Text
                    Дзуццаты Эльбрус
шш
МЖМ


Дзуццаты Эльбрус ЗÆВДÆЙЫ ÆВÆРÆНГÆ Радзырдтæ уацау ^^ Дзæуджыхъæу 2013
ББК84(2Рос=Осе) Д-80 Дзуццаты Э. Д—80 Зардæйы æвæрæнтæ [Текст]: радзырдтæ æмæ уацау/ Э.С. Дзуццаты — Дзæуджыхъæу: Ир, 2013 — 95 ф. Дзуцев Э.С. Тайники сердца 15ВМ 978-5-7534-1354-3 Долг каждого — оказать помощь рядом идущему — вот основная мысль, проходящая через все рассказы и повесть, вошедшие в эту книгу. п 4702500201-16 « 4о е//ог> гл \ Д М131(03)-13 3"13 84(2Рос-Осе) © ГУГТ РСО-Алания «Издательство «Ир», 2013 © Дзуцев Э.С., 2013 15ВМ 978-5-7534-1354-3 © Григорян В.С, оформление, 2013
Зæрдæйы æвæрæнтæ Радзырд Знон ахицæн сты чындзхасты хабæрттæ. Дзабойы хъусты ма гуыв-гуыв кæнынц къæрццæмдзæгъд, зарын, чындзхæсджы- ты аралло. «Æвæдза, ирон æгъдæуттæ куыд бирæ домынц, цас лыстæг фæзилæнтæ сæ ис! — хъуыды кæны хæдзары хицау, даргъ са- райы æнæист фынгты цур рацу-бацу кæнгæйæ. — Хæстæджы- тæй, сыхæгтæй исчи хъæстагæй баззадаид. Фæлæ цы бачын- дæуа? Æппæтыл хур дæр не ’ххæссы». Йæ цардæмбал Фаризæт æмæ йæ чызджытæ зилæнтæ кæ- нынц, æфснайынц, фынгтæ сыгъдæг кæнынц æмæ сыл урс гæх- хæтт æмбæрзынц. Дзабо ацыд æмæ сарайы тъахтиныл æрбадт. Æрбауади сæм сæ хорз сыхаг Гæбыцо. Афтæ æмбæлы. Аба- да Дзабоимæ, аирхæфса йæ. Уæдæ иу боныл ахицæн уой хъуыд- дæгтæ! Æрбадтысты. Нæуæг чъиритæ кæнын ын нæ хъæуы, мыййаг. Æнахуыр уазæг нæу — сыхаг. Бадынц, сидтытæ уадзынц, ныхас сын бацæйдагъ вæййы. Фæлæ Дзабойы цыдæр æбæрæг хъуыдытæ æнцад нæ уадзынц — сæ фæд зыны йæ цæсгомыл. Уый фиппайы Гæбыцо æмæ йæм уæлдай хатыд нæ кæны, зоны йæ сыхаджы зæрдæйы ахаст. Йæ хуылфы цал тъанджы ис, уый дæр ма дын ранымайдзæн. Ацал-ауал азы фæрсæй-фæрстæм, уæхски-уæхск фæцыдысты. Бирæ къæбæр бахордтой иумæ. Кæрæдзийы зæрдæхудт никуы райстой. Басиды йæхæдæг Гæ- быцо, раарфæ кæны æмæ та йæ аназы. — Ей-гъа! — сирвæзт хæдзары хицауы дзыхæй æрæджиау. — Бирæ æфсарм ис, æвæдза, ирон лæджы. Дзабойы цæсгомыл зын раиртасæн у Гæбыцойæн, ирон æгъ- дæуттæй буц у, æви сæ фаугæ кæны, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, се ’ппæт йæ зæрдæмæ нæ цæудзысты, фæлæ... йæ къух цæмæй амоны, уымæй йæхи фæстæмæ нæ ласы: цы кæны, уый — зæрдæйæ. Гæбыцо сыстад æрæджиау æмæ кулдуарæй ахызт. Уæддæр йæ чемы нæма ’рцыд Дзабо. Йæ ныхас баппары сылгоймæгтæм, истытæ сын афæдзæхсы. Уыдон бахъуыр-хъуыр кæнынц, фæлæ уæлæмæ ницы сфæразынц, — йæхæдæг азилы цæхæрадоны æмæ та фæстæмæ æрбаздæхы. 5
Цавæр дызæрдыгдзинад ын æвдæрзы йæ зæрдæ? Цæмæн фæзыны сагъæсы фæд йæ цæсгомыл? Постхæссæг сæм куы ’рбадзырдта, уæдæй нырмæ бынтон нал ары бынат, — сылгоймæгтæ алцыдæр бафиппайдтой. Æнæуи газеттыл афтæ тагъд-тагъд йæ цæст ахæссы. Ныр сæм уыцы лæмбынæг фæкасти, фæрафæлдах-бафæлдах сæ кодта. Иу за- ман йæ цæстытæ ферттывтой, цæсгом фæрухс, фæлæ уайтагъд йе ’рфгуытæ æруагътой сæхи. Дзабо ауыдта, йæхинымæр кæй агуырдта, уыцы къам. Дзæбæх рауадысты сæ бинонтæ! Сæ ног чындз дæр ма семæ куы фæуыдаид!.. Фæлæ сæм къамисджытæ ивгъуыд къуыри уыдысты, чындз та нырма знон æрхастой. Дзабо бады бинонты астæу æмæ худæнбылæй кæсы. Цыма йæхицæй хъалдæр æмæ зæрдырайдæр нæй. Къамисæгæн уыцы мидбылхудт куыд зынлæмарæн уыд Дзабойы цæсгомæй, цал фæл- тæрæны скодта! Хъазгæ ’мхасæнты дæр ма йæ афхæрдта, ома: «Дунейы мæт дæ риуы бацыд, цæуыл хъуынтъыз дæ?» Фæлæ йæм Дзабо, куы фæкъæмдзæстыг уа, уымæй тæрсгæйæ, ницы зул ныхас сфæрæзта. Стæй йæм куыд сфæрæзтаид исты ныхас дæр! Алиханы фырт уыди, йæ фыды æрдхорд Алиханы фырт. Дзамболат схуыдта йæхи, йæхæдæг ма йын кæм хъуыды кодта йæ ном... Сывæллæттæ уыдысты æмæ... Ныр горæтты-йедты амæттаг баисты, чи ма сæ зоны. «Дзабойы цардвæндаг» — къамы бын ставд дамгъæтæй фыст бакаст Дзабо, стæй фыстыл дарддæр йæ цæст ахаста. Йæ сæр банкъуыста: уæлæнгай, æнæуд, æппæлæн ныхæстæ. Цыма йæ чындзы лæвæрдтой æмæ йæ лæппуйы хæдзарæн кадджын код- той! Æмæ уый Дзабойы тыххæй! «Гъе, уæ бонæй уат!» — мæс- тæлгъæдæй банкъуыста йæ сæр. Фæлæ зылынæй дæр цы фыст ис газеты? Амондджын у Дзабо? Ай-гъайдæр, фæлæ уыцы фæн- дагыл цас тугæрхæмттæ бавзæрста, уый цæмæй зонынц! Газет- фыссæг та сæ уæлбæхæй нымайæгау, ам-цъыкк, уым-цъыккæй ралæхурдта. Цыма йæ бумбули гобаныл æрæвæрдтой, афтæ фæци Дзабо æмæ йæм хардзау æркаст. Йæ дзыхы ныхас дæр уымæн нал рæстмæ кодта. Искуыдæр ма адæймагæй раппæл æмæ йын хъыг уа! Уыцы бон дæр раст ныры хуызæн хæдзары афтæ зи- лæнтæ кодта Дзабо, уæд та чындзæхсæвмæ цæттæ кодтой. Уæд дæр йæ фырты æмбæлттæм æнхъæлмæ каст. Æвдæлон рæстæг ын фæци æмæ йæ сæ ахæсты бакодтой йæ хъуыдытæ. Тынг ч тæнзæрдæ сси, алцыдæр йæ зæрдæмæ хæстæг исы. Уæлдайдæр та цины сахат. Нæ йын бьтхсы. «Зын цардыл сахуыр дæн, æвæц- цæгæн, æмæ...» — уыцы хъуыдыйæ ма сраст кæны йæхи. Уалынмæ йæ хъустыл æрцыд рог автомашинæйы бипп-бипп æдде. Рауади. Сæ дуармæ лæууыди морæхуыз «Москвич». Рахызти дзы цавæр- дæр æнахуыр уазджытæ. Йæ фырты æмбæлттæ нæ уыдысты, уый бæрæг уыд. 6
Сæ иуы уæхскыл рог æппæрст уыди хуызисæн аппарат. Дза- бойы куы ауыдта, уæд æм комкоммæ бацыд. Йæ къух ын рай- ста. Иннæ дæр бакастæй уый карæн уыдаид, фæлæ хиуылæр- вæссондæр зынди. Æрмæст къамисæг йæхи хионхуыз дардта. Алиханы фырт уыди, йæхи куыд бацамыдта, афтæмæй. Дзабойы хорз зыдта, фæлæ ма йæ уый кæцæй хъуыды кодта! — Дæ бон хорз, Дзабо, æмæ уæ хъуыддæгтæ амондджын уæнт. Кæм сты Зауыритæ? — хионæн куыд æмбæлы, афтæ йæ афарста. — Дзæбæх бацæрут. Уыдон дæр æрцæуинаг сты. Мидæмæ, мидæмæ. Газетæй уыдысты, сæхи куыд бацамыдтой, афтæмæй. Хъæ- уæн тагъд уыдзæн йæ бæрæгбон, æмæ Дзабомæ дæр фæзындыс- ты: афæрстытæ йæ кæной, иу-дыууæ ныхасы сын зæгъа йæхи тыххæй дæр. Æмæ уый цы кæны? Уымæ сæ кæм æрбарвыстой, уым æй, æвæццæгæн, зыдтой, чи сын хуыздæр радзурдзæн ха- бæрттæ, уый. Æмæ æхсызгон у Дзабойæн. Ацы хъæуы арвыста йæ цард, æмæ кæд цыфæнды у, уæддæр йæхи иуфарс иу хъуыд- дагæй дæр нæма аласта. Уæдæ колхоз у, æмæ дзы, йæ сæвзæры- нæй абоны онг фæллад нæма загъта. Уæдæ йæ фыртты дæр уырдыгæй дарддæр никæдæм ауагъта. «Лæгæн йæ ныййарæг мад зæхх у, æмæ дзы дард лидзын нæ хъæуы»,— уыцы ныхас йæ балалгъыл дары Дзабо. Кæстæр нæ куымдта мидæмæ, ныццæхгæр. Хатыр куырдта, æнхъæлмæ нæм кæсынц не ’мбæлттæ, уыдоны, дам, æндæр ран ныууагътам, газеты номыр та нæ тагъд цæттæ хъæуы, зæгъгæ. Фæлæ Алиханы фырт уайтагъд фæсаст æмæ ма йе ’мбалы дæр фæцагайдта: — Тагъд фездæхдзыстæм. Дзабо дæр сывæллон нал у, куыд æй хъуамæ лæууын кæнæм уынджы? — лæгæн йæхи раз цæст- мæхъус ныхасыл фæлæууыд Дзамболат. Йе ’мбал æм уайдзæф- гæнæгау бакаст: «Ома, мæхæдæг дæр æй уынын, фæлæ тагъд хъæуы». Фæстагмæ уый дæр сразы. Фæлæ мидæгæй дæр зæгæлтыл бадæгау кодта. Иуварс бад- ти, сидтытæм дæр дзæбæх нæ хъуыста. Бакастæй уæздан, æмбаргæ æмæ хъуыддагыл æнувыдæй зынди Дзабомæ. О, фæлæ сын сонт-монты цы ныхæстæ акодтаид! Стæй кърандасы фындзмæ истытæ дзура, уымæ нæ арæхсы Дзабо. Хардзау æм кæсы: цыма давæггаг хъуыддæгтыл дзуры, сусæг ныхæстæ хъæрæй кæны. Алиханы фырт Дзамболат та иу ран дæр не ’рбадт. Иу цалдæр дзы куы анызта, уæд къамтæ исыныл схæцыд: бинонты куы цæхæрадонмæ давта, куы сæ кæрты къулы рæбын лæууын код- та. Уыдон дæр æм хъуыстой æнæдзургæйæ, сæ мидбынаты сцоп- пай сты. Иу цалдæр раны сын систа сæ къамтæ, Дзабо дзы йæ- 7
хæдæг рох дæр ма фæци, талф-тулфы афтæ бахаудта. Фæлæ йын æй йе ’мбал йæ зæрдыл куы ’рлæууын кодта, уæд бадзырд- та Дзабомæ дæр æмæ йæ бинонты астæу æрбадын кодта. Æмæ ныр йæ чемы дæр, æвæццæгæн, уый тыххæй нал ис. Ома, мæнæ дзы фаг нæ раппæлыдысты, уымæн нæ; хиуылæр- вæссон нæ уыди. Фæлæ йын йæ рис, йæ хъыг чи бамбардзæн? Æмæ уæд сæ чындз йæ зæрдыл æрбалæууыд. Цыма йæ цæмæй уый бакæса, уый тыххæй фыст æрцыд. Æмæ дзы цытæ нæ фаг кæны, уыдонæн цы базондзæн чындз! Æфсинтæм дæр æфсонæн адзырдта: «Рохуаты ма баззайæд чындз, фæкæсут æм». Ма фæ- гуырысхр уой йæ мидхъуырдухæныл, ма дæр бинонтæ, ма дæр чындз. Йæхæдæг уыцы хъуыдытыл бафтыд. Афардæг ис ивгъу- ыд бонтæм. Амондджын у абон? Ай-гъай. Фæлæ уыцы амондмæ цæу- гæйæ цы зындзинæдтæ бавзæрста, уыдон чи сбардзæн, чи сын саргъ кæндзæн?! Æмæ сæ, ома, искæмæн бузныггаг нæ кæны. Нæ. Ныртæккæ йе ’фсин йæ чызджытимæ уыцы æнæмæтхуы- зæй зилæнтæ кæны. Фæлæ уымæй дæр цыма азымджын у. Афтæ йæм кæсы. Дзæбæх хæдзары чызг уыди. Цал æмæ сæм цал хатты бар- выста минæвæрттæ! Цас лæгъстæтæ бахъуыд Фаризæты хивæнд мад æмæ фыдæн! Йæ цæстытыл уайынц йæ царды нывтæ. Ома, æвдæлон нæу, фæлæ сыхæгтæ æмæ хæстæджытæ хорз фæкастысты. Хъуыд- дæгтæ фæрæвдз сты. Сылгоймæгтæй дæр æй хъыгдарæг нæй. Æмæ байгом и йæ дард мысинæгты арæн. Дзæбæх ма лæууы йæ зæрдыл, ардæм куы ’рбалыгъдысты, уый! Гъæйтт, зæгъгæ, лæджы бындзæфхад уыди! Æвддæс-æстдæс азы йыл цыдаид. Зæронд хъæуы ма цардысты уæд. Цас змæс- тытæ рауади, æмарæн кæимæ цардысты, уыдонимæ! Иу дзæбæх хур бон сæм ныббырстой æмæ хъæуыл арт бандзæрстой. Цæ- мæн? Цæй тыххæй? Ацу, æмæ йæ базон. Чидæр хъал туджджын фæци, æнæхъæн хъæу та дзуапп лæвæрдтой. Йæ цæстытыл уайы Дзабойæн — ронбæгъдæй уади хæдзары дзаумæттæй дзаг лæгуæрдоны фæдыл, талф-тулфæй мады къу- хы цы хæррæгътæ бафтыд, уыдон ластой. Удаистæй фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта лæппу, знæт лæбурджытæй сæ исчи куы раййафа, уымæй тæрсгæйæ. Пиллон фæздæг арвы цъæх бамбæрзта. Йæ хъустыл ныр дæр ма уадысты сывæллæтты цъæхахст, устыты марой. Фæлæ тыхмийы ныхмæ чи ’рлæууыдаид? Хъæуы дзырддзæугæ лæгтæ æмæ фæсивæд кæмдæр уыдысты, хинæй сыл рацыдæуыд. Йæ фыд дæр сæхимæ нæ фæци. Æмæ лæбурджытæ æдæрсгæйæ сæ кæнон кодтой. Ахæм уыди дуг — æнæзакъон, змæст. Хъазахъæй 8
цалдæр гæрзифтонг салдаты фæзынд. Хъæуы сæрмæ сармадзан æрæвæрдтой. Суанг ма дзы иу гæрах фæкæнын дæр бафтыди сæ къухы. Фæлæ уыдонæн дæр сæ бон ницы баци... Хъæу басыгъд. Бирæтæ уæд æрæнцадысты, Беслæнæй Зилгæйы æхсæн цы дзæбæх фæзуат уыди, уым. Дзабойы фыд та æд бинонтæ ардæм æрбафтыд. Хорз адæмы руаджы, йе ’рдхорд Алиханы руаджы. Ныр мæнæ йæхи Дзамболат чи схуыдта, уый фыды аххуысæй. Дзабо Алиханы дзæбæх нæ зоны, йæ фыд Алиханимæ кæм ба- зонгæ сты, уый. Фæлæ сæхимæ дæр цалдæр хатты уыди. Йæ рагъамад уæрдон-иу сæ кæрты баурæдта æмæ-иу сæм æхсæвы дæр баззад. Фынджы уæлхъус-иу бирæ сидтытæ æмæ хъæлдзæг ныхæстæ фæкодтой фыд æмæ Алихан. Дзабо та сын уырдыг лæууыди. Æмæ сæм хъусын уарзта. Иу къах иннæмæй ма аивта- ис! Фыд дæ уайтагъд бафиппайдтаид æмæ дын бауайдзæф код- таид: «Æз дæ карæнæй æхсæв æмæ бон цырагъы хуызæн лæу- уыдтæн хистæртæн, уæд ды нал фæразыс?» Тызмæг уыди, æвæ- дза. Уæвгæ дзы йæхицæн цы агуырдта, æгъдауыл æй æфтыдта, æндæр. Æмæ ныр Дзабо йæхæдæг дæр нæ уарзы; иуæй-иу кæс- тæртæ фынджы уæлхъус куы скатай вæййынц, уæдæ мæ исчи куы аивид, зæгъгæ, уый. Тухитæ, фыдæбæттæ ам райдыдтой. Фыд, æнæхуынд уазæ- гау, уæлкъæйыл баззад. Сцоппай. Зæххы хай сын нæ лæвæрд- той, сымах, дам, рæстæгмæ цæрджытæ стут. Ахæм æдзæстуар- зон уыдысты иуæй-иу хъæуккæгтæ. Уый йеддæмæ цавæр у: адæй- маг ма калмы дæр куы бакæны йæ роны, уæд æнæхъæн хъæуы иу хæдзарваг зæххы гæппæл куыд зынаргъ сси! Алиханы руаджы сыхæгтæ йе ’вварс фесты, зæрдæ йын ба- вæрдтой: дæлæ уал хъæугæрон уыцы мæ уыцы ран дæхицæн каукъул бахъил кæ, стæй бæрæг уыдзæн. Уыцы ныхæстæй фæ- ныфсджын ис. Æмæ дарддæрмæ нал аргъæвта хъуыддаг. Алиха- нимæ равзæрстой бынат, бабиноныг æй кодтой æмæ йæм уис ласын райдыдтой. Æхсæвыцæстæй-иу æд уæрдон? хъæдæй æрба- хæццæ. Бон-изæрмæ та къултæ быдта. Дзабойыл уый бæрц уæз нæ уагъта, тæригъæд ын кодта: иунæг фырт уæддæр та! Уымæ та-иу хардзау каст, хъæдмæ йæ йемæ кæй нæ уадзы, уый. Фæлæ йæ иу хатт нал баурæдта æмæ йæ акодта йемæ. Ауæрдгæ дæр ыл куыннæ кодта фыд, фæлæ уæддæр дзæбæх уæз æрхауд Дза- бомæ. Уæд бамбæрста, уисы уæрдоны цас фыдæбон ис, уый. Куы ’рбацыдысты, уыцы бон суанг изæрмæ йæ уæрджытыл нал слæууыд. Æмæ уæдæ фыд йæхæдæг цас фæрæзта! Иу уæрдон- иу быд куы фæцис, уæд та акасти хъæдмæ. Мад ын-иу артыл- фых кæрдзын йæ хызыны батыхта, сæ хæндыджы ма цы цых- тытæ баззад, уыдонæй йын-иу цыппæрæм хай æрлыг кодта, аф- тæмæй-иу æй арвыста. 9
Гыццыл зилæнтæ нæ хаудта Дзабомæ дæр, уæдæ. Каутæ кæрæдзийы æддæг-мидæг куы фесты, уæд сæ фæсæрста, цъен- гæйы хуызæн сæ слæгъз кодта. Суанг ма чъыр дæр кæмæйдæр ракуырдта æмæ сæ рацагъта. Афтæмæй къуырийы бонмæ сæ кау- къул хæдзар фæрæвдз. Астæуæй дзы æртæ лæсгæры скодтой каутæй, иуы дзы сæ хъуджы æрбастой; иннæ дыууæ къуымы та сæхæдæг бацардысты. Цы буц уыди йæхицæй Дзабо, фыццаг æхсæв дзы куы бахуыс- сыдысты, уæд! Уæвгæ сывæллонæн та цы хъауджыдæр у, фæн- ды скъæты цæрæд, фæнды æргъæу галуанты? Амондджын у би- нонты фарнæй. Фæлæ йын уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. Æртæ боны дæр нæма ацардысты сæ ног бынаты, афтæ сæ кæрты дуармæ æхтонгæлвæстæй æрбалæууыди цалдæр барæджы. Цыдæр мæстдзæф уыдысты, уæлдайдæр та йæ бухархуд ныл- лæг конд кæмæн уыд, уыцы саузачъе бæзæрхыг лæг. О, хорз æй бадардта йæ зæрдыл Дзабо. Бирæ хæттыты ма йæ бамбæлын бахъуыд йемæ. Тынг хъазуатонæй мæсты пихылæйттæ калдта. Раст цыма Дзабойы фыд сæ хæдзарвæндаджы туджджын уыди æмæ дзы ныр йæ туг агуырдта. Æрзилæнтæ кодта йæ бæхыл, иуырдæм æй здæхта, иннæрдæм æй здæхта æмæ хъæрæй дзырдта: — Ам, куыдзæй-хæрæгæй иууылдæр нæ хъæумæ куы лидзой æмæ дзы сæхицæн Чермены хæйттæ куы кæной, уæд ма дзы нæхицæн та цæрæн бынат кæм уыдзæн?! Уалынмæ хъæугæронæй фæзынд бричкæ. Куыд сбæрæг, афтæмæй ма æнæхуынд барджытæн сæ каст уымæ уыд. Гуыф- фæйы разынд мæцъистæ, бæндæнтæ, белтæ. Бæхтæрæг дуармæ куы баурæдта, æмæ дзаумæттæ уым куы æркалдта, уæд Дзабо бамбæрста, цы фыдбылыз сыл сæмбæлд, уый. Бухархудджын, ныронг дæр мæстæй пихылæйттæ чи калдта, уый та ныр дæр фæразæй. Бæхæй æргæпп кодта, барджытæй ма цалдæр афис- тæджытæ сты æмæ февнæлдтой. Халын æнцондæр у, зæгъгæ, мæнгæн нæ акæнынц. Бæндæнтæ абастой хæдзарæн йæ иу фарсыл æмæ йыл бæхтæй ахæцыдысты. Уайсахат кауын къултæ зæххы балæууыдысты. Дзабойы цин ав- гау батæгæлтæ. Йæ зæрдæйы цыма цыдæр аскъуыд, уыйау æм фæкаст. Дойнаг дур фестад. Цы хъауджыдæр уыди, сæ хъæу сын чи басыгъта, уыдон æмæ адонæй?! Æмхуызон ад ын скодтой. Фыд сæхимæ нæ уыд. Мад нæ ныллæгъстæ кодта лæгтæн. Йæ сæрмæ йæ не ’рхаста, уæддæр сæ кæй нæ бауромдзæн, уый æмбæрста. Æрмæст-иу адæргæй, хъæуы бын калмау чи фæкъæдз, уыцы фæндагмæ акаст, кæд Дзабойы фыд искæцæй фæзынид æмæ сæ уый йæ зонгæты æххуысæй уæддæр бауромид, зæгъгæ. Фæлæ нæй, нæ фæзынди. Æмæ уый хуыздæр уыд, уымæн æмæ 10
сын афтæ нæ ныббарстаид. Фылдæр бæллæхтæ дзы рауадаид. Изæры куы фæзынди æмæ къултæ фæлдæхтæй куы федта, мады цæсгомыл та — сагъæс æмæ зæрдæрис, уæд æдзынæг зæхмæ бирæ фæкаст. Йæхинымæр цыдæртæ бахъуыр-хъуыр кодта, стæй бæх баифтыгъта æмæ дзы сæ хæдзары бызгъуыртæ бавгæдтой. Фæлæ уæддæр ацы хъæуæй никуыдæмуал фæхаудысты. Алихан сæ ба- уазæг кодта. Æмæ иуцасдæр уыдонимæ ацардысты. Стæй уæд зæххы гæппæл бафтыд сæ къухы. О, хорз бадардта йæ зæрдыл Дзабо уыцы фыдгæнджыты, уæлдайдæр та бухархудджыны. Æмæ йын æй никуы ныххатыр кодтаид. Стæй сæм йæхæдæг дæр фæстаг боны онг уыцы тæуц- цаг рахаста. Къæмдзæстыг кæй уыди сæ разы, уымæн йæ цæс- гом нæ хъæцыди, æви йын Дзабо дæр йæ зæрдæйы ныхмæ кæй рацыди, уыцы маст æй хордта, уый зын зæгъæн уыд. Фæлæ йæ бæзджын æрфгуыты ’лхынцъ никуы суагъта. Афтæ хъуынтъы- зæй йæм-иу ракаст сæмбæлгæйæ. Фæлæ... æгъдау æрцахста сæ дыууæйы дæр: се ’хсæн балæууыд бурдзалыг Фари æмæ сæ тугхæстæг бакодта. Кæд топпы кæсæнæй кастысты кæрæдзимæ, уæддæр ма цы гæнæн уыд каис æмæ сиахсæн! Бынтон æрæджиау бамбæрста Дзабо, цæуыл афтæ пихы- лæйттæ калдта уыцы бон сæ хæдзар халгæйæ æмæ се ’ппæтæй рæвдздæр цæмæй архайдта йе суинаг хæстæг, уый. Ардыд адæй- маг, дам, æрра куыдзæй уæлдай нæу. Æндæра цы бар дардта, уый фæстæ йæ каис чи баци æмæ йæ иунæг чызг кæй хæдзарон баци, уыцы Дзабойы бинонтæм? Фæлæ хъæуккæгтæй амидин- гæнджытæ фæци, æмæ сæ уыдон бацырен кодтой, уæртæ нын æвастæй нæ зæххыл æрцардысты, зæгъгæ. Æмæ уæд фефсæр- стой æмхуызонæй. Цалдæр хæдзары тæригъæды ма бацыдысты ноджыдæр уыцы бон. Ардауджытæ сæхæдæг та иуфарсырды- гæй кастысты. Хорз раиртæста се ’ппæты дæр Дзабо, ничи дзы ферох. Фыццаг хатт сын æй сæ зæрдыл æрлæууын кодта, колхозтæ аразыны агъоммæ хъæуы цы стыр сход уыди, уым. Æмæ уæд уымæй фæстæмæ сæ гамхудтæ сæ уæлæ ныккодтой. Фæлæ сæ хæрам зæрдæ уæддæр æхгæдæй нæ баззад. Йæ куыст сæ скодта Дзабо дæр, колхозтæ куы арæзтой æмæ йæ кулакгæнджыты къа- мисы куы ныффыстой, уæд. Æртхъирæнгæнджытæ дæр æм бирæ уыд, лæгъстæгæнджытæ дæр, фæлæ къæрттæй цъула не ’ппæр- ста. Фаризæты фыды дæр ма уыдоны азар басыгьта. Æмæ ныр æрæджиау йæ сæры фæсмоны хуызæн февзæры гуырысхо хъуы- дыйы уадздзаг. Цымæ раст бакодта? Йæ масты фæдыл нæ ацыд? Хъуыды ма кæны уыцы уалдзæг Дзабо. Цас амонд ын æрхаста йемæ. Фыццаг хатт æдæрсгæ баифтыгъта бæх æмæ ауагъта гу- тон. Уæд бакаст комкоммæ Фаризæты цæстытæм дæр, æмæ дзы 11
федта, кæй агуырдта, ахæм уарзæгой æнгас. Йæ рæбын ницыма уый бæрц амыдта, стæй чызджы фыдæй йæ ныфс тынг нæ хас- та. Фæлæ Дзабо ууыл уагъта хъуыддаг? Уый тыххæй нынныхъ- уырдта йæ бирæ мæстытæ? Минæвæрттæй куы ницы рауад, уæд чызгæн йæхи бабуц кодта: «Уыныс, дæ фыд мæ йæ хуымы кæ- рон ссардта, æмæ дæу мæнæн ратдзæн!» Фæтæргай, фæлæ чыз- джы тæригъæды куыд бацыдаид: йемæ баныхас кодта æмæ йæ се ’рвадæлтæм балæууын кодта Зæронд хъæуы. Фыд ма уый фæстæ йæ къухтыфыдтæ бæргæ хордта. Фæлæ ма дзы цы рауа- даид! Æрмæст йæ бæзджын æрфгуытæ ноджы фæтардæр сты æмæ цæстытæ тынгдæр мæсты æрттывд кæнын байдыдтой. Æмæ дзы Дзабо дæр иувæрсты ласта йæхи, цæмæй йемæ хæрхæм- бæлд ма фæуа, ууыл архайдта. Куыд тынг бацыд йе ’фсины зæрдæхудты уæд Дзабо! Уый сæр дæр куыннæуал ахъуыды кодта! Цас фæкуыдта хæкъуырц- цæй уыцы ’хсæв Фаризæт, йæ фыды дæр ын кулактимæ ныф- фыстой, уый куы базыдта, уæд. Дзабо йын йæ цæнгтæ йæ сæ- рыл æртыхта, рæвдыдта йæ æмæ йын дзырдта, уый аххосæй дзы кæй ницы ис. Фæлæ уæддæр нæ састи Фаризæт, йæ хæ- къуырццæй нæ сабырдæр кодта. О, цæй дзæгъæлы æфхæрдта Дзабойы! Аххостæ иууылдæр фыдæн йæхи уыдысты. Кæд мын, мыййаг, сиахсы хатыр кæны, зæгъгæ, слæбурдта хъæусоветмæ, кулакты номхыгъды нæй, уый куы базыдта, уæд. Зонгæ мæсты æрттывд та кодтой йæ цæс- тытæ, кæд сæ кæддæры цæхæр нал уыд, уæддæр. Бухархуд дæр ныхыл ныллæг конд. Фаризæты йæ хæдзарæй уый æвæндонæй кæй фæхауын кодта, уыцы маст дзы иста, æви цы хабар уыд, фæлæ йæ иргъæвæг иргъæвын нал фæрæзта. Йæ æфхæрæн ны- хæстæ къултæ рæмыгътой. Дзабо бадт стъолы уæлхъус æмæ йæм сæркъулæй, æнæдзургæйæ хъуыста. Йæ маст, æвæццæгæн, уымæй цырендæр кодта. Фæлтау æм исты куыд сдзырдтаид, исты цæхгæр ныхас æм куы сфæрæзтаид. Уæд ахъæлæба кодта- иккой æмæ банцадаиккой. Фæлæ хъыпп дæр не схаудта Дза- бойы дзыхæй. Хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр ницы загъта: æнæуи дæр мæстджын адæймагмæ дæгъæлтæ ссарын нæ бауы- даид йæ бон. Фæлæ зæрдæ дур нæу. Хатыр кæнын дæр зоны, æрлæмæгъ вæййы, йæ тæнæлвæст хъистæ суадзы æмæ дзы равзæры хæлар- дзинады хæлбурцъ. Афтæ зæронд каисы зæрдæ дæр нал фæлæу- уыд ифтыгъдæй, феуæгъд йе ’лхынцъбæстытæй æмæ йæ батард- та йæ сиахсы тæккæ дуармæ. Уый уыди, хæст куы райдыдта, уымæн йæ дыккаг бон изæрæй. Дзабо сæхимæ нæма уыд, фæлæ йæм банхъæлмæ каст каис. Сывæллæтты фæрæвдыдта, стæй загъ- та Фаризæтæн: 12
— Дæ разы ма арахъхъ рахæсс æмæ бæлццонæн фæндараст зæгъæм. Фаризæтыл цыма базыртæ базад, уыйау зæххыл нал хæцыд йæ фыды цинæй. Зилæнтæ кодта хæдзары къуымты, йæ мой хæстмæ цæуы, уый дæр дзы æрбайрох. Афтæмæй чысыл раз- дæр та йæ дзыхæй ныхас дæр нал хауд. Бирæ фæбадтысты уыцы изæр, бирæ ныхæстæ сæм рауад. Фæлæ йын Дзабо ницæмæй æрлæууын кодта йæ зæрдыл ив- гъуыд бонтæ. Афтæмæй та, цыма, зæронд каисы цыдæр хатыртæ ракурын фæндыд — йæ зæрдæ йæм афтæ дзырдта. — Уæдæ-æ, адæймаджы цард куыд гæлиртæ у! — æнæбары сирвæзти Дзабойы дзыхæй, æмæ фестъæлфыд, фынæй фæха- уæгау, йæ фæйнæ фæрстыл йæ цæст ахаста. Сылгоймæгты ’рдæм бакаст, кæд æй исчи фехъуыста, зæгъгæ. Фæлæ уыдон раздæ- рау æнæныхасæй зилæнтæ кодтой, лæджы зæрдæйы хъынцъы- мыл дзы гуырысхо дæр ничи бакодта. Æмæ та йæ цæстæнгас кæртмæ рахаста, кæртæй — хæдзармæ, чындз цы уат æфснайд- та, уырдæм, цыма йæ сагъæсты удæнцой уым агуырдта, уыйау. Устыты та бацагайдта, чындзмæ фæкæсут, зæгъгæ. Йæхæдæг та газетмæ фæкомкоммæ. Цæмæй дын зыдтаид, дæ хорзæхæй, æппæт уыдæттæ уыцы æрыгон æндæрхъæуккаг дзæбæх лæп- пу, Алиханы фыртимæ сæм чи уыд ай^ыццаг, уый? Цæмæй зыдта Дзабойы зæрдæйы арф хъæдгом? Йæ мидæг куы нæ бадт, мыййаг! Уæззау дурæй баззад Дзабойы риуы Фыдыбæстæйы хæст. Йæ цæстытыл уайынц Беслæныхъæуы станцæйы гуылф-гуылф- гæнгæ адæм. Алы хъæутæй æрцыдысты ардæм, алчи йæ бæлц- цоны фæндараст кодта. Фаризæты зæрдæхудты, уæд бацыди. Уыцы иунæг хатт. Афтæ лæмæгъ разындзæн æмæ йæ маройгæнгæ æрвитдзæн, уый æнхъæл чи уыд! Йæхи зæрдæйы къултæ фæцæйтыдтой фыра- дæргæй. Уæдæ... Цыппар сывæллоны баззайæд дæ фæстæ — амæй ай къаддæртæ — æмæ сæ дæ сылгоймаджы æвджид ныу- уадз! Кæстæр, Зауыр, та авдæны хуыссыди. Уырдыгæй йæ къухтæ куыд тылдта æмæ йæм куыд хъæлдзæг дзолгъо-молгъо кодта, уый дæр йæ цæстытыл ауад. Уыдоны мæтæй йæхæдæг тыхст æмæ уырыдæй цы фæуыдаид, уый нæ зыдта, æмæ ма йын — уыцы зæрдæхалæн марой... Къæмдзæстыг у, æвæдза, йе ’мкъайæ. Цыма хæст дæр уый, Дзабойы, фыдæнæн рацыд, афтæ йæм каст. Куыд не ’мбæрста Фаризæт, уыцы тъыфыл адæмы æнамондæн кæй у æмæ дзы хи бахизæн кæй нæй, уый! Фæлæ сылгоймаджы зæрдæ хъистæнæй уæлдай нæу — æнæныззыланггæнгæ нæ фæвæййы, гъа-ныр хиу- ыл фæхæцын хъæуы, зæгъгæ, уæд. Æвзæр æй бафхæрдта уæд 13
Дзабо, йæ маст йæ риуы сабухта æмæ йыл сывæллæтты раз нытътъæлланг ласта. Йæ гуырымыхъ ми йæ зæрдæмæ хаста хæсты фæстаг боны онг. Сывæллæттыл уæд та куыннæ ахъуыды кодта! Фæлтау сæ цыфæнды зынæй дæр куы барæвдыдтаид. Йæ цæстытыл баззад сæ тæригъæддаг æнгас. Æмæ-иу вагоны бæрзонд рудзгуыты сæр- ты гом арвмæ скаст, цыма йын цы хъысмæт нывгонд у, уый уым агуырдта, уыйау. Дзабо ныккæрзыдта, æмæ йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд. Исчи йæ куы бамбара сылгоймæгтæй, зæгъгæ, та уыдоны ’рдæм акаст. Фæлæ уыдон раздæрау уыцы æвæлмонæй архайдтой, æмæ та Дзабо йæ царды фæндагмæ аздæхт. Мæлæты дзыхмæ комкоммæ каст Дзабо, фæлæ уымæй нæ фæтарст. Уый алкæмæн дæр йæ хæс уыди æмæ йын хуыздæр чи фæрæзта, уымæн йæ цæрæнбон бирæ. Йæ цæстытыл ауад, Ке- нигсберг исгæйæ тыгъдызæйы куы бахаудтой, уæд йе ’мбæлттæ цалдæрæй, акъогшы мидæг, бомбæйы схъистæй куыд фæмард сты, уыцы ныв. Йæхæдæг исдугмæ цавддурау фæци, цы ’рцыд, уый нал бамбæрста. Стæй куы ’рчъицыдта, уæд федта йе ’мбæлт- ты: куыд бадтысты, афтæ сæ бынæтты баззадысты. Украинаг Пилипенко, æдзух йæ фыццаг сывæллоны, авдæныккон чысыл чызджы къам йæ риуы дзыппæй фелвас-фелвас чи кодта æмæ йæ фырбуцæн йе ’мбæлттæм чи лæвæрдта: — Мæнæ ма фенут, цы гыццыл Жаночкæйы ныууагътон нæ- химæ, — уыцы Пилипенкойæн та йæ цæстытæ Дзабомæ кæс- гæйæ баззадысты. Æмæ Дзабо дзæвгар рæстæджы дæргъы не ’мбæрста, Пилипенко йæм афтæ æдзынæг цæмæн кæсы, уый, æмæ дзы цæмæйдæр фефсæрмы. Фæлæ йæм йæ цæстытæ ав- джы ’рттывд куы фæкодтой æмæ сæ фыццаджы хуызæн зæрдæ- хæлар цæхæр куы нал бафиппайдта, уæд фембæрста Дзабо, цы фыдбылыз æрцыд лæппуйыл, уый. Фæлæбурдта иннæ æмбæлт- тæм дæр, фæлæ йæм дзы ничиуал раздæхта йе ’ргом. Уæдмæ дæр куыд нæ федта хæстон фæндæгтыл мæрдтæ! Фæлæ æнæнхъæлæджы ахæм судзаггаг зиантæ! Уый та ма цы зæдыхай ныууагъта æгасæй, адæймагмæ йæ цард хуынкъ суа- рийы аргъ дæр кæм нал касти, уым! Уым дæр сæ иуæй-иутæ сæхицæн цæрæнхостæ кæнын зыд- той. Чысыл ыл схъис ауайæд, уыййеддæмæ-иу уæлгоммæ йæхи аппæрста, цалынмæ йæ госпитальмæ аластой, уæдмæ. Æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, сæхи хъæуæй дæр йæхи уыцы тъы- фылтæй чи фæтылиф кодта, уыдон. Бирæ нæ уыдысты, иу цал- дæр. Дзабоимæ сæ иу аджы куы сфыцай, уæддæр сæ бас нæ баиу уыдзæн. Суанг сæм, ацы ран куы ’рбынатон сты, уæдæй фæстæмæ рахаста знæт. Ницыуал бар сæм дары, фæлæ йыл цыма 14
сæхи мидæг ныр худæгæй сæхи хæссынц. Куы йæ фенынц, уæд æм хин кæстытæ бакæнынц: гъы, ныр та ма цы зæгъдзынæ, колхозы бардуаг! Дæ бон нын кæй ницыуал у, уый нæ зоныс? Æмæ йæ фырæнæбонæй Дзабо дæр иувæрсты ацæуы. Гæбыцо- имæ сæ зæрдиаг ныхæстæ фæкæнынц, фæлæ уый дæр ныр стыр фæндагæй æттæссонд æвæрд æрцыд. Колхозы разамынд æй ни- цыуал бæрæг куысты æппары. Пенсийы ацыд æмæ Дзабойы хуы- зæн уый дæр йæ къухмæ къæпи райста. «Фæлæуут, фæлæуут, — бартхъирæн кæны йæхинымæры йæ фыдгултæм. — Уæддæр мах куыд зæгъæм, афтæ уыдзæн». Бирæ цыдæртæ аивта хæст Дзабойы цардыуаджы, бирæ цæ- уылдæрты хъуыды кæныныл æй бафтыдта. Йæ зæронд каисы удæгасæй нал сæййæфта. Йæ хабар æм цæссыгæхсад писмойы хæстмæ йæхæдæг ныффыста Фаризæт, æмæ йыл тынг фæхъыг кодта. Фæлæ йæ каисы гæды æрдхæрдтæ нырма цардæгас сты æмæ сæ къамтæ æрæвæрынмæ нæма хъавынц. Уæды онг цардмæ сонты цæстæй чи каст, уыцы Дзабо ныр фæасхуыз, цæсгомы ’нцъылдтæ фæарфдæр сты. Стæй — зæрдæ, зæрдæ... Тынг ыл рацыд комдзог. Фыццаджы хуызæн фидар нал у. Уыййеддæмæ йын, сæ цæсты сындз кæмæн уыди, уыдон раздæр афтæ тых куынæ кодтой. Уæд ныр уый цы у? Уайтагъд та йæхимæ хъусы- ныл фæвæййы: Ау, нæ фыдæбæттæ дзæгъæлы фесты? Ау, раст фæндагыл нæ цæуæм? Уæдæ уæд сæ колхозæн куыд ницы ’нты- сы? Йæхи дзы иуварс чи ласы, уыдонæн сæ цард лæгъздæр куыд цæуы. Иуфарсырдыгæй хинмидбылхудтгæнгæ куы кæсынц. Колхозты тыххæй исты ног уынаффæ куы фæзыны, уæд æй лæмбынæг бакæсы: къæбæлтыл нымайæгау йæ къухтыл цыдæртæ фæнымайы, стæй та газет иуфарс æрæвæры. Мæнæ цыма ныр фæстаг дыууæ азы колхозы хъуыддæгтæ фæрæстмæ сты, — æмæ та æрæмбæхстысты хæраммидбылхудджытæ. Кæсыс, Дзабомæ та уацхæсджытæ цæуын дæр байдыдтой. Нæ, Дзабо йæхи дæлæмæ нæма æруадздзæн. Нырма йын бирæ мæтаг ис колхозы. Ома, йæхæдæг дзы кусгæ кæны, æрмæст уый тыххæй нæ. Фæлæ базона, сæ тох цæуыл уыд ацал-ауал азы, уый хуымæтæджы кæй нæ фæци. Йæ каисы гæды æрдхæрдтæ дæр иуварс нæ бадынц. Тынг арф бынæттæ скодтой сæхицæн колхо- зы. Æмæ цы сæ бон у? Цы уæрдоны бадой, уый зарæг кæнын сæ хъæуы, кæд сæ гуыбыны мæт сæ разæй хæссынц, уæддæр. Сæрдар æрыгон у, фæлæ цыма сæрæн æмæ æмбаргæ у. Йæ- хицæн ныхасхæсджытæ нæ дары, цы нæ зона, уымæй афæрсын дæр æм худинаг нæ кæсы. Æмæ уый лæгдзинады нысан у. Дзабо, чындзæхсæвмæ куы цæттæ кодтой, уæд æм йæхи ракурын хорзау нæ каст, мæнæугæрдæнты тæккæ тæмæн уыди æмæ... Исчи исты куы зæгъа, кусæг куы нæ фаг кæны æнæуи 15
дæр. Фæлæ йæм сæрдар йæхæдæг æрбацыд бригадмæ æмæ йын хъазгæмхасæнты бауайдзæф кодта: — Уæ чындзхаст уын куыд ничи базона, Дзабо, афтæ йæ аразут? Ма тæрсут, æнæхонæгæй уæм нæ фæцæудзыстæм. Фæлæ уæм иннæбон хъуыддаг ис, уæ хæдзары бирæ змæлд, ды та бы- дырæй мидæмæ нæ цæуыс. Цы гæнæн ма уыди. Йæ куыст ныууагъта æмæ рацыд хæ- дзармæ. Æмæ цыма хорз рауадысты хъуыддæгтæ, хъæстагæй цыма ничи баззади. Абон та сæм йæ фырты æмбæлттæ æрцæуд- зысты. Циндзинады номыл æрхастой зынаргъ лæвæрттæ, ныр та сын сæхимæ æнхъæлмæ кæсы. Фæлæ никæцæй ма зынынц, æмæ та Дзабо газетмæ йе ’ргом аздæхта. Къамы та йæ бинонты астæу йæхи куы ауыдта, уæд йæ сæр банкъуыста. Цыма йын исчи йæ былтæ мыдадзæй ацахуырста, уый хуызæн та фæци. Бæргæ, Дзабойы зæрдæйы арф хъæдгæмттæ уыцы æрыгон æндæр- хъæуккаг дзæбæх лæппу куы зыдтаид, газетмæ йыл чи ныффы- ста, уый! Алиханы фыртыл дæр йæ зæрдæ фæхудт: уый та йæм куыд ницæмæй фæкасти, сæ фыдæлтæ бирæ тухийы къæбæр куы ба- хордтой иумæ! Уæвгæ, уый дæр уыцы бон, се ’рбацыдæй сæ ацыдмæ, талф-тулфы бахаудта. Фынгмæ куы ’рбаздæхтысты фæстæмæ, уæд ма йæ кæстæр уазæг цалдæр æхст фарсты акод- та: бинонтæ цал сты, кæмыты сты, æмæ Дзабо, гъа, йæ зæр- дæйы дзуринæгтæ фегом кæна, зæгъгæ, афтæ йæ блокнот бафс- найдта æмæ Дзамболаты бакъуыр-бакъуырыл схæцыд. Афтæ фæ- дисонæй ацыдысты, Дзабойы йæ риссаг хъуыдыты бæрны ныу- уагътой. Æмæ сын цы хъуамæ радзырдтаид? Ныр æм къамæй йæ мидбылхудгæ кæсы йæ хуыз. Цыма йыл зынæрвæссон бы- лысчъил кæны. «Газеткусæгæн дæр, æвæдза, зын у, — хъуыды кæны Дзабо. — Дæ хорзæхæй, цæмæй дын зона мæ хабæрттæ уыцы лæппу! Лæг йæхæдæг кæй нæ бавзара, уыцы хъуыддаг цæмæй зоны: искæй рисæн цы ’мбары? Уæддæр ма æгæр дзæбæх дæр ныф- фыста», — зæгъгæ, йæхинымæры сраст кодта уацхæссæджы. Цыма йын уый азымæй стырдæр æфхæрд ницы уыдаид, афтæ йæм каст, æмæ йын кæй бахатыр кодта, уымæй йæхицæй фæ- бузныг. — Дзæбæх лæппуйы каст кодта. Сарæхсдзæн, — зæгъта Дза- бо æмæ тагъд-тагъд æддæмæ рауад: уырдыгæй фæцыди автома- шинæйы уынæр. Æрбацыдысты йæ фырты æмбæлттæ: сæ хъæ- рæй худын æмæ хъæлдзæг ныхасæй сæ базыдта. Дзабо се ’хсæн балæууыд æмæ сын сæ къухтæ райста. Йе ’нтъыснæг хъуыдыты хал ын кæй фæпырх кодтой, уымæй сæ фæбузныг. — Мидæмæ, мидæмæ! — дуар сын уæрæх байтыгъта сæ разы.
Нæ фысым Радзырд I Куыддæр нын декан фехъусын кодта, райсом иууылдæр бы- дырмæ цæуынæввонгæй æрæмбырд ут, зæгъгæ, афтæ æз æмæ Мырзабег дæр æмдзæрæнмæ ацыдыстæм æмæ нæхи барæвдзытæ кодтам. Хъæумæ ныххæццæ стæм фæссихæртты. Кодта сæлфынæг, зæхх сбырынцъаг. Æз æмæ Мырзабег нæ фысытæм куыд фæ- цæйцыдыстæм, афтæ ныл амбæлди колхозы сæрдары хæдивæг Асæхмæт. Студенттæй стæм, уый куы базыдта, уæд нæм хъæл- дзæгæй сдзырдта: — Кæм уын æрцæттæ кодтой сымахæн та уазæгуат? — Уартæ, дам, хъæугæрон цæрынц, Дибæ йæ хонынц. — Цом, æз уæ бахæццæ кæнон, — загъта Асæхмæт æмæ немæ аздæхт. Фæндагыл нын^ракодта нæ фысымы хабæрттæ. — Иунæг ус у. Йæ лæг хæстæй нал ссыд. Иунæг фырт ын ис æмæ уалæ кæмдæр заводы кусы. — Æмæ йын истæмæй^ æххуыс кæны? — афарста Мырзабег. — Æххуысхъуаг нæу. Йæхæдæг нырма бирæгъæй уæлдай нæу. Фермæйы кусы æмæ йын бирæ фæллойбонтæ вæййы. — Нарæг къахвæндагыл нæ разæй цæугæйæ дзырдта Асæхмæт. Мæнæн æхсызгон уыд, нæ фысымæй æвзæрæй кæй ницы загъта, уый. Иуцасдæр цыдыстæм æнæдзургæйæ. Фæлмæцгæ дæр бакодтам æмæ нæ фæндыди тагъддæр нæ бынатыл сæмбæ- лын. Уæдмæ хæццæ дæр баистæм. Хæдзары хицау, иу-æртиссæдз азмæ хæстæг кæуыл цыдаид, ахæм хæрзуынд ус, йæ уæлæ — хæдзарон уæлæдарæс, не ’рба- цыдмæ, æвæццæгæн, æфсины зилæнтæ кодта. Не ’рбацыд ын æхсызгон уыд, бацинтæ ныл кодта. — Бирæ цæрут, бирæ, мæ хуртæ. Сымах æххуыс-иу нæ куы нæ уаид, уæд-иу кæд фæуиккам утæппæт тъæпæнтæ æфснайд, — загъта нæ фысым, стæй Асæхмæты ’рдæм бакаст æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Иутæ быдь1рь]^уз_кд^ей^саехи.раг,ай-басай кæнынц, сымах та алы х^тт уæ аз^фй^рзшйьгац. Асæхмæт фæрсырдæ^ уайдзæф^^д^^^к^ст усмæ. Чы- 2 Дзуццаты Эльбрус 17
сыл раздæр дзы æппæлгæ кæй кодта уый æмæ ацы бакаст кæ- рæдзийыл цыма нæ бадтысты, афтæ мæм фæкаст. Фæлæ цы загътаин. Сæ кæрæдзимæ дзæбæх зæрдæ кæй нæ дарынц, уый зын рахатæн нæ уыд. Исты быцæумæ куы асайа сæ ныхас, ууыл ахъуыды кодтон æмæ загътон: — Махæн дæр не ’хæс у феххуыс кæнын. Ахуыры дæр та баййафдзыстæм. Асæхмæтæн бузныг за^гътам, нæ фысымыл нæ кæй сæмбæ- лын кодта, уый тыххæй. Йæ фæстæ рацыдыстæм дуармæ. Уым лæг фæлæууыд æмæ ма нын, фæдзæхсæгау, хионы хъæлæсы уагæй загъта: — Кусæгæй хорз кусæг у. Æцæг æм иу аипп ис: йæ цæхдон кæм нæ уа, уым йæ къæбæр тулы. Фæлæ уымæ уæ хъус ма дарут. Уыцы ныхæстæм гæсгæ райдианты куыддæр цæстæй касты- стæм нæ фысыммæ, фæлæ уымæ аиппæй ницы раиртæстам. Иу хъист, иу цъист дзы нæ фехъуыстам: æдзухдæр уыцы æвæллад- хуыз. Мах та цыма раст йæхи хъæбултæ уыдыстæм, ахæм цæс- тæй нæм ракаст. Изæры-иу йæ куыстæй æрæгмæ куы ’рцыд, уæд хатыртæ куырдта, æгæр кæй бафæстиат, уый тыххæй æмæ ныл-иу стыр мæты бацыд. Уыцы æнафон дæр-иу нæ æнæ хъарм хæринаг никуы ныууагъта. Мах æфсæрмы кодтам æмæ-иу дзырд- там: — Мах ницы хъæуы. Быдыры нæ хорз федтой. Нæхинымæры дис кодтам, зæронд усмæ уый бæрц хъару кæцæй цæуы, ууыл: бон-изæрмæ фермæйы, стæй фæсахсæвæр- тæм дæр хæдзары йæ зилæнтæй не ’нцад. Иу бон та фæлмæстæй куы æрбаздæхт куыстæй, уæд æй Мырзабег æфсæрмхуызæй бафарста: — Куыд фæразыс, Дибæ, æрвылрайсом афтæ раджы стын? Зæронд усæн æхсызгон уыд, Мырзабег æй афтæ кæй ба- фарста, уый. Йæ цæсгом фæрайдзаст, стæй йыл абадт сагъæсы фæд: — Сахуыр дæн, мæ хур, сахуыр. Нæ хæдзардарæг хæсты фесæфт, æмæ мæнмæ æрхаудта бинонты дарын. Дыууæ фыр- тæй хистæр уæззау цæфтæй сыздæхт хæстæй æмæ мæй дæр нал ахаста... Иннæ та ахуырыл фæци. Дибæйæн йæ зæрдæ суынгæг, фæлæ йæхи ныффидар кодта. — Æнæ кусгæ нæ уыди. Стæй уæд фæцахуыр дæн. Фæс- тагмæ мæм диссагау кæсын дæр байдыдта, раздæр хæдзары ба- дын куыд фæрæзтон, уый. Нал бакомин, æвæдза, ныр афтæ... Иу райсом та йæм зоотехник уæрдоныл æрбацыд. Хъугдуц- джыты фермæмæ уæрдоныл ластой. — Чапай, нæма фæрæвдз дæ, æви? 18
— Фæцæуын, — уайтагъд ахъæр кодта æддæмæ нæ фысым æмæ ацыд. Дибæмæ уыцы номæй кæй дзуры, уый нæм диссаг фæкаст. Изæры йæ куыстæй куы æрыздæхт, уæд æй аивæй бафарстам, афтæ дæ цæмæн хонынц, зæгъгæ. — Уыцы ном та мын Сослæмбеджы лæвар у, нæ зоотехничы, — йæ мидбылты фæлмæн бахудти Дибæ. — Ныртæккæ фæсастдæр дæн, ницыуал мæ бон у, сæ бон бакæла, фæлæ æмбырдты арæх раныхасгæнаг уыдтæн. Мæ зæрдæмæ исты куы нæ цæуа куыс- ты, уæд æнæсдзургæ нæ фæразын. Мæнæн мæ зæрдыл æрбалæууыд Асæхмæт. Бамбæрстон, дзæгъæлдзураг цæмæн хуыдта нæ фысымы, уый. — Иу хатт та æмбырды дзырдтон, нæ фермæйы хъæстытæ кодтон. Расыггæнаг, зæгъын, у хицау, æмæ мæ фæндон бахас- тон, йæ бæсты йын æндæр искæй куыд сæвæрой, афтæ. Адæмы зæрдæмæ фæцыди мæ комкоммæ ныхас. Уæд мæ Сослæмбег фыр- буцæй Чапаев рахуыдта, ай, дам, Чапаев нæу, зæгъут! Æнæгæ- ды ныхасæй, æхсызгон мын вæййы, уыцы номæй мæм куы ’рба- дзуры исчи, уæд. Уæдæй фæстæмæ зæронд усмæ нæ гуырысхо æмæ æнæу- уæнк хъуыдыты фæд фæсастдæр. Уæлдай бузныгхуыз та дзы Мырзабег уыди. Иубон мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта Асæх- мæты ныхæстæ. Æз ын сæ ферох æнхъæл уыдтæн, фæлæ сæ уый уыцы дзæбæх кæй бахъуыды кодта, уый мын æхсызгон уыди, æмæ йæ афарстон: — Гъи, æмæ раст нæ уыди, зæгъыс, Асæхмæт? — Кæцæй уыди раст, кæцæй? Зæронд уæвгæйæ — раззагдæр кусæг, æмæ йын аргъ ма кæн! — йæхæдæг мын мæ цонгмæ бав- нæлдта æмæ мæ бакодта Дибæйы уатмæ. Фырæфснайдæй цæ- хæртæ калдта уат. Къултæ ног чъырæйцагъд, хуыссæнæмбæр- зæнтæ æрттывтытæ калдтой, чингуытæ (æвæццæгæн, йæ фырт- тæй чи баззад, уыдон) тæрхæгыл афтæ биноныг æвæрд уыдыс- ты, æмæ дзы иу райс, уыййеддæмæ сыл фæбæрæг уыдаид. Мыр- забег мын ацамыдта къулмæ: уым рæнхъæй аив фæлгæтты ми- дæг уыдысты, ус йæ хорз куысты тыххæй цы кады гæххæттытæ райста, уыдон, стæй фæллойадон Сырх тырысайы ордены гæх- хæтт. Хуымæтæджы йын сæ нæ радтаиккой, кæй зæгъын æй хъæуы. Мах уæд бамбæрстам Дибæйы. Йæхицæй æппæлын нæ уарзта. Уый нæ, фæлæ ма йæм иу æнахуыр миниуæг бафиппайд- там: исчи дзы-иу куы æппæлыд колхозы кусджытæй æмæ йын- иу мах уый куы дзырдтам, уæд мæсты кодта. Æнхъæл уыдыс- тæм, йæ фырнымдæй афтæ кæны, зæгъгæ, фæлæ фæстæдæр сбæрæг: уый тыххæй нæ уыди. 19
II Иуахæмы та мах фæскуыст бадтыстæм хæдзары æмæ æнхъæлмæ кастыстæм нæ фысымы æрцыдмæ. Фæлæ ацы хатт æгæр æрæгмæ зынди. Æз хуыссæны мæхи æруагътон æмæ куыд афынæй дæн, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Æрæджиау кæддæр фехъал дæн. Мæ хуыссæгхъуаг цæстытæ агъуысты талынг къуымтыл æрхастон. Ныллæг зылд цырагъ мы- нæг рухс кодта æмæ мæм дзæбæх нæ зындис Мырзабеджы цæс- гом фынæйæ. Хъуыдытæ куыд кодтон, афтæ мæ хъустыл æрцыд сабыр кæуыны уынæр. Цыди Дибæйы уатæй. Рæстæгæй-рæс- тæгмæ-иу дзы райхъуыст арф, зæрдæбын улæфтытæ дæр. «Цы кæны, цымæ? — ахъуыды кодтон æз. Зæронд усы тæ- ригъæдæй мæ зæрдæ æрбауынгæг. Исдугмæ мæхимæ куыддæр æнæхъару æркастæн. Æвæццæгæн, та дзы исты маст бацыд. Цæмæй йын баххуыс чындæуа?» Мырзабегмæ бакастæн. Уый хуыррыттæй хуыссыди йæ цæнгтæ фæйнæрдæм æппæрстæй. Мæнæн мæ хуыссæг фæлыгъд æмæ æддæмæ рацыдтæн. Хъæу уыди тарф фынæй. Иунæг сыбыртт никуыцæй хъуыст. Кæцæйдæр дардæй, колхозы амбарты ’рдыгæй, æрттывтой электрон цырæгътæ æмæ уыдон дæр цыдæр æнтъыснæгдзинад уагътой риуы. Ноджы мæм цыма Дибæйы кæуын уырдæм дæр хъуысти, æмæ афтæмæй цас фæлæууыдаин, уый зын зæгъæн у. Уæд иу рæстæджы дуары хъинц фæцыд æмæ Мырзабег æддæмæ рахызт. Афарста ма мæ: — Цы хабар у? Чи йæ бафхæрдта? Æз ме уæхсчытæ фелхъывтон. — Ницы йын зонын. — Кæд йæ лæг, йе йæ фырт йæ зæрдыл æрлæууыдысты... — багуым-гуым кодта Мырзабег. — Кæд æй куысты исчи бафхæрдта? Хæкъуырццæй дзæгъæ- лы хуымæтæджы нæ кæуы, — мæ хъуыдытæ раргом кодтон æз. Мырзабег йæ къух ауыгъта: — О, куыннæ! Чи цы хъуамæ сдзура зæронд усмæ? Мах фæндыд нæ фысымæн истæмæй баххуыс кæнын, фæлæ йæм нæ уæндыдыстæм бадзурын, нæ цымыдисдзинадæй йын йæ зæрдæхудт куы райсæм, уымæй тарстыстæм. Уæддæр фæстагмæ нæ фæнд сиу: цыфæнды куы фæуа, уæддæр æй хъуамæ райсом бафæрсæм. Фæстаг рæстæг-иу цыдæр æнтъыснæгхуызæй æрба- цыд йæ хæдзармæ. 1 Иннæ бон куыстæй куы æрцыдыстæм, уæд Мырзабег нал фæлæууыд: — Дибæ, цæмæйдæр дæ фæрсинаг стæм, æмæ ’фсæрмы кæ- нæм. 20
— Табуафси, мæ къона. — Асæхмæтимæ кæрæдзимæ цы цæстæй кæсут? Дибæ ныхас раздæр хъазынмæ аздахынмæ хъавыд, фæлæ йæ афтæмæйты нæ ныууадздзыстæм, уый куы бамбæрста, уæд æрбадт æмæ нын йæ хабæрттæ ракодта сæрæй бынмæ. III Æхсæзаздзыдæй сидзæрæй баззад Дибæ. Фыд куы амарди, уæд хæстæджытæ ныллæууыдысты æмæ йын йæ мады тыххæй дыккаг мой скæнын кодтой. Адæмы сывæллæттæм-иу хæлæгæй марди чызг, скъоламæ-иу куы фæцæйцыдысты, уæд. Уый та, ахуыр дæ ницæмæн хъæуы, зæгъгæ, нæ уагътой. Йæхи зонынхъом куы фæци, уæдæй ардæм йæ куыстытæ йæ къухæй никуы ахаудтой. — Амонд мæ нæ фæци æппындæр, дæлдæр æрхауа ме сфæл- дисæг, — дзырдта йæ зæрдæйы судзæгтæ Дибæ. — Нæ хæдзар- дарæгимæ цы гыццыл рæстæг ацардтæн, уый мæрдты дæр мемæ уæд. Баззадтæн мæ дыууæ лæппуимæ, стæй мын уыдонæй дæр иуы хуыцау айста. Дарддæр нын кæй радзырдта Дибæ, уый нæм фæкасти фын- фенæгау æмæ нæ раздæр куыддæр уырнгæ дæр нæ кодта: «Афтæ æдзæсгом куыд разындзысты? Зæронд усы хатыр та? Ау, афтæ æвæгæсæг куыд уыдзæн Дибæ?» Асæхмæтимæ зулдзых сты, æмæ куысты мидæг чи не сдзуры кæрæдзимæ. Фæлæ йæм ахæм зæрдæ дардзæн, уый æнхъæл чи уыди! Цæвиттон, раздæр фермæйы хицауæй куыста Асæхмæт æмæ йæхицæн рафыссын кодта хуыгист. Афтæмæй кæд нæ хъавыд, Дибæйæн баргонд чи уыди, уыцы зилгæ хуытæй иу ракæнын. Дибæ не сразы. Уый нæ, фæлæ ма йын уайдзæф дæр бакодта: — Æхсæнадон фосæн хæлæттаггæнæн нæй, уый хорз куы зоныс, уæд дын уыдон цы митæ сты?! Уæдæй фæстæмæ лæг йæ ныхтæ ныссагъта зæронд усы. Йæ цæстыты сындз дзы федта. Колхозы сæрдары хæдивæджы бы- нат куы бацахста, уæд та йæ бынтон уæлæмæ скаст нал уадзы. Фермæйы ног хицауæн хæстæг æййафы æмæ уый дæр сардыдта Дибæйы ныхмæ. Фыддæрагæн митæ кæнын ын райдыдтой иумæ. Уый æдзæсгомдзинад у, кæй зæгъын æй хъæуы. Фæлæ кæд, мыййаг, йæ зæрдæсастæй, алы зулныхас дæр йæхимæ ’мбары ус, цы нæ вæййы, æмæ йæ дызæрдыггæнгæйæ бафарстон: — Гъы, æмæ дын цæмæй фыддæрагæн архайынц? Фысым мын бамбæрста, æвæццæгæн, мæ гуырысхо, фæлæ йæм ницы диссаг фæкаст уый. — Кæм комкоммæ, кæм та фæсаууонмæ архайынц, мæ куыст куыд никæцæй разына, ууыл. 21
Æз та сцæйдзырдтон: ома, цы хуызы, куыд? Фæлæ мæ фем- бæрста, къухы фæтылдæй мæ æрурæдта. — Фарон ныл цы пълантæ сæвæрдтой, уыдон мæнæй раздæр ничи сæххæст кодта. Иннæ азты-иу мæ хæрдмæ систой, æппæлгæ. газетмæ дæр мæ хуыз æрвитгæ. Æмæ æз ууыл нæ дзурын, фæлæ мын афæдзы кæрон та мæ мызд къаддæр ныффыста. Цалдæр хъыбылы мын хыгъдмæ нæ бахаста. Æмæ уый кæмæн уыдзæн æхсызгон? Адæймаджы зæрдæ афтæмæй нæ райы, уæнгмард кæны афтæмæй адæймаг. Уый тыххæй фермæйы хицауæн куы дзырдта йæ хъæстытæ Дибæ, уæд æй тæрсын кæнын байдыдта. Расыг уыди æмæ йыл йæ маст калдта: — Фермæйæ дæ фæсурдзынæн! Дибæйы бон ницыуал баци зæгъын: нæлгоймагмæ йæ цæс- гом уый бæрц куыд суадза? Æниу æнцад куы хæцид йæ дзы- хыл, бæргæ, куы сын барид сæ æдзæсгом митæ. Фæлæ йæ бон нæу. Йæ маст ныхъуырын нæ фæразы. Дибæ йæ цæстытæ уæлæмæ систа æмæ сæ махыл ахаста, цыма, зæрдиагæй йæм хъусæм æви нæ, уый бæрæг кодта, уыйау. Мад йæ сывæллæттæн æнкъард аргъау куы кæна схуыссыны агъоммæ, афтæ йæ фæйнæ фарс бадтыстæм æмæ æнæдзургæйæ хъуыстам йæ ныхæстæм. Мырзабег ын дисхуызæй касти йæ цæс- гоммæ æмæ-иу йæ сæр мæсты æнкъуыст бакодта. Махæй чысыл æддæдæр, къаннæг стъолы уæлхъус бадти йæ фырты чызг æмæ йæ уроктыл архайдта. Дибæйы сынтæджы сæрмæ къулыл иннæ къамты æхсæн æй зынд, хæстæй йын цæф- тæй чи сыздæхт, æмæ ам чи амард, уыцы фырты къам стыр ис- тæй. Сызгъæриндонытылд фæлгæтæй нæм худæнбылæй касти цар- дхуыз фæтæнуæхск лæппу æфсæддон дарæсы, цыма нæ, афтæ ’нкъардæй цæмæн бадæм, уымæй фæрсынмæ хъавыд, уыйау. Уыди йын йæ мады хуызæн зæрдæхæлар æмæ зондджын цæстытæ. «Цыфæнды куы фæуа, уæдддер райсом сбæлвырд кæнын хъæуы æппæт дæр. Кæд Дибæ цы дзуры, уыдон æцæг разыной, уæд аххосджынты митæ хурмæ æнæ ракалгæ нæй, — скарстон æз. — Мырзабегæн дæр зæгъдзынæн æмæ иумæ архайдзыстæм». Æмæ мæ уырныдта, æнæтæригъæд сылгоймагæн кæй баххуыс кæндзыстæм, уый. Мах — студенттæ, интеллигенци, цæуылнæ хъуамæ сдзурæм йæ сæрыл? — Афтæ, мæ хуртæ. Мæ цард тынг бæллиццæгтæй нæу. Ахæм фадæтты кусын, æмæ мын æхсызгон дæр уый тыххæй нæ вæййы, куы’ мæ феппæлынц, уæд. Æппæлынæй дарддæр хъуыддаджы цы ис, уый дæр уынын хъæуы, — кæдæмдæр иу ранмæ кæсгæйæ дзырдта Дибæ. — Мæнæ нæм уæ хæд размæ горæтæй цавæрдæр къамис уыди. Нæ фермæ нын хъæууонхæдзарадон равдыстмæ 22
ныффыссынмæ æрцыдысты. Фермæйы хицау йæ куысты нæ уыди. Мæн куы бафарстой, уæд сын æз загътон, кæм и, уый. Чысыл фæстæдæр ын æрбаластой йæхи дæр, йæ къæхтыл ма тыххæй лæууыди, афтæмæй. Асæхмæт цæхæртæ акалдта. Уыдоны раз мæм ницы суæндыди, фæлæ мыл уый фæстæ йæ хæстæгимæ алывыд фæкалдтой, — йæ цæстытæ доны разылдта Дибæ æмæ йæ бон нал уыди дзурын. Æрмæст ма цасдæр рæстæджы фæстæ сфæрæзта зæгъын: — Уæдæ ма сын нæ лæджы цæст искуыцæй æрттывтаид, кæддæра мæм афтæ уæндиккой?! Мах бамбæрстам, сылгоймаджы куыды сæр цы уыди дысон, уый. Мæ маст фыхт Асæхмæтмæ. Ныр мæм афтæ касти, цыма зæронд усæн куы нæ баххуыс кæнон, уæд мæ цард дæр ницыуал у. Фæлæ ма мæм уыди цыдæр дызæрдыгдзинад: ныронг æй рæст- дзинад ссарын цы хъыгдæрдта, йæ сæрыл куыд ничи рахæцы? — Ау, æмæ уыцы хабæрттæн колхозы разамынды иннæ уæнгтæ ницы зонынц? Æнцад цæмæн бадынц? — бафарста Мыр- забег, раст цыма мæ хъуыдытæ бакаст, афтæ. — Æз мæ хъаст никуы никæмæ бахастон, фæлæ йæ æнæ- зонгæ не сты. Абон-райсом кæнынц правленийы. Парторг та ныр- ма æрæджы райдыдта кусын. Æз дæр мæ къух ауыгътон — кæд сæхæдæг сæхиуыл æрхудиккой. Фæлæ мын ныр хъуыддагæн афтæ ныууадзæн нал ис: кæнæ — æз, кæнæ — Асæхмæт... Дибæ æваст фæлæууыд йæ ныхасæй æмæ нæм фæсмонгæ- нæгау æрбакаст. — Æз уын мæ хабæрттæ, батæригъæд мын кæнат æмæ мæ сæрыл рахæцат, уый тыххæй нæ ракодтон. Мæхæдæг дæр ма уый хъом суыдзынæн... Раст æмæ зылын равзарын хъæуы, — скарстон мæхинымæ- ры æз. Мæнæн æхсызгон уыди, Мырзабег дæр нæ фысымы ха- бæрттæ йæ зæрдæмæ афтæ арф кæй айста, уый. Ахæм ныхæс- тыл æууæндагæй йæ нæ зыдтон, цард æм мыды къусы хуызæн каст, лæгъз, æнæкъуызыр фæндагау. IV Фæлæ куыд æнхъæл уыдыстæм, афтæ тагъд нæ къухы ницы бафтыд, кæд комкоммæ нæ ныхмæ ничи ницы загъта, уæддæр. Раст зæгъгæйæ, æз хъуыддаг иу гуыппæй бакæнынмæ дæр нæ хъавыдтæн. Фæлæ Мырзабегмæ гæсгæ афтæ уади, цыма ныр- тæккæ бæстæ афæлдахдзыстæм, æрмæст не сдзурын — нæ зын. Æмæ уыцы хъайтархуызæй цыди мæ фарсмæ. Знæт, мæстыгæр адæймаг хуыдтой сæрдары æмæ йæм Мырзабег йæхи тынг хъæ- бæр дзурынмæ сцæттæ кодта. 23
— Ауыстæн, алы фыд ын акалдзынæн. Æвæццæгæн, ам са- хуыр богъдаби, — мæстыйæ дзырдта Мырзабег. Æз ын зæрдæтæ авæрдтон: — Махимæ загъд нæ кæндзæн. Ницы уаринаг ын ис немæ. Фæяæ йын сабырæй радзурдзыстæм нæ цыды сæр. Стæй йæхи куыд дара, уымæ дæр бакæсдзыстæм. Сæрдар бадти йæ кабинеты, йе стъолы уæлхъус къæлæт- джын бандоныл æмæ цыдæр гæхæттытæм каст. Мах куы федта, уæд йæ куыст ныууагъта, бандоныл йæхи фæстæрдæм ауагъта æмæ нын хъæлдзæгæй салам радта: — А, студенттæ! Æгас цæуат. Цы хуыцау уæ æрбахаста? Сба- дут, ^сымахæй хуыздæр уазджытæ ма нæм кæд æрбацæудзæн... Йемæ нын æнцон дзурæн кæй уы^дзæн, уый бамбæрстон, хорз цæстæй нæм куы ракаст, уæд. Йæ комкоммæ бандоныл мæхи æруагътон. Мырзабег æм уыцы æнæууæнкхуызæй каст, цыма йын йæ цæстæнгасæй афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Дæ фæл- мæн ныхæстæй нæ нæ афæливдзынæ, уый бæсты ма нын мæнæ нæ хъуыддаг равзар». Не сбадти æмæ æнхъæлмæ каст ныхас райдайынмæ. Æз хабар ракодтон сæрдарæн, куыд гæнæн уыди, ахæм са- быр æмæ хионы хъæлæсы уагæй. Уый нæм дисгæнæгау йæ кæ- сæнцæстыты сæрты фæйнæ касты ’рбакодта. — Кæй Дибæйæ зæгъут? — Стæй, æвæццæгæн, фембæрста, ныхас кæуыл цыди, уый, æмæ йе ’рфгуытæ фæтар сты: — Загъд- гæнаг у. Рахъуын вæййы уайтагъд, исты йæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуы, уæд. Æмæ афтæмæй кусæн ис? Зындзырд адæймаг у. Кусгæ хорз кæны. Мырзабег цыдæр схуыст ныхас сæппарынмæ хъавы, уый бамбæрстон æмæ мæхæдæг фæразæй дæн. — Кæд, мыййаг, куысты пайдайæн фæдзуры; хицау дæр, дам, хивæнд æмæ знæт у. — Адæмимæ зын дзурæн у æмæ хатгай æнæ схуыст ныхасæй дæр нæ вæййы, — загъта сæрдар. Стæй, цыма мах нæхи дзæгъæ- лы кæй удхарæй марæм, уый йæм хардзау каст, уыйау бафтыдта йæ ныхасыл: — Равзардзыстæм хъуыддæгтæ, сымах æрбацыды сæр дæр дзы нæ хъуыди. Уынгмæ куы рацыдыстæм, уæд Мырзабег загъта: — Адæм куыд диссаг сты, æвæдза. Цыма бирæгъ у, ахæм ныхæстæ нын дзы куы кодтой. Дибæ дæр, æвæццæгæн, смæс- тыгæр æмæ сæм æгæр ныхмæ дзуры. ’ Нæ къухы кæй ницы бæлвырд дзуапп райсын бафтыд æмæ ма нæ бон цæхгæр зæгъын дæр кæй ницы сси, уымæ гæсгæ мæ чемы нæ уыдтæн. Мырзабег дæр æвиппайды куы фæфæлдæхт, уæд дисы куыннæ бацыдаин. 24
— Куыд тагъд æй аууæрстай ды дæр дæ къæхты бын? — нал æм баурæдтон мæхи. — Иарæбын æллæх, мæнæ дæхæдæг федтай, алы ныхæстыл æууæндæн нæй. — Æппæтыл æууæндын нæ хъæуы, фæлæ фылдæр адæм кæй зæгъой, уый дæр хъуыдыйаг у. — Фылдæр адæм... Мах та иунæг Дибæйы ныхасæй бацырен стæм! Афтæ цæуы, цыма уый йеддæмæ иууылдæр фыдгæнджытæ сты. Æз æм кæсгæйæ баззадтæн. Исдуг мæ бон сдзурын дæр ницы уыди. Стæй йын сабыргай загътон: — Тагъд дон фурды не ’ййафы, бæлвырддæр равзарын хъæуы хъуыддаг. Нæ уынаффæ дæр афтæ куы уыди: фермæмæ ссæу- æм, адæмимæ аныхас кæнæм. Стæй парторджы дæр фендзыс- тæм. — Уый йеддæмæ алы ныхасæй дæр нæ зонд куы ивæм, уæд ма ныл хъуыдыгæнæнтæ та цæмæн ис? — мæстыгæнгæйæ ма бафтыдтон мæ ныхасыл æз. — О, прокурортæ саразæм нæхицæй... Дибæйæн йæхи æвас- тæй ницы бакæндзыстæм. Стæй нын исчи афтæ куы зæгъа, сы- мах та дзы кæцытæ стут, горæтæй уæ уый тыххæй æрæрвыс- той? Уæд та? Æз бамбæрстон мæ хæлары зæрдæйыуаг æмæ йæм фæцæх- гæрмæ дæн: — Куыд дæ фæнды, афтæ, фæлæ æз мæ хъама кæрддзæмы нæма æвæрын. Сластай йæ, уæд æй хъуамæ... — Гъа... Ныр цытæ дзурыс? — бахудти Мырзабег. — Ныр- тæккæ ма исчи йæхи æфхæрынмæ ратдзæн. Раздæр афтæ æнхъæл уыдтæн, йæ зивæджы фыдæй фæо- цани Мырзабег, фæлæ йæ ныр бамбæрстон, ацы хъуыддагмæ ахæм зæрдæ цæмæн адардта, уый: цардмæ нырма сонтцæстæй касти, раст æмæ зылыны тох цæуыл ахицæн уыдзæн, ууыл дæр рагацау æнæгуырысхо уыд. Цард æм мыдыкъусау йæ мид- былты худт, æмæ дзы къæм бахауын кæй зоны, уый та йæм аргъауы æрæмысгæ фынау каст. Фæлæ йын йæ зондахаст ивы- ныл куыд схæцыдаин! Мырзабег нæ фысымуатмæ рацыд, æз фермæмæ ссыдтæн. Нæ къухы кæй ницы бафтыд хъуыддагæн бæлвырд исты базо- нын, уый мæм куыддæр æгадгомау касти. Æфсадæй куы рыз- дæхтæн, уæд цалынмæ институтмæ цыдтæн, уæдмæ афæдзы бæрц газеты бакуыстон, æмæ уæд фæцалх дæн уыцы барджынæй ис- кæй æнæджелбетт рафæрс-бафæрсыл. Зоотехник мын тынг мæстыгæнгæ радзырдта Асæхмæты æмæ фермæйы хицауы æнæсæрфат миты тыххæй, фæлæ уый дæр комкоммæ не ’рлæууыд Дибæйы фарс: 25
— Нæ сæ зоныс? Дибæйыл хивæнды гакк сæвæрдтой, æмæ йæ сæ къæхты бын ссæндынц. Бафарстон фермæйы кусджытæй дæр иу-цалдæры: уыдон дæр уæлдай ницы загътой. Фæсмойнаджы хæццæ хъуыдытимæ здæхтæн фæстæмæ нæ фысымы хæдзармæ. Мырзабег куыд худ- дзæн, уый мæ цæстытыл ауад æмæ мæхимæ смæсты дæн, мæ бон нæй ницы у, уый тыххæй. Дибæ разынд сæхимæ. Зилæнтæ кодта хæдзары, æмæ, мæн куы ауыдта, уæд мæ размæ рауад? — Æмæ ды нæма ацыдтæ? Æз та афтæ æнхъæл уыдтæн, æмæ дæ нал фендзынæн. Ласгæ уæ куы кæнынц горæтмæ. Мыр- забег дæр ацыд. Нæ куысты æмгъуыд кæй фæци, уый мын иуæй æхсызгон уыди. Мæ цæстытыл ауадысты институты райдзаст уæттæ æмæ даргъ къæлидортæ. Фæлæ нæ фысымы хабар нæма базыдтон, æмæ ма мæ фæндыди иу-цалдæр боны ам баззайын. Дарддæр цы кæнон, уый нал зыдтон æмæ æнцад лæууыдтæн нæ фысымы раз. — Мæн ма иу хъуыддаг ис æмæ уал афæстиат уыдзынæн, — загътон æрæджиау. Боны хабæрттæ мæ иууылдæр ферох сты. Бынтондæр фæ- фыдæнхъæл дæн Мырзабегæй. Адæймагимæ дыууæ азы фæцæр æмæ йын йæ зæрдæйы хатт ма базон! Дыккаг бон бацыдтæн парторгмæ. Сæрдарæй бирæ хистæр нæ уыдаид, фæлæ йæ сæр фæхаласхуыз, æмæ асдæр зынди. Чи дæн æмæ цæмæ æрбацыдтæн, уый куы базыдта, уæд мæм æдзы- нæг æрбакаст. — Æмæ ды цæмæй зоныс уыцы хъуыддæгтæ? Æз ын радзырдтон хабæрттæ: хæкъуырццæй кæуын куыд фехъуыстам, тæригъæдæй куыд марди ус, кæд æм уыдон тынг- дæр бахъариккой. Фæлæ лæг æнцад бадти, йæ мидбылтыл ху- дæджы змæлд хъазыди, афтæмæй. «Гыццыл сывæллоныл мæ нымайы, æвæццæгæн, æндæр цæуыл худы? — рамæсты йæм дæн æмæ йæ цæхгæр афарстон: — Дибæ хорз кусæг у, æви æвзæр кусæг? — Цал азы дыл цæуы, æфсымæр? — дзуаппы бæсты та зына- нæзына йæ мидбылты бахудти, афтæмæй мæ бафарста парторг. Æз куыддæр фæдæн... — Фондз æмæ ссæдз. Лæг мæм комкоммæ æрбакаст æмæ йæ цæстæнгас фенкъард- хуыз. Стæй йæ сæр бауыгъта æмæ æндæр хъæлæсы уагæй загъта: — Хорз, равзардзыстæм хъуыддаг, æмбал студент. Æз зæгъынмæ хъавыдтæн, уыцы хъæлæба ныр иу æмæ дыууæ боны кæй нæ хæссы, тагъддæр æм каст куы нæ æрцæуа, уæд 26
зæронд ус тæригъæд кæй у. Фæлæ фефсæрмы дæн — мæхи йæ разы зондамонæгæй куы равдисон! Æмæ ницыуал сдзырдтон. Дарддæр ма цы гæнæн уыди, уый мæхæдæг дæр бæлвырд нæ зыдтон. Ме ’нтъыснæг хъуыдытæй кæддæрау мæ ныфс сæт- тын кæй байдыдта, уый бамбæрстон. Парторджы зæрдæвæрæн ныхæстæ мæм нæ бахъардтой; цыма æз цæмæй тагъддæр ацæуон æмæ мæнæй фервæза, ууыл архайдта, афтæ мæм фæкасти. Йæ- хицæн сæрниз нæ кæны. Кæнæ та семæ баст у... Изæрæй Дибæ куы æрбацыд, уæд æй иу афон афтæ сабыр бафарстон: — Уæ парторг та куыд лæг у? — Бирæ нæм нæма кусы. Цы дын дзы зæгъон, нæ зонын... — Асæхмæтимæ та куыд у? «Сæ бидаркæты сын сæхи бар ауадз, уæд уыцы-иу хæдзæрт- ты дуармæ ныллæууиккой», — афтæ дзырдтой фермæйы Асæх- мæт æмæ сæрдары тыххæй. Æмæ мæхинымæр гуырысхо кодтон парторгыл дæр. — Нæ, цыма дзы иувæрсты здæхынц, афтæ мæм кæсы. Ноз- ты фæдыл нæ цæуы. Тæригъæд нæ зæгъдзынæн. Фæлæ куысты мидæг... Нæ зонын... «Цы чындæуа?» — ме ’нæбондзинад мын рæхойæгау баца- гайдта мæ зæрдæ. Гъестæй, кæцæй февзæрд, нæ зонын, мæ сæры абадт (доны ныгъуылæгæн — хъæмпы хал): «Уæд та Дибæйæн тæрхондонмæ куырдиат ныффыссон, куыд æмæ йæ чи æфхæ- ры, уыдоны хурмæ ракалон?». Æмæ, æцæгдæр, ахæм гæххæтт ныффыстон. Дибæ дæр уый ныхмæ ницыуал загъта, фæлæ дзы стыр ныфс дæр нæ бауагъта: — Чысыл æфхæрæн миты тыххæй сын ницы кæндзысты. Уыдон, йа-мардзæ, зæгъгæ, тæрхоны аккаг сты. Хæрам дæр мæм, уæдæ, тынгдæр уый тыххæй сты: æнæджелбетт митæ кæнынæн сын æз цæлхдур дæн». Фæлæ мын уæддæр мæ гæххæтт бафснайдта. Æз ын йæ къо- пи мæхимæ ныууагътон газетæн. Дыккаг бон райсомæй нæхимæ рацыдтæн, ахæм фæндон мæм уыд: дыууæ къуырийы фæстæ æрыздæхдзынæн хъæумæ партор- джы фенынмæ. Кæд Дибæйæн уæдмæ ницы феххуыс уа, уæд фыссын хъæуы стыр уацхъуыд газетмæ. * * * Дыууæ къуырийы фæстæ мын хъæумæ ныццæуын нæ бан- тыст. Ныфтыдтæн чысыл фæстæдæр. Æцæг мæ уацхъуыд фыс- сын нал бахъуыд. Мæ ныццыдмæ хъуыддæгтæ конд уыдысты: парторджы хъæппæрисæй Асæхмæт æмæ фермæйы хицау сæ 27
бынæттæй ист æрцыдысты. Сæ хъуыддаг та сын раттой тæрхон- донмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй мæ курдиат дæр хъуыддаджы бахауд. «Лæг у, æвæдза, уыцы парторг, — хъуыды кодтон æз. — Æцæг æвзыгъд адæймаг. Сæ бон сын базонын кодта. Мæхицæй дæр уыдтæн бузныг. Уыцы бæлвырд хабæрттæ куы базыдтон, уæд рацыдтæн хъæ- уæй. Мæ зæрдæ æхсызгон хæлбурцъытæ кодта. Уæлдай тынг- дæр та мæ фæндыд хабар Мырзабегæн фехъусын кæнын, йæ цæстмæ йын йе ’нæууæнк гуырысхотæ бадарын. Стæй йемæ ба- ныхас кæнын — гæнæн нын куы фæуа, уæд дыууæйæ иумæ Ди- бæйы абæрæг кæнын, кæддæра куыдтæ цæры ныр та Дибæ.
Уыцы æнæзонгæ лæг Радзырд Кæм ын бацамыдтой, уыцы ран схызти метройæ Ахте. «Ныр дæр та искæй фæрсын бахъæудзæн!..» — рагацау тыхсти йæхи- нымæр æмæ хуры комкоммæ араст. Уынджы хæстæгдæр троту- армæ байста йæхи. Кæдæм-иу бафтыд, уым йæ цæст æнæрывæргæ нæ фæуыда- ид бæстыхæйтты парахат нывæстыл, ныры онг кæмыты уыди, уыцы рæттимæ сæ барста, кæд цыфæнды тагъд кодта, уæддæр. Æмæ йæ алы ран дæр дисы æфтыдта горæты егъау фæлгонц, адæймаджы зæххон хъаруйыл чи дзырдта, уыцы байтаманы æгæ- рондзинад. Кæд ын æвдæлон рæстæг нæма фæци (ирхæфсæн балцмæ не ’рцыди, мыййаг, — ахæм фадæттæ йæм нæма хауы), уæддæр цъусдуджы бæрц йæхицæн уыцы æнцойдзинад лæвæрд- та. Ау, уый та куыд, æхсæнмæ-æхсæнты йе ’муд дæр ма ’рцæуа, æрулæфыны бар дæр ма радта йæхицæн? Æмæ кæмдæр йæ риуы арфы бузныг уыди йæхицæй, ацы тæхгæ-уайгæ змæлд æй йæ быны кæй нæ фæкодта æмæ дзы йæхи уды æмбæхст монцтæ рох кæй не сты. Ныртæккæ кæдæм цæуы, уый рынчындон у. Уым хуыссы йæ дард хæстæг, баххуысæй йын зæрдæ кæмæй бавæрдтой, ахæм ирон. Цыма фыдæнæн æррынчын уый дæр йе’рцæуыны тæккæ агъоммæ! Фæлæ цы гæнæн и! Уырдыгæй, цымæ, йæ бон исты бауыдзæн? Уæдæ кæй æвджид бакæна йæхи? Йæхи уды хъа- руйæ кæй нæ ахæцдзæн ацы стыр горæты, уый йæ фидарæй уырны, æмæ рагацау ныфсæнцæйттæ кæны йæхицæн. Дыккаг къуыри цæуы йе ’рцыдыл Ахтейæн, æмæ иу бон дæр æнцад нæма æрбадт. Разгъор-базгъор, ратæх-батæх. Æмæ ма фæндæгтæ дæр дзæбæх куы зонид! «Куы нæ та ныссуйтæ уаин» — мæтгæнгæ тротуары астæу æрлæууыд æмæ цæуджытыл йæ цæст ахаста. Фæлæ йæ зæрдæ никæмæ барад, баздæхын никæмæ бакуымдта. Искæй бафæр- сын æм зын касти. Уымæй йæм зындæр ницы каст. Цыма йын исчи йæ пъагæттæ систаид! Æмæ йæ, ома, йæ сæрмæ нæ хаста? Нæ. Фыццаг бонты алы къахдзæф дæр хъуызгæ-баргæ кодта: æгæр арæх дæр ма-иу баз- 29
дæхт фæндаггæттæм. Фæлæ уыдон афтæ тагъд кодтой, стыр уынджы агайгæ змæлд сæ йæ уæлныхты афтæ уæнгрогæй хаста, æмæ биноныг дзуапп райсын йæ къухы никуы бафтыд. Кæй афæр- сай, уый дæм ма ’рлæууа æмæ дын бæстон ма бацамона дæ фæн- даг? На уый нæй — дæ тыхстытæй дæ ма афæрстытæ кæна, мæнæ нæхи хæхбæсты куыд кæнынц, афтæ! Æхстдзуапп дын авæрдтаид æнæбары æфсонæй — æмæ уæртæ фæтæхы. Фыццаг хатт нæй ацы горæты Ахте. Фарон дæр дзы дзæвгар фæци, фæлæ уæддæр нæ фæцалх уыцы тæхгæ-уайгæ змæлдыл æмæ æдзухдæр тыхсти йæ æнæбондзинадæй: цыдæр мисхалхуыз, æппындæр чи никæй хъæуы, ахæм æцæгæлон æнхъæлдта йæхи. Куыддæр æм хардзау касти, йæ рæзты дыууæрдæм хъуыддаг- хуызæй чи сыффыттытæ кæны, уыдон æй æрдумæ дæр кæй нæ дарынц, уый. Хатгай афтæ стыхсы йæ æнæбондзинадæй, æмæ йæ ныхъхъæр кæнынмæ дæр бирæ нал фæхъæуы. «Фæлæуут-ма иу цъусдуг, хорз адæм! Кæдæм тындзут уагæры?! Фæлæ уытæппæт адæмæй ничи зыдта Ахтейы мидзæрдæйы арф хъынцъым. Уымæ сæ никæй æвдæлди. Æмæ Ахтейæн фе- уæгъд йæ хиуарзондзинады арф æмбæхст къуыбылой, кæд æй бынтон райхалын йæ бон нæ уыди, уæддæр æмбæрста, уыцы æмызмæлд денджызæн Ахтейы тыххæй бауромæн нæй, фыдæ- нæн ын сæ ничи кæны, æмæ йæхимæ хъулон цæстæнгас хæрз дзæгъæлы домы. Уыдæттæ æмбæрста, фæлæ зæрдæйæ нæ разы кодта семæ уæддæр. Ахтейæн йæхимæ дæр цыдæр хай хауы уыцы егъау æмыз- мæлды иумæйаг фæткæй, æмæ йын кæд йæ арф æвæрд сусæг- дзинадмæ нæма бахæццæ, уæддæр æмбары, уымæн дæр дзы бы- нат конд кæй у, уый. Фæлæ йын ныронг ницыма бантыст уым фæныхсынæн. Ацы егъау дуруæладзгуыты æхсæн цыдæр æлхъывд, уæнгбаст кæсы йæхимæ. Денджыз Амыраныл куыд фæтигъ æмæ йæ йæхимæ куыннæуал иста, афтæ ацы дынджыр горæт дæр нæма фергом Ахтемæ. Æмæ уый дæр йæхи хъары, йæ удæй бацыд, схæтæнхуаг, кæд ын исты бантысид. Йæ хæрзгæнæгмæ цæуы ныртæккæ Ахте, баххуысæй йын зæрдæтæ кæмæй æвæрынц, уымæ. Ахуыры фæдыл æрæфтыд ацы стыр горæтмæ æмæ йæ фæлварæнтæ раттыны сæр йеддæмæ бæргæ ницы хъæуы. Фæлæ дæхи уды æвджид баззай, уыцы ныфс æм нæй. Цы нæ вæййы, куы фæкъуыхцы уа... Ацы егъау горæтæн йæ домæнтæ дæр егъау уыдзысты, æмæ сыл, мыййаг, куы фæкæла? Ам фæныхсыны амонд æм æрхау- дзæн, уый йæ дзæбæх нæ уырны. Иухатт ыл цыдæр æнахъино- нæй фæбырыди, фарон, æмае йæ дыккаг хатт дæр уыцы азар басудза, уый йæ нæ фæнды. Йæхи куы бафæдзæхса, уæд æвзæр нæу. 30
Тæккæ къуырцдзæвæны йæ хæрзгæнæг рынчындонмæ куыд бахауд! Цы йыл æрбамбæлдаид? Кæд баххуыс йæ бон ницы у, æмæ уый адæргæй срынчын кодта йæхи? Ахте куы фæкъуыхцы уа, уæд уый аххос ма уа. Фæлæ, æвæдза, дзæбæх бынаты кусы: йæ бон мацы уа, уый нæ уырны Ахтейы. Нæ йæ фæнды ууыл баууæндын. Уæд ын комкоммæ цæуылнæ загъта, мæнмæ мацæмæ æнхъæлмæ кæс, зæгъгæ. Æви цæсты бафтынæй тæрсы? Æнхъæл ын цас сты, уымæй æгуыдзæгдæрæй разынын йæ сæрмæ нæ хæссы? Уый размæ йæ иу уынд фæкодта Ахте. Уыди сæм фатеры уыцы стыр уæладзгуыты. Уæздан саламæй дарддæр ницы бæл- вырд дзуапп радта. Ирыстоны хабæрттæй йæ афарста (йæ рай- гуырæн бæстæйæ чи рафтыд, уыдон фыды уæзæгыл стырзæрдæ кæй не сты, уый равдисыныл сæхи куыд бахъарынц!), ныййар- джыты, хæстæджыты, зонгæты дæр æрæмысыд. Хорз æй фед- той æмæ йæ рафæндараст кодтой. Фидар ныфсимæ дзы нæ ра- цыд. Ныр ын мæнæ æррынчын. Ахте йæм йæхинымæр смæсты кодта. Фæлæ цы гæнæн ис? Бабæрæг кæнын æй хъæуы, кæ- ронмæ йæ бон базона. Уырдыгæй дæр ыя йæ арм бæргæ бада- рид, куы йæ фæнда, уæд? Бинонтæ йæм сæхæдæг дæр иу хатт йеддæмæ нæма уыдыс- ты æмæ йын, рынчындон кæм ис, уый бæлвырд нæ бацамыдтой, æнæуи куыд дзырдтой, афтæмæй æнцон ссарæн уыди: метройы фæстаг æрлæууæны дам, схиз æмæ, дам, дард нæу. Уым, дам, иу ахæм рынчындон йеддæмæ нæй. Æмæ райдианты бафæрсын- вæнд дæр никæй кодта. Фæлæ метройæ куы рахызт æмæ горæ- ты цæугæ-уыраугæ гуылфмæ куы бахауд, уæд та йæ чемы нал уыд. Зыдта йæ амæй размæйы фыдæбонæй — дæ тæккæ фын- дзы бын кæмæн æнхъæл уыдаис, уыцы бынат дæр-иу хатгай цас агурын бахъуыди! Æмæ рынчынæн æлхæнгæ дæр ницыма бакод- та. Уæзы хосæн? Алы къахдзæфæн дæр — дуканитæ, фæстæмæ здæхын æй нæ хъæудзæн, мыййаг. Йæ хиуарзондзинадимæ быцæуы тæккæ тæмæны куы ба- цыд, раст уыцы заман ын цыма йæ хæрзæмбæлæджы исчи йæ размæ фæкодта! Сырхуадул, гуыбырфындз, бæзæрхыг лæг уæзæвгæнæджы цъæх уæлæфтауы, узгæ, сабыр къахдзæфтæ- гæнгæ æрбацæйлæгæрста уынджы. Тагъд никæдæм кодта. Йæ куыстытæ фæци, æвæццæгæн, уый зын базонæн нæ уыди. Æвдæлонхуыз худæнбыл цæсгомыл бæрæг дардта лæджы хæларзæрдæйы уаг. Куыддæр ыл йæ цæст æрхæцыд, афтæ фæныфсджын Ахте: «Уæртæ уый бафæрсæн ис æнæ уæлдай гуызавæйæ», — скарста йæхинымæры лæппу æмæ йæм комкоммæ йæ ных сарæзта. 31
Ахтейы йæ зæрдæ нæ фæсайдта. Лæг тагъд никæдæм кодта. Йæ уды æххуыс кæйдæр кæй хъæуы, уымæй цыма бузныг фæци, уыйау лæмбынæг байхъуыста лæппумæ, стæй йæхимидæг ба- тыхст: цы рынчындонæй йæ фарста лæппу, уый æрхъуыды кæ- нынæн ницы фæрæзта. Иу-цалдæр ранмæ йæ зæрдæ фехсайдта, фæлæ дзы иуыл дæр бæлвырд бæрæгæй не ’рлæууыди. Йæ бон баххуыс кæнын кæй нæу, уымæй къæмдзæстыг кодта. Фæлæ йæ æнхъæлц тæрхæттæ фегæр сты. Ахте йын бузныджы уæздан ныхас загъта æмæ уынджы иннæ фарсмæ ахызт. Уым йæ цæст æрхæцыд телефон-автоматыл. Баззад ма йын уырдыгæй рынчы- ны бинонтæм адзурыны мадзал. Кæд ницы бæлвырд бæрæг ба- зона, уæд йæ рæстæг дзæгъæлы мауал сафа. Фæлæ цы зыдта, уымæй дарддæр ын телефонæй дæр ногæй ницы загътой, æмæ хæтæл æрæвæрдта. Уынгмæ разылд æмæ куыд ракъахдзæф кодта, афтæ — мæнæ йæ тæккæ раз уыцы лæг. Æвæццæгæн дзы исты ферох æмæ йæ фæдыл æрбацыд. Æндæр ам куыд фегуырд, æрдæбон дæр ма йæ фаллаг фарс куы ныууагъта? Ахтейæн ма хъыггомау дæр уыди йæ фенд. Лæг лæу- уыди йæ цуры æрдæбоны зæрдæхæлар, фæлæ æнæбары зивæг- гæнгæ мидбылхудтимæ, æмæ йæм байхъуыста Ахте. — Куыд мæ æрбайрох, — къæмдзæстыджы фæд дæр нæ рав- дыста йæ цæсгомыл горæтаг, афтæмæй хæрзгæнæгау ахæццæ кодта æрдæбон ын чи нæуал бантыст, уыцы ныхас. — Уыцы рынчындон уæлæ чысыл уæлдæр ис. Нырма мæ зæрдыл ныр æрбалæууыд. Рынчындоны коймæ Ахтейæ йæ маст æрбайрох æмæ йæм бæлвырддæр байхъуыста. Фæлæ лæг йæхæдæг йæ фарсмæ араст æмæ йын къухæй ацамыдта: — Цом, æз дæ бахæццæ кæндзынæн. Ницыуал загъта Ахте. Æцæг, куыддæр æфсæрмыйæ сразы; хардзау æм фæкаст, æцæгæлон адæймаг ыл афтæ кæй тыхсы, уый. Цыдæр æнæууæнк гуырысхо хъуыдытæ дæр æм фæзынд: цы нæ вæййы? Чи йын цы зоны, цы мигæнæг у? Нырыонг ыл афтæ æнувыдæй ничима баузæлыд ацы стыр горæты. Фæлæ йæ кæд афтæ фæнды, уæд æй куыд баурома? Æгайтма йæ зæрды балæггад кæнын ис. Ахæм ран Ахте дæр йæхи иуварс аласид? Æмæ йын, иуæй, æхсызгон дæр уыди, ацы дынджыр горæты уæд та ма иу æвдæлон адæймаг кæй разынд, иуцъус æм йæ хъус чи æрдара. Лæг йæ фарсмæ цыди æнæуæлдай тæрхæттæй, æмæ Ахте йе уазæг баци. Йæ гуырысхо хъуыдытæ дæр дзы æрбайрох сты, ницæмæуал сæ æрдардта. Æрмæст йæ зæрдыл æрбалæууыд, рынчынмæ афтид къухæй цæуæн нæй, уый, æмæ йе ’мбалы бау- рæдта. 32
— А-а-а, æмæ цы кæны. Уый хорз у. Уæртæ базары хуыз- дæр балхæнæн ис алцæмæн дæр. Де ’мбæстаг кавказæгтæ дзы уæй кæнынц халсартæ, дыргътæ. Рынчыны ма хуыздæр цы хъæуы? Базармæ æгæр дæрддзæф ауайын бахъуыд. Уый зонгæйæ дуканийы исты алхæдтаид. Фæлæ йæ хуыздæрæн акодта лæг, æмæ сразы Ахте: йæ зæрдæхудты чи цæуы? Афтæ куы загъа, æнæууæнк ыл кæнын, йæ дзырдæн ын аргъ нæ кæны. Хибар ран, фæсфæдгомау æрбынатон базар. Йæ бацæуæнты дæр æмæ йæ мидæг дæр, хъахъхъæнджытау, радæй слæууыдыс- ты алыхуызон уæйгæнæн будкæтæ, хъуыддагхуыз æмæ лæггад- æргом урсхалатджын сылгоймæгтимæ. Лæг сæ иумæ бауади, йемæ цыдæр хицон, зонгæйы ныхæстæ акодта, стæй дзы гæххæттæй арæзт дзæкъулгонд ракуырдта æлхæнинæгтæ æвæрынæн. Æвæццæгæн, ардæм æрбауайаг уыди, уый йеддæмæ йæ иууылдæр зонгæ та цæмæй кодтой? Семæ куыд æнæгуызавæйæ дардта йæхи! Суанг ма сæ кæмæдæр номæй дæр сдзырдта. Базары дæргъæй-дæгъмæ тæрхæджытыл цынæ халсар, цынæ дыргъ æрцахстаид цæст! Ахте сæ иуæй-иуты уымæй размæ уынгæ дæр никуы фæкодта. Сæ уæлхъус чи лæууыд, уыцы уæйгæн- джыты фылдæр хай æцæгæй дæр уыдысты Ахтейы æмбæстæгтæ — саухил, саулагъз адæм, лæг куыд загъта, афтæ — кавказæгтæ. «Цымæ сæ айуонг цы гуыбынниз æрхаста? — мæстæй сæм марди йæхинымæр Ахте. Чидæртæ йæм дзы зæрдæууæнк хæлар цæстытæй æрбакас- тысты. Фæлæ сæм Ахте ницы ком радта. Æмæ уæд сæ куысты кой кодтой дарддæр. Цыма ацы стыр горæт сæхицæн Ахтейы хуызæн æцæгæлоныл нæ нымадтой, афтæ уæндон æмæ арæхсгæ æвнæлдтытæ кодтой, æлхæнджытимæ-иу æнæгуызавæ тæрхæт- тыл схæцыдысты. Æвæджиау фæндагæмбал ын фæци. Йæ хæссинæгтæ дæр ын йæхимæ айста — цъусдуг та йыл фенæууæнк Ахте: йæхи куы фæтылиф кæна, искуы мыййаг... стæй йæхиул æрхудт — уыцы дзæкъулмæ чи æрхауа, уый йæ мæрдты хъис бахæрæд. Фæндагыл-иу лæг цæугæ-цæуын искæмæ уæгъд ныхас бап- пæрста. Ахте æнхъæлмæ каст исты æфхæрæн карз дзуапмæ, фæлæ-иу лæгмæ ничи смæсты. Фæсивæдæй-иу æм чидæртæ сæ цæст дæр ма æрныкъуылдтой, кæмæйдæрты дзы тамако райста. Афтæ барон разындзысты, ныронг æм тызмæгхуыз æмæ æцæ- гæлон чи касти, уыцы адæм, уый æнхъæл нæ уыди Ахте. Æмæ сæ кæмдæр йæ риуы арфы фæбузныг. Æрæджиау æрбахæццæ сты, лæг кæдæм амыдта, уыцы рын- чындонмæ. Хуымæтæджы дыууæуæладзыгон хæдзар, йæ бацæ- 3 Дзуццаты Эльбрус 33
уæны, лæууыди тагъдæххуысы машинæ, йæ шофыр — йæ фарсмæ. Лæг та йæ риуыгуыдыр комкоммæ бахаста уымæ дæр, цæмæйдæр æй афарста æмæ дзы дзуапп куы райста, уæд йæ къухы фæтылдæй фæдзырдта Ахтемæ. Стæй йæхи фæразæй код- та æмæ бауад регистратурæмæ. Уым дæр та урсхалатджын нарст сылгоймаджы тызмæг цæсгом бахудæнбыл йæ ныхасмæ, дзуапп райсын дæр дзы нæ ферох. Куыд рабæрæг, афтæмæй рынчын уым нæ уыд. Кæй фæкъуыхцы æмæ Ахтейы кæй фæфыдæнхъæл кодта, уымæй къæмдзæстыгæй раздæхт лæг фæстæмæ. Фæлæ ма цыдæр ма- дзалмæ фехсайдта йæ зæрдæ æмæ регистратормæ фездæхт: — Уæдæ ма ахæм рынчындон ам хæстæгдæр кæм и? Сылгоймаг цалдæр ранмæ амыдта, фæлæ Ахте кæй агуры, ахæм рынчынтæй уым исчи уа, уый æнхъæл нæ уыди. Фæс- тагмæ сын бафæдзæхста цавæрдæр рынчындонмæ ацæуын, дæрд- дзæфгомау чи уыд, ахæм. Лæг йæ къæмдзæстыггъуыз цæсгом фæирд кодта, æрмæстдæр ма йæ каст цыма уыцы дзуапмæ уыди, уыйау. Уынгмæ куы рахызтысты, уæд Ахте лæгæн йæ фæндагыл ацæуын æнхъæл уыд. Æмæ афтæ хуыздæр уыдаид: æгæр æнæ- джелбетт фæныхил-фæныхил кодта цæуджытæм, кæд сæ хъыг- даргæ никæй ницы кодта, уæддæр. Йæ уды парахатдзинадæй кодта, уый æмбæрста, фæлæ дын уыдон уый æмбарынц — уыцы æнæвдæлон æмæ хъуыддагхуыз адæм? Æмæ йæм дзы исчи исты куы сдзура, уæд худинаг у. Ахтейы дæр ныхасы бацæуын куы бахъæуа. Уазæг фысымты хъаугъайы куы ныхса, уæд та цас рæсугъд у? Фæлæ лæг æнæ уæлдай ныхасæй йемæ рацыди æмæ дард- дæр иумæ уынджы араст сты. Ахте та йæ ныхмæ ницыуал сфæ- рæзта: кæд æй афтæ фæнды æмæ йын рæстæг ис, уæд табуафси. Цы йæ хъыгдары, йæ хæссинæгтæ дæр ма йын йæ дæларм ба- кодта. Йæ сыгъдæгзæрдæйæ кæй архайы, ууыл дæр æрæууæн- дыд Ахте. Фæлæ йæм, цымæ, цæмæн бабæллыдаид? Кæд æм истæмæ æнхъæлмæ кæсы йæ лæггадæн? Уæд ын уыцы бæгæ- ныйы къус дæр нæ бавгъау кæндзæн. Фæлæ йæ сæрмæ æрхæсса ахæм аслам хъуыддагыл йæ уæздандзинад ивын? Цæй, цыфæн- дыйæ дæр ын исты зæрдæлхæнæн скæнын хъæудзæн, кæд уымæ æрцæуа, уæд. Æцæг Ахтейæн æдылыйы фæдыл куы ацæуа? Ацырдыгон нæу, зæгъгæ, йын кæд, мыййаг, æнæфенд æнхъæл у? Уæд ын дзы ницы рауайдзæн, йæхи дзæгъæлы тухæнæй мары. • Лæг цыди йæ фарсмæ уыцы бонзонгæ æмæ балæггад кæны- ны монцимæ æмæ йæ тыххæй куыд баурæдтаид! Ахте дæр ыл йæхи бафæдзæхста æмæ рафæрс-бафæрсы мæтæй суæгъд. Лæг ахъаззаджы дзырдæмбал разынд. 34
— Афтæ ма банхъæл у, æмæ дæ исты æнхъæл дæн мæхицæн, — цыма Ахтейы хъуыдытæ бамбæрста, уыйау бакодта лæг. — Æз кавказæгтимæ бирæ цæхх-кæрдзын бахордтон. Уыдон тынг уазæгуарзаг сты. Йе ’мбæстæгты тыххæй æппæлæн ныхæстæ æхсызгон уыдыс- ты Ахтейæн. Дæ хорздзинад дын исчи куы зона, уæд уым æвзæ- рæй цы ис? Æмæ Ахте дæр фæдзыхæргом: — Æмæ дæхæдæг рагæй цæрыс ам? — Ацы стыр горæты тъыфылмæ хауæццагæй кæй æрбафтыдаид лæг, ууыл цæмæдæр гæсгæ нæ гуырысхо кодта Ахте. — Бинонтæй цытæ стут? Ахте нæ фæрæдыд. Украинæйы ’рдыгæй царди лæг хæсты размæ, уым райгуырд, уым схъомыл. Гъестæй хæст... Рафтыди ацырдæм. Бинонты тыххæй цыдæр зивæггæнгæ дзуапп лæвæрд- та, æмæ йæ Ахте нал ракъахта. Хынцфарсты сæр æй цæмæн хъæуы? Бæрæг уыди, йæ цард лæгъз фæндагыл кæй нæ рацыди лæгæн æмæ йæ ацы горæты змæлгæ лæсæн дæр кæй нал сараз- дзæн йæ нывгонд фæдыл. Уæдæ хъаст дæр ницæмæй кодта. Разы у, абон ын цы радта хуыцау, уымæй, æмæ йæ йæ зæрдæйы хор- зæх уæд. Иу ран сæ бахъуыд автобусы абадын. Автобусы, фыдæнæ- нау, къух бакæнæн нæ уыд: æвæццæгæн, рæстæг сихорасадæн- ты тæккæ къуырццæвæнмæ æрцыд — адæмæй чи куыстмæ цыди, чи та фæстæмæ здæхт. Мæлæты бирæ фæцыдысты, æви Ахтемæ фæкаст афтæ? Лæг ам дæр нæ лæууы^и йæ уæгъд дзырдæппарæнтæй, æмæ та Ахте ныфсæрмджын. Йе ’ргом иуфарс аздæхта æмæ йæхи æддæмæ кæсæг скодта. Хуыцау хорз, æмæ тызмæг адæмæй иуæй дæр карз ныхас не схауд. Æвæццæгæн, лæджы дзырдæппарæнтæ афтæ къæйных æмæ æнæуаг нæ уыдысты. Ахте сæм хъусгæ дæр нæ кодта. Цы рынчындонмæ æрбахæццæ сты, уым дæр нæ разынд, Ахтей кæй агуырдта, уый. Иу цавæрдæр кавказаг дзы хуыссы- ди. Рынчындоны стыр кæрты бæлæсты бын цы рынчынтæ тез- гъо кодта, уыдон сын æй бацамыдтой. Чидæр æм дзы фæдзырд- та, æмæ уайтагъд рацыди сæ размæ. Цыдæр хиуоны æхсызгон цин ыл бакодта, афæрстытæ йæ кодта йæ хабæрттæй. Фæлæ Ахте æнæфенды хуызæн нæ фемæхст йæ цинæмбудæнтæй æмæ йæм уæлдай хъулон æргом нæ аздæхта. Иуфарсырдыгæй сæм фæлварæгау хъавгæ кастысты йе ’мбал æмæ иннæ рынчынтæ, æмæ уыдоны цæсты йæхи цæмæн хъуамæ бафтыдтаид? Цæмæй хæстæгдæр лæууы уыдонæй уый йæ зæрдæмæ? Цы хъауджы- дæр ын сæ ис? Æмхуызон сыл не ’ууæнды, мыййаг? Уæдæ сæ уæд иумæ лæугæ цæмæн ныууагътой? Цы хибар сусæг ныхæстæ сæм ис? 35
Рынчыны æхсызгон узæлæнтæм йе ’ргом кæй нæ радта, уый дæр æм хорз нæ фæкаст фæстагмæ. Фæлæ йæ кæд бамбарид, йæ зæрдæ йыл кæд нæ фæхудид. Раарфæ йын кодта æмæ лæгмæ раздæхт Ахте. Дарддæр сæ цæуын хъуыди æмæ фæстиат кæнæн нæ уыди. Йе ’мбæстаг сын æндæр фæндæгтæ кæуылдæрты амыд- та, фæлæ йæм Ахте зæрдиагæй нæ байхъуыста: уæддæр сын ницы раиртасдзæн йæхæдæг æмæ лæджы æвджид йæхи бакодта. Цыдæр æрдæгконд уæладзыгджын бæстыхайы кæртытыл æрбауадысты, иу ран сæ калд агуыридурты рагъыл хизын ба- хъуыди. Уым дæр сæ размæ фæци цавæрдæр рынчындон, сы- вæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ йеддæмæ æддæмæ зынæг кæцæй нæ уыд, ахæм. Лæг та уым дæр кæйдæр афарста, дзуапмæ бай- хъуыста æмæ ногæй сæ фæндаг адардтой. Йæхи йыл афтæ тынг кæй тыхсын кæны æнæзонгæ, æцæгæлон адæймаг, ууыл дæр фæцахуыр Ахте æмæ æнæгуызавæйæ йæ фæрсты уади. Ау, иу хатт куы уа, уæд не ’рбахæццæ уыдзысты бынатмæ? Ахте ра- фæрс-бафæрсы æфсæрмæй бынтондæр сæнæмæт æмæ æппæт уæз лæгыл ауагъта. Уый дæр цыдæр æнæзивæг æмæ зæрдæргъæв- дæй архайдта. Фæллайгæ та куыд нæ бакодта! Æрлæууыдысты та иу дынджыр бæстыхайы кæрты. Сæйраг бацæуæныл сæ цæст куы нæ æрхæцыди, уæд лæг фæрссаг дуæрт- тæй иуыл мидæмæ бахызт. Ахте дæр йемæ бацыд. Даргъ асин- тыл схызтысты дыккаг уæладзыгмæ. Уæрæх, аив æфснайд фо- йейы сæ цæст никæуыл æрхæцыд æмæ Ахте раздæхынмæ хъа- выд. Фæлæ лæг уыцы æнæгуызавæйæ зилæнтæ кодта иу къуы- мæй иннæмæ. Уалынмæ æрыгон цъæхдзаст санитаркæ фæзынд кæцæйдæр, Ахте æнхъæл уыд, ныртæккæ сын чызг бауайдзæф кæндзæн, æнæфæрсгæйæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй, зæгъгæ, æмæ иуварс æфсæрмдзæстæй æрлæууыд. Фæлæ чызг ницы схъынцъым кодта. Лæмбынæг байхъуыста лæджы ныхасмæ, æмæ йын уыцы уæздан, биноныг дзуаппытæ радта. Куы рацыдысты, уæд хур ныгуылæнырдæм дзæвгар акъул æмæ сæ аууæттæ сæ разæй адаргъ сты. Ахте сфæлмæцыд. Рын- чындон ссарыны ныфс дæр дзы нал уыд, фæлæ лæджы цы фæ- кодтаид? Иунæгæй афонмæ раздæхтаид фæстæмæ, фæлæ дзы ныр æмбалы æфсарм бацыд: уымæн æнæ дзуаппæй арвитæн нæ уыд, дзуаппы тыххæй та йæ бынатыл нæма сæмбæлын кодта. Æмæ ма фæстаг фæндаг бафæлварынвæнд скодта. Ууыл дæр та йæ ахуыдта лæг. Иу хатт ма сæ бахъуыди автобусы сбадын æмæ горæтгæрон уынгтæй иуы рахызтысты. Ахте куыд бафиппайдта, афтæмæй цыма уым змæлд къад- дæр уыд. Ранæй-рæтты хæдзæрттæ бацыдысты нæзы хъæдмæ хæстæг æмæ дзы цыма уæлдæф сыгъдæгдæр уыди. Гъе, ацы ран 36
фæцæрид Ахте, бæргæ. Фæлæ уыцы рынчындон кæм уа, уæдæ? Кæд æй бынтон æндæр ран агурынц, уæддæр бæрæг нæй. Лæг уыцы æнæгуызавæйæ размæ куы цыди, уæд та-иу фенцад Ах- тейы зæрдæ. Кæдæм бахæццæ сты, уымæй кæройнагдæр бæстыхай нæ уыди ацы уынджы. Фæлæ фæсвæды дæр горæт йæ уаг æмæ конд нæ ивта. Рынчындон уыди гъæйтт-мардзæ, зæгъгæ, техни- кæйы фæстаг гæнæнтæм гæсгæ нывæзт. Кæуылты ахаста, уым æнæхъæнæй дæр дзырдта йе сфæлдисджыты æрхъуыдыдзинад æмæ хъаруйыл. Уым хуыссы, æвæццæгæн, йе ’мбæстаг дæр. Бацыдысты мидæмæ. Лæг та йæхи фæразæй кодта æмæ ба- уад фæрсынмæ. Фæлæ Ахте дæр ацы хатт нал фæгæдзæ кодта, лæджы æмбуар бацыд æмæ йæ сæр бадардта регистратурæйы къаннæг рудзынгыл... Ам и, ацы ран ис, Ахте кæй агуры, уый! Ам ис, фæлæ йæм æддæмæ нæ рацæудзæн йе ’мбæстаг, дох- тыртæ йæ бирæ змæлын нæ уадзынц. Кæд æй фæнды, уæд æм йæхæдæг палатæмæ ссæуæд. Уый та цы хъауджыдæр у? Кæд гæнæн ис, уæд ын халат авæ- рæд.^Кæуылты цæугæ у? Лифтыл? Хорз. Сарæхсдзæн йæхæдæг. Йæ хæссинæгтæ райста йæ къухмæ æмæ бацыд лифты дуар- мæ. Ам^æм-иу банхъæлмæ кæсæд лæг, бирæ нæ бафæстиат уы- дзæн. Йæ дзæкъул ныууадздзæн, аныхас кæндзæн æмæ фæс- тæмæ фездæхдзæн. Ма-иу ацæуæд. Лæг зæрдæ бавæрдта, æмæ Ахте уайтагъд дыккаг уæладзы- джы балæууыд. Йе ’мбæстаг хуысгæ кодта, фæлæ фынæй нæ уыди. Уæдæ бынæй куыд загътой, уый бæрц æнæфæразгæ дæр нæ фæкаст Ахтемæ. Рынчынæн æхсызгон уыд йæ фенд, бацин ыл кодта, ^йæ ха- лат йæ уæлæ æрбаппæрста æмæ палатæйæ рацыдысты. Йæ зæ- гъинæгтæ йын куы акæнид Ахте, уæд нал ныффæстиат уаид. Рынчыны бирæ хъыгдарын цас хорз у? Уæдæ лæгæй дæр худи- наг у, бынæй йæм æнхъæлмæ кæсдзæн: ау, гыццыл ын мацы балæггад кæна? Фæлæ тагъд-тагъд фездæха фæстæмæ? Рынчын æй бал- къонмæ ракодта, сыгъдæг уæлдæфы абадæм, зæгъгæ; уым са- тæджы хибар бынат равзæрстой æмæ ма йын æнæ сбадгæ кæцæй уыди? Цæй, лæг дæр ын кæдæм ирвæздзæн? Абондаергъы чи нæ батыхсти, уый ма уыцы уысм нæ бафæраздзæн? Йæ рынчыны дæр уайсахат куыд фæуадза? Уæдæ дзы йæхи хъуыддагæн дæр исты бæлвырд хабар æнæ базонгæ куыд ацæуа? Лæг дæр фæлæу- уæд, кæд ын йæ лæггадæн саргъ кæнон, уый йæ фæнды, уæд, зæгъгæ-иу йæхи сæнæфсæрм кодта лæджы раз. Фæлæ уæддæр сындзытыл бадæгау кодта Ахте. 37
Иу цалдæр хатты балкъонæй бынмæ дæр æркасти, фæлæ лæгыл йæ цæст не ’рхæцыди. Рынчын бæстон кодта йæ низы хабæрттæ, фарста йæ йæхи хъуыддæгтæй, æмæ дзурыныл фæци Ахте. Тагъд-тагъд ма йæ февдæла? Æниу кæд афонмæ ацыди, уæддæр? Йе ’мбæстаг фæфиппайдта, лæппу цæуылдæр кæй тыхсы, уый, æмæ йæ афарста: — Демæ, мыййаг, исчи ис?.. Æви тагъд кæныс? Æмæ уæд Ахте дæр ракодта йæ фæндаджы кой; лæг ын цы ’ххуысы бацыди æмæ йæм бынæй кæй æнхъæлмæ кæсы, уый дæр ын нæ басусæг кодта. Кæд æй бамбарид æмæ йæ ныхас фæцыбырдæрыл бацархаид. — Цæй, уый бирæ æфсæрмыйаг нæу, — загъта йе ’мбæстаг. — Ам ахæм æнхъæлмæгæс æввонгхортæ бирæ ис. Нæ ацæудзæн, ма тæрс. Уыцы ныхæстимæ балкъонæй радардта йæ сæр æмæ уай- тагъд фæстæмæ дзургæйæ разылд: — Нал бафæрæзта, мæгуырæг. Дæлæ фæцæуы. Зонгæ та йæ цæмæй бакодта! Ахте дæр ракаст бынмæ. Лæг цыма гуыбырдæр фæци, уыйау цыдæр фæлмæстхуызæй, сабыр къахдзæфтæгæнгæ, араст дуа- рырдæм. Агъуысты аууон куы фæци, уæд Ахте фæстæмæ æрбадт йæ бынаты æмæ рынчынимæ бæстон ныхæстæ кæныныл схæ- цыд. Бæргæ, искуы ма куы фембæликкой лæгимæ, йæ бирæ фы- дæбонæн ын арфæ уæддæр ракæнид. Нæ, фæлæ цы диссаджы зæрдæхæлар лæг у уыцы æнæзонгæ лæг!
Вагоны Радзырд Йæ загъд йæ сæрыл æрбахаста уыцы ус, йæ сывæллон — йæ хъæбысы. Цыма йæ æддейы сардыдæуыд, уыйау комкоммæ 6а- цыд астæуккаг купемæ, чызг-пассажиры уæлхъус æрлæууыд æмæ ныффæрск: — Суæгъд мын кæ дæ бынат, æз сывæллонджын дæн. Вагон мæлæты сабыр уыди уый æрбацыдмæ. Поезд хæсту- лæфтгæнгæ, уыцы хъуыддагхуызæй тындзыдта йæ дард фæнда- гыл. Дыккаг суткæ бæлццæттæ кæрæдзиуыл æрцахуыр сты, алчи сæ йæ нывгонд бынат æрцахста æмæ бонасадæнгæнгæ сæ балцы хабæрттæ кодтой кæрæдзийæн. Æрмæст ма бобрикхудджын хæрзуынд сылгоймаг æмæ, йемæ цы чызг æрбахызт æрдæбон иу чысыл станцæйы, уыдон сæ дзау- мæттæ ивыныл нæма тагъд кодтой. Уæддæр уыдон дæр баивыл- дысты вагоны цæугæ-царды уылæнмæ. Æмæ чысыл фæстæдæр раиртасæн нал уыд, æрæджы чи ’рбахызт æмæ суанг фæндаджы сæрæй чи рацыд, уыдоны кæрæдзийæ. Се ’ппæтыл дæр, гаккæ- вæрдау, сбадти фæндаггон адæймаджы иумæйаг ном — пасса- жир. Уый сæ бабаста, æмхуызон, æмбар æмæ æмсæр адæмау. «Æдде сæ чи цы у, кæмæн цы уæз ис, уыцы хъауджыдзи- нæдтæ ам нымад не сты, — хъуыды кæны, рæбинаг купетæй иуы чи бады, уыцы студентæнгæс кæсæнцæстджын лæппу-лæг. Фæр- сырдыгæй бадджытæ йæм хорз зынынц, мидæггæгтæн сæ ныхас ахсы. Купеджын вагонмæ билет балхæнын йæ цæст нæ бауарз- та, æмæ мæнæ плацкартон кæй хонынц, уым бады. Афтæмæй та бирæ зынаргъдæр нæу купеджын вагоны билет. Фæлæ йæ къух нæ амоны, ахуырыл лæуд у. Йæ пенсиисæг мад æмæ фыд ын ницы æвгъау кæнынц, сæ иунæг хъæбулы фаг сты нырма, фæлæ сæ бон уыйбæрц нæу, æмæ æхцайыл ауæрды: Мæскуы æхцауар- заг у, æмæ йæ уæлдай капекк нæ бахъыгдардзæн. Вагонгæс сæ цы фæлурс цайæ хынцы, ууыл дæр æм æхца бахардз кæнын нæ цæуы. Фæлæ иннæтæм гæсгæ æнæрайсгæ нæ фæвæййы цай, — бонасадæн кæнынæн дæр æвзæр мадзал нæу цай цымын. Поез- ды сæры-суангæй цæуы, раджы æрбынатон, æмæ йæ ныр æвдæ- лы йе ’мбæлццæттæм йæ хъус дарынмæ — чи сæ кæдæм æмæ 39
цæй фæдыл цæуа, цæуыл хæст уа йе ’рвылбоны царды, ууыл тæрхæттæ кæнынмæ. «Чидæртæ дзы фадатджындæр æмæ бонджындæр сты иннæ- тæй, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ уый ам нымад нæу, — цæмæ- дæр гæсгæ æхсызгонæй хъуыды кæны лæппу вагоны нарæг ба- цæуыныл йæ цæст хæсгæйæ. Цалынмæ кæрæдзийæ фæхицæн уой, æмæ сæ алчи йæхи фæндагыл ацæуа, уæдмæ; стæй та сæ алчи йе ’цæг бынат æрцахсдзæн. Ныр та уал сты вагоны, æмæ хъуыддаджы дзуапп кæмæн дæттынц, сæ балцвæндаг сын чи аразы, уый у проводник. Йæ разы иууылдæр æмхуызон уазд- жытæ æмæ фысымтæ стæм. Æмæ, дæ хорзæхæй, дæ бынат зон, уæлдай схъиудтытæ ма кæ, уæлдай буц цæстæнгæс ма дом, ни- кæй зæрдæмæ дын фæцæудзæн». Проводник, саурихи бæзæрхыг фæскавказаг карджын лæг, æвæццæгæн, фыццаг хатт нæ цыди ацы дард фæндагыл, æмæ йæ хъуыддаг хорз чи зоны, ахæм адæймаджы хæдзардзин зилæнтæ кодта вагоны. Къуырттон карк йæ цъиутыл куыд æнувыд уа, афтæ узæлыд пассажиртыл. Уыдон дæр æм сæ хæрзгæнæджы каст кодтой, бузныгхуызæй-иу æм радтой сæ билеттæ. Æмæ дзы- иу разыйæ баззадысты. Цыма сæ царды сæйраг хъысмæт уымæй аразгæ уыд, æмæ сæ кæуыл куыд бацауда, афтæ карст æрцæу- дзæн йæ царды ныв. «Фæлæ проводник дæр адоны тыххæй у. Сæ фæндагыл æдыхст, æнæмаст æмæ разыйæ куыд фæцæуой, ууыл архайынц дыууæрдыгæй дæр», — хъуыды кæны лæппу-лæг. Хатгай чингу- ытæ сисы, йæ кæсæнцæстытæ биноныгæй ныссæрфы, стæй кæ- сын байдайы, цыдæртæ афыссы. Поезды сæры-суангæй цæуы, фæлæ дзы бæлвырд-лæмбынæг никæимæ ма фемдзаст, йæхи æмсæр адæймаг нæма ссардта æмæ аслам бынатмæ йæхи нæ уа- дзы: йæхи уды хъæппæрисæй ныхасы охыл никæмæ ма баздæхт, кæд дзырдæргом адæм йæ фарсмæ бирæ уыд, уæддæр. Бобрикхудджын нарст сылгоймаг нырма æрæджы сбадт, фæлæ цыма йæхи хæдзары уыди, уыйау ныридæгæн хицонхуыз рацу-бацу кæны иу купейæ иннæмæ. Вагоны æгъдау куыд амо- ны, афтæ æппæты фыццаг базонгæ йе ’мбæлттимæ, хæстæгдæр æм чи бадти, уыцы пассажиртимæ. Стæй дарддæр дæр авнæлд- та. Хъулон ын ничи уыд. Йæ бакаст куыд амыдта, афтæмæй сæр сæрмæ хаста, хабæрттæй фæрсын æй нæ бахъуыди. Иуцасдæр æнæдзургæйæ абадт, стæй уæд фæцалх. Уазæгуаты уыди, абон поезды кæм сбадт, уыцы горæты. Йæ,лæджы хорз зонгæтæ уырдыгон сты. Ныр фæстæмæ цæуы сæхимæ. Кæмдæр Украинæйы ’рдыгæй цæрынц. Йæ лæг инже- нер у, шахтæйы кусы. Сæ цæрæнбынат куы аивиккой, уый сæ фæнды: «Хуссары климæт, дам, мын амонынц». «Æмæ дзы цы 40
риссы цымæ?» — хъуыды кæны йæхинымæр, æмæ йæм йæ цæс- тыты зулæй аивæй бакæсы. Буцхаст сылгоймаг у, ууыл нæ гуы- рысхо кæны, се ’ргом æм здахой, уый йæ фæнды, йæ зæрдæ йæхиуыл дары æмæ æнæгуызавæ змæлдтытæ кæны. Йæ лæджы зонгæтæ сæ хонынц сæ горæтмæ, æмæ ныр уыдо- ны бæрæггæнæг уыди. Курортджын ран у. Йæ фæллад дæр суагъ- та уымы санаторийы. Йæ зæрдæмæ фæцыд, æмæ хъуамæ тагъд ралидзой. Денджызы былгæрон горæт, сыфтæрджын бæстæ, æлутон æрдз. Хорз дзы арвыста йæ рæстæг. Йæ лæджы æрдхор- ды усимæ кинотеатртыл фæзылди, хиирхæфсæн мадзæлттæй ницæуыл бацауæрста. Æмæ ныр рог хурсыгъдбуарæй здæхти йæ хæдзармæ. Уыцы рæстæг горæты кинотеатрты цыди ног итайлаг киноныв. Уый дæр федта, йæ зæрдæмæ фæцыд, радзырдта йын йæ мидис, æмæ йын йæхирдыгонау аргъ скодта: «Æгæр æргом æвдисынц æнæуаг митæ. Фæсивæды халынц, æндæр ницы». Йе ’мбæлццон пассажиртæ ,дæр æм лæмбынæг хъуыстой, зæрдиа- гæй-иу йемæ сразы сты. Йæ барджын удыхъæды уацары сæ рай- ста нæлгоймагæй, сылгоймагæй. «Цымæ сæ фыдкой кæмæн кæны, уыдонæй йæхæдæг бирæ дарддæр лæууы, — хъуыды кæны кæсæнцæстджын лæппу, æмæ йæм афтæ кæсы: æрмæст ныхасæй æвдисы йæ сæры кад, æндæр, æнæуаг митæ кæй хуыдта, уыдон æм хъаргæ дæр кæй нæ кæ- нынц. Бобрикхудджынимæ цы чызг-пассажир æрбацыд, уый дуар- мæ хæстæг къуымы кæройнаг бадæныл ныттæбæкк, йæ хъинц- йæ хъист никæцæйуал хъуысти. Куыд æрбацыд^æмæ куыд сбадт, уымæй уæлдай нал фезмæлыд йæ бынатæй. Йæ цыбыр морæ- хуыз палто раласта, æмæ дыууæ æддæгуæлæ конд цъында жа- кеткæйы мидæг рудзынджы фарсмæ йæхи æруагъта. Хуыссæн- гарз дæр нæма райста, афтæмæй æнæдзургæйæ бадт; рудзынгæй æддæмæ фæлгæсыд, хатгай та-иу аджихау. Йæ модæмæ гæсгæ- хуыд цыбыр ипкæйы бынæй уæрджытæ аивæй зындысты. Иннæ вагонæй йæ рæзты дыууæрдæм чи кодта, уыдон æм-иу сæ цæс- тыты бынты фæрсмæ æнæбакæсгæ нæ фесты, сæрæй къахы онг ыл-иу сæ цæстæнгас æрхастой. Чидæртæ йæм дзы ныфсджын дзырдæппарæнтæ дæр сфæрæзта, фæлæ сæ уый ницæмæ æрдард- та. Цыдæр тæргайхуызæй йæхимæ ныхъхъуыста. Фæстагмæ къу- лыл йæ сæр бауагъта, палтойы фæдджийæ æрбамбæрзта йæ цæс- гом æмæ фынæйгæнæгау йæ цæстытæ кæрæдзиуыл авæрдта. Бобрикхудджыны амæ не ’вдæлд, æвæццæгæн ын йæ зæрдæйы ахаст æмбæрста æмæ йæ нæ хъыгдардта. Рæстæгмæ уал йæхи æру- агъта йæ фарсмæ дыккаг купейы æмæ дарддæр дæр уыцы ныхасу- арзæй йæ хабæрттыл схæцыд. Бынат ын нæма фæци æмæ æнхъæлмæ каст. Уалынмæ чысыл фалдæр цыппарбынатон купейы пассажиртæ 41
тæрхæгыл базмæлыдысты. Бынæй чи бадт, уыдонæй иу хызти хæстæгдæр станцæйы. Фæлæ бобрикхудджын уый бынат бацах- сыныл нæ бацархайдта. Дыккаг бадæныл цы карджын лæг ху- ыссыд, уый йæм рагацау йæхи бынмæ æриста æмæ йæ бацахста. Хуыссæнгарз ын ист уыди, фæлæ сæ нæма райтыгъта, афтæмæй йæ къухы арæдзæ-мæдзæ кæнын дæр бафтыд. Йæ бакомкоммæ бинаг бынаты хицау уыди зæронд ус, лæ- гæй бирæ карджындæр. Æмæ, цыма лæгæн исты хорзæх рачын- ^æуыд, уыйау æм чысыл сывæллонмæ кæсæгау йæ цæст дардта. Иæхи дæр хъуагæй нæ уагъта, æнæ нозт та къæбæр йæ дзыхмæ нæ иста. Ахæм дард фæндагыл фыццаг хатт цыди, æмæ цымы- дисхуызæй касти вагоны рудзгуытæй, иу станцæ æнæбабæрæг нæ ныууагъта. Студентæнгæс лæппу-лæг дæр уыцы купейы бадт, æмæ йын йæхи ’мсæр ныхас æмбал кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ дзырдта тынг чысыл æмæ хиуылхæцгæ. Уый хыгъд лæг æгæр- дæр фергомдзых. — Егъау у Уæрæсе, æвæдза. Цæст не ’ххæссы йæ дæргъ, йæ уæрхыл. Ныр дыккаг суткæ цæуæм æмæ йæ кæронмæ нæма фæхæццæ стæм, — дзырдта сæрыстырæй, рудзынгæй æддæмæ фæлгæсгæйæ. Хатгай та-иу схæцыди исты арф хъуыды ныхæс- тыл, адæймаджы цардыл, йе скондыл адæймагæн, æмæ удыхъæ- дыл. Дзырдта æнæ исты бæрæг аххосæй. Станцæтæй-иу кæм рахызт, уым-иу зæронд усæн æддейæ йемæ исты æнæрбайсгæ нæ фæци. Æмæ дзы æхца никуы баку- ымдта. Ус дæр ын йæ зæрдæхудт райсын нæ уæндыд. Цъындд- зæстæй йын кæй нæ кæны уыцы буц митæ, уый æмбæрста, æмæ йын-иу йæ хай æфсæрмыгæнгæ райста. Ныр бынмæ куы ’рхыз- ти, уæд та йыл бынтон æгæр-æгæр узæлыд, æмæ уый усмæ цы- дæр хардзау фæкаст. Афтæ бынтон æвæгæсæг кæнæ йын сы- вæллон куы нæ у, уæд ыл йæхи цæмæн тыхсын кæны, зæгъгæ. Фæлæ уый уæддæр йæ кæнон нæ ныууагъта. Йæ размæ стъолы бын афтид æвгтæ бабирæ сты, уæддæр ма уый æдде хаста æмæ хаста. Хатгай-иу зæронд ус æмæ интелли- гентхуыз лæппуйæ куы айрох, уæд-иу йæхи хъуыдыты афар- дæг. Вагоны рудзынгæй уыцы иугæндзон фæлгæсыд, рæстæг- гай-иу арф ныуулæфыд æмæ та-иу агуывзæмæ сæн рауагъта. Йе ’мбæлццон лæппумæ цалдæр хатты æрхатыдта, нуазæн æм лæ- вæрдта, фæлæ йæ нæ бакуымдта. Лæг дæр æм уæлдай нæ ха- тыдта. Æмбæрста йын лæппу дæр йæ зæрдæйы уаг, æмæ кæд йе ’мбæлццоны хуызæн цымыдисæй не ’вдыста йæхи, уæддæр-иу æм разыйы тылд бакодта йæ сæр. Уæдæ куыд — хирвæссоныл æй куы банымайой. Æндæра тынг разы нæ уыди лæгæй. Иуæй усыл хъæуа-нæхъæуа кæй 42
узæлæнтæ кодта, уый йæм куыддæр цæстмæмийы хуызæн каст. Иннæмæй та, нозтыл æгæр йæ хъуын-хъис калдта. Æмæ дзы кæд уæлдай æнæуагдæрæй не ’вдыста йæхи, уæддæр ын уый хорз миниуæгыл банымайын йæ бон нæ уыди. Уайдзæф бакæ- нын та йын йæ хæсыл нæ нымадта, — сывæллон куынæ у, мыйй- аг, стæй йæ фыццаг хатт куы уыны! Куыд дзырдтæ, афтæмæй куыста цавæрдæр заврды слесы- рæй. Сæхимæ ныууагъта йæ усы, йæ сывæллæтты. Йæхирдыго- нау, разы у йæ цардæй, йæ бинонтæй. Æмæ ныр мæнæ кæдæй- уæдæй равдæлд балцмæ. Рагæй нал федта йæ чындзыцыд хойы, йæ сиахсы æмæ сæм цæуы уазæгуаты. Æфсæддон службæгæнæг у йæ хойы лæг, æнувыд, дам, уыди кæддæр йæ каистыл, бæргæ. Æмæ ныр иумæ куыд дзæбæх æрвитдзысты сæ рæстæг, ууыл рагацау тæрхæттæ кодта. Фæлæ йæ зæрдæ æхсайдта йæ бинон- тæм, арæх-иу æм æрцыд йæ усы, йæ сывæллæтты кой. Æмæ куыннæ! Хæстæй куы ’рыздæхт, ууыл рацыд ссæдз азæй фыл- дæр, æмæ уæдæй нырмæ никуыуал фæхицæн сты. Ныр раир- вæзт мæна^балцы, æмæ, цыма, цæмæйдæр æцæгæлонхуыз æркаст йæхимæ. Йе ’мбæлццонты зæрдæты дæр иудзинад уый тыххæй агуырдта, чи зоны. Бобрикхудджын сылгоймаг йæ хъæлдзæг ныхасæй не ’нцад. Фæлæ дзы нæ рох кодта, бынат агурын æй кæй хъуыди, уый дæр. Цалдæр хатты æрбакаст рæдау лæджы ’рдæм, йæ хуыс- сæнгарз нæма райтыдта æмæ кæд^хизынхъус у, зæгъгæ. Фæлæ уый йæ балцы кой кодта дарддæр. Йæ хуыссæнгæрзтæ уый фæстæ дæр нæ райтыдта, афтæмæй афтид тæрхæгыл фæхуыссыд. Лæп- пу хуыссæнгарз исынмæ куы хъавыд, уæд æй нæ бауагъта: — Мæнæ мæуонтæ айс. Мæн нæ хъæуы. Фæндагыл афтæ- мæй хуыздæр фынæй кæнын. Ма ’фсæрмы кæн. Цыдæр лæууæндонмæ та фæцæйхæццæ кодта поезд. Уый бæрæг уыди, бæлццæттæ куыд базмæлыдысты, уымæй. Чидæртæ дзы хизынмæ барæвдз кодта йæхи. Бобрикхудджын йæхицæн ссардта бынат, уæддæр йе ’мбал чызг йæ бадт нæма фехæлдта. Уыцы æнкъардæй æмæ тæргайхуызæй касти йæ размæ. Йæ фæ- лурс цæсгомыл-иу цыдæр сагъæсы фæд абадти. Æцæгæлон ра- нæй рацыд ацы^балцы, æви йæ райгуырæн хæдзарæй, уый зын зæгъæн уыди. Йæ зæрдæмæ цыдæр æфхæрд æгæр арф кæй ай- ста æмæ разы кæй нæ у йæ фæндагæй, уый дæр зын раиртасæн нæ уыди. Йæ хомæ чи цыди, уыцы лæг æм цалдæр хатты йе ’ргом аздæхта, исты ирхæфсæн ныхæстыл æфтауынмæ-иу æй хъавыд. Фæлæ та-иу чызг уайсахат йæхи хъуыдыты аныгъуылд. Поезд фæдисонау тахти размæ. Рудзынджы фæрсты æдде быдыртæ уыцы иугæндзонæй згъордтой фæстæмæ, вагоны аком- коммæ-иу зиллаккæй æрбатымбыл сты æмæ та-иу дарддæр атах- 43
тысты. Телыхъæдтæ, семафортæ, æндæр исты цæджындзтæ-иу уæлхъæдæй алæууыдысты цæстыты раз, стæй та-иу уыдон дæр фæсте аззадысты, цыма-иу фæндараст дзырдтой бæлцæттæн. Æрталынггæрæттæ. Проводник пассажирты цайæ хорз фед- та. Вагон фæндагыл йæ дыккаг æхсæвиуатмæ æнхъæлмæ каст. Иутæ сæ хуыссæнтæм рагагъоммæ зылдысты, иннæтæ та хиир- хæфсæнтыл архайдтой. Уæддæр чызг йæ бадт нæма фехæлдта. Проводник ын бынаты тыххæй цыдæр зæрдæ бавæрдта, æмæ уал æнхъæлмæ каст. Уалынмæ йæм иу заман фæзынд æмæ йын вагоны астæумæ ’ввахс, бобрикхудджынмæ хæстæг, бынат баца- мыдта. Рахаста йын хуыссæнгæрзтæ, æмæ чызджы уæд, æппын фæстаг, йæхимæ равдæлд. Цырæгътæ ссыгъдысты. Рудзгуытæй мидæмæ хъуызыди цыдæр æдзæм æгуыппæгдзинад æмæ сау халоны базырау та- лынг æхсæв. Цыма бæлцæтты вагоны цыппар къулы ’хсæн æлхъивгæ ныккодта, — иууылдæр бакъордтæ сты. Хатгай-иу фæзынди иугай стæм рухсытæ; стæй та-иу алфамблай бæстæ иууылдæр ныттар. Сæ цæст нæма ’рцъынд уыдаид пассажир- тæн, афтæ сын сæ сабырдзинад фехæлдта уыцы ус. Фæлæ сæ æдзæллагæй нæ баййæфта, йæхицæн сæ хицæн къуымтæ ничи арæзта. Иу бинонтау æмуд уыдысты иууылдæр. Уый, æвæццæгæн, нæ зыдта æрбацæуæг ус, æмæ афтæмæй мидæмæ æрбафсæрста, — æрлæууыди фæлмаст чызджы раз. Йæ сывæллон йæ хъæбысы уыд, уый æрæджиау фæхъуыды кодта кæсæнцæстджын лæппу. Цыдæр æдзæлгъæдхуыз æм фæкаст сылгоймагæн йæ уынд дæр. Йæ сæрбæттæн фæсонты онг абырыд, йæ къабайы дыстæ уыдысты æнæгънæг æмæ уæгъд дзедзырой кодтой. Йæ иу къу- хæй хæцыди сывæллоныл, иннæмæй цавæрдæр дзаумæтты, хæ- цъилты æмæ хæбырæгъты тыхтон хаста. Сæудæджерæй здæхти æмæ йæ æлхæдтытæй дзаг уыди æви йæхи уæлæдарæс æмæ сы- вæллоны гæрстæ уыдысты, уый зын зæгъæн уыди. Фæлæ тых- тон ахæм егъау æмæ æнæхъола бæнди-бæстытæ уыди æмæ йæ куыд рогæн хаста, ууыл дисы бафтыд лæппу. Иунæгæй не ’рбацыд. Йæ фæдыл ма цавæрдæр сылгоймаг æрбахызт, йæхи ’мкар, фæлæ аивдæр æмæ хæрзуынддæр. Уый æнæ уæлдай ныхасæй иу уæгъд бынаты йæхи æруагъта æмæ уал йæ уæлдай уæлæдарæс раласта. Ахæм иугай уæгъд бадæнтæ ма дзы разындаид, фæлæ сывæллонджын иу дæр нæ бацагуырдта. Цыма йæ æдде исчи сардыдта, уыйау астæуккаг купемæ йæ ных сарæзта æмæ чызджы раз æрлæууыд. Йæхæдæг æнæ уæлдай гуызавæйæ домгæ хъæлæсы уагæй загъта: — Чызг, суæгъд ма кæн ацы бынат. Æз сывæллонджын дæн. Мæнæн дыккаг тæрхæгмæ хизæн нæй. Ды та нырма æрыгон дæ. 44
Чызг исдуг ницы сдзырдта. Афтæ æнæнхъæлæджы, арвæй рахауæгау, йæ уæлхъус цы сылгоймаг алæууыд, уымæн цы дзуапп радта, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. Нырма ныртæккæ æрбы- натон йæхæдæг дæр, нырма ацы уысм æркъул кодта йæ сæр. Æмæ дын уый та, гъе: сыст! Æвиппайды йæм хардзау фæкаст: цæмæн æм фæкомкоммæ, утæппæт пассажирты ’хсæн уый цæ- мæн равзæрста? Уымæй дзы æрыгондæртæ дæр куы уыди, стæй дзы уæгъд бынæттæ дæр куы ис, уæд æй ууыл цы Хуыцау сардыдта? Кæсæнцæстджын лæппу Хуыцауæй фæбузныг, уый онг кæй нæ æрбахæццæ, уымæй, æндæра — масты хос. Чызг æвæндонæй сразы йæхимидæг. Цы зæгъа уæдæ, сы- вæллонджынæн, кæд йæхæдæг цыфæнды нæфæразгæ у, уæд- дæр? Фæлæ куы фæфæстиат æмæ йæхимидæг куы батыхсти, уæд æм сылгоймаг ногæй баздæхт: — Цæй, цæй! Нæ уыныс, сывæллонджын дæн, уый?! Æнæджелбетт пассажирмæ æрыхъуыстой, вагоны чи бадт, уыдон иууылдæр. Исдуг ницы дзырдтой, кæд сæм усы æнæуæз- дандзинад хардзау æркаст, уæддæр. Чызгæн уал æй йæхи бар уагътой. Æмæ ма уæзданæй куы агуырдтаид бынат, куы бан- хъæлмæ кастаид! Нæ: Æри — æндæр ницы. Мæнæн æмбæлы: æз сывæллонджын дæн. Цыма йын уыцы чызджы аххос уыди, сы- вæллонджын кæй уыд, уый, уыйау ын æй йæ цæстмæ дардта. Пассажиртæ æдзæмæй хъуыстой. Бобрикхудджын цыдæр карз ныхас срæвдз кодта, уый бæрæг уыди, фæлæ йæ нæма загъта. Кæс-ма, дæ хорзæхæй, мæгуыр чызджы тæрыныл куыд схæцыд? Уыцы бынатмæ цас фенхъæлмæ каст. Æмæ дын — гъа! Афтæмæй бынтон æнæниз дæр нæу. Бобрикхудджын хорз зыд- та, моймæ куы ацыд йæ уарзон лæппумæ, уæд мæйы фæстæ æррынчын. Уæды онг йæ къах-къух дæр никуы срысти. Ныр æрсади. Лæппу йæм райдианты дзæбæх цæстæй касти, æнувыд ыл уыди. Рынчындонмæ бонæн уад кодта. Стæй йыл фестыр- зæрдæ. Æмæ æнкъард куыд нæ уыдаид чызг. Ныр æм æнæджелбетт ус куы бауырдыг, уæд амæй хъыгдæр никæмæн фæци. — Хорз ус, мæнæн дæр дыккаг тæрхæгмæ хизæн куы нæ ис, уæд мæ цæмæн азымы дарыс?! Æз дæ разы цы аххосджын дæн? — чызджы хъæлæс барызти. — Æмæ дæ уæздандзинад та кæм ис? Æрыгон чызг, чындз- дзон! — фидисгæнæгау срæцыгъта ус. — Суæгъд кæн бынат! Кæс- ма, ды дæр æй æрæджы куы бацахстай. Дæуæн дæр æлхæд куы нæ уыди — бауырдыг та йæм и ус. Цы ма загътаид чызг? Йæ уæлæдарæс бамбырд кодта æнæ- сымæй. Æмæ гъеуæд фæкъæртт сты пассажиртæ дæр. Сæ су- 45
дзинтæ фæцарæзтой æрбацæуæгмæ. Фæлæбурдтой йæм. Уæл- дай мæстджындæрæй бобрикхудджын дзырдта. Иннæ купетæй дæр кæйдæр æфхæрæн ныхæстæ райхъуысти. Ус исдуг фæсаст, йæ лæбурдæй уыцы-иу гуыппæй кæй ницы рауад, ууыл дисгæ- нæгау. Уый та куыд: æз сывæллонджын дæн, æмæ мæнмæ бы- нат ма ’рхауа! Æмæ иууылдæр йæ ныхмæ куы фесты, уæд ноджы тынгдæр ма фæкъæртт уа. Чызджы хъуырыл бахæцынмæ йæ бирæ нал хъуыд. Йæ цæстысыг дæр фемæхст, æмæ уæд адæм дæр фæсас- тысты. Уалынмæ фæзынд проводник. Хъуыддаг цæй мидæг ис, уый куы бамбæрста, уæд сывæллонджыны ’рдæм баздæхт: — Мæ пассажирты мын фынæй кæнын цæуылнæ уадзыс, уый бæрæг дын нæй? Цæуыл сæ дæ сæрыл систай? Цæуыл къуымы бакодтай мæгуыр чызджы? Сывæллонджын фæхъус. Исдуг цы сдзырдтаид, уый нал зыдта. Фæлæ йæ сывæллонджыны бартæ хорз чи зыдта, ахæм разынд. — Кæс ма амæ дæр! Мæ сæрыл рахæцыны бæсты чызджы фарс куыд хæцы? Уæдæ, кæй хъæуы сывæллонджын ус! Фæ- лæуу, æз кæдæм хъæуа, уырдæм ныффысдзынæн. Æмæ дæ уæд кæй бартæ хъахъхъæнын хъæуы, уый базондзынæ. — Фысс, кæдæм дæ фæнды, уырдæм, — йæ къух ауыгъта проводник. Ахæм уæддалатæ бирæ фехъуыста, æвæццæгæн, æмæ сыл сахуыр. Æрмæст æй пассажирты раз кæй къæмдзæстыг кæны, уый йын хъыг уыд. Уæддæр йæхи ныуурæдта. Æрмæст ма йын загъта: — Дæ разы уал дæхи æруадз иу уæгъд бынаты, стæй дæ рад куы ’рхæццæ уа, уæд дыл тыхсæг уыдзæн. Бирæ ма фæхъуыр-хъуыр кодта ус, фæлæ пассажиртæ æнæхъæн вагонæй уый фаг систы. Йемæ цы сылгоймаг æрба- цыд, уый ма райдианты йæ сæрыл цыдæртæ бæргæ сдзурынмæ хъавыд, фæлæ сывæллонджын йæхи адæмы цæсты куы бафтыд- та, уæд уый дæр ныхъхъус. Комкоммæ йæ фарс рахæцын æм аив нал каст, æмæ йæ сабыртæ кæныныл схæцыд. Йæ хомæ уазæгуаты чи цыд, уыцы лæгæй фæстæмæ се ’ппæт дæр сæ фарчы хæйттæ баппæрстой хъæлæбамæ. Фæлæ уый ны- хасы нæ бацыд. Æнæсыбырттæй хъуыста. Раст уыдысты пасса- жиртæ, кæй зæгъын æй хъæуы. Фæлæ усæн дæр фæтæригъæд кодта. «Гормойнаг, цæуыл загъд кæны, цымæ? Фæлтау мæнмæ куы ’рбацыдаид, уæд ын æз мæ бынат радтаин. Æндæра чызг дæр1 тæригъæд нæу?» Йæ зæрдæйæ сывæллонджынмæ баздæхы- ны фæнд дæр скодта, фæлæ иннæ пассажиртæй фефсæрмы. Æмæ ницы дзырдта. Стæй иннæ фарсмæ азылд æмæ, хъаугъа цæуыл банцад, уый дæр нал базыдта, афтæмæй йæ хуыр-хуыр ссыди. 46
Студентæнгæс лæппу-лæг ма бирæ фæрафт-бафт кодта, ца- лынмæ йæ хуыссæг æрцахста, уæдмæ. Цал æмæ цал хатты æрæ- вæрдта йæхи уыцы чызджы бынаты. Хъуыды кодта уымæн та цы гæнгæ уыдаид, усы йæ хæйрæг уыйырдæм куы ацардыдтаид уæд? Йæ æнæджелбетт митæн ын нæ ныббарстаид, кæй зæгъын æй хъæуы. Чызг ма æгæр хиуылхæцгæ дæр разынд уæдæ! Фæлæ цымæ вагоны пассажиртæ дæр йæ сæрыл афтæ рахæ- цыдаиккой? Æмæ йæм цæмæдæр гæсгæ афтæ дзырдта йæ зæрдæ, цыма уыцы чызджы хуызæн ай хызт не ’рцыдаид усы ныхилæн- тæй. Уый нæ, фæлæ ма йын цыма, уайдзæф дæр бакодтаиккой, афтæ йæм каст. Æмæ йын уыцы хъуыды цæмæйдæр уыди масты хос, кæд ыл йæхæдæг йæхицæн бæлвырд басæттын нæ фæрæз- та, уæддæр. Афтæмæй уыцы гуырысхо æмхæццæ хъуыдытимæ бафынæй. Дыккаг бон, вагон куы рыхъал, уæд дзы сывæллонджыны уынæр никæцæйуал хъуыст. Зноны хъæлæбайы фæстæ цыма иууылдæр уæлдай æхцондæрæй кодтой сæ фæндаджы кой, уыйау æнæуынæр уыдысты. Кæсæнцæстджын бацымыдис йæхинымæр, сылгоймаг цы баци, йæ уынæр куы нæуал цæуы, ууыл, æмæ аивæй йæ цæст вагоныл ахаста. Фæлæ йыл йæ цæст не ’рхæцыд. Æнкъард чызг хуыссы йæ бынаты. Лæг раджы рабадт, йæ дза- бырты йæ къахфындзтæ фæтъыста æмæ йæхи ’хсынмæ рацыд. Сывæллонджын мады агуырдта, вагоныл кæронмæ ацыд. Йæхи- цæй чысыл фалдæр купейы бинаг тæрхæгыл иуы фынæйæ бай- йæфта. Сывæллон райхъал æмæ мады дæлармæй йæ сæр сдар- сдар кодта. Сылгоймаджы цæнгтæ уыдысты гом, фæйнæрдæм æппæрст. Йæ рахиз къухыл ын лæг бафиппайдта тушæй цыдæр фыстытæ. Йæ сæрыхъуынтæ фистхуызæй базыл ныппырх сты. Хъæддзау лæг уæззау куысты фæстæ куыд бафынæй уа, афтæ тарф уыди йæ фынæй. Цыдæр æнæмæтдзинады рухс зынди йæ цæсгомыл. Зноны масты фæдæн дзы йæ кой дæр нал уыди. Ацы дунейыл ын цыма астæуккаг купейы бинаг бынатæй стырдæр бæллиц ницы ис æмæ уый йæ къухы кæй бафтыд, уымæй бузныг у, афтæ æнæмæт хуыр-хуыр кодта. Дзæбæх фидыдтой иумæ — фынæй мад æмæ æвæлмон саби. Лæг йæхи ныхсадта æмæ раздæхти фæстæмæ. Уæдмæ йе ’мбæлттæ дæр рабадтысты. Сæ бакомкоммæ, знон сывæллон- джын усимæ чи ’рбацыд, уыимæ цæуылдæр зæрдиаг ныхæстæ кодтой. Лæг куыд бамбæрста, афтæмæй сывæллонджыны кой кодтой. Бобрикхудджын дæр сæм бабадт. — Хуыцауæй дзы амонд нæ фæци, — тæригъæдхуызæй дзырд- та ус ныллæг хъæлæсæй, цыма йын йе зноны аххостæ раст код- та, уыйау. 47
Лæгмæ аив нæ фæкаст цымыдисæй дзурæгмæ йæ хъус бада- рын, фæлæ-иу ын ацахста йæ ныхæстæ: — Йæ сывæллон дæр дзæгъæлза^æй райгуырд. Ахæстоны. Уадзгæ дæр æй уымæн ракодтой... Иæ нервытæ нал бæззынц. Афтæмæй раздæр æнæмаст, сабыр сылгоймаг уыди. Афтæ рауад йæ цард... Æууæнкæй йыл комдзог рацыд йæ мой... Фæлитой... Æмæ уымæн дæр закъон хорз фæци: ныр дæр ма бады. Лæг дарддæр нал фехъуыста хабæрттæм. Хъæрæй сдзырд- та: — Уæдæ аходæн кæнын афон у, зæгъут, æмбæлттæ. Хæрын хъæуы. Нæ сæйраг куыстмæ бавналæм, науæд ныл проводничы зæрдæ фæхуддзæн. Фæлæ йæ хæринæгтæ нæма æрæвæрдта, афтæмæй ауад. Иннæ купетæй кæцыдæрæй йæ ныхас ссыди. Бæрæг уыди, сы- вæллонмæ дзырдта, уый: — Ды кæй гыццыл гæлæбу дæ, и... Гъа, айс, мæнæ дын га- гатæ. Мæнæ уый дæр айс дæхицæн. Фæстæмæ куы фездæхт, уæд ^иумæ хæрыныл æрбадтысты. — Замманай дзæбæх саби у. Йæ мад хъал дæр нæма раци, уый йæхицæн æнæмæтæй хъазы, — хæрзæггурæггаджы хуызæ- нæй сын дзырдта лæг. Вагон та йæ чемы бацыд, сæ цæугæ-царды фæтчы та бафты- дысты. Лæг бафиппайдта, сывæллонджын усмæ бобрикхудджын дæр йæ хай кæй фæхæццæ кодта, уый. Хæстæгдæр æм чи бадт, уыцы пассажиртæ дæр барæвдыдтой сывæллоны. «Кæрæдзийы цæстмæ куыд нæ ауæрдынц! — былысчъилгæнæгау ахъуыды кодта лæппу. — Знон æй куыйты хæринаг бакодтой, ныр та йын зæр- дæлхæнæнтæ кæнынц. Йæ кармæ гæсгæ йæ хъуыдытæ дæр — рохст, цæхгæр Мад дæр уæдмæ æрыхъал. Йæ сывæллонæн дзидзи бадард- та, фæлæ йæ алыварс адæмæй никæмæ ницы сдзырдта. Зноны загъдæй йе ’муд нæма ’рцыд уый бæрæг уыди... Сывæллоны къухы бафиппайдта лæвæрттæ, касти сæм. Зæгъгæ ницы скодта. Проводник зилæнтæ кодта вагоныл. Усы размæ куы бахæццæ, уæд æнæдзургæйæ уый дæр сывæллоны цæмæйдæр арæвдыдта. Мадмæ зулаив каст бакодта æмæ дарддæр ацыд. Поезд, хæстулæфтгæнгæ, тындзыдта размæ.
Искæйтыхстæй Радзырд О, уыцы лæгъстæйаг æмæ табугæнæджы цæстытæ! Йæ са- бийæ фæстæмæ дæр цыма сæ тæригъæддаг, æнæбон æнгас ин- нæрдæм хызти Астейы. Куыннæ сын быхсыдта, йæ зæрдæйы тугтæ сыл-иу куыд ныккалдысты! Фæлтау ацы дунемæ куы нæ рацыдаид, кæнæ зæххы скъуыды куы ныххаудаид æмæ авд дæл- дзæхы куы фæуыдаид, уый дæр-иу æй æрфæндыд. Ахæм заман сæ хицауы уæлхъус дæр балæууыдаид, къæмдзæстыг, æнæбон уды азарæй фервæзыны тыххæй, йæ тыхсты бацыдаид. Ахæм масты пихылæйттæ-иу сабухта йæ риуы, æмæ уыдоны сæрыл никæуыл бацæуæрстаид. Цыма йын раст йæхи зæрдæйыл исчи къахæй лæууыд, афтæ йæм каст. Æмæ та мæнæ, æвдисæнау, йæ тæккæ размæ фесты. Æцæг- дзинадæй, уæд æй ницы хъуыддаг уыди семæ: азил æмæ ацу дæ фæндагыл, йæхæдæг дæр хуыздæр ран куынæ уыди, мыййаг, æмæ йæ сæрыл сдзурæг ничима фæци. Уый дæр, уыцы тæри- гъæддаг цæстыты хицауы хуызæн, ацы стыр галуантæм йæхи хъуыддаджы фæдыл æрбацыд. Æмæ дзы кæд фыццаг хатт нæ уыди, уæддæр æм дзы искæй сæрыл рахæцынмæ ницы ’фсарм хаудта. Стæй дзы йæ бон кæуыл цыд, æниу? Йæхи сæрæн куы зыдтаид исты мадзал. Фæлæ куыд фæлæууыдаид, дæ хорзæхæй, уыцы цæстыты тæригъæддаг æнгасмæ — сæ хицауы æнæбондзинады гуызавæ æмæ мидхъуырдухæны æргом æвдисæнтæм! Кæмдæр ын йæ зæр- дæйы уидæгтæ бацагайдтой, æмæ та йæ риуы сæвзæрд зонгæ мастабухгæ пихылæйттæ, хурхы уадындзтæ кæмæй адымстыс- ты, ахæм. Æрфæндыди йæ æфхæрд уды хицауы уæлхъус балæу- уын, рæвдауæн ныхæстæ йын зæгъын, зæрдæ йын бавæрын: «Ма тæрс, мæ хур. Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Дæ сæр бæрзонд- дæр сис. Адæймаг куы дæ. Кæмæ æрбацыдтæ, уый дæр адæймаг куы у. Хъуамæ дæ ма бамбара? Хъуамæ дæ тыхсты ма бацæуа, кæд йæ бон у, уæд? Æнæбоны гуызавæтæ дæ сæрмæ ма хæсс». О, йæ фæрстæ уын фехæлой, йæ зæрдæйы тугтæ уын нык- кæлой Астейæн! Фæлæ цы йæ бон у! Йæхæдæг дæр ардæм æнæбары æрба- 4 Дзуццагы Эльбрус 49
цæуæгæй дарддæр ницы у. Зыдта йæ, уым дæр, мидæгæй, рай- дзаст уæрæх кабинетты йæхи хуызæн зæххон адæм кæй бады, бæрæгбон æмæ æгуыст сæрымагъзы хъуыдытыл хæст кæй не сты. Алкæй дæр сæ, Астейы хуызæн, йæхи сагъæстæ кæй æхсы- нынц, йæ зæрдæйы арф хъæдгæмттæ йын кæй агайынц. Уый æмбæрста Асте, æмбæрста йæ зондæй, зæрдæйæ. Æмæ йæ уыцы хъуыды æмуд кодта уыцы адæмимæ, се ’мтуг-се ’мыстæг æй кодта. Афтæ ныфсджын æмæ бархъомысæй дæр-иу уымæн æрба- цыд ардæм. Фæлæ ацы лæгæн, Астейы хуызæн, баххуыс кæны- ныл кæй нæ батыхсдзысты, афтæ йæм касти. Уымæ гæсгæ-иу фæтæн мрамæр асинтыл уæлæмæ куы схызти, авгæй асдæрд дуæрттыл-иу тыргътæм йæ къах куы бавæрдта, уæд-иу цæмæ- дæр гæсгæ йæ чемы нал уыд. Цыдæр арæн-хахх-иу фæзынд, йæхи æмæ мидæгæй чи бадти, уыцы адæмы æхсæн. Куыддæр æм хардзау каст, йе ’мсæр адæймагмæ бацæуыны æмæ йемæ зæр- дæйæ-зæрдæмæ аныхас кæныны тыххæй цыдæр кæнгæ цæлхдур- ты сæрты хизын кæй хъæуы, дуарыллæууæг сырхпъагонджын милиционеры хорзæх дæр дзы исты æнæдавгæ кæй нæу. Бацæуы- ны агъоммæ-иу йæхицæн цы зæрдæйы уаг сæвæрдта, цы ныхæстæ- иу барæвдз кодта рагацау, уыдон-иу цыдæр æрбаисты. Æмæ уый тыххæй цыдæр æнæбондзинады утæхсæны уыди йæхæдæг дæр, дуаргæсмæ дæр уымæн мæсты кодта, раст цыма ам йæхи барвæндонмæ гæсгæ лæууыди, уыйау, кæд уый аххо- сæй йæ хъуыддаг æнæлыгæй никуы баззад, уæддæр. Никуы йæ ничи æрурæдта. Стæй цæй охыл, кæй бон у! Уæддæр æм хар- дзау каст, ахæм гуызавæйы фæлм-иу кæй фæзынд йæ зæрдæйы, уый. Фæлæ дуаргæс цæмæй ’мбæрста Астейы зæрдæйы ахаст, йæ бынаты уыцы цырддзæстæй бадт æнæ уæлдай гуырысхойæ. Алы бацæуæгæн дæр-иу ссардта æмбæлгæ дзуапп, бацамыдта-иу ын йæ бынат. Ноджы афтæ лæмбынæг архайдта, цыма, уый куы нæ уаид, уæд мидæгæй бадджытæ дæр сæ хъуыддæгтæ ныууагъ- таиккой. Фæлæ Асте уыдæттæм йæ хъус никуы ’рдардта, никуы ба- фæстиат ам. Дуаргæсы раз йæхи фæкъæмдзæстыг кæнын никуы бауагъта, курæг адæймаджы хуыз æм никуы равдыста. Сæрмæ сæр хæсгæ балæууы йæ размæ æмæ йын цыбырæй, æнæуæлдай ныхасæй, бамбарын кæны йæ цыды сæр. Йæ цæсгоммæ дæр ын дзæбæх нæ бакæсдзæн. Ома: «Мæн не ’вдæлы, мауал мæ фæс- тиат кæн». Афтæ дæр-иу æм фæкаст, цыма дуаргæс Астейы æнæ- бондзинадыл кæмдæр йæ зæрдæйы мидæг худгæ кæны, æмæ йæ, мыййаг, куы баурома, уымæй дæр-иу тарсти. Фæлæ йæ ацы хатт бахъуыд фæфæстиат кæныны сæр. Уый дæр уымæн, æмæ йæ, кæмæ цæуын хъуыд, уыцы адæймаг мидæгæй нæ разынд. 50
Иу цъусдуг йæ мидбынат лæугæйæ баззад Асте, æвиппайды аз- дæха, æви ма æнхъæлмæ бакæса, ууыл хъуыды кæнгæйæ. Раст уыцы уысм æрбахызт, Астейæн йæ зæрдæйы тугтæ кæ- уыл ныккалдысты, уыцы цæстыты хицау. Бæрзондгомау тæн- тъихæг лæг, йæ азтæй раздæр чи фæгуыбыр, ахæм. Йæ дæларм ирон уæлдзарм худ. Кусæн цырыхъытæ йыл, ранæй-рæтты аив рæхсад уæлæдарæсы. Фыццаг хатт кæй уыди ам, ацы уæрæх галуанты, уый зынди фыццаг бакастæй дæр, куыд æнæуæндо- нæй æрбахызт æмæ æнæууæнк кæстытæ акодта йæ фæйнæ фæр- стæм, уымæй. Авджын дуар йæ фæдыл куы ’рбахгæдта, уæд гуырысхогæнæджы лæуд æркодта тæккæ æрбацæуæны æмæ тыр- гъы йæ цæст дыууæрдæм ахаста. Хъавгæ æрлæууыд, цыма йæ быны паркетæн асæттынæй тарсти, уыйау. Йемæ æрбахаста цы- дæр æнæбондзинады фырнымд тас æмæ лæгъстæгæнæджы тæ- ригъæддаг æнгас. Æмæ та Астейæн йæ зæрдæйы тугтæ ныккал- дысты. Цыма ацы зæххыл кæй цæуы, йæ ницæйаг хъуыддæгтæй искæй кæй тыхсын кæны, уымæй азымджын у, уый лæуд æркодта дæрддзæфгомау. Уым йæ рæзты хъуыддагхуызæй дыууæрдæм кодтой алыхуызон адæм, чи мидæмæ цыди, чи æддæмæ. Раздæр дуаргæсыл йæ цæст не ’рхæцыд æмæ мидæмæ фæраст кæнынмæ хъавыд. Стæй фæкомкоммæ дуаргæсмæ æмæ аххосджыны хуы- зæй йæ размæ бацыд. Цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ нæ са- рæхст. Æмæ уæд йæ телогрейкæйы мидæггаг дзыпмæ нывнæлд- та. Уæдмæ æнцад æнхъæлмæ каст хъуыддагхуыз милиционер дæр. Йæ цæстæнгас амыдта: «Алæ-ма, ды та дзы кæцытæй дæ, цы зæд-цы дуаг дæ æрбахаста, æз æй базонон». Æрбацæуæг йæ дзыппæй сласта цыдæр гæххæтты гæбæзтæ, милиционермæ сæ бадардта, æмæ æрмæст уæд сыхъуыст йæ дзыхæй фыццаг ны- хæстæ. О, уыцы тæригъæддаг æнæбондзинады гуызавæ! Æрбацæ- уæг кодта йæ хъæстытæ, йæ удæй бацыди, мæгуырæг, цыма ацы лæгæй аразгæ уыдысты йæ хъуыддæгтæ иууылдæр. Уый дæр æм хъуыста æнцад, сæрбæрзондæй, хъысмæтлыггæнæг барджын адæймаджы цæстытæй йæм уæлейæ дæлæмæ кæсгæйæ. Хатгай- иу телефоны дзæнгæрæгмæ хæтæл йæ къухмæ систа, æмæ-иу æрбацæуæг дæр йæ ныхас баурæдта. Банхъæлмæ-иу каст, стæй та-иу ногæй райдыдта. — Æз ницы аххосджын дæн, — æвæццæгæн, цыбырдæр куыд бамбарын кодтаид йæ цыды сæр, уый нæ зыдта лæг æмæ уæд, рагацау цы ныхас барæвдз кодта, ууыл фæхæст ирвæзынгæнæд- жы хуызæн æмæ та-иу æй æнæмбаргæ фысымыл сæмбæлын код- та. — Æз ницы аххосджын дæн... Æз фыййау дæн... Фондз æмæ ссæдз азы цæуын фосы фæдыл... — Лæгæн фæфидардæр йæ 51
хъæлæсыуаг. — ...Æмæ мæнæ акт сарæзтой. — Йæхæдæг гæх- хæттытæм ацамыдта. — Ныр мын ардæм æрбацæуын бацамыд- той... Дуаргæс телефоны хæтæл æрæвæрдта æмæ йе ’ргом бын- тондæр раздæхта фыййаумæ. Уæдмæ уый йæ гæххæттытыл хæ- цыди, æфснайгæ сæ бакæна, æви сæ милиционермæ радта, ууыл хъуыды кæнгæйæ. Райста сæ милиционер йæ къухтæм, æркасти сæм, стæй йæм йе ’ргом аздæхта, гæххæттытæ йæм кæй радта, ууыл дисгæнæгау: — Æмæ цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыдтæ, зæгъыс? Æрбацæуæг та райдыдта дзурын, фæлæ йæ уый æрдæгыл фæурæдта къухы фæтылдæй. — О, бамбæрстон. Раст зæгъыс, ис махмæ, ды кæмæй зæ- гъыс, ахæм хайад. Фæлæ уал раздæр министрадмæ цæуын хъæуы. Уым дын куы нæ равзарой дæ хъуыддаг, уæд ардæм дæр — табауафси. Уый размæ... Æрбацæуæг йæхимидæг батыхсти, йæ иу къахæй иннæуыл æруагъта йæ уæз æмæ ма сфæрæзта: — Æз ам фыццаг хатт дæн. Министрад кæм и, уый дæр нæ зонын. Лæг горæтмæ арæх куы нæ æфта, уæд... Мæнæн ардæм бацамыдтой. Мæнæ ныр ам рахызтæн машинæйæ. Мæн æнæ- мæнг хъæуы ардæм цæуын... Æгæр зындзырд куы разынд фыййау, уæд æм милиционер хæстæгдæр балæууыд æмæ йын дуары ’рдæм йе уæхскыл са- быргай ахæцыд: — Нæ, нæ, хорз лæг. Æз дын куы бацамыдтон, кæдæм дын цæугæ у, уый. Æгъгъæд мæ уром. Асте уæдмæ лæууыди йæ бынаты æмæ иуфарсырдыгæй æнæ- дзургæйæ хъуыста; йæ маст хæрдмæ пихылæйттæ кæй хæссы, уый æмбæрста, фæлæ йæхи урæдта. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, иу хатт Арыхъы хъæутæй иуы (ацы лæг дæр уырдыгæй уыди) фыййæуттæм куы бафтыд, уæд æй хионы хуызæн куыд суазæг кодтой, уый. Зæрдæхæлар, цæстуарзон, æнæлаз адæм фæкас- тысты Астемæ, цъынддзæстæй йæм дзы иу дæр нæ ракаст. Æмæ ныр цыма йæхæдæг ацы фыййауæй цæмæйдæр къæмдзæстыг у, афтæ йæм фæкаст, йæ цæстытыл ауад, фыййау куыд зынтæй æрбафтыдаид ардæм, уый. Чи зоны, автобусмæ раджы сыстада- ид (уый размæ бирæ фæфæндтæ кодта ацы фæндагмæ), ныр йæ къухы цыдæр амæлттæй бафтыд ссæуын æмæ — марадз, гъе!.. Æгæр-мæгуыр, дæргъæлвæс дуаргæсы хивæнд басæттын йæ бон нæбаци. Астейы фæндыди сдзурын, дуаргæсы йæ гаччы сæвæ- рын, дард бæлццоны бынтон дзæгъæлы кæй уромы, уый йын бамбарын кæнын. Фæлæ йæхи урæдта. Йæхæдæг дæр хъуыд- даджы фæдыл æрбафтыд, æмæ кæд бархъомыс, сæрмæ-сæр хæс- 52
сæг адæймагыл нымайы йæхи, уæддæр æм искæй цæхдоны йæ къæбæр тулын аив нæ фæкаст. Стæй кæд фыййау йæхæдæг дæр сонт-монты фæстæмæ нæ аздæхид... Ау, аздæха? Иу хатт Астейы ’рдæм æххуысгурæджы тæригъæддаг цæс- тытæй æрбакаст. Фæлæ ницы сдзырдта уæддæр Асте. Фыййау ма йæ мидбынаты дыууæрдæм бадзойтæ кодта, стæй æнæдзур- гæйæ разылди, йæ худ йæ сæрыл ныккодта æмæ аздæхти фæс- тæмæ. О, зæрдæйы тугтæ уыл ныккæлой! Нырма ныр бахъардта Астемæ, йæ цæстыты раз адæймаджы йæ æнæбондзинады фæн- дагыл кæй ауагъта, йæ сæрыл кæй ницы сдзырдта. Туджджыны цæстæй бакаст дуаргæсмæ, фæлæ уый уыцы æвæлмонæй дард- дæр дæр архайдта йæ хъуыддæгтæ æххæст кæныныл. Уæд та иу чысыл къæмдзæстыджы аууон куы фæзындаид йæ цæсгомыл! Куыд нæ йæм бахъардта уыцы æнæбон тæригъæддаг æнгас, цæй æнæуд разынди! Æппын карчы хурхыл кард никуы сæвæрдта æмæ хуыцаумæ дæр никуы скуывта? Уый нæ, фæлæ — йæ бон кæуылдæр кæй цæуы, цыдæр хъысмæт лыггæныны бар æм кæй хауы, уымæй цыма бузныг уыди дуаргæс, афтæ каст Астемæ. Æнæджелбетт, æнæрхъуыды адæймагæн та йæ бухъзæрдæ ми йæ цæстмæ дарын — бирæгъæн сæгъы мехъ у. Фæлæ йын уæд- дæр сабыргай, йæ ныхасы мæсты зæлтæ куыд нæ фæзына, аф- тæмæй бауайдзæф кодта Асте: — Уыцы лæджы фæстæмæ йæ фæд-фæд куыд арвыстай, æвæдза! Хуыцау хорз, æмæ æгæр фырнымд разынд... Ау, гор- мон, цавæр хабар у, дард ранæй куы фæцыд! Ды та йын тæри- гъæд фæкодтаис... Фæлæ дуаргæсмæ йæ ныхæстæ, æвæццæгæн, нæ бахъард- той, къæмдзæстыджы фæд йæ цæстæнгасы ныр дæр нæ фæ- зынд. Астейы исдугмæ æрфæндыд, фыййауы фæстæмæ разда- хын, кабинетæй кæцыфæндымæ дæр бадзурын, милиционерæн йæ бон базонын кæнын. Фæлæ уæдмæ лæг афардæг, æмæ сагъ- дау йæ бынаты лæугæйæ баззад Асте. «Ныр, цымæ, ацы адæй- магæн йæ бæрны фылдæр хъуыддæгтæ куы уаид, фылдæр адæ- мы хъысмæт лыг кæнын ам куы кæсид, уæд куыд уаид? — ахъуы- ды кодта Асте. Фæлæ хъуыды кæнынæн бирæ рæстæг нæ уыди. Йæ зæрдæ ахсайдта фырнымд фыййауы фæдыл. Йæ мастæй йæ ныфс куыд сæтты, уый фембæрста Асте, æмæ йæхицæн зæр- дæтæ æвæрыныл фæци: «Цæй, ныры онг дæр мæ хорзæхæй куы нæ царди, мыййаг. Цы силлæг дæн? Ссардзæн, цы йæ хъæуа, уый. Фыдбон ыл куы акæна, уæд æгæрдæр ма стъæлфдзæн». Дарддæр ам æнхъæлмæ кæсынæй пайда кæй нал ис, уымæ гæсгæ рацыд Асте дæр: уыди сихор асадæн афон. Уыцы лæджы 53
раййафыныл кæй фæлвары, уый фембæрста, æмæ йæ цыдыл бафтыдта. Цæмæй йын баххуыс кæндзæн, уый йæхæдæг дæр бæлвырд нæ зыдта, фæлæ йæ уæддæр йæ къæхтæ рахастой æддæмæ, фыййауы фæдыл. Æрфæндыд æй уый уæлхъус балæу- уын, йæ зæрдæйы хорзæхыл æй бафтауын, дарддæр ын цы гæнгæ у, уый бацамонын. Ахæм тыхст сахат æй иунæгæй ныууадз йæхи æвджид, уый Астемæ фæкаст æгад: цыма йæ судзгæ кодта уыцы хъуыддаджы азар. Згъорæгау æруади асинтыл, рауад вестибюльмæ æмæ йæ ахъахъхъæдта. О, уæртæ и! Лæг лæууыди, уæлæмæ схизæн аси- ны рæбын чи бадти, уыцы милиционеры цур, æмæ йын къухæй цыдæртæ амыдта, кæцæй æрхызт, уыцы дуары ’рдæм. Фæлæ йын цыма уый дæр ницы зæрдæвæрæн ныхас загъта. Æмæ уæд уый дæр рараст и. Асте йæ размæ бацыди. — Цæуыл дзырдтай уыцы милиционеримæ та? — йæ цымы- дисæй дæр нæ фефсæрмы, афтæмæй комкоммæ бафарста Асте. — Уæлæ уæллаг милиционермæ куы сдзырдтаид, уый мæ фæндыд... О, уыцы зæрдæнхъæл æууæнк! Ацы хатт йæ зæрдæ фæхуд- ти фыййауыл. Уый бæрц рацæр æмæ æндæр хуыздæр дæ сæрмæ мацы ’рцæуæд. Ау, йæ фысты дзугæй дарддæр никуы ницы фед- та? Сæ хъæуыхицаумæ дæр никуы бацыд? Æфхæргæ дæр æй никуы ничи бакодта? Фæлæ йæ азымы дæр кæдмæ дардтаид? — Æмæ ныр цы дæ зæрды ис? Кæдæм цæуынмæ хъавыс? — хин фарст ма йæ акодта Асте, исты хорз уынаффæмæ кæй не ’рцыдаид, уый рагацау зонгæйæ. — Мæ-гъа, кæдæм цæуон, нæ зонын. Ам горæты арæх куы нæ уай, уæд... Ссардтаид, чи зоны, йæхæдæг дæр йæ цæуæнтæ; ардæм кæм сæфтыд, уым хъуамæ бынтон хуымæтæджы ма аздæхтаид сæ хæдзармæ. Фæлæ йыл Астейы зæрдæ афтæ фæхудт, æмæ, куы ницы йæ бон суа, ууыл тынг сдызæрдыг. Иунæгæй йæ æнæбон- дзинады æвджид ныууадз, уый та йæм худинаг каст. Æмæ Ас- тейы зæрдыл æрбалæууыд редакци. Уым ын зонгæ лæппутæ уыди. Йæхи кар, æмбаргæ æмæ аудгæ кастысты Астемæ. Цы хъуыддагмæ сæм бацæуай, уымæ лæмбынæг сæ хъус æрдарынц. Æвзæр ахъаз хъуамæ ма фæуой. Науæд кæмыты агурдзæн мини- страд? Ссардзæн, кæмæ йæ цæуын хъæуа, уый? Иæ фырнымд- дзинад та йыл комдзог нæ рацæудзæн? Стæй йын йæ хъæсты- тæм цы цæстæй ракæсдзысты, уый чи зоны? Куы та фæкъуых- цы уа? Мæнæ цыма раст йæ хорз хæстæг у, афтæ йыл тыхсын райдыдта Асте. Чи зоны, æмæ дуаргæс раст уыд. Чи зоны, æмæ лæгæн раст зонд амыдта, æмæ йын раздæр ардæм цæугæ нæма уыд... Чи 54
зоны... Фæлæ, мæгуырæг, уый ахæм æнæбон тæригъæддаг къултæ ныккодта йæхи, æмæ Астейы зæрдæйы тугтæ ныккал- дысты. Уый йеддæмæ цæмæн разгъордта йæ фæдыл, цæмæн æй раздæхта, цы йыл йæхи тыхсæг скодта? Æмæ йсдуг йæ зæрдæйы уаджы тыххæй йæхимæ цыдæр лæ- мæгъ, лæхъир фæлмæн адæймаг фæкаст, йæхицæн дæр чи ницы у, æмæ искæмæн дæр, ахæм. Исдугмæ йæхимæ рамæсты. Цæ- мæн хъæуы зæрдæмæ алцыдæр афтæ хæстæг хæссын? Чи йын у ацы лæг, йæ сæрыл хæцæг йæхи цæмæн скодта? Хатгай, чи зоны, иувæрсты хæрдты кæсгæ ацу, уæд-иу хуыздæр нæ уаид адæйма- гæн йæхицæн дæр æмæ хъуыддагæн дæр? Фæлæ та йæ цæстытыл ауад фыййауы æнæбондзинады мид- хъуырдухæн. Рацыдысты иумæ æмæ уынджы фæуырдыг код- той. Æдде бакæсгæйæ æгæр хицæн хуыз уыдысты: фыййау хъæ- уккаг хуымæтæг дарæсы, Асте та — хæрзарæзт, æдгалстук, урс хæдон æмæ сау костюмы. Æмæ иумæ уыцы æнæвдæлонхуызæй кæй тагъд кæнынц, уый хъуамæ искæмæ диссаг фæкастаид. Редакцийы разындысты йæ зонгæ лæппутæ, салам сын рад- та Ахте æмæ йе ’мбалмæ ацамыдта: — Мæнæ ацы лæджы сымахмæ æрбакодтон. Ахæм диссаг-ма уа! Дардæй фæцыд, мæгуырæг, æмæ йæ уæлæ милиционер, ма- радз-зæгъай, уадзгæ дæр кæд бакодта! Æмæ йæ сымахмæ ракод- тон. — Цы кæны, хорз у, мах дæр æм байхъусдзыстæм, — загъта рæбинаг стъолы уæлхъус чи бадти, уыцы лæппу-лæг. Зонгæ дæр дзы тынгдæр уый кодта Асте. Фыййау æрбадт æмæ та райдыдта йæ хъæстытæ кæнын. Фæлæ йæм Асте йæ хъус тынг нæ дардта. Раст æмæ зылын æвзарыныл та кæй сбæндæн уыдаид йæхæдæг дæр, уый æмбæр- ста. Æмæ йæхи хъуыддæгтæй дæр зæрдæцъæх у, йæ хъуырмæ. Фæлтау æй мæнæ ацы лæппутæ равзарæнт. Æууæнды сыл. Æмæ йæ уыдоны æвджид ныууагъта. Йæхæдæг йæхи хъуыдытыл фæци. Фыййау йæ удæй бацыди, дзыхæй кæм нæ арæхст, уым къу- хæй амыдта. Бирæ нæ фæдзырдта, фæлæ цыма кæрæдзийы бам- бæрстой. Иу цалдæр æхст-фарсты ма йæ акодта редакцийы ку- сæг, стæй уæд Астейы ’рдæм аздæхти. — Æркæсын хъæуы ацы хъуыддагмæ лæмбынæг, æмæ нæм æй писмойы хуызы куы ныффыстаид. Солтан (йæ ном дæр ын базыдта) куы нæ сарæхса. Дæхæдæг ма йын феххуыс кæн. Астейы нæ фæндыд искæй хъæстытæм хъусын, фæлæ уæд- дæр æвæндонæй сразы. Æнхъæлдта, бирæ рафæрс-бафæрс ба- хъæудзæн фыййауы, бирæ æлхынцъ бæстытæ дзы халын хъæу- 55
дзæн, зæгъгæ, æмæ уый тыххæй зивæг кодта. Фæлæ дзы ницы уыди, сæр кæуыл фæрыстаид, ахæм зынæмбарæн сусæгдзина- дæй. Куыд сбæрæг, афтæмæй Солтан фыййауæй нæ, фæлæ æхсæв- гæсæй куыста колхозы хъомты фермæйы. Уадиссаг ми нæу, мыййаг, цы хæстæ йæм хауы, уый цæмæй ма бамбара Асте. Бон стуртæ вæййынц хизынмæ, хъомгæсты ’вджид, изæры сæ куы æртæрынц, уæд сæ нымадæй бакæн хъомдæтты. Цалдæр мæйы размæ, сæрды (ныр та æрæгвæззæг уыди, æмæ кæд мит нæма рауарыд, уæддæр фæуазал), фос хизæнтæй иу стур хъуагæй æрцыдысты. Куы сæ банымадтой, уæд Солтан æмæ йе ’мбал æхсæвгæс хъомгæсæн загътой сæфты тыххæй. Уый йæ къух ауыгъта — цыдæр фæлмаст æмæ мæсты уыди. — Цæй, кæд райсом зынид. Æгæр банафон, цалынмæ ранымай-банымай, раныхас-баны- хас кодтой, уæдмæ, æмæ æхсæвгæстæй иу дæр хъæумæ нал фæ- хæццæ хабаргæнæг. Стæй ма правленийы дæр кæй баййæфтаик- кой? Дыккаг бон райсомæй раджы Солтан йе ’мбалы ’вджид ныууагъта фос, йæхæдæг лæфлæфгæнгæ æрхæццæ хъæумæ æмæ сæрдарæн фехъусын кодта хъуджы хабар. Уайсахат цалдæрæй машинæйы абадтысты, æмæ агурынмæ ацыдысты. Ссардтой йæ быдыры, уæлгоммæ хаудæй, йæ цæстытæ ныдздзагъыр сты, афтæмæй хуыссыди. Зайгæ-зайын адаргъ кодта йæ къæхтæ. Са- рæзтой акт æмæ йæ фиддон фæкодтой се ’ртæйæн иумæ... Рæс- тудæй басыгъта Солтаны хъуджы амард æмæ куыннæ фæхаста- ид йæ хъаст дæр! Асте писмо куы ныффыста æмæ йæ редакцийы кусæгмæ куы радта, уæд разыйы цæхæр скалдтой Солтаны цæстытæ. Раарфæ кодта се ’ппæтæн дæр æмæ зæрдæхъæлдзæгæй рацыд. Астейæн дæр цыма йæ боны хъуыддæгтæ иууылдæр конд фесты, уыйау цыдæр æнцойдзинады æхсызгон уылæн ацыд йæ риуы. Кæд фыййау кæй радзырдта, уыдон æцæг разыной, уæд редакцийы кусджытæн дæр йæ сæрыл æнцондæр дзурæн уыдзæн. Комкоммæ цæстфæлдахæн, æдзæсгом митæ куыд кæндзысты^ уый хуызæн куыстуарзон, æнæхин æмæ æнæлаз адæймагæн? Йæ ног зонгæ та æцæгдæр ахæм кæй у, ууыл æппындæр нæ гуырысхо кодта Асте. Нæ, уым зæфцы фыдæй цыдæр æдзæллагдзинад æруагъ- та, æвæццæгæн, йæхæдæг дæр. Фæлæ афтæ бафхæр æнæазым адæймаджы, йæ тæригъæды бацу, уый йæм æгæр æвирхъау ми кæсы. ’Æмæ æниу йæхæдæг дæр хуыздæр ран и? Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ комкоммæ йæм ничи уæнды, сæ хинтæ арфдæр æмбæхст сты Астейы фыдгултæн. Стæй дзы сæхæдæг дæр тынг райгæ не сты. Хуыцауæй разы, хос кæнын сын фæразы. Æмбæх- 56
стытæй хъазæгау кæнынц, æмæ сыл Ахте исдугмæ йæхи æррайау хъардта. Ныр сыл фæцахуыр æмæ сын кæд нæ бары, уæддæр фæзондджындæр йæхæдæг дæр. Сæртæг схъиудæй нал архайы раздæрау. Æмæ сын уый сæ тъæнгтæ цæгъды. Фæлæ уыцы то- хæй хъару сæтты, сигæцыл дауæгау æй заууатмæ тæры, зæр- дæйы тугтæ сысынц. Æмæ æнæнхъæлæджы Асте йæхи банкъардта æнахуыр ас кары, алцы уынаг зондæй чи архайы æмæ æвзонгдзинады рæ- дыд йæхиуыл чи нæуал уадзы, ахæм адæймагæй. Афтæмæй та йæ ног зонгæ фыййауæй бирæ кæстæр æййæфта. Цæмæдæр гæсгæ ныр тæригъæддаг æмхæццæ хъуыдытæ уыцы æнæзонгæ лæгæй рахаста йæхимæ, цыма æнахуыр зæронд у, афтæ йæм фæкаст. Кæй ныддызгъуынтæ æмæ йæ, чи бамбара, иу ахæм фæхæцæг кæй хъæуы йæхи дæр фæрсырдыгæй, уый бамбæрста. Фыййауы хъуыддаг нырма цæуыл банцайдзæн, уый зын зæгъæн у. Рага- цау Ахте кæй нæма зоны, ахæм цæлхдуртæ дæр дзы фæзын- дзæн; æвæццæгæн, æмæ йæ рахæцæн газеты кусæджы къухты ис. Уый йæм цы цæстæй акæса, уымæй аразгæ у. Фæлæ уал уæддæр фæрсырдыгæй иу дзурæг фæци. Кæд, мыййаг, фыййауы æфхæрын нæ бауадзид. — Ныр æй дуаргæс милиционер мидæмæ нæ бауагъта, зæ- гъыс? Æй гауыр, адæймаг куыд диссаг у, æвæдза: чысыл æм бартæ хауæд, уыййеддæмæ сæрмæ хизыныл дæр нæ ауæрды. Иу хуыцау, дам... — мадзурайæ дарддæр бадын аив нæу, уымæ гæсгæ райдыдта уаты хицау. — Дæхицæн та куыд сты дæ хъуыд- дæгтæ? Асте йын ницæмæй раппæлыди. Стæй йын йæ хъæстытæ кæныныл дæр не схæцыди. — Рæстдзинад тынг гæлиртæ у, куы йæ агурай, уæд ыл дæхи фæхойдзынæ, — æвæццæгæн, йæхи дæр цыдæр азымы тæуццаг сыгъта газеты кусæгæн æмæ уый судзагæй дзырдта Астейы зæрдæ фæлæууын кæныны тыххæй. Фæлæ æнæбондзинады их- сыд, фæлурс ныхæстæ фæлхатын нæ цыди Астемæ, бирæ хæт- тыты сæ фехъуыста. Æмæ сыл разы кæны, æви нæ, уый йæхæ- дæг дæр не ’мбæрста. Разы сыл куы уыдаид, уæд, æвæццæгæн, йæ фæлтæрæнтæй дæр банцадаид. — Æмæ уæдæ Солтан дæр дзæгъæлы архайы, цымæ? — хынц- фарст акодта Асте фысымы. Ахæм уæнгуагъд, æнæбон зæрдæйы уагæй куы акæса хъуыддагмæ, уæд ма сæ фæлтæрæнтæ та цæ- уыл сты. Йæ гуырысхо йын фембæрста газеты кусæг дæр æмæ загъта: — Кæд, цытæ дзырдта, уыдон раст уой, уæд архайдзыстæм хъуыддаг йæ гаччы сæвæрыныл. Фæлæ уым нырма цас фæзи- лæнтæ уыдзæн! 57
Раст дзырдта: сонт зæрдæвæрæн ныхæстæ йын нæ загъта, стæй йæхи дæр нæ сыгъдæг кодта Астейы цæсты. «А газеты кусæг дæр сæ зыгуымы муртæй нæу», — ауади йæ сæры æмæ йæм бузныгхуызæй бакаст. Цыдæр æвзонгдзинады ныфсы цырен та фæзынди йæ риуы. Йæ цæстытыл ауади, райсом та мрамæр фæтæн асинтыл уæлæмæ куыд суайдзæн æмæ авджын дуарыл мидæмæ куыд бахиздзæн, уый. Милиционеры раз балæу- дзæн æмæ^бамбарын кæндзæн йæ цыды сæр. Фæстæмæ йæ мауал раздаха! Йæ æхсидав-цæхæртæ йыл ныккалдзæн, æвæдза! «Афонмæ Солтан цы фæуыдаид? Сæхимæ афардæг, æви ма ам горæты афæстиат? — йæ хъуыдытæ йæ рахастой йæ ног зон- гæйы фæдыл. — Изæры сæхимæ ныццæудзæн. Уым æм æнхъæлмæ кæсдзысты йæ бинонтæ. Цы радзурдзæн йæ усæн, йæ сывæл- лæттæн? Цы æхсызгон хабар сын фехъусын кæндзæн? Чи зоны, Астейы кой дæр æнæ скæнгæ нæ фæуыдзæн». Æмæ йын уыцы хъуыды фæци уæлдай æхсызгон, йæхи хъуыддагыл дæр цыма уый бæрц нал тыхст, афтæ йæм фæкаст. Йæхицæн цæмæдæр гæсгæ йæ цæстыл ауад дæргъæлвæс милиционеры хъуыддагхуыз цæсгом. «Цымæ ма уым райсом дæр уый лæудзæн?» — æнæбары йæ сæры ауади уыцы хъуыды, йæхæдæг сыстад æмæ фенынмæ загъта редакцийы кусджытæн. * * * Цасдæры фæстæ Асте цыдæр хъуыддæгты фæдыл ныфтыд, Солтан кæм цард, уыцы районмæ. Фæлмастхуыз уыди. Æрмæст ын йæ зæрдæйы сагъæстæ йæ цæстытæ æддæмæ не ’вдыстой, цыдæр ныфсы цæхæр ма сæ мынæгæй æрттывта мидæгæй. Алы- хатт дæр-иу куыд уыд, афтæ Асте архайдта йæхиуыл хæцыныл, æнтъыснæг хъуыдыйы уацары бафтынæн йæхицæн бирæ рæс- тæг нæ лæвæрдта. Районы хицауад кæм бадынц, уыцы хæдзары цур Асте ауыдта йæ зонгæ фыййауы. Дардмæ дæр æй базыдта. Уыцы морæхуыз дæрдджын гæлифейы, ихсыд къепкæ æмæ цырыхъхъыты. Те- логрейкæ йыл нæ уыди ныр: уалдзæг йæ тæмæны бацыд æмæ хур дзæбæх æрæндæвта. Уайтагъд æм фæкомкоммæ Асте æмæ йын йæ рагон зонгæйау салам радта. Базыдта йæ Солтан дæр. — Дæ хъуыддæгтæй цы бадæ? — æнæ уæлдай митæй йæ фæрсынтыл схæцыди Асте. — Мæнæ ныр дæр ууыл архайын. Тæрхонмæ йæ балæвæрд- тон æмæ цыма фæрæвдздæр уыдзæн, афтæ мæм кæсы. — Æмæ дын газеты ницы феххуыс сты? — Цæуылнæ. Газеты куы рацыди, уый фæстæ базмæлыди хъуыддаг. 58
Хъæлдзæг уыди Солтан, цыма йæ хъуыддæгтæ сарæзта, уыйау, æмæ æхсызгон уыди Астейæн. Нæ сæтты адæймаджы хъару, райсомы ныфсæй цæры. Йæхæдæг дæр нæма банцад, ар- хайы, æмæ йæ фæстаг кæронмæ дæр, æвæццæгæн, æнцойдзинад не ссардзæн. Цæуы царды фæндæгтыл Асте. Цымæ та кæд æмбæлдзæн, йæ сагъæсты уæзæй йæхимæ кæмæн райсдзæн, иу ахæм лæгыл?
Рагон шлар Уацау I Æфсæнвæндаджы станцæйы хицауы уæрæх кабинеты даргъ стъолы уæлхъус æфсæрмыгæнгæ æрлæууыдтæн. — Уæ хуыздæр кусджытæй мæ иуы фенын фæнды, — загъ- тон мæ цыды сæр æмæ бамбарын кодтон, газетæй кæй дæн, уый: — Очерк ныффыссын мæ зæрды ис, — зæрдыл æрлæууы- дысты, редактор мæ ардæм куы æрвыста, уæд мын цы дзырдта, уыцы ныхæстæ: — Нæ æфсæнвæндаджы станцæ Цæгат Кавказы зылды фыц- цаг бынат бацахста æмæ йын Цæугæ Сырх Тырыса лæвæрд æрцыд. Уый тыххæй нæ газет цыбыр хъусынгæнинаг лæвæрдта. Хус æрмæг. Ды бавдæл, æмæ сын сæ фæзминагдæр кусджытæй иуыл очерк ныффысс. Равдис ын йæ удыхъæды хуыздæр мини- уджытæ, газеткæсæджы цæстытыл йæ сурæт куыд ауайа. Ды уымæ арæхсыс, — зæгъгæ ма мын мæ зæрдæ алхæдта, æмæ мын, кæй зæгъын æй хъæуы, уыди æхсызгон. — Дæ балц-иу стан- цæйы хицауæй райдай. Науæд хъаст фæкæнынц, се ’вастæй сын нæ газеты исты куы рауадзæм, уæд. Мæнмæ гæсгæ, уавæр æмбæрста мæ фысым, æмæ уæлдай ракæ-бакæйыл не схæцыд. Раст цыма ме ’рбацыдмæ рагæй æнхъæлмæ каст, уыйау мæ уæлдай ницæмæйуал бафарста. — Хорз кусджытæ нæм бирæ ис. Кæцыйы дын бацамонон, нæ зонын, — загъта уый, нуарджын, раст мæнæ зæгæлтыл амад кæмæй фæзæгъынц, ахæм рæстæмбис кары лæг. Æфсæнвæнда- джы кусæджы дарæс дзæбæх фидыдта йæ хæрзконд уæнгтыл, æмæ цыма уый йæхæдæг дæр æмбæрста, афтæ-иу уæгъдæй йæхи ауагъта йæ къæлæтджыны. Иуцасдæр æнæдзургæйæ абадт, ру- дзынгæй æддæмæ кæсгæйæ, стæй йæ хъуыды фæбæлвырд код- та: — Æвзæр нæ уаид Ибырыхины тыххæй иу-дыууæ хъарм ны- хасы ныффыссын. Фаттæ æвæрæгæй нæм чи кусы, уыдонæн сæ раззагдæртæй у. Куыд фæзæгъынц — «Фæзминаг хъайтар», «Фæллойы хъæбул». Сымах сæ уæ газеты афтæ фæхонут, æнхъæлдæн. Фæлæ мæн дисы бафтыдтой, ме ’нæзонгæ Ибырыхины æппæ- линаг миниуджытæ нымайгæйæ, мæ размæ цы зонгæ дзырдбæс- 60
тытæ æркалдта, уыдон: «Фæзминаг хъайтар», «Фæллойы хъæ- бул». Раст сæ бафиппайдта. Ууыл басæттын хъæуы. Нæ газеты ахæм джиппыуагъд, итувæрдау лæгъз ныхæстæй, æцæгæйдæр арæх фæхъавæм газеткæсæджы былтæ айсæрдынмæ. Æз сæ уым æрбаййæфтон, стæй сыл ме ’мкусджытæй йæ къух сисынмæ дæр кæй ничи хъавы, уый бамбæрстон. Мæхæдæг дæр сæм фæныхи- лын, — гæды зæгъын къæм у. Æниу уæдæ махæн дæр цы гæнæн и? Газет комбайнæй уæл- дай нæу, нæ кусджыты фыдæбон уайтагъд йæ хъуыры ауадзы. Фæстиат кæнынмæ та йæ æвдæлгæ нæ кæны, æмæ иудадзыг йæ бон уырдыг лæууын кæмæн у. Афтæмæй сабыргай, æнæбары бамбырд вæййынц æнцойгуысты иударон мадзæлттæ, бахъуаджы заман нын нæ тыхст чи ацаразы, ахæм дзырдбæстытæ æмæ ны- хасыздæхтытæ. Æвæццæгæн, газеткæсæджы хъус дæр арауын байдайынц. Фæлæ мын сæ мæ цæстмæ дардтаид станцæйы хицау, уый æнхъæл нæ дæн. Уæдæмæ йæхæдæг дæр йæхи мæ цæсты цы хуызы равдыстаид, уый нæ зыдта, æмæ сæ æфстауæй исæгау мæ размæ рахаста. Фæлæ ууыл дæр нæ фесты йæ дзырдуаты æвæрæнтæ. — Æвзыгъд лæппу у, сæрæн. Раст æнæдон ранæй дон рауадз- дзæн. Йæ фæллойы фæндаг дæр ам, станцæйы, райдыдта. Гъе, æрмæст æм иу хъæндзинад ис. — Æз, цы уыдтæн, уымæй иууыл- дæр хъустæ фестадтæн: цы уа уыцы хъæндзинад? — Усгуры карæй иучысыл фæиртæсти æмæ нын нæ цæстытæ ныуурс код- та. Æцæг-иу уый тыххæй мацы ныффысс, сраст кæндзæн йæ рæдыд. Уыцы фæстаг ныхæстæ мæ уæлдай тынгдæр бацыбæл код- той Ибырыхинимæ сæмбæлынмæ. Цыдæр дыдзы рухс бауагъ- той йæ сурæты, адæймаджы æнгæс æй чи кодта, ахæм, æмæ йæ тагъддæр куы федтаин, уый мæ æрфæндыди. Цы фыссын хъæуы æмæ куыд фыссын хъæуы, уый та мæхæдæг æвзардзынæн. Уымæн æз куы нæ амонын, станцæйы хицауæн, куыд кусын æй хъæуы, уый. Уæвгæ йæ мæ бон афæрстытæ кæнын дæр уыди, йæхи хъуыддæгтæ куыд цæуынц, уымæй, æмæ йын бахъуаджы заман уайдзæфтæ бакæнын дæр. Дæхи æгæр уæзданæй куы æвди- сай, уæд дæ æнæдæндаг схондзысты. Æниу мæ ныридæгæн бы- цæуты бацæуын иу æмæ дыууæ хатты бахъуыди? Æрæджы мыл бынæттон хицæуттæй иу суанг райкоммæ йæ хъаст дæр бахаста, йæ хъаст, мæнæй уый, дам, мæ къуымы ба- кодта, хорæфснайæнты тæккæ тæмæны механизатортæм сæ си- хор афоныл кæй нæ хæццæ кæны, уый тыххæй. Цыма, дам, мæн уыдæттæм æвдæлы? Тынгдæр æй цæмæ æвдæлы, уымæн та мын дзуапп нæ радта. Æви йæ йæ сæрмæ не ’рхаста? 61
Бузныг мæ редакторæй — мæныл къæм абадын нæ бауагъта. Афтæ, дам, амоны нæ куысты фæтк. Классиктæй дæр ма сын кæцыдæры ныхæстæ æрлæууын кодта сæ зæрдыл: газет, ха- бæрттæ уæлвонгæй чи нымайа, æрмæст ахæм оргæн кæй нæу, фæлæ хъуагдзинæдтæ æхсидгæ æфсæйнагæй бынсыгъд чи кæны, ахæм ахъаззаг фæрæз. Раст зæгъгæйæ, æз мæ бартæ мæ разæй хылычъийау нæ хастон, фæлæ сæ уæгъд раппар-баппар дæр нæ кодтон. Хъуамæ æнæхъуаджы искæй зæрдæхутты цæмæн бацæ- уон? Ахæм хъуыдытимæ рацыдтæн станцæйы хицауы кабинетæй. Уæддæр мæ иу-цасдæр рæстæг рох нæ кодтой йæ ныхæстæ, уымæй фехъусын мæ фæсонæрхæджы кæмæн нæ уыди, фæлæ, ныридæгæн мæ цæстытæ кæуыл фæцахуыр сты, уыцы ихсыд дзырдбæстытæ. Ацы хатт мæм цыдæр иударон, сæ уд сæ мидæг кæмæн нал уыд, ахæмтæ фæкастысты. Цыма кæмæндæр йæ худ йæ сæрæй систæуыд æмæ йæ фæсаууонмæ Ибырыхины сæрыл ныччынди. Æндæр искæимæ куы кодтаид йæ кой, мемæ нæ, фæлæ, уæд дæр, цымæ, ракодтаид уыдоны кой? Ахæм гуырысхотæ мæ ноджы бацырендæр кодтой Ибыры- хинимæ сæмбæлынмæ, кæд ыл мæ бон исты дзæбæх ныхæстæ зæгъын бафтид, станцæйы хицау йæ дзыхы кæй нæ радава, ахæмтæ: цыма мыл уый зæрдæ куы фæхуда, уæд уымæй стыр- дæр худинаг нæй, афтæ мæм фæкаст. Институт каст куы фæдæн — æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг — уæд редакцийы æнæнхъæлæджы фæныхстæн. Ам кусын райдайдзынæн, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди. Фæлæ йæ, раст зæгъгæйæ, мæхицæн æцæгæлоныл дæр нæ ны- мадтон. Дамгъæты нывтæ кæрæдзийæ иртасын куы райдыдтон æмæ сæ иумæ бастæй дзырдтæ уайы, уыдонæй та — хъуыды- йæдтæ, уый куы афæлвæрдтон, уæд мæм джиппыуагъд фыс- тытæ фæлгъауын рæсугъд аргъаумæ хъусынæй уæлдай нал каст. Æвæццæгæн сæ мидæг цыдæр сусæг хъуыды кæй æмбæхстой, бамбарæн кæмæн уыди æмæ цæстытыл ауайæн, зæрдæмæ чи хъардта æмæ сæрымагъз кусыныл чи æфтыдта, ахæм цыдæр уый тыххæй. Æнахуыр хиуылныхасæг æхцондзинад мын хастой. Куыд дарддæр, афтæ та цымыдисагдæр... Кæлæнгондау мæм кастыс- ты, зæрдæйы рæбинаг къултæ-иу зарæгау чи рæвдыдта, бындза- рæй сæ-иу чи сфæйлыдта, уыцы мыртæ. Цардæгасау цæстыты раз æвзæрын кодтой зæрдæмæ хæстæг кæй исай, ахæм фæл- гонцтæ. Сæ фæдыл мæ æфтыдтой. Уæды рæстæг мæм «Мах дуджы» кæцыдæр номыр цы хуы- 62
зы æрбахауд, уый нал хъуыды кæнын. Фæлæ ма хорз хъуыды кæнын, мæстæймарæгау мæ йæхиуыл чи сардыдта æмæ уый фæстæ мæ фынтæм дæр ма чи рахызт, уыцы æмдзæвгæйы фыц- цаг рæнхъытæ: Дымгæ гæдыйау нынниуы, Дымгæ ныккæны кьуыззитт... Æмбисонды кæлæнгондау мæм фæкастысты. Мæн дисы баф- тыдта сæ аразгæ хуымæтæгдзинад æмæ сæ цæстылуайгæ æцæг- дзинад. Бауырнын мæ кодтой, дымгæйæн уд кæй ис æмæ йæхæ- дæг дæр рис кæй æнкъары, ууыл, æмæ йын æнæбатæригъæд- гæнгæ куыд фæцадаид. Мæн сæ фæдыл сайдтой, сидтысты мæм æххуысмæ. Фæлæ диссаг уый мидæг нæ уыди. Диссаг уый мидæг уыди, æмæ уæды онг уыцы хуызы мемæ — нæдæр нæхимæ, нæдæр скъолайы — ничи дзырдта. Афтæмæй та зæрдæйыл уый бæрц рогæн æндзæвыдысты (уæдæ сæ æмдзæвгæтæ дзæгъæлы хуыд- той), æмæ мæ сæ алæмæттаг хъару йæхиуыл амидингæнгæ бас- та. Сæхи уагæй кæй нæ рантыстысты, фæлæ сæ аразгæ кæй счындæуыди, цæрæг удæн кæй бакуымдтой кæнын, уый мæхи- мидæг æмбæрстон, æмæ мын цыдæр цыбæлдзинады монц уагъ- той мæ зæрдæйы. Се сфæлдисæгæн йæ ном æмæ мыггаг дæр амынд уыдысты. Хъыгагæн сæ абон нал хъуыды кæнын. Æз дын айтæ-уыйтæ куы нæуал фæкæнин, фæлæ куы бав- дæлин, æмæ кæйдæр æмдзæвгæ мæ быны куы æрæвæрин æмæ йæ мæхирдыгонау куы рацаразин. Уæвгæ йæм цастæ фæныхи- лын бафтыдаид мæ къухы? Иугай дзырдбæстытæ дзы аивтон, фæлæ, дам, фæзмгæйæ райгуыры сфæлдыстад. Ныр дымгæ гæ- дыйау нал ниудта, фæлæ цæф арсау. Къуыззитт нал кодта, фæлæ — богъ-богъ. Æмæ уый чысыл æрхъуыды у, цæмæй æмдзæвгæ мæхи бакæнон, уымæн? Æз æй рæсугъд рафыстон, къонвертьг йæ хъавгæ сæвæрдтон æмæ йæ арвыстон. Кæдæм, уый дæр куыд нæ зыдтаин? Афтæ- мæй æнхъæлмæ кæсын райдыдтон. Фæлæ дзæгъæл нæ кодтон. Сæ фæдыл мæ бафтыдтой мæ фæлтæрæнтæ, раст мæнæ хæйрæ- гæн йæхи куыд бафтыдтой йæхццæн йæ къæхтæ æрбабæттынæн бæндæн бийыныл, афтæ. Æмæ хæйрæджы ахæсты бахаудтон. Фемхиц сæм дæн æз дæр, æмæ сыл цыма мæхицæн дæр мæ бон бауыдзæн, уыйау мæм мæ зæрдæ фехсайдта. Уыдон кæмæй рантысынц, уыцы æвзаргæ адæм та цыма а-зæххæй не сты, фæлæ уæларвæй ратгæ, афтæ мæм касти. Афæлвæрдтон сæ афæзмы- ныл, æмæ мæ сæ фæдыл асайдтой. Фыдæбойнагæн, æвæццæ- гæн. Уæлдæр ахуыргæнæн бынат дæр уымæ гæсгæ равзæрстон, афон куы ’рхæццæ, уæд. Æмæ мæхицæн куыст агурыныл куы 63
схæцыдтæн, уæд мын редакцимæ хуымæтæджы нæ бацамындæ- уыд. Ноджы ма мын уæдмæ уæлдæр мыхуыры цыдæр дзыман- дытæ фæзынди, æмæ цыбæл уды монцыл æфтауæнтæ кодтой. Æвæццæгæн сыл кæйдæрты цæстытæ æрхæцыдысты æмæ сын исты æнхъæл фесты. Æндæра мыл газеты редактор цæстуарзо- нæй цæмæн бауызæлыдаид, йæ уæлхъус куыстагур куы балæу- уыдтæн, уæд? Цыфæнды куы фæуа, уæддæр мын мæ фæндыл дыккаг нал загъта. Мæ царды хабæрттæй мæ афæрстытæ кодта, нæ хæдзар- вæндаг дæр ын æнæзонгæ нæ разынди, æмæ мыл хионы цинтæ бакодта. Стæй мæ куырдиат ныффыссыныл бафтыдта æмæ мын зæрдæтæ æвæрынмæ фæци: — Газет дæр, дзырдаивадау, бæлвырд амад рæнхъытæ æмæ дзырдбæстытæй конд у. Æмæ уыдоны адæй чи фæхъæстæ уа, уый ам дæр сарæхсдзæн. Æрмæст дæ зæрдыл дар: газет æрвыл- боны фидиуæгæй уæлдай нæу. Царды æцæг чи ’рцыди, уырзæй басгарæн æмæ цæстæй фенæн, ахæм цаутæ æмæ хабæрттæм дары йæ хъус. Дæхицæй сыл мацы бафтауай. Дзырддаг дæ фæкæн- дзысты, фыдгой кæнæ дын æй хахуырыл банымайдзысты. Æрбакасти мæм, æмæ йæм лæмбынæг хъусын, уый куы бам- бæрста, уæд мын рагагъоммæ ныстуæнттæ кæнæгау фæдзæхсын райдыдта: — Гъе, дзырдаивад та бынтон æндæр гæрæнтыл арæзт у. Уый дын мæ амонын нæ хъæуы. Ам, кæуыл фыссай, уымæн йæ зæрдæйы æрфытæм ныккæсын дæр дæ бон у. Уымæн æмæ йын æцæг ном æмæ мыггаг нæй, йæ бæлвырд адрис бæрæг нæу. Æмæ дыл ничи никæдæм бахъаст кæндзæн, азымы дæ ничи бадар- дзæн. «Æвæццæгæн, йæхæдæг кæй бавзæрста, ахæм судзæггæгтæй мæ хизынмæ хъавы, уыййеддæмæ цæуыл уа йæ дард таурæгъ», — ахъуыды кодтон æз, фæлæ йæ фæрсын ницæмæй бауæндыдтæн. Уый фæстæ куыд æрыхъуыстон, афтæмæй Тембол Хасакоевич йæ рæстæджы уыди Ирыстоны зындгонд журналисттæй иуыл нымад. Йæ критикон уацтæ, уæлдайдæр та, дам, йæ фельетонтæ сæхимæ æркæсын кодтой адæмы. Суанг ма сæ обкомы бюройы дæр æвзæрстой. Стæй кæмдæр фæкъуыхцы, карз æфхæрд бай- йæфта. Уый фæстæ æрхауд районы газетмæ. — Гъе афтæтæ мæ хур, гъе, — балхынцъ кодта йæ дзури- нæгтæ Тембол Хасакоевич æмæ мын мæ куырдиат йæхимæ ай- ста., Æвæдза, рæстытæ дзырдта Тембол Хасакоевич. Мæхирды- гонау æз дæр æмбæрстон, дзырды бæрны бацæуын уæззау хæс у, уый. Æмбæрстон æй зондæй, зæрдæйæ. Фæлæ мæхицæн цы 64
ныв карстон, ууыл мæ къух сисон, уыцы хъуыды мæм никуы ’рцыди, кæд мын размæ ницыма æнтыст, уæддæр. Æмæ уал мын газеты фыдæбон мæ «дойны» саста. Райдианты цастæ арæхста- ин? Фæлæ мæм редактор цъындцæстæй никуы ракаст, уый нæ, фæлæ ма мæм йæ хъус дæр дары. Буц ныхæстæй дарддæр мæм зыстæй никуы сдзырдта. Æмæ æз дæр мæхи мæ удæй хъарын. Мæ ног æмбæлтты ’хсæн къæмдзæстыг куыд нæ уон, ууыл мæ быцъынæг тонын. Афтæмæй мыл бонтæ лæзæрыдысты: рацыд афæдз, райдыдта дыккаг. Мæ зæрдæ кæуыл лæууыди, ме ’ххормаг сæрымагъз кæмæй рæвдыдтон, уыцы дзырдаивады мæт дæр мæ рох нæ уыди, бæргæ. Кæмдæр æй мæ риуы арфы узæлгæ дардтон. Æнæмæнг мæ уымæ кæй февдæлдзæн æмæ йæм бæстонæй кæй бавналдзынæн, уый мæ уырныдта. Уæгъд рæстæг дæр мын-иу куыд нæ фæци, æвæ- дза. Æгæр дæр ма. Фæлæ гъа-ныр æрбадон æмæ мæхицæй исты зæрдæвæндон рæнхъытæ ралæмарон, уæд та-иу мæ риуы рæби- наг къуымтæ афтид разындысты. Æз дæр цыдæр æбæрæг æм- гъуыдтæм æргъæвтон ме ’хгæд фæндтæ. Ныр мæнæ станцæйы хицауæй рацыдтæн æмæ мæхинымæр хъуыдыйы аныгъуылдтæн. II Зымæгон æхсæв сабыргай цыди йæ барты æмæ алы уысмæн дæр мæйдар йæ сау пæлæзæй бæстонæй-бæстондæр æмбæрзта йæ алыварс дуне. Телыхъæдты цырæгътæ æмæ дардмæцæвæг прожектортæ куы нæ уыдаиккой, уæд цæстыты къух атъыссæн нæ уыдаид. Скæсæнырдыгæй дымдта уазал дымгæ æмæ цæсгом æлхысчъытæ кодта. Бæстæ уыди сабыр, фæлæ-иу вагæтты дом- бай зæлланг куы иуырдыгæй фæцыди, куы иннæрдыгæй æмæ уый хæлдта æхсæвы æгомыгдзинад. Къуыбырæй сæ лæгъзмæ рауадзынц æмæ сæ иумæ бæттынц хицæн хæлттæй. Кæрæдзи- йыл куы сæмбæлынц, уæд та сæ къуырмагæнæн цæлхъ арвыл сæмбæлы. Паровозтæ уæззау хъæрзгæ дыууæрдæм кæнынц. Ам фыццаг хатт нæ уыдтæн, фæлæ сæм кæсыныл фæдæн. Ног чи ’рбафта ардæм, уый раздæр бæлвырд нæ раиртасдзæн, сæ цоп- пай цæуыл у, сæ ракæ-бакæйы цавæр сусæг хъуыды ис, уый. Фæлæ куыст дарддæр дæр æнæкъуылымпыйæ куы фæцæуы, уæд бамбары, æдвагон паровозты æмæ æнæпаровоз вагæтты æвæлмæцгæ ерыс хуымæтæджы кæй нæу. Æмæ уæд йæ риуы сæвзæры цавæрдæр буцдзинады уылæн, ам чи кусы, уыцы адæммæ. Аргъ кæнын сын байдайы ноджы тынгдæр; чи зоны, царды йæхи бынатмæ дæр æндæр цæстæй акæсы. Посты ничи уыд, æмæ æдде æнхъæлмæ кæсын бахъуыд. Те- 5 Дзуццаты Эльбрус 65
лефоны дзæнгæрæг райхъуыст мидæгæй, æмæ, цыма зæххы скъуыдæй февзæрд, уыйау мæ рæзты æрбазгьордта иу бæзæр- хыгарæзт лæппу. Бауад мидæмæ, байхъуыста телефонмæ, æмæ та æддæмæ фатæйæхстау ратахт. Мердæм фæкаст. Фæлæ ныхст- уаты уыди, æмæ мын къухы фæтылдæй бамбарын кодта: ома, хатыр, федтон дæ, фæлæ мæ нæма æвдæлы. Йе ’мбалмæ цыдæр адзырдта, йæхæдæг уадындзæй ныууасыд. Уайсахат ын иннæ постæй дзуапп радтой уыцы лыстæг, зырзыргæнаг хъæлæсæй, æмæ уадындзы æхситт дарддæр ахæццæ. Уый сигнал у, æмæ цы амоны, ацу æмæ йæ базон. Æфсæн- вæдтæ кæй бар сты, уыцы кусджытæ йæ сæхæдæг хорз зонынц. Уайтагъд сæ цъæхснаг хъæлæсмæ паровозтæ фенкъуысынц, ва- гæттæ дæр кæрæдзийы къуырдтытæгæнгæ атæхынц; стæй та куыст фенцаддæр вæййы. Мæ размæ та æрбазгъордта æрдæбоны бæзæрхыг лæппу. Æз æй фæурæдтон. — Бахатыр кæн, æфсымæр, Ибырыхин ам нæй? Раст та йæм уыцы рæстæг чидæр фæдзырдта, æмæ мын дзуапп дæр нæма радта, афтæ уыцы иу гæпп аласта. Фæстæмæ уайтагъд фæзылд æмæ мæм æнæдзургæйæ йæ къух æрбадаргъ кодта. Кæсын, æмæ дын Толæ — мæ рагон хæлар. «Ау, Ибырыхин та ма дзы чи уа?» — ахъуыды кодтон æмæ йын йæ къух нылхъывтон. — Ацафон дæ ардæм цы Хуыцау æрбахаста? — фæрсы мæ. Мæнæ мæ, зæгъын, ахæм æмæ ахæм адæймаг хъæуы. (Цæ- мæн, уый нæма загътон). Толæ мидбылты зына-нæзына бахудт, стæй мын мæ къаба- зыл ахæцыд. — Мидæмæ уал цом, стæй уæд Ибырыхины дæр базондзынæ. Ардæм æй хъæуы. Мах бацыдыстæм фаттæмзилджыты посты уатмæ. Ныхас ныхасы фæстæ. Толæимæ рагæй зыдтам кæрæдзийы. Скъолайы ма куы ахуыр кодтам, уæдæй, фæлæ нæ уый фæстæ алчидæр ацы- ди йæхи фæндагыл. Стыр хъуыддæгтыл лæуд нæ фестæм, стæй нæ царды гуылфæнтæ домгæ дæр тынг нæ бакодтой. Æмæ æз дæр диссаджы тыххæй нæ райдыдтон дардыл дзурын, фæлæ кæдцæриддæр æмæ кæмдæриддæр куыд вæййы, ууыл у мæ ныхас: ахæм æнæнхъæлæджы фембæлдтытæ иу æмæ дыууæ æрцæуы! Алчи дæр нæ лæууыди йæхи хъуыддаджы сæр, алчи дæр царди йæхи цæрайæ, алкæмæн дæр нæ фæци ног зонгæтæ æмæ æмбæлттæ. Фæлæ нæ уыдон æцæгæлон не скодтой, уымæн æмæ нæ хæрамдзинады цъымарайы ничи бахауд, хæлæггæнаг æмæ æвзæр удыхъæды æндæр миниуджытыл хæст нæ ничи фæци; æнæрæдигæ чи у, фæлæ æмсæр, æмзонд, æмхъару лæппутæ 66
уыдыстæм. Цыбыр дзырдæй, нæ зæрдæ дардтам, нæ раздæры хæлардзинады кæй ницы къæм ис, ууыл. Мæн Ибырыхин хъуыди, ныхас та Толæйыл цæуы. Ахуыр кодта скъолайы, ацыд æфсадмæ, ссыди, райдыдта кусын. Кæ- рæдзийы дæр ауынæм. Фæлæ раздæрау иумæ афæстиат уæм æмæ нæ зæрдиæгтæ хæстæг хæлæрттау бæстон æркалæм, зæгъгæ, нæ уымæ нал равдæлы. Æрмæст нын ныр æнæбары уæгъд рæс- тæг фæци, æмæ хъусæй куыд бадтаиккам? Ныхас ныл ацайдагъ. Бадæм, дзырдæппарæнтæй хъазæм, уæлæнгай æхсгæ фæрсты- тæй дарддæр не ’вналæм ныр дæр бæлвырддæр хабæрттæм. — Куыд дæ? Цы дæ? Исты хабæрттæ ракæ. — Афтæ цæрæм. Тох кæнæм. Дæхимæ фен. — Афтæтæ гъе, — зæгъгæ, сыстади Толæ, цæуылдæр ныхъ- хъуыды кодта æмæ рудзынгæй æддæмæ акаст. — Ме ’мбал цæй æрæгмæ зыны? — Ма тыхс, ис æй хъуыддæгтæ, æвæццæгæн, æндæра йæ ацы ирдгæйы æдде цы уромы, — бафиппайдтон æз. — Нырма æрæджы декретæй рацыд, æмæ, зæгъын, дæхи фæхъахъхъæ. Уæддæр, марадз зæгъай, коммæ кæсы! Уæлæ къу- ыбырæй поездтæ кæцæй уадзæм, уырдæм ацыд, нæ мæм бай- хъуыста. Чи ма дзы уа, декретæй чи рацыд, уый та? Посты цымæ цалæй кусынц? Ау, Ибырыхин ацы постæй нæу? — гуырысхо- йаг хъуыдытæ ауади мæ сæры. «ацы къуындæг уат — уыимæ хæрз- æфснайд кæй уыди, дидинджытæй аив фæлыст, ууыл мæ цæст æрхæцыд, ардæм куыддæр æрбахызтæн, афтæ — иу адæймаджы фаг дæр зынтæй куы кæны, уæд дзы цалæй кусынц уыцы иумæ?» — Сменæйы дæргъы иунæгæй, — загъта Толæ, мæ зæрдæ цæмæ фехсайдта, уый бамбæрста æмæ ма фæбæлвырд кодта: — кæрæдзийы ивæм. Бон бакус æмæ æхсæв, стæй дыууæ боны æмæ дыууæ æхсæвы — сарибар. Ахсæв Антонинæйы рад у. Æз æм пост ратдзынæн æмæ — нæхимæ. Ау, Антонинæйы нал хъуы- ды кæныс? — зæгъгæ ма, цыдæр къæмдзæстыг мидбыл худтимæ бафтыдта йæ ныхасмæ. «Атонинæ... Антонинæ...» — ныхъхъуыды кодтон, фæлæ йæ мæ зæрдыл æрлæууын кæнын мæ бон нæ баци. Уыцы рæстæг дуар æрбайгом æмæ мидæмæ æрбахызт сыл- гоймаг йæхæдæг дæр. Уазал уæлдæф къуыбылæйттæй йемæ быр- сæгау æрбакодта. Ие ’рмкъухтæ фелвæста æмæ сæ бустæхуы- зæй стъолмæ баппæрста. Цыдæр æнахуыр зонгæ мæм фæкаст йæ цæсгом. Сæрбæттæ- нæй æддæмæ чи зынди, уыцы мыдхуыз сæрыхъуынтæ хорз фи- дыдтой хæларæнгас цæсгомыл. Йæ рустæ уазалмæ ссырх сты, цæстытæ цæхæртæ калдтой бæрзондист æрфгуыты бынæй. Мæ- 67
нæн, арвæрттывдау, мæ сæры февзæрди гуырысхо хъуыдыты уадздзаг — уайсахат мæ зæрдæ ахсайдта: «Ау, Толæ йæ уæддæр нæ ныууагъта?! Уарзондзинад, æвæдза, уарзондзинад!» — æмæ мæ хæлармæ зæрдаивæй бакастæн. Фæлæ мын сылгоймаг йæхæ- дæг мæ гуырысхо æмхæццæ хъуыдытæ фæлыг кодта: — Æз нæ уарзын, тæригъæдтæ мын кæной, уый. Кусгæ — уæд кусæгау, — мæстыйæ дзырдта уый, йæ мидбынаты дыууæр- дæм ралæу-балæугæнгæ. — Æз нæхи лæгæй дæр тæригъæдмæ не ’нхъæлмæ кæсын, стæй нæ уарзын. Уæд бамбæрстон хабар. Загъдмæ, зæгъын, сын куы асайа, æмæ æз дæр се ’хсæн мæ ныхас баппæрстон: — Толæ дæр дæ йæхицæн ницы агуры. Сылгоймаг мæнырдæм разылд æмæ цыма, ам кæй дæн, уым ын диссагæй ницы ис, уыйау сфæзмыдта: — Ницы агуры... Уыцы зæрдæйæ уæлæ уыцы чызджы хур- хæй куы нæуал марид. Зæронд усгурæй кæдмæ баддзæни? — цы- дæр хицоны æфхæрæг зæлтæ фæзынд сылгоймаджы хъæлæсы. Уыцы ныхæстæм Толæ фефсæрмы æмæ дзы цыма цыдæр тагъд хъуыддаг ферох, уыйау æддæмæ азгъорæгау кодта. Æрмæст уæд æрыхæлди мæ сæры, æлхынцъæй ма чи баззади рагбонтæй, уыцы мысинаг. Фæлæ йын бынтон райгом кæнынмæ бар нæма лæвæрдтон. «Ау, ай уа уыцы бурдзалыг тæнтъихæг Антонинæ?» Антонинæ, мадзурайæ бадын аив нæу, уый фембæрста æмæ мын райдыдта Толæйы хабæрттæ кæнын. Мæн дæр ма йæ зæр- дыл дардта, йæхи дæр мын бацамыдта. Суанг ма мын ахæм су- сæг хъуыддаг дæр схъæр кодта. Иу чызджы йын нымудзы, чызг йæхæдæг дæр Толæйы зæрдæмæ цæуы, фæлæ лæппу йæхи æфсæрмыгæнæг скодта. — Афтæмæй сывæллон нал у, — чызджы хъæлæсы та фæ- зынд хионы æфхæрæн зæлтæ. — Фæоцани, фæоцани, æндæра уый кары лæппу афтæ вæййы! Фæлæ йæ ныр афтæ нал ныууадз- дзынæн. Æз бамбæрстон, куысты мидæг кæрæдзийæн хорз аргъ кæ- нынæй фæстæмæ ма хорз æмбæлттæ дæр кæй сты ацы дыууæ, уый, æмæ мын уыди æхсызгон. Хæлар зæрдæйы ахаст уыди кæддæриддæр Толæйæн æмæ йæм мæхинымæры хæлæг дæр ба- кодтон. — Стыр зæрдæйы хицау у, — дзырдта дарддæр Антонинæ, æмæ æфхæрыны тыххæй афтæ загъта æви æппæлыны тыххæй, уый дзæбæх нæ бамбæрстон. Стæй йæхæдæг фæбæлвырддæр кодта йæ ныхас: — Ома куыстыл нæу стырзæрдæ. Йæхиуыл нæ ауæрды, — æмæ цымыдисхуызæй радзырдта ацы хабар, цалынмæ 68
Толæ йæхæдæг нæ фездæхт, уæдмæ. Æппæлæгау дзырдта, мæ цæсты йæ цæмæн кадджын кодта — мæ-гъа. Цыма йæ мæхæдæг нæ зыдтон? — Уый фарон уыди. Тыхджын къæвдатæ æрцыди, æмæ дæттæ раивылдысты, æфсæнвæндаджы астæу уыцы дæргъ- вæтæнæгæй смалтæ и. Къæвдайы дон йæхицæн фæндаг агургæ, рельсыты бынтæ хордта, лæбурдта алырдæмты. Йæ знæт ивы- лæнтæ æгæр-æгæр куы кодтой, уæд фæсидтысты станцæйы кус- джытæм. — Толæмæ бакæсын! — хъазгæ æфхæрæн зæлтæ та ногæй фæзынд сылгоймаджы хъæлæсы. — Цыма йæ иннæтæй фылдæр хъуыди! Йæхи бафистæджытæ кодта æмæ гъæйтт- мардзæ, зæгъгæ, бавнæлдта. Кæд уæлæ уыцы чызджы цæстмæ сцырен? Уый дæр уым уыди. Фæлæ йын æй хъазгæмхасæн йæ цæстмæ куы бадардтон, ома уый тыххæй нæ ауæрстай дæхиуыл, уæд цæхæртæ акалдта, æз, дам, æй уынгæ дæр куы нæ фæкод- тон. — Æмæ йæ æцæгдæр нæ федта, уый фæстæдæр æрбацыд, æз æй æрмæст мæстæй мардтон, — фæбæлвырд кодта чызг йæ дзуринаг. — Иууылдæр ыл дисæй амардысты. Уазæлттæ ма уыди, æмæ доны къух нæ лæууыди, фæлæ дзы уый уæрджыты онг бæгъæмвадæй балæгæрста. Иннæтæй дæр чидæртæ уымæ гæсгæ фæхъæбатыр, фæлæ дзы уæддæр афтæ арф ничи балæгæрста. Хицау æм уый фæстæ хæцыди, дæхи, дам, цæмæн сахъат кæ- ныс, фæлæ Толæ къæмдзæстыг мидбылхудтæй дзуапп радта: — Фæлтæрд дæн ахæм уазалтыл, нæ мæм хъарынц. Адæм фæдисмæ — æз та къæбицмæ. Ныр уыцы хабæрттæ иууылдæр Ибырыхины тыххæй куы дзурид, уæд мæ хъуыддаг цæттæ нæ уаид, — цыбæлдзинады сусæг хъуыды февзæрд мæ сæры. — Фæлæ, æниу, уый тыххæй кæд фылдæр истытæ радзу- рæн уыдзæн, уæд та?» Æмæ æнхъæлмæ кастæн. Уæдмæ æрбайсæфт гуырысхо хъуыдыйы фæд æмæ мæ риуы рог фынау сындæггай æрыхъал сты мæ рагбонты мысинаг цаутæ. Мæ цæстытыл ауадис цъæхдзаст худæнбыл Антонинæ, нырма уæд 10 къласы каст чи фæци, уыцы кары чызг. Рог сæрдыгон къабайы, хæрзконд, гуырвидауцæй-иу лæппуты рæзты куы ’рба- цæйцыди, уæд-иу ыл сæ цæстытæ æрæвæрдтой. Афтæмæй фæ- зонгæ йемæ Толæ дæр. Фыццаг хатт æй куы федта, уæд иумæ уыдыстæм. Не ’мбæлттæй чидæртæ чызгмæ æнæхъуа^жы дзыр- дæппарæнтæ скодта, фæлæ сæм Толæ фæцæхгæр. Йæ цæсгом туджы разылд, афтæмæй сæм фездæхт. — Чызджы йæ фæндагыл цæуыннæ ауадзут? Цæуыл дзæ- гъæлы дзурут? Афтæмæй та йын йæхи дæр тынг уæздæттæй нæ зыдтам, чызджытыл афтæ узæлаг нæ уыди, йæ æлхыскъ ныхас-иу сæм кæмдæриддæр баппæрста. Дыккаг изæр æй чызгимæ федтам клубы, уырдæм цæуаг 69
уыдыстæм. Алы кары адæмæн дæр, æвæццæгæн, ис сæхи ир- хæфсæн бынæттæ. Махæн та кæфтытæ систы нæ царды ахъаз- заджы хай. Æмæ-иу къуырийы дæргъы клубы дуарыл ставд фыст афишæ «Кæфтытæ», зæгъгæ, куы нæ федтам, афтæ-иу уайтагъд нæ хъаст газетмæ фæхастам, фæсивæды рохуаты уадзынц, зæгъгæ. Цалдæр хæррæгъ, зæронд пластинкæйы-иу æнæхъæн изæр зæрдæйы хъистæ тыдтой сæ тъизынæй, сæ уацары иу бафтыд- той гъæйтт-мардзæ лæппуты æмæ чызджыты. Фæлæ уæддæр нæ къах нæ фæллад. Дыккаг хатт дæр та-иу ам æрбалæууыдыс- тæм æмæ та-иу уыцы зæрдæхалæн мырты ахæсты фестæм. Фæ- сивæдæй та йæ хъуыдыйы кæрон дæр никуы никæмæн æрæфты- дис, клубы разамындмæ бацæуын æмæ сæ афтæ бадомын: — Ныр уыцы кæфтытæй цы æхца æмбырд кæнут, уыдонæй иу изæры æфтиæгты дæсæм хай схардз кæ æмæ дзы пластин- кæтæ балхæн, уæд хуыздæр нæ уаид? Чи зоны, клубы разамынд дыккаг нал загътаид. Фæлæ фæ- сивæдæй уый никæй зæрдыл æрлæууыд. Уыдоны тынгдæр цы хъуыди: æрæмбырд уой, кæрæдзимæ бакæсой, сусæг уарзты æмбудæнтæ бавзарой æмæ фæстæмæ зæрдæлвæст монцтимæ ацæ- уой. Уыимæ — æрвылизæр дæр уыцы иу адæм. Хатгай-иу, исты æнæбон ног рæсугъд чызг куы фæзынди, уæд ыл-иу кæрæдзийы ныттыдтой. Хылтæ дæр-иу рауад ахæм рæстæг. Фæлæ уæддæр нæ хæлди уыцы кафгæ-симгæ дугъы фидар фæтк æмæ та-иу уый фæстæ дæр афтæ æнæзивæгæй æрбамбырд стæм. Антонинæ дæр уыцы изæр фыццаг хатт фæзынди, æмæ йыл лæппутæ сæ цæст æрæвæрдтой. Фæлæ, кæимæ æрбацыд, уый куы федтой, уæд дзы сæ бон базыдтой. Уый цыма чызджы зæр- дæмæ фæцыд. Мæнæй арæхдæр æм-иу ничи бауад: бынтон рох- уаты ма зайа, зæгъгæ-иу æй, ме ’мбалы зæрдæ ’лхæныны тых- хæй рахуыдтон кафынмæ. Фæлæ йæм ме ’ргом æгæр куы здæх- тон, уый цыма Толæйы зæрдæмæ нæ цыди. Æмæ æз дæр фæуæз- бындæр дæн. Афтæ фæцалх сты Толæ æмæ Антонинæ кæфтытæм. Уый фæстæ сæ æнæуый дæр тынг арæх уыдтам иумæ. Мах нæхины- мæр Толæйыл нæ къух ауыгътам, не ’хсæнмæ йæ арæх куы нал æвдæлди, уæд: «Аныгъуылди дзы, мæгуырæг. Ныххаудта дзы йæ хъусты онг». Куы-иу ыл сæмбæлдыстæм, уæд æй æнæафæрсгæ нæ уыдыстæм: — Толæ, цæй, чындзæхсæвмæ нæ нæма хоныс? Уый-иу зæрдæбынæй арф ныуулæфыди, зына-нæзына-иу йæ мидбылты бахудт æмæ-иу иннæрдæм аздæхта ныхас. Бæрæг уыди, йæ зæрдæ йын цыдæр сагъæс кæй æхсыны, æмæ дзы цы хуызы фервæза, уый кæй нæ зоны. Фенкъардхуыз Антонинæ дæр, цæ- 70
стытæ мидæмæ бахаудысты. Цы хабар у, цы кæнынц? Сæ мыды исты къæм бахаудаид, æмæ уæд куыннæ фæтигъ вæййынц кæ- рæдзимæ? Фæлæ сæ куыд фæстагмæ къаддæр уынын байдыд- там иумæ. Иу хатт та Антонинæ кæфтытæм æрцыди æндæр лæп- пуимæ. Толæ дæр уым уыди, кæрæдзимæ-иу сæ цæстыты бынты аивæй бакастысты, фæлæ сæ дзургæ ничи ницы кодта. Дардæй- иу кæрæдзийæн æцæгæлæтты салам радтой. Уый мах дисы баф- тыдта, фæлæ йын цы зыдтам? Иу æмæ-иу дыууæ лæппуйы кæнæ чызджы фæзонгæ сты æндæртимæ? Æфсадмæ куы цыди Толæ, уæд Антонинæ дæр кæцæйдæр фæзынд. Лæппуты æхсæнты мæм хæстæг æрбацыд æмæ мæ разы слæууыд. Махæй æфсæрмыгæнгæйæ йын зæгъгæ дæр ницы код- та, æрмæст ын йæ дзыппы цыдæр урс хæцъилы тыхт атъыста æмæ йын йæ хъуырыл атыхст: — Фæндараст. Йæхæдæг йæ цæстытæ доны разылдта. Æрæппæрста йæ сæр йæ риумæ Толæ дæр, фæлæ йын хъын- цъымгæныны фадат нæ фæци: поезд ныууасыди æмæ араст. Тæхгæ-тæхын ма дзы абадт æмæ нæм бирæ йæ къух фæтылдта. Дыууæ азы фæстæ райстон Толæйæ фыццаг писмо. Уый дæр мæм, чи зоны, нæ ныффыстаид, фæлæ йæ мæ сæр бахъуыди. Базонын æй фæндыд, Антонинæ йæм цæуыннæуал æрвиты пис- мотæ, уый. «Æ-æ ме ’рдхорды гæбаз, — мæхинымæры дзы дардмæ мæ маст истон æз. — Сылгоймаг дын зынаргъдæр уыди, нæ? Уый тыххæй мæм нæ фыстай». Фæлæ йæ бирæ нал бадардтон азымы, Антонинæ уыцы лæп- пумæ смой кодта, уый куы базыдтон, уæд. Нæ бамбæхстон ха- бар мæ хæларæй дæр. Зæрдæвæрæн ныхæстæ йæм фыстон, йæхи цæмæй ма ’фхæра, чызджытæ кæй нæма сихсыдысты, йæ æцæг амонд кæй ссардзæн нырма. Мæхинымæр та мæстæй мардтæн Антонинæмæ: «Ау, комдзог? Æмæ ма уæд уарзондзинады ардба- хæрды ныхæстæ та?» Æмæ мæхи цæттæ кодтон — лæгæй-лæгмæ йыл куы сæмбæлон, уæд йемæ зæрдæбын ныхас акæндзынæн. Æмæ мын ахæм фадат дæр фæци. Фæлæ, æвæдза, цæй дзæгъæ- лы æфхæрдтон Антонинæйы! Уый абоны онг дæр йæ зæрдæ нæма сивта ме ’рдхордыл. ...Ме ’рдхордæн йæхиуыл йæ бон кæй нæ цæуы, фæлмæнвад кæй у, æмæ йæ æнæбары куырдуаты дарæгау кæй кæны, уый мын мæ цæстмæ бадардта чызг. Цыма дзы æз исты аххосджын уыдтæн... — Æмæ цы зæгъæн ис? Æз æй зылынджын нæ кæнын: мады сæрæн аппарæн нæй. Сæхимæ йæ нæ уадзынц, цæмæй мæн раку- ра. Æмæ, чи зоны, раст сты сæхирдыгонау, — æмæ Антонинæ йæ цæстытæ доны разылдта, йæ кæуын йæ былалгъмæ схæццæ. 71
Ныр та мæ зæрдæйы æнæуынондзинады фат Толæйы ’рдæм фæ- царæзтон. Уыцы минут мæ разы куы фестадаид, уæд æй, æвæц- цæгæн, куыйты хæринаг бакодтаин. Фæлæ цы мæ бон уыди! Æрмæст æм мæсты цæхæртæйдзаг писмо арвыстон, зæд æмæ йын дуаг нал ныууагътон. Толæ ницыуал дзуапп радта. Фембæлдыстæм уый фæстæ, æфсадæй куы сыздæхт, уæд. Мæнæн уæдмæ мæ маст ссыди, фæлæ цас цæссыг фæкалдта Толæ! Йæ къухы фыдтæ хордта. Иæ мад дæр уæдæ ныр фæсастдæр, æмæ аххос Толæйæн йæхир- дыгæй фæци. Йæ сæр ма бæргæ хоста, фæлæ цы!.. Уыцы хъын- цъым ын йæ зæрдæйы цы фæд ныууагъта, уый йæхи йеддæмæ чи зондзæн! Æцæг æм æгæр æрæджиау æрхъардта фæсмон. Ацы хатт ын зондыхос фæуæд. Мæ зæрдыл æрбалæууыд Антонинæйы чызгнымыгъды ха- бар. «Æвæдза, цы хорз зæрдæйы хицау у! — ахъуыды кодтон æз æмæ сылгоймагмæ цыдæр буц хъуыдыйы уылæн сæвзæрд мæ зæрдæйы, раст дзы галы бузныг фæдæн. Мæнæ мын цыма мæ- хицæн исты хорздзинад ракодта. Фæлæ уæд цыдæр сусæг цы- мыдис фегуырд мæ сæры: «Ау, афтæ фестырзæрдæ уыдаид ме ’рдхордыл Антонинæ, æмæ йын æндæр чызг нымудзыныл схæ- цыдаид?! Ныр та ма сæ цы хъыгдары? Ау, иу посты фæрсæй- фæрстæм кусгæйæ афтæ адард уыдаиккой кæрæдзийæ? Цымæ цæстмæхъус ныхæстæ нæ кæны Антонинæ? Æмæ сæ кæй сайы?» Уыцы хъуыдыты хæдуæлвæд та мæ ног гуырысхотæ фæца- гайдтой: «Сæ дыууæйæ йæ цард кæмæн арæзтдæр у? Кæй зæ- гъын æй хъæуы, Антонинæйæн. Уый моймæ ацыд, цот ын фæ- зынд. Цымæ Толæйыл йæ уды бар кæй цæуы, уымæй йæ æнда- рæны дарæгау нæ кæны? Оцани дæр уымæ гæсгæ нæ фæци? Æмæ йын кæй аххос у?» Фæлæ уыцы фæрстытæ кæмæ радтаин æмæ сын дзуапп кæ- мæй райстаин, уый нæ зыдтон. Æрмæст мæ бадт æгæр кæй ныд- дæргъвæтин, уый бамбæрстон æмæ Антонинæйы бафарстон: — Ибырыхин та кæм и, Ибырыхин? — æмæ йын мæ цыды сæр бамбарын кодтон. — Ибырыхин, зæгъыс? — фæрсæгау йæ мидбылты бахудт Антонинæ, цыма дзы хъазгæ кæнын, афтæ йæм фæкаст. Фæлæ æз æцæг дзурын, уый куы фембæрста, уæд ма йæ ныхасмæ баф- тыдта: — Æмæ дын уæдæ кæй кой кæнын? Мæ зæрдæ нырма уæд фæкъæпп кодта, цы рæдыд æруагъ- тон, ууыл. Хион, дам, цæсты нæ фæахады. Уыцы æмбисонд дæр, æвæдза, раст у. Йæ мыггаг ын куыд нæ зыдтон, фæлæ мын станцæйы хицау кæй бацамыдта, уымæн Толæ разынын æнхъæл чи уыд? Æмæ мæхинымæры ныддис кодтон. Туг цæсгоммæ ныц- цавта: фефсæрмы дæн, фæлæ ма мæхи рæстытæ кодтон. 72
Уалынмæ Толæ фæстæмæ фездæхт æмæ мæм худгæйæ сдзырд- та: — Цæй, Ибырыхин нæма фæзынд? Æнхъæлдæн æмæ йæм дæ цæстытæ ныуурс сты. Æз фæкъæмдзæстыг дæн мæ хæлары ныхæстæй, мæ зæрдæ мæхиуыл æрхудти: афтæ æнæрхъуыды разын! Цы ма загътаин? — Ау, æмæ дæ Ибырыхин скъолайы куы никуы хуыдтам. Ахуыргæнæг дæр дæм Толæйæ куы дзырдта, — ахæм рæстæджы ма лæг йæхи ныхæстæй уæддæр сраст кæны. Фæлæ дистæ æмæ мысинæгтæ — хорз, хъуыддаг та йæхи- уæттæ домдта. Толæйы ницæмæйуал бафæрсын бауæндыдтæн: дæ цард-æмгары æцæгæлоны рафæрс-бафæрсыл схæц, уæд уый цас аив у? Æз бамбæрстон, Толæ йæхи раргом кæныныл цæуылнæ тагъд кодта, уый. Постæй дæр æддæмæ, æвæццæгæн, уый тыххæй рауад æмæ фæстиат дæр уый тыххæй аци. Радта мын рæстæг ме ’муд æрцæуынæн, мæ рагбонты мысинаг цаутæ зæрдыл æрлæу- уын кæнынæн. Кæдæм хъуамæ тагъд кодтаин ме ’рдхордæй? Арæх куы нæ сæмбæлæм, мыййаг. Фæлæ мæ къæмдзæстыджы бафтыдта, æмæ тагъддæр рацæуыныл бахъардтон мæхи фырæф- сæрмæй. Мæнæн æхсызгон уыд, мæ рагбонты хæлар нымад адæй- маг кæй разынд æмæ йын аргъ кæй кæнынц, уый. Мæ зæрдыл æрбалæууыдысты станцæйы хицауы ныхæстæ: «Фæллойы хъæба- тыр!» — цыдæр æнахуыр уæлвонг мæм фæкастысты ацы хатт уыцы дыууæ дзырды. Афтæмæй сæ газетты фæрстыл куыд сих- сийын кодтам. Мæ цыдæй дæр куы ницы рахæссон мемæ, уымæй фæтарстæн. Фæлæ уæдæ иудадзыг æнæкъуыхцы вæййы адæй- маг? Хъуамæ мæ хæстæгдæр хæларæй дæр мæ куысты пайдайæн сой ратæдзын кæнон? III Æцæгæйдæр, боныфæстагмæ очеркæй ницыуал рауад, æмæ Хуыцауæй разы. Ома, афтæ нæ зæгъын æмæ йыл мæ бон нæ бацыди æмæ мын гæххæтмæ зæрдæвæндон рахæссын нæ ба- куымдта. Мæхицæн æй куыд ныв кодтон, уыцы хуызы раст къуы- рийы æмгъуыдмæ лæууыди редакторы стъолыл — машинкæйыл сыгъдæг мыхуыргондæй æмæ лæмбынæг рæстытæгондæй. Мæ нымадмæ гæсгæ, хъуамæ газеты æнæхъæн фарсæн йе ’мбисæй фылдæр йеддæмæ къаддæр ма бацахстаид. Растæндæр ахæм дымст фыстытæ ам, редакцийы, хуыдтой очерктæ. Фæлæ мæнмæ барæй ивæзтау кастысты, æмæ ма сыл мæхинымæр мæс- тæймарæн ном авæрдтон: «Гобаны цъар». Хæлæг кæй кодтон сæ ныффысджытæм, уый тыххæй нæ. Уæдæмæ мæм æнæхъола даргъ 73
кастысты, сæ мидисæй-иу цыма сæ ас дзæвгар фылдæр фæци. Афтæмæй та цæсты тынгдæр ахадыдтой, стæй сæ бæркад дæр фылдæр уыди. Цæвиттон, редакцийы нæ куыст рæнхъытæй барст цыди, дæ пъеройы бынæй чи рацыдаид æмæ газеты боны рухс чи федта- ид, уымæй. Æмæ-иу, мæгуырæг, йæ «тыллæг» мæнæй къаддæр никæмæн рауади нымайгæйæ, кæд мæ быцъынæг тоныныл нæ ауæрстон, уæддæр. Раст куы зæгъон, уæд зæфцы фыдæй зад- тæн фæсте. Мæ зæрдæ мæм афтæ дзырдта, цыма газеты фида- уынц, бæлвырд цифрæтæ æмæ факттыл арæзт чи уа, ахæм хæрз- æлвæст æнæдзæнгæда уацхъуыдтæ. Æмæ гыццыл фыстытыл мæ хъуынхъис калдтон. Бон-изæрмæ-иу фосдарæн фермæты æмæ быдырон стантæй æнæракæсгæ нæ фæцадаин, исты куыстуатыл ма-иу мæ фæндаг ракодтаин, адæмимæ мыл-иу хъуыддагхуыз ныхас дæр бацайдагъ. Фæлæ — мæ зын мæ кусæн стъолы уæл- хъус æрбадын, уыййеддæмæ-иу блокнот уайтагъд равдæлон. Æмæ та ног — балцмæ, ногæй та къуымтæ-къæрæзтæ сгаргæ. Афтæ- мæй дзы æддæмæ ницы зынди, рæнхъыты бæрц ницы уæлдай фылдæр кодта. Уæддæр сындæггай ме ’муд æрцыдтæн æмæ иртасын рай- дыдтон, ме ’мбæлттæй кæмæдæрты йæ фыссинæгтæ задыл нæ, фæлæ доныл æнтауын хуыздæр кæй кæсы, уый. Æрлæмар сæ, æмæ сæ ницы ратагъдаид — æрмæстдæр ном æмæ мыггаг, стæй хицауæн йæ куысты фæстаг бæрæггæнæнтæ. Æмæ цæмæй æмбылдтой уыдон, æнхъæлут? Æз мæхæдæг мæхи кæуыл хъардтон, сомбонмæ мæхицæн ныфсытæ кæмæй æвæрдтон, дзырдаивады уыцы кæлæнгæнæг гæнæнты руаджы. Бæгуы лæгау сæм-иу уæндонæй бахъавыдысты, иугай хæрдгæ- быдтæй дын сайæн нывæфтыдтæ ацарæзтаиккой, раст цыма нæ цардыл исты алæмæтаг таурæгъ ракæнын уыди сæ зæрды, уыйау- иу дæрдтыл æрзылдысты. Уымæй ма дын дæ разы уыцы цымы- дисхуызæй æрæвæрдтаиккой, сæ хъайтар ма суанг йæ фыны цытæ æруыдта, цæуылты асагъæс кодта, цы уынаффæтæм æрцы- ди æмæ сæм куыд арæхстгай бавнæлдта, уыдæттæ. Раст-иу цыма иумæ цардысты æмæ сæ æмхуызонæй бавзæрстой, афтæ бæл- вырдæй. Гъе, æрмæст сын уыцы хæрдгæбыдтæ æмæ нывæфтыдтæ бирæ фаг нæ кодтой. Ома дын сæ фæд-фæдыл бæрæг фæткыл ма равæрой, кæрæдзиуыл куыд баст сты, уый биноныгæй ма равдисой, сæхимидæг сæ исты æлхъывд сюжеты ма сбæттой. Уый’ нæ. Уыдон сæ хъуыдысты æрмæст фæдфæливынæн, газет- кæсæджы æргом сæхимæ аздахынæн. Уый дæ къухы куы бафта, уæд дæхи ныхасмæ бавнал æмæ дæ хус дзымандытæй асай га- зеткæсæджы. Науæд дæм æнæуи хъусæг чи фæуыдзæн? 74
Уый æрæджиау фембæрстон æз, æмæ мæ зæрдæ мæхиуыл æрхудт. Ау, цымæ æз афтæ нæ сарæхсдзынæн? — кæмæдæр уæттæлæгæнæгау бартхъирæн кодтон æмæ рæбыны хъæуы маргъ- дарæн фермæйæ ныффыстон мæ фыццаг «очерк». Хонгæ дæр æй ракодтон уыцы цæстуынгæ уагыл, «Æйчытæ тулынц æмæ тулынц». Æмæ, æцæгдæр, уæд фыццаг хатт федтон дæргъæй- дæргъмæ транспортер урс-урсид айчытæ куыд рацæй хæссы, цæугæ-цæуын ма сыл куыд афты æмæ сæ къæбицмæ куыд ро- гæн бахæццæ кæны, уый. Æмæ ма мæ хуызæттæ иу кæнæ дыууæ уыдаид; уадз æмæ уыдон дæр базоной техникæ йæ ног бавæрæ- нæй маргъдарæны кусджытæн цы удæнцой æрхаста, уый. Куыд æмæ ма цытæ фыстон мæ очеркы, ууыл нал дзурдзы- нæн. Фæлæ йæм цæстыл ауаинаг нывистытæй базылдтæн æз дæр, кæркгæсты хæдзардзин зилæнтæ равдисыныл нæ бацауæрс- тон. Уыдон æй сæхæдæг кæй кæсдзысты æппæты фыццаг, уый æмбæрстон æмæ сын сæ зæрдæ куыд нæ хъуамæ балхæдтаин! Æхсæвы тары йæ хæдзарæй чи рацæуы æмæ æхсæвы цæстæй йæ къонайыл чи сæмбæлы, уыдон уый аккаг не сты? Мæ фыццаг фæлтæрæн фæрæстмæ. Тембол Хасакоевичы зæрдæмæ фæцыди. Æвæццæгæн мæ очерк агурæг куы æрвыста æфсæнвæндаджы станцæмæ, уæд уый тыххæй загъта, мæхицæн æппæлынæн кæй айстон, уыцы ныхас: «Ды уымæ арæхсыс». Фæлæ, æнхъæл дæн, кæмæндæрты æхсызгон нæ уыди, мæ ног куысты мæ авналæнтæ куыд ивтон, мæнæн дæр «гобаны цъар» рæхсын кæй бакуымдта, уый. Цæмæй дын зыдтой, гормæттæ, цы ног хуызы равдыстон мæхи, уый ам, редакцийы цыппар къу- лы ’хсæн, кæй нæ райстон, мемæ æрбахæсгæ кæй у. Ардæм кæй æрбахаудтæн, уымæн дæр йæ аххосаг уый мидæг кæй ис. Уæдæ ныртæккæ цы сфæлдыстадон зилдухы дæн, уый дæр бирæ раз- дæр кæй райдыдта. Æниу алкæмæн дæр йæ бар йæхи. Ныр мæ дыккаг очерк Тембол Хасакоевичы раз куы æрæвæрдтон, уæд мæ цымыдис дзæгъæлы нæ бацагайдта: «Цы зæгъдзæн, цымæ, ацы хатт та, рафæлдах-бафæлдахыныл æй куы схæца, уæд?» Мæхæдæг мæ- хиуыл кæй нæ бацауæрстон, уымæн та Хуыцау æвдисæн. Сæр- гонд та йын мæ рагон хæларæн йæ бæрæгбоны номмæ гæсгæ радтон — «Ибырыхин» — цыбыр, æнæ уæлдай дзырдæфтауæн- тимæ. Уыцы ном Толæйыл æвæрд кæй у, уый йæ алфамбылай адæм уадз æмæ æрæджиау уæддæр базоной, сывæллон куы нæ- уал у, мыййаг. Ныр ма дын чи æвæры уыцы зæронд нæмттæ йæ цотыл? Исчи дын йæ ноггуырды афтæ рахона! Иууылдæр систы Аланкæтæ æмæ Аланчиктæ. Станцæйы хицау мын Толæйы куы нымыгъта, уæд æй цы къæбæлдзыг ныхæстæй амыдта, уыдон дæр мæ рох нæ уыдыс- 75
ты. Мæ хъусты зæлыдысты ныры онг, фыссыныл куы ’рбад- тæн, суанг уæд дæр ма. Æвæццæгæн сæ нæ газеты бакастаид, æндæр сыл кæм бамбæлыдаид? Æфстауæй агургæйæ дæр зын ссарæн сты æнæуи. Чи дын дзуры ахæм къæбæлдзыг æвзагæй не ’рвылбоны царды? Газеты та-иу джиппы уагъдау, цæттæ æввон- гæй фæзындысты æмæ сыл цæст æнæрхæцгæ нæ уыди, хъустæ- иу уайтагъд ацахстой сæ тыхарæзт кæнгæ уаг. Ныр сæ станцæйы хицау йæ дзыхы куы радавта, уæд феф- сæрмы дæн, цыма мæ исты фыдракæнды æрцахста, уыйау. Уымæй сæ дзырдта хиуылæрвæссонæй, цæстмæдарæгау. Чи зоны, фидис йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди. Йæхæ- дæг дзырдыфыдæбоны куы нæ базæронд и, мыййаг. Уыцы дæс- ныйæ Толæйы тыххæй йæхимæ исты хъармдæр ныхас куыд нæ разынд, йæ номæй газеткæсæджы размæ кæй рахастаин, ахæм. Цыфæндыйæ дæр йæ фæзмæн ныхæстæ мæхицæн кæд уайдзæ- фæн нæ райстон, уæддæр мæм хардзау кастысты. Æрмæст æм хæрам нæ фæдæн. Стæй мын хъыг нæ уыдысты: æгайтдæр ма нæ газетмæ йæ хъус дары æмæ дзы йæ зæрдыл цыдæртæ бадардта. Гъе, фæлæ фыссыныл куы ’рбадтæн, уæд йемæ цыдæр æбæрæг ерысы бацыдтæн, йæ цæсты куы бафтон, уæд цыма уымæй стыр- дæр худинаг нæй, уыйау. IV Ахæм зæрдæйы уагимæ мæ фыдæбоны хай фæхæццæ код- тон Тембол Хасакоевичмæ, очерк æй схуыдтон, афтæмæй. Ныр æнхъæлмæ кæсын, цы бауыдзæн, уымæ. Айразмæ мæ фыццаг очерк куыд рæвдз сæмбæлд бынатыл (маргъдарæн фермæйæ), уымæ гæсгæ мæ уырны, ай дæр кæй нæ ныкъкъуылымпы уы- дзæн, уый. Ноджы цыма уымæй мæ рагон хæлары цыдæр хæр- зиуæгджын кодтон, æмæ йын æмгары лæггады цыдтæн, афтæ мæм каст, æмæ йæ тагъддæр куы федтаид, уый мæ фæндыд. Фырнымд адæймагæй йæ зыдтон æмæ дзы исты йæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуа, уымæй дæр тарстæн. Мæ сæр хъуыды кæнгæйæ уæлæмæ дзурын ницы сфæраздзæн, ууыл æууæндын. Фæлæ йæ- хинымæр цæуыл ахъуыды кæндзæн, чи зоны? Æмæ мыл цæйнæ- фæлтау йæ зæрдæ фæхуда, фæлтау мæн ницы хъуыди. Уæдæ Антонинæйæ дæр æфсæрмджын куыд нæ уыдаин? Йæ лæджы раз æй къæмдзæстыг нæ кодтон,- æви? Æниу хъуамæ уый размæ сæ иуæн дæр æмæ сæ иннæмæн дæр уарзæттæ ма уыдаид? Ноджы ма мæ хъустыл æрцыди, иумæ сæ цард нывыл нæ цæуы, зæгъгæ, стæй, дам, сын ЗАГС конд дæр нæй. Æмæ йæм афтæмæй Толæ хъуамæ къаддæр бар дардтаид, ныр дæр ма йæм кæд йæ зæрдæ æхсайдта, уæд? 76
Фæлæ сæйраг уый мидæг нæ уыди. Цалынмæ очерк фыссы- ныл уыдтæн æмæ æнхъæлмæ кæсыныл, уæдмæ цаутæ афтæ тагъд ивын байдыдтой кæрæдзийы, æмæ куы базæронд уыдаид, уымæй дæр старстæн. Антонинæ, дам, йæ лæгæй рахицæн æмæ хибарæй æрцард. Ацы фæстаг хабæрттæ ног æфтауæнтæн бæззыдаиккой сю- жетон хахмæ. Ноджы мæн цæмæйдæрты раст кодтой мæхи цæс- ты. Фæлæ сын уыдонмæ бæллыдтæн, цы? Исты мын сæ хъыс- мæты мæ фындз тъыссыны бар радтой, цæмæй газетæй тæрхо- ны оргæн саразон? Хъуамæ дам-думтыл арæзтаин мæ фысси- нæгтæ? Сæ фæстæ æнæхъуаджы ныхæстæ æнæрасайгæ нæ фæ- уыдаиккой, æмæ ма станцæйы хицауы дзыхы дæр бафтыдаин. Фыдгойгæнæджы гакк мыл сбадтаид, æмæ ма уымæй худина- джы хъæр дæр цы уыдаид? Æмæ мæ уыцы очерк уæд цæмæн хъæуы? Фæлтау уал æй Тембол Хасакоевич æруромæд. Уый фæстæ йын кæд исты хос фæуаид. Мыййаг, цард ууыл куы нæ банцади. Цалдæр боны агæпп ласта, фæлæ очерк зынæг нæй. Æз дæр уал лыстæг ницы-мацытыл калын мæ хъуын-хъис. Раст зæгъ- гæйæ, уыдон дæр фæуындджындæр кæнын, цæстуынгæ æрмæ- гæй сæм базилыныл нæ бацауæрдын. Æмæ цыма фæахадгæдæр сты — уæлдайдæр та рæнхъыты бæрц фæфылдæр кæнынæн. Уæдæ иннæты ’хсæн дæр мынæгæй нæ баззайынц. Уыцы пайда уал мын фесты мæ ног фæлтæрæнтæ. О, фæлæ очеркы койгæнæг нæй. Уый зонгæйæ ма йыл нæ акуыстаин! Мæлæты рогæн æй ацъапп ластон! Афтæ талф-тул- фæй йæ кæй атыдтон мæхицæй, ууыл фæсмон кæнын дæр ма байдыдтон. Фæлæ йæ уæдæ барæй дæр куыд дардтаин мæхимæ? Рафæрс-бафæрсы сæр мæ куы ницæмæн бахъуыд, мыййаг. Æнцой- гуысты уылæн мæ йæ уæлныхты ахаста, æмæ рæнхъытæ гæх- хæтмæ сæхæдæг ивылæгау калдысты. Уромын дæр ма сæ-иу бахъ- уыди. Афтæ зæрдиагæй бацархайдтон, æмæ фæсте ницыуал ны- ууагътон: ме ’рдхорды цардæй цыдæриддæр мæ зæрдыл дард- тон, уыдон рæгъмæ рахæссынæн аккагыл банымадтон. Хуыцау хорз, æмæ мын агуринаг нæ уыдысты. Цалынмæ ма-иу пъеройы фындзыл уыдысты, уæдмæ мæм сæ фæлгъауын мæлæты хорз каст. Гъестæй ма сæ-иу уый фæстæ мæхицæн цы дзырддаг код- таин? Афтæмæй мæхæдæг мæхицæн мæ рагон хæлары æрног кодтон. Æмæ мæм йæ сурæт дзæбæх фæкаст. Фæлæ æнхъæлмæ кæсгæйæ сындæггай ме ’муд цыдтæн, æмæ мыл гуырысхойаг хъуыдытæ тынгæй-тынгдæр тыгуыр кæнын байдыдтой. Мæ цæстыты раз станцæйы хицау алæууыд уыцы хиуылæрвæссонæй. «Æвæдза, цы бауыдаин, æппындæр кæй нæ зыдтон уыцы 77
бонæй размæ, ахæм адæймаджы мын мæ фыццаг куы скодтаид, уæд? — зæгъгæ мæ цыдæр хъуыды фæцагайдта. — Уæддæр, цымæ, уæлбæхыл бадæгау нырау уæлæнгæйтты згъордтаин мæ фысси- наджы фæдыл? Уыцы хъуыды æвиппайды цыдæр арæн-хахх февзæрын код- та мæн æмæ редакцийы ме ’ннæ цæдисон æмбæлтты æхсæн. Сæ фыдæбон мын мæ цæсты тынгдæр сахадгæ кодта, æмæ мæм хин- митæй аразæгау нал каст раздæрау. Иугай хæрдгæбыдтæй дын хъуамæ цытæ барæтауын бафтыдаид сæ къухы. Æвæдза, цæй бæрц æууæнкджын æмæ хуырым уыдтæн! Æз бамбæрстон, ныры онг мæхицæн басæттыны æнхъæл кæ- мæн нæ уыдтæн, ахæм æцæгдзинад: мæнæй уæлдай мæ цæдисон æмбæлттæ кæй зонынц, нырма уал мæнæй æмбæхстæй чи лæууы, ахæм цыдæр æмæ сæ уый газетимæ мæнæй тынгдæр кæй бæтты. Æз та уал æм нырма æрдæгфæндагыл кæй дæн. Адон зонынц, кæй тыххæй æмæ цы фыссынц æрмæст уый нæ, фæлæ ма цæй фæдыл фыссынц, уый дæр. Зонд гуыбынæй рахæсгæ нæу, фæлæ — сфæлтæргæ. Ноджы сын дзырдаивады гæнæнтæ дæр скъæфæццаг не сты, науæд ис- кæй лæваргонд, æмæ сæм мæнæй къаддæр бартæ нæ дарынц. Уæдæ уæд мæнæн дæр, æвæццæгæн, æрæджы нæма у, цæ- мæй уыцы æмбæхст цыдæр бамбарон. Уæд мæм, чи зоны, дзыр- даивад дæр кæд фергомыздæхтдæр уаид, кæннод дын ривæд ку- ыройау цы хъуамæ æрысса? Ахæм мæнгæфсон хъуыдытæй ма мæхицæн ныфсытæ æвæрдтон, цалынмæ мæм Тембол Хасакое- вич нæ фæдзырдта, уæдмæ. Фæлæ мæ уый дæр, æвæццæгæн, барæй фæстиат кодта йæ дзуаппимæ, мæхицæн мын фылдæр ахъуыды кæнынæн фадат лæвæрдта. Науæд та йæ фæндыд, цæмæй ныхас мæхæдæг ракъах- таин, уый. Мæнмæ та аив нæ каст, мæхи æнæрхъæцæй равдисон, уый. Æндæр ын ницы куыст уыди? Очерк у, æмæ куы бæзза, уæд искуы рацæудзæн. Фæдисы бон куы нæ скодта. Уæддæр нал фæлæууыдтæн æмæ дзы иубон нæ бæрнон секретары афар- стон. Уымæн æмæ цыдæриддæр мыхуыры уадзинаг æмбырд кодта редакцийы, уыдон иууылдæр уымæ цыдысты. Хъуамæ ма сæм- иу уый, боны рухс фенын кæныны агъоммæ, æркастаид æмæ сын газеты сæ бынат ссардтаид. Кæд, зæгъын, амæ æрбахаудта æмæ уал æй цыдæр æфсонæй уромы. Нæ бæрнон секретарь та уыди, Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ райдианæй йæ кæронмæ чи бавзæрста, ахæм майор. Рæстæм- бис: карæй дзæвгар чи ахызт, раст мæнæ зæгæлтыл амад кæмæй фæзæгъынц, ахæм мызыхъарæзт лæг. Дардта дæрдджын кæр- дæгхуыз гæлифе, æвæццæгæн, æфсадæй йемæ кæй æрхаста, ахæм. Æмæ, æцæгæй дæр, цыма йæхиуыл хуыд уыди, афтæ йын фи- 78
дыдта. Райгуырд æмæ схъомыл Дзæуджыхъæуы, йæ куыстмæ æрвылбон уырдыгæй дыууæрдæм кодта. Æфсадмæ дæр уырды- гæй ацыди. Иронау дзырдта къуызгæйæ, ныхæстæ хъавгæ æвзар- гæйæ. Йæ ном æмæ фыды номæн дæр равзæрста уырыссаг хуыз. Кæд йæ паспорты хуындис Дахцико Дзарахметович, уæд йе ’рвыл- боны царды та ссис Давид Захарович. Афтæ, дам, æнцондæр дзурæн уыдис мæ хæстон хицауадæн æмæ сын цæмæн зын код- таин. Æмæ уый йæ бар йæхи. Фæлæ газет цыди дыууæ æвзагыл æмæ сæ алкæцы дæр йæхионтæ домдта. Цы проценттæ ис се ’хсæн, уый ничи бацамыдта, рæнхъытæй баргæйæ сæ кæмæ цас æрхаудтаид, уый ничи зыдта. Афтæмæй уыцы ерысы ирон æвзаг цы бынат ахстаид, уый зын бамбарæн нæу, нæхи цы уарзтæй уарзæм, хицауад нын цы бартæ дæтты, уыдæттæ нæ зæрдыл куы дарæм, уæд. Ноджы ма газетаразджытæн сæ фылдæр уыдысты раздæры партион æмæ Советон кусджытæ, йæ бынатæй чи фæхауд, на- уæд æфсæддон службæйæ чи суæгъд (Давид Захаровичы хуы- зæн), ахæм кадртæ, æмæ сæ пъеротæ кæцонау фыссынмæ арæхст- джындæр уыдаиккой, уымæй дæр искæй фæрсын нæ хъæуы. Фæлæ-иу уæддæр нæ бæрнон секретармæ бар-æнæбары куыд нæ бамбырд уыдаид, уæлдай сагъæсы йæ чи æфтыдта, ахæм фыстытæ. Гæды зæгъын тæригъæд у, Давид Захарович сæ фæс- вæд никæй æвæрдта, ирон фыстытæм лæмбынæгдæр дардта йæ хъус. Ома, кæрцæй хæдон хæстæгдæр кæй у, уый тыххæй нæ, фæлæ йын, æвæццæгæн, сæ процент нымад уыдаид, æмæ æдзух- дæр ирон хай кадавардæр уади. Иннæмæй та сыл йæ бон къад- дæр цыди, фылдæр рæстæг дзы домдтой. Йæ бон-иу уыдоныл аивгъуыдта, мæгуырæг. Мæн та маст тынгдæр уыцы къæрцхъусдзинад уагъта, æмæ йæ æмбæхсын нæ фæрæзтон. Æгæр уæзданæн, дам, йе ’ккой бадынц. Цæвиттон, уыцы æрмæгæй мæхимæ дæр цыдæртæ хауд- та, æмæ сæм-иу æнæфæныхилгæ никуы фæлæууыд. Ай мæны йеддæмæ никæмæ уæнды (уæлдайдæр та ног кусæг), зæгъгæ-иу йемæ сбыцæу дæн. Кæд редакцийы сæры суангæй мæ цæдисон æмбæлттæй ис- кæимæ фæхъаугъа дæн, уæд, æппæты фыццаг, Давид Захарови- чимæ. Æмæ мын уæдæ цы кæнгæ уыд? Бавдæлди-иу, æмæ тæккæ хуымæтæгдæр ирон хъуыдыйад равдул-бавдул кæнын систаид йæ къухты ’хсæн, ныггæлиртæ йæ кодтаид, редакци йæ кæнын, зæгъгæ. Фæлæ йын дзы рæстмæ ницы уайы, уый куы бамбæр- ста, уæд та-иу æй йæ фыццаг гаччы сæвæрыныл архайдта. Аф- тæмæй дæ фыст ныкъкъахыртæ уыдаид. Зонгæ дæр æй нал ба- кодтаис. Æмæ мæм хардзау каст. 79
Иухатт нæм уыцы хъуыддаджы фæдыл æргом ныхас куы рауад, уæд дын хуыздæрæн афтæ куы бакæнид — уыимæ йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта: — Уæдæ ды куыд æнхъæлыс? Мæнæн ам мызд дзæгъæлы фидынц? Фæлæ-иу нæ зулдзых бирæ нæ хаста. Уайтагъд та-иу бафи- дыдтам. Уæдæ туджджынты цæстæй дæр кæрæдзимæ куыд кас- таиккам, фæрсæй-фæрстæм кусгæйæ? Фæстагмæ куыд бамбæрстон, афтæмæй Давид Захарович мæнæн фыдæнæн ми нæ кодта. Иннæты фыстыты дæр-иу йæ къух æнæ ауадзгæ нæ фæци. Фæлæ йæм фæстæмæ ничи дзырд- та. Мæнæй уæздандæр уыдысты. Æз та-иу загъд-замана самад- тон. Æмæ йыл абон дæр ма фæсмон кæнын. Уымæн æмæ ацы редакцийы æвзæрдæр замантæ дæр бавзæрстон: нæдæр редак- тор, нæдæр бæрнон секретар иронау зонгæ дæр куы нæ кодтой, афтæмæй газет уæддæр йæ цыды кой куы кодта. Уымæй ма диссагдæр хъуамæ цы уыдаид? Арæх ма-иу æрæмысыдтæн Да- вид Захаровичы. Фæлæ йæ чи раздæхтаид! Уыцы кой мæм рауад, ирон журналистикæйы историйыл, мыййаг, кусджытæ куы фæуа, уæд уыдонæн зонынгæнинагæн. Фæлæ уый фæдыл мæхæдæг фаг хъыцъыдæттæ банызтон. Æмæ кæдæм фæхæццæ сты мæ хъæстытæ æмæ мæ пихылæйттæ? Ни- кæдæм. Нæхиуæттæй ма мæ чидæр æдылы дæр рахуыдта. Æмæ фæрнæй цæрæд, кæд лæг гоби уа, уый зонды хосыл нымайы, уæд. Ноджы-иу, арæх ахæм къуыдиппытæм æрхаудта мæ хъæс- тытæ æвзарыны бар, æмæ сын хъуамæ цавæр сомбон уыдаид? Уый та дын суверенитет æмæ автономи. Уыдон садзгæ æмæ лæваргæнгæ не сты. Фæлæ дæтгæ æмæ æрбайсгæ. Кæй хъæуой, уыцы адæмæн. Аслам фыды, дам, бас нæй. Мах нæ хъæуынц æмæ сыл нæхицæй æддæмæ хæцæм. О, фæлæ уал нырма Давид Захарович æнæниз, сæрæгасæй бады йæ кабинеты йæхи ныггуыбыр кодта кæйдæр фыстыл æмæ йæм пъеройæ бахъав-бахъав кæны. Æз æм бауадтæн, цалдæр боны мын мæ уд чи агайы, уыцы фарстаимæ, æмæ йæм дзуап- пæнхъæлмæ кæсын. — Дæ очерк? Мæнмæ куы нæма æрбахæццæ ис. Уыййед- дæмæ йын сабаты номыры дзæбæх бынат æррæвдз кодтаин — дыккаг фарсыл, — цыма æппындæр не ’хсæн тæуццаг ныхас ни- куы рауад, уыйау мын хæрзгæнæгау загъта. — Знон æй Тембол Хасакоевичы стъолыл ауыдтон. Кæсгæ йæ бакодта. Фæлæ йæм цыдæр фиппаинæгтæ ис. Йæхæдæг дæм фæдзурдзæн, — цыма йын рагагъоммæ йæ уынаффæ зыдта, уыйау мын æй мæ хъусы æрбацагъта. Ома дæхи цæттæ дар, нæ фехъуыстон ма зæгъ. 80
V Оу, Хуыцауы салам дыл сæмбæла, Давид Захарович! Æгайт- ма дæумæ нæма бахæццæ мæ очерк æмæ йын рауадзынæй тас нæма у. Мæ рагон хæлары тыххæй мыл мæ гуырысхотæ афтæ æртымбыл сты, æмæ фиппаинæгтæм мæ былыцъæрттæ ныры хуызæн никуыма хордтон. Ай размæ дæр-иу мæ фыстытæ редактортæм куыд нæ бахау- даиккой! Æмæ-иу цыма дæ зæрдæйы судзинтæ сагътой, уыйау иу дын уайтагъд дæ мыды къæм агурыныл схæцыдысты. Уæд та-иу сæм иу зæрдæлхæнæн ныхас куыд нæ разынди? Æмæ кæд сæ ныхæстæм разыйы тылд кодтон мæ сæр, уæддæр сæ мæ зæр- дæмæ хæстæг никуы айстон. Нæ-иу мæ баууæндын кодтой сæ- хиуыл. Æвæццæгæн, Давид Захаровичы хæс æвæрд уыди уыдо- ныл дæр: мызд сын уый тыххæй фыстой. Уæдæ ма гонорар дæр сæ бæрны уыди, æмæ йæ кæуылты æххæссын кодтаиккой! Сæ бинонты дарын уыдонмæ нæ каст? Æмæ сыл худæн дæр нæ уыди. Уыцы рæстæг сæм уый бæрц автортæ фæзынди æмæ-иу стыр уынджы къордтæ-къордтæй ралæуу-балæуу кодтой. Фæлæ, дам, цы нымæт цæгъдай — хъуынджындæр. Иугай гæрæхтæй чи фæтарстаид, ахæм адæм нæ уыдысты. Æмæ та-иу дыккаг бон рæгъæй ралæууыдысты мыхуыры хæдзары дуармæ. Æмæ, æвæдза, боны фæстагмæ, нæ фыдæбæттæ дзæгъæлы нæ фесты. Æнцойгуыстæй нæ хызтой, æвæццæгæн, æмæ нын рага- цау дзырдаивады хъизæмæрттæ æвзарын кодтой не ’нæуæздан редакцийы кусджытæ. Чи бафæраза уыцы хъизæмæрттæн, уыцы арæны сæрты чи ахиза, уый æрæджиау хъуамæ фыдæнхъæл ма фæуа; мыдыкъусы, мыййаг, нæ бахаудзæн æмæ дзы сойтæ не смæрздзæн. Фæлæ-иу йæ ном, фæскъæвда хуры тын ферттивæ- гау, иннæ æвзаргæ нæмтты ’хсæн куы фæзындис, уæд ын йæ æххормаг сæры магъз кодта ноджы цыбæлдæр. Æмæ ма йæ чи баурæдтаид? Ныр нæ гыццыл редакцийы уыцы арæны сæрты ахизын мæ къухы куы бафтыд, алы бон мæ сæттын куы нæуал хъуыд, уæд уыцы арæн сæры магъзы цырен дæр фæкъаддæр æмæ мæ фев- дæлди æндæр сагъæстæм дæр. Ноджы ма цæйдæр тыххæй уыцы фарстатæ фæлгъауын æмæ сын дзуаппытæ агурын хорз каст Тем- бол Хасакоевичмæ. Мæ ногæй мын цы бæлвырд ныхæстæ фæ- кодта, уыдон дзæгъæлы нæ уыдысты. Уыцы темæ йæм тынг рæбыноз æвæрд уыди. Æмæ та-иу æм æнæраздæхгæ нæ фæци, раст дзы цыма исты хæс дардта æмæ йын йе ’фстæуттæ фыста, уыйау. Арæх дзырдæмбалæн мæн æвзæрста. Мæнæн дæр æхсыз- гон куыд нæ уыдаид, мемæ-иу æмсæр адæймагау зæрдиаг бы- цæуы куы бацыди, уæд. Фæлæ нæм уыцы рæстæг иннæтæ та сæ 6 Дзуццаты Эльбрус 81
цæсты бынты кастысты. Мæн уырныдта, уыдонимæ дæр уыцы ныхас бацайдагъ кæныныл кæй фæлвæрдтаид, уый. Фæлæ йын æвæццæгæн, ницы ком радтой æмæ ма йæ сызгъæрин доны цæ- мæн калдтаид? Æрæджы та нæ дзуринæгты фæстæ æз Тембол Хасакоевичы кабинетæй куы рацыдтæн, уæд мæ Давид Захаро- вич фæурæдта æмæ хъуыддагхуызæй афтæ куы бакæнид: — Цытæ уæм цæуы! Газеты номыры кæд мæ хуызист къа- хæй сæрмæ сæвæрон, æндæр æй цæмæй байдзаг кæнон, нæ зо- нын. Сымах та теоритыл схæцыдыстут. Давид Захаровичы къæйных ныхас мæнæн тынг хъыг уыди, фæлæ мæм иннæрдыгæй та худæг фæкаст. Цыма газетæн уый куы нæ уаид, уæд йæ цæуынæй ныллæууид, æрмæст ууыл æнцайы. Афтæмæй та дзы, æз ам куы кусын, уæдæй нырмæ йæ номыл иу уацхъуыд нæ федтон. Тембол Хасакоевич та уæдмæ иу цалдæр «гобаны цъары» барæхсадта. Уыимæ дыууæ æвзагыл дæр. Фæлæ мæм йæ зæрдæ æгæр кæй здæхта, уый уыди хъыг Давид Захаровичæн, æмæ мæстыйæ адæймаг цы нæ срæдидзæн. Тембол Хасакоевичмæ нæ уæндыд, фæлæ мæнмæ фæци. Æз дæр ын хуыздæрæн мæ хъуыды бамбарын кодтон. — Теори цы хоныс, уый нæ зонын. Фæлæ редакцийы хъуа- мæ иудадзыг дæр арæзт цæуид журналистты дæсныйады фæдыл ахуыртæ. Никæмæн ницы зиан æрхæссиккой. Нæ фæлæ ма уæд куыст дзæвгар фæрæвдздæр кæниккам. Давид Захарович ницыуал ысдзырдта, æрмæст ма йæ къух æнæбары ауыгъта ома — хæйрæг уæ хай. * * * Тембол Хасакоевичæн мызд, йæ кусджыты фыстыты мидæг фиппаинæгтæ агура, æрмæст уый тыххæй нæ фыстой. Стæй ца- лынмæ Давид Захарович æрмæджытæ типографимæ нæ арвыста- ид æмæ сæ фыццаг джиппы нæ ауагътаид, уæдмæ се ’ппæты нæ касти. Уый — æз ног кусæг кæй уыдтæн æмæ ма литературæйы дæр цыдæр барæвзарæнтæ кæй кодтон, уымæ гæсгæ мæм хъу- лон цæст дардта, æвæццæгæн, æмæ ма мын-иу хицæнæй сæрма- гонд хæс дæр уый тыххæй радта. Уыййеддæмæ мын хъуамæ мæ очеркыл уæлдай фыдæбон цæмæн кодтаид Давид Захаровичы разæй? Æнæуи та районы царды цыдæриддæр зынгæ цау цыди, уыдон ын сæ фылдæр æнæзонгæ нæ уыдысты. Æмæ куыннæ! Рагацау æм-иу телефонæй æрбадзырдтаиккой, ахуыдтаиккой иу-æй, уац- хæссæг дзы-иу бацагуырдтаиккой, æмæ йæ хабæртты фæдыл хæддзуйæ зилын нæ хъуыди. Ноджы ма уыцы рæстæджы уыди партийы райкомы бюройы 82
уæнг, архайдта райæххæсткомы æмбырдты æмæ уырдыгæй дæр къаддæр информаци нæ иста. Редакцийы-иу арæзта планеркæтæ, кусджытæн-иу сæ хæстæ фæбæлвырд кодта, стæй сæ алкæмæй дзуапп домдта. Афтæмæй мæ рад дæр æрхæццæ. Тембол Хасако- евич мæм фæсидти, Давид Захаровичмæ куы уыдтæн, уымæн йæ дыккаг бон. Æвæццæгæн, ын радзырдта,^ бабæрæг æй кодтон уый, æмæ йын йæхи æрбарвыста мæнмæ. Йæ къухтæ æууæрдгæ æрбацыд мæ размæ æмæ мын хъæлдзæг мидбыл худгæйæ фехъу- сын кодта: — Гауызмæ дæм сиды. Хъæбæр фæлæуу. Хъазаг ныхасгæнаг нæ уыди Давид Захарович, æмæ мæм дис- саг фæкасти йæ зæрдæйы ахаст. Уый, æвæццæгæн, æнхъæл уыди, æмæ Тембол Хасакоевичы фиппаинæгтæ мæн иннæрдæм нæ хиз- дзысты, йæ дзырдмæ йын дзырд æппардзынæн æмæ йемæ схъау- гъа уыдзынæн, раст мæнæ йæхиимæ куыд схъаугъа вæййын, афтæ. Фæлæ йæ цыма нæ бамбæрстон, уыйау æй афарстон: — Цавæр гауызы кой кæныс? Уый фæдыл йæ мидбылхудт цæхгæр фæурæдта æмæ мæм хъуыддагхуызæй разылдта йе ’ргом: — Хицау дæм дзуры. Очеркы тыххæй. Æз дæр æм æркас- тæн. Зæгъын дын æй æргом: мæ зæрдæмæ фæцыд. Цастæ арази- наг ма уыдзæн? Иу лæбурд ма йæм фæкæн æмæ — цæттæ. Æз ын боны рухс фенын кæнон. Æндарæны йæ кæдмæ дардзыс- тæм? Æрмæджы тыххæй хъырды куы кæнæм. Уыцы фæстаг ныхæстæ Тембол Хасакоевичмæ хаудысты, кæй зæгъын æй хъæуы, æмæ мæм æргом ардауынау фæкастысты. Фæлæ сæ æз ницæмæ æрдардтон: уыдоныл нæ уыдтæн. «Никуы мæм бабæллыд бирæгъ хæстæгмæ», — мæ зæрдыл æрбалæууыд Къоста. Æвæццæгæн, Давид Захарович æнхъæл у, æмæ æз мæ очеркыл тагъд кæнын. Ау, æмæ мыл афтæ аудын кæдæй нырмæ райдыдта? — мæ сæры уыцы хъуыдытæ кæрæ- дзийы фæдыл атахтысты æмæ зæрдæвæйлыдæй хицауы кабине- ты смидæг дæн. Кæд ыл, зæгъын, æцæгæйдæр уыцы хуызы сра- зы сты æмæ йæ рауадзынмæ хъавынц. Уæд ын балæгъстæ кæ- нон æмæ уал æй фæурома. Мæ бон цас бауа, уый бæрц ын бам- барын кæндзынæн, гуырысхойы мæ цы ’фтауы, уый. Тембол Хасакоевич мын уæздан салам радта, мæ къух мын райста æмæ мын æнæдзургæйæ ацамыдта йæ бакомкоммæ къæ- лæтджын бандонмæ. Йæхæдæг йæ лулæ сдымдта, æмæ-иу куыд кодта, афтæ йæ уæзбын хъæлæсы уагæй, дзырдтæ хъавгæ кæ- рæдзиуыл æфтаугæ, райдыдта: — Дæ фысты хъæд æвзæр нæ рауад. Ацы хатт нуарджындæр æмæ нывджындæр у. Хъуыдыйад аразын зоныс, æмæ уый бирæ- ты къухы не ’фты. 83
«Бузныг, кæд æцæг афтæ нымайыс, уæд, — хъуыды кæнын мæхимидæг. Фæлæ дæ цæстмæхъус ныхасгæнæгæй куы нæ зо- нын. Æви мыл ауæрдгæ кæныс, æмæ уал мын развæлгъау мæ зæрдæ æлхæныс? Уæд дæ хорзæхæй, дæ раст уынаффæ ра- хæсс, ма мын батæригъæд кæн. Науæд стыр зæрдæхудты æфтын мæ хорз зонгæты раз æмæ йæ мæхицæн нæ ныббардзынæн. Уый зæрдæйæ мæхимидæг хорз бамбæрстон, фæлæ мын зондæй бæл- вырд скæрдын нæ комы. Бацамон мын, дарддæр мын цы кæнгæ у, уый дæр. Ахæм цъысымы фыццаг хатт бахаудтæн æмæ дзы барвæндонæй мæ бон фервæзын нæу. Феххуыс мын кæн». Фæлæ хъусын дарддæр, æмæ сæйраг хъæныл кæй нымадта Тембол Хасакоевич, мæ фыст мын дзырддаг кæй тыххæй скæ- нын уыди, уыцы фиппаинаг дæр та йын тæккæ карздæртæй нæ рауад. — Ды цы хæдзарон хабæрттæ æмæ мысинаг цаутыл сарæз- тай дæ очерк, уыдон тынгдæр сфидауиккой радзырды, аив лите- ратурон уацмысы... «Ау, æмæ радзырды чи сфидауид, уый очеркæн нал бæззы? Цавæр арæн-хахх ис се ’хсæн?» — ферттивæгау кодта мæ сæры, фæлæ Тембол Хасакоевич йæ хъуыды уайтагъд райхæлдта: — Ома сæ æз æрæмысгæ кæнæ, чи нæма ’рцыд, ахæм хабæрттæ нæ хонын, фæлæ бæллæх дæр уый мидæг ис, æмæ, кæуыл фыс- сысс, уыдон æцæг адæм кæй сты, цардхъом æмæ цардбарæг, ном æмæ мыккаг кæмæн ис. Æмæ сыл цытæ фыссысс, уыдон сæхæдæг дæр кæй кæсдзысты. Æмæ сæхимидæг, науæд та æргомæй цы зæгъ- дзысты, ууыл ахъуыды кодтай? Æви дæм уый нымады дæр нæу? — йæ ныхас фæтыхджындæр Тембол Хасакоевичæн. «О, о, æцæгæйдæр, мæн дæр æрæджиау уыцы сагъæс куы сагайдта», — цыма мын Тембол Хасакоевич мæ зæрдæйы сусæг къуымтæ сгæрста, афтæ мæм фæкаст, фæлæ уæлæмæ ницы сдзырдтон, æмæ мадзурайæ хъуыстон. Æвæццæгæн, зæгъын, уыцы зондамонæнтæ искуы фыст дæр сты, фæлæ сæ дæхиуыл куы нæ бавзарай, уæд дæм хъуамæ куыд бахъарой? Фæлæ æз ам фæфиппайдтон, редакторы ныхас та сабыргай кæй рахызти, æвдæлон рæстæг-иу арæх йæхи кæуыл ирхæфста, уыцы темæмæ. Æрмæст ын ацы хатт уыди комкоммæ æфсон, æмæ нæ бадт дæргъ- вæтин ахаста. Давид Захарович йæ гæххæттытимæ нæ размæ цалдæр хатты æрбауади, редакторы-иу цæмæйдæрты афарста æмæ та-иу феддæ. Æвæццæгæн, лæгъзæй цæуы нæ ныхас, мæнæй хъыпп-сыпп нæ хъуысы, уый йæхи цæстæй куы федта, уæд æм ницы дзырдæппарæн разынд æмæ не ’хсæн нæ бацыд. — Толæ-Ибырыхины сурæт дæуæн дæхи зæрдæмæ цæуы, кæй зæгъын æй хъæуы, — йæ ныхас дарддæр кодта Тембол Ха- сакоевич æмæ мæм фæлварæгау æрбакаст. Мæнæй разыйы дзуапп 84
куы райста, уæд та мæ бафарста: — Фæлæ Толæ-Ибырыхинæн йæ сурæт йæхи зæрдæмæ фæцæудзæн, æви нæ, уый дæ ничер- дыгæй бацагайдта? — Æз фæстæмæ ницы дзурын, уый куы фем- бæрста, уæд мæм дзуапмæ дæр нал æнхъæлмæ каст. — Ды йæ равдыстай лæмæгъзæрдæ æмæ фæлмæнвадæй. Цæмæн? Æрмæст йæ мадмæ кæй байхъуыста, уый тыххæй. Мæн нæ уырны, Анто’- нинæимæ йæ цард кæй нæ бабаста, уымæн æндæр ницы æфсон уыдаид, уый. Ау, æвиппайды къæссавæлдæхт куыд фæуыдаид Толæ, кæд æй афтæ тынг уарзта, уæд. Ды, чи зоны, де ’рдхор- дæн хæлары уайдзæф кæнынмæ хъавыс, рог æлхыскъ. Æфхæргæ йæ нæ кæныс. Фæлæ йæ цæсты не ’фтауыс? Æмæ цы тæригъæд- джын у, мæгуырæг? — йæ тæккæ ахъаззагдæр фиппаинæгтæм бахæццæ Тембол Хасакоевич. Æз дæр йæ разы аххосджыны бадт кæнын æмæ йæм коммæгæсæй хъусын. — Уæдæ йын фæсауу- онмæ йæ мады дæр азымы дарыс. Фæлæ йын йæхи истæмæй бафарстай? Кæд уымæй растдæр адæймаг нæй, уæд та? — куыд дарддæр, афтæ ноджы карздæрæй дзырдта редактор. — Антони- нæйæн дæр мой кæй ис, сывæллæттæ, уый дæ æрбайрох, æмæ йæ æрыгон чызджы бынаты æрæвæрдтай. Æз ницыуал загътон, Антонинæ йæ лæгæй кæй рахицæн æмæ дзы Толæ кæй ницæмæй азымджын у, уый тыххæй. Нал загъ- тон, уымæн æмæ æмбæрстон, уыдæттæ мæ кæй нæуал сраст кæндзысты нæдæр мæ рагон зонгæты, нæдæр Тембол Хасакое- вичы цæсты. Тынгдæр та мæсты кодтон æмæ хæцыдтæн мæ- химæ: «Гъе уый дын æнцойгуысты фæстиуджытæ! Мæ очеркы хъайтар Толæ куы разынди, йæ царды хабæрттæ мæ фондзæнгуыл- дзы хуызæн кæмæн зыдтон, уый, уæд мæ зæрдæ мæхиуыл фæ- дардтон, зæгъын, мын уыдон æгæр фаг дæр ма сты æцæг йæ фæлгонц сныв кæнынæн. Фæлæ йæм хъуамæ уый тыххæй стан- цæйы хицауы къуындæг цæстæй ма кæсон æмæ дзы, фыдæбо- нæн йеддæмæ чи ницæмæн бæззы, ахæм дзургæ æнæуд дзаума ма саразон, хъуамæ йæ равдисон хъæздыг удыхъæды хицауæй — уарзын дæр чи зоны æмæ нæуарзын дæр, ахæмæй. Хъыгагæн, мæ рæстæджы цы очерктæ цыди нæ газетты, уыдон уыдысты, станцæйы хицау йæ къух разæнгардæй кæуыл бафыстаид æмæ фæллойы адæймаджы æрмæст паддзахады æххуырстæй чи æвдыстаид, ахæмтæ. Мæн мæ мæгуырзæрдæйæ æрфæндыди уыцы фæтчы сæрты ахизын. Æниу ахæм фæлтæрæнтæ чысыл фæзын- ди уæды рæстæджы дæр? Кæй бафæзмыдтаин, уый мын нæ уыди? Ау, мæнæн ыл мæ бон нæ бацæудзæн, æви уыцы бар æвзæрст адæмæн лæвæрд у? — хъуыды кодтон æз. Фæлæ та мын мæ сусæг гуырысхотæ Тембол Хасакоевич фергом кодта. — Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ газетæн ис цавæрдæр хъоды- гонд фарстатæ, фыссæн кæуыл нæй æмæ рæгъмæ хæссæн кæ- 85
мæн нæй, ахæмтæ. Искæй уды царды хабæрттæ дæр хурмæ ра- хæссæн ис, йæ миддунемæ ныккæсæн. Фæлæ сæ хъуамæ мах æнæхъолайæ нæ фындз ма тъыссæм, — кувæг дæр сын мах куыд уæм æмæ аходæг дæр. Уыдон хъуамæ æнцайой официалон доку- менттыл, уой бæлвырд æвдисæнтыл арæзт, æмæ сын уа æхсæна- дон ахадындзинад. Стæй дæ зæрдыл дар: газет тæрхоны оргæн нæу, — балхынцъ кодта Тембол Хасакоевич, æмæ йын æз йæ ныхас фæуын æнхъæл уыдтæн. Фæлæ рацæуынмæ куыд хъа- выдтæн, афтæ та æнæнхъæлæджы рахызти йæ уарзон темæмæ. — Гъе, дзырдаивадæй цы зæгъыс, уый зæгъ. Уым дæхæдæг дæ- хицæн хицау дæ æмæ дзы æнæгуызавæйæ фысс æмæ фысс: ис- кæй зæрдæхудтæй ма тæрс. Фæлæ амæн та, дзырдаивадæн, йæ сæйраг рахæцæн у æууæнк. Дæ иунæг тæрхонгæнæг та у чиныг- кæсæг. Æмæ дæ фыстытæй исты йæхимæ куы бамбара, уæд йæ бар йæхи. Йæхæдæг йæхицæн тæрхонгæнæг фæуæд. Ды йæ хъу- ыдытыл бафтыдтай, йæ уд ын чи агайы, ахæм дызæрдыггаг фар- статæ йын йæ размæ сæвæрдтай — ныр йæ хъару æмæ йæхæдæг! — Уыцы ныхæстимæ мæм хинмидбылхудтгæнгæ æрбакаст, цыма мын цыдæр сусæгдзинад ме ’вджид кодта, æмæ йыл сразы уыд- зынæн, æви нæ, уымæй мæ бафæлварынмæ хъавыд, уыйау, æмæ ма мæ æфсæрмыл бафтыдта: — Ды дæр дæхи дзырдаивадыл куы хъарыс, мæ хур. Хуыздæ^ æрмæг ма дæ цавæр хъæуы? Бавдæл, æмæ дзы радзырд сараз. Йæ сюжетон хахх дын бæлвырд бæрæг у — Толæ æмæ Антонинæ. Раст зæгъгæйæ, очеркы ауыгъдауæй баззад. Æмæ йын дæ бон дæр ницы у. Ды баст дæ хъайтарты хъысмæтимæ. Фæлæ радзырды дæ гæнæнтæ æндæр сты. Толæ æмæ дын Антонинæ хъуамæ суой прототиптæ, — бынтондæр аива- диртасæджы æвзагмæ рахызт Тембол Хасакоевич. — Æрмæст сын сæ нæмттæ аивын хъæудзæн. Æмæ уæд де сфæлдыстадон фан- тази — уæгъд. Дæ хæлар адæмы ахæм уавæрты сæвæр, сæ адæй- магон миниуджытæ ирддæрæй кæм разыной. Фæлæ сæ домбай удыхъæдджынтæ рауайдзæн, æви фæлмæнвад зæрдæйы хи- цæуттæ, уыдон та иудадзыг дæуæй аразгæ нæ уыдзысты. Хъуа- мæ сæ бацамона сюжетæн йæхи рæзт æмæ сæ чиныгкæсæг æцæгмæ айса, æууæндгæ дыл бакæна. Афтæтæ, гъе, мæ лымæнлæггаг. Архай. Кæд дæ ме ’ххуысы хай исчердыгæй бахъæуа, уæд — табуафси. VI 1 Уыцы цыбæлгæнаг зæрдæвæрæнтимæ рацыдтæн Тембол Ха- сакоевичы уатæй. Цыма исты уæззау уаргъ ме рагъæй ахауд æмæ мыл базыртæ базад, ахæм уæнгрог уыдтæн. Давид Захаровичы æрбаййæфтон иумæйаг кабинеты. Цыдæр 86
тыхст зилæнтæ та кодта. Йæ сахатмæ-иу æгæр арæх кæй æркаст, уымæй бæрæг уыди, йæ поездмæ цæуыны афон та æрхæццæ, уый. Æз йæ рæзты бацыдтæн, уымæ йæ хъус дæр не ’рдардта, цы бадæн, уымæй дæр мæ нæ бафарста. Афтæмæй мын газеты радон номыры бынат цæттæ кæнынмæ хъавыд. Фæлæ, æвæццæ- гæн, рагагъоммæ Тембол Хасакоевичы уынаффæ зыдта, æмæ ма йын мемæ цы дзуринаг уыдаид? Æз мæ фыссæн стъолы уæлхъус æрбадтæн æмæ мæ очерк бинаг лагъзы бæрæг бынаты сæвæрдтон, бахъуаджы заман мын агуринаг куыд нæ фæуа, афтæ. Кæд дзы радзырды хицау суаин, кæд мæ дзырдаивады кæлæнгæнæг монцтæ сæ фæдыл бафтауик- кой — уыцы хъуыды мæ йæ уæлныхты дардта. Бузныг Тембол Хасакоевичæй: хорз мæ ацардыдта, науæд та мæхицæн цыдæр æбæрæг æмгъуыдтæ æвæрдтаин. * * * Хуыцау хорз: бирæ æнхъæлмæ кæсын мæ нæ бахъуыди. Сюжетон хахх кæй хонынц, уый бæлвырд бæрæг бынатмæ æрхæццæ кæнын хъуыди — уый кæмдæр мæ сæры рæбинаг къуы- мы норстæй дардтон. Хатгай-иу æй фелвæстон æмæ-иу æй алыр- дæм рабар-бабар систон. Фæлæ йæ саразын къухы не ’фтыди. Бадын мæ кабинеты, Давид Захаровичы домæнтæм гæсгæ цыдæр лыстæг уацхъуыдтæ рæхсын. Мæ хъуыдыты афтæ аны- гъуылдтæн, æмæ нæ бамбæрстон, дуар куыд æрбахостæуыд æмæ мæ уæлхъус бæрæгбонарæзт бæзæрхгуытæ лæг мидбылхудгæ куыд æрбалæууыд, уый. Исдуг æй зонгæ дæр нæ бакодтон, ца- лынмæ мæм йæ къух æрбадаргъ кодта, уæдмæ. Кæсын æмæ дын Толæ-Ибырыхин йæхæдæг: сау костюмы, урс хæдоны, йæ хъуы- рыл — галстук. Афтæ арæзтæй йæ никуы федтон æмæ тынг ба- дис кодтон. — Цы хур-цы къæвда дæ æрбахаста? — фæрсын æй, кæд, зæгъын, йæ хъустыл уыцы очеркы хабар æрцыди. — Ау, уæдæ сымах йеддæмæ бар никæмæн ис йæ зæронд хæлары бабæрæг кæнынмæ, — фарстайæ мын дзуапп радта Толæ, йæхæдæг мæм æрбадаргъ кодта, типографийы арæзт чи уыди, ахæм хуызджын дывæлдах гæххæтт. Æркастæн — æмæ «Хуын- ды гæххæтт». Толæ æмæ Антонинæйы номæй! Мæ цæстытæ цæ- хæртæ акалдтой. Æз мæ чысыл царды ахæм æхсызгондзинад, æвæццæгæн, нæма бавзæрстон. Ома, мæ рагон хæлар æппынфæс- таг йæ амонд кæй ссардта æмæ уды хъизæмæрттæй кæй фер- вæзт, æрмæст уый тыххæй нæ. Фæлæ мæ фыссæн стъолы лагъ- зы рæбыноз кæй бавæрдтон, уыцы къухфыстæн дæр йæ рад кæй æрхæццæ, уый бамбæрстон. Ме суинаг радзырды кæрон ма 87
хуыздæр цы хуызы фæбæлвырд уыдаид? Æз фырцинæй фес- тадтæн æмæ Толæйы мæ хъæбысы ныккодтон. Уый йæхи тых- хæйты атыдта æмæ цæмæндæр Антонинæйы рæстытæ кæнынмæ фæци: ^ — Йæхæдæг мемæ æрбауаинаг уыди, фæлæ куырдуаты ис, æмæ фефсæрмы, — хъазгæмхасæнты бафтыдта йæ ныхасмæ. Ацæуынмæ куы хъавыди, уæд ма мын зæрдиагæй ныллæгъстæ кодта: — Дæ хорзæхæй, ма фæзивæг кæн. Æз дын æй дывæрæй бафиддзынæн. Дæуæн дæр афон бæргæ у, — уыйадыл нал ба- фæстиат ис Толæ æмæ ацыди, мæн мæ бирæ сусæггаг фарста- тимæ ныууагъта, афтæмæй. Толæйы мады зæрдæмæ ныккæсын дæр мæ куыд нæ бафæндыд! Фæлæ æнæбæх уацхæсджытæ æмæ телефонджын хæрзгæнджытæ сæ куыст бакодтой, мæ базони- нæгтæй мын иу дæр фæсвæд нæ ныууагътой. Цæвиттон, Антонинæйы дыууæ сывæллоны уыдысты Толæ- йæн йæхицæй. Мад дын уый базона, цы: цармæ асинтæ æвæрдта, хъуамæ, дам, мæ хъæбулы хъæбултæ сидзæрæй цæмæн рæзой? Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ рагон зонгæты чындзæхсæвмæ мæнæн æнæ бахаугæ нæ уыди. Иуырдыгæй, мæн — мæхи цæсты- тæй фенын фæндыди, мæ радзырд цæуыл банцайдзæни, уый. Иннæмæй та мæ царды мидæг мæ номыл сæрмагонд хуынды гæх- хæтт фыццаг хатт райстон æмæ йæ хъуамæ афтæмæй куыд ныу- уагътаин?! Къоппы хуызæн æмæхгæд æмæ хæрзæфснайд кæрты адæ- мæй къух бакæнæн нæ уыди, куы зæгъон, уæд раст нæ уыдзæн. Хиуонтæ дæр æмæ уазджытæ дæр бæрцæй. Æмæ мæм уый дæр цæмæдæр гæсгæ аив фæкаст. Æнæ уæлдай тыхст æмæ уырыдæй цыдысты хъуыддæгтæ. Æппæты фыццаг дзы кæуыл æрхæцыд мæ цæст, уый уыди станцæйы хицау. Кодта хæдзардзин зилæнтæ, æмæ мын уыди æхсызгон. Уый бынаты æндæр исчи та ма йæхицæн буц митæ агуырдтаид. Куыд æрыхъуыстон, афтæмæй, дам, райдианты фидарæй ныллæууыд Толæ æмæ Антонинæйæн йæ кусджыты ’хсæн фæскомцæдисон чындзæхсæв саразыныл. Ахæм æхсæна- дон змæлд уыцы рæстæг уыд йæ тæккæ тæмæны, æмæ йæм цæ- мæдæр гæсгæйæ йæ зæрдæ фехсайдта. Хорз æм фæкаст йæ афæл- варын: кæд, мыййаг, гуыппы тыххæй, станцæйы кой тауый фæрцы райхъуыса, зæгъгæ. Районы хицауады зæрдæ алхæнын дæр иуда- дзыг къухы не ’фты æмæ йæм æвзæр нæ фæкаст фадатæй фæ- пайда кæнын. Цæвиттон, адæмыл аудын кæмæ хауд уæлдæр уынаффæгæ- нæн бынæтты, уыдон та сæ тых-сæ бонæй ныхъхъуыды кодтой æмæ банымадтой: бынæй фыдæбонгæнджыты цард фæнывыл- 88
дæр кæнынæн хуыздæр кæй уаид иумæйаг исбон фæфылдæр кæныныл архайын нæ, фæлæ сæ хæрдзтыл бацауæрдын. Сæ мæт та тынгдæр хауди фæсивæдмæ. Сæ амонд агурыны онг, дам, куы ’рхæццæ вæййынц, уæд сæ размæ цæлхдурæй æрлæууынц зæронд æгъдæуттæ, зиан йеддæмæ чи ницы хæссы, уыдон. Мул- чы фæлхæстæ, дам, æгæр домынц, æмæ сæ къахыл слæууынæн нал вæййынц, сæ цард чи баиу кæны, уыцы æрыгон удтæ. Уымæ гæсгæ, дам, стыр гуыппытæ аивын хъæуы. Ноджы, дам, ма кæд уый карз нозты ныхмæ тох кæнынæн дæр фæахъаз уаид. Хъуа- мæ, дам, уыцы чындзæхсæвты чи архайы, уыдон сæхиуыл хæ- цын фæразой æмæ уыцы хæйрæджы цæссыгæй сæхи бæфсады- ныл ма архайой. Чи зоны та уыцы хъæппæрисы хицæуттæн сæ хъавд æндæр ранмæ уыди? Нæ егъау бæстæйы цы бирæ адæмыхæттытæ цæры, уыдоны хъулон-мулон æгъдæуттæ сæ кæд хъыгдаргæ кодтой, æмæ сæ кæд уыдон иу джиппы ауадзын бафæндыд? Уæд, чи зоны, коммæгæсдæр уаиккой æмæ иу фæндагыл æнцондæрæй аразын комиккой. Фæлæ уымæн дæр гæнæн куыд уыдис? Ныр- тæккæ дæр ма ирон фынджы бадт иу фæткыл сæвæрыныл нæ бон куы нæ цæуы æмæ нæм хъæуæй хъæумæ хицæн æгъдæуттæ куы ис. Алчи дæр сæм йæхи ныв бафтауыныл куы нæ ауæрды æмæ куы ныцъцъæх вæййы, афтæ æмбæлы, зæгъгæ. Цыфæнды куы фæуа, уæддæр Толæ æмæ Антонинæ сæ фæс- комцæдисон карæй ахызтысты. Уæдæ цæмæй сæ цины хабар дардыл ахъæр кæной, уымæн дæр сын æгæр ферæджы. Удвар- ны циндзинад кæуыл банцайы, ахæм фæстиуджытæ дæр сæ фæ- дыл фæзындис: фыры хъулы хуызæн дыууæ лæппуйы — То- лæйы мадæн йæ уд кæуыл ’рхæцыди, уыдон. Уымæ гæсгæ стан- цæйы хицауы фæндон фæскомцæдисон чындзæхсæвы фæдыл кæйдæрты зæрдæмæ фæцыд. Цыфæндыйæ дæр мæм диссаг фæкаст, йæ фæнд цæуылнæ- уал атардта, уый. Фæлæ йын уымæй та йæхи бафæ^сын хъуы- ди. Хуыцау хорз, æмæ мын ахæм фадат дæр фæци. Иæ цæрæн- бон бирæ, мæн адæмы ’хсæн лæугæ куы ауыдта, уæд мæ хорз зонгæйы хуызæн мæ размæ æрбацыд, æмæ мын йæ зæрдæргом ныхас ракодта уыцы фæскомцæдисон чындзæхсæвы фæдыл дæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй та ам дæр Толæйы мад бацыд хъуыд- даджы: Ау, уæдæ йæм уыцы уынаффæ нæ хаудта? — Сымахæн, дам, уæхимидæг уæ зæрдæйы цы ис уæ куыс- ты, уымæй уæ бар уæхи, — фæзмыдта станцæйы хицау сылгой- маджы ныхæстæ, — фæлæ, дам, æз мæ сыхбæсты астæу ме ’ртæ чъирийæ ма скувон, æмæ, нывондæн цы кусарт фæхастон, уый адæмы размæ ма рахæссон, уый гæнæн куыд ис? Дардмæ хон- джытæ, дам, не ’рвитын. Уымæн дæр гæнæнтæ уыди нæ зæронд 89
усгур æмæ мойгæнæгæн, куы сæ фæндыдаид, уæд. Уæдæ мæ хъæбулы хъæбулты номыл дæр туг хъуамæ суадзæм. Афтæ баз- зади фыдæлтæй. — Уæдæ хъазтхалæг мад уыди, зæгъыс? — бафарстон æз. — Уый аххосæй нал рауад фæскомцæдисон чындзæхсæв? — Æмæ чи зæгъы — нæ рауади, — æрбакасти мæм уый. — Чындзæхсæвæн йæ уæлæ фыст нæ вæййы фæскомцæдисон кæй у, уый. Нæ фæскомцæдисмæ дæр хонæг арвыстон. Суанг ма къамисæджы тыххæй дæр баныхас кодтон Давид Захаровичимæ, æмæ йæ ныртæккæ ардæм хъæуы. Карз нозт у, æмæ йæ æфсинтæ адджындоны афтид æвгты ныккодтой. Кæй хъæуа, уымæн æй ничи хæлæг кæны, — загъта æмæ мæм йæ цæст фæныкъуылдта, ома йе ’рхъуыды йæхи зæрдæмæ дæр фæцыди. Гъе, стæй ма мын стыр хорзæх агурæгау загъта: — Дæ очеркмæ дын тынг æнхъæлмæ кæсæм. Кæд гæнæн ис, уæд нæ хуыздæр кусджытæ сæ цард куыд баиу кодтой, уый тыххæй дæр ыл æнæбафтаугæ ма фæу. Уый дын дзæбæх кæронбæттæн уыдзæн. Æз ын, фæскомцæдисон чындзæхсæвы тыххæй йæ фæнд кæй нæ аивта, ууыл тынг бадис кодтон, фæлæ дзы мæхирдыгонау разыйæ баззадтæн. Очеркы тыххæй та йын зæрдæ бавæрдтон, куы рацæуа газеты, уæд æм æй æнæмæнг кæй фæхæццæ кæн- ^зынæн. Радзырд дзы кæй сараздзынæн, уый йын нал загътон. Йæхæдæг æй бамбардзæн, куы йæ бакæса, уæд. Науæд дæргъ- вæтин дзуринаг уыди. Æмæ нæ уымæ не ’вдæлди. * * * Чындзæхсæвы æгъдæуттæ дарддæр дæр ацыдысты сæ уагыл, станцæйы хицау сæм йæ хъус лæмбынæг дардта, афтæмæй. Мæнæ сæ цыма исты къуыхцы куы рауадаид, уæд уымæн худинаг уыда- ид, уыйау. Хур сихорæй гыццыл куы фæкъул ис, уæд чындзхæсджытæ æртæ «Волгæйы» бабадтысты æмæ Антонинæйы хæдзары балæу- уыдысты. Уыдонæн дæр æм сæ бæрц нымад уыди: къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын сæ бинойнæгтимæ — сыхы рдыгæй, стæй дыууæ лæппуйы æмæ æртæ чызджы — станцæйы рдыгæй. Чызджы хæ- дзары сæм æнхъæлмæ кастысты сыхæгтæ, хæстæджытæ æмæ дзаг фынг æртæ чъирийы æмæ бæгæныйы къусимæ. Уæдæ чындзы хæдзарæй нæ ферох ис лæппуйы хæдзармæ дзаджджын хуын са- разын дæр. Уый хуымæтæджы æхсызгон фæци Толæйы мадæн: райсом, дам, мæ сыхбæсты цæй номыл æрбахонон, уый уыдзæн. Нæ редакцийы хуызисæг дæр фæзынди йæ тæккæ афоныл: чындзхæсджытæ се ’ртæ «Волгæйыл» Толæты хæдзары дуармæ куы ’рлæууыдысты æмæ Антонинæйы заргæ, фæндырæй цæгъдгæ 90
мидæмæ куы фæцæйкодтой, уæд. Се ’ппæтæн дæр сæ къамтæ фæчъиппытæ ласта. Æз дæр ма дзы иу цалдæр раны бахаудтæн. Уый фæстæ сын сæ хуыздæры равзæрстам æмæ йæ газеты рау- агътам: Антонинæйæн хистæрты фынгыл куыд арфæ кæнынц, уыцы хуыз. Къамы бын цы фыст уыд, уый дæр ныффыстон мæхæдæг. Фæрсæг мæ куы никæдæм цæуын хъуыди, мыййаг, йе дзы бам- бæхсинаг, кæнæ басусæг кæнинагæй куы ницы уыди: адæм сæ- хæдæг æвдисæн, сæхæдæг архайæг, сæхæдæг кувæг дæр æмæ аходæг дæр. Фæскомцæдисон чындзæхсæвы номыл кæй нымад- тон æмæ газеткæсæджы размæ кæй рахастон, уыцы миниуджытæ уыдысты: карз нозты кадавардзинад (фынгтæ ницы хъуаг æййæф- той, фæлæ дзы кæрæдзийæн тых ничи кодта); æнæсæлхæр хъæл- дзæгдзинад, æвронг æмæ уæздан змæлæнтæ, парахат зæрдæйы ахаст æмæ цæстуарзон бæркад. Ирон æгъдауы дзы кæцы нæ фи- дауы, æмæ дзы кæцыйыл нæ цæуы нæ бон, уый ма мын зæгъут. О, æрмæст, æвæццæгæн циндзинадæн æмæ буцдзинадæн бæр- цæй барæн нæй æмæ рагагъоммæ арæзт къæлæтты бавæрын уый тыххæй нæ комынц. Уый афтæ у, бæргæ, сæхæдæг-иу сæхи ’гъда- уæй куы абузиккой, уæд. Фæлæ сын хæйрæджы хойраг æмæ кæнгæ æнхъизæнтæ бахъæуы æнтауынæн, æмæ сæм æгæр кæй фемхиц вæййæм, уый тыххæй рауайынц дзырддаг дæр. Фæлтау уыцы хæйрæджы хойрагæн æмæ æнхъизæнтæн бæрц куы зоник- кам, уæд зæрдæмæдзæугæдæр не суаиккой не ’гъдæуттæ? Цæмæ нæ хъæуид уæд фæскомцæдисон чындзæхсæвты сæр дæр! О, фæлæ мын чиныгкæсæг бахатыр кæнæд, æгæр дæргъвæ- тин дзыбандытыл кæй схæцыдтæн, уый тыххæй. Æфсон сын куы нæ фæцадаид, уæд мæ фæсонæрхæджы дæр не ’рцыдаик- кой. Æмæ мæм абон дæр уæлдай нæ кæсынц. Кæд сæ æрхъуы- дыгæнæг фæуаид — нæ ныхæсты фарнмæ кувын æмæ курын мæхи уды номæй. Табу. Радзырды тыххæй та афтæ зæгъдзынæн: чындзæхсæвыл къуыри дæр нæма рауад, афтæ йæ Тембол Хасакоевичы стъолыл æрæвæрдтон — машинкæйыл сыгъдæг мыхуыргондæй æмæ лæм- бынæг рæстытæгондæй. Уый йæ йæхимæ бирæ нал фæдардта. Йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ Давид Захаровичмæ æрбарвыста йæ къух ыл цæхгæрмæ æвæрдæй æмæ бæлвырд нысангондæй: «Рады номырмæ». Бузныг мæ хæрзгæнæгæй. Очеркыл дæр дзæгъæлы куыст нæ фæдæн, мæ рагон хæлæрттæй дæр къæмдзæстыгæй нæ баз- задтæн. Радзырд чи бакæса, уый сæм къухæй нæ бацамондзæн æмæ сусæг койаг нæ фæуыдзысты. Ай-гъайдæр, сæ нæмттæ ивд æрцыдысты. Сæхæдæг æй сæхимæ куы бамбарой, уæддæр мыл хъуамæ сæ зæрдæ ма фæхуда: хахуырыл дзы хъуамæ мацы ба- 91
нымайой. Нæ фæлæ ма Толæ ахæм нысаныларæзт æмæ домбай удыхъæдджынæй кæй разынди, уымæй йæм хæлæг бакодтон. Æз та йын бынтон фæлмæнвад æмæ æнæлаз æнхъæл уыдтæн. Фæлæ, дам, сабыр малы хæйрæг бады. Мæ сæр дзы бæрзæндты хæссын дæр мæ бон уыди. Рæстæг ыл дзæгъæлы нæ аивгъуыд- та. Арæзт хæдзар æмæ бинонтыл æвæрд у. Æз та, мæгуырæг, нырма мæхи агурын æмæ кæуылты ныссуйтæ дæн, уый зын ра- иртасæн у. Афтæмæй та лæппутæй Толæимæ станцæйы клубы хъазтизæртæм иумæ фæцалх стæм. Адæргæй мæ цæст мæ алы- вæрстæм ахæстытæ кодтон. Мæ бакомкоммæ Давид Захарович йæ фыссæн стъолы уæлхъус бадти æмæ та уыцы тыхстхуызæй йæ пъеройы фындз кæйдæр рæнхъытыл рахæсс-бахæсс систа. Æниу уадз, æмæ сæ йæхирдыгонау рæстытæ кæна. Уæдæ йын мызд дзæгъæлы фидынц? Цымæ цытæ бауыдаин, Тембол Хасакоевич куы нæ уыдаид, уæд? — фæстæмæ та раздæхтæн мæ сагъæссаг хъуыдытæм. Ба- хатыр кæнæд, уымæн дæр мæ йæ ном аивын кæй бахъуыди, уый тыххæй. Фæлæ ахæм зæрдæхæлар æмæ цæстуарзон разамон- джытæ чысыл ис? Уадз æмæ уыдон дæр сæхи базоной, сæ фы- дæбоныл ма фæфæсмон кæной. Давид Захаровичæн дæр уыдон йæхи ном æмæ фыды ном не сты. Цы дзы загъдæуа бæлвырдæй — нæ зонын. Хъысмæт ба- рæвзаргæйæ нæу æмæ дзы рахъаст кæнинаг ницæмæй дæн. Йæ фадæттæ цас амыдтой, уый бæрц йæхиуыл нæ ауæрста. Уæдæ мæ кæд йæхæдæг дæр хъæстагæй нæ баззадаид. Станцæйы хицауæн дæр йæ ном æмæ фыды ном нал фæбæл- вырд кодтон. Уымæн æмæ йын уый йæ фæлгонц ирддæрæй рав- дисынмæ ницыуал ахъаз фæуыдаид. Æппæты фыццаг ыл куы сæмбæлдтæн, уæд дзы цы зæрдæйы ахастимæ рацыдтæн, уый дæр мæ рох нæ кодта. Раздæр мæм æгæр хиуылæрвæссон æмæ схъæлфындз фæкасти. Фæлæ йæ кусджыты циндзинадыл уыр- дыг куы слæууыди, уæд мæ цæсты уæлдай кадджындæр фæци. Фæскомцæдисон чындзæхсæвыл кæй ныллæууыд, уымæй йæхи гуылы бын æндзæрста, зæгъин, фæлæ дзы кæмæн цы зиан æрхас- та? Кæд йæхи размæ тæры, уæддæр ын бантысæд. Уæдæ йæхи уæлгоммæ похцийыл аппара? Æз мæхицæн бамбæрстон иу хъуыддаг: зæрдæйæ зæрдæмæ ныккæсæн нæй, уый æцæг у, суанг ма цæххы пут кæимæ бахæ- рай, уый зæрдæмæ дæр. Æмæ хъуамæ уæлвонгæй кæсгæйæ тæр- хон макæуыл кæнай. Очерк куы фыстон, уæд æз та уыцы талф-тулфы цæстæй кастæн мæ хъайтартæм. Æмæ куыд рæдыдтæн, уый æрæджиау райдыдтон æмбарын. Æниу æй, цымæ, ныр дæр кæронмæ бамбæрстон?.. 92
Дзуццаты Элъбрус Ацы къаннæг чиныг йæ фæстаг чиныг у Дзуццаты Эльбру- сæн. Прозæйæ та — йæ иунæг чиныг. Йе сфæлдыстадон фæндаг, арæхдæр куыд вæййы, афтæ æмдзæвгæтæ фыссынæй райдыдта Эльбрусæн дæр. Рауагъта цалдæр чиныджы: «Фысым» (1970), «Æвдадз» (1975), «Тæхгæ бон» (1980), «Æнусон уысм» (1990), «Даргъ зарæг» (2007). Йæ ’мдзæвгæты Эльбрус йæхи равдыста хæдбындур ноэтæй: никæй фæзмыдта — нæдæр цæуыл фыссын хъæуы, уыцы хъуыддаджы, нæдæр куыд фыссын хъæуы, уыцы хъуыддаджы. Уыди йын йæхи дунеуынынад, йæхи дунембары- над, уыди йын йæхи æрмдзæф: Нсей, нæ зыны мæ хъуыртгпы дæр уысм, Рохст хъуыдыйæн та фестад æнусон, Цард мсе быны фæуыдзæн зынгхуыст, Æз æвдæлонсей химсе куы хъусон. («Дзуры рæстæг») Иры зынтæ йæ зæрдæмæ иста арф, Иры цинтыл цин кодта иттæг зæрдиагæй. Нывæфтыдæй æвдыста удæн æхцон Ирысто- ны æрдзы нывтæ: Райсомы тын — хурзæлдаг — Айнæгыл фæхæст и. Фосы дзугтæ, дурдзæндтау, Апырх ысты фæхстыл. («О, фыдæлты Рагуæзæг!») Райгуырди Дзуццаты Эльбрус Беслæныхъæуы 1936 азы. Скъола каст куы фæци, уæд бацыди Цæгат Ирыстоны паддзаха- дон институты историон-филологон факультетмæ æмæ йæ каст фæци иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Уый фæстæ куыста Рахиз- фарсы районы газеты редакцийы, куыста ахуыргæнæгæй, ди- ректоры хæдивæгæй, директорæй. Уыцы иурæстæджы кодта сфæлдыстадон куыст — фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ. Уæд йæ зæрдæ ахсайдта наукон-иртасæн куыстмæ, æмæ йе ’ппæт тыхтæ сарæзта уыцы ’рдæм. 1975 азы сси педагогикон наукæты кандидат. 1993 азы — доктор. Лæвæрд ын æрцыд профессоры 93
ном. Касти лекцитæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон универстите- ты. Фæстаг азты куыста ахуырадон кусджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институты кафедрæйы сæргълæууæгæй. Иæ прозæйы Эльбрус тырныдта йе ’мдугон, йе ’мбæстаг адæ- мы цард рæсугъд, нывæфтыдæй æвдисынмæ. Алыхуызон адæм — чи сæ æфсæнвæндаджы кусæг у, чи — газеты кусæг, чи — колхо- зон æмæ се ’ппæт дæр хъуамæ цæрæццагæй разыной чиныгкæ- сæгмæ. Уый тыххæй сæ чиныгкæсæг хъуамæ ныккæса алкæй зæрдæмæ дæр. Æмæ уыцы хъуыддаг йæ къухы æфтыди Эльбру- сæн. Ацы чиныг редакци кæнын, уый куы базыдта, уæд тынг ба- цин кодта. Ноджы фылдæр та чиныг куы федтаид, уæд бацин кодтаид, æвæццæгæн. Фæлæ хъысмæты тæрхон æндæр уыд: уыцы цин нæ райхæлд, афтæмæй йæ ахаста йемæ. Хуыгаты Сергей
Сæргæндтæ ЗÆРДÆЙЫ ÆВÆРÆНТÆ. Радзырд 5 НÆ ФЫСЫМ. Радзырд 17 УЫЦЫ ÆНÆЗОНГÆ ЛÆГ. Радзырд 29 ВАГОНЫ. Радзырд 39 ИСКÆЙ ТЫХСТÆЙ. Радзырд 49 РАГОН ХÆЛАР. Уацау 60 ДЗУЦЦАТЫ ЭЛЬБРУС. Хуыгаты Сергей 93
Литературно-художественное издание ДЗУЦЕВ ЭЛЬБРУС СОЗРИКОЕВИЧ Тайпики сердца Рассказы и повестъ на осетинском языке Редактор С.З. Хугаев Художнпк В.С. Григорян Технический редактор Л.В. Ядыкина Коррекчор Т.Л. Казбекова Комиыотерная верстка Д.О. Лмбаловой Сдано в набор 17.04.13 Подписано к печати 12.05.13. Формат бумаги 60x841/16. Бум. офс. № 1. Гарн. шрифта «Кудряшов». Печать офсетная. Усл.-п.л. 5,58. Учетно-изд. л. 5,11. Тираж 500 экз. Заказ№1635. С 16. Министерство культуры и массовых коммуникаций РСО-Алания. ГУП «Издательство «Ир», 362040, г. Владикавказ, проспект Мира, 25. Отпсчатано с готовых диапозитивов в ОАО «Издательско-полиграфи- ческое предприятие им. В. Гассиева». 362021, РСО-А, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16.