбакъахдзæф кæнæд. Иуæй-иу хатт та-иу æй фырбуцæй Сатана дæр хуыдтой. Йæ къай Тай- муразимæ «а» æмæ «о»-йæ фæцардысты. Ныр сæ дыууæ дæр ахицæн сты сæ цардæй, Хадизæт — раздæр, æмæ Таймураз, зæгъæн ис, æнæ йæ къайæ
170 Уырымты-Хъуылаты Зоя цы ацард, уый цардыл нæ нымадта. Ныр сæ дыууæ дæр сты сæ мад Пæсæйы фарсмæ Бæрæгъуыны уæлмæрды, рухсаг уæнт. Фæсивæдæн уыд зондамонæг Уырымты Дибæханы Ирыстоны чи нæ зыдта, ахæм адæймаг, æвæццæгæн, бирæ нæ уыдис. Ди- бæхан райгуырд, йæ фыд Агуыбе фæстæмæ куы ’рбаздæхт Америкмæ йæ балцæй, уæд. Уыдис ма йын стыр ахуыргонд æфсымæр Елхъан, æмæ йын баззад иунæг бындур Владимир. Дибæханæн йæ- хицæн цот нæ уыдис, фæлæ ахæм зæрдæйы уаги- мæ цардис, цыма æнæхъæн Ирыстоны сывæллæттæ дæр йæхи уыдысты. Бирæты дзы æз мæхæдæг дæр æрæййæфтон Дибæханимæ цæргæ. Зæгьæм, Тимофеева Светæ, Уырымты хæрæфырт, ныр ис пенсийы, бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста, хъо- мыл кæны йæ диссаджы иунæг хорз лæппу Ди- мæйы цоты. Иннæ — Хъуылаты Валик, Дибæхан æй радта хæстон училищемæ. Ирон лæппутæ ра- гæй-æрæгмæ дæр кадыл мæлæг сты, æмæ Валик дæр ахуыры фæстæ службæ кодта Сыбыры. Йæ мад Нинæ (рухсаг уæд) цасдæр рæстæджы фæстæ ахæццæ Сыбырмæ йæ иунæджы фенынмæ. Афтæ фæцин кодтой кæрæдзийыл, æмæ Нинæ нал ныу- уагъта йæ хъæбулы уым, ома, æнæ уымæй, дам, нал бафæраздзынæн фæцæрын, зæгъгæ, æмæ абон Валик дзагхæдзарæй цæры нæхимæ, Ирыстоны.. Ис ын дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Хистæр лæппу Давидæн хæрз æрæджы бинонтæ æрхастой. Са- рæзта хæдзар дæр. Фыдæлты къамтæ ауыгъд сты уыцы ног хæдзары къултыл. Дибæхан Зынцъары цы хæдзары райгуырд, уый нырма йæ бынаты ис йæ зæронд дзаумæттимæ. Уым вæййы арæх Валик, Дибæханæн дæр хорз æгъдæуттæ кæны. Сæвæрдта йын цыртдзæвæн дæр зынаргъ дурæй. Рох та дзы æппындæр ницы кæны. Иурæстæджы йæ разы афтæ сдзырдтон, дзæбæх
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 171 ссад кæм балхæдæуа, зæгъгæ, æмæ дын Ног азы къæсæрыл чидæр дуар æрбахоста. Æнæзонгæ лæг, ссады голлаг йе ’ккой, афтæмæй къæбицмæ йæ ных сарæзта. Æз æм дзурын, фæрæдыдтæ, зæгъ- гæ, æмæ дын йæ фæдыл Валиччы дзурын рай- хъуыст: Нæ фæрæдыд". Нæ фыдæлтæ, дам-иу афтæ дзураг уыдысты: «Ныр сæдæ азы тыххæй хæдзар кæнон». Фæлæ Валик нæ фыдæлтæй сæрæндæр разынд, йæхи иунæг уды фæллойæ дыууæ хæдзары скодта, иу — Дзæу- джыхъæуы, иннæ — Зынцъары, æмæ ацы дыккаг хæдзары раз диссаджы дыргьдон сарæзта. Дибæха- ны цардыуаг ам тынг баст уыд йæ фыдæлты рæстæ- гимæ. Ног царды дæр уыдис раззæгтимæ. Йæ риуы æмбæрц цыдис размæ. Мыггаджы кæрæдзийыл ба- ста. Æнæкæрон уарзтæй уарзта адæмы хионæй, æцæгæлонæй, зыдта æппæт къабæзты дæр. Цины æмæ зианы лæвæрдта æгъдау. Йæ хæхбæстыл стыр- зæрдæ нæ кодта, кæд æй горæтмæ хуыдтой кусынмæ, уæддæр. Фæстагмæ куыста Мызуры клубы хица- уæй. Иуахæмы культурæйы министр радиойæ дзыр- дта: Уæдæ-ма Уырымты Дибæханы клубмæ исчи æнаивæй бацæуæд, кæддæра йæ йæ къабазæй нæ разыввытт кæнид". Уыцы ныхæстæ æвдисæн уыды- сты Дибæханы хорз куыстæн, æгъдау æмæ сыгъ- дæгдзинад кæй уарзта, уымæн. Кадыл мæлæг адæймаг уыдис Дибæхан. Йæ риуы ахæм зæрдæ куыста, æмæ йæм чифæнды дæр бахæлæг кодтаид. Йæ зианы фæстæ мызурæгтæй фехъуыстон ахæм ныхæстæ, æнæ Дибæхан, дам, хасты хуызæн вæййæм нæ цины дæр æмæ нæ зиа- ны дæр. Æмæ уый хуымæтæджы афтæ нæ зæгъынц, бирæ сагъæссаг фарстатæ лыг кодтой хохæгтæ йемæ, нæ паддзах, зæгъгæ, йæ хуыдтой. Рухсаг уæд, нæ йæ рох кæнынц. Хорз адæймаджы ном рох нæ кæны. Дибæхан, куырыхон сылгоймаг кæй хонынц, ахæм уыдис. Нæ Ирыстоны нæ, фæлæ ма йын æн- дæр рæтты дæр уыдис зонгæтæ, хæлæрттæ. Йæ царды кæронмæ кадимæ хаста ирон сылгоймаджы ном. Мызуры клубы йæм уыдис хæдахуыр артист-
172 Уырымты-Хъуылаты Зоя ты къорд, æмæ-иу суанг фæсарæнты дæр конкур- сты архайдтой. Бирæ хæрзиуджытæ йæм уыдис йæ намысджын куысты тыххæй. Æппæтæй зынаргъ- дæрыл та нымадта, ФÆЛКЦ-йы ЦК йын цы зæр- дылдарæн лæвар бакодта фæсивæдимæ хъомыла- дон куысты тыххæй, уый. Зæгъæн ис, Дибæханы хуызæтты руаджы уыд хъæздыг æмæ намысджын нæ Райгуырæн бæстæ. 28.11.02 Сафонкайы фæндæгтæ Нæ рагфыдæлтæм бирæ номдзыд, хъайтар лæг- тæ уыд. Æз мæхæдæг фехъуыстон хистæртæй Уырымты Гæгойы фырт Сафонкайы хорзы кой, паддзахы заман уыд æфсады службæгæнæг, у аху- ыргонд æмæ фæллойуарзаг, ирон адæмæн кадгæ- нæг. Фæнды мæ йæ царды ахсджиагдæр цаутæй къорд дæнцæджы æрхæссын, уадз æмæ йæ йе стыр мыггаг Уырымты кæстæртæ хабарæй уæддæр зо- ной, кæй сæм уыд номдзыд лæг, хъæбатырæй чи хъахъхъæдта Уæрæсейы зæххытæ зпагæй. Иæ цар- ды тыххæй йын цы æвдисæнтæ æрхæсдзынæн, уыдон сты Уæрæсейы хæстон-историон паддзаха- дон архивæй ист. Уырымты Гæгойы фырт Сафонка райгуырд 1872-æм азы 12 январы хæххои хъæу Цъамады. Фæстæдæр йæ ныййарджытæ ралыгьдысты Ала- гирмæ. Иумæйаг ахуырад райста Æрыдоиы духо- вон училищейы. Уæды рæстæг стыр цымыдисаг уыд æфсады службæгæнæг афицер, æмæ Уырым- ты лæппу дæр уыцы фæндагыл ацыд — 1896-æм азы 16-æм августы ист æрцыд ирон бæхджын ди- визионмæ службæмæ. Афæдзы фæстæ, 1897-æм азы 11 -æм августы та йæ арвыстой ахуыр кæнынмæ Ел’изаветграды кавалерион училищемæ. Сафонка ахуырмæ зæрдæргъæвд уыд æмæ, училище æнты- стджынæй каст фæуыны фæстæ ссис эстандарт-
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 173 юнкер, фондз мæйы фæстæ та райста корнеты цин (обер-офицеры цин) æмæ йæ аивтой 54-æм драгу- ны (фæстæдæр 17-æм уланаг Новомиргородскы) полкъмæ. Æфсады службæ кæнгæйæ Сафонка къæпхæнæй къæпхæнмæ хызти æмæ райста ахæм цинтæ: 1904-æм азы 1-æм сентябры — поручик; 1907-æм азы 1-æм сентябры — штабс-ротмистр; 1909-æм азы 8-æм октябры æрвыст æрцыд офи- церон-кавалерион скъоламæ. Ацы кадджын скъо- ла каст фæци иттæг хорзæй дыууæ азы фæстæ æмæ нысангонд æрцыд 1912-æм азы 15-æм мар- тъийы 6-æм эскадроны командæгæнæгæй. Иу афæдз ацы бынаты бакусгæйæ, сси ротмистр. Йæ æнтыстджын службæйы тыххæй йын 1908-æм азы лæвæрд æрцыд Сыгъдæг Станиславы 3-аг къæп- хæпы орден, 1911 азы та — Сыгъдæг Аннæйы 3-аг къæпхæны орден. Дæлбулкъоны цин ын лæвæрд æрцыд 1916-æм азы 29-æм январы, мæйы фæстæ та — булкъоны цин. 1916-æм азы 24-æм октябры Æфсады æмæ Флоты разамынды бардзырдмæ гæс- гæ нысангонд æрцыд 1-æм ирон бæхджын полчъы командирæй. Тæккæ уæлдæр бардзырдæй 1915-æм азы 9-æм мартъийы 17-æм уланаг Новомиргородскы полчъы ротмистр Уырымты Сафонкайæн лæварговд æрцыд Георгийы хæцæнгарз. Ахæм хæрзиуæг пад- дзахы заман æнцонтæй райсæн нæ уыд. Сгуыхгæ та фæкодта афтæ: 1914-æм азы 2-æм августы го- рæт Белзьгл хæст куы сцырен, уæд Сафонка, эс- кадронæн командæ кæнгæйæ, йæ бæхджын æфса- димæ абырста размæ, æмæ, знæгтæ цы акъоппы- ты сæхи æраууон кодтой, уыцы зæххы фæзуатыл æрхъула сты. Сафонкайы æфсæдты иыббырст ахæм цæрдæг, тыхджын уыд, æмæ Уæрæсемæ æрбалæбурæг знаг лидзæг фæци. 1916-æм азы 26-æм августы 17-æм уланаг Но- вомиргородскы полчъы булкъон Уырымты Сафон- кайæн йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй тæк- кæ уæлдæр бардзырдмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд Сыгъдæг Георгийы 4-æм къæпхæны орден. Сгуы- хгæ та фæкодта 1915-æм азы фыццаг дунеон хæс-
174 Уырымты-Хъуылаты Зоя ты Уæрæсе хъæбатырæй хъахъхъæнгæйæ, уæлдай- дæр та, немыцаг салдæттимæ хæцгæйæ, уыцы аз 3-æм июны хъæу Башня-Горкæйы бынмæ хæсты- ты. Уыцы бон, эскадроны разамынддзинад йæхи- мæ райсгæйæ, хъæбатырæй фæлæууыд знæгты ныхмæ, 50 хæцæг немыцаджы дзы амардта, ин- нæтæ фæлидзæг сты, афтæмæй тох ахицæн Уыры- сы салдæтты уæлахизæй. Уырымты Сафонка номдзыд лæг уыд, бирæ уарзта йæхи ирон адæмы, удуæлдай тох фæкодта æвзонг лæппуйæ фæстæмæ Уæрæсе знагæй бахъа- хъхъæныныл. Фæлæ Октябры революцийы фæс- тæ Сафонка ацыд Францмæ. Уым арвыста йæ цар- ды фæстаг азтæ, афтæмæй амард. Уыд Æлдатта- ты сиахс, йæ къай Верæимæ сын баззад иунæг чызг Ирæ, цæры Мæскуыйы, ис ын бинонтæ, хъæ- бултæ. Дзæбæхæй, æнæнизæй цæрæнт. 17.12.02 Йсе цард лæвсердта фæсивседæн Æвæццæгæн æмæ æрыгон адæймагæн ахуыры азтæй зынаргъдæр ницы ис, уæлдайдæр та, сту- дент куы вæййы, уæд. Æз дæр бавзæрстон уыцы базырджын азтæ мæ царды, æмæ цалынмæ мæ къæхтыл цæуон, уæдмæ сæ никуы ферох кæн- дзынæн. Райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн Крас- ногоры, авдазон скъола дзы каст фæдæн. Уымæй уæлдæр кълæстæ нæм нæ уыд æмæ мæ ахуыр дард- дæр ахæццæ кодтон Николаевскы станицæйы ас- тæуккаг скъолайы. Каст æй куы фæдæн, уæд ахуырмæ бацыдтæн Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институ- ты географион факультетмæ. Уый уыд 50-æм азты райдайæны. Æмæ, чи зоны, мах, студенттæ, нæхи ахæм хъæлдзæг æмæ амондджынæй не ’нкъард- таиккам, нæ ахуыргæнджытæ нæм ныййарджытау се ’ргом куынæ раздæхтаиккой, уæд. Рæстæг уыд
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 175 тынг мæгуыр, уæлæдарæсæй хъуаг æййæфтам, нæ фылдæрыл хæцъил дзабыртæ, афтæмæй ахуыр кодтам, хæринагыл та дзургæ дæр нæ кæнын, фылдæр — нартхоры кæрдзын. Æмæ кæд уæдæй нырмæ бирæ азтæ рацыд, мæ хъæбултæн ма хъæ- бултæ дæр ис, уæддæр студенты бонтæ рох нæ кæнынц. Цы диссаджы ахуыргæнджыты къухы ахуыр кодтам, хи хъæбулты цæстæй нæм кастыс- ты. Мæнæн абоны онг мæ зæрдæйæ рох нæу ин- ституты зæронддæр профессор Дзагуырты Дмит- ри. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ, æрмæст æз нæ, фæлæ йæ чи зыдта, уыцы адæмты зæрдæты йæ сурæт, йæ сабыр ныхас цæрдзæн æнустæм. Аргъ кæмæн нæй, ахæм адæймаг уыд профес- сор Дзагуырты Дмитри. Иууылдæр йæ цард лæ- вæрдта фæсивæдæн, архайдта сæ раст фæндагыл аразыныл. Махмæ, колхозонты сывæллæттæм, цæй æхцатæ уыд, стипенди истам 28 сомы. Исты ног чингуытæ-иу куы фæзынд, уæд-иу нын сæ Дмитри алхæдта. Йæ мызд куы æххæссыдаид, уæд æй бирæ цыдæртæ фæндыд махæн фæуын, бæргæ. Профессор Дзагуырты Алексейы фырт Дмит- ри ахуыргæнджытæй æппæты хистæр уыд, æмæ дзы тынг æфсæрмы кодтам. Немæ ахæм дзæбæх лæппутæ ахуыр кодта, æмæ сæ бар куы уыдаид, уæд-иу æй лекцитæм сæ къухтыл хастаиккой. Аудиторимæ æрбацæуы, зæгъгæ, уæд-иу фæндаг суæгъд кодтой, бындз куы атахтаид уыцы рæс- тæг, уæд ын йæ базырты уынæр иууылдæр фе- хъуыстаиккой. Нæ курсы ахуыр кодтой Советон Цæдисы алы рæттæй, фылдæр та уыдысты Цæ- гат æмæ Хуссар Ирæй. Тынг тыхджын уыд не ’хсæн лымæндзинад, цæстуарзон æххуыс кодтам кæрæдзийæн, нæ бон куыд уыдис, афтæ. Æмæ нæ уыцы ахастдзинæдтæ ахуыргæнджыты зæрдæмæ тынг цыдысты, уæлдайдæр та Дзагуырты Дмит- рийæн. Уый лекциты фæстæ немæ бирæ рæстæг æрвыста, дисы-иу нæ бафтыдтой йæ зонындзи- нæдтæ алыхуызон фарстатыл. Æмæ æрмæст ахуы-
176 Уырымты-Хъуылаты Зоя ры фарстатыл нæ уыд нæ ныхас, фæлæ нæ цар- ды, нæ фидæны бæллицтыл, уымæн-иу цынæ ра- дзырдтаиккам, ахæм хабарæй нæм ницы уыд. Цин нын кодта нæ циныл, нæ хъыгыл — хъыг. Гъе, ахæм зæрдæйы уагимæ нæм йæ цæст дардта Дза- гуыры-фырт. Куы фестæм институт, уæд нын нæ курсы студентты алы рæттæм æрвыстой. Мах. фондз чызгæй — æз мæхæдæг, Зурапты Розæ* Беккуызарты Феми, Цуцаты Чабæхан æмæ Бекъойты Валетæ равзæрстам горæт Чита, уым Фæсбайкалы скъолаты бакусыны нысанимæ. Нæ ахуыргæнджытæ Дзагуырты Дмитри, С.Ф.Григо- рович, Д.М.Смычников æмæ нæ æндæртæ зæрдиаг арфæтимæ афæндараст кодтой балцы. Фараст боны фæстæ поезды ныххæццæ стæм Читамæ. Мæн æмæ Цуцаты Чабæханы арвыстой Кагановичы ста- ницæйы 43-æм астæуккаг скъоламæ, иннæ чыз- джыты та иугæйттæй — æндæр рæттæм. Цас зо- нындзинæдтæ нæм уыдис, уый зын зæгъæн у, фæлæ иууылдæр архайдтам, цæмæй нæ разæй мачи уа. Зурапты Розæ сидзæр чызг уыд, иунæг хо йеддæмæ йын ничи уыд, тынг хорз ахуыр кодта скъолайы, институты дæр æмæ йын хорз кусын дæр зын нæ уыд. Фыстам кæрæдзимæ, æххуыс дæр кодтам кæрæдзийæн. Никуы мæ рох кæны иу цау. Пост нæм дард уыд. Хъуамæ-иу фыстæджытæ, газеттæ хæсгæ æрбакодтаиккой скъоламæ ахуыргæнджытæ. Уæд иубон скъолайы ахуыры хайады сæргълæууæг Нечаев æрбахаста пост æмæ мæм радта профес- сор Дзагуыры-фырты фыстæг. Мæ рустыл цины цæссыгтæ æргæр-гæр кодтой, мæхи банкъардтон Ирыстоны. Мæ алыварс ме ’мкусæг ахуыргæн- джытæ æрбалæууыдысты æмæ мæм сонт каст кæ- нынц, цы хабар у, чи дæм фыссы, зæгъгæ. Æз загътон, зæгьын, нæ профессор. Уæд мæ æмхуы- зонæй афарстой, æрыгон, дам, у. Куы сын радтон дзуапп, мæ фыдæй хистæр, зæгъгæ, уæд мæм 6а- хæлæг кодтой, æрмæстдæр, дам, Кавказы цæрынц адæм афтæ лымæн. Æмæ цæй диссаг у, Дзагуыр-
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 177 ты Дмитри нын нæ фыстæджытæн дзуапп дæт- тынмæ дæр зивæг куыд нæ кодта! Курдиат-иу æм куы арвыстон нæ куысты фæдыл нын уæлæмха- сæн литературæ рарвитыны тыххæй, уæд, æнæ- мæнг, ссардтаид темæтæ, æмæ-иу сæ уайтагъд рай- стам. Раст мын цыма фыд уыд, ахæм зæрдæ йæм дардтон. Цы бирæ фыстæджытæ дзы фæистон, уыдон мын æфснайд сты, никуы сæ фесафдзы- нæн. Мæнæ мæм сæ иуы куыд фыста: «Æгьдауджын, ахуырмæ тырнаг чызг Уырым- ты Зояйæн стыр арфæ кæнын. Кæй мæ нæ ферох кодтай æмæ мæм дæ куысты хабæрттæ кæй фыс- сыс, уымæй — бузныг. Мæ зæрдæ уе ’ппæтыл дæр дарын, Къостайы номыл институты ахуыр кæн- гæйæ цы зонындзинæдтæ райстат, уыдонæй æнты- стджынæй кæй пайда кæнут рæзгæ фæсивæды хъомылады. Æрвитын уын европæйаг бæстæты тыххæй æрмæг. Куы сæ спайда кæнай, Зоя, уæд сæ Беккуызарты Феми æмæ Бекъойты Валетæ- йæн дæр арвитдзынæ, уадз æмæ урокты уæлæм- хасæн æрмæгæй уыдон дæр пайда кæной. Хъæд- дых лæуут, ма фæхудинаг кæнут Ирыстоны зæхх, мæ зæрдæ уыл дарын. Иннæ бæстæты хабæрттæ дæр уын арвитдзынæн. Ныр та уал хæрзбон. Са- ламтимæ профессор Дзагуыры-фырт!» Дмитри географийы ахуыргæнæг уыд. Уыцы наукæйы тыхджын зондамонæг уыд. Мах кусгæ дард ран кодтам æмæ ма нын уырдæм дæр геогра- фийы уроктæн уæлæмхасæн æрмæг æрвыста. Æмæ уый руаджы нæ уроктæ уыдысты мидисджын, скъоладзаутæ нæ дзæбæх æмбæрстой. Иуныхасæй, уырдæм дæр ныл йæ арм дардта. Иннæ фыстæ- джы та мæм мæнæ куыд фыста: «Æхсызгон мын у, мæ дзæбæх студенткæтæ, царды уæ бынат кæй ссардтат, уæ куыст хорз кæй цæуы, уый. Зоя, цы чиныг дын арвыстон, «Теге- ран», зæгъгæ, уый кæд бакастæ, уæд ныффысс дæ хъуыдытæ. Ацы романæн ма дыууæ томы сса- рын мæ къухы бафтыд æмæ сæ 3—4 курсы сту- денттæм радтон, кæсынц сæ. Æхсызгон мын у,
178 Уырымты-Хъуылаты Зоя мæнæ мæм ахæм ныхæстæ кæй фыссыс: «Дæ къу- хæй цы студенттæ рацыдысты, уыдон дæ сæ зæр- дыл дардзысты рæсугъдæй». Фæлæ цард вазыг- джын у, ис мæ раздæры студенттæй ахæмтæ дæр, кæцытæ мæ нал базонынц, кæд цæстæй нæма фæ- цудыдтой, уæддæр. Нæ зонын, кæд сæ æгæр бирæ зонын домдтон æмæ сæ нæ фæндыд. Мæс- куыйы куы уай, уæд бацагур чиныг «Путешествие с домашними растениями», йæ автор Н.Верзимен, 1951-æм азы рауагьд. Ацы чиныджы бирæ цымы- дисаг ныхас цæуы алыхуызон зайæгойты тыххæй. Ацы авторæн ма мыхуырæй рацыд æндæр чиныг дæр: «Лесные Робинзоны». Уый дæр бацагур, ба- бæздзæн дын уроктæ кæнгæйæ скъолаты. Дзæбæхæй уæ райгуырæн Ирыстоныл сæмбæ- лут, æз дæр ма уын уæ дзæбæхдзинæдтæ куыд фенон. Хæрзбон. Дзагуырты Д.А. 19 май, 1954 аз». Ахуыргæнджытæ бирæ вæййы, фæлæ Дзагуыр- ты Дмитрийы хуызæн цæстуарзон зондамонджытæ бирæ нæ уыдысты, стæй, æвæццæгæн, нæ уыдзæн. Уый махмæ хи хъæбултау йæ цæст дардта, уæз- дандзинад, æгъдау уарзта, æмæ архайдтам нæхи дзæбæх дарыныл. Уыдис ын иунæг чызг Наташæ, уый дæр уыд нæ ахуыргæнæг. Ирон адæммæ ахæм ныхас баззад фыдæлтæй: «Фæндагыл дæ бæх ма амæлæд, зæрондæй — дæ ус». Нæ сыгъзæрин аху- ыргæнæг Дзагуырты Дмитри уый дæр бавзæрста. Ахицæн йæ цардæй, уарзонæй кæимæ фæцард, уыцы сылгоймаг. Махæн, студенттæн, тынг зын уыд Дмитримæ кæсын, йæ фæллад уадултыл згъордтой йæ цæссыгтæ. Ацыд йе ’цæг дунемæ йæхæдæг дæр нæ зæрдæхæлар ахуыргæнæг, стыр зондджын географ, профессор Дзагуырты Дмит- ри. Рухсаг уæд, мæрдты рæсугъддæр æмæ фæл- мæндæр ран — йæ бынат. Уый куыд хорз царди адæмимæ, нæ ныййарджытæ-иу нæ куы бабæрæг кодтой, уæд-иу сыл æфсымæрау фæцин кодта, ма- хæй-иу сын феппæлыд, кæд тынг æппæлинаг нæ уыдыстæм, уæддæр, нырма, дам, сæ фидæн ра- зæй ис, æмæ царды фæлтæрддзинад райсдзысты,
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 179 зæгъгæ-иу сын ныфсытæ авæрдта. Ныр æз мæ кары бацыдтæн, дæн нана, уæддæр мæ диссаджы зондджын ахуыргæнæг мæнæй рох нæу, мысын æй æмæ йæ мысдзынæн, цалынмæ цæрон, уæдмæ. 15.01.03 Рагон къамтæ дзурынц Ирон фæсивæд кæддæриддæр æнувыд уыдыс- ты ахуырыл. Хохæй быдырмæ советон цардарæз- ты фæрцы фæндæгтæ куы фегом сты, уæд ирон адæм стырæй, чысылæй ахуыр кæнынмæ бырс- той Уæрæсейы горæттæм — Мæскуымæ, Петер- бургмæ æмæ æндæр рæттæм. Уыцы рæстæджы хæххон лæппутæ иннæ адæмты минæвæртты æх- сæн æрттывтой се ’гъдауæй, сæ ахуыр æмæ куыс- тæй. Никуы сæ никæмæй сыхъуыст Ирыстонмæ æвзæр хабар. Паддзахы заман дæр бирæ ирон лæппутæ аивылдысты зæххы къорийы алы бæс- тæтæм, чи — ирæдæн æхца кусынмæ, чи та — хæдзар саразынмæ. Хъайттаты Хъайтыхъойы фырт Хасæхъо рай- гуырд Уыналы. Ам 1917-æм азы каст фæцис авда- зон скъола. Тынг æвзонг лæппуйæ кусын райдыдта шахтæйы. 1923-æм азы ралыгъдысты хохæй Бæ- рæгъуыныхъæумæ, æмæ куыста хæдзарады, уый- фæстæ йæ арвыстой Мæскуымæ рабфакмæ ахуыр кæнынмæ. Нæ бахауд æмæ кусын райдыдта хуы- мæтæг кусæгæй Фрунзейы номыл заводы. Уыцы иу рæстæг ахуыр кодта курсыты дæр, цæмæй дард- дæр ахуыр кæнынмæ бацыдаид. Æмæ 1929-æм азы райдыдта ахуыр кæнын рабфачы изæрæй, хуыд- той ма йæ Бауманы номыл хæстон-техникон учи- лище дæр. Куыста бæрнон бынæтты. 1933—35-æм азты службæ кодта Сырх Æфсады рæнхъыты, æмæ йæ уым равзæрстой депутатæй горæт Винницæйы Сæйраг Советмæ. Каст фæцис паддзахадон барады курсытæ дæр. Куыста Мæскуыйы мидхъуыддæг- ты адæмон комиссарады. 1941-æм азы барвæндо-
180 Уырымты-Хъуылаты Зоя нæй ацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ æмæ æбæ- рæгæй фесæфт 1942-æм азы Харьковы. Мæскуыйы Хасæхъойы цæрæнуаты йæ рæстæ- джы чи нæ уыд, фæсивæд-иу дæсгæйттæ баисты. Тынг лымæнæй цард семæ, уарзта сæ, æххуыс сын кодта. Иуныхасæй, цардысты иу мад æмæ фыды цоты хуызæн. Мæнæн мæхи мады хо Недтæ æмæ йе ’фсымæр Дæхцыхъо дæр уæды фæсивæдæй уыдысты (рухсаг уæнт). Æз гыццылæй хъуыстон Хасæхъойы кой уыдонæй. Хасæхъойы агъуысты Мæскуыйы цæргæйæ баз- зад йæ хо Надяйы чызг Настя. Иуахæмы, дам, Хасæхъойы мад Гуассæ дæр Мæскуыйы уыдис, æмæ куы фехъуыста Сталины усы зианы хабар, уæд, мардмæ цæуынмæ йæхи куыд срæвдз кодта, афтæ сæм уыцы рæстæджы Калоты Зауырбег æрбацыд æмæ йын фæхабар кодта, адæмæй йæм бацæуæн нæй, нæ йæ фендзынæ, зæгъгæ, афтæ- мæй йыл фæхъыг кодта. Хасæхъойы хуызæн сæрæн фæсивæд Ирысто- ны тынг хъуыдысты, фæлæ хæсты азарæй бабын сты, рухс дзæнæты бадæнт. 5.03.03 Зæрдæ зонаг у Валодя уыд Мичуриныхъæуы цæрæг Уырымты Инус æмæ Сенайы хъæбул. Хуымæтæг колхозон би- нонты хицау уыд Инус, фæллойуарзаг, колхозон арæз- тады æнувыд кусæг лæг, йæ фырт Валодя дæр — йæхи хуызæн кусаг. Хъæууон скъола куы фæци, уæд, бинонтæм иучысыл фæкæсон, зæгъгæ, йæ фыдимæ колхозы быдырты куыста. Уæд хæдзарад хъæугæ техникæйæ æххæст кæцæй уыд, фæлæ фæ- сивæд дæр æмæ ас адæм дæр уæнгдыхæй архайдтой хъæздыг тыллæг æрзайын кæныныл. Рæсугьд бæллицтимæ цыд Валодя йæ фидæнмæ, фæндыдис æй дарддæр сахуыр кæнын æмæ йæхи
Мæ зсердæ баззад уемæ... 181 цæттæ кодта уæлдæр скъоламæ бацæуынмæ. Фæлæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст, æмæ йæ йе ’мгар фæсивæдимæ бахъуыд Райгуырæн бæстæ немыцаг фашисттæй бахъахъхъæнын. Æвиппайды фæцæуæг хæстмæ, нæ уыд фæстиатгæнæн, зна- джы фæсурын хъуыд райгуырæн зæххæй. Валодя ма, мæгуыр, иучысыл уысм йæ уарзон чызг Фа- тимæимæ ныхасмæ сæмбæлд, ныфсытæ йын ба- вæрдта, кæй йæ нæ аппардзæн йæ зæрдæйæ, цы- фæнды зын сахат дæр йæ уарзондзинад кæй судз- дзæн йæ риуы æмæ йын кæй дæтдзæн ныфс фа- шистты ныхмæ хæцгæйæ. Афтæмæй ацыд йæ мæ- лæты фæндагыл Валодя, æмæ дзы йæ уарзон Фа- тимæ фыдæнхъæл фæци. Бæргæ хæцыд Уырым- ты лæппу хъæбатырæй хæсты быдыры, нæ ауæрс- та йæ хъарутыл, нæ тарсти мæлæтæй. Хæсты бы- дырæй цы æртæтигъон фыстæджытæ фæфыста, уыдонæй иуы мæнæ куыд фыссы йæ хойы лæг Евгенмæ: «Дæ бон хорз, стыр аргъ кæмæн кæнын æмæ мæ иу уысм дæр рох чи нæ у, мæ уыцы сиахс Евген. Куыд у уе ’ппæты æнæниздзинад, куыд у цард ацы зын рæстæг? Хæсты хабæрттæ уæхæ- дæг хъусут, хæцæм фашистты ныхмæ, куынæг сæ кæнæм. Айсут мæ сырхæфсæддон цæхæркалгæ салам. Уе ’ппæты дæр мæ хъæбысы кæнын. Куыд у Еруслан, рынчынтæ хæссы? Куыд сты мæ ный- йарджытæ: Инус, Сена, хотæ Нуца æмæ Аве, Ма- кар, Розæ, Хадзымæт? Се ’ппæтæн дæр саламтæ. Евген, уæхи хъахъхъæнут, цæрут адæмимæ хæла- рæй, макæйы хъыджы цæут, адæм куыд хæлар- дæр уой кæрæдзиимæ, афтæ сæ цард дæр хуыз- дæр уыдзæн. Хорз уыдзæн, фосæй исты куы ауæй кæниккат æмæ сфæстауæрц кæнут исты про- дукттæ: ссад, сæкæр, хор; цынæ вæййы, хæст гæв- зыкмæ кæны адæмы. Саламтæ ма ноджы мæ но- мæй раттут Дауытæн, Харитонæн, Василийæн, Дæцийæн, Степанæн, Петяйæн, зæрдиаг салам Фатимæйæн. Ехх, Фатимæ, Фатимæ, æвæццæгæн дæ нал фендзынæн. Аве, мæ хо, дзæбæх цæрут
182 Уырымты-Хъуылаты Зоя Фатимæимæ. Уе ’ппæты дæр мæ хъæбысы кæнын. Афтæмæй хæрзбон. Уæхи Валодя». Æвæццæгæн, зæрдæ зонаг у. Валодя нал федта Уæлахизы бон, йæ уарзон чызг Фатимæйы, йæ сæр нывондæн æрхаста Райгуырæн бæстæйы сæ- раппонд. Фронтæй йæ фыд Инус æмæ мад Се- намæ сау гæххæтт ссыди, фæлæ сæ нæ уырныдта сæ рæсугъд хъæбул Валодяйы амард æмæ йæм сæ амæлæты бонмæ æнхъæлмæ фæкастысты. 08.05.03
АЦЫД ХОРЗ АДÆЙМАГ ЦАРДÆЙ ыр, Зоя, æз дæуæн рухсаг куыд зæгъон, дсе адзалæй ма чысыл раздæр телефонæй ре- дакцимæ куы ’рбадзырдтай, бон раздæр та мæм, цы ног уацхьуыдтæ ныффыстай, уыдон куы урба- хастай. Бадтыстæм кæрæдзийы комкоммæ, бирæ цæуылдæрты фæныхæстæ кодтам, æры- мысыдтæ де ’взонджы бонтæ, Цæгат Ирысто- ны педагогон институты ахуыры азтæ, дæ уар- зон ахуыргæнджыты. Рухсаг уæд профессор Дза- гуырты Дмитри, уый тыххæй фысгæ дæр нык- кодтай, æмæ зноны номыры бæргæ рацыд, фæлæ йæ кæсгæ дæр куы нал бакодтай, афтæмæй йæ рацыдмæ куыд тынг æнхъæлмæ кастæ... Зын дзурæн у, бирæ азты нæ адæмон газет «Рæстдзинад»-æн æххуысгæнæг чи уыд, йæ уды бæрц æй чи уарзта, царды алыхуызон фарста- тыл нæм чи фыста, нæ уыцы æхсæнадон уац- хæссæг Хъуылаты-Уырымты Зоя æнафоны кæй ацыд не ’хсæнæй, уый тыххæй — æвиппайды, дзур- гæ-дзурын, йæ зæрдæ йæ кусынæй банцад. Иæ хъæбулы сидзæр хъæбултæ, йæ дæларм кæй дард- та, уарзон нана кæмæн уыд, уыдон дæр дзы æнæ- хайæ аззадысты. Газет «Рæстдзинад» сын «Абе- ты чиныг» хуыдта, æмæ йæ æрвылбон иумæ кас- тысты. Ирон газетыл йæхæдæг æнувыд кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ уарзын кодта, иронау кæ- сын нæ зонын, зæгъгæ, уый æфсонæй газет чи нæ иста, уыдонæн дæр. Æмæ Зояйы руаджы нæ га- зеткæсджыты нымæц фылдæрæй фылдæр кодта. Ацы азы фъццаг æмбисæн та, фæкæсынхъуаг чи ш
184 Уырымты-Хъуылаты Зоя у, уыдопæй цалдæрæн йæ пенсийæ рафыста «Рæстдзинад». Йæхæдæг иста дыууæ газеты, иу дзы æрвыста фæсарæнтæм йæ зонгæйæн. Бирæ хæлæрттæ йын уыо «Рæстдзинад»-ы редакцийы. Уарзта фыссын, æмæ-иу, цы уацхьуыдтæ бацæт- тæ кодта, уыдон æнæзивæгæй æрбахæццæ код- та. Редакцийы тыргъты-иу куы фæзынд, уæд ыл журналисттæ стыр цинимæ æмбæлдысты, алчи- дæр æй йæ кусæнуатмæ хуыдта, æмæ уый дæр сæ зæрдæхудты нæ цыд — алкæимæ дæр-иу абад- тис, исты цымыдисаг хабар дæр-иу ракодтаид. Йæ ахсджиагдæр лæвар та нын уыд йæ ногфыст уацхъуыд, æмæ-иу хæстæгдæр номырты фæзынд мыхуыры. Куы-иу æй бакаст, уæд-иу хъуамæ æрбадзырдтаид æмæ загътаид бузныг. Тынг зын у ахæм иузæрдион газеткæсæг æмæ æххуысгæнæгæй фæцух уæвын. Зоя уыд адæмуарзон, цардбæллон, уыдис æм бирæ рухс хъуыдытæ æмæ бæллицтæ. Пединсти- тут каст куы фæци, уæд йæхи хуызæн æрыгон ахуыргæнджытимæ ацыд Сыбырмæ æмæ Читайы облæсты скъолатæй иуы бакуыста дыууæ азы, стæй сыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ кад æмæ радимæ фæкуыста Æрыдоны станицæйы астæуккаг скъолайы, стæй уымы скъола-интер- наты. 1958-æм азы Зоя Хъуылаты Аслæнбегимæ йæ цард баиу кодта, æмæ ацыдысты Казахстан- мæ. Уым кусын райдыдта горæт Джезказганы. Зоя, æрыгон уæвгæйæ, уыд дæсны хъомылгæнæг. Йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыд Джезказганы шахтæйы кусæг фæсивæдæн изæрон скъола. Уым рабæрæг йæ хъомылады куысты арæхстдзинад. Куыд дæсны разамонæг, афтæ йæ цыбыр рæстæ- джы фæстæ аивтой Джезказганы горæты боны скъолатæй æппæты егъаудæрмæ директорæй. Ацы ран дæр ныууагъта рухс фæд. Йæ намыс- джын фæллойы кадæн ын лæвæрд æрцыд Казах- ты ССР-йы æмæ ССР-ы Цæдисы Адæмон ахуы- рады отличникы ном.
Мсе зæрдæ баззад уемæ... 185 1975-æм азы Зоя йæ бинонтшгæ сыздæхт йæ рай- гуырæн Ирыстонмæ æмæ Дзæуджыхъæуы 21-æм ас- тæуккаг скъолайы, стæй 4-æм скъола-интерна- ты сывæллæттæн йæ зонындзинæдтæ æнæв- гъауæй лæвæрдта, æмæ та йын ам дæр йæ уд- уæлдай фыдæбоны тыххæй лæвæрд æрцыд РЦИ— Аланийы Ахуырады сгуыхт кусæджы ном. Æмæ кæд фæстаг азты пенсиисæг уыдис, уæддæр стыр активонæй архайдта æхсæнадон царды. Зоя схъомыл кодта хорз цот, радта сын уæл- дæр ахуырад. Ахæм адæймагæй зæгъын æмбæлы — стыр зæрдæхæларæй балæггад кодта йæ адæ- мæн, йæ цард стъалыйау уыд. Рухсаг у, Зоя, тынг зын зæгъæн у уыцы ныхас дæу тыххæй, фæлæ хъысмæт æгъатыр у, адза- лæн мадзал нæй. Тепсыхъоты Зоя 14.01.03
«ФЫДÆЛТÆН КАД КÆНЫН КÆСТÆРТЫ ХÆС У, ÆМÆ УЫЙ ХЪУАМÆ РОХ МА КÆНÆМ»... ^щзвæдза, бæллиццаг куыд нæ у ацы дунейы ш^й рæстæйу æнæлазсей фæцсерын... Фарны хьуыддаг у фæзминаг кæстæртæ схъо- мыл кæнын æмсе сæ раст фæндагыл саразын. Амондджын у уыцы адæймаг, йсе фарны хъуыд- дæгтæ, йæ рухснывæст хъуыдытæ йæ кæстæр- тæн рæсугъд мысинагæн кæмæн баззайынц... Æз Зояйы нæ зыдтон, фæлæ йын йæ фысты- тæ куы бакастæн, уæд мæм тынг бахъардтой, стæй мæм афтæ дæр фæкаст, цыма Зояимæ хорз зонгæ уыдыстæм. Уыцы ирдæй мæм разын- дысты йæ рæсугъд удыхъæд, йе ’нæнцой зæрдæйы риссæгтæ, бæллицтæ æмæ фæндиæгтæ. Уыдон иууылдæр баст сты йæ уарзон Ирыстон æмæ, бирæ кæй уарзта, зæрдæйæ кæуыл аудыдта, уыцы хионтæ æмæ хæстæджытимæ, зонгæтæ æмæ æмкусджытимæ, суанг ма æнæзонгæ адæм- тимæ дæр. Тынг æнувыд уыд Зоя йæ бинонтыл, йæ кæс- тæртæ æмæ уыдоны кæстæртыл. Зояйы цот — Тамерлан æмæ Тамарæ — аккаг бынат бацахс- той царды, кад æмæ радæй хæссынц дарддæр сæ хистæрты сыгъдæг ном æмæ фарн, нымад сты сæ къабæзтæ, сæ зонгæтæ, се умкусджыты ухсæн. Мæнæ ныртæккæ цы чиныг бакастыстут, уый рацыдис йæ чызг Тамарæйы хъæппæрисæй — Зоя- йæн йæхицæн цы нæ бафтыд йæ къухы, уый сæх- хæст кодта йæ кæстæр, кæд ын цыфæнды зын уыди, уæддæр.
Мæ зæрдæ баззад уемæ... 187 Тамарсе фембырд кодтпа, Зоя бирсе азтпы дæр- гьы газетптпы цы уацгпæ семæ очерктпæ фæмыхуыр кодта, уыдон, бабипоныг сæ кодгпа æмæ бацар- хайдтпа, цæмæй рацæуой чиныджы æмæ баззайой Зояйы номыл, цыртпдзæвæнау. Уый гпыиг ахс- джиаг хъуыддаг у, уæлдайдæр ?па абон. Чиныг тпынг зын рауадзæи сси, бирæ хæрдзшæ йыл кæй хъæуы, уымæ гæсгæ. Ацы ран æнæ зæгъгæ нæй — уыцы хъуыдда- джы йын цæстпуарзон æххуыс бакодтпа Дзасох- шы-Кодзыршы Жаннæ. Тынг бузныг æмæ разыйæ баззадысшы Жаннæйæ хиуæттпæ æмæ къабæз- гпæ се ’ппæтп дæр. Зæрдæрухсæй цы куса æмæ æххуысхъом цы уа дарддæр дæр, уый йыи уарзы сæ цæстп. Ныр афæдз рацыди, Зоя йæ цардæй куы ахи- цæн, ууыл. Мысынц æй йæ хæстæджышæ, йæ къабæзтæ, йæ уарзон газет «Рæстдзинад»-ы кусджытæ, йæ бирæ зонгæтæ. Æппæтæй тынг- дæр та йæ мысынц, йæхи удæй фылдæр кæй уарз- та, уыцы бинонтæ, уыцы уарзон кæстæртæ. ...Ис ахæм адæймæгтæ, се стыр хъыг æмæ рис æмбæхсын чи фæразы цыфæнды зынæй дæр. Уый ирон адæммæ рагæй-æрæгмæ дæр уæздан удыкондыл æмæ хæрзæгъдауыл дзурæг уыди. Ахæм адæймаг мæм фæкаст Тамарæ, кæд æй æрæджы базыдтон, уæддæр. Йæ мады тынг куыд нæ мысы æмæ йыл куыд нæ хъыг кæны, фæлæ йе ’нкъарæнтæ æддæмæ не увдисы æмæ та йæхи- нымæр кæсыныл фæвæййы, Зоя йæхæдæг дæр бирæ кæй уарзта, уыцы поэтикон рæихъытæ: «Дæ буц рæвдыдтытæ, дæ хæрзтæ Куы ие сси бафидын мæ бон. Куыд тыиг æнкъард ксеныи дæ фæстæ, — Кæм ис зæрдæзæгъгæ фæидон». Мæн уырны, Зоя тынг разыйæ баззадаид йæ чызгæй, йæ бæллиц ыи кæй сæххæст кодта, уый тыххæй. Афтæ зæгъæн ис, æмæ йæхицæн уды-
188 Уырымты-Хъуылаты Зоя бæстæ скодта. Хсерзмæ йыл аудæд Зоя, амонд- джынæй бирсе фæцæрæд. Тамарæ дæр æмæ Тамерлан дæр хъомыл кæ- нынц рæсугьд цот, æмæ мæ фæнды, сæ хистæр- ты фæндиаг бæллиццаг кæстæртæ куыд рауа- йой, царды фæндæгтыл æнæкьуыхцыйæ куыд фæ- цæуой кæрæй-кæронмæ, адæмимæ цæрыи куыд зоной. Уый уыдис Зояйæн йæхи фæдзæхст дæр Ирыстоны æппæт кæстæртæн, æмæ сæ кьухы цы бафта йæ сæххæст кæнын, ахæм хьару æмæ зонд сæм разынæд! Чиныджы редактор Дзанайты Ирæ
СÆРГÆНДТÆ Фæзминаг цард. Дзасохты Мудзафер 5 УАЦТÆ, ОЧЕРКТÆ Йæхи аххосæй 11 «Ма кæ» зæгьæг цæуылнæ ис? 12 Йæ ныхас - æвдадзы хос 13 Адæмы фарн бирæ у 14 Нæртон кæстæртæ 16 Загъдкъахæгæн — над — Нæй ныббарæн! 21 Хъæугæлæг 23 Ахсджиаг хъуыддаг у 24 Хъусынæй сæм не ’фсæдæм 25 Нана 27 Ирон зæхх фæлмæн у 32 Æгæр ницæмæй фидауы 34 Бантысæд сын 36 Фыддæр кæнынц 37 Сыбыры дæллаг къæй баци 39 Цы ис уарзондзинадæй рæсугьддæр 47 Рагон къамтæ дзурынц 48 Ма сæ рох кæнæм 50 Хæзнаты хæзнадæр 52 Зæронд къамтæ дзурынц 54 Мады хойæ мады ад цæуы - Уыд нæртон куывд Хъуылатæм 58 Бутиан Пали йæ хуынимæ 60 Беккуызарты хæстон æфсымæртæ - Сæ ном цæрдзæн æнусмæ 65 Сæ туджы ис лæгдзинад 68 Мæрдтæм сраст сты -
190 Уырымты-Хъуылаты Зоя Куадзæн 69 Рох нæ уыдзæн 71 Цардæй бафсæдæнт 75 Хъуамæ махмæ хæлæг кæной 77 Дзæбæх цот схастой 78 Цæй диссаг у ирон лæг! 80 Рæстзæрдæ лæг уыд 83 Дæу аккаг ныхæстæ куы ссарин 87 Хъусынæй йæм не ’фсæдæм 91 Васильевты чындзæхсæв 92 Хæрзиуæг ын бæргæ хъуыд 94 Сæбайы фæдонтæ 95 Ныййарæгæй зынаргьдæр нæй 100 Уыд номдзыд шахтер 106 Сомбон хъуыдыйаг у 108 Фыдыуæзæгмæ бæлгæйæ 109 Хазбийы хорз зонын 110 Уидæгтæ - арф, æгьдæуттæ — фидар 113 Зæрдæхæлар уыд Недтæ 115 Цард зынаргь у 118 Нымад лæг уыд 121 Дыууæ хæсты архайдта 124 Нал сыздæхтысты дыууæйæ 126 Æнгом цард кодтой 127 Фæзминаг фæдонтæ ныууагьтой 130 Рох нæу æмгæрттæй 132 Хистæр буц у кæстæртæн 136 Рагон къамтæ дзурынц 138 Царды уылæнты 139 Нæ йæ рох кæнын 141 Уый лæджы дзуапп у 142 Сæ цæст нæм дарынц 143 Сæрхъуызой 144 Зон дæхи, ирон лæг! 146 Рекомы бæрæгбоны 147 Хъуысæд сæ сабиты худт 148 Дзырдцзæугæ лæг уыд 150 Дæ рухс ном зæрдæты цæрдзæн 152 Нæй ирон лæгæн афтæмæй цæрæн 154 Фæзминаг бинонтæ 155 Ирæттæ—Америчы 157 Аккаг аргь ын кодтой —
Мсе зæрдсе баззад уемæ... 191 Зæрдæрухсæй цæрæнт 160 Уый аудындзинад у 161 Йæ бæллиц бæргæ сæххæст 163 Дзæбæх кæстæр уыд 164 Нана 166 Циндзинад фæуæлахиз 167 Адæмуарзон уыдысты 168 Фæсивæдæн уыд зондамонæг 170 Сафонкайы фæндæгтæ 172 Йæ цард лæвæрдта фæсивæдæн 174 Рагон къамтæ дзурынц 179 Зæрдæ зонаг у 180 Ацыд хорз адæймаг цардæй. Тепсыхъоты Зоя 183 «Фыдæлтæн кад кæнын кæстæрты хæс у, æмæ уый хъуамæ рох ма кæнæм»... Дзанайты Ирæ 186
Хъуылаты Зоя æмсе йæ цардæмбал Аслæнбег Хъуылаты Аслæнбæг йæ фырты сывæллсеттимæ
Хъуылаты Асшнбег йæ чызджы сабитимæ. 1991 аз Хъуылаты Коля йе ’мбалимæ. 1941 аз
Галиуырдыгæй рахизырдæм: Бицъоты Гсемæт — Цъамадæй, Хуыдæлты Хъечъа —Æрхонæй, Хъараты Тето — Дагомæй, Черчесты Æмзор — Цъамадæй Галиуырдыгæйрахизырдæм: Бицъоты Зæрæда, Уырымты Нутæ, Хестанты Леска, Уырымты Накки
Рахизырдыгæй галиуырдæм: Уырымты Мишкк, йæ сыхæгтæ Беккуызарты Габе æмæ Дзби Дзасохты-Беккуызарты Аминæт (рахизырдыгæй) æмæ Хестанты-Уырымты Леска
Дзасохты-Беккуызарты Аминæт
Уырымты Мишкк æмæ Нутæ
Беккуызарты Дæхцыхъо Беккуызарты-Акъоты Недтæ æмæ йæ фырт Акъоты Бек Фыццаг рæнхъы: Беккуызарты-Акъоты Недтæ æмæ Беккуызарты Салам, дыккаг рæнхъы (галиуырдыгæй рахизырдæм) — Недтæйы лæппу Бек, йæ хæстæджытæ Дзускаты Ирæ æмæ Вилен, стæй йæ чызг Беллæ
Ирæттæ Америчы: Уырымты Гæбис (дыккаг рæнхьы астæуæй) ирон дарæсы. Иннæтсе бæрæг не сты Уырымты Гæбис Уырымты Гæбис йæ фырт Георгиимæ
Лстæуæй бады Беккуызарты Текка, йæ фæйнæфарс — йæ фырттæ, гааиуырдыгæй — йæ чызг Лазикка Зындгонд ирон фыссæг Булкъаты Михал
Уырымты Дибæхан Бутиан Пали йæ хуынимæ
Беккуызарты Хъазыбег Маркъозты-Васильева Раысæ Никъалайы чызг (лæууы рахизырдыгæй) йæ ахуыргæнинæгтимæ. Дыккаг рæнхъы астæуæй — Зояйæн йы чызджы лæппу Къоста. 1994 аз
Номдзыд шахтер Лтайты Васили Магкæты Хъасболат, йæ галиуварс бады йæ бинойнаг Зинæ, йæ рахизварс — Дзасохты Аминæт
Цомайты Миша Рахизырдыгæй — Бицъоты Хъылцыхьойы чызг Дарья, иннæ чызг чи у, уый бæрæг нæу
Уырымты Тасолтан Рахизырдыгæй лæууы Уырымты Агуыбе (зынцъайраг), иннæтæ бæрæг не сты Астæуæй бады Ирыстоны номдзыддæр лæгтæй иу — Калоты Зауырбег, дыккаг рæнхъы галиуырдыгæй лæууы Хъайттаты Асæхъо. Къам ист у 1932-æм азы Мæскуыйы
Дзагуырты Дмытри Уырымты Алихан Годжиты Ларисæ
Уырымты Валодя Битарты Заретæ йæ къай Леонидимæ
Публицистическое изданис УРУМОВА-КУЛАЕВА ЗОЯ МИХАЙЛОВНА Сердцем остаюсь я с вами... Статъи, очерки иа осетииском языке Редактор и корректор И.Х. Джапаева Художник и художественный редактор Г.З. Чеджемты Компьютерная верстка Д. О. Амбаловой Формат бумаги 84x1001/32. Бум. тип. № 1. Гарн. шрифта «Кудря- шов». Печать офсетная. Усл.-п.л. 6,43 + вклейка 0,78. Учетно- изд. л. 5,95 + вклейка 1,5. Тираж 150 экз. ООО «Проект-Пресс», 362040, г. Владикавказ, ул. Димитрова, 2 РИПП им. В.А. Гассиева, 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16