Мамиаты-Мамиты мыггаджы истори
Мамион номдзыд Хъарадзау
Нæ удварны фидар уидæгтæ
Фыдæлты уæзæг
Цардвæд
Мадæй сидзæр — æцæг сидзæр
Уарзондзинады хус дидинæг
Дыууæ Иры зæрдæ
Хъæуæй цæмæн рауад хъæууат?
Адæймаджы хъысмæт
Цъесаг лæппу
Сабидуг æмæ æрыгон бонтæ
Сывæллон дзы куы нæ зæгъа
Фаллагкоймаг хъæлдзæг ныхæстæ
Хъæлдзæг хабæрттæ
Ирон æмбисæндтæ
Ирон бæрæгбæттæ
Text
                    Арын дзы мæ ныййарæг мад Финейы
(Хъуылымбегоны) рухс ном
^^
э


Мин-мин фыдæбоны Нæ басастой Ныййарæджы, Æвæщæгæн ыл уымæн сарæзтой Мин-мин зарæджы? Чеджемты Геор
МАМИАТЫ ТАЙМУРАЗ АРТДЗÆСТ ÆМÆ ХЪЫСМÆТ Гасситы Викторы номыл рауагъдадон-полиграфион куыстуат ДЗÆУДЖЫХЪÆУ 2021
Мамиаты Т. Артдзæст æмæ хъысмæт [Текст]/Мамиаты Таймураз — Дзæуджыхъæу: Гасситы Викторы номыл рауагъдадон-поли- графион куыстуат, 2021. — 368 ф. Мамиев Т. А. Родной очаг и перст судьбы В книгу вошли материалы по истории происхождения фамилии Мамиевых, архивные изыскания автора по восполнению «белых пятен» в биографии легендарного Мамион Хъарадзау и его дипло- матической миссии в составе осетинского посольства (1787 г.), очерки и воспоминания о людях, оставивших яркий след в жизни. ©МамиевТ. А., 2021 © Алипченкова Т. Ф., 2021
АВТОРÆЙ Ирон адæмы цардвæндаг, йæ удыхьæд æмæ зондахаст, йæ уæздандзинад æмсе рæсугьд æгьдау рагзамантæй абоны онг æндæрбæстаг адæммæ æвзæрын кæнынц стыр цымы- дис. Историон æвдисæнтæм дардмæ цæуын нæ хьæуы. Дайраны комыл XVIII—XIX æнусты Фæскавказмæ цы бæлццæттæ хызти, уыдонимæ хьуыстгонд фысджытæ æмæ ахуыргæндтæ, — се ’ппæты дæр уацары иста не ’гьдау, не ’фсарм, нæ уазæгуарзондзинад. Уæлдай тынг- дæр та сын се ’ргом йæхимæ здæхта не ’взаджы рæсугьд- дзинад, йæ хьæздыг авналæнтæ, ноджы ирон лæджы æхсар æмæ ныфс, йæ хæрзаив уæнгты конд. Нæ фыдæлты дзырддзæугæ лæгтæ хæххон зын уавæр- ты дæр стыр цаутæ æмæ стыр хьуыддæгтыл уынаффæ æмæ тæрхæттæ кодтой. Ахæм куырыхон æмæ тæрхоны лæгæй йæ дуджы, XVIII æнусы, басгуыхти Мамион Хьа- радзау. Ахуыргонд-историк Блиты Макс, фæстæдæр та æвзагзонынады дæсны профессор Гуыриаты Тамерлан стыр бавæрæн бахастой Хьарадзауы хьысмæты кæцыдæр фæзилæнтæ сбæлвырд кæныны куыстмæ. Фæлæ æмткæй Хьарадзауы цардвæндаг, уæлдайдæр йæ трагикон балц Уырысы паддзахмæ, нырма у æвзаринаг æмæ бæлвырдгæ- нинаг. Мæхæдæг ма скьолайы куы ахуыр кодтон, уæд хьуы- стон Хьарадзауы кой, йæ таурæгьтæ. Фæлæ сын сæ ми- дис, сæйрагдæр та — сæ ахсджиагдзинад нæма æмбæрстон. Бæстон æмæ йыл арфдæр та асагьæс кодтон, ивгьуыд æнусы 60-æм азты мын мæ хистæр æфсымæр Жорик (рух- саг уæд) Тотиты Гуыгкойы (Григолы) ныхас куы рафæз- мыдта, уæд: «Дзæуыджы-фырт (хæдзары номæй нæ афтæ 5
хонынц), хъусыс, Хьарадзау номдзыд æмæ хъуыстгонд лæг уыди, æмæ сомбон дæр хъуамæ йæ кад дæлдæр ма фæуа. Ахæм лæгтæ арæх нæ гуырынц, цалдæр æнусы иу хатт, стæй сæ Хуыцау алы мыггагæн нæ дæтты. Сымах, Мамиа- тæ, Хуыцау фæхайджын кодта уыцы стыр амондæй, æмæ йын йæ кад сафын ма бауадзут, йæ ном ын сæнусон кæнут. Æз куыд кæсын, афтæмæй нæ хицауады тынг не ’ндавынц ахæм хъуыддæгтæ. Æппын ницы, йæ номыл иу хохаг къæйдур ныссадзут искуы». Уыцы æнахуыргонд, фæлæ куырыхон лæджы фæдзæхст мæ сæрæй нæ хицæн кæны абон дæр. Хъарадзауы тыххæй цыдæртæ бамбырд кæнын къухы бафтыди. Уыди ма мæм, нæ хæхбæсты уæззау царды нывтæй мæхæдæг кæй бав- зæрстон, стæй хистæртæй кæй хъуыстон, ахæм цаутыл фыст æрмæджытæ. Нæ хистæртæ сæ цард арæзтой стыр ныфсимæ, сомбоныл æууæндгæйæ, кæрæдзийыл æнцойгæн- гæйæ, зындзинæдты фидар лæугæйæ. Цыфæнды тыхсæт- тæн уæззау уавæрты дæр ирон æгъдауы сæрты ахизын йæ сæрмæ ничи хаста. «Ирон æгъдауыл кæм ныллæууай, уым дæ уæлфадæй скæсдзæни» — зæгъы ирон æмбисонд. Æф- сарм æмæ æгъдау уыдысты фыдæлты царды бындур. Алы адæймаг дæр йæ царды фæззыгон æфцæгмæ куы фæхæстæг вæййы, уæд ын йæ уалдзæджы райдзаст бон- тæм фæстæмæ æнæфæкæсгæ нæй, уымæн æмæ уыдон ад- джын мысинæгтæ сты. Æз дæр дзы кæцыдæртæ рæгъмæ рахæссинагыл нымайын. Уæдæ сывæллоны хынцфарст æмæ «зыгъуыммæ» дзырд- тыл дæр чи нæ фæхуды, æмæ та дисхуызæй фæкæнæм: «Æнæнтыст æрбауай, кæд цавæр дæ!» Иу цалдæр ахæм хъæлдзæг нывæн æвдисæн уыдтæн æз дæр. Æппæт ацы æрмæджытæ сфæнд кодтон хицæн чины- гæй рауадзын. Бахастон сæ рауагъдад «Ир»-мæ. Уым сæм редактортæй иу — Хуыгаты Сергей лæмбынæг æркæсты- тæ кодта æмæ мын æргом афтæ зæгъы: «Таймураз! Дæ æрмæджытæ, æмткæй райсгæйæ, дзæбæх сты, кæд дзы лæмæгъ бынæттæ дæр ис, уæддæр. Дæ хъуыдыйæдты арæзт æмæ равæрд зæрдæмæдзæугæ у, фæлæ сыл нырма бæстои бакусын хъæуы. Уæлдай тынгдæр та дзы мæ зæр- дæ рухс кæны, номдзыд Хъарадзауы кой кæм кæныс, уыцы 6
хайæ. Ныр бавдæл æмæ уыцы хай иннæтæй фæхицæн кæн, бакус ма йыл æмæ йæ хицæн чиныгæй рауадз. Æз дæ бына- ты куы уаин, уæд афтæ бакæнин. Уый ирон адæмы хьæ- бул у, хуыздæр æмæ фылдæры аккаг у! Ацы ахсджиаг хъуыд- даг та, æз куыд кæсын, афтæмæй йæ ды куы нæ саразай, Таймураз, уæд æй ничи дæр сараздзæнис, æмæ та рохуаты аззайдзæн. Ахæм лæгæн та рохгæнæн нæй. Цæмæй сомбон фæсмонгонд ма фæуæм, нæ фæстагæттæн та — æлгьы- стаг, уый дæ зæрдыл дар æхсæвæй-бонæй». Сергейы хьуыды мæ зæрдæмæ фæцыд, æмæ та ногæй Хьарадзауы тыххæй æрмæг агурын райдыдтон, фæлæ ма цы ссардтон, уыимæ дæр хицæн чиныджы фаг нæ разынди, æмæ уæд раздæхтæн мæ фыццаг фæндмæ: Хьарадзауы æмæ Мыггаджы истори, стæй мæхи фыдыуæзæгыл фы- стытæ баиу кæнын æмæ сæ мыхуыры рауадзын. Ацы фæн- дæй цы сой ратагьди, уымæн та, зынаргь чиныгкæсæг, дæ- хæдæг æвдисæн æмæ тæрхонгæнæг фæу. Ныр кæронбæттæны бузныг зæгьын, чиныг рухс кæй фæрцы æмæ кæй æххуысæй федта, уыдонæн се ’ппæтæн дæр: Блиты Макс æмæ Туыриаты Тамерлан Мæрдты дзæнæты бадæнт! — мæ сæрæй сын ныллæг кувын. Арфæ кæнын мæ разæнгардгæнæг Хуыгаты Сергейæн æмæ мæ ныфсдæттæг хо Изетæйæн. Дард бæлцы цæугæйæ, уæззаудæр уаргь йæхимæ чи фæисы, ахæм бæлццон у мæ хо. Редактор æмæ корректоры уаргь фæхаста йæхæдæг. Кæй зæгьын æй хьæуы, æнæ спонсоры æххуысæй чиныг уагьд не ’рцыдаид. Абоны царды уæззау уавæрты алчидæр йæ кьухтæм æмхасæнтæ кæны, фæлæ уæддæр йæ кадавар фæрæзтæй чидæриддæр баххуыс кодта иу туманæй дæр — æрвадæй, зæнгæйæ — се ’ппæтæн дæр стыр бузныг! Уæлдай бузныг не сиахс Дедегкаты Викторæн æмæ йæ цардæмбал — мæ хо Томæйæн. Хæрдзтæн сæ раст æмбис сæхимæ райстой. Æнтыстджын æмæ амалхьом ут алкæддæр! Уæ бæр- кад уæле исгæ, бынæй ахадгæ уæд! Уе ’нæниздзинад та — хохау фидар! '§&&§
МАМИАТЫ-МАМИТЫ МЫГГАДЖЫ ИСТОРИ Алы ирон мыггагæн дæр ис йæхи истори, йæ равзæрды таурæгъ. Дзæнæты бадинаг Джыккайты Шамил йæ чиныг «Ирон таурæгъты» разныхасы фыссы: «Махмæ фысгæ исто- ри нæ уыд, æмæ нын фольклор у историон æрмæг, уый нын бакæны æнусты дуæрттæ, æмæ раргом вæййынц сæ сусæг- дзинæдтæ. Уыцы хуызы эпос æмæ историон зарæджы æм- рæнхъ нывыл ахадындзинад ис таурæгътæн. Ирон фолькло- ры æвдыст цæуынц мыггæгты равзæрд, сæ тох, сæ ахастытæ. Уыцы хабæрттæн вæййы æцæг бындур æмæ хæстæг лæууынц историон таурæгътæм»1. Таурæгътæм гæсгæ, Шргомы царди 21 мыггаджы: 1. Дзидахантæ 12. Дзалатæ 2. Отартæ 13. Гаджитæ 3. Дзанайтæ 14. Гуыбатæ 4. Бырнацтæ 15. Тотитæ 5. Балатæ 16. Цуцитæ 6. Дзапартæ 17. Хаситæ 7. Хетæгкатæ 18. Беритæ 8. Джиотæ 19. Хуыбецтæ 9. Мамиатæ-Мамитæ 20. Еналдытæ 10. Саутæтæ 21. Колытæ 11. Кодзыртæ Уыдонæй фыццаг дыууадæс нымад сты Хетæджы байзæд- дагйш. Ацы 12 мыггагæн Хетæг уыдис сæ иумæйаг рагфыдæл. 1 Ирон таурæгътæ. / Чиныгаразæг Джыккайты Ш. — Орджоникидзе: Ир, 1989. - Ф. 3. 8
Фæлæ ма уыцы мыггæгты ’хсæн кæрæдзимæ ноджы хæстæг- дæр сты — æрвадиуæг кæнынц — Саутæтæ, Кодзыртæ, Мамиа- тæ-Мамитæ. Иннæ 9 мыггаджы Наргоммæ æрбафтыдысты Уæлладжыры комы алы хъæутæй, алы рæстæджыты, æмæ, сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй Хетæгмæ ницы бар да- рынц. Хетæгæн йæ таурæгъ райдыдта, абоны Кæсæджы бæстæ кæм нымад æрцыди, уырдыгæй. Уымæ гæсгæ афтæ хъуыды- гæнджытæ дæр ис, ома Хетæджы фыд Инал кæсгон кънйаз уыдис, фæлæ уый æппындæр раст нæу, бындур ын нæй. Уыцы рæдыд хъуыдыйыл хæст сты, йæ адæмы истори фаг чи нæ зоны æмæ йæ базонынмæ дæр чи нæ тырны, ахæмтæ. Æцæгдзинадæй, Инал йе ’ртæ фыртимæ: Аслан, Бйаслан æмæ сæ кæстæр, Хетæгимæ уыдис, XIII æнусы тæтæр-монго- лы ныббырсты фæстæ ма аланты байзæддагæй иугай къорд- гай нæ хæхты фæрцы чи аирвæзти, уыдонæй. Рæстæг цыдис, æнус ивта æнусы. Тæтæр æмæ монгол куы бафсæстысты аланты тугæй, уæд цасдæр рæстæджы фæстæ сæхи айстой сæ бæстæм, аланты бынтæ æмæ фæллæйттимæ. Аланты зæххытæ, хъæздыг тыгьд быдыртæ, цард цæджджина- гау кæм æнхъызти, уыдон дзæгъæл баззадысты, федзæрæг сты. Уыцы рæстæджы Кæсæджы знæмтæ та цардысты кæмдæр Хъаспийы æмæ Азовы денджызы былгæрæтты. Алантæ Кав- казы хæхтæм тард куы æрцыдысты, уæд сын сæ зæххытæм сæхи æрбайстой кæсгон знæмтæ æмæ уым æрбынæттон сты. Мæнæ куыд зæгъы Вс. Миллер уыцы дуджы тыххæй: «Вспом- ним заметку Вахушты, что после опустошения Овсети татара- ми и бегства оссов на Кавказ, Осетия была названа Черкез и Кабарда. Это известие следует понимать в том смысле, что места на плоскости, раньше принадлежавшие осетинам, были впоследствии заняты адыгейскими племенами, которые, по- добно осетинам, были также теснимы с запада на восток и к горам. Самое сильное и многочисленное из адыгейских пле- мен — кабардинцы — удержалось на плоскости до наших дней и в течение нескольких веков держало замкнувшихся и запер- тых в горах осетин в экономической зависимости от себя»2. Нæ рагфыдæлтæ — алантæн, ариаг уæвгæйæ, уыдис сæхи уырнындзинад, сæхи дин. Куывтой Иунæг Кадджын Хуыцаумæ. 2 Миллер В. Осетинские этюды. — Владикавказ, 1992. — Ф. 596. 9
Ахуыргæндтæ куыд хъуыды кæнынц, афтæмæй чырыстон дин райстой X æнусæй раздæр. Кæсгон адæм дæр раздæр уыдысты чырыстон диныл хæст, фæлæ тæтæр-монголы ныб- бырсты фæстæ, ахуыргæндтæй иуты нымадмæ гæсгæ та уы- мæй бирæ раздæр, пысылмон дин райстой. Алантæн, Кавказы хæхты арф нарæг кæмттæй сæ раздæ- ры парахат, хъæздыг зæххытæм рацæуыны бар æмæ фадат нал уыд. Фыццаг тæтæр æмæ монголæй тæрсгæйæ, уыдон куы ацыдысты, уæдмæ та дзы кæсгон адæм æрфидар сты. Уæд, тыхы дуджы, кæсгон адæм къаддæр æфхæрд баййæф- той æмæ хъомысджындæр уыдысты, аланты хохы цъассытæй ракæсын нал уагътой сæхи тыгъд быдыртæм. Хæхбæсты та сын хуымзæххытæ фаг нæ кодта, царды уавæртæ — къуын- дæг, æвадат. Цæмæй хъæздыг быдыртæм раирвæзой, кæддæ- ры сæхи фыдæлты зæххытæм, уый тыххæй та сæ кæсгæттæ домдтой пысылмон дин райсын. Вс. Миллер ацы цауы тыххæй фыссы: «Из Кабарды же главным образом шла мусульманская пропаганда в среду осе- тин, из которых многие сменили на учение Корана свое древ- нее одичавшее христианство...»3. Аланты ацы къордыл дæр (ома, Иналы бинонтыл), æвæц- цæгæн, мæгуыры бон æркодта, сæ зын уавæртæм гæсгæ æнæ хуымзæххæй, æххормагæй мæлыны бæсты, кæд зынтæй, уæддæр райстой пысылмон дин, фæлæ сæхи зæронд, фыдæл- тыккон дин дæр рохуаты нæ ныууагътой, се ’ртæ чъирийæ Стыр Хуыцаумæ куывтой. Гъе æрмæст Иналы æртæ фыртæй кæстæр, Хетæг, цæхгæр нæ разы кодта пысылмон дин райсы- ныл. Ахæм уавæр, бæгуыдæр, тыхсын кодта бинонты, сæ алыварс кæсгон кънйæзты та тызмæг кодта. Уæдмæ кæсгон кънйæзты æхсæн куырыхон Инал скад- джын ис, аккаг бæрзонд бынат бацахста. Кæй зæгъын æй хъæуы, арæх уайдзæфы ныхас хаудта Иналмæ йе ’мсæр кæс- гон кънйæзтæй. Бинонты уайдзæфтæ, æмгæртты лæгъстæ, кæсгæтты тызмæг дзырдæппарæнтæ уæддæр нæ састой Хе- тæджы, нæ ивта йæ зондахаст ног динмæ, нымадта йæ æнæ- зонгæ, æцæгæлоныл. Таурæгътæ куыд дзурынц, афтæмæй, Хетæг пысылмон дин райсыныл куы нæ разы кодта, уæд кæсгон кънйæзты 3 Миллер Вс. Амынд чиныг. - Ф. 598. 10
ардыдæй бинонтæ дæр йæ ныхмæ систы, æмæ йæ æмхуызо- нæй, æмвæндæй марынвæнд скодтой. Ам ын хæрзгæнæг фæци, сусæгæй йын базонын чындæуыди, марынмæ дæ хъа- вынц, зæгъгæ. Хетæг, уавæр цас тæссаг у, уый бамбаргæйæ, иу бон йæ фыды рæгъауæй ракодта дыууæ бæхы, сæ хуыз- дæртæй, æмæ æхсæвыгон ралыгъд. Ам сæвзæры фарст! Кæд Инал кæсгон уыди, чидæртæ куыд хъуыды кæнынц, афтæ, уæд пысылмон дæр уыди, кæй зæгъын æй хъæуы. Æмæ ма уæд Иналы бинонтæн, уыимæ Хетæгæн дæр, дыккаг хатт пысылмон дин цæмæн исын код- той? Дыккаджы та, Хетæг, мæлæтæй лидзгæйæ, абоны Иры- стонмæ цæмæн тындзыдта? Кæд æмæ йын уыди хуыздæр, хæстæгдæр фадæттæ йе знæгтæй йæхи бахизынмæ. Ам ахуыргæндты хъуыдытæ æмæ хатдзæгтæн фылдæр æмæ фидардæр ахадындзинад ис. 1999 азы газет «Рæстдзинад»-ы мыхуыры рацыд Уанеты Владимиры уац «Хетæгкаты Къостайы фыдæлты тыххæй». Хетæджы тау- рæгъ Иры дзылллæйæн рагæй зындгонд у, фæлæ мыхуыры йæ кой фæзынди 1837 азы академик Шегрены фæрцы. «Цы- мыдисаг уый у, — зæгъы Владимир, — æмæ Шегрен цы тау- рæгъ ныффыста Хетæджы тыххæй, уым Кæсæджы кой нæй æппындæр». Уæдæ, академик кæй не сбæлвырд кодта æмæ кæй нæ зоны, уый таурæгъгæнæг кæцæй райста? Цæмæн ды- зæрдыггаг рауади Хетæджы таурæгъ? Дарддæр Владимир зæгъы, Къоста йæхæдæг дæр, поэмæ «Хетæг» фысгæйæ, дызæрдыг кæй кодта: Хетæг поэмæйы фыццаг вариантты у кæсгон, фæстæдæры къухфыстыты та — ирон. Къоста йæ хъуыды куы аивта, уæд фыста: «Ка- кая доля правды во всей этой легендарной истории, я не берусь судить, но думаю, что осетины в пору своего могуще- ства навряд ли позволили бы какому<-нибудь> персиянину или кабардинцу алдарствовать над собой. А в горах, при последующей отчаянной борьбе за существование, было слишком тесно, чтобы какой-нибудь беглец из-за Кубани за- нял лучший пункт и разросся в поколение, дающее тон ко- ренному населению»4. 4 Коста Хетагуров. Собр. соч. в пяти томах. Т. IV. — М.: Изд-во АН СССР, 1960. - Ф. 436. 11
Уæдæ цæмæн лыгъди Хетæг Иры хæхтæм? Уымæн æмæ йе ’мтуг, йе’мдин (ома ирон) адæм кæцырдыгæй цардысты, уый зыдта æмæ йæ зæрдæ дардта, ныфс æй уыдис, кæй йæ суазæг кæндзысты æмæ йæ кæй бавæрдзысты. Уыдæттæ ма ноджыдæр уæлдай хатт дзурæг сты, Инал йæ фырттимæ бæлвырдæй кæй уыди аланты байзæддаг, сыгъдæг ирон. Цасдæр рæстæджы фæстæ, Хетæг алыгъди, уый куы сбæлвырд ис, уæд æй фæсте расырдтой фæдисонтæ. Хетæг Æрджынарæгæй æрбаирвæзти. Владимир дарддæр хатдзæгтæ кæны: «Цæвиттон, Хетæг Гуырдзыстонмæ кæнæ Сомихмæ цæуылнæ алыгъд, уыдон дæр чырыстон адæм куы уыдысты? Иæ ных цæмæн сарæзта Ирыстоны хæхтæм æмæ, уырдæм цæугæйæ дæр, цæуылнæ æрбынат кодта Цъæйы кæнæ Нузалы, йе та Куырттаты комы?» Абон Суадаг кæм ис, уырдæм æрбацæйхæццæ кодта, хъæдмæ йæ бирæ нал хъуыди. Йæхимидæг хъуыды кодта, хъæдмæ куы баирвæзон, уæд мын тæссаг нал уыдзæн. Фæлæ фæдисонтæ хæстæгæй-хæстæгдæр кæнынц, фæдисон та тыз- мæг æмæ æгъатыр у. Тыгъд быдыр. Кæцырдæм цы^кæна? Йæ бæхтæ дæр нал фæразынц, æрхауынæввонг сты. Йæ мæ- лæт æрбаввахс кæны, мæнæ-мæнæ йæ æрбаййафдзысты. Уæд йæ фыр тыхстæй скуывта: «О, Сыгъзæрин Уастырджи! Ме знæгтæй мæ аирвæзын кæн, мæлæтæй мæ бахиз». Уæд æм æрбадзырдæуы: «Хетæг, хъæдмæ, хъæдмæ!» — Хетæгæн йæ бон хъæдмæ нал у, фæлæ хъæд Хетæг- мæ! — ныхъхъæр кодта дзурæгмæ. Уыйадыл арв ныннæрыди. Суададжы хъæды къуылдымы фахсæй стыр къох фæиппæрд ис æмæ, Хетæг кæм уыди, уым æрбадти. Хетæг хъæды астæу фæци, йе знæгтæй аирвæзти. Уыцы диссаг фенгæйæ, фæдисонтæ фæсонт сты, дзурынмæ дæр нал арæхстысты, куыд кæной, цы кæной, уый нал зо- нынц, сагъдауæй баззадысты. Æрæджиау, кæддæр-уæддæр сæхи æрæмбæрстой, сæ бæхтæ фæстæмæ фæзылдтой æмæ цыппæрвадыгай лидзæг фесты, кæрæдзийы сæрты хаугæ. Абон ацы бынат табуйаг у ирон адæмæн — Цæгатæй Хус- сармæ. Ирон туг кæй дадзинты цæуы, уый, æнæмæнг, фæса- рæнты уæвгæйæ дæр, йæхи фæдзæхсы æмæ кувы Хетæджы Уастырджимæ, ома, Хетæгæн йæ тыхсты сахат чи баххуыс 12
кодта æмæ йæ йе знæгтæй чи аирвæзын кодта, уыцы Уастыр- джимæ. Уæдæй абонмæ ацы сыгъдæг бынат у ирон адæмы стыр- дæр æмæ кадджындæр кувæндон. Тымбыл хъæды дзуар дæр æй хонынц. Ацы кувæндонæй къалиу, сыфтæр рахæссын дæр нæ фæтчы. Нæфæтчиагыл та адæм тобæ кæнынц, æмæ алчидæр йæхи хъахъхъæны Дзуары фыдæхæй. Алкæй дæр Хетæджы Уастырджийы хорзæх уæд! Хистæртæ-иу афтæ дæр дзырдтой, хъæды къохы астæу, дам, уыдис цæсты сыджы хуызæн сыгъдæг суадон. Ацы хъуы- дыйы фарсхæцæг у историк æмæ этнограф Хъантемыраты Эльбрус дæр. Суадонмæ адæм цыдысты сæрмагондæй сæхи дзæбæх кæныны охыл æмæ дзы нуæзтой. Уыдис æвдадзы хосы хуызæн — абон чырыстон адæмæн аргъуыд дон куыд у, уымæй ноджыдæр карздæр. Фæлæ, зæгъы Эльбрус, нæ ирон адæм сæхи æнæуагæй æвдисын кæй райдыдтой, кувæндоны- иу чъизи, æнæуаг митæ кæй æруагътой, уый аххосæй суадон бахус и, фесæфт. Хетæг уыцы хъæды фæцарди дзæвгар рæстæг, стæй Куы- рттаты коммæ æрбафтыди. Ацы комы цас бафæстиат и, уый бæлвырд никæцы таурæгъы загъдæуы. Ис, хицæн хъуыды- йыл хæст чи у, ахæм дзурджытæ дæр, ома, Хетæг цасдæр рæстæг фæцарди Куырттаты комы, ам бинонты хъуыддаг ба- кодта, рацыди йын цот, Куырттаты комы цæрæг мыггаг Хе- тæгатæ (Хетаговы) сты Хетæджы байзæддаг, зæгъгæ. Ахæм хъуыддагæн дæр, æвæццæгæн, уæвæн æмæ гæнæн ис, фæлæ... Хетæг Куырттаты комæй æфцæгыл ахызт Туалгоммæ æмæ бафтыд Цмийы хъæумæ. Ам царди Бигъуыла æд бинонтæ. Хетæджы суазæг кодта, æмæ цæрын байдыдта Цмийы. Уанеты Владимир нын нæ цæстæнгас сæрмагондæй здахы Бигъуыламæ. Чи уыдис, цавæр лæг, æмæ цы цардæй царди? Таурæгътæ Бигъуылайы æвдисынц хуымæтæг адæймагæй. Владимиры ныхæстæм гæсгæ та уыди Туалгомы кадджын хи- стæр æмæ стыр хицау. Туалгоммæ цæрынмæ чи цыдис, уы- дон бар æмæ зæхх куырдтой уымæй. Уанейы-фырт фыссы: «Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Бигъуыла зонгæ уыдис Иналимæ. Алантæн кæд паддзæхтæ уыдис, уæддæр хицæн кæмтты хи- цауиуæг кодтой иугай адæймæгтæ, æмæ уыдон та зындгонд 13
уыдысты æнæхъæн Аланыстоны». Бигъуыла, æнæмæнг, фехъуыстаид Хетæджы стыр лæгдзинады кой, гæнæн ис, æмæ Иналы фæрцы зонгæ дæр уыдысты. Æмæ Хетæг дæр кæд, мыййаг, йæ ных уыцы кадджын лæгмæ уымæн сарæз- та — ахæм хуызы халы дарддæр Владимир йæ хъуыдыты хал. Таурæгъты Хетæг хорз цуанонæй æвдыст цæуы æмæ та ам дæр, Туалгомы, цуан кæнын байдыдта. Цмийæ Нары хъæу- мæ цы хуссарварс нæухох къуылдымтæ ис, уыдон, дам, уыцы заманы тархъæдæй æмбæрзт уыдысты. Цуанон лæг та, цы хох, цы хъæд нæ басгара, уый сырдджын æнхъæл вæййы. Хетæг-иу, сырдты фæдыл зилгæйæ, фæсхохмæ дæр ахызт, Гуырдзыйы бæстæйы дæр æрзылди. Фæзынди йын дзы зон- гæтæ, æрдхæрдтæ, æввахс зонгæ уыди Гуырдзыйы паддзахи- мæ дæр. Фæстæдæр, цуангæнгæйæ, арæхæй-арæхдæр æфтын байдыдта Гуырдзыйы бæстæм. Хетæг сæрæн, æвзыгъд æмæ зондджын кæй уыди, уый Гуырдзыйы паддзах æнæбафип- пайгæ нæ фæци æмæ йæ тынг бафæндыди, Хетæг сæ зæххыл, сæ фарсмæ куы æрцæрид, зæххы хай дæр ын радих кодта. Хетæгæн фыны загъдæуыди: «Лæваргæнæджы зæхмæ ма фæцу, фæлæ дæхи ссаргæ, дæхи равзæрд зæххыл æрцæр æмæ йæ дæхицæй ма суæлдай кæн». Уыцы уагыл Хетæг цæр- гæйæ баззад Цмийы. Уæд та иу заманы, цуангæнгæйæ, æрбафтыди Нары тæс- сармæ. Къæдзæхы сæрмæ ссардта æрдуз æмæ йæ снысан код- та йæхицæн цæрæн бынатæн. Фæстæдæр Нармæ хæстæг амардта саг, йæ бæрæггонд бынатмæ йæ æрхаста, физонджы- тæ скодта, Хуыцауыл æмæ Бынатыхицауыл йæхи бафæ- дзæхста æмæ æрулæфыд. Æхсæвы йæм фыны æрбадзырдæ- уыди: «Хетæг! Ам уыдзæни дæуæн дæ цæрæнбынат æмæ дын ардыгæй рацæудзæни бирæ, бæзджын цот, стыр мыггаг». Райсомæй, боны рухсмæ, уыцы бынат бæстондæр æрбæр- джытæ кодта, æмæ дыууæ цæугæдоны астæу æрдæгсакъадах- гонд йæ зæрдæмæ ноджы тынгдæр фæцыди. Уалдзыгон бон, бæстæ ирд тæмæнтæ калы, æмæ Хетæг, саг кæм амардта, уыцы хуссарварс хоры нæмгуытæ аппæрста. Фæззæгмæ хоры æфсйртæ ныннæрстысты, æмæ уæд бынтондæр скарста, ам, зæгъгæ, æцæг, цæрæнбынатæн бæзгæ у. Зæхх хъæздыг, дон хæстæг, хъæд — дæ фындзы бын. 14
Цасдæр рæстæджы фæстæ йæ фæнд раргом кодта йæ зæр- дæхæлар фысым Бигъуылайæн, ома, кæд мын бар дæттыс, уæд хицæн ран æрцæрон. Бигъуыла, куырыхон æмæ дард- мæуынаг лæг, Хетæджы фæндоныл сразы и. Уымæй уæл- дай ма, йæ чызг æмæ лæппуйы ’хсæн цы сусæг хъарм ахаст- дзинæдтæ ис, уый æмбаргæйæ, йæ чызджы Хетæгæн бинойнагæн радта. Æмæ сæ Хуыцауыл бафæдзæхсгæйæ, ра- фæндараст кодта сæ ног равзæрст бынатмæ. Захъадон æмæ Льядон кæм баиу вæййынц, уыцы æр- дæгсакъадахгондыл уал мусонг æрцарæзтой. Фæстæдæр та дзы хохаг тъæпæнсæр хæдзар самадта. Уым тæккæ рындз- мæ хæстæг абон дæр лæууы фидар чъырын, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, чъырынæн йæ фидар къултæ. Хистæртæй би- рæтæй хъуыстон, ацы чъырын, дам, Хетæджы хæдзар уы- дис. Къоста дæр йæ этнографион очерк «Особа»-йы, Хетæг саг кæм амардта, стæй цы мæсгуытæ æмæ чъырынтæ фæцарæз- та, уыдоны тыххæй бæлвырдæй зæгъы: «В Нарской котлови- не указывают и теперь в сел. Слас на постройки, возведенные Хетагом. Указывают и место, где Хетаг убил оленя, — это подножье той скалы, на которой теперь громоздится сел. Нар. Здесь указывают также на воздвигнутую Хетагом по- стройку, где он поселился»5. Уæдæ куыд æмæ цæмæн æрцарди Хетæг Нары? Уæлдæр куыд фæбæрæг кодтам, афтæмæй ацы бынат Хетæг йæхæдæг равзæрста фыны æгъдауæй. Фæлæ ахуыргæндты хъуыдытæ та æндæр фæндæгтыл цæуынц. Уанеты Владимир нын нæ цæстæнгас ногæй здахы Къостайы ныхæстæм: «Чтобы какой- нибудь беглец занял лучший пункт...». Къоста «лучший пункт» хоны Нар. Цæмæн? "Особа"-йы фыссы: "Селение Нар с окружающими его родственными отселками многие столетия служило законодательным центром и охраной на- родных традиций не только для Нарской котловины, но и для многих примыкающих к ней южных и северных уще- лий"». Фæлæ ма Нарæн æгъдауæвæрыны фæткæй дарддæр рагза- манты уыдис егьау стратегион нысаниуæг: Туалгомы кæмтты фæндæгтæ иууылдæр ауылты цыдысты. Къæдзæхы рындзыл 5 Хетагуров К. Амынд чиныг. — Ф. 316. 15
Нары фидар дæр гъе уымæн сырæзти — тыхы дуджы Туалго- мы зæхх æддагон ныббырстытæй хъахъхъæнынæн. Уыцы хабар комбæсты хицау, хъæбатыр Бигъуыла куыд нæ зыдтаид! Хетæджы стыр лæгдзинады кой дæр уæдæ æнæ- фехъусгæ нæ фæуыдаид. Кæд æй йæхимæ дæр уый тыххæй æрбаввахс кодта хæстæджы охыл — йæ чызджы йын биной- нагæн радта æмæ йæ баурæдта Нары стратегион пункты хи- цауæй. Уæдæ афтæ. Хетæг кæд Хъубаны быдыртæй æрбалыгъди, уæддæр уыд ирон лæг, кадджын хæстон. Йæ ном дардыл хъуыстгонд уыдис, æмæ йæ Туалгом суазæг кодта, куыд æцæгæлоны нæ, фæлæ куыд хион æмæ хъæугæ адæймаджы. Таурæгътæ дарддæр зæгъынц. Уыцы ран сын Бигъуылаты чызгимæ Мады-Майрæм балæвар кодта фырт — Джиуæрджи (Георги). Хетæг сырды фыдæй æмæ зæххы бæркадæй дардта йæ бинонты. Йæ фыртыл æртæ азæй фылæр рацыд, афтæ та араст и хæтæнты, цуангæнгæйæ. Фæсхохмæ, Гуырдзыйы бæ- стæм дæр та бафтыди, йæ рагон зонгæтыл фæзылд æмæ уым цалдæр азы бафæстиат и. Фæстæмæ цæуынвæнд куы скодта, уæд йæ бирæ æмбæлттимæ хæрзбон загътой се ’рдхæрдтæн. Цæуынц, æмæ сыл фæндагыл иу зæронд лæг амбæлди, Хетæджы чи зыдта, ахæм. Сæ размæ бацыд æмæ Хетæгмæ дзуры: — Дæ байраджы мын ратт, æмæ дын æртæ дзырды, æртæ фæдзæхсты зæгъон, царды дæ æнæмæнг чи бахъæудзæн, ахæмтæ. — Æмæ дын æртæ дзырды тыххæй ныр хъуамæ мæ байраг радтон, — дзуапп радта Хетæг æмæ дарддæр фæцæуæг ис. Зæронд лæг та хæстæгдæр фæндæгтыл йæ размæ фæци æмæ та йæм дзуры: — Хетæг, дзæгъæлы нæ разы кæныс. Ратт мын дæ байраг, æмæ дын зæгъон ахсджиаг æртæ фæдзæхсты, кæннод фе- сæфдзынæ. Хетæг дæр ахъуыдытæ кодта æмæ йæм йе ’ргом радта. — Хетæг! Уæдæ хъус лæмбынæг: Фыццаг — фæндагыл цæугæйæ дæ исчи куы хона уазæг- уаты, уæд-иу сразы у. Дыккаг — исчи дæ куы фæрса, сылгой- магæй, нæлгоймагæй чи хуыздæр у, уæд-иу ма фæрæди. Зон, нæлгоймаг хуыздæр кæй у. Æртыккаг — куы смæсты уай, 16
искæй марыны онг куы суай, уæд дæ галиу къухæй дæ рахиз цонгыл фæхæц. — Хинæй мыл рацыдтæ, фæлæ ма цы гæнæн ис, мæ ныхас ма куыд фæсайон. Акæн дæ байраг. Бон цæуы. Хуры фæстаг тынтæ ма хохы цъуппытыл ды- дзы рухс кæнынц. Изæрмилты иу хъæдрæбын, доны был, цъæх-цъæхид фæзмæ æрбахæццæ сты Хетæг æмæ йе ’мбæлт- тæ. — Ам диссаджы дзæнæты бынат, ам æхсæвиуат бакæнæм, ацы цъæх кæрдæгыл нæ бæхтæ дæр фаг фæхиздзысты, нæ- хæдæг дæр доны сатæгмæ баулæфдзыстæм. Куыддæр сæ бæхтæй æрфистæг сты, афтæ хъæды кæро- нæй æрбазындысты цалдæр барæджы. Иу дзы Хетæгæн йæ хорз æрдхорд, бынæттон Мухраны æлдар, цуанæй сæхимæ здæХти йе ’мбæлттимæ. Кæрæдзийыл бацин кодтой, æмæ Мухраны æлдар зæрдиагæй загъта: — Иууылдæр цæуæм нæхимæ, хорз зæрдиаг бадт фæкæ- нæм. Хетæг сразы и, фæлæ йе ’мбæлттæ нæ разы кæнынц. — Иуæй дæрддзæфгомау у, иннæрдыгæй ма ацы дзæнæты бынатæй кæдæм цæуæм. Ам нæ бæхтæ дæр фаг фæхиздзы- сты, нæхæдæг дæр, доны зарæгмæ хъусгæйæ, хорз баулæф- дзыстæм æмæ та райсом уæнгрогæй нæ фæндаг дардзыстæм, — уыдис сæ дзуапп. Уæд Хетæг иунæгæй ацыди уазæгуаты. Йе ’рдхорд кусарт акодта, æвæрд сæнæй фаг гаджидæуттæ фæуагътой, хорз фæзарыдысты, кæрæдзийыл фæцин кодтой. Райсомæй Хетæг йæ фысымæн арфæ ракодта, хæрзбон ын загъта æмæ йе ’мбæлттæм рараст ис. Æрбахæццæ ис йæ зонгæ бынатмæ, фæтæн цъæх фæзмæ, æмæ уыны диссаджы æнкъард нывтæ. Фæстæдæр куыд ра- бæрæг ис, афтæмæй фæсæмбисæхсæв Хетæджы æмбæлттыл лекъаг абырджыты къорд æрбамбæлд æмæ сын сæ фæллой байстой, сæхи та сын уацары акодтой. Хетæг кæрдæгыл æрбадт, хъуыдытæ, сагъæстæ кæны. Зæ- ронды фыццаг фæдзæхст æрцыди. Цæуы та дарддæр Хетæг. Иу хъæумæ хæстæг та йыл æри- зæр ис. Йæ иу хорз зонгæйы бацагуырдта æмæ уыдонмæ ба- фысым кодта. Бадынц, минас кæнынц, ныхæстæ, таурæгътæ
хæссынц. Лæггад сын кæны иу æрыгон чызг — æгъдау-æф- сармджын, хуртæ æмæ дзы мæйтæ кæсы. Сæ фарсмæ сын- тæджы, базы сæр та бады хæфс, чызг æй рæстæгæй-рæстæг- мæ абæрæг кæны, рæвдауы йæ. Уыцы хабæрттæм кæсгæйæ, Хетæг сцымыдис ис æмæ йæ фысымы афарста, ацы хæрзконд сылгоймаг дын чи у, зæгъгæ, стæй ацы хæфс базы сæр ахæм буц дардæй цæмæн дарут? Фысым арф ныуулæфыд, фен- къардгонд ис æмæ радзырдта: — Ацы хæрзконд сылгоймаг кæмæй зæгъыс, уый у мæ чындз. Базы сæр буц дардæй кæй дарæм, уыцы хæфс та у мæ фырт, сылгоймагæн йæ цардæмбал. Диссаджы разы уыдтæн мæ фыртæй. Хæрзконд, хæрзуынд, æгъдауджын. Цалдæр азы размæ йын адæмы хæлæг æмæ æдзæстуарзондзинад йæ амонд басыгътой. Чидæр ын цыдæр хинтæ æмæ кæлæнтæ скодта, æмæ йæ дарддæр дæхæдæг уыныс. Уæддæр мæ хъæ- бул^у, æмæ йæм уыцы зæрдæ дарын. Иæхæдæг та арф ныуулæфыд æмæ йæ цæстытæ доны ра- зылдта. Иу уысм æнæдзургæйæ абадтысты, стæй Хетæджы сонт фарст акодта йæ фысым: — Зæгъ-ма, Хетæг, дæ хорзæхæй, сылгоймагæй — нæлгой- магæй чи хуыздæр у, стæй ацы чызгæй — хæфсæй дæ зæрдæ- мæ тынгдæр чи цæуы? Хетæгæн зæронды дыккаг фæдзæхст йæ зæрдыл æрбалæу- уыди: «Макуы фæрæди, нæлгоймаг хуыздæр кæй у, уьтй дæ ма ферох уæд!» — Кæй зæгъын æй хъæуы, хæфс мæ зæрдæмæ тынгдæр цæуы, уый та уæддæр нæлгоймаг у, — уыдис Хетæджы дзуапп. Уыйадыл хæфс нæрсын байдыдта, фæстагмæ нытътъæпп ласта, æмæ сæ размæ рахызти хæрзконд, саджы фисынтыл амад кæмæй фæзæгъынц, ахæм нæртон гуырд. Фысым Хетæ- гæн хъæбыстæ кæны, арфæты бын æй фæкодта, фыр цинæй йæ «аныхъуырынмæ» дæр хъавы. Хетæг та не ’мбары, цæй тыххæй. Æрæджиау ын фысым бамбарын кодта: — Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ, мæ фыртæн уыцы хин- тæ-кæлæнтæ куы скодтой, уæд æй кæдæм нæ фæкодтам, кæиы хосгæнæгмæ нæ уыдыстæм, фæлæ хъуыстам уыцы иу дзуапп: «Мæнмæ йын хос нæй, мæ бон уын ницæмæй у бах- хуыс кæнын». Æрмæст нын иу зæронд хосгæнæг загъта: 18
«Цалынмæ дзы исчи раппæла, уæдмæ йын хосгæнæг хос не скæндзæн». Хетæг, ныр дзы ды раппæлыдтæ, æмæ та нæ цард йæ гаччы сбаддзæн. Хетæг, ды дæ нæ ирвæзынгæнæг! Стыр куывд скодта. Хетæджы дæр цалдæр боны баурæдта, стæй йæ бирæ лæвæрттимæ рафæндараст кодта. Хетæг та цæу- гæ-цæуын хъуыдытæ кæны: «Диссаджы куырыхон зæронд лæг, дардмæуынаг, йæ дыккаг фæдзæхст дæр та æрцыди». Цæуы Хетæг зæрдæхъæлдзæгæй, йе ’рдхордæн зæрдæйы фæндиаг æххуыс кæй бакодта, уый фæдыл. Фæсæмбисæх- сæв æрхæццæ и Нармæ. Йæ бæх Поты фæзы хизынмæ ауагъ- та, йæхæдæг фистæгæй араст и йæ хæдзармæ. Бахызти са- быргай къæсæрыл, кæсы æмæ йæ бинойнаджы фарсмæ цавæрдæр нæлгоймаг хуыссы, дыууæйæ дæр сты фынæй. Хъама йæ кæрддзæмæй сласта, хæрдмæ йыл, ныццæвынæв- вонг, куыд схæцыд, афтæ та зæронды æртыккаг фæдзæхст йæ хъусты азæлыди. Йæ галиу къухæй йæ рахиз цонг ацах- ста. Хъама тъахтины фисыныл æрсагъта, нæлгоймаджы худ йемæ райста æмæ фæстæмæ Поты фæзмæ æрцыди. Йæ саргъ йæ сæры бын бакодта, йæ нымæтæй йæхи æрбамбæрзта æмæ æрфынæй и. Райсомæй йæ бинойнаг кæсы, æмæ йæ лæджы хъама тъах- тины сагъд, дис кæны. Рахызти уæлхæдзармæ æмæ уыны, Поты фæзы чидæр хуыссы. Йæ фырты райхъал кодта, Поты фæзмæ йæ рарвыста, далæ уыцы лæгæн зæгъ, фысым нæм бакæн, зæгъгæ. Лæппу æрцыди, йæ мад ын куыд бафæдзæх- ста, афтæ радзырдта. Хетæг фестади, ды кæй лæппу дæ, зæгъгæ йæ афарста. «Æз Хетæджы фырт Джиуæрджи дæн», — дзуапп радта лæппу. Хетæг æй æрбахъæбыс кодта, йæ худ ын йæ сæрыл æркодта, æмæ араст сты сæхимæ. Æнæдзургæйæ цæуы, фæлæ йæхинымæр та уыцы куырыхон зæронд лæгæн арфæтæ кæны. «Царды дæ æнæмæнг бахъæу- дзысты. Кæннод фесæфдзынæ» — йæ сæры зилдух кæнынц уыцы ныхæстæ. «Æмæ, æцæгæйдæр, мæхи мæнæ мæхæдæг куыд сæфтон!» Ацы таурæгъы фæстаг хайæн ма ис хицæн вариант дæр, æндæр таурæгъгæнджыты ныхæстæй фыст чи æрцыдис, ахæм: Райсомæй Хетæджы бинойнаг куы райхъал и, уæд федта Хетæджы хъама тъахтины къухы сагъдæй æмæ бадис кодта. 19
Рацыд хæдзарæй. Поты фæзы ауыдта лæджы хуысгæ. Слас- мæ ссыди æмæ радзырдта, Хетæджы хъама куыд ссардта, йæ лæппуйы худ куыд фæтары ис, Поты фæзы та чидæр куыд хуыссы, уыдæттæ. Слас фæфæдис сты Сидты фæзмæ. Дзу- рынц Хетæгмæ. Хетæг сыстад æмæ сын дзуапп радта: — Чидæр хуыссыд мæ хæдзары мæ бинойнаджы фарсмæ, æмæ уæд æз дæр ардæм рацыдтæн. — Уый дæ фырт куы у, уæд æй чидæр цæмæн хоныс? — загътой йын Слас. Хетæг ссыди сæхимæ, Джиуæрджи йæ куы ауыдта, уæд ыл йæхи баппæрста æмæ йæ йæ хъæбысы ныккодта. Хетæг ын йæ худ радта æмæ йе ’нæууæнкдзинадыл фæфæсмон код- та. Рæстæг цæуы æмæ йæхиуæттæ домы æмæ кæны. Джи- уæрджи бахъомыл и. Бинонты хъуыддаг бакодта, æмæ йын ацы рухс дунемæ рантысти дыууæ фырыхъулы хуызæн фыр- ты: Мами æмæ Мамиа. Ацы дыууæ лæппуйы хабар-истори фаг иртæстгонд кæй нæма æрцыди, уымæ гæсгæ адæймагмæ кæмдæр дызæрдыгдзинад дæр сæвзæры. Къоста йæ очерк «Особа»-йы фыссы Джиуæрджийы фырт Мами æмæ йе ’фсымæры тыххæй, фæлæ, хъыгагæн, уыцы æфсымæры ном нæ амоны. Æмæ уым диссагæй ницы ис, стæй Къостамæ исты азым хæссæм, уый бар дæр нын нæй. Къоста ацы очеркы Хетæджы бирæ байзæддæгтæй йæхи къа- базы кой кæны æрмæстдæр. Ирон таурæгътæ, ирон адæмон сфæлдыстад фылдæр чи фембырд кодта алы кæмтты, уыдон: Æмбалты Цоцко, Æл- борты Барис, Калоты Барис, Гуыриаты Гагуыдз æмæ иннæ ахуыргонд лæгтæ алы рæстæджыты æмæ алы таурæгъгæн- джыты ныхæстæ фæфыстой. Афтæ зæгъæн ис, таурæгъгæн- джытæ зæгъынц иу хъуыды, ома, Джиуæрджийæн уыдис дыу- уæ фырты: Мами æмæ Мамиа. Нары зылды цы 12 мыггаджы царди, уыдон иууылдæр нымад сты Хетæджы байзæддагыл. Гъе, æрмæст дзы чи кæцы фырты цот у, Мами æмæ Мамиайæ, уый, цæмæдæр гæсгæ, æмхæццæтæ кæнынц. Ам нæ ныхас бæлвырдæй уыдзæни Мамиатæ-Мамиты мыггагыл. Кæцыдæр таурæгътæ дзурынц: нæ рагфыдæл уыдис Мамиа. Фæлæ æндæр таурæгътæм гæс- гæ та Мамиайæн цот нæ рацыд. 20
Зындгонд ахуыргонд, этнограф, археолог, ирон адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг Калоты Барис Хетæджы таурæгъ- ты тыххæй афтæ фыссы: «Предания о происхождении фами- лий Нарской котловины и ее боковых ответвлений записаны от разных информаторов в нескольких вариантах, отличаю- щихся друг от друга. По одному, по-видимому, более близко- му к реальности варианту, оно представлено так: от Хетага родился Джеуарджи, от него Мамиа и Мами; сыновьями Ма- миа считаются Гоцъи, Джио, Бырнац, Джанай, от которых пошли фамилии: Джиоевых (Гиоевых), Брнацевых и Джана- евых. Фамилии Дзидахановы, Балаевы, Отаровы происходят от сыновей Гоцъи — Дзида, Заса, Отара; Еналдиевы — от Еналды, сына Мамиа от второго брака; Козыровы, Саутиевы и Мамиевы — от сыновей Мами — Козыра, Сакко и Дзуй. По другим данным, полученным в 1932 г., Хетаг имел двух жен; от одной из них родился Джиуорджи, от другой — Гаджи. Сыновьями Джиуорджи были Мами и Мамиа, а сыновьями последнего — Гоцъи, Джио, Дзанай, Брнац, от которых про- исходят фамилии Джиоевых, Джанаевых, Брнацевых. Гаджи же считается отцом Губа, Ногъай, Тото — предком фамилий Губаевых, Ногаевых, Тотиевых»6. Ацы дыккаг вариантыл Калойы-фырт йæхæдæг дæр ды- зæрдыг кæй кæны, уый бæлвырд у, фыццаг вариантæй дзæгъæ- лы нæ зæгъы, æвæццæгæн, уый æцæгдзинадмæ хæстæгдæр лæууы, зæгъгæ. Иннæрдыгæй та æндæр таурæгъы («Гоцъи Гаджиты куыд цагъта») дзырдæуы: Гаджитæ бæрæгбон кодтой сæ мæсы- джы, æмæ сæм уырдæм кардæлвæстæй фæмидæг и Гоцъи æмæ сæ цæгъдын байдыдта. Йе ’фсымæр Джио та дуарыл лæууы- дис, ома æддæмæ чи лидза, уыдоны та уый куыд мара. Фæлæ Гоцъийæн йæхи куы стыхсын кодтой, уæд уый дæр рацæй- лыгъди дуарыл, Джио йæ талынджы нæ базыдта æмæ йæ фæцæф кодта. Дарддæр Барис фыссы: «Как видим, среди приведенных фамилий нет Хетагуровых, как и некоторых других потом- ков Хетага, например, Дзапаровых. По-видимому, они поя- вилисьв более позднее время. Отметим также, что с ростом 6 Калоев Б. А. Осетинские историко-этнографические этюды. — М.: На- ука, 1999. - Ф. 250. 21
популярности Коста Хетагурова многие из тех, кто прежде носил перечисленные выше фамилии, стали записывать себя Хетагуровыми <...>»7. Калойы-фырт наукæйы бындурыл кæй аразы йæ хатдзæг- тæ, уымæй цыма æцæгдзинадмæ хæстæгдæр лæууы. Æмæ уæд мах дæр ныххæцæм уыцы хъуыдыйыл, ома, Мами уыди нæ рагфыдæл: Дзуй, Сакко, Кодзыры цотæн — Мамиатæн- Мамитæн, Саутæтæн, Кодзыртæн8. Уымæн уæлдай æвди- сæн — нæ чызджытæ чындзы куы ацæуынц, уæд сæм дзу- рынц «Мамион»-æй. Скæнæм хатдзæгтæ. Мами бинонты хъуыддаг куы бакод- та, уæд, нæ хъуыдымæ гæсгæ, цæрæн бынатæн равзæрста абоны Фаллагком, Нарæй иу километр æмæ æрдæджы бæрц хуссарæрдæм куы бауайай, уæд Захъадоны рахизфарс цы- быр æмæ нарæг ком. Ком рæбынæй дыууæ дихы фæци: Гнугъ æмæ Хъадагомыл. Ацы комы дæттæ кæм баиу сты, уый тæк- кæ рындзрæбын æрбынат кодта нæ рагфыдæл. Йæ хъæу та схуыдта, Мамиатæн-Мамитæн сæ уидаг кæцæй равзæрди, уыцы Сауыбын. Ам цыбырæй æнæ зæгъгæ нæй, хъæуы æнахуыр ном «Сауыбын»-ы тыххæй. Хъæуы бынаты сæрмæ, тæккæ рын- дзыл абон дæр ма фидар лæуд кæны дынджыр незаманон нæзы бæлас, æвæццæгæн ыл цæудзæн дæс æнусмæ ’ввахс. Ацы иунæг фидар бæласы бын ис нæ рагфыдæлты кувæндон «Сауыбыны Уастырджи». Нæзы бæласæй ма, æвæццæгæн, иу 300—400 метры уæлдæр, уый дæр тæккæ тигъыл, рындзы фахсыл лæууы къаннæг пæлæхсар тулдз бæлас. Ацы бæласы бын дæр ис кувæндон «Сауыбыны Мыкалгабыртæ», адæм ма йæ хонынц Мамиаты Дзуар дæр. Ацы дыууæ æнусон бæласæй уæлæмæ цы уæлхох къуыл- дымтæ ис суанг æфцæгмæ, уыдон кæддæр хъæдæй æм- бæрзт уыдысты, ахизæн дæр дзы нæ уыди, ахæм тархъæ- дæй. Тархъæд, кæнæ саухъæды бынмæ хъæуы бынат кæй сæвзæрди, уымæ гæсгæ йæ схуыдтой Саухъæды бын. Бон- тæ цыдысты, æнустæ ивтой æнусты, фæлтæртæ фæлтæрты ,7 Калоев Б. Амынд чиныг. — Ф. 251. 8 Бафиппайын хъæуы, Калойы-фырт Мамиайы байзæддаг кæй хоны, уыцы мыггæгтæ сæхæдæг та æндæр хуызы кæй хъуыды кæнынц: нæ раг- фыдæл Мами у, зæгъгæ. 22
æмæ, æвæццæгæн, топоним «Саухъæды бын» зындæр дзу- рæн кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ хонын райдыдтой «Сауы- бын», æмæ æнусты сæрты махмæ дæр уыцы номимæ æр- хæццæ и. Уæлдæр цы кой скодтон, суанг æфцæгмæ нæухох къуыл- дымтæ хъæдæмбæрзт уыдысты, зæгъгæ, уымæн ма ивгъуыд XX æнусы 40—50-æм азты æвдисæн уыдысты бæлæсты æр- дæгæмбыд бындзæфхæдтæ. Иннæ æвдисæн та уый, æмæ ма комбæсты цæрæг куы уыди, фос парахатæй куы дардтой, уæд ацы нæухох къуыл- дымты хæснагæн иу бæласы тала дæр ссарынмæ нæ уыди, цы дыууæ бæласы кой скодтон, уыдонæй дарддæр. Ныр 50 азæй фылдæр рацыди, комбæстæ куы федзæрæг и, уæдæй. Æмæ та уыцы къуылдымтæ, фосы къах сæм нал хæццæ кæны, æмæ ногæй фæхъæд кæнынц. Уый, æвæццæгæн, æрдзы фидар, æнæфехæлгæ фæтк æмæ æгъдау у^ Хъæд дæр йæ райгуырæн бынат уарзы æмæ йæ нæ ивы. Йæ фы- дæлты «уидаг» кæм уыди, уым та фæзынди ног фæлтæры талатæ, арвыл æндзæвынц ныр æмæ бонæй-бон фылдæр быдыртæ ахсынц. Рæхджы та уыцы къуылдымтæ тархъæ- дæй æмбæрзт æрцæудзысты, æмæ уæд, гæнæн ис, нæ хъæу «Сауыбын»-æн та йæ рагон фыццаг ном, «Сау хъæды бын», сног уа. * * * Рæстæг дугъон бæхæй тагъддæр тæхы. Фæлтæртæ дæр ивгæ цæуынц. Мамийы-фырттæй Сакко-Саутæтæ баивтой Нары зылды Гуыркъуымты коммæ — Сахсатмæ, æмæ уырды- гæй рабирæ æмæ рапырх сты Ирыстоны алы хъæутæ æмæ сахартæм. Кодзыры мыггаджы цардвæндаг гыццыл дызæрдыггонд у. Иуæй-иу таурæгъты загъдæуы, Хъуды комы, иннæ таурæгъ- ты та Хохы Санибайы æрæнцади сæ бындур. Хохы Саниба æцæгдзинадмæ æввахсдæр лæууы, мæнмæ гæсгæ дæр. Ам ма сæ фыдæлтыккон мæсыг дæр æнæхъæн у, зæгъынц. Хъуды коммæ дæр Санибайæ бафтыдысты, фæстæдæр та, XIX æну- сы, ахæлиу сты Иры хъæутæ æмæ горæттыл. 23
Мамийæн йæ иннæ фырт — Дзуй, Мамиатæ-Мамиты фы- дæл, Сауыбыны цæргæйæ баззад, æмæ йын рацыд бирæ бæзджын цот. Фаллагкомы сын зæхх куы нæуал фаг кодта, уæд ног хъæутæ фæзынди. Абоны арæнхъахъхъæнджыты бынаты уыдис Еспейы хъæутæ æртæ: Уæллаг, Астæуккаг æмæ Дæллаг Еспе. Захъадоны рахизварс та Бетъреты хъæу — дуры цæндтæ ма дзы бæрæг дарынц æмæ хуымгæндты тъæ- пæнтæ. Ацы ног хъæуты цардысты æрмæстдæр Мамиатæ. Фæстæдæр ма дзы æрцарди Джиотæй æмæ Еналдытæй фæй- нæ хæдзары. Захъадонæн йæ рахизварс ма абон дæр æвдисæ- ны хуызы тæккæ рындзыл фидар лæууы Мамиаты мæсыг (Нацхъидаты — хæдзары номæй). Гуырдзыстоны арф районтæм дæр нæ афтыди цалдæргай хæдзæрттæ. Хъыгагæн, сæ фылдæр сгырдзиаг сты, æмæ, афтæ зæгъæн ис, сæ фæд фесæфти. Фæлæ дзы Хуссар Иры бирæгæйттæй иумæ æнгомæвæрдæй чи æрцарди, уыдон æр- бынæттон сты Цъунар, Убиат, Мамитыхъæу æмæ Цхинва- лы. Цъунарæн йæ бындурæвæрджытæ уыдысты Нарæй али- дзæг Мамиатæ, Хетæгкатæ, Гоцъитæ æмæ Хаситæ. Сæ фы- дыуæзæг мысгæйæ йыл ном дæр сæвæрдтой — Цъус Нар; фæстæдæр — æвзагæн æнцондæр дзурынæн — ссис Цъунар. Цалдæр азы размæ та йæ рахуыдтой «Къостайыхъæу». Убиаты хъæуæн дæр, йæ абоны цæрджыты нымадæй, йæ бындурæвæрджытæ уыдысты Мамиатæ. 1886 азы сфыстмæ гæсгæ, архивты бæрæгæй зыны, Мамиаты Хасийы фырт Епре йæ бинонтимæ кæй алыгъд Убиатмæ. Фæлæ дзы «алыгъд Уби- атмæ», зæгъгæ, фыст кæй ис, уый дызæрдыг æвзæрын кæны адæймагмæ: мыййаг дзы кæд уый размæ дæр уыди цæрæг. Мамитыхъæуæн бындурæвæрæг уыди Мамиты Сослан. XIX æнусы райдианы æппæт Кавказыл дæр æвирхъау низ — халер куы стых и, уæд лæппу сидзæрæй баззадис, æмæ йæ Гæбæраты сауджын Иуане Нарæй рахаста Залдайы хъæумæ. Гæбæраты мыггаг æй схъомыл кодта, сæхицæй йын чызг рад- той, зæххы хай йын радих кодтой. Фæстæдæр Сослан йæ цæрæнбынат æривта æндæр ранмæ; æмæ гъе уыцы фыццаг артДзæстæй райрæзтис абоны Мамитыхъæу. Цхинвалмæ та фæлыгъдысты алы хъæутæй æмæ алы рæ- стæджыты. 24
Хетæгкаты Къоста йæ очерк «Особа»-йы зæгъы: рагзаман- ты, ирон адæм ма мыггаггай куы цардысты, уæд, сæ уавæртæ хынцгæйæ, дихтæ кодтой афтæ: 1. Стыр, кæнæ тыхджып мыггаг; 2. Фæрсаг мыггаг;. 3. Кæвдсесард; 4. Æлхæд, саулæг, цагъайраг9. Мамиатæ-Мамитæ «Особа»-йы дуджы нымад уыдысты стыр æмæ тыхджын мыггагыл. Къоста фыссы: «Стыр мыг- гаг. Члены такой фамилии, будучи более обеспечены матери- ально, одевались чище и богаче, располагали лучшим воору- жением, пользовались в народе почетом. К ним обрщались за советом, их приглашали судить и примирять враждующих. <...> Кровь их ценилась выше иной. Ирад (калым) их деву- шек достигал высшего предела. <...> Ирад является мерилом достоинства крови. Раз установленный, его нельзя изменить произвольно. Принимая за единицу ценности корову, разме- ры ирад’а в Нарской котловине распределяются так: Хетагу- ровы (Зидахановы, Мамиевы, Бырнацевы, Дзанаевы и Джи- оевы), Цуциевы, Губаевы и Саутиевы брали по сто коров...»10. Цалдæр ныхасы ма, нæ мыггаг дыууæ хуызы фыст кæй цæуы, уый тыххæй. Ацы «низæй» æрмæст мах нæ хъæрзæм, фæлæ ма бирæ æндæр ирон мыггæгтæ дæр. Газет «Рæстдзинад»-ы фæрстыл уый фæдыл арæх фæзыны æрмæ- джытæ, уыимæ Нафийы фиппаинæгтæ дæр. Мах мыггагæй дæр, Ирæн йæ цæгатварс чи цæры, уыдон иронау фыссынц æмæ дзурынц — Мамиатæ; Ирæн йæ хуссарварс та — Мами- тæ. Уырыссагау та фыссæм æмхуызон — Мамиевы. Ирон мыггæгты истори æмæ растфыссынад нæ ахуыр- гæндты рагæй тыхсын æмæ цымыдис кæны. 2005 азы рауагъ- дад «Ир»-ы мыхуыры рацыди Гаглойты Зинæйы диссаджы хорз æмæ хъæугæ чиныг — «Ирон мыггæгтæ». Лæвæрд дзы цæуынц цыбыргондæй мыггæгты таурæгътæ, чи кæимæ æр- вадиуæг кæны, иу фыдыфырт уæвгæйæ, дыууæ хуызы фыст цæмæн цæуынц кæцыдæр мыггæгтæ. Чиныджы æмбыргонд- мæ бацыд 600 ирон мыггагмæ ’ввахс, уыдонæй сæдæйæ 9 Хетагуров К. Амынд чиныг. — Ф. 318. 10 Уый дæр уым. - Ф. 318-319, 343. 25
фылдæр, дыууæ хуызы фыст чи цæуы, ахæмтæ. Иу цалдæр дзы, æхсæнмæ-’хсæнты, рафыстон: 1. Аспиатæ — Аспитæ — Аспиевы; 2. Æхполæттæ — Æхполтæ — Ахполовы; 3. Æлборатæ — Æлбортæ — Алборовы; 4. Беджызатæ — Беджызтæ — Бегизовы; 5. Биганатæ — Бигантæ — Бигановы; 6. Голиатæ — Голитæ — Голиевы; 7. Мамиатæ — Мамитæ — Мамиевы. Ахуыргонд æвæры фарст: цы у мыггаг? Йæ хъуыдымæ гæсгæ, мыггаг у, иу бинонтæй чи равзæры, иу фыдæл кæ- мæн уыдис, ахæм тугхæстæг къорды ном. Уыцы ном та комкоммæ баст цæуы къорды фыдæлы номимæ. Дарддæр нын Гаглойты Зинæ æмбарын кæны Бязырты Алыксан- дры хъуыды, зæгъгæ, мыггаг амонæг суффикс у «т» нæ, фæлæ «ат»: «Æвзагзонынады бæрæг у аналогийы фæтк: царды мидæг дыууæ æввахс грамматикон формæйæ арæх- дæр кæй дзурæм, уый фæтых вæййы иннæуыл æмæ йæ йæхи хуызæн скæны... бирæон нымæцы формæ арæхдæр кæй дзурæм, мыггаджы формæйæ, уый тыххæй райдыд- там дзурын: Тыбылаты бæсты — Тыбылтæ; Мамиаты бæ- сты — Мамитæ»11. Адон ахуыргонд адæмы хъуыдытæ æмæ хатдзæгтæ ирон мыггæгты растфыссынады хъуыддæгты. Мах, хуымæтæг адæм та уал фылдæр хæцæм, цы нын ис, ууыл. Сæйрагдæр та йæ нæхæдæг зыгъуыммæтæ мауал кæнæм. Нæ рагфыдæл иу кæй уыди, уый дзырддаг макæмæн уæд! Мыггæгты раст- фыссынад та ахуыргæндты бар ныууадзæм, æмæ, кæд ногæй исты зæгъой, уæд ыл мах дæр сразы уыдзыстæм. Гъеныр мыггаг фыссыны дыууæ вариантæй кæцы раст- дæр у, уый зæгъын мæнæн иу лæгæй тынг зын у. Йæ сраст кæнын та ноджы зындæр. Иу хъуыддаг та бæлвырд зонын, хурау бæрæг у. Цæгатæй Хуссармæ нын иу рагфыдæл Мами кæй уыди, нæ уидаг иу хъæу Сауыбынæй кæй ра- цыд. Уымæн ирд æвдисæн — Цæгат Ирыстоны Паддзаха- дон архивты 1886 азы æрмæджытæ. Уырыссаг æмбисонд куыд зæгъы: «Что написано пером, не вырубишь топором». 11 Гаглойты 3. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — Ф. 11. 26
Уыцы архивон документты бæстон фыст у, бирæ фыды- фырттæ-бинонтæ куыд æмæ кæдæм алыгъдысты, уый. Ды- зæрдыг чи кæна мæ хатдзæгтыл, ома, Цæгатæй Хуссармæ иу туг, иу стæг стæм, уый бацæуæд Цæгат Ирыстоны Пад- дзахадон архивмæ æмæ рафæлдахæд «Посемейные списки 1886 г.» (ф.ЗО оп.1. д.72; 76; 80а; 88; 85а). Ацы æмæ ма ноджы æндæр архивон документтæм чи æркæса, уымæн йæ гуырысхо, фæззыгон мигъ куыд æрбайсæфы, афтæ æрбай- сæфдзæн. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй нæ мыггаджы минæ- вæрттæ царды хуыздæр уавæртæ æмæ фадæттæ агурæг фæ- лыгъдысты Ирыстоны алы горæттæ æмæ хъæутæм. XXI æну- сы райдайæны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæ мыггагæй цал хæдзары кæмыты æрцарди, уыдоны номхыгъд дæлдæр лæ- вæрд цæуы. Уæрæсейы алы рæтты чи цæры, уыдон хыгъд не ’рцыдысты. Ирæн йсе цæгатварс: 1. Дзæуджыхъæу 2. Алагир 3. Беслæн 4. Къостайыхъæу 5. Октябрыхъæу 6. Елхот 7. Хъæдгæрон 8. Ногир 9. Кировыхъæу 10. Заводы поселок (Заводской) 11. Æрыдон 12. Раздзог 13. Цæлыкк 14. Брут 15. Мæздæг 16. Н. Георгиевск 17. Ольгинскæ 18. Архонкæйы станицæ (Архонкæ) 19. Мичуриныхъæу 20. Михайловск 96 8 8 8 8 7 7 6 5 4 3 3 3 2 2 2 2 1 1 1 27
Ирсен йее хуссарварс: 1. Цъунар — Къостайыхъæу 26 2. Убиат 3 3. Цхинвал 28 4. Мамитыхъæу 21 Æмткæй Мамитыхъæуы, 1991 азы бæрæггæнæнтæм гæс- гæ, царди 29 хæдзары. Уыдонæй: Мамитæй 21 Гæбæратæй 3 Гæззатæй 3 Козатæй 1 Тедетæй 1 Абон ацы диссаджы рæсугъд æмæ уарзон хъæу федзæ- рæг и. Саакашвилийы ардыд лæгсырдтæ 1990—1992 азты Хуссар Ирыл арт куы бандзæрстой, уæд Мамитыхъæу дæр сау æвзалы фестын кодтой, йæ адæм та алырдæмты фæ- лыгъдысты. Мыггаг дæр æмæ хъæубæстæ дæр лæгæй фидауы æмæ фидар вæййы. Нæ мыггагæн XVIII æнусæй абоны онг кад æмæ намыс чи скодта æмæ кæны, уыдон бирæ сты. Хуыцау сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ фылдæр кæнæд! Æрымысæм сын сæ номдзыддæртты: 1. Мамиаты Гигойы фырт Цан (Чан) — XIX æнусы æхсæ- надон архайæг, ахсджиаг документтæ бафыссыны бар кæмæ уыди, уый. 2. Алымбеджы фырт Андрей — XIX æнусы цæрæг, дины кусæг, рухстауæг, ахуыргæнæг, «Уарцъейы сауджын» дæр ма йæ хуыдтой. 3. Давид — XIX æнусы цæрæг, хæххон згъæртæ, алыхуы- зон минералтæ иттæг хорз чи иртæста, уый; зындгонд геолог Ванявины æххуысгæнæг. Уырысы паддзах ирон фæсивæды хъазахъхъаг службæ- мæ кæнын куы райдыдта, уæд нæ мыггагæй дæр фæзынди 28
дзæвгар афицертæ паддзахы æфсады. Уырысссаг-туркаг хæ- стыты хæрзиуджытæй хорзæхджын цы 14 афицеры æрцыд, уыдонæй иу Филимон — Георгийы дзуары æххæст кавалер; иннæ — Андрей — Георгийы иу дзуары хицау. Иналы фырт Дмитри — паддзахы афицер, Андрейы лен- тыл орденты æххæст кавалер. Ирон афицерты рæнхъы хаст æрцыди Республикæйы кады фæйнæгмæ. Булугийы фырт Берт — штабс-капитан. Хорзæхджын æр- цыд Андрейы лентыл дыууæ орденæй. Коркийы фырт Науруз — поручик. Хорзæхджын æрцыди Георгийы лентыл дыууæ орденæй. Джабраил — поручик. Чиныг «Кавказская конная дивизия»-йы фыссынц: «1916 азы 18 июны, знаджы къæлæ- ты бахаугæйæ, сæ ныхмæ æрлæууыд иунæгæй. Хид срæ- мыгъта, уæззау цæф фæци, фæлæ уæддæр знаджы фидар рæхыс атыдта æмæ йæхионтимæ баиу ис»12. Уымæй уæлдай ма фыццаг дунеон хæсты 1914—1916 азты нæ мыггагæй архайдта авд адæймаджы: Алыксандр, Дидо, Григол, Лади, Сосæбе, Михал, Аврам. Уыдонæй фыццаг æртæ хæрз æфсымæртæ (Ростъомы фырттæ). Уымæй дзæвгар раздæр та уырыссаг-туркаг хæстыты 1848 æмæ 1853 азты нæ мыггагæй цы фæсивæд уыди (се ’ппæт бæрæггонд не ’рцыдысты) æмæ æвзист майдантæй кæй схор- зæхджын кодтой, мæнæ уыдоны номхыгъд дæр: Петр, Ханаз, Бызæ, Андрей, Габе, Солæман, Джанаспи, Цопан, Датъе, Тасо. Мамиаты Тимофейы фырт Алыксандр — Октябры рево- люцийы архайæг; Сталинимæ йын уыцы рæстæджы уыдис лæгæй-лæгмæ фембæлд. 1930—1940 азты куыста Алагиры æмæ Садоны районты НКВД-йы хицауæй, уый фæстæ та Алагиры колхозы сæрдарæй. Хицауадæй йæм уыдис номы лæвæрттæ — æхсаргард æмæ маузер, сæ фистонтыл сæрма- гонд фыстимæ; ныртæккæ сты Цæгат Ирыстоны Национ му- зейы. Уæдæ Уæрæсейы зæххыл цы бирæ хæстытæ æрцыди, уыдонæй сæ тæккæ æвирхъаудæр, фылдæр туг кæм нык- калд, йæ адæм æнæкæрон хъизæмæрттæ кæм бавзæрстой, 12 Опрышко Л. Кавказская конная дивизия 1914—1917. Возвращение из небытия. — Нальчик: Эль-фа, 2007. — 512 ф. 29
фæлæ уæддæр хохау фидар кæм фæлæууыдысты, уый уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæст 1941—45 азты. Егъау Советон Цæ- дисы адæм иу лæгау сыстадысты цыфыддæр знаджы, фашиз- мы ныхмæ æмæ æххæст кодтой И. В. Сталины фæдзæхст æмæ приказтæ: «Æнауæрдонæй цæгъдут цыфыддæр знаджы, цæмæй йæ нæ зæххæй тагъддæр фæтæрæм æмæ йæ йæхи лæгæты ныххурх кæнæм». Уыцы тугкалæн хæсты Мамиаты туг дæр ныккалд. Нæ райгуырæн зæхх немыцаг фашисттæй асыгъдæг кæнынмæ нæ мыггагæй фæцыд 74 адæймаджы, уы- донæй, хъыгагæн, сæ райгуырæн къонатыл нал сæмбæлди 43 цардбæллон хъæбулы, сæ фылдæр æбæрæгæй фесæфтыл ны- мад æрцыдысты. Ацы 74 адæймаджы — Ирæн йæ цæгат фарс. Хуссарварс мыггагæй ацы хæсты архайджытæ бæрæггонд нæмæ ’рцыдысты, фæлæ куыст цæуы дарддæр. Хæсты архайджыты номхыгъд Хуыцауы фæрцы арæзт æрцыди, мæхимæ гæсгæ, иууылдæр нымад æрцыдысты, фæлæ, хъыгагæн, се ’ппæты къамтæ къухы нæ бафтыдысты. Кæмæн дзы æппындæр нæ баззад къам, бирæтæн та сæ сæ фæстагæттæ бахъахъхъæнын нæ бафæрæзтой. Чи ма дзы къухы бафтыд, уыдон дæлдæр дæттæм æмткæй кæрæдзийы фæдыл. Хæсты уæззау азты нæ мыггагæй бæрнон бынæтты чи куыста, уыдоны хæстмæ нæ акодтой, фæсчъылдымы сæ ак- тивон архайд пайдадæр уыдзæн, зæгъгæ. Уæлдайдæр знаг Ирыстоны зæхмæ куы æрбалæбурдта æмæ йæ быцъынæг Баку æмæ Грознайы нефты гуырæнтæм куы ивæзта уæд. Нæ республикæйы цæрджытæй, зæрондæй сывæллоны онг, арæзт æрцыд, цы æфсæддон тыхтæ дзы уыдис, уыдонимæ иумæйаг фронт. Æфсæддонтæ знаджы дæрæн кодтой, бы- нæттон цæрæг адæм та фидæрттæ арæзтой æмæ акъоппытæ къахтой. Ацы æппæт стыр æмæ вазыгджын архайдæн раза- мынд дæттынæн арæзт æрцыд хъахъхъæнынады комитет (комитет обороны). Йæ сæргъы — уæды коммунистон пар- тийы обкомы фыццаг секретарь Хъуылаты Хъуыбады. Ацы комитеты уæнгтæ уыдысты нæ мыггагæй цалдæрæй. Фæсхæсты уæззау азты, хæдзарæдтæ иууылдæр пырх- гонд^æмæ заууатмæ куы æрцыдысты, æппæт дæр ногæй ара- зын куы хъуыди, уæд нæ мыггагæй цалдæр лæуд уыдысты республикæйы хицауады бæрзонд бынæтты: 30
1. Мамиаты Ильяйы фырт Моисей — Мидхъуыддæгты министр. 2. Мамиаты Къостайы фырт Михаил — Финансты ми- нистр. 3. Мамиаты Ильяйы фырт Барис (Батырбег) — Мидхъуыд- дæгты министрады сæрмагонд хайады хицау (министры æмвæзадыл нымад; уыди Мæскуыйы дæлбар). * * * Ивгъуыд XX æнусы нын нæ мыггаджы хуыдтой дохтырты мыггаг. Сæ нымæц 27-æй ахызти, хуымæтæг медицинон хойæ райдай æмæ профессоры онг. Уыцы дохтырты стыр къорды уæлдай бæрæгæй зынынц нæ фыццаг фæдисон Батырбег, стæй зындгонд терапевт Солæмон. Уæдæ иу хæдзары бинон- тæй 8 дохтыры уа, уыцы æнахуыр рекорд та сæвæрдтой Ма- миаты Барисы (хæдзары номæй — Копаты) бинонтæ. Мыггаджы минæвæрттæ аккаг бавæрæн хæссынц ахуырад æмæ наукæйы къабæзтæм дæр: Мамиты Иласы фырт Герас — техникон наукæты доктор, профессор, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны наукæйы сгуыхт архайæг; 200 иртасæн куыстæй фылдæры автор, уыдонимæ 20 бæрц монографитæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ. Мамиаты Владимириы чызг Изетæ — филологион наукæ- ты кандидат, ЦИГСИИ-ы хистæр наукон кусæг, 140 иртасæн куыстæй фылдæры автор, уыдонимæ ирон литературæйы про- блемæтыл фыст моногафитæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ. Мамиаты Эрнесты фырт Михаил — историон наукæты кандидат, ЦИПУ-йы цур Истори æмæ археологийы институ- ты хистæр наукон кусæг, Ирыстон-Аланийы чырыстон дины сæвзæрды истори, йæ традицитæ, йæ кувæндæтты тыххæй иртасæн куыстыты автор. Мамиаты Георгийы чызг Джульеттæ — филологион наукæ- ты кандидат, ЦИПУ-йы хистæр ахуыргæнæг. Мамиаты Эльбрусы чызг Маринæ — экономикон наукæты кандидат. Мамиаты Эрнесты чызг Ия — педагогон наукæты канди- дат. Æмæ ма бирæ æндæртæ. 31
* * * Нæ мыггаг æнувыд æмæ зæрдæргъæвд у ирон аивадмæ дæр. XX æнусы 30-æм азты Цæгат Ирыстоны радиокомитеты уыдис сæрмагонд хор, йæ архайджытæ концерттимæ зылды- сты Ирыстоны хъæутыл. Ацы хоры солист æмæ композитор уыди Мамиаты Елдзарыхъо, стыр хъыгагæн, 1937 азы æнах- хосæй фесæфт. Тугъанты хъуыстгонд бæхылбадджыты къорды фидыц уыди Мамиаты Агуыбейы фырт Махарбег — Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист. Мамиты Илойы фырт Димитри — кино æмæ драмон теа- тры номдзыд актер, Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист. Мамиаты Махарбег Мамиты Илойы фырт Димитри æмæ Гаглойты Варварæ Къостайы поэмæ «Фатимæ»-йы бындурыл æвæрд спектаклы 32
Мамиаты Валентин (Валик) Мамиты Григорий (Гри) Дон Жуаны ролы. Мольеры пьесæйы бындурыл æвæрд спектаклы премьерæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмтеатры. 2021 азы, июль Мамиты Сослан *з
Мамиты Петры фырт Григорий (Гри) — Щукины номыл институты рауагъдон, Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артист, киностуди «А11опРПт»-ы режиссер. Мамиаты Хадзымæты фырт Валентин (Валик) — ирон кафты дæсны, фæсивæды аивадмæ курдиатджын разæнгард- гæнæг, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг. Мамиты Петры фырт Сослан — паддзахадон ансамбль «Алан»-ы солист, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон ар- тист. Уæдæ нæ республикæйы цæрджытæй чи нæ фехъуыста фыццаг профессионалон фæндырдзæгъдæг, Цæгат æмæ Хус- сар Ирыстоны адæмон артисткæ, Мамиаты Хъамболаты чызг Замирæты ном! Бирæ æрыгон чызджыты сахуыр кодта уый фæндырæй цæгъдын; афтæ зæгъæн ис, æмæ йæхæдæг иунæ- гæй бацæттæ кодта фæндырдзæгъдджыты æнæхъæн скъола. Замирæт уый тыххæй, æнæмæнг, у сæрмагонд ныхасы аккаг. ИРОН АИВАД - ЙÆ ЦАРДЫ СТЫРДÆР БÆЛЛИЦ Нæ рагфыдæлтæй нын цы- сфæлдыстадон бынтæ баззади, уыдон сты нæ адæмы зæрдæйы уидæгтæ. Хицæн бынат ахсы уым ирон фæндыр. Æвæдза, цы диссаджы хъару йæм ис, цы алæмæтон сты йæ миниуджытæ! Фæндыры кæлæнгæнæг зæлтæ — сабийæ зæронды онг — уацары исынц зæрдæтæ. Арæх фенæн вæййы, фыццаг къахдзæфтæ чи акодта, уыцы гыццыл саби дæр фæндыры цагъдмæ йæ фæлмæн гуккытæ куыд фæхъил кæны æмæ йæхи куыд батилы... Уый иронæн йæ туджы ис, Хуыцауæй лæвæрд ын у. Нæ таурæгъон раг- фыдæлтæ, Нарты гуыппырсартæ хуымæтæджы нæ загътой: «Иууылдæр цагъды куы фæуæм, уæддæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн! Уымæй чи цæгъда æмæ мах ном чи мыса, уый уыдзæн нæхион». ^Аивадмæ, уæлдайдæр ирон фæндырмæ, нæ адæм рагæй дæр иттæг разæнгард æмæ цымыдис сты. Æнæ ирон фæндыр махмæ никæцы циндзинад фидауы. Алы фæлтæрты алы 34
хъæуæн дæр уыдис йæхи уарзон фæндырдзæгъдджытæ, стыр аргъ сын кодтой канд сæ хъæубæсты нæ, фæлæ æгас Ирысто- ны дæр. Йæ рæстæджы чи нæ зыдта, абон та йæ хорзы кой чи нæ фехъуыста елхотаг Мерденты Хъайсынæн! XIX æнусы цæ- рæг, фæстæдæр Къубалты Алыксандры поэмæйы персонаж чи сси, уыцы Куырм Бибойау, уый дæр хъысмæтæй æфхæрд баййæфта, цæсты рухсæй фæцух и. Фæлæ йæ уæддæр Хуы- цау æндæрæрдыгæй барæвдыдта, фæхайджын æй кодта æвæджиау курдиатæй, æмæ дзы стыр хъуыстгонд фæндыр- дзæгъдæг рантысти. Йæ æнгуылдзты змæлд кæд цæстæй нæ уыдта, уæддæр æй зæрдæйæ тынг æввахс æнкъардта. Елхоты хъæуы иннæты рæнхъы бæлвырд бæрæг дардтой Мамцаты Хъамболаты бинонтæ: ам хъомыл кодта фараст чызджы — фараст фæндырдзæгъдæджы — æмæ сæ иунæг æф- сымæр Тæтæри. Елхоты æнæ Мамиаты чызджыты фæндыр- дзагъдæй иу чындзæхсæв, иу циндзинад дæр нæ хицæн кодта. Се ’гасæй æвзыгъддæр разынди, хоты кæстæр Цæмæнхъуы- ды уæле чи уыди, уыцы Замирæт. Уæвгæ сæ æрдзон курди- атæй цух ничи æййæфта. Аивадмæ æмхиц уыди сæ фыд Хъамболат дæр — хъæл- дзæг æмæ дзуапджын лæг. Фæндыры мелодитæ дзыхæй афтæ хорз цагъта, æмæ-иу чызджытæй исчи мелодийы кæцыдæр фæзилæны куы фæрæдыди, уæд-иу æй фæурæдта, ам раст нæ ацагътай, зæгъгæ. Æмæ-иу æй, куыд æмбæлди, афтæ йæ- хæдæг дзыхæй ацагъта. Хъамболат ма ноджы уыди дæсны зарæггæнæг, таурæгъгæнæг æмæ кадæггæнæг, дзырддзæугæ æхсæны лæг. Хæдзары зылдтытæ дæр заргæйæ кодта. Изæрыгæтты-иу бинонтæ куы æрбамбырд сты, уæд-иу сæ фыды алыварс атыгуыр сты, æмæ сын кодта алыхуызон тау- рæгътæ. Афтæ зæгъæн ис, чызджытæ, сæ фыды дзыхæйцагъд- мæ хъусгæйæ, се ’ргом фылдæр аздæхтой фæндыры зæрдæ- скъæфæн мыртæм, æмæ сæ æрдзон курдиат дæр тагъддæр райхæлди. Курдиат Хуыцауæй лæвæрд вæййы, фæлæ йыл æппынæдзух кусын хъæуы, науæд бамынæг уыдзæн, диди- нæгыл дон куы нæ кæнай, уæд куыд бахус уа, афтæ. Фыд сæ бынтон куы сцымыдис кодта фæндырæй цæгъ- дынмæ, уæд æй уыдон дæр нал уагътой, дзæбæх фæндыр нын балхæн, зæгъгæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ сæ бæллиц 35
сæххæст. Уæдæй фæстæмæ Хъамболаты хæдзарæй фæндыры зæлтæ зæрдæскъæфт кодтой сыхы æмæ хъæубæсты фæсивæ- ды. Елхоты иууылдæр зыдтой Мерденты æмæ Мамиаты куыд уарзон, зæрдæхæлар сыхæгтæ. Изæрыгæтты-иу фæс- куыст Мерденты дуармæ сæмбырд сты хъæуы фæсивæд. Хъайсын-иу сын хъазт сарæзта. Адæм кафыдысты, зары- дысты, кæрæдзийыл цин кодтой, сæ хъæлдзæгдзинадæй æрдз дæр хъæлдзæгдæр зынди. Гыццыл Замирæт-иу Хъай- сынмæ æввахс бабадт æмæ йын лæмбынæг, цымыдисæй каст йе ’нгуылдзты æнахуыр рæвдз змæлдмæ. Уыйбæрц арф-иу аныгъуылд фæндырдзагъды уылæнты, æмæ-иу йæ гыццыл æнгуылдзтæ уæраджы сæрыл куыд срæуæг сты, Хъайсыны æнгуылдзтæ фæзмгæйæ, уый-иу йæхæдæг дæр нæ бамбæрста. Фараст фæндырдзæгъдæг чызджы хæдзары уыцы рæ- стæджы уыдис иунæг зæронд фæндыры хæррæгъ. Замирæт æмæ йæ кæстæрмæ нæ хаудта, фæлæ-иу хотæй куы фæсæри- бар, уæд æй чызг иу уысм дæр уæгъд нæ уагъта. Хъайсынæй- иу цы ног мелодитæ фехъуыста, уыдон цалынмæ сахуыр код- таид, уæдмæ, куыд фæзæгъынц, хæргæ дæр æмæ фынæй дæр нæ кодта. Хъайсын та, Хуыцауæй йын цы стыр курдиат лæвæрд уыди, уый хъомысæй, зындгонд ирон цæгъдтыты æдде йæхæ- дæг дæр æрхъуыды кодта бирæ мелодитæ: «Дибæхан», «Елхо- таг», «Хъайсын», «Замирæт», «Хонгæ», «Симд», «Зилгæ» æ. æнд. Уымæй йе ’рмдзæф афтæ диссаг уыдис, æмæ йæ цæгъд- тытæ сæ мелоди æмæ интонацион скондæй цæхгæр хицæн кодтой кæрæдзийæ. Йæ курдиаты цæхæрæй сыгъта суинаг фæндырдзæгъдджыты зæрдæтæ. Замирæт дæр æм, иннæтæй уæлдай, бынтон æввахс, æвæццæгæн, уымæн бадти — цæмæй фæндыры зæлтæ парахатæй ивылдаиккой йе ’взонг уды рæ- бынтæм. Хъайсын, кæд цæсты рухсæй цух уыди, уæддæр Замирæ- ты тырнындзинад æмæ зæрдæргъæвддзинад зæрдæйæ æнæ- нкъаргæ нæ уыди æмæ йæм йæ хъус фылдæр дарын байдыдта. Йæхимæ йæ ноджыдæр æрбаввахс кодта æмæ йæ йе стыр фæлтæрддзинадæй æмæ æрдзон курдиатæй хайджын кодта. Зыдта, стыр сомбон æм æнхъæлмæ кæй кæсы, уый. 36
Уыцы уæззау æмæ мæгуыр рæстæджыты æрмæстдæр Хъайсынмæ уыдис хъуыстгонд мастер Столбовы конд дыу- уæрæнхъон фæндыр. Чызгфæсивæд иууылдæр цымыдис код- той Хъайсыны фæндырмæ, алкæйдæр фæндыди уыцы «дис- саджы» фæндыр йæ уæрджытыл æрæвæрын æмæ йæ зæрдиагæй айвазын, фæлæ йæ Хъайсын никуы никæуыл бау- уæндыд, æрмæстдæр Замирæтыл. Ууыл йæ зæрдæ дардта, æууæндыд ыл. Уыцы æууæнк æмæ хæлар зæрдæйы тавс фа- дат радтой Замирæтæн Хъайсынмæ ноджы æввахсдæр уæвы- нæн. Номдзыд музыкант сси йæ ахуыргæнæг. Фæстæдæр Замирæт йæ мысинæгты дзурдзæн, зæгъгæ, Мерденты Хъайсыны хорзы ^кой, йе стыр æрдзон курдиат зонгæ у уæрæх дзыллæтæн. Йæ ном айхъуыст Иры арæнты æдде дæр. Хъайсыны фæндырдзагъды стыр курдиат дисы æфтауы æппæт Цæгат Кавказы аивадуарзджыты æмæ аивады дæсныты. Цæгат Кавказы хуыздæр фæндырдзæгъдджытимæ йын уыдис хорз æмæ хъарм ахастдзинæдтæ. Зындгонд балхъай- раг фæндырдзæгъдæг Ужден Боташевимæ та æфсымæры цард кодта. Йæ фырт, балхъайраг фыссæг, Уæрæсейы аивæдты сгуыхт архайæг Исса Боташев уыйбæрц хæлар зæр- дæ дардта Хъайсынмæ, æмæ йæ фыды ирон æрдхорды но- мыл ныффыста кадæг «Кавказы стъалы». «Хъайсыны хæдзарæй æппынæдзух хъуысти ирон фæн- дыры рæсугъд, зæрдæроггæнæг зæлтæ. Уæлдай æхсызгонæй хъустæ ахстой уымæн йæхи æрхъуыдыгонд мелодитæ. Уыцы ног цæгъдтытæ мæ зæрдæйы цæмæдæр гæсгæ арфдæр бынат ссардтой. Хъайсын-иу, мæ фыдимæ сæмбæлгæйæ, арæх фæ~ дзæхста: "Хъусыс, Хъамболат, дæ чызг Замирæтæй стыр фæн- дырдзæгъдæг рантысдзæн, мацы хуызы йæ бакъуылымпы кæнай! Уый сомбон мæн раивдзæн"». Мерденты Хъайсыны аудындзинад æмæ цæстдард ахъаз- заджы хъомыс фесты Замирæты дарддæры сфæлдыстадон рæзтæн. Фæлæ уый йæхиуыл нæ фервæссыд, ноджы фыл- дæр куыста, æрдзæй йын цы музыкалон курдиат лæвæрд уыд, ууыл. 1931 азы Мæскуыйы Луначарскийы номыл Театралон ин- ституты (ГИТИСы) цур арæзт æрцыд ирон студи — уый уыди фыццаг национ студи не стыр Советон Цæдисы. Мæскуыйаг 37
къамис æмæ бынæттон культурæйы кусджытæ курдиатджын фæсивæды æхсæнæй равзæрстой иуæндæс чызджы æмæ ссæдз лæппуйы, æмæ сæ фæззæджы афæндараст кодтой ак- теры дæсныйад райсынмæ. Фæлæ дзы фыццаг курсы фæстæ, алы аххосæгтæм гæсгæ, æхсæзы ахуырæй ацух кодтой. Æмæ та агуырдтой, уыдоны чи раива æмæ сомбоны нæ адæмæн лæггадхъом чи уа, ахæм кандидаттæ. Ацы хуыздæрты ном- хыгъдмæ хаст æрцыди Мамиаты Замирæт дæр. Стыр фæл- тæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ райста ахуыры рæстæджы. Йæ уарзон Ирыстонмæ куы сыздæхт, уæд æй йæ фыццаг æнтыстытæ, йæ аив æмæ темпераментон цагъд æркодтой адæ- мон зард æмæ кафты паддзахадон ансамблмæ (абоны «Алан»- мæ). 1930-æм азты Цæгат Ирыстоны кафджыты паддзахадон ансамбль аразынвæнд куы скодтой, уæд нæ сагсур фæсивæ- дæн фæндырдзæгъдæгæй æрцагуырдтой Мамиаты Замирæ- ты, фæстæдæр та ма Милдзыхты Верæйы дæр. Æртæ азæй фылдæр профессионалон коллективы фæкусгæйæ, Замирæт, куыд фæндырдзæгъдæг-музыкант, афтæ дзæвгар фæбæр- зонддæр кодта йæ фæлтæрддзинад. Йæ аив фæндыры зæл- тæм кафыдысты Ирыстоны кафты дæснытæ Бирæгъты За- уырбег, Сопойты Батырбег æмæ æндæр хъуыстгонд артисттæ. Стыр Советон Цæдисы бирæ горæтты равдыстой сæ арæхст- дзинад, ирон рæсугъд кафт æмæ ирон фæндырдзагъдæй дисы æфтыдтой алы адæмыхæттыты минæвæртты. Замирæты репертуар уыдис иттæг хъæздыг æппæт Кавка- зы адæмты мелодитæй дæр. Бирæ тых æмæ рæстæг хардз кодта канд концертон программæтыл нæ, фæлæ ма æхсæна- дон-музыкалон архайды дæр, æххуысмæ кæддæриддæр, хорз зиууонау, уыди цæттæ. Хуссар Ирыстоны дæр кафт æмæ зарды паддзахадон ан- самбль (абоны «Симд») саразынвæнд куы скодтой, уæд кур- диатджын фæсивæд бæргæ æрбамбырд и, фæлæ фæндыр- дзæгъдæгæй къуылымпы æййæфтой. Ансамблы разамонæг Хуссары хъæутыл фæзылд, байхъуыста бирæ фæндырдзæгъд- джытæм, фæлæ дзы йæ домæнтæн дзуапп ничи лæвæрдта. Хорз цæгъды, зæгъгæ-иу фæкодта, фæлæ ма дзы «цыдæр» нæ’фаг кæны. Цалынмæ уыцы «цыдæрыл» нæ фæхæст уон, уæдмæ зилдзынæн, агурдзынæн. Фæстагмæ сфæнд кодта йæ «амонд» Цæгат Ирыстоны бавзарын. Мамиаты Замирæты 38
хорзы кой, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссармæ дæр бахæццæ и, фæлæ зæрдæ нæ дардта йе сразыйыл. Ам дæр та фæзылд хъæутæ, горæттыл, — йæ карз домæнты аккаг та дзы нæ ра- зынд. Сфæнд кодта Замирæтимæ аныхас кæнын, нæ тыхст уавæр нын кæд бамбарид, зæгъгæ. Уæлдæр хицауадæй дæр кæимæдæрты æрдзырдта йæ курдиаты фæдыл. Замирæт сын сæ ныхасмæ лæмбынæг байхъуыста, йæ па- триотон зондахаст æмæ хи адæммæ уарзондзинад фæтых- джындæр сты, æмæ сразы ис йæ хуссайраг хотæ æмæ æфсы- мæртæн сæ тыхст сахат баххуыс кæныныл. Уыйадыл абалц кодта Хуссар Ирыстонмæ. Ансамблы фæндырдзæгъдæгæй кусгæйæ дзы сомбон дæр рох нæ кодта. Хорз æй æмбæрста, абон уа, райсом уа, уæддæр ног фæлтæр кæй хъæудзæн. Æр- бахонын кодта къорд зæрдæргъæвд чызджы æмæ сæ ахуыр кæнын райдыдта фæндырдзагъды сусæгдзинæдтыл. Ансам- блæн цæгъдгæйæ-иу сæ йæ фарсмæ сбадын кодта, фæскуыст та сын сæхи цæгъдын кодта, цæмæй фæцалх уой, сæ архай- дæй разы уыд. Замирæты арæхстдзинад адæмы дисы æфтыдта, йæ цагъд хицæн кодта бæрзонд техникон цæттæдзинадæй, ритмикон æнаипдзинадæй. Йæ хорзы кой айхъуыст æппæт Кавказыл дæр. Замирæт Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамблæн фæндырдзæгъдджытæ куы бацæттæ кодта бынæттон чыз- джытæй, уæд 1958 азы æнцой зæрдæимæ æрыздæхт Цæгат Ирыстонмæ. Бирæ аулæфыны фадат ын нæ фæци. Уыцы рæстæджы хъуыстгонд балетмейстер Уарзиаты Хаджысмел куыста Рес- публикон адæмон сфæлдыстады центры директорæй. Цыдæ- риддæр хихъæппæрисадон къордтæ уыди республикæйы, уы- дон уыдысты ацы центры дæлбар, сæ архайд дæр уыдис Хаджысмелы цæстдардæй. Хихъæппæрисадон кафджыты къорды æхсæн уыди профтехахуырады ансамбль «Терк». Ан- самблæн зæрдæмæдзæугæ фæндырдзæгъдæг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ Хаджысмел æрбахуыдта Мамиаты Замирæты. Дзæвгар рæстæг дзы æнтыстджынæй фæкуыста, ансамблы кад айхъуыст дардыл. Республикон конкурсы «Терк» бацах- ста фыццаг бынат, уый та йын фадат æмæ бар лæвæрдта балцæг райсынмæ Мæскуымæ, Цæгат Ирыстоны аивад æмæ литературæйы декадæмæ. 39
Сæхи зæрдиагæй цæттæ кæнын райдыдтой, фæлæ ма сæ фадат домдта ноджы иу фæндырдзæгъдæг. Замирæт, ансам- блимæ куысты æдде, ам дæр æрыгон чызджыты ахуыр кодта фæндырдзагъды сусæгдзинæдтыл. Уыцы ахуырдзауты æх- сæн фыццаг бонтæй фæстæмæ йæ цæст æрæвæрдта бынтон æрыгон — 14-аздзыд хæдæфсарм чызг Мыстулаты Иринæ- йыл. Уыдта йын йæ æрдзон курдиат æмæ куыстуарзондзинад, йæ тырнындзинад аивады бæрзæндтæм æмæ йæ зæрдæ дард- та, ацы чызгмæ рæсугъд æма егъау фидæн кæй æнхъæлмæ кæсы, ууыл. Декадæмæ ацæуыны размæ ныхас дыккаг фæн- дырдзæгъдæгыл куы рацыди, уæд Замирæт уæндонæй, æнæ- дызæрдыгæй загъта Иринæйы ном. Дзæвгар рæстæг ма репетицитæ фæкодтой æмæ срæвдз сты декадæмæ цæуынмæ. Фæстаг бонты Хаджысмел йæхæ- дæг архайдта ансамблы репертуар райсыны къамисы. Йæ карз домæнты аккаг разындысты, уæлдайдæр фæндырдзæгъд- джытæ. Хаджысмел-иу арæх дзырдта, зæгъгæ, кафæгæн йæ æнтыстдзинад æмæ йæ аив змæлд фылдæр аразгæ у фæн- дырдзæгъдæгæй. Сæ балц рауад иттæг хорз. Концертмæ кæсджытæ сæ иу- уылдæр разыйæ баззадысты, рæсугъд мысинæгтæ сын ныу- уагътой сæ зæрдæты. Уæдмæ та Дзæуджыхъæуы цæрджытыл сæмбæлд цины хабар. Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Ногдзауты галуан йæ дуæрттæ байтыгъта цардбæллон кæстæр фæсивæ- дæн. Æнтыстджынæй дзы сæ куыст райдыдтой алыхуызон кружоктæ æмæ къордтæ. Сæйрагдæр та кафт æмæ зарды къорд «Маленький джигит». Ардæм дæр та фыццаг фæн- дырдзæгъдæгæй æрбахуыдтой Мамиаты Замирæты. 1958 азæй дзы 1975 азмæ æнтыстджын æмæ зæрдæрайæ фæкуы- ста. Цас фæсивæдæн бауарзын кодта ирон фæндыры зæлтæ! Цас фæсивæд фæкафыдысты ирон аив, уæздан «хонгæ» кæнæ дунейыл хъуыстгонд, адæмæн уарзон «симд»! Симд ма фæхо- нынц «уарзæтты кафт» дæр. Æвæдза, Замирæты «симды» цагъдмæ кафгæйæ, цал æрыгон уарзæгой зæрдæйы дидинæг райкæлди æмæ цал æнкъараг уды баиу сты æнустæм! Ахæм у ирон фæндыры кæлæнгæнæг зæлты миниуæг. За- мирæт сæ Иры зæххыл фæтыдта æнусы æрдæгæй фылдæр, 40
Мамиаты Замирæт æмæ Мыстулаты Иринæ æмæ йын йæ ном рох кæнын нæ уадзынц. Мамион Замирæт а зæххыл дзæгъæлы кæй нæ фæцард, уый — хурæй бæрæг- дæр, йæ фæстæ ныууагъта Æрфæны Фæдау ирд фæд. Дзæгьæ- лы нæ фæзæгъынц, адæймаг цæры, цалынмæ йæ, йæ фæс- тæ чи баззади, уыдон мысой, хъуыды йæ кæной, уæдмæ. Замирæт абон дæр цæры не ’хсæн, уымæн æмæ йæ мы- сынц, лæгæй-лæгмæ йæ чи нæ зыдта, уыдон дæр. Уæдæ аива- ды рындзмæ схизынмæ цы бирæ фæсивæдæн баххуыс код- та, уыдон дзы абон аккаг бынат ахсынц. Æппæты бæрзонддæр къæпхæнмæ та схизын бафæрæзта Ирыстоны уарзон хъæ- бул, Уæрæсейы сгуыхт артисткæ, Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ, дзæнæты бадинаг Мыстулаты Иринæ. Иринæ йæхæдæг дæр Замирæты нымадта йæ ахуыргæ- нæг-зондамонæгыл. Фæстæдæр йæ мысинæгты дзурдзæн: «Замирæты кой рагæй хъуыстон, радиойæ йын йæ фæндыр- дзагъд фæлхат кæныныл архайдтон. Иу заманы мын куы ра- фæзмыдтой, Замирæты, дам, дæ фæндыры цагъдмæ байхъу- сын фæнды, уæд мын, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон уыди, иннæрдыгæй та мæ цавæрдæр тасдзинад бацыди. Кæмдæр æфсæрмы дæр кодтон, æвæццæгæн: ныр, зæгъын, Ирыстоны хъуыстгонд, профессионалон фæндырдзæгъдæджы 41
раз æз куыд.ацæгъдон. Фæлæ мæм уыцы уæздан, фæлмæн ныхас куы скодта, уæд мæ тасдзинад æрбайсæфти. Ацæгъ- дыны фæстæ ма мæ куы раппæлыд, уæд бынтондæр фæ- ныфсджындæр дæн, раст мыл цыма базыртæ базад, æмæ йæм цæугæ нæ, фæлæ тæхæгау кодтон. Фæстæдæр концер- тон программæты иумæ дæр архайдтам. Йæ амынддзинæдтæ æмæ нæ иумæйаг куыст бæлвырд ахъаз фесты мæ дарддæры рæзтæн». Замирæт йæ рæстæджы нымад æрцыди фыццаг професси- оналон фæндырдзæгъдæгыл. Алы ныййарæг дæр йæ чызджы уыдта Замирæты хуызæн ирд стъалыйæ, æмæ кодтой сæ хъæ- булты уый æвджид, кæд йæ фæлтæрддзинад æмæ курдиатæй фæхайджын уаид, зæгъгæ. Ирыстоны уæды кадджындæр хистæртæй иу Мæрзойты Хъазыбег дæр ыл йæ дыууæ чызджы уымæн бафæдзæхста. Кæд сæ стыр фæндырдзæгъдджытæ нæ рауад, уæддæр сæхи фаг хорз базыдтой цæгъдын æмæ абон дæр зæрдæрайæ æры- мысынц сæ ахуыргæнæджы рухс ном. Замирæты фæндыры цагъдæн Ирыстоны алы къуымы дæр цы ахадындзинад æмæ нысаниуæг уыди, уымæн æвди- сæн кировыхъæуккаг Туаты Сергейы мысинæгтæ. Фыдыбæ- стæйы хæсты архайæг, уый йæхæдæг дæр уыди алывæрсыг курдиаты хицау, аивадмæ — æмхиц. Иттæг хорз зарыди ирон хъæбатырты зарджытæ, уæлдай дæсны та уыдис кафынмæ. Сергейæн йæхи ныхæстæм гæсгæ, тынг уарзта Мамиаты За- мирæты фæндыры цагъдмæ кафын. Уыцы æвæджиауы кур- диат æм цы стыр цымыдис æмæ сыгъдæг уарзондзинад æвзæ- рын кодта, уый Сергей равдыста йæ иу æмдзæвгæйы; мыхуыр æй кæнæм. Фæндыры зæлтæ Мамиаты Замирæтæп Бæллиццаг сæнттæ, — Рæсугъд изæртæ. Лæппуйы зæрдæ — Фæндыры зæлтæ. 42
Æрттивынц зæххыл Бæрзонд къæдзæхтæ. Сæууон кæрдæгыл — Зæрин æндæхтæ. Цæвджыты къуыззитт, Æхсæрдзæны хъæр. Дæ фæндыр куы сси Дзыллæйы уынæр. Рæубазыр уддзæф, Чындзхасты хъæртæ. Ыскъæфы уæлдæф Дæ цагъды зæлтæ. Æнæ базырæй Нæ тæхы маргъ дæр. Æрцæгъд фæндырæй, Уæд рог у уаргъ дæр. Мæ даргъ фæндагыл Куы мæлон искуы, — Мæ царды тагыл Ды ма кæн рисгæ. Æрмæст-иу айваз Дæ фæндыр рогæй, Æмæ та райгас Уыдзынæн ногæй. 1971 аз Уæлдай цымыдисаг сты, аивадмæ комкоммæ бар чи дары æмæ аивады бæркадджын къæбицы æвæджиауы æвæрæнтæ кæмæн ис, уыдоны мысинæгтæ. Ивгъуыд æнусы 50—60-æм азты ирон аивадмæ тырнындзи- над цыма тыхджындæр уыдис, цæмæндæр мæм афтæ кæсы. Нæ зонын, кæд рæдийын, уæддæр, фæлæ, æвæццæгæн, мæ кары адæмы домæнтæ, иуæй, фылдæр сты, иннæмæй та або- ны домæнтæн сæ хуыз æмæ формæ, сæ гæнæнтæ фæуæрæх- дæр сты. Мæ дуджы парахат æмæ æнтыстджын уыдысты пластинкæтæ патефонтимæ, чысыл фæстæдæр — радиоприем- никтæ, пластинкæтæ кæм цагътой, ахæмтæ. Абон та техникон прогресс, цивилизации размæ бырсынц. «Зæронд» хабæрттæ 43
цард йæхæдæг иуварс кæны. Пластинкæты бæсты фæзынди диск, флешкæ, дзыппыдаргæ телефон. Зæронд хабæрттæ, модæтæ рохуаты аззадысты, фæлæ уæддæр алы фæлтæры зæрдæ дæр агуры æмæ домы йæ ду- джы «уалдзæджы» фæндыры зæлтæ. Æмæ кæд бынтон арæх нæ, уæддæр рæстæгæй-рæстæгмæ радиойæ райхъуысынц, зæронд кæнын чи нæ комы, уыцы зарджытæ æмæ цæгъдты- тæ. Уыдонæй ма абон радиокомитеты фонотекæйы архивты кæд исты баззад, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, исты аирвæзт, уæд ацы комитеты рагондæр кусæг æмæ, æвæццæгæн, ацы хъуыддаджы иунæг специалист Газайты Зояйы удуæлдай куысты фæрцы. Æз ын мæ сæрæй ныллæг кувын йæ бирæ лæггад æмæ фыдæбоны тыххæй. Ахæм адæймæгтыл дзурын æмæ фыссын хъæуы фылдæр, цæмæй адæм зоной сæ хæрзгæнджыты. Зоя рæгъмæ цы рагон цæгъдтытæ æмæ радиобакастытæ рахæссы, уыдон, мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахъаз сты, куыд ивгъуыд мы- сынæн, афтæ абоны рæзгæ фæлтæры хъомылады хъуыдда- джы дæр — æнæ ивгъуыд нæй сомбон дæр. Æвæццæгæн, Газайты Зояйы радиобакастытæм уымæн зæрдиагæй фæхъусын. Мæ зæрдыл арæх æрлæууы, иу- фондз азы размæ радиойæ райхъуыст Зояйы фæлмæн хъæ- лæс. Ныхас цыд фæндырдзæгъдæг Мамиаты Замирæты тыххæй, æмæ иууылдæр хъустæ фестадтæн. Рагæй æмбырд кодтон Замирæты тыххæй æрмæг, фæлæ ницы уадиссаг къухы æфтыди. Ныр ацы радиобакаст — цæттæ æрмæг! Дыккаг бон схæццæ дæн радиокомитетмæ. Къадзаты Ста- ниславимæ бахостам Зояйы кусæн уаты дуар, бамбарын кодтон ме ’рбацыды сæр, мæ курдиат. Зоя бавдæлд æмæ ма мын, Замирæты тыххæй цы радиобакаст сарæзта, уый æдде дискыл рафыста æнæхъæн ссæдз, амæй-ай хуыздæр ирон зарджытæ, цыма йæ зонгæ кодта — иууылдæр мæ уарзон зарджытæ. Зоя цы ахсджиаг æрмæг бацæттæ кодта Мамиаты Зами- рæты тыххæй, уымæй ныр скъуыддзаг хæссын мæ очеркмæ. Радиобакаст райдыдта Замирæтæн йæхи фæндырдзагъдæй, комментаритæ йæм дæтгæйæ. «Ацы æнгуылдзтæ (Замирæты) фæндырæй фæцагътой 50 азæй фылдæр æмæ фæллад нæ зыдтой. Кæддæр ацы 44
æнгуылдзтæ уыдысты къаннæг æмæ пух. Фæскъæвда йе ’мгар чызджытимæ арæзтой æлыгæй дуртæ, змисæй амадтой мæсгуытæ, чысыл дойнаг дуртæй та кодтой зылын-мылын фæндæгтæ. Æппæты фыццаг йæ гыццыл æнгуылдзтæ фæндыры амо- нæнтыл аныдзæвдысты æхсæзаздзыдæй æмæ сæ уæдæй ныр- мæ цух нал суагътой, диссаджы мыртæ чи гуырын кæны, уыцы фæндыры амонæнты. Елхот рагæй дæр хъуыстгонд уыд йæ фæндырдзæгъдджы- тæй. Афтид Хъайсыны кой дæр фаг у. Ахæм хæдзар зын ссарæн уыд, дыууæ фæндырдзæгъдæджы кæм нæ уыдаид, фæлæ уæддæр фæндырдзæгъдджыты нымæцæй Мамиаты Хъамболаты хæдзар ахста фыццаг бынат. Фараст чызджы, фараст фæндырдзæгъдæджы, иуæй иннæ дæсныдæр æмæ арæхстджындæр, уæддæр Замирæт се ’ппæтæй ирддæрæй зынди, ирд æхсæв Бонвæрнон стъалы куыд бæрæг дара, афтæ. Замирæты цагъдмæ бирæ кафты дæснытæ фæкафыды- сты: Бирæгъты Зауырбег, Дзеранты Виктор, Сланты Æхсар- бег, Тогойты Наталья, Сопойты Батырбег, Хъесаты Маринæ, Суджиаты Георги». Ацы радиобакасты Замирæтæн йæхи хъæлæс дæр азæлы, æмæ æрымысы: æз, зæгъы, фæндыры хъæр кæцæй райхъуы- сы, уырдæм æнæфæзилгæ нæ фæвæййын. Хихъæппæриса- дон къордты репетицитæм уал аивæй байхъусын æмæ сын сæ цагъды цы аиппытæ раиртасын, уыдон сын зæрдæхæла- рæй бамбарын кæнын, стæм хатт сын æй мæхæдæг дæр ацæгъдын. Бирæ уарзын рæзгæ фæлтæры, уæлдайдæр аи- вадмæ æмхиц чи у, ноджы ирон фæндырмæ йе ’ргом бæл- вырд чи аздæхта, уыдоны. Мæнæн тынг æхсызгон у ахæм зæрдæргъæвд фæсивæд нæм кæй ис, сæ фидæн уыдзæн рæ- сугъд. Замирæтæн дзæвгар ахуырдзаутæ уыдис. Бирæты æхгæд курдиат райхалынæн баххуыс кодта. Йæ ахуырдзаутæ йæ иууылдæр хи мадау уарзтой, уый та сæ хи хъæбулты рæв- дыд кодта. Хур ма сæ кæуыл кæсы, уыдон ныр кары адæм сты, фæлæ тынг зæрдæхæларæй æрымысынц сæ ахуыргæ- нæджы. 45
Дзестелты Соняйы мысинæгтæй Замирæты мысгæйæ, цæстытæй дæр чи фæхуды æмæ фыр цымыдисæй, кæцыйæ райдайа, кæцы фæзилæн ахсджиагдæр у, уый дæр бæлвырд чи нал фæзоны æмæ та йæ сабибонтæ йæ цæстытыл кæмæн ауайынц, уыцы зæрдæхæлар ахуыр- дзау — Дзестелты Соня дзуры: «Замирæт уыдис æмæ у мæнæн мæ ахуыргæнæг, зондамонæг, сæйрагдæр та, мæ мады бæрц кæй уарзтон, уыцы сыгъдæгзæрдæ адæймаг». Уый хъуыстгонд фæндырдзæгъдæг, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, диссаджы уæздан ирон сылгой- маджы ныхæстæ. Соня Замирæты куыд адджын æмæ пара- хат зæрдæйæ мысы, уымæн, æвæццæгæн, ис бындур. Уый бæрæг уыдис йæ цæстæнгасыл нæ фембæлды рæстæг дæр, фæлæ уал ын йæхи рæсугъд æмæ бæллиццаг цардвæндагыл нæ цæст ахæссæм. Соня йæ наййарджытæн уыдис зæнæджы дыккаг. Йæ мад Разиат уыдис дæсны фæндырдзæгъдæг. Мады курди- атæй фæхайджын Сонядæр. Уый Ирыхъæуы 13-æм скъо- ламæ куы бацыд, уæд 10-аздзыдæй иттæг разæнгардæй ар- хайдта уымы хихъæппæрисадон къорды. 7-æм къласы ахуырдзау уæвгæйæ, ныридæгæн фæндырæй цагъта скъо- лайы кафджыты къордæн. 1957 азы Соня фыццаг хатт бакъахдзæф кодта Ногдзауты галуаны къæсæрыл æмæ уыд хъисджын оркестры архайæг. Уыцы иу рæстæг цыди на- цион кафты ансамбль «Маленький джигит»-ы репетици- тæм дæр. Ардæм æй æлвæстой Мамиаты Замирæты фæн- дыры зæлтæ. Соня 1963 азы скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта Хъæууон-хæдзарадон институты экономикон факультеты. Уыцы рæстæджы институты ансамбль «Горец» йæ тæккæ тæ- мæнтæкалгæ уыди, йæ аивадон разамонæг — Дойаты Асатин. Фыццаг курсæй фæстæмæ Соня уыд «Горец»-ы æвæллайгæ фæндырдзæгъдæг. 1965 азы ансамблимæ гастрольты уыдысты Кубæйы, фæ- стæдæр та Ростовы, Мæскуыйы, Болгарийы, Германы æмæ ма бирæ æндæр горæттæ æмæ бæстæты. Ие ’стыр арæхстдзинад æмæ ’æвæлмæцгæ фæллойы тыххæй 23-аздзыд Соняйæн 1967 азы лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы кадджын ном. 1988 азы Соня ногæй — Ногдзауты 46
галуаны ансамбль «Маленький джигит»-ы фæндырдзæгъдæг æмæ æнтыстджынæй йæ куыст кæны дарддæр. Рæзгæ фæл- тæрты зæрдæты гуырын кæны аивадмæ уарзондзинад. Ам гыццыл фæстæмæ фæзилæм, Соня ма скъолайы куы ахуыр кодта, уыцы бонтæм. 1960-æм азты Хетæгкаты Къо- стайы номыл клубæн сæ фæндырдзæгъдæг йæ куыстæй ацыд, æмæ клубы директор, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Гоки- нати Игорь Соняйы фæхуыдта сæ кафджыты къордæн фæн- дырдзæгъдæгæй. Ам кæддæр куыста йæ мад Разиат дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы ансамблы кæфтытæ уыдысты бирæ тыхджындæр, вазыгджындæр, йæ репертуар хъæздыг- дæр. Уыдæттæ фæндырдзæгъдæгæй домдтой фылдæр фæл- тæрддзинад æмæ арæхстдзинад, æмæ уæд бацыд Замирæтмæ ахуырдзауæй. Фæцыди йæм афæдзы бæрц, бацамыдта йын Кавказы адæмты цæгъдтытæ (кæсгон, цæцæйнаг, гуырдзиаг æ. а.д.). «Замирæт мæ канд фæндырæй цæгъдын нæ ахуыр код- та, — дзуры дарддæр Соня, — фæлæ не ’ппæтæй дæр домдта *&о**> 1чц'и Й>~Н- / 47
фыццаджыдæр æгъдау, æфсарм. Арæх-иу нын дзырдта, зæгъгæ, æппынæдзух дæр уæ зæрдыл хъуамæ дарат, сымах ирон чызджытæ кæй стут. Ирон чызг та рæсугъд æмæ зæр- дæмæдзæугæ у йе ’гъдауæй, йе фсарм æмæ уæздандзинадæй. Замирæт мæнæн уыдис хи мады хуызæн æмæ, мæнмæ гæсгæ, æппæт ахуырдзаутæн дæр. Æз æм йæ фыды номæй никуы дзырдтон, æрмæстдæр «тетя Замирæ», уый та — «моя девоч- ка». Ахæм хъарм æмæ уарзон ахастдзинæдтæ нын уыдис, цыма æмгæрттæ уыдыстæм. Тынг мыл аудыдта, алцæмæ дæр мæ разæнгард кодта. Суанг ма 10-æм къласы куы ахуыр кодтон, уæд Радиойы хæдзары баныхас кодта æмæ мæ арвыста, куыд йæ хуыз- дæр ахуырдзау, афтæ, æмæ ныффыстон цалдæр цагъды Венера Александровнæмæ. Фæстæдæр та мæм ногæй сæ- хæдæг фæдзырдтой, цæмæй та фылдæр цæгъдтытæ ныф- фысон. Уый уыди 1963-64 азты. Фæстæдæр ансамбль «Горец»-æн фæндырдзæгъдæгæй кусын куы байдыдтон, уæд æй бынтон æввахс зæрдæйæ банкъардтон, ахæм хъуыст- гонд ансамблæн æнæкъуылымпыйæ цæгъдын байдыд- тон Замирæты фæрцы æмæ æххуысæй. Уый мæ куы нæ бацæттæ кодтаид, уæд, æвæццæгæн, афтæ нæ сарæхстаин, уымæн æмæ уыцы рæстæджы «Горец» паддзахадон ан- самбль «Алан»-мæ æввахс лæууыд йæ кафты хæрзхъæд- дзинадæй, æмæ фæндырдзæгъдæгмæ дæр уыди фылдæр домæнтæ. Уыцы иу рæстæг, институты ахуыргæнгæйæ та мæ За- мирæт æрбакодта йæхимæ Ногдзауты галуанмæ. Уæд дзы директорæй куыста Гуыцмæзты Аркадийы чызг Аннæ, кафджыты ансамблы разамонæг та — ме ’мкъласон Кокай- ты Таймураз. Мæ цинæн кæрон нал уыд, базыртæ мыл базад, ме стырдæр бæллиц сæххæст, Замирæтимæ иумæ, фæрсæй-фæрстæм кæй цæгъддзыстæм, уымæй. Иумæ фæ- куыстам 1964-1972 азты. Уыцы азтæ уыдысты мæ царды адджындæр æмæ зæрдылдаринагдæр азтæ. Куыд фæзæ- гъынц, мæрдты дæр æмæ уæлæуыл дæр мемæ. Замирæт мын мæ алы гыццыл æнтыстдзинадыл дæр хи мадау цин код- та. 'Фыццаг грампластинкæ мын куы рацыд, уæд та мæ зæрдиаг арфæтæй фыццаг сбуц кодта мæхи «тетя Зами- рæ». Скодта мын зæрдылдарæн лæвæрттæ (сыгъзæрин 48
хъусцæджытæ). Абон дæр мын уыцы лæварæй зынаргъ- дæр æмæ адджындæр нæй. Алы бон дардæн сæ цæст нæ уарзы, фæлæ сæ куы бакæ- нын, уæд та ме ’рыгон бонтæ мæ зæрдыл æрбалæууынц, мæ сонт бæллицтæ мæ сæ базыртыл аскъæфынц мæ уалдзыгон рæсугъд бонтæм, æрымысын мæ уарзон ахуыргæнæг Зами- рæты. Мæ хъустыл азæлынц йæ фæлмæн, рæвдауæн ныхæ- стæ: "Моя девочка! Иди ко мне быстрее!" Мах дæр та карчы цъиутау йæ алыварс атымбыл стæм, фæлæ та йæм æз се ’ппæ- тæй æввахсдæр фæдæн. Мæ адджын мысинæгтæй куы фе- уæгъд вæййын, уæд та мæ цины цæссыгтæ сæрфын байдайын, уыдон та æнæ фæрсгæйæ згъорынц æмæ згъорынц, æмæ та мæм мидбылхудт фæзыны. Мæ цæстыты раз слæууы хурау рæсугъд ныв. Замирæ- ты цас хъуыды кæнын, куыстмæ никуы байрæджы кодта. Йе ’мкусджытæ-иу хъазгæйæ дзырдтой, Замирæтмæ гæсгæ уæ сахæттæ сраст кæнут, зæгъгæ. Куыстмæ-иу куы æрба- цыд, уæд-иу ыл сывæллæттæ карчы цъиутау сæхи бакалд- той, чи йæм хæстæгдæр баирвæза, уый амондджындæр, адджындæр хъæбыс ын акæндзæн, уый дæр сæ хи мадау рæвдыдта. Замирæт уыди, æрдзæй стыр курдиат лæвæрд кæмæн уыд, ахæм профессионалон фæндырдзæгъдæг. Уыдис ын йæхи къухайст фæндыры цъæттыл. Йæ цагъд ын никæцы фæндырдзæгъдджытимæ фæхæццæ кодтаид адæймаг. Уыди æргом, парахат зæрдæйы хицау, уарзон, алцымбарæг, зонда- монæг, хъомылгæнæг хистæр. Афтæ зæгъæн ис, Ногдзауты галуан фидыдта Замирæтæй: хæрзконд, рæсугъд, зæрдæхæ- лар, алкæмæн дæр баххуысмæ цæттæ, сывæллæтты та уарзта йæ удæй фылдæр». Ногдзауты галуаны Замирæтимæ дæргъвæтин рæстæджы ирон аивадæн зæрдиаг лæггад фæкодта Кокайты Таймураз дæр — Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг. 1957 азы, Таймураз ма 13-æм скъолайы 7-æм къласы ахуыр- дзау куы уыди, уæд йе ’мкъласон Дзанайты Олегимæ си- сты уæлахиздзаутæ, Ногдзауты галуан цы конкурс расидт ирон кафтæй, уым. Уæдæй абонмæ Ногдзауты галуанæй нал фæхицæн и. Хуымæтæг рæнхъон кафæгæй сырæзт ансамбль «Маленький джигит»-ы разамонæджы онг.
Кокайты Таймуразы мысинæгшæй Абон зæрдæхъæлдзæгæй æрымысы Таймураз: «Цас рыг фæныхъуырдтон ацы залы. Цал æмæ цал рæзгæ фæлтæры афæндараст кодтон царды уæрæх фæндæгтыл, аивады рæ- сугъддзинад сын сæ зæрдæты сæвæргæйæ. 1939 азы, хицауа- ды уынаффæйæ, Ногдзауты галуаны арæзт æрцыд ирон на- цион кафджыты ансамбль, фæндырдзæгъдæгæй йæм æрбахуыдтой Мамиаты Замирæты. Ансамблмæ истой сывæллæтты 8-аздзыдæй — 18 азы онг. Йæ фыццаг аивадон разамонæг уыдис Евгений Колесников. Дзæвгар рæстæджы фæстæ йæ мысинæгты фысдзæн: "Ан- самбль на сцеке представлял из себя многокрасочный цвет- ник из красивых национальных — русских, украинских, осе- тинских, грузинских, армянских костюмов. Звучание хора не уступало любому хору взрослых. Танцы детей еще боль- ше поражали зрителей четкостью и техничностью исполне- ния..." Колесниковы фæстæ ансамблæн аивадон разамонджытæ алы рæстæджыты уыдысты нæхи, ирон кафты дæснытæ: Шау- лохты Хазби, Дойаты Асатин, Цаболты Къоста, Битарты За- уырбег, Сопойты Руслан, Точиты Эльбрус æмæ иннæтæ. Фе- стиваль кæнæ исты конкурстæм цæттæгæнгæйæ та ма-иу сæрмагондæй æрхуыдтой Советон Цæдисы хъуыстгонддæр балетмейстерты: Тбилисийы Ногдзауты галуаны сæйраг ба- летмейстер Рубен Чохонелидзе, Воронежы паддзахадон ан- самблы сæйраг балетмейстер (йæ мыггаг ын нал хьуыды кæ- нын), дунейыл хъуыстгонд Махмуд Эсамбаевы кæфтытæ æвæрæг Грикурова æ. æнд. Ардыгæй райдыдтой аивады дунейы мæ фыццаг къах- дзæфтæ, ам уыди Замирæтимæ мæ фыццаг фембæлд æмæ нæ иумæйаг куыст къорд азы дæргъы. Диссаджы адæймаг æмæ дæсны фæндырдзæгъдæг уыдис Замирæт. Æз аивады, кафыны хайады базæронд дæн, бирæ фæндырдзæгъдджытæ федтон, бирæты цагъдмæ фæкафыд- тæн, фæлæ дзы Замирæты цагъд фæхæццæгæнæн никæимæ ис. Радиойы-иу куы райхъуыст Замирæты цагъд, — æз-иу æй æнæ гуырысхойæ базыдтон æмæ никуы фæрæдыдтæн абоны онг дæр. Уæлдай цымыдис æвзæрын кодтой йæхи æрхъуы- дыгонд цæгъдтытæ, уыдон бынтон хихæдхуыз уыдысты, ны- 50
мæцæй — дзæвгар, æцæг бæлвырд нæ зонын, хъахъхъæд æр- цыдысты æви нæ. Фæндырдзæгъдджытæ сæ профессионализммæ гæсгæ дих кæнынц хицæн къордтыл: иутæ хорз арæхсынц вокалон за- рæг цæгъдынмæ, иннæтæ индивидуалон мелодитæм, æртык- кæгтæ та афтæ цæгъдынц, æмæ æппындæр кафын куы нæ зонай, уæддæр уæнгтæ сæхиуыл схæцынц, зæрдæ кафын æр- цагуры. Замирæт æртæ хуызмæ дæр арæхсти, фæлæ уæддæр кафæгæн цæгъдынмæ фылдæр æмæ хуыздæр арæхсти, цæ- мæдæр гæсгæ мæм афтæ касти æмæ кæсы. Кæд, мыййаг, За- мирæты цагъдмæ кафын кæй сахуыр дæн, уый дæр исты ахъаз у. Æз никуы хъуыды кæнын, æмæ искуы йæ цагъд фæкъуылымпы ис æмæ кафæг йæ кафт кæронмæ нæ ахæццæ кодта. Фæлæ æндæр хабæрттæ уыди. Ис ахæм кафджытæ, хъы- гагæн, кæцытæ кафты музыкæ (мелоди) фаг æмæ хорз нæ фембарынц. Кафæг æмæ фæндырдзæгъдæг та иумæ æнгом баст сты. Дыууæ дæр финалмæ хъуамæ бацæуой иу ритмыл, иу дзæхстыл, фæлæ кафæг музыкæмæ фаг лæмбынæг куы нæ хъуса, уæд фæхæццæ вæййынц. Ахæм уавæрты-иу Зами- рæт йæ цагъд афтæ аив фæивта, æмæ-иу дыууæ дæр иу рит- мыл уыцы рæсугъд рацыдысты; æдде кæсæг æмæ хъусæг-иу уыцы фæивд æмбаргæ дæр нæ бакодта, афтæ зынди, цыма кафæг йæхæдæг фæцарæхсти». «Иу рæстæджы та, цавæрдæр фестивалмæ цæттæгæн- гæйæ, мысы дарддæр Таймураз, Тбилисæй æрхуыдтой сæ сæйраг балетмейстер Рубен Чохонелидзейы. Уый стыр фан- тазийы хицау уыди, цæугæ-цæуын æрхъуыды кодта Ногдза- уты хореографион сюитæ, схуыдта йæ «Футбол». Кафт спор- тимæ дæр баст уыди, ирон аивадимæ дæр, фæлæ йын сæрмагондæй цавæр мелоди сæвæра, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. Уыцы фарста æнæхъæнæй дæр Замирæтæн баргонд æрцыди. Цалдæр боны фæцархайдта, алы мелодитæ кæрæд- зиуыл бæтгæйæ, æмæ дзы уæддæр æртыккаг бон рантысти, Рубен цы агуырдта æмæ домдта, уыцы мелоди. Ныр залы дыууæрдæм рацу-бацу кæны, къухтæ кæрæдзи- уыл ныццæгъды æмæ та фæкæны: "Вот это гармонистка! На- стоящий музыкант! Для нее нет никаких преград в музыкаль- ном искусстве. Теперь ее музыку повезу с собой и дома тоже 51
поставлю свой знаменитый "футбол" — это моя давнишняя мечта". Чохонелидзе уыцы ног кафт сæхимæ Тбилисы æвæ- рынмæ æцæг хъавыд, фæлæ йын йæ мелоди сæ музыканттæ æрцахсын кæй нæ бафæрæзтой, уый аххосæй йæ фæндæй ницы рауад. Замирæт уыди профессионалон фæндырдзæгъдæг, æр- дзæй йын стыр курдиат лæвæрд уыдис. Уый нотæтæм гæсгæ нæ цагъта (мæ хъуыдыйæ, нотæтæ зонгæ дæр нæ кодта), фæлæ фæндыры зæлтæ ахста зæрдæйы тæгтæй. Замирæт сывæллæтты куыд уарзта, уый хуымæтæг ны- хæстæй зæгъын дæр зын у. Уыди-иу ахæм цаутæ, сывæлло- нæн хæдзары йæ зæрдæйы уаг фехæлдæуыд, æнкъард, мæстджынæй бады. Фæлæ-иу Замирæт куыддæр фæзынд, уыцы мидбыл худгæйæ, æмæ сæм-иу фæдзырдта: "Мои кра- савицы! Мои любимые! Мæ гыццыл дзибатæ, разгъорут ма мæхимæ". Йæ дзыхæй-иу цавæр рæвдауæн ныхас не схауд- таид, æмæ та-иу сывæллæттæ атыгуыр сты Замирæтыл, фæхъæбыстæ сын кодтаид, æмæ-иу худгæйæ, зæрдæхъæл- дзæгæй репетици кæнын райдыдтой. "Аивад æнкъард зæр- дæйы уаг нæ уарзы æмæ нæ быхсы", — арæх-иу дзырдта Замирæт. Тынг æнувыд ыл уыди коллектив, уæлдай тынгдæр та сы- вæллæттæ, йæхæдæг дæр сæ мады рæвдыд кодта. Сывæллæт- ты йæ уды бæрц кæй уарзта, уый йæ алы змæлд æмæ цæ- стæнгасыл дæр зынди. Уæд та иу цавæрдæр ахсджиаг цауы тыххæй Тбилисы Ногдзауты галуаны сæйраг балетмейстр Рубен Чохонели- дзейы æрхуыдтой. Уый сын фæндон бахаста, цæмæй кафджы- ты ансамблимæ саразой вокалон-инструменталон ансамбль дæр. Уыйбæрц зæрдæргъæвд сывæллæттæ дзы æрбамбырд, æмæ се ’нтыстдзинæдтæй цыбыр рæстæгмæ зæрдæ рухс код- той. Разамонæг сын уыди Кумов, уый та цæмæдæр гæсгæ фылдæр уырыссаг зарджытæм æргомыздæхт уыди. Уыцы рæстæг хуынды гæххæт ссыди Мæскуыйæ — Ирон аивад æмæ литературæйы декадæйы бонты архайынмæ. Дыууæ ан- самблы дæр, иу коллектив уæвгæйæ, сæхи разæнгардæй цæт- тæ кодтой. Композитор Плиты Христофор ныффыста диссаджы ног зарæг «Маленький джигит», фæстæдæр суыдзæн адæмон 52
зарæг. ВИА Христофоры зарæг йæ репертуармæ бахаста. Ит- тæг цæттæйæ сæмбæлдысты декадæйы бонтыл. Кæронбæттæн концертмæ æрбацыдысты Советон Цæдисы ЦК фыццаг секретарь Н.С. Хрущев, фæсарæйнаг паддзахæд- ты разамонджытæ æмæ нæхи Республикæйы 1-аг секретарь. Раздæр уал сценæмæ рахызтысты æрыгон артисттæ. Лазарты Леня æмæ Гусаты Оледжы цъæхснаг хъæлæстæ айзæлыды- сты Кремлы концертон залы — ам фыццаг хатт айхъуыст Христофоры зарæг. Уыцы зарæгæй равзæрд нæ ансамблы ном дæр, æмæ йыл абоны онг ныффидар и «Маленький джи- гит». Сæ хæдфæстæ райхъуыстысты Замирæты фæндыры кæ- лæнгæнæг зæлтæ. Доны хъазтау раленк кодтой зæды хуызæн чызджытæ. Уалынмæ та Замирæты фæндыр хохаг кафт куы ныццагъта, уæд се ’взыгъд уæнгты цæхæркалгæ змæлдæй залы бадджытæ зæрдæскъæфт фесты. Уазæгæй, фысымæй, иууылдæр лæугæйæ æмдзæгъд кодтой. Сывæллæттæ, сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, аивæй равдыстой сæ ирон адæмы цæсгом, сæ аивад, сæ культурæ. Декадæйы фæстæ дæр ма Республикæйы Ногдзауты Галуаны номыл цы- дысты хуынды гæххæттытæ: «Приглашаем ансамбль "Ма- ленький Джигит" для участия...» Æмæ кæм нæ балæууыдысты Уæрæсейы, Советон Цæ- дисы алы къуымты, фæсарæйнаг бæстæты; Замирæты фæндыры зæлланггæнаг мыртæ кæцæй нæ райхъуысты- сты! Уæгъд рæстæджы та-иу ансамблы архайджытæ зыл- дысты сæ фысым-горæтты историон, зæрдылдарæн бынæт- тыл. Замирæт дæр сæ цух нæ уагъта, уæлдайдæр чызджыты. Арæх дзураг уыди: "Кафын сахуыр кæнын кæнæ фæндырæй цæгъдын, уый сæйрагдæр нæу. Алы ахуыр- гæнæг дæр хъуамæ уа хъомылгæнæг. Æрмæстдæр уæд рауайдзæн нæ чызджытæй хорз мадæлтæ, нæ лæппутæй — хорз фыдæлтæ". Сæ алы улæфты рæстæг дæр сын сæ зæрдыл лæууын код- та: "Хъусут чызджытæ, лæппутæ! Иу уысм дæр уæ рох ма кæнæд, сымах ирон кæй стут. Ирон та фидауы æгъдау æмæ æфсармæй. Мах сценæйы æвдисæм нæ ирон аивад, уынджы та нæ ирон рæсугъд æгъдау æмæ æфсарм". 53
Гуыцмæзты Аннæйы мысинæгтæй «Ногдзауты Галуаны разамонæгæй мæн снысан кодтой 1965 азы. Бирæ куыст дзы уыдис. Арæзтад къуылымпытæ- гæнгæ цыди, æмæ дзæвгар рæстæг мæхæдæг дæр фæкуыстон аразджытимæ, цæмæй тагъддæр лæвæрд æрцæуа ахсджиаг объект. Кусын куы райдыдта Ногдзауты Галуан, уæд дзы фæн- дырдзæгъдæг уыди Мамиаты Замирæт — фыццаджыдæр дис- саджы æргом æмæ зæрдæхæлар адæймаг, цæстуарзон, уый фæстæ та стыр профессионалон фæндырдзæгъдæг. Хорз фæндырдзæгъдджытæ бирæ уыд, абон та ноджы фылдæр, фæлæ дзы Замирæтимæ никæй ис абарæн. Уыцы-иу мелоди, зæгъæм "симд" кæнæ "хонгæ" цагъд, Замирæты æнгуылдзты бынæй хъуыст бынтон æндæрхуызон, зæрдæйы цæмæдæр гæсгæ арфдæр хызти, кафæджы уæнгтæ тынгдæр змæлын кодта. Уыди тынг хъæлдзæг адæймаг, алы хъуыддаг дæр бæлвырд æмæ зæрдиагæй кодта. Арæх-иу дзырдта: "Адæй- маг цыфæнды гыццыл хъуыддаг куы араза, уæддæр афтæ — фыццаг уал дзы дæхæдæг разыйæ куыд баззайай, уый фæстæ та — адæм". Къорд азы иумæ фæкусгæйæ йæм бафиппайдтон иу ахс- джиаг миниуæг. Уыцы дæргъвæтин рæстæг уый фондз мину- ты дæр никуы байрæджы кодта. Нæ кусджытæ-иу хъазгæйæ кæрæдзийы мæстæй мардтой, Замирæтмæ гæсгæ сахæттæ бæлвырдгæнæн ис, зæгъгæ. Сывæллæттæ йæ куыд уарзтой, стæй сæ йæхæдæг дæр мады рæвдыд куыд кодта, уый та сæр- магонд ныхасы аккаг у, уымæн æмæ ахæм хъарм зæрдæйы уаг арæх фенæн нæй». Елхоты Андиаты Мæхæмæтмæ (Ирыстоны хъуыстгонд журналистмæ) мойгонд куы уыди, уæд ын сыхы сывæллæт- тимæ цы хæлар ахастдзинæдтæ уыди, уый тыххæй та мын радзырдта сæ раздæры сыхаг Ходы Руслан. Ходы Русланы мысинæгтæй «Нæ сыхы сывæллæттæ бирæ уыди, æмæ-иу Замирæт куы- стæ!й куы æрцыди, уæд сæм афтид къухæй никуы здæхти. Бирæ нæ, уæддæр-иу алкæмæндæр фæйнæ къафетты авæрд- та, сæйрагдæр та — йæ уæздан, рæвдаугæ ныхас. Афтæ нæм 54
касти, цыма нын алы бон дæр æндæр æмæ æндæр рæвдауæн ныхæстæ фæкæны. Афтæ тынг ыл сахуыр стæм, æмæ-иу йе ’рцыдмæ æнхъæлмæ кастыстæм, бирæ хæттыты та-иу талынг- мæ дæр баззадыстæм, уæлдайдæр фæззыгон цыбыр бон. Уæд та иу изæрыгон лæппутæй чидæр афтæ зæгъы, цæй æмæ За- мирæты фæтæрсын кæнæм. Иутæ сразы сты, чидæртæ — нæ. Фæстагмæ иу фæндмæ æрцыдыстæм, ома хъазгæйæ. Фæлæ куыдæй? Уыцы лæппуйæн алцыдæр рагацау хъуыдыгонд уыди: "Нæ цæхæрадоны бирæ настæ ис, иу дзы æрбахæсдзы- нæн. Сæры къуыдыры хуызæн ын цæстытæ, дзых скъахдзы- нæн, къодахы æбийæццæгтæ хуынчъыты банæмдзыстæм, æмæ æхсæвыгон талынджы æрттивдзысты цæстытæ æмæ дзых. Сæвæрдзыстæм æй фæзилæны дынджыр дуры сæр, Замирæт кæуылты фæцæуы, уыцы тигъыл". Куыд баныхас кодтам, аразгæ дæр афтæ бакодтам. Замирæт уыцы талынджы æрттиваг сæры къуыдыр куы ауыдта, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, фæсонтгонд, фæтарст, йæ бынаты лæугæйæ баззад, фæлæ кæддæр-уæддæр йæхи æрæмбæрста, фæныфсджындæр æмæ уæззау къахдзæфтæй хæстæгдæр бацыд "сæры къуыдырмæ". Цы базонын ма йæ хъуыд, йæ "æрдхæрдты" æрхъуыды кæй у. Нас йæ дæлармы акодта æмæ хæдзармæ атындзыдта. Дыккаг бон иууылдæр æрбатымбыл стæм, сæргуыбырæй йæ разы æрлæууыдыстæм, æнхъæлмæ кастыстæм загъдмæ, фæлæ та нын хъæбыстæ кæнын куы байдыдта, уæд иумæ дзæвгар фæхудтыстæм». Царды ис ахæм адæймæгтæ, цасфæнды рæстæг куы рацæ- уа, уæддæр зæрдæйы баззайынц сæ хуымæтæгдзинад, адæй- магдзинадæй, иннæты хуызæн нæ вæййынц сæ архайдæй, сæ хъуыддæгтæй, сæйрагдæр сæ сыгъдæг уды кондæй. Уыдо- нæй иу уыдис номдзыд, стыр курдиаты хицау, хъуыстгонд профессионалон фæндырдзæгъдæг Мамиаты Хъамболаты чызг Замирæт. Ирыстонæй рох никуы уыдзысты Замирæт æмæ йæ фæн- дыры цагъд. 55
* * * Абон нæ мыггаджы ис æхсæнады алы къабæзты специа- листтæ: афицертæ, артисттæ, ахуыргæндтæ, дохтыртæ, ин- женертæ. Ис нæм моралон æгъдауæй фидар зондыл хæст фæ- сивæд — нæ сомбон, нæ ныфс. Се ’ппæтæй дæр буц æмæ разы у мыггаг Цæгатæй Хус- сармæ. Фæлæ та уæддæр, нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг чи у, сæрыстыр кæмæй стæм, — мыггагæй кæйфæнды дæр куы ба- фæрсай Цæгатæй Хуссармæ, уæд дын æнæкъуылымпыйæ зæгъдзæн: «Номхæссæн Мамион Хъарадзау — мыггаджы ты- рыса». Гъе, уыцы номдзыд Хъарадзауыл хицæн æмæ сæрма- гонд ныхас цæудзæни дарддæр. ^05%
МАМИОН НОМДЗЫД ХЪАРАДЗАУ Ирон адæмы рагфыдæлтæ — алантæ, кæддæр стыр æмæ тыхджын паддзахад уыдысты, сæ паддзахады арæнтæ — æгæ- рон. Мæнæ куыд зæгъы Всеволод Миллер аланты тыххæй йæ чиныджы «Осетинские этюды»: «Во второй половине IV века Аммиан Марцеллин упоминает аланов (На1аш) рядом с роксоланами при пересечении народов, живущих вокруг Ме- отийского болота, в другом месте он говорит, что «за Танаи- сом тянутся бесконечные пустыни Скифии. Аланы (На1аш), получившие свое имя от гор, частыми победами мало-помалу покорили под свою власть соседние народы и дали им свое имя»; далее замечает, что «аланы размещены по обеим частям света, живут на далеком расстоянии друг от друга и кочуют на огромном пространстве; некогда они приняли все одно имя и называются теперь — аланами, потому что у всех их одина- ковые нравы, дикий образ жизни и одинаковое вооружение»; «на охоте и за грабежом они доходят до Меотийского болота и Киммерийского Боспора, также до Армении и Мидии. В 375 году «Гунны» прошли через земли аланов... убили и огра- били многих, а с остальными заключили союз и при их со- действии, с большой уверенностью вторглись в просторные и плодородные владения Эрменриха, очень воинственного царя»1. Нæ номдзыд рагфыдæлты хъæздыгдзинад æмæ мулкæн та ныккæнæн дæр нæ уыди. Æвæццæгæн сæм уыцы æгæрон бы- дыртæ æмæ дунейы исбон дæр фаг нал кастысты — хъæздыджы ноджы фылдæр фæхъæуы. Фæлæ, дам, æгæргæнæг æгæр кæны, фæзæгъынц. Тыхджынæй тыхджындæртæ дæр разыны, стæй 1 Миллер Вс. Осетинские этюды. — Владикавказ, 1992. — Ф. 540. 57
адæймаг йæхиуыл æгæр куы фервæсса, уæд дзы кæмдæр æдасдзинад дæр æрбайрох вæййы. Ноджы ма æгæр æууæнк- джын куы уай, дæ ныхмæлæууæг знаджы тыхтæн аккаг аргъ куы нæ кæнай, уæд уый де ’нæрхъуыдыдзинадæй æнæ спай- дагæнгæ нæ фæуыдзæни. Уавæры карздзинад æртывæр кæны, адæмæн сæхи ’хсæн уæйгæнджытæ, гадзрахатæй цæу- джытæ фæзынди, зæгъгæ, уæд уымæй. Æппæт уыцы рæ- дыдтытæ иууылдæр сæрыл, æнæмæнг, æртыхсдзысты, сæ фæстиуджытæ мæлæтхæссæг сты. Гъе, афтæ рауад нæ раг- фыдæлты — аланты хъысмæт дæр, XIII æнусы тæтæр-монго- лимæ куы фæныхæй-ныхмæ сты, гъе уыцы карз, тугкалæн хæстыты. Уый фæдыл Вс. Миллер дарддæр фыссы: «Пфаф, много ездивший по Осетии, говорит, что проблеск Осетин- ского царства сокрывается грозною тучею, которая налегла в виде монголов на большую часть азиатского и часть европей- ского мира. В 1218 г. полчища Чингисхана вторгаются в Гру- зию. Тифлис взят в 1221 г. Татары идут к Дербенту, но не будучи в состоянии взять его, двигаются далее на север, где встречают сопротивление со стороны кипчаков и аланов (осе- тин). Татарам удается разъединить союзников и покорить их порознь»2. Ирон адæмы рагфыдæлты-аланты тæтæр æмæ монгол бындзагъд куы кодтой, уæд ма дзы цы æнæбары муртæ азза- ди, уыдон сæ сæртæ æфснайынмæ лыгъдысты хæхтæм. Æну- сон фидар хæхтæ сæ суазæг кодтой æмæ сæ мадау барæвдыд- той, бахъахъхъæдтой сæ цыфыддæр знагæй. Абон ирон адæм, куыд адæмыхатт, афтæ сæрмагондæй ис нæ хæхты фæрцы. Бонтæ цыдысты, æнус ивта æнусы, цард йæ цыд дарддæр кодта. Адæм сахуыр сты хæххон зынвадат уавæртыл дæр. Бирæгъыл, дам, мæгуыры бон куы акæны, уæд куыдзы бын дæр атулы. Ирон адæмыл дæр уыцы æмбисонд æрцыди, æмæ фæрæзтой, кæд уымæй размæ уæрæх тыгъд быдыры сæрибар цардыл ахуыр уыдысты, уæддæр. Цард та сын бацайдагъ и хæхбæсты дæр. Адæм фылдæрæй-фылдæр кодтой, æмæ сын хæххон нарæг кæмттæ фаг нал уыдысты. Сæ иунæг ныфс æмæ ирвæзынгæнæг та — уыцы æнæбары хуымы гæбæзтæ æмæ Æфсатийы фос. Зæххæй хъуаг кæй æййæфтой, уый фы- дæй сарæх сты ирон адæмæн сæхимидæг быцæутæ. Истори 2 Миллер Вс. Амынд уацм. — Ф. 532—534. 58
æмæ таурæгътæ зонынц мыггæгты ’хсæн быцæуты бирæ ахæм цаутæ. Лæгджын тыхджын у. Тыхджын та æдыхыл бæхбадт кæны. Уæд уыди тыхы рæстæг. Рæстдзинад тыхджындæрæн фарсласæн кодта. Тæрхонгæнæг дæр æмæ уынаффæхæссæг дæр тыхджындæртæ сæхæдæг уыдысты. Сæхи бакодтой хуым- зæххытæ, уыгæрдæнты хуыздæртæ. Лæмæгъдæр мыггæг- тæм та-иу æрхауд æрнæджытæ æмæ гæмæхтæ. Уыйадыл-иу се ’хсæн тугкалæн хæстытæ рауад. Ахæм хæсты та уæлахиз кодта лæгдых мыггаг. Гъе уымæн-иу куывта алы мыггаг дæр Хуыцаумæ æмæ дзы куырдта лæппуйы райгуырд. Уый уыди се стырдæр бæллицтæй иу. Ирон адæммæ абон дæр ма уыцы зонд фидар у, «лæппу-бындар», зæгъгæ, кæд абоны царды чызг лæппуйæ ницæмæй дæлдæр лæууы, уæддæр. Амынд уавæрты адæмы хуыздæртæ, йæ бæстæйы сомбо- ныл зæрдæйæ чи рыст, уыдон сагъæсы бацыдысты, агуырд- той се ’намонд уацарæй ссæрибары мадзал. Уыцы мадзал та уыдис хæхтæй дæлвæзмæ раирвæзын. Фæлæ сын ахæм фа- дат нæ лæвæрдтой, сæ алыварс цы æндæр адæмтæ цардис, уыдон — æвæлмæст, хъомысджын, хæстхъомдæртæ. Хусса- рæрдыгæй гуырдзы æмæ иннæтæ, хурныгуылæнæрдыгæй — кæсæг. Уый тыххæй дæр Вс. Миллер фыста: «Таким обра- зом осетины окружены со всех сторон племенами, с которыми не имеют ничего общего по языку и происхождению, а имен- но: кабардинцами, казаками, ингушами, кистами, пшавами, хевсурами, грузинами, имеретинами и горскими татарами (балкарцами)»3. Ахуыргонд нæ дарддæр зонгæ кæны Пфа- фы цæстæнгасимæ, зæгъгæ, тæтæры ныббырсты размæ иры арæнтæ, цалынмæ адыгъейаг знæмтæ абоны Кæсæджы зæх- хытæм не ’рбалыгъдысты, уæдмæ цæгатæрдæм дардыл зылд уыдысты, хурныгуылæнæрдыгæй та хæццæ кодтой Эльбрус- мæ4. Фæзмы Вахушты ныхæстæ дæр, ома, дам, тæтæр иры куы ныггæныстон кодта æмæ сæ Кавказы хæхтæм лидзын куы бахъуыди, уый фæстæ Ирыстоны (Овсеты) зæххытæ ра- хуыдтой Черкез æмæ Кæсæг. Адыгъейаг знæмты ’хсæн æп- пæты тыхджындæр æмæ нымæцæй фылдæр уыдысты кæсæг, зæгъы дарддæр Миллер. Уыдон, дам, абоны онг дæр цæ- рынц быдыры æмæ цалдæр æнусы дæргъы, хæхты æхгæд чи 3 Миллер Вс. Амынд уацм. — Ф. 504. А Уый дæр уым. — Ф. 596. 59
уыди, уыцы ирæтты дардтой экономикон дæлбарады къæп- пæджы5. Ирон адæмæн сæ тых басасти, хæстхъом нал уыдысты, армыдзаджы онг æрбакъуындæг ис сæ нымæц. Уыдон дæр хæхты алы кæмтты — пырхытæй, æмæ уыцы тыхтонайы ных- мæ æрлæууын сæ бон нæ уыди. Хъуыдис сæ хорз, хъару- джын фæхæцæг, зæрдæдарæн цæдисæмбал, æфхæрæгæй сæ чи бахъахъхъæдтаид — куыд хуссар, афтæ ныгуылæнæрды- гæй дæр. Царды цалх тулы æнæрæнцайгæ æмæ Балсæджы цалхау, йæ размæ кæй æрæййафы, уыдонæн сæ лæмæгъдæрты ссæн- ды. Сау мигътæ бæзджынæй-бæзджындæр кодтой ирон адæ- мы сæрмæ. Æддагон тыхгæнджытæй уæлдай, химидæг быцæу- ты арт куы иу комы ссудзы, куы иннæ комы. Туджджынты нымæц фæскъæвда зокъотау рæзы, фылдæрæй-фылдæр кæ- нынц. Уыцы тыхы рæстæджыты та тугисыны фæтк тулдз бæ- ласы уидæгтæй арфдæр æмæ фидардæр уидæгтæ ауагъта ирон адæмы царды. Туг нæ райсын уыди стыр худинагыл нымад, худинаг та йæ сæрмæ ничи хаста. Абон дæр нæ ирон адæмы бирæ мыггæгты минæвæрттæ алы рæтты пырхытæй уымæн цæрынц. Фылдæр хатт-иу сæ, кæй фæтуджджын сты, уый тыххæй лидзын бахъуыд райгуырæн къуымæй, арæх- дæр — æфцæджы сæрты, Хуссарварсмæ. Рацыди ма æнустæ. Адæмы зонд хорз ахста, уыцы хими- дæг быцæутæ сæ сæфтмæ кæй тæрынц, уый. Агуырдтой дарддæр ирвæзæн фæндаг æмæ йыл фæхæст сты 18 æнусы. Уый уыди Уырысы паддзахад. Ирон адæмы куырыхондæртæ, Иры æцæг патриоттæ, иу- мæйаг уынаффæ рахастой æмæ сфæнд кодтой сæхи Уырысы паддзахадимæ сбæттын, ууыл сæхи бафæдзæхсын. Равзæр- стой сæ хуыздæрты, дзырддзæугæты æмæ сæ афæндараст кодтой Бетъырбухмæ. Ирон адæмы фыццаг минæвæртты сæргъы лæууыди Магкаты-Елиханты Зураб, Зæрæмæгæй. Уыцы балц уыди 1749—1752 азты. Ахуыргонд-историк Блиты Макс уый тыххæй фыссы: «25 сентября 1749 года пять осе- тинских послов и архимандрит Пахомий в сопровождении ка- зачьего отряда выехали верхом из Зарамага и направились в Петербург. В состав официального посольства осетин вошли 5 Миллер Вс. Амынд уацм. — Ф. 596. 60
представители Алагирского, Куртатинского и Дигорского об- ществ: руководитель посольства Зураб Елиханов (он же Его- ров, Азовов, Магкаев) являлся выходцем из с. Зарамаг; Ели- сей Лукич (он же Кесаев, Генцауров) сын Хетагов — из с. Нижний Зака; Патер (по-осетински — Батыр) Давыдович Ку- тат (Давыдов сын прозванием Кутат) из с. Дзивгис; Созрико и Кази Баделидзовы — из Стур Дигоры, так и не приняли участия в его деятельности — под давлением кабардинских князей они, доехав до Кизляра, возвратились в Осетию»6. Иннæ æртæ минæвары Хъызларæй араст сты Астраханмæ. Уымы губернатор сæ хорз суазæг кодта, стыр лæвæрттæ сын ракодта («...каждому члену выделил по карете вместо верхо- вых лошадей, для удобства езды»).7 Бæлццæттæн сæ фæндаг — даргъ æмæ тæссаг. Цалдæр мæйы фæндагыл уыдысты, цалдæр азы та, сæ цыды сæр цы у, ууыл фæтæрхон кодтой. Фæлæ кæд Уырысы паддзахимæ кæрæдзийы бамбæрстой, уæддæр сæ сæйраг хъуыддаг сæх- хæст кæнын кæронмæ къухы нæ бафтыд. Уæрæсе Туркимæ цы бадзырд сарæзта, уымæ гæсгæ уырысы паддзахæн йæ бон нæ уыди ирон адæмы йæ дæлбазыр æрбакæнын æмæ уый фæдыл официалон документ бафыссын. Афон нæма æрцыди, хъуыди ма банхъæлмæ кæсын. Фæлæ уыцы рæстæг ирон адæмæн, хæххон зын уавæрты цæргæйæ, æгæр зынаргъ слæууыди. Мыггæгты быцæутæ мы- нæгдæр нæ кодтой, кæд-иу Ирыстоны хъуыстгонд æмæ дзырд- дзæугæдæр лæгтæ туджджынты æхсæн бацыдысты, уæд- дæр. Суанг-иу сæ куы бафидауын кодтой, уый фæстæ дæр ма-иу бирæ нæбасæттонтæ тырныдтой сæ туг райсынмæ. Ахæмтыл-иу бакодтой хъоды. Хъоды та кодтой хъæубæсты кæнæ комбæсты иумæйаг уынаффæйæ — уымæн та æнæх- хæстгæнгæ нæ уыди. Рацыд ма ссæдз азæй чысыл фылдæр, æмæ та 1774 азы срæвдз ис ирон адæмы дыккаг минæварад ссæдз лæгæй. Екатеринæ И-ы бардзырдмæ гæсгæ, адонæн фембæлд уы- дис Астраханы губернатор Кречетниковимæ Мæздæджы8. 6 Русско-осетинские отношения. Т. 2. / Сост. М. М. Блиев. — Орджо- никидзе: Ир, 1984. - Ф. 125-128. 7 Уый дæр уым. — Ф. 129. 8 История Северо-Осетинской АССР. — Орджоникидзе: Ир, 1987. — Ф. 195. 61
Ацы къордæн сæ балцы фæстиуджытæ зæрдæмæдзæугæдæр рауадысты. Ус-паддзах уынаффæ рахаста Ирыстон Уæрæ- сейы скондмæ райсыны тыххæй. Ирыстон Уæрæсеимæ баиу ис. 1768—1774 азты Турчы хæсты фæстæ ма Ирыстоны æдде Уæрæсеимæ баиу сты Кæсæг, Цæцæн (1870), Мæхъхъæл (1871), уыдонæй чысыл фæстæдæр, 1783 азы — Сау ден- джызы былтæн сæ дзæвгар хай æмæ Хъырымы æрдæгса- къадах. Уыйадыл та дыууæ паддзахады æхсæн ныхмæлæуд скарз ис, æмæ та 1787 азы Турк йæхи цæттæ кодта Уæрæсе- имæ ногæй схæцынмæ. Уыцы хæсты хæд размæ Екатеринæ II йæ фæсдзæуинтимæ зылди йæ бæстæйы хуссар кæрæт- тыл. Фæстæдæр ацы балц ахуыргонд-историктæ рахондзы- сты «дерзкий поход Екатерины Великой по южным грани- цам своей империи». Йемæ ракодта бирæ фæсарæйнаг дипломаттæ — Ныгуылæн Европæйы зынгæ политикты. Уы- мæн уыдис йæхи сусæг æфсон: хъуамæ сын равдыстаид æмæ сæхи цæстæй федтаиккой, Уæрæсейыл цы ног зæххытæ æр- бафтыди, уыдоныл куыд фидар лæууы, амы адæм æй куыд тынг нымайынц, гъе стæй сæ йæхæдæг дæр ауæлдайгæнинаг кæй^нæу, уый. Йæ балцы размæ Екатеринæ II кавказаг хæххон адæмтæм арвыста хуынды фыстæджытæ, лæвæрттæй сын зæрдæ ба- вæрдта, фæндыди йæ семæ хъуыддаджы ныхас кæнын, хæ- сты агъоммæ сын сæ зæрдыуаг базонын. Ахæм хуынды фы- стæг — таурæгъты йæ хонынц «хъулон гæххæтт» — æрцыди Ирыстонмæ дæр, номхыгъдæй Куырттаты коммæ. Таурæгътæ дзурынц: Куырттаты комы хистæртæ æрæм- бырд сты сæ иумæйаг Хæдзар-ныхасмæ. Сæ «хъулон гæх- хæтмæ» фæракæс-бакæс кодтой, фæлæ сын йæ мидис чи бам- барын кодтаид, æнæхъæн комбæсты ахæм лæг нæ разынд. Уыцы заман ирон адæмы æхсæн кæсын-фыссын чи зыдта, ахæм лæгтæ уыдысты тынг стæм, фæлæ сæ Ирыстоны алы комы, алы къуымы дæр зыдтой. Уыцы амондджын адæмæй уыди нарон Мамиаты Хъарадзау дæр. Æмæ Куырттаты Ны- хасы хистæртæ бауынаффæ кодтой сæ «хъулон гæххæтт» Нарйæ, Хъарадзаумæ фæхæссын. Дыккаг бон авд æвзыгъд барæджы ахызтысты æфцæ- джы сæрты Нармæ — Фаллагкоммæ. Комы дымæгæй куы 62
æрбазындысты, уæд Хъарадзау æцæгæлон барджыты ба- зыдта æмæ сын йæ лæппуйы сæ размæ рарвыста, «фысым бакæнут» зæгъынмæ. Хъарадзауы найгæнгæ æрбаййæфтой. Уазджытæн уæздан æгасцуай загъта, уыдон дæр се ’рбацы- ды сæр бамбарын кодтой, фæлæ, наййаг æмбис кондæй куыд фæуадзон, уæлдайдæр арв æрбаталынгтæ, уарынвæнд кæны, зæгъгæ, йæ мидзæрдæйы бакатай кодта. Уазджыты хæдзар- мæ бакодта, фæндаггон фæллад вæййы, æмæ уал сын сæ разы цæхх, къæбæр æрæвæрын кодта, йæхæдæг та, хатыр ракургæйæ, йæ мусмæ рахызт. Уæдмæ уазджытæ сæхими- дæг ауынаффæ кодтой, найгæнæн удисæн рæстæг у, зæгъ- гæ. Фондз кæстæры рауадысты, мусы алыварс алæууыды- сты, кæд сæ Хъарадзау нæ уагъта, уæддæр наййаг фæфæлдæхтой, æрцагътой æмæ йæ афснайдтой. Хъарадзау та, хæдзармæ бахизгæйæ, ногæй хатыртæ ракуырдта йæ уазджытæй, стæй райста Куырттаты «хъулон гæххæтт» æмæ йæм лæмбынæг æркæстытæ кодта. Кæсгæ-кæсын фыццаг йæ цæстытæ доны разылдта, стæй фæстагмæ йæ мидбылты бахудт, йæ уазджытæм йе ’ргом раздæхта æмæ сын бамба- рын кодта: ус-паддзах ирон адæмы йæхимæ хоны. Мæнæ ирон адæм, рацæут мæм, нæ иумæйаг фарстатыл баныхас кæнæм, æмæ уæм авд азы мидæг цы лæвæрттæ æмбæлд, уыдон дæр аласут, зæгъгæ. Куырттатæгтæн стыр æхсызгон куыд нæ уыдаид ахæм хабар, фыр цинæй цæуынвæнд дæр скодтой фæстæмæ, фæлæ сæ Хъарадзау ской дæр нæ бауагъта, ныр æнафон у, зæгъгæ. Кæстæртæ бæхтæ бафснайдтой, уазджытæ сæхи æрæхсадтой, фæйнæ комдзаджы уал скодтой æмæ сæ фæллад уадзынц. Уæдмæ сыхы кæстæртæ нæл фыс æрбаргæвстой, Хъарадзау хъæуы хистæртæм фæдзурын кодта, æмæ нæртон куывд байдыдта. Бирæ гаджидæуттæ фæуагътой, кæрæдзиуыл фæцин кодтой, фæсæмбисæх- сæвтæм фæбадтысты. Уæд иу афон, йæ фосмæ йæ зæрдæ кæй æхсайдта, уымæ гæсгæ, уазджытæй хатыр ракур- гæйæ, Хъарадзау сыстад бадтæй æмæ йе скъæтмæ ныц- цыд. Кæсы æмæ йæ сæгътæй иу ныззад рæсугъд нæл сæ- ныкк. Хъарадзау сæныкк йæ хъæбысы хæдзармæ схаста, пецы раз æй æрæвæрдта æмæ та, хатыр ракургæйæ, йæ бынаты æрбадт. 63
Дзæвгар ма абадтысты, бирæ таурæгътæ фæкодтой, уый фæстæ сæхи Бынатыхицауыл бафæдзæхстой æмæ адджын фынæй баисты. Цæстыл уайы: Хъарадзау ма уæддæр бады, хъуыдытæ, сагъæс кæны. Уырысы бæсты йæ ахуыры бонтæ æрымы- сыди. Дзуры йæхинымæр: «Дзæгъæлы нæ фесæфтон уыцы зынаргъ æмæ адджын рæстæг. Ныр æвзаг кæй сахуыр кодтон, уымæй мæ адæмæн балæггад кæнын мæ бон у, æмæ мын уый цавæрдæр æбæрæг ныфс дæтты æмæ мæ разæнгард кæны. Сæйрагдæр та Уырысы паддзахимæ фембæлд... Хуыцауы фæндонæй йын кæд æнæрцæугæ нæй, уæд йæ фæстиуджытæ нæ адæмы сомбоны хорзæн рауайæнт! Уый та уæд уыдзæн, ацы хæххон цъысымæй нын быдыры парахат бæзнаг зæххытæм ралидзыны бар куы ратта. Уый куы сæххæст уаид Хуыцауы фæрцы, уæд сæххæст уаид, рагæй цæмæ тæхуды кæнын, мæ царды уыцы стырдæр бæллиц. Æмæ мæ уырнгæ дæр кæны: кæд ирон адæмы минæвæртты йæхæдæг хоны, уæд йемæ ныфс- джынæй ныхасгæнæн уыдзæни, уыцы хъуыддаг кæй бæр- ны уа, уымæн. Уыцы адджын бæллицтимæ æрфынæй и Хъарадзау дæр. Хуры фыццаг тынтæ Адайы хохы цъитийы цъуппыл цæ- хæртæ калынц. Цалынмæ уазджытæ нæма рабадтысты, уæд- мæ уал Хъарадзау йæ райсомы куыстытæ акодта æмæ уаз- джыты ’рдæм бараст ис. Уазджытæ дæр хæххон сатæгмæ уæнгрогæй рахызтысты уæлхæдзармæ. Цалынмæ ныхæстæ кодтой, райсомы сатæг уæлдæфæй сæ риуыдзаг зыдæй улæ- фыдысты, уæдмæ æфсин фынг ацæттæ кодта, хойрагæй сахуы- стой сæ фысымæн зæрдиаг арфæтæ фæкодтой, ахæм ахс- джиаг цины хабар сын кæй бамбарын кодта, æмæ кæрæдзийæн хæрзбон загътой. Уæдмæ кæстæртæ уазджыты бæхтæ арæвдз кодтой, Уа- стырджийыл сæ бафæдзæхстой æмæ сæ рафæндараст кодтой. Æнæ фыдбылызæй гас хæдзар ссардтой. Куырттаты комбæсты хистæртæ та Хæдзар-ныхасмæ æрæмбырд сты, æмæ сын сæ æрвыст лæгтæ бамбарын кодтой «хъ1улон гæххæтты» мидис. Уæдмæ ацы цины уац, ома пад- дзахы «хъулон гæххæтты» хабар, æнæхъæн комбæстыл ай- хъуысти. 64
* * * Уæдæ чи уыдис Хъарадзау? Цы сарæзта хорзæй йæ рат- тæг адæмæн? Цæмæн баззади йæ ном таурæгъты, кадджыты? Æртæ æнусы сæрты йæ хорзы кой махмæ дæр æрхæццæ и. Цæмæн? Мамиаты Хъарадзау уыдис йæ рæстæджы Ирыстоны разагь- ды лæгтæн сæ фыццæгтæй иу. Уый канд йæ дуджы ахуыргонд лæг нæ уыди, фæлæ ма — фыццаджыдæр стыр уынаффæйы, æх- сæны тæрхоны лæг. Æрдзæй фæлгьауæг зонд рахаста, растзæрдæ æмæ цæстуарзон куырыхон лæгæй йæ кой айхъуыст æппæт Иры зæххыл Цæгатæй Хуссармæ æмæ Гуырдзыйы бæстæм дæр. Раджы заманты туг тугæй исыны фæтк афтæ тынг ныффи- дар ис ирон адæмы царды, æмæ-иу дыууæ мыггаджы æхсæн туг куы ныккалд, алы аххосæгтæм гæсгæ, уæд-иу сæ хæрамдзинад цалдæргай азтæ дæр ахаста. Бирæ хæттыты-иу æхсæны лæгтæн ницы сæ бон уыди дыууæ туджджын мыггаджы бафидауын кæ- нынæн, æмæ та-иу дзы ногæй лæгмæрдтæ æрцыди. Ахæм уæз- зау, къуырцдзæвæн уавæры бахауæг мыггæгтæ-иу алы кæмт- тæй æхсæны лæгæн æрцагуырдтой Мамиаты Хъарадзауы. Иу ахæм цауы кой баззадис адæмон таурæгъы: Цæлыккатæ æмæ Фæрниатæ Хъобаны цардысты раджы заманы Цæлыккатæ æмæ Фæр- ниатæ. Уыдонмæ быцæу рацыдис, æмæ кæрæдзийæ лæгтæ амардтой. Цæлыккатæй фæмард ис цыппар, Фæрниатæй та — дыууæ. Цæлыккатæ сæ туджджынты æддæмæ цæуын нал уагътой, уæды заманы закъон-æгъдау æвæрд нæма уы- дис, туг фыстой тугæй, æмæ Цæлыккатæ сæ туг агуырдтой мыггаджы хуыздæртæй. Фæрниатæ та сын мыггаджы æвзæр- тæй лæвæрдтой æртæ, æмæ афтæмæй быцæу кодтой. Цæлыккатæ агуырдтой сæ дыууæ тугмæ мыггаджы хæрз- тæй дыууæ кæнæ та æвзæртæй — цыппар. Сæ ныхас ма цы- дис иу æвзæрыл. Уыдон лæвæрдтой æртæ æвзæры, адон та агуырдтой цыппар æвзæры. Алы хъæутæй сæм æмбырд кодтой, фæлæ Цæлыккаты Дзамболат дзуапп радта: «Цалынмæ номхъуыст хорз лæг
Мамиаты Хъарадзау мæ разы æрлæууа, уæдмæ Цæлыкка- тæ Фæрниаты æддæмæ кæсын нæ рауадздзысты. Фæрниа- тæн гæнæн нал уыдис, сбадын кодтой барджыты Туалтæм. Бацыдысты Нармæ æмæ бацагуырдтой Мамиаты Хъара- дзауы. Хъарадзау бацин кодта уазджытыл, хæдзармæ сæ бакодтой. — Исты хабæрттæ дзурут, — загъта Хъараздау уазджы- тæн. — Мах дæу бацагуырдтам тынг стыр хъуыддаджы тых- хæй. — Лæгты хистæр хабар радзырдта. Хъарадзау тынг бахъыг кодта, кусарт акодта, хорз, зæр- диагæй сыл бацин кодта. Æхсæвы баныхас кодтой, Хъара- дзау дæр сразы ис, æмæ райсомæй раджы хохæй рацыдысты Хъобанмæ. Фæрниатæ арвыстой адæммæ. Адæм æрæмбырд сты æмæ барвыстой Цæлыккатæм. Хъарадзау рахызти ныхас кæнынмæ: — Цæлыккатæ, зæгъгæ, загъта, — бахатыр кæнут. Дыууæ мыггагæй уæ астæу рауадис быцæудзинад, æмæ цалдæр азы хæссы уыцы быцæудзинад. Адæм хос кæмæн нæ арынц æмæ не ссардзысты, ахæм хабар нæй. Фæрниатæ сымахæй сты туджджын, дарынц уæ дыууæ туджы, æмæ Фæрниатæн сæ тугтæ æнæ фидгæ нæй, фæлæ ма ис, æгæр чи базæронд æмæ аппарын кæй хъæуы, ахæм хъуыддæгтæ. Махмæ, Туалты, ис ахæм æгъдау, уæлæмхасæнджын туг- тæ нал фидын кæнынц. Иу лæгæн дыууæ туджы нал фидын кæнынц, æмæ мах стæм ирон адæм. Махмæ хохæй быдырмæ хъуамæ уа иу æгъдау. Уый тыххæй æрæмбырд сты ацы адæм, цæмæй мауал фидæм уæлæмхасæн тугтæ. Марын хъæуы ма- рæгæн йæхи — хорз у, æвзæр у — уæлæмхасæнджын тугтæ мауал уæнт абонæй фæстæмæ. Туджджынтæ бафидыдтой. Фæрниатæ радтой сæ лæг марджытæн. Уæдæй фæстæмæ хæхты æмæ быдырты дæр ныууагъта Мамиаты Хъарадзау ахæм æгъдæуттæ. Уæдæй фæстæмæ марынмæ агурын райдыдтой марæгæн йæхи. Хъарадзау тынг фæцыдис Дзамболаты фырт Дзаджейы зæрдæмæ, æмæ æрдхæрдтæ скодтой. Иу нуазæн банызтой, афтæмæй кæрæдзийæн хæрзбон загътой9. 9 Ирон адæмон сфæлдыстад. Т. 1./ Чиныгаразæг Салæгаты Зоя. —Дзæу- джыхъæу: Ир, 2007. - Ф. 709. 66
* * * Нарæй 1,5 км бæрц хуссарæрдæм куы бауайай, уæд дзы ис нарæг аив ком — Фаллагком. Ам уыдис 6 хъæуы. Сæ иуы, Сауыбыны, райгуырд æмæ царди Хъарадзау. Йæ фыд Биде уыдис дзырддзæугæ æмæ нымад лæг Туалгомы. Хъарадзау дæр рантыст æппæтæй æххæст — зондæй, зæгъай, йе хъаруйæ. Хуыцауæй лæвæрд цы хъуыддаг уа, уымæн дурты бын дæр æнæ сæххæстгæнгæ нæй, фæзæгъынц. Хъарадзауæн дæр Хуы- цауæй лæвæрд уыди стыр зонд æмæ йæ адæмæн лæггад кæ- нын. Мамион Хъарадзау йæ рæстæджы ахуыргонд лæг кæй уыди, уый сбæлвырд ис 18 æнусы æмæ абон дæр дызæрдыг- гаг никæмæн у. Уый тыххæй нæм фаг æрмæг æрæмбырд ис таурæгътæ, архивты историон документтæ æмæ ахуыргæнд- ты иртасæн куыстытæй. Гуырдзиаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ хорз кæй зыдта, уый дæр хурæй бæрæгдæр у. Фæлæ иу фарст æнæдзуаппæй баззади дæргъвæтин рæстæджы. Хæххон талынг кæмтты, скъолайæн йæ кой дæр кæм нæ уыди, уыцы уавæрты кæм æмæ цы хуызы йæ къухы бафтыда- ид, бирæ нæ, фæлæ уæд та хæрз чысыл ахуырдзинад райсын? Бæлвырд куыд у, афтæмæй, дзырд цы рæстæгыл цæуы, уымæй размæ дæр Уырысы паддзах алы мадзæлттæй ар- хайдта, цæмæй Кавказы хæххон сæрибаруарзаг адæмы йæ дæлбар бакæна: кæм алы æфсæнттæ æмæ зæрдæлхæнæн- тæй, кæм та тыхæй дæр. Ахæм зæрдæлхæнæнтæй иу уыди хохæгты сывæллæттæн скъолатæ байгом кæнын. Уыдон кæд дины скъолатæ уыдысты, уæддæр — рухс царды дунемæ гом рудзынгау — сæ нысаниуæг ахсджиаг уыд адæмы царды, се ’нусон бæллиц йæ базыртæ базмæлын кодта. Фæлæ уал скъолаты размæ хъуыди чырыстон динмæ ас адæмы æргом раздахын, се ’хсæн сын æй парахат кæнын. Уыцы куыст уырыссаг миссионерты размæ кодтой гуырдзиаг динамон- джытæ, Гуырдзыйы сæргъы паддзах Тамара куы уыди, уæд. Тамарайы хъæппæрисæй ирон хæххон хъæуты бирæ рæтты арæзт æрцыдис аргъуантæ, балæвар сын кодта йæ зæрдиаг арфæйы фыстытимæ сæрмагонд дзæнгæрджытæ; кæцыдæр- тæ ма дзы абон дæр лæууынц куыд историон-культурон артефакттæ. Фæлæ Тамары мæлæты фæстæ Гуырдзыйы 67
паддзахад йæхæдæг дæр тынг фæцудыдта, миссионерты куыст дæр бамынæг ис. Цасдæр рæстæджы фæстæ, уырыс сæхи Кавказмæ ива- зын куы байдыдтой, уæд уыцы куыст, ома чырыстон дин парахат кæнын райдыдтой уыдоны миссионертæ — кæм су- сæг, кæм æргомæй. Уыимæ кæд йæ сæйраг амидингæнæг æмæ аразæг уырыс уыдысты, уæддæр йæ æххæстгæнджытæ та æппæтдæр уыдысты гуырдзиаг динамонджытæ. Æмæ уæд цæмæн, уырысы æхсæн нæ уыдис чырыстон динзоныны дæснытæ? Бæгуыдæр, уыди, фæлæ уыцы заманы Уæрæсе- йæн Турк, Иран æмæ Хъырымы ханадимæ тызмæг уыдысты сæ ахастдзинæдтæ. Ранымад паддзахæдты зæрдæ дæр тынг æхсайдта Кавказмæ, йæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ йын сæ алчидæр хъавыд йæхи бакæнынмæ. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы авналæнтæ ам фæндон хорз нæма уыдысты, уæлдайдæр Туркимæ бадзырд бафыссыны фæстæ — «О нейтралитете на Кавказе». Уавæр хынцгæйæ, Уæрæсе Кавказы архайдта иттæг хъав- гæ æмæ сусæгæй. Уырысы паддзах рахаста сæрмагонд уы- нафффæ — чырыстон дин Каквазы парахат кæнынæн Ирон дины къамис (Осетинская духовная комиссия) саразыны тыххæй. Сенат æмæ Синоды иумæйаг уынаффæйæ, къамисы уæнгтæ хъуамæ уыдаиккой æрмæстдæр гуырдзиæгтæ. Сусæг фыстæг арвыстой Астраханы губернатормæ дæр, цæмæй къа- мисы куыстæн æппæтвæрсыг æххуыс кæной, фæлæ дзы иу- нæг уырыссаг дæр ма уа, йæ сусæгдзинад æнæмæнгæй хъахъ- хъæд æрцæуа. Уыцы мадзæлттæ æххæстгонд куы уой, уæд Уæрæсейы архайд Кавказы нæ разындзæн æмæ та ног хæст нæ расайдзæни. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, ирон адæмы рагфыдæл- тæ — алантæ чырыстон дин райстой X æнусы (кæнæ та уы- мæй раздæр). XIII æнусы тæтæр-монголы ныббырсты фæ- стæ, стыр фыдæвзарæнты бахаугæйæ, къордтæ-къордтæй Кавказы хæхты алы кæмтты куы ныппырх сты, уæд чыры- стон динæй цы райстой æмæ базыдтой, уый чысылгай рох кæнын райдыдта, сæ дунембарынады йын фидар уидæгтæ ауадзыны фадат кæй нæ фæци, уымæ гæсгæ. Уыйхыгъд сæхи рагфыдæлты уырнындзинад, сæйрагдæр та се ’взаг æмæ фар- ны æгъдæуттæ бахъахъхъæдтой. 68
Гъемæ ныр, уавæр хынцгæйæ æмæ сæ кæстæрты сомбо- ныл хъуыдыгæнгæйæ, ирон адæмы чырыстон дин ногæй исын бахъуыди. Дины къамис Ирыстонмæ æрвыст æрцыди 1745 азы, йæ сæргъы — архимандрит Пахоми, æрбынат кодта Хъызлары. Пахоми чырыстон дины ахуырады æмæ йæ парахат кæныны хъуыддаджы зынгæ бынат ахста куыд Гуырдзыстоны, афтæ Уæрæсейы дæр. Уымæй уæлдай ма хорз зыдта ирон адæмы царды уаг æмæ зондахаст ахуырмæ. Уæдæ Хъарадзауы цардвæндагмæ, ахуыры хаххыл йæ къахдзæфтæм дæр Пахоми исты бар цымæ дардта? Кæд, о! Æмæ уæд цы хуызы? Ацы ахсджиаг фарст мæ йæ фæдыл цалдæр азы фæзилын кодта. Бирæ алыхуызон архивон æр- мæг фæракал-бакал кодтон, фæлæ — марадз-зæгъай, кæд бæлвырд исты къухы бафтыди! Æрмæст цалдæр азы фæстæ, бынтон æнæнхъæлæджы, дзæнæты бадинаг Гуыриаты Тамер- ланы иртасæн уац бакæсгæйæ, мæ зæрдæ барухс и. Хъара- дзауы ахуыры фæндæгтæ кæд кæронмæ нæ, уæддæр зынгæ фæбæлвырддæр кодта. Ныр æй, зынаргъ чиныгкæсджытæ, æнæхъæнæй хæссын уæ тæрхоны размæ. ПРОЧИТАННЫЕ ИМЕНА И ФАМИЛИИ10 В 1967 году Николай Дзасохов опубликовал в журнале «Литературная Грузия» статью «Поэт из Куртатии». Автор статьи обратил внимание на то, что в конце переписанного экземпляра ныне известного словаря Саба Сулхана Орбелиа- ни имеется приложение в виде стихотворения на грузинском языке. Это стихотворение весьма информативно. Вот основ- ные сведения, которые оно содержит. 1. Переписчиком словаря Сулхана Саба Орбелиани был ученик архимандрита Пахомия, которого на родном языке звали Бахта из селения Куртатии. Пахомий, как говорится в стихотворении, обучил его языку и грамоте. 10 Гуриев Т. А. Прочитанные имена и фамилии // Горный ветер. — 2007. -№ 11-12. Ф. -44-46. 69
2. Поэт писал, что осетины называли его Вахта и «крещен как Баграт Базизашвили — Гвривидзе». 3. Бахта/Баграт был первым переводчиком рукописи сло- варя Сулхана Саба Орбелиани. Завершил он свою работу 3 мая 1760 года. Н. Дзасохов пришел к выводу, что Вахта был из рода Ба- зизати. Любопытно, что автор статьи даже не попытался рассмотреть содержание названия Гвривидзе. Сам грузинский архимандрит в 1753 году информировал Синод: «Понеже ныне мы нижайшие двоих малолетних осе- тинцев обучили грузинской грамоте, которых держим при себе на своем коште, и они нам в крещении своего народа великое всепомоществование чинят»11. Архимандрит не на- зывает своих учеников, но мы их узнаем из другого источ- ника. В рапорте кизлярскому коменданту генерал-майору Н. А. Потапову от 12 мая 1768 года И. Пицхелауров писал, что у Пахомия было два ученика — «один куртаульского уезда Панкрат Пахомиев, да другой Захинского уезда Ж. Василий»12. Напомним нашим читателям, что в 2005 году в альманахе «Горный ветер» мы вернулись к публикации Н. Дзасохова. Мы выяснили личность поэта из Куртатии. Оказалось, что он был сыном куртатинского старшины Басиза Гуриева. В вы- яснении личности поэта нам помогла фамильная карта Гури- евых, составленная А. М. Келлер и подаренная автору этих строк 25 августа 1982 года13. Справедливости ради следует сказать, что Н. Дзасохов не располагал материалами, кото- рые мы привели. Имя второго ученика архимандрита Пахомия упоминает- ся в некоторых документах XVIII века. Например, в аттеста- те, выданном осетинскими и ингушскими старшинами игуме- ну Григорию в 1766 году, перечислены старшины Закинского уезда и... «по их прошению за необучением грамоте», под- писался осетинский сын, а той комиссии дьячек Карачев, а 11 Материалы по истории осетинского народа. Т. V. Сборник документов по истории народного образования в Осетии. — Орджоникидзе, 1942. — Ф. 34. 12 Русско-осетинские отношения. Т. 2. / Сост. М. М. Блиев. — Орджо- никидзе: Ир, 1984. — Ф. 143. 13 Гуриев Т. А. О поэте из Куртатии // Горный ветер. — 2005. — № 7-8. 70
по-русски Василий Давыдов сын»14. Упомянутый документ также был составлен на грузинском языке и переведен на русский Матвеем Романовым. Сохранился один интересный документ, написанный ру- кою самого осетинского дьячка Василия. Мы имеем в виду донесение Василия Давыдова на имя П. С. Потемкина. В указателе имен к сборнику документов «Русско-осетин- ские отношения в XVIII веке» читаем: «Давыдов Василий, он же Карачев (Карацев), дьяк»15. Предложеннное чтение и трактовка рассматриваемых тек- стов XVIII века представляются спорными. А. В. Суперанская и А. В. Суслова пишут, что до XV века в русской традиции были обычными сочетания типа Мордас сын Киселев, где первый компонент является некалендарным именем, а второй — патронимом. После XV века в обиход входят формулы типа «личное имя + патроним + сын». «Это уже не Мордас Кисель, — добавляют авторы, — но еще и не Мордас Киселев»*6. В нашем случае зафиксирована, как и следовало ожидать, более поздняя формула. Нельзя забывать, что лица духовного звания известны только по именам; ср. дьяк Василий, игумеи Григорий, иеро- монах Ефрем, отец Герасим, архимандрит Пахомий, епи- скоп Иосиф и т. п. Из сказанного следует, что цитату «дьячек Карачев, а по- русски Василий Давыдов сын» следует понимать так: «дьячек Карачев, а по-русски Василий Давыдович». Такой или примерно такой порядок идентификации лич- ности мы имеем и у других народов. Например, в осетинской традиции Фидары + фырт «Фидара + сын» имеет двоякий смысл: 1) сына человека по имени Фидар; 2) человек из фа- милии, родоначальником которой был Фидар. Приведенный феномен не был учтен упомянутым выше Н. Дзасоховым, который думал, что безвестный до того поэт был из рода Базизашвили, но при том не сделал даже попыт- ки объяснить значение Гвривидзе. 14 Русско-осетинские отношения.... — Ф. 51. 15 Уый дæр уым. — Ф. 421. 16 Суперанская А. В., Суслова А. В. Современные русские фамилии. М., 1984. - Ф. 22. 71
А ларчик просто открывался... Грузинские форманты -гивили и -дзе синонимичны и означают «сын». Итак, Вахта Базизашвили Гвривидзе должно быть прочитано по-новому: Вахта сын Базиза из рода Гуриевых. Вторая особенность упомянутых выше документов, пере- веденных с грузинского языка на русский, состоит в том, что осетинское «У» и «УЫ» систематически передавались на рус- ский буквой «В». Вот почему осетинское начальное Гур- было передано как Гвр-. Эту же закономерность мы используем для прочтения рассматриваемого осетинского личного имени дьячка Карачев, в конце которого вместо нехарактерного для осетинского «В» следовало бы восстановить «У». Наши поиски сведений для идентификации личности уче- ника архимандрита Пахомия Василия из Закинского уезда вывели нас на видного религиозного и общественного деяте- ля, известного в народе как Мамион Хъарадзау. Дьячек Ва- силий из рода Мамиевых стал легендарной личностью*17. В популярной «Песне куртатинцев» («Куырттаты зарæг») гово- рится, что «белый царь» прислал в Куртатию письмо («хъулон гæххæтт»), но куртатинцы не смогли его прочитать и тогда они послали делегацию в составе семи уважаемых людей к Мамион/Мамиаты Хъарадзау, чтобы он рассказал им о со- держании письма. Вот интересующее нас место в песне: Ссе хъулон гæххæтмæ ракæс-баксес куы фæкæнынц, гъей. Авд лсегæй йсе куы фсехсессынц Усертсе Уселладжыры коммсе, Мамийы-фыртмсе — хорз Хъарадзаумсе. Куыд сын сей баксеса, куыд сей равзара, гъей. Стали они (куртатинцы) разглядыватъ свое писъмо (пеструю бумагу), гей. Всемером понесли его Вон в Алагирское ущелъе, к Мамиеву (Мамия сыну) — славному Карадзау. Чтобы он его прочитал, его разобрал, гей. \7 В тексте рапорта И. Пицхелаурова на имя Кизлярского коменданта генерал-майора Н. А. Потапова упоминается ученик архимандрита Пахо- мия Ж.Василий. В свете сказанного инициал «Ж» следует исправить на «М» (Мамиев). 72
Заметим, что Бахта Гуриев, о котором говорилось выше, был, видимо, единственным грамотным человеком в Курта- тии. Но он рано умер, и тогда куртатинцы обратились к его другу, к Карадзау. Сохранившиеся сведения о Карадзау Мамиеве говорят о том, что он пользовался глубоким уважением народа. * * * Гуыриаты Тамерлан, фольклор æмæ æвзагзонынады дæс- ны, таурæгъты æдде документалон æрмæгыл æнцайгæйæ, наукон бындурыл раиртæста æмæ бæлвырд хатдзæгтæ скод- та, Хъарадзау архимандрит Пахомийы ахуырдзау кæй уыди, уый фæдыл. Куыд æмæ кæм сæмбæлди Хъарадзау ацы фæрнджын, рухсхæссæг адæймагимæ, цы Хуыцау ын уыдис æххуысгæнæг? Абон кæд уый зын зæгъæн у, уæддæр, нæ къухы цы æрмæджытæ бафтыди, уыдоны бындурыл ис цы- мыдисаг хатдзæгтæм æрцæуæн. Фыццаджыдæр Хъарадзауæн йæ фыдыфсымæрæй рай- дайæм. Архивы гæххæттытæ фæлдахгæйæ, фембæлдтæн цымыди- саг документыл. Цæвиттон, Гуырдзыйы паддзах Иракли Хъе- саты Ебайы фырт Бадилайæн снысан кодта афæдзы мызд — 20 марчили парчи (уæды заманы гуырдзиаг æхца). Рафыстой йын сæрмагонд гæххæтт (грамотæ), кæцымæ гæсгæ йæ бон уыдис: афæдзы дæргъы кæдфæнды дæр бацу æмæ сæ райс. Уый уыди 470 азы 16 февралы (гуырдзиаг азфыссынадмæ гæсгæ). Ацы документ цымыдисаг уымæй у, æмæ æвдисы, Хъесаты Еба йæ рæстæджы гуырдзыйы паддзахы цæсты куыд бæрзонд æвæрд уыдис, уый. Фæлæ ма ноджы — йæ фырт Бадила дæр аккаг бынат кæй ахсы гуырдзыйы паддза- хады сконды. Дарддæр фæлдахын архивы гæххæттытæ, æмæ та дзы мæ размæ рахауд ноджы цымыдисагдæр документ. Ацы хатт æй фыссы паддзах Иракли нæ, фæлæ йæ фырт Вахтанг. Фысгæ та йæ кæны Мамиаты Хъарадзаумæ. Дыууæ документы (гра- мотæйы) дæр фыст сты гуырдзиагау æмæ сæ тæлмац лæвæрд у уырыссаг æвзагмæ. Вахтанг цы фыстæг (грамотæ) фыссы 73
Хъарадзаумæ, уый мыхуыр кæнын, куыд уыд йæ тæлмац, афтæмæй. «Царевич Вахтанг повелевает тебе Мамишви Карадзау, так как документ на жалованье Бадилову у тебя, то документ этот передай ему, если любишь меня, Иосиф Мдивани (при- дворный секретарь) уверяет, что он видел этот документ у тебя где-то, если же нет у тебя документа этого, то вероятно у дяди твоего; потому истребуй таковый, в противном случае подвергнешься неудовольствию Царевича. Февраль 16 дня 473 года». Ацы дыууæ документы кæрæдзийы фарсмæ куы æрæвæ- рæм, лæмбынæг сæм куы æркæсæм, уæд бирæ цымыдисаг фæрстытæ æвзæры. Фыццаджыдæр, паддзах Иракли фыссы йæ фыстæг Ебайы фырт Бадиламæ 470 азы. Ираклийы фырт Вахтанг та фыссы Хъарадзаумæ 473 азы, уæды гуырдзиаг азфыстмæ гæсгæ. Æртæ азы дæргъы Бадила цæй аххосæй нæ фæзынд гуырдзиаг паддзахмæ æмæ йæ мызд цæуылнæ иста, уый абон зын раиртасæн у. Дыккаг та — фыстыхъæд (стиль) йæхæдæг: Вахтанг фыс- сы Хъарадзаумæ æмæ дзы, цыма йæ хорз æрдхорд æфсымæр у, афтæ лæгъстæгæнæгау куры («если любишь меня»): кæд Бадилайы гæххæтт дæумæ нæй, уæд та уыдзæн дæ фыды æфсымæрмæ («у дяди твоего»). Цавæр хъуыдытыл нæ æфтауы ацы цау? Хъарадзауы фыды æфсымæр (хъыгагæн дзы йæ ном нæй), кæд ын пад- дзахы къæнцылары ахсджиаг документтæм бавналыны бар уыди, уæд, æнæмæнг, гуырдзыйы паддзахады сконды бæр- зонд бынат кæй ахста. Ацы фарстæн дзуапп ссарæн ис, æндæр фонды документ- тæм æркæсгæйæ. Цæвиттон, 19 æнусы ирон адæмæй бирæтæ фыстой курдиæттæ уæздан мыггаджы ном райсыны йе та йæ сбæлвырд кæныны охыл. Уæд цы комитет арæзт æрцыди («Комитет для разбора сословных прав горцев Кубанской и Терской областей»), уырдæм иу ахæм курдиат ныффыстой Мамиаты мыггаджы æвзæрст лæгтæ цыппарæй: Габе, Цаи, Инар, Бяслан18. Архивон æрмæджыты фыст сты «Хетагуро- вы»1, зæгъгæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ, Нары зылды цы 12 мыггаджы царди, уыдон уыдысты Хетæджы байзæддаг. 18 ЦГА РСО-А. Ф. 262, оп. 1, д. 11, ф. 47-49. 74
75
76
Гуырдзыимæ сын æввахсдæр бастдзинæдтæ кæй уыди, уымæ гæсгæ Нары зылды мыггæгтæ гуырдзиагау иууылдæр фыст цыдысты «Хетагури»-тæ. Уæрæсейы бархъомыс Ирыстоны куы стыхджын ис, уæд та фыстой уырыссагау «Хетагуров»- тæ. Фæстæдæр, Иры æхсæнад хицæн фыдыфырттыл дих кæ- нын куы райдыдта, уæд фæзынди дыууæ номæй мыггæгтæ: Хетагуров-Мамиев, Хетагуров-Дзидаханов æ. а. д. Уæлдæр ранымад цыппар лæджы, курдиатфысджытæ, «Мамиев-Хетагуровтæ» кæй сты, уый бæлвырд-бæрæгæй зыны архивы иннæ фондты дæр19. Ам сæйрагдæр не ’ргом аздахын хъæуы, ныхас цы дыууæ документыл цæуы, уыдон иу дуг, иу рæстæджы фыст кæй сты. Паддзах Иракли фыссы Ебайы фырт Бадиламæ 470 азы, паддзахы фырт Вахтанг та Хъарадзаумæ — 473 азы (Гуырдзыйы уæды азфыстмæ гæс- гæ). Уæзданы ном кæм куырдæуы, уыцы курдиаты дæр ны- хас цæуы Ираклийы дугыл: «Предокъ наш Дахчуко Хетагу- ровъ, съ давняго времени, происходя изъ почетной Нарской фамилш, служилъ переводчикомъ на Осетинскомъ языке при дворе Грузинскаго Царя Ираюпя» æ. а. д. (кæс оригинал). Ацы дыууæ документы æрæмных кæнгæйæ, нæ бон у бæл- вырд хъуыдымæ æрцæуын. Фыццагæй Хъарадзауы фыды- фсымæры ном бæрæг нæу. Фæлæ нæ дыккаг æркæны фидар хатдзæгмæ: курдиатфысджытæ Дæхцыхъо кæй хонынц æмæ паддзах Ираклийы галуаны тæлмацгæнæгæй чи кусы, уый у иу адæймаг — Хъарадзауы фыдыфсымæр. Ардыгæй ма ноджыдæр иу хатдзæг ахæм скæнæн ис. Хъа- радзау райдианы ахуырдзинад райста йæ фыды æфсымæр Дæхцыхъойы фæрцы. Гуырдзыстонмæ йæ уый æрбахуыдта- ид. Лæппу цалынмæ ахуыр кодта, уæдмæ йыл фыды æфсы- мæр, бæрнон бынаты кусгæйæ, йæ арм дардта. Дыккаг æнхъæлæн та ма ахæм у. Гæнæн уыдис, æмæ Хъа- радзауы фыдыфсымæр Дæхцыхъо архимандрит Пахомиимæ, цалынмæ уый Бетъырбухмæ нæ ацыди, уæдмæ лымæн-зон- гæтæ уыдысты, æмæ йæ хионы уый æххуысæй ахуыры фæн- дагыл сарæзта. Пахоми йæхæдæг Синодæн хъусын кодта: «Ныртæккæ дæр дыууæ æнахъом ирон лæппуйы ахуыр кæнæм гуырдзиаг æвзагыл; уыдон нын фæстæдæр стыр ахъаз фæуыдзысты 19 ЦГА РСО-А. Ф. 30, оп. 1, д. 88. 77
78
сæхи ирон адæмы æхсæн донаргъуыд æмæ чырыстон дин па- рахат кæныны хъуыддаджы». Гъе уыцы чысыл лæппутæй иу уыди Хъарадзау. Тамерлан йæ иртасæн куысты куыд зæгъы, афтæмæй дык- каг та уыди Куырттаты комæй, старсин Гуыриаты Басизы фырт Бахта. Дыууæ ирон лæппуйы æрдхорд-æфсымæртау тынг балымæн сты. Тамерланы хъуыдымæ гæсгæ, Бахта йæ рæстæджы Куырттаты комы уыди иунæг ахуыргонд лæг, фæлæ йын, хъыгагæн, хъысмæт фаг цæрæнбонтæ нæ радта, æрыгонæй йæ цардæй ахицæн ис. Куыд рауади уæдæ Хъарадзауы цардвæндаг та? Бæлвырд у, архимандрит Пахомйы фæстæ Ирон дины къамисы хъуыддæгтæ кæй бакодтой архимандрит Григорийы бæрны. 1767 азы Григори сæрмагонд курдиат арвыста импе- ратрицæ Екатеринæ П-ы номыл, цæмæй чырыстон дины чин- гуытæ тæлмацгонд æрцæуой ирон æвзагмæ, уый та фадат ратдзæни ирæттæн сæхицæй чырыстон дин парахатгæнджы- тæ фылдæр цæттæ кæнынæн. Йæ курдиаты сæрмагондæй хъу- сын кæны: «А шесть человек из знатнейших тамошних стар- шин детей своих мне препоручили, которые и поныне в Моздоке в школе обучаются. А ис прежде взятых таковых же малолетних три человека уже грамоте совершенно мною и моим коштом обучены. Ис которых один в нынешнем 1767 г. в Астрахань мною привезен был, которой от его преосвящен- ства Мефодия епископа астраханскаго во иерея посвящен и в Осетию отправлен. А двое к тому еще обучены и приуготов- лены к просвещению»20. Григори цы æртæ лæппуйы кой кæны, уыдон, бæлвыр- дæй, Пахомийы ахуырдзаутæ сты. Иæхи ныхæстæм гæсгæ (уæлдæр нæм сæ кой уыди), раздæр йæ ахуыргæнинæгтæ дыууæ йеддæмæ нæ уыдысты, стæй ма сыл, æвæццæгæн, иу бафтыди. Логикон æгъдауæй растдæр у афтæ хъуыды кæ- нын, зæгъгæ, Астраханмæ дæр, Пахомийæн йæхи фæдзæх- стмæ гæсгæ, фыццæгтæй искæй арвыстаиккой. Тамерлан фактты бындурыл бавдыста, Бахта йæ дунейæ æрыгонæй кæй ахицæн ис, ахуыры рæстæджы дæр йе ’нæниздзинад, æвæццæгæн, бынтон фидар нæ уыди. Ацы æвдисæнты фæрцы 20 Кæс: Материалы по истории Осетии. Т. 1. — Орджоникидзе, 1933. - Ф. 83-87.
нæ бон у афтæ ахъуыды кæнын, зæгъгæ, Астраханмæ 1767 азы æрвыст æрцыди Мамион Хъарадзау. Гуырдзыйæн уыцы рæстæджы стыр Уæрæсеимæ уыдис хорз ахастдзинæдтæ æмæ фидар бастдзинæдтæ. Хъарадзауы фыды æфсымæрæн, æнæмæнг, йæ уавæртæ амыдтой, цæмæй, нымад лæг уæвгæйæ, йæ кæстæры ахуыры фæндагыл дард- дæр бакуыстаид æмæ йæ Пахомийы æххуысæй Уырысмæ ахуырмæ арвыстаид. Ныр та уал цалдæр ныхасы, Хъарадзауы балцы хабар дзæв- гар рæстæг ахуыргæндтæй рохуаты кæй аззад, уый тыххæй. Чи- дæртæ афтæ дæр хъуыды кæнынц, ома Хъарадзау йе ’мбæлц- цæттимæ уырысы ус-паддзахимæ нæ фембæлди. Ахæм хъуыдытæ æмæ хатдзæгтæ сты бынтон æнæбындур. Хъарадзауы балц æцæ- гæйдæр кæй уыди, уый сбæлвырд кодта дзæнæты бадинаг, ахуыргонд-историк, кавказиртасæг, профессор Блиты Макс. Йæ очерк «Чи уыди Мамиаты Хъарадзау, кæдæм уыд йæ балц?» мыхуыры рацыди журнал «Мах дуг»-ы 1967 азы, дыккаг номы- ры, уырыссаг æвзагæй иронмæ тæлмацгондæй. Фæстæдæр ма йæ рамыхуыр кодтой газеттæ «Рæстдзинад» (2002 азы, 13 авгу- сты), «Стыр ныхас» æмæ «Северная Осетия». Ацы ран бынду- ронæй раиртæста, Хъарадзау йе ’мбæлццæттимæ кæй фембæлд Уырысы ус-паддзах Екатеринæ П-имæ; уый уыди Хъырымы 1787 азы. Фæлæ ма ам сæвзæры иу бæлвырдгæнинаг бындурон фарст. Хъырым егъау æрдæгсакъадах у, йæ кæцы горæты кæнæ та хъæуы æрцыди уыцы ахсджиаг фембæлд? Ирысто- нæн уый уыдис стыр историон цау, æмæ дзы алцыдæр, йæ алы лыстæг фæзилæн дæр, бæрæг хъуамæ уа. Блийы-фырт дæр йæ очеркы ууыл сагъæс кæны. Цæвиттон, историйы бæлвырд-бæрæг у: Екатеринæ П-ы балцмæ йæ империйы хуссайраг арæнтæм цæттæгæнæн куы- стытæ байдыдтой 1784 азæй. Ацы ахсджиаг балц ахаста 2 январæй 11 июльмæ. Йæ мас- штаб, йæ хæрдзтæ, йæ дæргъвæтинад, стæй йæ архайджыты егъау нымæцмæ гæсгæ нымад æрцыди, æмбал кæмæн нæма уыди, ахæм уникалон балцыл. Историктæ дæнцæгтæ хæс- сынц: «Императорская свита состояла около трех тысяч чело- век: 32 высших сановника империи, послы Англии, Австрии и Франции, приближенные двора, наместники, губернаторы, 82
управляющие земель, по которым продвигался кортеж, лакеи и прочая обслуга. Императорский поезд состоял из 14 карет, 124 саней с кабинками и 40 запасных саней. Екатерина II ехала в карете на 12 персон, запряженной 40 лошадьми, где ее сопровождали придворные, представители иностранных, дипломатических миссий, которые были приглашены в путе- шествие, и другая прислуга»21. Хъырыммæ фæндагыл йæ размæ кад кæнынмæ цыдысты губернатортæ, чиновниктæ сæ адæмимæ æмæ йæ фæндараст кодтой иннæ губернийы арæнты онг. Алы станцæйы дæр сæм æнхъæлмæ кастысты 500-600 ивæн бæхы. Кънйаз Тавриаг Потемкин йæ удæй арт цагъта, цæмæй, Екатеринæ II кæуылты цыди, уым ыл йæ дæлбар адæм кæд- дæриддæр стыр цинхуызæй, алцæмæй дæр цыма разы сты, афтæмæй æмбæлдаиккой, цæмæй йæ паддзахады æвæрæнтæ хъæздыгхуызæй уыдтаид, ууыл. Историк А. Лефорт фыс- сы, зæгъгæ, Хъырымы Екатеринæ П-ы размæ рацыдысты черкесты æмæ хъырымаг тæтæйрæгты æфсæддон стыр къордтæ. Историон мысинæгты ма баззади иу цымыдисаг цау: «Недалеко от Балаклавы их встретила рота амазонок, составленная из жен и дочерей офицеров расквартированно- го здесь греческого батальона, в специально пошитой уни- форме. Командовала экзотическим воинством роты амазо- нок жена одного из офицеров, Елена Ивановна Сарандова. Екатерина II была в умилении и присвоила Сарандовой уни- кальное звание «капитан амазонок». А после прислала в по- дарок перстень с бриллиантом и всем амазонкам — 10 тыс. руб.»22 Уыцы фембæлдтыты рæстæг Екатеринæ II хъуыддаджы ныхас дæр кодта, Уæрæсеимæ чи баиу ис, Цæгат Кавказы уыцы адæмты минæвæрттимæ. Блийы-фырт куыд зæгъы, афтæмæй кавказзонынады зындгонд кусæг П.Г. Бутковы æнæмыхуыргонд очеркы («Ирæттæ») фыст ис: «Куырттаты, 21 Нассау-Зиген К.Т. Императрица Екатерина II в Крыму. 1787 г. [От- рывки из дневника и переписки] / Перевод и публ. В.В.Т. // Русская стари- на, 1893. - Т. 80. - № 11. - Ф. 283-299. 1ЖЬ: Ьир5://\у\у\у.уапаех.ги/ 5еагсЬ/?Ьех1=%20%Нассау-Зинген%20К.Г.%20Императрица%Екатерина%20 %в Крыму%1г=33 22 1]КиШр:/ЛЬотуП\езМо^роЬ.сот/20\8/\0/пМт\ 83
Екатеринæ II лæугæйæ Екатеринæ II. Хъырыммæ балцы тыххæй сæрмагонд зæрдылдарæн майдан 84
Екатеринæ II Хъырыммæ балцы кæм цыди, уыцы дыууадæсбынатон къарет Хъырыммæ фæндагыл йа размæ цыдысты губернатортæ, чиновниктæ сæ адæмимæ æмæ йыл цингæигæйæ æмбæлдысты 85
Уæлладжыры, Захъайы, Нары цæрджытæн минæвæрттæ уыди кънйаз Тавриаг Потемкинмæ». Бутков ма йæ очеркы ноджы фыссы, зæгъгæ, дам, «пад- дзах Екатеринæ II йæхæдæг саккаг кодта, аргъаугæ цы дзау- майы фæкæнынц, уырдыгæй... (дарддæр фыстæн равзарæн нæй) 1787 азы хъуыбаддаг æлдар Хъуыбадты Кермены, ар- гъуыды фæстæ Алыксандр хонын кæй байдыдтой, уый. Фæ- стæдæр ын радтой майоры цин. Кънйаз Потемкин фæд- фæдыл уыди куырттатаг æртæ старшинайы номæвæрæг, инæлар-поручик та — тæгиатаг дыууæ старшинайы номæвæ- рæг». Бутков нын цы хабæрттæ ракодта, уыдон уæлдай зы- наргъдæр уымæн сты, зæгъы дарддæр Блийы-фырт, — æмæ сæ амынд цæуы, ирон æвзæрст лæгтæ Уæрæсемæ кæд араст сты, уый — 1787 аз. Екатеринæ II дæр раст гъе уыцы рæстæг уыди Хъырымы. Ирыстоны минæвæрттæ ус-паддзах Екате- ринæ П-æй райстой сæрмагонд гæххæтт, Ирыстон Уæрæсе- имæ кæй баиу и, уый тыххæй. 86 Сылгоймæгтæй арæзт сæрмагонд «рота амазонок» (йæ сæргъы Елена Ивановна Сарандова) стыр кадимæ сæмбæлд Екатеринæ П-ыл
Екатеринæ II, Хъырымы уæвгæйæ, цы горæттæ бабæрæг кодта, уыцы картæ-схемæ æмæ цалдæр нывы 87
88
Бахчисарай — Хъырымы тæтæйраг ханы сæйраг горæт Бахчисарай, тæтæйраг ханы галуан. Ам уыди ирон минæвæртты фембæлд (Мамион Хъарадзау — сæ сæргъы) Екатеринæ Н-имæ 89
Екатеринæ II Бахчисараймæ кæуылты цыд, уым йæ кадæн дурæй цы сæрмагонд нысантæ (Екатериновская миля) æвæрдтой, уыдонæй цалдæр 90
Ирон адæмы минæвæрттæ, сæ сæргъы Мамион Хъарадзау, уырысы паддзахы æвзæрст лæгтимæ фембæлды рæстæг Ирон адæмы æрвыст лæгтæ Екатеринæ И-мæ кæй уыды- сты æмæ сын уый æцæгдæр ахæм гæххæтт кæй радта, уыцы хабæртты кой ис Хетæгкаты Къостамæ дæр йæ этнографион очерк «Особайы». Къоста уым амоны, зæгъгæ, дам ма «хæрз æрæджы дæр Нары аргъуаны фенæн уыди Цытджын Екате- ринæйы грамотæйæн, нарон ирæтты депутаци Йе стырдзина- димæ куы ныхас кодтой, уæд сын кæй радта, уый23. Хетæгкаты Къостайæ ноджы раздæр та, — бæлвырд кæны ахуыргонд, — 1802 азы, поручик Бларамберг дæр фыста, зæгъгæ, Нары аргъуаны «стыр кадджынæй» дарынц «нарон- ты иузæрдиондзинады æвдисæн» æмæ «кафтантæ», наронтæ ус-паддзахæй лæварæн кæй райстой, уыдон». Æппæт ацы æвдисæнтæ сгаргæйæ, Блийы-фырт æрцæуы ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, Мамиаты Хъарадзау æмæ йемæ æв- зæрст ирон лæгты минæварадæн йæ политикон нысаниуæг уыди — «хъуамæ ирæттæ сæхи дзыхæй фидарæй загътаиккой, 23 Хетагуров К. Собр. соч.: В пяти томах. Т. IV. — М.: Изд-во АН СССР, 1960. - Ф. 313. 91
уьфысы къухмæ сæхи кæй дæттынц, уыдоныл сæхи кæй фæдзæхсынц, уый. Ирыстоны æрвыст лæгтæ, Уæрæсейыл иузæрдион уыдзыстæм, зæгъгæ, ус-паддзахæн зæрдæ кæй ба- вæрдтой, уымæн бæлвырд æвдисæнтæ — Екатеринæ П-ы гра- мотæ, йæ лæвæрттæ, стæй сыл йæхæдæг æмæ йæ сановниктæ аргъуыды нæмттæ кæй сæвæрдтой, æппæт уыдæттæ. Уый тынг ахсджиаг цау уыди Уæрæсейæн, уымæн æмæ Уæрæсе уæд, 1787 азы, хæцын райдыдта Туркимæ». Дарддæр ахуыргонд, ныр та адæмон сфæлдыстады бынду- рыл, афæлгæсыд, Хъарадзау йæ сæргъы цы минæварадæн уыди, уый балцыд æмæ бæвырд кæны, зæгъгæ, таурæгъты, искуы-иуæй фæстæмæ, сæ фæндаг бынтон иухуызон æвдыст цæуы. Уыйхыгъд, фиппайы Блийы-фырт, «ирон таурæгъ- гæнджытæ алы ныхас кæнынц, Ирыстоны минæвæрттæ уы- рысы ус-паддзахимæ кæм фембæлдысты, ныхасмæ йæ кæм федтой, уый тыххæй. Иуæй-иу таурæгъты афтæ дзурынц, зæгъгæ, дам, ирон минæвæрттæ Екатеринæ П-мæ ацыдысты Бетъырбухмæ. Иннæты амонынц, цыма сæ фембæлды бынат Екатериноградскæйы станицæ уыди"(ирæттæ йæ хуыдтой Са- пачъе)». Мæнмæ гæсгæ, сæ иутæ дæр æмæ иннæтæ дæр рæдийынц. Æмæ уым диссагæй ницы ис. Цæвиттон, XVIII æнусы, Мами- аты Хъарадзау йæ сæргъы кæмæн уыди, уыцы минæварадæй фæстæмæ ма уырысы паддзахмæ ацыди æндæр ирон минæ- вæрттæ дæр: Елиханты Зурабы къорд, Бетъырбухы 1749 азы чи уыди, уый, стæй 1774 азы минæвæртты стыр къорд, астра- хайнаг губернатор П. Н. Кречетниковимæ чи ныхас кодта Мæздæджы, уый. Цы документтæ баззад, уыдонæй бæрæг сты уыцы минæварады уæнгтæ. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæ- уы, таурæгъгæнджытæ се ’ппæт кæм æвзæрстой, минæвара- дæй чи кæцы у, уый æмæ иу къорд ивддзаг кодтой иннæимæ, Мамиаты Хъарадзауы балц дæр сын, æвæццæгæн, уыдонимæ фемхæццæ и, уымæ гæсгæ уырысы ус-паддзахимæ фембæл- ды бынат дæр рæдыдæй хонынц Бетъырбух æмæ Екатерино- градскæй. Историктæ фыссынц: «Всего Екатерина II в Крыму про- была 12 дней в разных городах и населенных пунктах: Пере- коп, Бахчисарай, Севастополь, Симферополь, Карасубазар, Судак, Старый Крым, Феодосия». Ацы ранымад горæттæй 92
сæ фылдæр хайæн бындур æвæрд æрцыди Потемкины хъæп- пæрисæй, Екатеринæ П-ы балцы рагагъоммæ. Ахæм ногарæзт цæрæн горæт кæнæ хъæуы паддзахы аккаг хорз фадæттæ са- разынæн гæнæнтæ, сæйраджыдæр та — фаг рæстæг кæм уы- даид!.. Уæдæ-иу кæм фембæлдаид Екатеринæ II, Кавказы адæм- тæй хуынды гæххæттытæ кæмæ фервыста, уыдоны минæ- вæрттимæ? Кæм кодтаид семæ хъуыддаджы ныхас? Кæм æв- дыстаид фæсарæйнаг дипломаттæн йæ ногæрбафтæг адæмы æнувыддзинад Уæрæсемæ? Хъырым раздæр тæтæйраг ханты дæлбар уыди, уый алчи- дæр зоны. Сæ сæйраг горæтыл та нымад уыди Бахчисарай. Уæдæ тæтæйраг хан уым, йæ сæйраг горæты, йæхицæн зæр- дæйы фæндиаг уавæртæ кæй скодтаид, уый дæр дызæрдыг- гаг хъуамæ ма уа. Екатеринæ II Хъырымы зæххыл куы æрлæууыди фыццаг бон, уый тыххæй Францы бæстæйы æх- хæстбар минæвар Сегюр йæ мысинæгты фыссы: «При выезде нашем мы увидели довольно значительный отряд татарских всадников, богато одетых и вооруженных. Они выехали на- встречу государыне, чтобы сопровождать на пути»24. Екате- ринæ Н-ы уыцы æнæнхъæлæджы ныв дисы бафтыдта, ома тæтæр чырыстæтты нæ уарзынц, сылгоймаг сæм бæрзонд æвæрд нæу, иннæрдыгæй та сæ æрæджы тыхæй басаста. Уæддæр рахаста къæйых æмæ тæссаг уынаффæ: цалынмæ Хъырымы зæххыл стæм, уæдмæ, зæгъгæ, нæ хъахъхъæн- джыты иууылдæр раивын хъæуы бынæттон тæтæйраг сал- дæттæй. Уыцы уынаффæ фæстæдæр йæ ирвæзынгæнæг ра- зынди. Бахчисараймæ фæуырдыггæнæны къаретæ бæхтыл йæ уæзæй размæ куы анцой кодта, уæд æй тæтæйраг салдæт- тæ лæгдыхæй баурæдтой. Историон документ зæгъы: «20 мая 1787 г. Екатерина II торжественно въехала в Бахчисарай. Этот город, без сомнения, был одним из важнейших, если не самым главным пунктом путешествия. Бывшая столица враж- дебного государства уже, казалось бы, лежала у ее ног. И тут на подъездах к Бахчисараю произошел случай, который едва не обернулся трагедией. На крутом спуске кони не могли удержать тяжелую карету, в которой ехала Екатерина II. Но 24 Ист у чиныгæй: Россия XVIII века глазами иностранцев. — Л.: Ле- низдат, 1989. - Ф. 455-456. 93
местные татары не растерялись и, буквально бросившись под копыта и колеса, спасли жизнь императрицы. Расположились в бывшем ханском дворце»25. Кæд Екатеринæ П-æн Бахчиса- рай уыдис йæ балцы сæйрагдæр нысан æмæ бæллиц («самый главный пункт путешествия»), уæд, æнæдызæрдыгæй, йæ сæйраг уазæгуат-бынатæн дæр уыцы сахар равзæрстаид. Ууыл нæ æууæндын кæны, уæлдæр ранымад сахартæй хъау- джыдæр ам æртæ боны кæй бафæстиат ис, уый. Уæдæ хъуыд- даджы фембæлдтытæ дæр ам хъуамæ арæзтаид. Æппæт уыдæттæ хынцгæйæ, ныр нæ сæйраг зæгъинаг у: Мамион Хъарадзау цы ирон адæмы минæварады сæргъы уыди, уый Екатеринæ П-имæ фембæлди Бахчисарайы 1787 азы, майы мæйы æртыккаг декадæйы, ома 20-æм бонæй 22- æм бонмæ (бон бæлвырддæрæй зæгъын зын у). Ам сыл, Бах- чисарайы, донаргъуыд дæр скодтой, сæ бирæ лæвæрттæ дæр ам райстой, ард дæр ам бахордтой иузæрдиондзинады фæ- дыл, Уæрæсеимæ сæ иумæйаг хъуыддæгтыл æнувыд кæй уыдзысты, Уæрæсейы знæгтимæ иумæйаг тох кæй кæндзы- сты. * * * Уыцы ардбахæрд ирон адæмы хъæбултæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бафидар кодтой хæстон архайдтыты иумæйаг зна- джы ныхмæ. Ис дзæвгар бæлвырд дæнцæгтæ æрхæссæн: «В 1770 году из осетин и кабардинцев была создана так называ- емая "горская команда". Эта команда входила в состав во- енного гарнизона крепости Моздок и принимала активное участие в ряде военно-политических кампаний, проводимых Россией на Кавказе. В частности, совместно с русскими войсками "горская команда" участвовала в русско-турецкой войне 1768—1774 гг. Особенно 3 июня 1774 года, когда турецкие и крымские войска предприияли попытку овладеть крепостыо Моздок и таким образом отрезать Россию от Кавказа»26. 2Г) Россия XVIII века глазами иыостранцев... — Ф. 456. 26 Русско-осетинские отношения (40-е гг. XVIII — 30-е гг. XIX в). Т. 1. / Сост. М. М. Блиев. — Орджоникидзе: Ир, 1984. 94
Историктæ куыд зæгъынц, афтæмæй ирон адæмы ахаст- дзинæдтæ Уæрæсеимæ райдыдтой 1742 азæй æмæ бынтон æрфидар сты 1831 азы, паддзахы администраци Ирыстоны куы æрбынæттон ис, уæд. Бæлвырд куыд у, афтæмæй Уæрæсе æмæ Турчы æхсæн хæстыты нымæц æртындæсы онг хæццæ кæны. Уыцы хæсты- тæй ирон фæсивæд кæм нæ архайдта, ахæм нæ уыди. Мæнæ, зæгъæм, иу ахæм хæсты бæрæггæнæнтæ: «В 1853 г. по решению генерала-фельдмаршала князя Во- ронцова удостоены звания Горских узденей: 1. Козыров Инрдис — штабс-капитан; 2. Жукаев Петр — штабс-капитан; 3. Кусов Гака — поручик; 4. Козыров Бада — поручик; 5. Кусов Дия — поручик; 6. Козыров Цуки — подпоручик; 7. Кусов Касай — подпоручик; 8. Албегов Хамурза — подпоручик; 9. Тазаханов Гаго — подпоручик; 10. Бзаров Темуркан — подпоручик; 11. Кусов Семен — прапорщик; 12. Кусов Карсе — прапорщик; 13. Кусов Заурбег — прапорщик»27. Дарддæр архивты документтæ дзурынц бæлвырд хабæрт- тæ сæрмагондæй Нары зылды фæсивæды архайдыл уырысы æфсады иугонды: «Список обер-офицеров и юнкеров военно-осетинского общества Нарского прихода: 1. Семен Хетагуров — подпоручик; 2. Леван Хетагуров — прапорщик; 3. Иван Хетагуров — юнкер; 4. Петр Мамиев — юнкер; 5. Темырко Мамиев — юнкер; 6. Тега Хетагуров — юнкер; 7. Дахцико Хетагуров — юнкер; 8. Хосро Кучиев — юнкер; 9. Айдарико Хубецов — юнкер»28. 27 ЦГА СО. Ф. 291, оп. 1, д. 30, ф. 9. 28 Уый дæр уым. — Ф. 66. 95
Ирон фæсивæд цыма Хъарадзауы ардбахæрд æххæст код- той Уæрæсейыл иузæрдиондзинады фæдыл, афтæ зæрдиа- гæй архайдтой уырысы æхсæнадон-политикон цауты æмæ тугкалæн хæстыты. Уыимæ Хъарадзауæн йæхи æрвадæлтæ — Мамиаты фæсивæд дæр фæсте нæ баззадысты. Хæсты алчи хъайтары номы аккаг не свæййы. Хъарадза- уы фæдонтæй паддзах хæрзиуджыты аккаг кæй скодта, уыцы сæрæнгуырдты номхыгъд дæлдæр дæттæм. «Сведения о представлении к наградам офицеров-горцев и милиционеров-осетин за участие в войне 1853—1856 гг. Из села Сауыбын: на Георгиевской ленте 1-го разряда 1. Петр Мамиев — юнкер; 2. Ханаз Мамиев — юнкер; 3. Тасо Мамиев — юнкер; 4. Бза Мамиев — юнкер, с. Пуриат; 5. Андрей Мамиев — юнкер, с. Уарцъе. Из села Сауыбын: на Андреевской ленте 1-го разряда 1. Габе Мамиев — поручик; 2. Соломон Мамиев — поручик; 3. Дате Мамиев — поручик; 4. Цопан Мамиев — поручик; 5. Джанаспи Мамиев — поручик; 6. Филимон Мамиев — поручик; 7. Берд Мамиев — штабс-капитан; 8. Данел Мамиев — штабс-капитан; 9. Джабраил Мамиев — штабс-капитан; 10. Дмитрий Мамиев — кавалер ордена св. Георгия»29. Ам бафиппайын хъæуы, ранымад номхыгъдмæ хаст кæй æрцыдысты, афицеры цин кæмæ уыди, æрмæст уыдон, уы- мæй дæр Ирæн йæ цæгатварсæй. Хуссар Ирæй уыцы хæсты- ты чи фесгуыхт, уыдоны номхыгъдтæ, хъыгагæн, гуырдзиаг лæгсырдты азарæй фесæфтысты. Хуссар Иры 2008 азы зæх- хы æмвæз скæнынмæ куы хъавыдысты, уæд сын сæ архивы ахсджиаг æрмæджытæ арты хай бакодтой. Ирон сагсур фæсивæд сæ хъайтардзинад, сæ ныфс æмæ лæгдзинадæй дисы æфтыдтой уырысы æфсадхон инæлæртты. Инæлар Скобелев йæ хæстон мысинæгты фыссы: «Поведение осетин в эту кампанию по беспримерному самоотвержению и 29 ЦГА СО. Ф. 53, оп. 1, д. 1750. 96
рыцарской храбрости выше всякой похвалы»30. Ацы инæлар ирæттыл афтæ тынг æууæндыд, афтæ тынг сыл йæ зæрдæ дардта цыфæнды уæззау æмæ тæссаг уавæры дæр, æмæ æп- пынæдзух йæ фарсмæ куы уыдаиккой, уый дæр æй фæндыд: «В 1881 году Скобелев, отправляясь в Текинскую экспеди- цию, вызвал к себе для личного конвоя и для ординарческой службы охотников-осетин. За все время этой продолжитель- ной боевой службы офицерский состав состоял исключитель- но из природных осетин»31. Ирон фæсивæд хъайтар æмæ Хъарадзауы æрвадæлтæ, Мамиаты фæсивæд, фыццаг дунеон хæсты азты архайджытæ. Галиуæрдыгæй рахизæрдæм: бадынц — Мамиатæй (йæ ном бæрæг нæу), Джиоты Никъала, Мамиаты Дидо, Мамиаты Лади; лæууынц — Мамиаты Григол, Мамиаты Сосæбе, Мамиаты Алыксандр, Мамиаты Аврам. Алыксандр, Дидо æмæ Григол сты æфсымæртæ — Ростъомы фырттæ 30 Кæс: Баев Г. Боевая служба осетин. — Владикавказ: Ир, 1991. — Ф. 31. 31 Уый дæр уым. — Ф. 45. 97
ныфсхаст кæй уыдысты алы хæсты дæр, уый паддзахы инæ- лæрттæ иууылдæр базыдтой, æмæ сæ алчидæр йæхимæ хуыд- та. Дунайы хæсты сæйраг командæгæнæг Кавказы намест- никмæ фыссы 1877 азы 24 сентябры: «С разрешения Государя пишу тебе просьбу выслать осетин сколько можно с лошадь- ми. Осетины — герои каких мало. Дай мне их побольше. Про- шу выслать как можно скорее. Осетины так работали, что буду просить Георгиевское знамя»32. Командæгæнæг цы ты- рысайы кой кæны, уый Ирон дивизионæн лæвæрд æрцыди 1878 азы, 8 августы. Уæдæ Фыццаг дунеон империалистон хæст (1914—1918) куы райдыдта, уæддæр та ирæттæ фæсте нæ баззадысты. Къамæй нæм цы сагсур фæсивæд кæсы, уыдон дæр сты ацы хæсты архайджытæ. Иуæй фæстæмæ се ’ппæтдæр — Хъара- дзауы фæдонтæ — Мамиатæ, Нары зылдæй, Фаллагкомæй. ЦИГСИ-йы архивы разындис 46 адæймаджы иумæйаг хуызист хæсты райдианы — 1914 азы августы. Иууылдæр Наргомы фæсивæд кæй сты, уый фыст у къамы чылдымыл. Къамисæг та уыди Дзанайты Садуллæ. Ацы æппæт ранымад цаутæ æвдисæн сты, Хъарадзау цы минæварады сæргъы лæууыди, уымæн стыр историон ныса- ниуæг кæй ис Ирыстоны дарддæры хъысмæты. Сæ равзæрст фæндагæй кæй нал фæиппæрд уыдзысты, Уæрæсеимæ сæ хæлардзинад фидар æмæ мыггагмæ кæй у, уый ирон адæм хъуыддагæй бавдыстой. * * * Ныр та раздæхæм нæ фыццæг ныхасмæ. Историк Блийы- фырт йæ очерк «Чи уыди Мамиаты Хъарадзау, кæдæм уыд йæ балц», зæгъгæ, уым дæтты историон балцы архайджыты номхыгъд. Уырысы ус-паддзахмæ араст сты: Мамиаты Хъа- радзау, Тотраты Гузы, Куыдзиаты Дзагло, Цæлыккаты Ладе, Къæбысты Хъылци, Калманты Ацæмæз, Гуыриаты Дзига, Шо(таты Тохт, Арысханты Хъæлци æмæ ма ноджы чидæртæ, æдæппæтæй 40 лæджы. Ирыстойнаг минæвæрттæ фембæл- дысты уырысы ус-паддзахимæ, æмæ сæ уый фарста: авд азы 32 Уый дæр уым. — Ф. 32. 98
03 й н о л н о >» н « оЗ я 03 к оЗ л н о й X со 03 3 К и 3 •9« о н Он 03 99
дæргъы цæуылнæ зындысты, цы сæм цыди, цы сæм æмбæл- ди, уый цæуылнæ истой? Ирыстонæй æрвыст лæгтæн сæ дзуапп уыди: уæззау замантæ скодта, сæ фадат нæ амыдта, æппындæр сын рæстæг нæ фæци фæзынынæн, кæд цытджын ус-паддзахы фенынмæ тынг бæллыдысты, уæддæр. Уырысы ус-паддзæх сын саккаг кодта Хъулон гæххæтт, стыр лæвæрт- тæ сын ракодта (сæхимæ сæ ластой 40 уæрдоныл), стæй ма сын уымæй уæлдай радта 180 галы. Дзуры сын сæ балцы трагикон кæроныл. Фæлæ хъын- цъым кæны, зæгъгæ, нæ бон бæлвырд зæгъын нæу, чи уыди Мамиаты Хъарадзау, йемæ цы æрвыст лæгтæ уыди, уыдони- мæ кæд æмæ кæм федтой ныхасмæ Уырысы ус-паддзах Ека- теринæ П-ы». «Архивты абоны онг ницыма ссарын бафтыди къухы ахæмæй, æмæ æппæт уыцы фарстытæн дзуапп раттæн кæмæ гæсгæ уаид». Амынд историон «урс тæппытæй» кæд нæ бон исты раирд кæнын баци, уæд — Хуыцауæн табу! Ныр кæрæдзийы фарсмæ æрæвæрæм дыууæ ахуыргон- ды — Блиты Макс æмæ Гуыриаты Тамерланы куыстытæ æмæ сæм лæмбынæг æркæсæм. Дыууæ раны дæр æмбæлæм «дьяк Василий Давыдов», зæгъгæ, номыл. Сæ дыууæтæм дæр ны- хас иу адæймагыл кæй цæуы, ома Мамиаты — Мамион Хъа- радзауыл, уый дызæрдыггаг нал у. Сæ куысты хицæндзинад та уый мидæг ис, æмæ Блийы-фырт иртасы историон цаутæ историйы æвзагæй, архивон æрмæджыты бындурыл. Хъуыд- даджы архайджытæ, куыд бæлвырд адæймæгтæ, чи сты, кæ- цон, историон документты се ’цæг нæмттæ баззадысты æви сæ фæсномыгтæ, уый йæ уыйбæрц не ’ндавы. Йе стырдæр хæсыл нымайы, цалдæр æнусы дæргъы ирон-уырыссаг ахаст- дзинæдты тыххæй гæххæттыл фыстæй цы баззади, уыдон раиртасын, бæлвырд уагыл сæ равæрын æмæ сæ адæмы раз- мæ æмбæлгæ фæткыл рахæссын, æнæмбæрст дзы куыд ницы баззайа, ахæм хуызы. Гуыриаты Тамерлан та йæ иртасæн куыстæй уд бауагъта историон цауты, сдзурын сæ кодта æмæ афтæмæй зонады ру^сс бахаста нæ кадджын фыдæлты цæсгоммæ — сæ нæмттæ рохæн æвгъау сты, уый ахуыргонд тынг хорз æмбæрста! Фарстмæ бацыди æндæрæрдыгæй. Чи уыдысты, историйы чи баззади, уыцы таурæгъон лæгтæ, цавæр — сæ адæймагон 100
æууæлтæ? Æвзагзонынады бындурыл сын раиртæста сæ нæмт- ты растфыссынад уæды æмæ абоны домæнтæм гæсгæ, æмæ афтæмæй ирдæй разынди иу кæнæ иннæ номы æрдзон хуыз. Сæрмагондæй ныхас цæуы, уæлдæр кæй кой кодтам, уыцы «дьячек» Василий Давыдовыл («он же Карачев, Карацев»). Ахæм лингвистон методты руаджы ахуыргонд сбæлвырд код- та, уый таурæгъон номдзыд Мамион Хъарадзау кæй уыди. Дарддæр мæ зæрды ис, хистæртæй цы хъуыстон æмæ ар- хивты цы æрмæджытыл бамбæлдтæн, уыдоны тыххæй цыбы- рæй мæ хъуыды зæгъын. Зындгонд куыд у, афтæмæй 18 æнусы кæрон — 19 æнусы райдианы Уырысы паддзах йæ бархъомыс Цæгат Кавказы æмæ Фæскавказы фидарæй-фидардæр кодта, фылдæр æмæ арæхдæр — гуымиры тыхæй архайгæйæ. Ахæм уавæр уæззау уаргъæй æрæнцади мæгуыр адæмы уæхсчытыл. Ирыстоны хуссайраг хай, уыимæ Туалгом дæр, уыдысты гуырдзиаг фе- одалты дæлбар, хъалонты æфсондзы бынæй сæ скаст нæ уагътой. Уырысы æфсæддон администраци Ирыстоны зæх- хыл æлдариуæг куы райдыдта, уæд ирон зæхкусæг æнхъæл- мæ касти, уæдæ ныр кæд нæ уавæр фæрогдæр уаид, зæгъгæ. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, тæдзынæгæй цыхцырæгмæ бахау- ди. Кавказы æфсæддон администрацийы хицау А.П. Ермо- лов гуырдзыйы феодалты фарс рахæцыдис. Афтæмæй мæ- гуыр адæмы бæрзæйыл дывæр уæз æрæнцади: гуырдзиаг феодалтæ сæхи хъалон домдтой, уырысы администраци дæр — сæхи. Ахæм æнæрастдзинад-иу сæ бынтон куы ба- домдта, дывæр уаргъы бын-иу куы нал фæрæзтой, уæд-иу растадысты се ’фхæрджыты ныхмæ. Карз цæстæнгасæй ка- сти Ермолов уыцы «æнæсæттонтæм», æфхæрæн къордтæ-иу сæм арвыста. Ахæм æфхæрæн экспедици 1817—1824 азты ныддæрæн кодта æмæ басыгъта Хуссар Ирыстоны 21 хъæ- уы33. Сæрмагондæй нæм Туалгомы тыххæй ахæм историон цаутæй ницы бæлвырд зонæнтæ æрхæццæ ис. Гæнæн ис, æмæ ам къаддæр æфхæрд баййæфтой æрдзон фадæтты, ома йе ’рбацæуæнты руаджы: цæгатæрдыгæй — Къасаргомы уæззау æмæ тæссаг фæндæгтæ, хуссарæрдыгæй æфцæгыл ахизын дæр уæдæ цас удæнцой уыдаид, фæлæ йыл уæддæр Къа- саргомæй æцондæр ацæуæн уыдис. Уымæ гæсгæ Туалгомы 33 История СОАССР. Т. 1. - Ф. 227. 101
алыхуызон бастдзинад фæсхохимæ, уыимæ гуырдзыимæ дæр уыди фылдæр æмæ фидардæр. Уæлдæр цы историон цаутыл дзырдтам, уыдон æмæ Мамион Хъарадзауы дуг кæд кæрæдзимæ дæрддзæф сты, уæддæр æрдзон уавæртæ æмæ фадæттæ ницы уанæбæрæг ивтой. Фæсæфцæгимæ ахастытæ Туалгомæн баст сты экономи- кон аххосæгтимæ. Ирон зæхкусæг уырдæм хаста йæ базай- рæгтæ, фылдæр — цыхт æмæ къуымбил, æмæ сæ ивта æндæр хъæугæ товарыл. Фæстæдæр ма базарадон бастдзинæдтæм бафтыди рухс цардмæ тырныны бæллиц. 18 æнусы ахуырмæ фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ акæнæн уыдис Гуырдзысто- ны, уæрæхдæр æмæ фадатджындæр уавæртæ та — Уæрæ- сейы. Хъарадзау йæ ахуыр Уæрæсейы кæй адарддæр кодта, уый Гуырдзыйы паддзахæн дæр æнæпайда нæ уыдаид. Æвæц- цæгæн, рæдыд нæ уыдзæнис афтæ ахъуыды кæнын, зæгъгæ, Хъарадзау йæ ахуыры фæстæ кусын райдыдта Гуырдзыйы паддзахады сконды. Æлборты Барысбийы æмбырдгонд тау- рæгътæй иуы фыст ис: «Хъарадзау ахуыр кодта Калачы. Уыд подполковник. Елечъри II раз куыста министрæй. Гуыр- дзыйы йын уыдис зæххытæ. Куы амард, уæд йæ зæххытæ бахаудысты кънйаз Амилахрмæ. Хъæуы æргъæу чырыны уы- дысты Хъарадзауы чингуытæ. Басыгъта сæ йæ ус, Мылла, зæгъгæ. Уый фæстæ ралыгъд Бетъретæм (хъæуы ном — М. Т.). Ам уыди Хъарадзауы æфсымæр Бабийы зæххытæ». Гуырдзы æмæ Уырысы æхсæн бастдзинæдтæ цæмæй фи- дардæр кæной, уый тыххæй хъуыди Хъарадзауы хуызæн ди- пломаттæ. Вахтанджы писмо (грамотæ) кæсгæйæ, зæгъæн ис, æмвæлтæ^ кæй уыдысты, ноджы ма — хорз лымæнтæ, æрд- хæрдтæ. Иæ писмойы йæ, иуæрдыгæй, курæгау кæны (если любишь меня), иннæрдыгæй та йæ æртхъирæнгæнæгау фæ- дзæхсы (подвергнешься неудовольствию Царевича). Дыкка- джы та Вахтанджы фыстæй бæлвырд у, Хъарадзау ын хуы- мæтæджы æрдхорд кæй нæ уыди, фæлæ ма сæ паддзахады сконды дæр ахсджиаг бынат кæй ахста. Уый афтæ куы нæ уыдаид, уæд дзы курæгау нæ, фæлæ домгæ æркодтаид. , Архивты ацы æрмæг æмæ фольклорон «документтæн» кæ- рæдзиимæ ис фидар бастдзинад. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм, Уырысы ус-паддзахмæ Хъарадзауы балцы тыххæй ныхас цы таурæгъæй райдыдтам, уый. Уырысы ус-паддзах 102
хуынды гæххæтт рарвыста ирон адæммæ, сæрмагондæй Куырт- таты коммæ, таурæгъты йæ хонынц «хъулон гæхххæт». Комы хистæртæ æрæмбырд сты сæ иумæйаг Хæдзар-ныхасмæ. Сæ «хъулон гæххæтмæ» фæракæс-бакæс кодтой, фæлæ æнæ- хъæн комбæсты чи сын æй бакастаид, ахæм лæг нæ разынд. Бакасти сын æй нарон Мамиаты Хъарадзау. Æндæр таурæгъы дзырдæуы: Куырттаты комы фæсивæд сæхи цæттæтæ кæнын байдыдтой уырысы ус-паддзахмæ балцы, алчидæр йæхи аккагдæрыл нымайгæйæ. Уæд сын Цæлыккаты зæндджын Дзадже æрхъуыды кодта диссаджы фæлварæн. Æртæ боны ком фæдарыны фæстæ сæ æрæмбырд кодта иу бæрзонд нæуу къуылдымы бынмæ, æмæ сын загъта, ацы къуылдымы сæрмæ фыццаг цы дыууиссæдз лæджы схæццæ уой, уыдон цæуынц паддзахмæ, зæгъгæ. Афтæ æв- зæрст æрцыди дыууиссæдз æвзыгъд лæджы, сæ разæй цæ- хæрцæст Дзадже йæхæдæг. Уæд та иу бон æрæмбырд сты Куырттат сæ Хæдзар-ны- хасмæ, дарддæр уынаффæ кæнынмæ. Бирæ раныхас-баныха- сы фæстæ хистæрты астæуæй сыстад комбæсты нымад, куы- рыхон, куырм зæронд лæг æмæ сæм дзуры: «О, уæздан Куырттат! Уынаффæтæ хорз бакодтат, аккагдæрты равзары- нæн дæр хорз фæлварæн æрхъуыды кодтат, ныр цæуынæв- вонг стут, фæлæ сæйраг хъуыддаг ферох кодтат. Сымахæй иу дæр нæ фæндаг зоны, нæ, сæйрагдæр, æвзаг зоны, уæд уыцы бæрзондбадæг паддзахимæ куыд дзурдзыстут. Нары, Хъарадзаумæ куы уыдыстут, уæд æй уемæ хонын хъуыд, уемæ! Ныр æм фæцæуын хъæуы ногæй, балæгъстæ йын хъæ- уы, кæд ма сразы уаид». Афтæ та куырттаты авд барæджы араст сты Нармæ, уæз- дан Хъарадзаумæ, цæмæй сразы уа семæ дард балцы ацæуы- ныл. Кæрæдзиуыл та бацин кодтой. Куырттат сæ цыды сæр куы бамбарын кодтой, уæд сын Хъарадзау загъта, кæд За- хъайы Битарты Хъайтыхъо сразы уа цæуыныл, уæд абон майрæмбон, иннæ майрæмбон бæрæг бынаты æмбæлдзыстæм. Уазджытæн та кусарт акодта дынджыр цæукъа. Дзæвгар фæ- бадыны фæстæ уазджыты хистæр Хъарадзауы афарста, ацы стыр дзæбидыр кæм бафтыд дæ къухы, зæгъгæ. Хъарадзау йæ мидбылты бахудт æмæ сын сабыргай афтæ зæгъы: «Уый дзæбидыр нæу, фæлæ фарон мæ хъæбысы цы сæныкк 103
схастон æмæ мæ уæхимæ æнæхъæн комбæсты кæй тыххæй фæхъаст кодтат, уыцы цæукъа у». Куырттат хорзау нал фесты æмæ ма хатыртæ фæкуырдтой. Кæрæдзийæн бирæ арфæтæ фæкодтой, дзæвгар фæбадтысты, стæй та уазджытæ афарстой сæ фысымы: — Бахатыр кæн, уæздан Хъарадзау, фæлæ нын айфыццаг нæ «хъулон гæххæтт» куы кастæ, уæд фыццаг дæ цæстытæ баумæл сты, стæй бахудтæ дæ мидбылты, æмæ ма нæ паддза- хы гæххæтты исты уæлдай фыст уыди, æви цæмæн афтæ бакодтай? — Уый, мæ хуртæ, мæ цæстытæ баумæл сты, уымæн æмæ мын зын у нæ адæмы уæззау хъысмæт. Кæсын-фыссын зо- нæг адæм бынтон иугæйттæ кæй сты, уый нæ мæгуырдзинад, не ’намонддзинад у. Худгæ та уый тыххæй бакодтон, æмæ æфцæджы сæрты мæн кæй æрцагуырдтат, уый мын кæмдæр æхсызгон уыд, æвæццæгæн, æгад лæг нæ дæн. Æндæр мæ сымах дæр не ’рхъуыды кодтаиккат. Рæстæг цæуы. Хъарадзау йæ 12-аздзыд фырт Бег æмæ Битарты Хъайтыхъоимæ бæлвырд рæстæг æмæ бынаты сæм- бæлдысты афоныл. Куырттаты æвзæрст фæсивæд сæ бæхтыл кафгæ æрбамбырд сты, сæхи хохы зæдтыл бафæдзæхстой æмæ араст сты сæ дард æмæ зын фæндагыл. Уырысы ус-паддзах рæдауæй сбуц кодта ирон адæмы ми- нæвæртты. Зæрдæ сын цы лæвæрттæй бавæрдта, уыдонæй байдзаг кодтой дыууиссæдз уæрдоны, æмæ сæ афтæмæй ра- фæндараст кодта. Даргъ æмæ уæззау фæндæгтыл фæцæуыны фæстæ схæццæ сты абоны Кæсæджы арæнтæм. Уыдис сын кæсгон хицон, фæндагыл сын тыхкæнын чи нæ уагъта, чи сæ хъахъхъæдта, ахæм хæрзгæнæг. Фæсарыхъ- мæ сæ размæ ацыди сæ хæрзгæнæг кæсгон æмæ сын загъта: «Биаслантæ бирæ сты — хъæды хих æмæ кæрдæджы алгъзæг цæйбæрц сты, уыйбæрц. Уыдысты Хиу æмæ Хады комы. Уырдыгæй рахастой гутонтæ, бирæ фос, бирæ адæм ракод- той, куы уыл сæмбæлой, уæд батых кæндзысты сымахæн дæр. Чысыл адæм стут æмæ уæхи бафæсвæд кæнут. Куырт- татæ хъæды астæу иу æрдузы сæхи бафæсвæд кодтой. Ам, уæлвæз тъæпæн быдырты, нæ бæхтæ дæр ахизой, нæхæдæг дæр аулæфæм, зæгъгæ, суагътой сæ уæрдæттæ, сæ бæхтæй æрфистæг сты. Уæд сæм Куыдзиаты Дзагъло дзуры: «Гъе, 104
уæууæй, Куырттатæ! Сæрæй, уæ устыты фарсмæ уæ зæрдæ- тæ куы ныууагътат. Цæмæн æмбæхсæм ацы ран, цы хуыссæм хæмпæлты, мах дæр нæ комæн лæгтæн куы рацыдыстæм!» — Сæрмæ хæссинаг нæу Куыдзийы-фырты ныхас. Ау, æмæ ды махæй хуыздæр сарæхсдзынæ? Ифтындзгæут, лæппутæ! Уайтагъд аифтыгътой сæ уæрдæттæ æмæ араст сты. Цæ- уынтæ байдыдтой æмæ Дурын Худмæ æрхæццæ сты Цæлыч- чы быдыры. Раст уыцы ранмæ æрхæццæ сты кæсæг дæр æд хотыхтæ, æд уацайрæгтæ. Иу цъус рæстæджы фæстæ Хъарадзау кæсæнцæстытæй кæсы, æмæ рыг фæззыгон мигъау комы нарæджы æрбадт, бæхты рæгъау хæстæгæй-хæстæгдæр кæны. Адон хæрзæм- бæлджытæ нæ уыдзысты, сæ цыдмæ гæсгæ тынгдæр тыхгæн- джыты хуызæн зынынц. Куы æрбаввахс сты, уæд се ’хсæнæй иу барæг фæхицæн ис æмæ ирон бæлццæтты æрдæм рараст и. Уый уыдис кæсгон æлдæртты æрвыст, æхсæны лæг. Кæс- гæттæ зыдтой ирон адæмы балцы хабар уырысы ус-паддзахмæ. Уымæй уæлдай ма бæлвырдæй æмбæрстой, паддзах сæ стыр лæвæрттимæ кæй рарвыстаид, æмæ æрдомдтой æмбæлæгга- джы хай уыцы лæвæрттæй. Ам дæр та таурæгътæ цалдæр хуызы æвдисынц æхсæны лæг-тæлмацгæнæджы. Иу таурæгъы дзы асыйаг тæлмацгæ- нæг ирон адæммæ цæуылдæр мæсты уыдис, иннæ таурæгъ та зæгъы, зæгъгæ, тæлмацгæнæг уыдис мæхъхъæлон, йе ’фсы- мæры йын амардтой куырттаты фæсивæд, æмæ йæ туг райсы- ны охыл гадзрахатæй рацыд ирон адæмыл. Кæсгæттæ домд- той æмбæлæггаджы хай, тæлмацгæнæг та ирæттæн дзырдта, зæгъгæ, уæ фæллой иууылдæр ныууадзут æмæ уæхæдæг афардæг ут æнæфыдбылызæй. Хъарадзау йе ’мбæлццæттимæ лæвæрдта уæздан дзуапп. Æгъдауыл цы æмбæлы, ууыл разы стæм, худинаг та нæ сæрмæ не ’рхæсдзыстæм, зæгъгæ. Иннæ таурæгъы та загъдæуы, цыма кæсгæттæ фæллойæ уæлдай æрдомдтой гыццыл лæппуйы — Хъарадзауы фырты. Уый бынтон смæсты кодта ирон бæлццæтты. «Адон нын нæ сæры иу фахс ралыг кæнынмæ хъавынц. Худинаджы бæсты мæлæт фæлтау райсдзыстæм. Кæд сæ хæст хъæуы, уæд фæуæд хæст дæр», — тызмæгхуызæй загъта Хъайтыхъо. Тæлмацгæнæг та фæстæмæ кæсгæттæм куы æрбаздæхт, уæд сын мæсты хуы- зæй зæгъы, ирæтты хъусын дæр нæ фæнды, иу æмбæлæггаджы 105
хай дæр, дам, нæ фендзыстут, топпы нæмыгæй дарддæр. Афтæ дывзагон фыдгæнæг кæрæдзиуыл сардыдта ир æмæ кæсæджы, райдыдта хæст. Кæсгæттæ цалдæр хатты фылдæр уыдысты нымæцæй, сæ хæцæнгарз та уыдис фат æмæ æрдын. Ирон бæлццæттæ уæрдæттæй мусæхгæд ацарæзтой, сæ галтæ æмæ бæхтæ мусы мидæг фæкодтой. Паддзахы лæвар топпытæ æрцæттæ кодтой, æмæ тугкалæн хæст байдыдта. Фыццаг ирон адæмæй цалдæр фæцæф и, кæсгæттæй та иу дæр нæ хауы. Куырттаты фæсивæд дис кæнынц, ай цавæр диссаг у, хъавгæ дæр хорз куы кæнæм, æхсгæ дæр, æмæ уы- донæй иу дæр куы нæ хауы, зæгъгæ. Уæд та Хъарадзау ногæй кæсæнцæстытæй акаст æмæ йе ’мбæлттæм дзуры: «Кæсгæттыл згъæр хæдæттæ ис, фæлæ хъавут цæсты гагуытæм æмæ уæраджы хъамбултæм». Фыц- цаг гæрах фæкодта цæхæрцæст Калманты Ацæмæз, æмæ дзы иу кæсгон æрхмæ æртылди. Уæд иууылдæр фæныфсджын- дæр сты. Иутæ ифтындзгæ кодтой, иннæтæ — гæрах, афтæ- мæй ирæттæ уæлахиз кæнын байдыдтой, фæлæ ифтындзгæ чи кодта, уыдон къуылымпы кодтой. Уæд сæм Хъайтыхъо дзуры, нымæт райтындзут æмæ топпы хос нымæтыл æрка- лут, цæмæй тагъддæр цæуа хъуыддаг, зæгъгæ. Сæ архайд бæлвырд фæрæвдздæр и, кæсгæтты мæрдтæ æрхмæ фылдæ- рæй-фылдæр тулын байдыдтой. Æмæ уæд Куырттатæй иу чидæр загъта: «Хуыцауы куы фæнда, уæд нæ алыварс быру скæндзыстæм уæ мæрдтæй æмæ уæ уый аууонæй цæгъддзыстæм». Уæд Мамион Хъара- дзау бадзырдта: «Цæмæн загътай ахæм стыр ныхас? Хуыцау- мæ дын хъыг фæкæсдзæн». Арв æвиппайды сау мигътæй æрбахгæдта, æмæ къæвдайы сыг дымгæ æрбахаста. Топпы хос ныххуылыдз и, сау дзыкка дзы рауад, æмæ та кæсгон æлдæрттæ уæлахиз кæнын бай- дыдтой, хæстæгæй-хæстæгдæр цæугæйæ. Хуыздæр гæнæн нал уыди, Хъарадзау уæрдоны сæрмæ сгæпп кодта æмæ ныхъхъæр ласта: «Хъазуатон тохмæ, лæппутæ! Уæ æхсæн- гарз ныууадзут, уæ кæрдтæ райсут æмæ — мæ фæстæ!» Хъай- тыхъо йе ’хсаргард бæрзонд фелвæста, хурмæ йын ферттыв- та, æмæ се ’ппæты разæй ассæста хъазуатон тохмæ. Афтæ кардæлвæстæй кæсгæтты æхсæн смидæг сты, æмæ кæрæдзийы цæгъдын байдыдтой. Дурын Худы тъæпæнтæ 106
тугæй сырх-сырхид дардтой. Туг куыройы донау æнæвгъау калди. Хъарадзауæн йæ зæрдæ йæ фыртмæ æхсайдта. Цалдæр цæфы фæци, фæлæ ма уæддæр йæ фырты ссардта тохы быды- ры. Лæппу мæлæтдзаг цæф фæци, æмæ ма^йæ фыдмæ фæсус хъæлæсæй дзуры: «Баба, дойны мын у». Йæ хъæбулы ахæм уавæры куы ауыдта, уæд фæсонт и, йæхæдæг дæр мæлæтдзаг цæф уæвгæйæ, фырты раз йæ зонгуытыл æрлæууыд. Йæ цæф риумæ йæ æрбалхъывта æмæ йæм дзуры: «Мæнæ æвидигæ суадонæй баназ», — æмæ йын йæхи тугæй нуазын кæны34. Афтæ Хъарадзауæн йæ хъæбул йæ хъæбысы йæ уд систа. Цæф арсы богъ ныккодта, арс йæ лæппынимæ мæлы, зæгъ- гæ, æмæ та фæстæмæ æлвæст кардимæ се ’хсæн фæмидæг и, цæгъдын сæ байдыдта, фæлæ, хъыгагæн, йæхæдæг дæр фæ- мард и. Фæмард сты Куырттаты æвзæрст фæсивæд се ’ппæт дæр. Æрмæст ма, тох куы стынг ис æмæ йæ куы бамбæрстой, сæ фæстаг тох у, уæд бæлццæтты кæстæр Гуыриаты Ахмæты фæдис-хъæргæнæг рарвыстой фæсчъылдымты, аууæтты35. Хъарадзаумæ уыдис, къухылтухгæ æхсаргард кæй хуыд- той, ахæм. Фæринк кард дæр æй хуыдтой. Куы бамбæрста, 34 Хъайтмазты Аслæмырзæ та йæ чысыл æндæрхуызон дзуры: — Дон мын, баба, дон! — мæлæтдзаг цæфæй сдзырдта Сослан (фырты ном цалдæр хуызы æвдыст цæуы — М. Т.) Хъарадзаумæ. Фат йæ риуы иннæрдæм ахызт, æмæ дзы сырх-сырхид туг цыхцырæг ныллæууыди. Хъа- радзау йæ фырты афтæмæй куы ауыдта, уæд æрвдзæфау фæци, исдуг дзы сыбыртт дæр нал хауди. — Мæнæ арсау æд лæппын куыд сæфын! — зæгъгæ, æрæджиау ныб- богъ ласта лæг, йæ фырты цæфмæ йæ дыууæ армы бадардта, лæппуйæн йæхи тугæй йæ дойны суагъта. 35 Хъайтмазты Аслæмырзæмæ дæр ис таурæгъ «Биасланты æмæ Куырт- таты хæст». Сæ хъуыды иу у, кæд дзы дзæвгар хицæндзинæдтæ ис, уæд- дæр. Хъайтмазы-фырты таурæгъ фæуд кæны ахæм ныхæстæй: «Гъе афтæ кады мард акодтой куырттатæ. Аирвæзтысты ма дзы æрмæст дыууæйæ. Сæ иу уыди æрыгон лæппу. Кæсæджы хъанæй хъомыл кодта, æмæ йæ ныр бæлццæттæ семæ раластой. Хæст куы стынг, уæд æй Биаслантæй иу базыд- та æмæ йæ къудзиты бамбæхста. Иннæ та уыди Адылджери. Уый æгады лыгъд ракодта хæстæй, æмæ йыл адæм худинаджы гакк скодтой æнусмæ, зарæг ыл сарæзтой: Чи, дам, абырыд гуыбыр-гуыбыр хъамылджыны. Уый, дам, бындзытæй йæхи æмбæхсы бур хъуг — Адылджери. 107
йæ мæлæт æрхæццæ кæны, уæд, мæ фæринк знаджы къух- тæм ма бахауа, зæгъгæ, йæ фæстаг тыхтæ æрбамбырд кодта, йæ æхсаргардыл æрæнцой кодта, зæхмæ йæ æртасын кодта, гъе стæй йæ сонт уæгъд фæкодта, æмæ кæдæмдæр хæмпæл- тæм фæтахт. Бирæ таурæгътæ цыдис уæдæй абонмæ уыцы æхсаргарды тыххæй. Иутæ дзырдтой, кæсгон æлдæрттæй, дам æй чидæр ссардта æмæ кæсæджы кæмдæр ис абон дæр. Иу аз ма «Рæстдзинад» дæр фыста, зæгъгæ, алагираг Мами- аты Тимафейы (Тасойы) фырт Алыксандр 1930— 1940-æм æмæ фæсхæсты азты дæр куыста Алагиры æмæ Садоны ра- йонты НКВД-йы хицауæй. Кæсæджы йын уыдис бирæ æрд- хæрдтæ. Уыцы æрдхæрдтæй, дам, иумæ уыдис Хъарадзауы æхсаргард, фæлæ йæ раттыныл не сразы ис. Ахæм ныхас дæр цыд, ома, Бетъырбухы цавæрдæр музейы лæууы уыцы æхсаргард, федтой, дам æй цавæрдæр ирон лæппутæ. Фæлæ хабар бæлвырдæй, мæнмæ гæсгæ, ничи зоны. Цалдæр ныхасы фæринк карды тыххæй. Бирæтæ хъæд- дыхæй ныллæууынц, ома, ахæм фæринк кард (æхсаргард) Туалгомы нæ, Ирыстоны дæр ничи кодта. Уымæ гæсгæ, дам, Хъарадзаумæ ахæм æхсаргардæн уæвæн нæ уыдис. Мæ фыд Алыксандр (дзæнæты фæбадæд) зæронд хабæрт- тæм æмæ таурæгътæм дæсны уыдис. Мæ фыды мад Саути- он, хæрæфыртæй — зæрæмæггаг, Сихъоты хæрæфырт, — уый та уымæй дæсныдæр. Æмæ-иу мæ фыдæй арæх хъуыстон, уый та сæ йæ мад Саутионæй хъуыста, ома, дам, Зæрæмæджы Мамыттæй чидæр (æви чидæртæ?) куырды куыстмæ иттæг дæсны уыдис, стæй Саутæтæй дæр иу чи- дæр. Сæ нæмттæ сын кæд загъта, уæддæр сæ æз нæ хъуыды кæнын. Уый, мæ фыд дзырдта, уый тыххæй йæ нæ ракой кодтон, фæлæ Туалгомы, стæй Ирыстоны иннæ кæмтты дæр куырды куыст кæй зыдтой, хорз æрмдæснытæ нæм кæй уыдис, уый дызæрдыггаг нæу. Уыцы хъуыддаг ирддæ- рæй равдисынмæ чиныгкæсджыты зæрдыл æрлæууын кæ- нон Цогойты Валодяйы уацхъуыд «Ирон куырдтæ» (Рæст- дзинад. 1999 аз, 13 июль). Цæвиттонæн дзы æрхæсдзынæн хицæн скъуыддзæгтæ. 1.» Рагон æфсæнгуыстгæнджытæн æнæзонгæ нæ уыдысты уæларвæй æрхаугæ згъæртæ дæр, æмæ метеоритон æфсæйна- гæй арæзтой урс фæринк кæрдтæ. 108
2. Специалисттæ куыд нымайынц, афтæмæй Кавказ у ду- нейы металлургийы тæккæ рагондæр центртæй иу. 3. Зæгъæм, Уæлладжыры комы нæ рагфыдæлтæ тайын кодтой æфсæйнаг, æвзист, æрхуы, зды, æндæр згъæртæ. Куыд дзурынц, афтæмæй Куырдалæгоны куынцгом Зæрæ- мæджы хъæумæ ’ввахс уыди. 4. Куырды куыстмæ хорз арæхстысты Нары комы — Сау- тæтæ. Ноджыдæр ма иу дæнцæг, фæринк кардæн уæвæн кæй уыдис Нары дæр æмæ Ирыстоны иннæ кæмтты дæр, уый тыххæй. Æлборты Барысбийы фыст таурæгъты Хъарадзауы тых- хæй иу ран загъд ис: Хъарадзаумæ уазджытæ æрбацыд, æмæ уыдоны хынцгæйæ уыди, йæ бинойнаг та изæрæй стуртæ хæдзармæ скъæрдта. Иу дыгæрдыг дзы иннæрдæм фæцæй- лыгъд. Сылгоймаг иу стыр уæззау дур фелвæста, стурыл æй фехста, æмæ йæ фарс фæлыг и. Хъарадзау æй бамбæрста, уый хуымæтæджы дур кæй нæ уыд, æмæ йæ дыккаг бон æр- цагурын кодта. Разынди уæларвæй æрхаугæ дур — метеори- тон æфсæйнаг. Ахаста йæ куырдмæ æмæ дзы саразын кодта къухылтухгæ æхсаргард (фæринк кард). Хъарадзау куырдмæ куы бацыди, уæд йæ метеоритон æф- сæйнагæй фыццаг къаннæг туас саразын кодта æмæ йæ бæр- цытимæ нытътъыста. Ныхасгонд куыд уыдысты, афтæ йæм фæзынди дæс боны фæстæ Хъарадзау. «Рахæсс мын ныр мæ кард», — дзуры йæм. Куырд рахаста æддаг бакастæй хæрза- ив æхсаргард, йæ конд Хъарадзауы зæрдæмæ хъæлæкк фæ- цыди. Райста йæ, æркæстытæ йæм кодта, стæй йæ туас систа æмæ дзы æхсаргарды фарсыл фæтæн хахх акодта, уалдзы- гон дзывыр фæлмæн хуымы куыд афæд кæна, ахæм ауæдз- гонд. — Ай мæ кард нæу! — æмæ йæм æй мæсты æппæрст бакод- та. — Къуырийы фæстæ дæм фæзындзынæн, æмæ мын мæхи кард бацæттæ кæн. Амынд рæстæджы та фæзынди Хъарадзау куырдмæ. Уый æнæдзургæйæ рахаста ноджы аивдæр æхсаргард, уæздан дард æй æрбакодта Хъарадзаумæ, йæхæдæг йæ куыст кæны дарддæр æмæ аивæй йæ цæст дары Хъарадзаумæ. Хъарадзау та йæ туас систа бæрцбынатæй, æхсаргарды фарсыл æй 109
ахафта иу хатт, дыккаг хатт, фæлæ дзоныгъ ихыл куыд быра, афтæ туас дæр æхсаргарды фарсыл цъыгъгъуытт кæны, æнæ исты фæд уадзгæйæ. Иæ хъæдыл ын æрхæцыд галиу къу- хæй, рахиз къухæй та карды фындз æртасын кодта къæлæты хуызæн, сонт уагъд æй фæкодта, æмæ куырдадзы йæ зæл- ланг-æхситт фæндыры зæлтау азæлыд. Мидбылты бахудт æмæ куырдмæ дзуры: «Гъеуый дын ме ’хсаргард! Дæ къухтæ фæрнæй фæдар». Иу хатт ма йын бузныг загъта æмæ рацыд йæ хæдзармæ. Ацы таурæгъон хабæрттæ дзурæг сты ууыл, æмæ Нары комы кæнæ Уæлладжыры комы фæринк кардæн саразæн кæй уыдис, стæй куырды куыст Ирыстоны рагзамантæй фæ- стæмæ кæй никуы бамынæг и. Хъарадзауы балц фыдæвзарæн кæй рауад, уый не ’ппæт дæр зонæм. Фæлæ мæнæ Джыккайты Шамил, «Чиныг æмæ адæмы хъысмæт», зæгъгæ, йæ уацы уый тыххæй куыд фыс- сы: «Уыдис дыккаг минæварад, трагикон балц. Уæд Кæсæг архайдтой активондæрæй. Бабадтысты бæлццæтты раз æмæ сæ ныццагътой. Таурæгъты уыцы цаутæ æвдисынц поэтикон нывты, фæлæ сын сæ аххосæгтæ æмæ сæ мидис æвзарынц примитивон хуызы. Асыйаг тæлмацгæнæг хуымæтæг ардауæг нæу: уый Ир æмæ Кæсæджы кæрæдзийæн цæгъдын кæны асыйы сæраппонд (гал амæла — дзидза, уæрдон асæтта — суг). Кæсæджы нысан нæу æмбæлæггаджы хай, уый сын æф- сон у, æрмæст уыдон лыг кæнынц Иры бастдзинад стыр Уы- рысимæ. Конфликт уыд адæмты интересты фембæлд, уыдис ын политикон мотивтæ, æмæ дзы райсын хъæуы политикон урок, зонды хос ссис. Минæварад сæххæст кодта йæ бæрзонд мисси, Иры бæстæ бацыд Уæрæсейы паддзахадон зилæнты, уый уыд стыр историон цау»36. Иры дзыллæ фæхъыг кодтой сæ уарзон хъæбултыл æмæ сыл скодтой кады зарджытæ. Куырт- таты комы æвзæрст фæсивæдыл скодтой иумæйаг зарæг, бæлвырддæр зæгъгæйæ та — зарджытæ. Архивты цы бирæ зарджыты варианттæ разынд, уыдонæй æз адæмы размæ хæссын цалдæр. 36 Рæстдзинад. — 1998. — 6 июнь. 110
КУЫРТТАТЫ ЗАРÆГ 37 Уæй, уартæ Куырттатæм æхгæд писмо куы схæццæ вæййы. Ой, кæмæ йæ фæхæссæм, чи нын æй бакæса, зæгъгæ, гъей. Уартæ бадилатæм фæхæссиккам, фæлæ нын æй куы нæ зæгъой, Æдзæстуарзон сты, гъей. Цæй фæхæссæм, дам æй фæсхохмæ, Мамиаты Хъарадзаумæ. Уый, дам нæ нæ фæсайдзæн, йæ мардзæ, гъей. Бахæссынц сæ писмо хорз Хъарадзаумæ, Гомгæнгæйæ йын йæ кæрон аскъуыны, Æмæ йæм балæбурдтой писмойы хицæуттæ, Цы ми бакодтай, зæгъгæ, гъей. — Паддзах уæ хоны йæхимæ, рацæут, дам, Æмæ Куырттатæ сфæнд кодтой Хъарадзауы дæр семæ хонын, гъей. Æмвæнд ныккодтой Куырттатæ, цæуын хъæуы, загътой, Нæ цытджын паддзахмæ, йе мардзæ, куырттатæ, гъей. Чи рацæуа, лæппутæ, фæндонæй, Сласдзæни цыргъаг æндонæй, Дзаумайæн йæ дзæбæх уæндонæй. Паддзахы æхца — хордзенæй. Алы хуызы хæзна — уæрдонæй. Сыгъзæрин æхца та — ронæй. Уæрдæтты ныффардæг вæййынц, Хъаруйæ æххæст æмæ æнамонд куырттатæ, гъей. Сæ фысым ныккæнынц фæтæнриу лæппутæ Уæладзгуыты, йæ мардзæ, уæздан куырттатæ, гъей. 37 ЦИГСИИ-йы архив, фольклор, ф. 45, оп. 1, ф. 26. 111
КУЫРТТАТЫ ЗАРÆГ38 Уæй, Куырттатæ, уæ, æрæмбырд ма ут, Дæлæ, дам, уæ агъуыст ныхасмæ. Дæллагхъæуы агъуыст ныхасмæ æрæмбырд ут, гъей. Дæлæ, дам-иу урс паддзахæй хъулон гæххæтт куы схæццæ вæййы. Алы хъæутæй ызгъордтытæ куы сисынц агъуыст ныхасмæ, Æрæмбырд вæййынц агъуыст ныхасмæ. Сæ хъулон гæххæтмæ ракæс-бакæс куы фæкæнынц, гъей. Авд лæгæй йæ куы фæхæссынц Уартæ Уæлладжыры коммæ, Мамийы-фырт хорз Хъарадзаумæ, Куыд сын æй бакæса, куыд сын æй равзара, гъей. — Урс паддзах уæм куы сиды, куы, сæрвыста уæм: «Рацæут мæм, баныхас кæнæм, Бауынаффæ кæнæм нæ иумæйаг хъуыддæгтыл». Ныффыста йсе Гуыриаты Гагуыдз КУЫРТТАТЫ ЗАРÆГ39 Далæ нæ цытджын паддзахæй хъулон гæххæтт ссыди, Авд азы хъалон æнæистæй баззади. Ай та цы диссаг у! Уæлладжырмæ йæ арвыстой. Уым та йæ хæринаг хуыдтой. Уалынмæ арвы цæлхъхъ фæцыди: Сау хохы сæрæй урссæр сау цæргæс Æд лæппынтæ ратахти (Хъарадзау). Куырттаты фæсивæд — цæугæ хæхтæ, хæцгæ мæсыг! Цæгаты сæрмæ нæзы бæлас тæссармæ æрзад... ЦИГСИИ-йы архив, фольклор, ф. 45, оп.1, п. 21, ф. 25. ЦИГСИИ-йы архив, ф. Б.Алборова, № 19, оп. 1, д. 8, ф. 25
КУЫРТТАТЫ ЗАРÆГ40 Æрæмбырд ут, Куырттатæ, агъуысты ныхасмæ, Дæлæ нæм нæ мæнгард паддзах хъулон пакет сæрвыста. Ой, æмæ куы æрæмбырд вæййынц Куырттатæ Лæгæй æвзæрст æмæ бæхы хорзæй. Цымытийы фарсæй, зæгъы, урссæр цæргæсау куы ратахти. Уый та чи уыди, цымæ, уый? Уый уыди Калманты Ацæмæз. Гулийы фарсæй нæл хуыйы сæпп-сæпп куы раласта Дынджыр уæцъæфджын. Адæм дис кæнынц, уый та чи уа? — Къаболаты дынджыр Хъылыц. Æмæ бабалц кодтой паддзахмæ, Æмæ сын уый лæвæрттæ кæнын куы райдыдта. Æмæ чи цы агуырдта, чи цы агуырдта! Бирæ лæвæрттæй сын бар уыди. Калманты Ацæмæзы æмбæлттæ райстой сæ лæвæрттæ, Фæлæ уый фæстагмæ баззади, Йæ фæндаджы хъуыддаг куыд зыдта, уымæ гæсгæ. Фарсты мидæг ницы бакой кодта, Топпы хос æмæ нæмгуыты йеддæмæ. Рараст сты фæстæмæ æмæ Зæронд Бæтæхъойыхъæуы рагъæй Дурын Худмæ куы æрбахæццæ вæййынц, Æмæ сæм стыр æфсадимæ куы æрлæууынц Сæ разы Кæсæджы æлдæрттæ. Уыдис сын дывзагон асыйаг минæвар. Æмæ, зæгъы, кæрæдзийыл сæ куы сардыдта. Минæвар куы бацыди, уæд æмбæлæггаг куы агуырдта! — Мах стæм æгъдауыл разы, — загътой Куырттаты бæлццæттæ. Фæлæ минæвар æрбахаста фæстæмæ хæлды ныхас, Æмæ хæцынтæ райдыдтой Кæсæджы æлдæрттимæ. Калманты Ацæмæз дынджыр нымæтыл Йæхицæн хостæ æрыдзаг кодта. Æмæ загьта: «Гъей, Куырттатæ, æз уал фыццаг хатт æхсын Мæ асыйаг минæвары, фыдæвзæгтæ кæй хаста, уый тыххæй». Хæст стынг, сæ туг калди куыройы дæттау. Къаболаты Хъылыц та уæрдоны бын æнæ гæрахæй амард. Радзырдта йсе Мырзаганты Уане Ныффыста йæ Плиты Харитон 40 ЦИГСИИ-йы архив, фольклор, ф. 21, п. 71, ф. 115.
Бирæ хорз хабæрттæ фæкодтой Туалгомы æмæ æппæт Иры дæр Хъарадзауы кадæн. Поэт Дзанайты Иван (Нигер) та Хъарадзауыл ныффыста балладæ. МАМИОН ХЪАРАДЗАУ41 Куырттаты бал раздæхт фæстæмæ... (Паддзах ын хæрзиуæгæн радта Æнахъаз цыдæртæ, лæгъстæмæ, Стæй нæ бæттæнмæ æртардта). Йæ разæй — йæ хуынд лæг Хъарадзау, Йæ сæйраг фырт ноджы йæ фарсмæ. Цæлыччы быдырмæ фыд раздзау Кæсæджы бал рацыд сæ размæ... Хæст сырæзти фат æмæ кардæй, Сæ сæрмæ ныллæууыд тыгъдызæй. Цæлыччы лæгъз байдзаг ис мардæй, Ныккасти йæ риумæ хъуынтъызæй... «Куы судзы мæ зæрдæ. Тагъд, дон мын!» — Хъарадзаумæ дзуры йæ хъæбул. «Фæгæдзæ кæн, уром дæ домын!..» Уæд уалынджы лæппу фæзæбул: Фат ныхы фæйнæджы ныффидар. Хъарадзауæн абадт йæ дзыхы: «Гъеныр, хур, дæ фæндон — дæхи бар: Сæууон дон куы февзæрд дæ ныхы!..» Цæргæсау æрбатахт йæ фыртмæ: «Æнусмæ ныр басаст дæ дойны!..» Сыбыртт дæр нæ сыхъуыст йæ дзырдмæ: Æрбатар ис хъæбул æмбойны... Хъарадзау сындæггай йæ нымæт Йæ фырты цур айтыдта дардыл Æмæ йыл æдыхстау æнæмæт, Бæласау ныффæлдæхт йæ кардыл... 41 Нигер. Уацмысты æххæст æмбырдгонд: Æртæ томæй. Т. 1. — Ор- джоникидзе: Цæг.-Ир. чиныгуадзæн, 1959. — Ф. 150-151. 114
Хъарадзауыл Туалгомы сæрмагондæй скодтой кады за- рæг. Ивгъуыд æнусы 70-æм азты ма йæ хистæртæй чидæртæ зарыдысты, сæрмагондæй Мамиаты Петко, Къостайыхъæ- уæй, фæлæ, стыр хъыгагæн, ничи фæрæвдз ис æмæ йæ ничи ныффыста магнитофоны лентыл, афтæмæй æбæрæгæй фе- сæфт. Зæронд зарæг раздахынмæ куы ницыуал мадзал уы- дис, уæд нæ мыггаджы «Ныхас» уынаффæ рахаста, Хъара- дзауыл ног зарæг скæнæм, зæгъгæ. Уынаффæ бæргæ бакодтам, фæлæ зарæгæн ныхæстæ чи ныффысса, ахæм лæ- гыл нæ хæст кодтам. Куы стыхстæн, уæд мæхæдæг сфæнд кодтон ныффыссын. МАМИАТЫ ХЪАРАДЗАУЫ ЗАРÆГ Уæд мын Куырттатмæ ус-паддзахæй хъулон гæххæтт схæццæ, Гъей-гъей, хъулон гæххæтт схæццæ. Сæ Хæдзар-ныхасы хъулон гæххæтмæ ракæс-бакæс фæкодтой, Гъей-гъей, ракæс-бакæс фæкодтой. Уæд æй авд барæгæй Туалгомы Сауыбынмæ фæхæссынц, Гъей-гъей, Сауыбынмæ фæхæссынц. Мамиаты Бидейы фырт, хорз Хъарадзаумæ, Гъей-гъей, хорз Хъарадзаумæ. Уæд мын паддзахмæ фæндаг, дард фæндаг уыдзæни, Гъей-гъей, дард фæндаг уыдзæни. Дард фæндагыл та хорз æмбал хъæудзæни, Гъей-гъей, хорз æмбал хъæудзæни. Уæд мын Регахы сæрмæ хуры цæст скасти. Гъей-гъей, хуры цæст скасти. Уæздан Хъарадзау ус-паддзахмæ дард балцы фæраст и, Гъей-гъей, дард балцы фæраст и. Хорз Хъарадзау кæсгон арæнмæ фæстæмæ схæццæ, Гъей-гъей, фæстæмæ схæццæ. 115
Кæсгон æлдæрттæ дзы æмбæлæггаджы хай æрдомдтой, Гъей-гъей, æмбæлæггаджы хай æрдомдтой. Дурын Худы цур се ’хсæн дывзагон асыйаг фæзынди, Гъей-гъей, дывзагон асыйаг фæзынди. Фыдæвзаджы аххосæй туг куыройы донау фæкалди, Гъей-гъей, куыройы донау фæкалди. Цæхæрцæст Хъарадзау уæрдоны сæрæй тохы хъæр фæкодта, Гъей-гъей, тохы хъæр фæкодта. Ирон лæджы сæр тохы бон нæ фегад кæндзыстæм. Дайраны хидыл фидын хъæуы цæуæггаг, Гъей-гъей, фидын хъæуы цæуæггаг. Айс мæ хъримаджы цæф, дывзагон, гадзрахатæй цæуæггаг, Гъей-гъей, гадзрахатæй цæуæггаг. Уæд мын Сауыбыны хъæд тулдзæй байдзаг и, Гъей-гъей, тулдзæй байдзаг и. Мæ иунæг хъæбул — Бегайы риу тугæй байдзаг и, Гъей-гъей, тугæй байдзаг и. Уæд мын Адайы хох дзæбидырты цæуæндон, Гъей-гъей, дзæбидырты цæуæндон. Иумæ ма базарæм, Бидейы фырт Хъарадзауы цæрæнбон, Гъей-гъей, Хъарадзауы цæрæнбон. Фысгæ йæ бæргæ ныккодтон, фæлæ дзы зарæджы бæсты кадæджы формæ рауади. Фæстæдæр ыл, композитор Мор- гуаты Юриимæ бæстондæр бакуыстон, кадæджы бындурыл райгуырд зарæг. Музыкæ йын ныффыста Моргуаты Юри æмæ йæ азарыдысты йæхи сæрмагонд зараггæнджыты къор- димæ. Фыст æрцыди Радиойы хæдзары Газайты Зояйы хъæппæрисæй. 116
МАМИАТЫ ХЪАРАДЗАУЫ ЗАРÆГ Гъей-гъей, Уæрæсейы ус-паддзахæй, гъей, Куырттатæм фыстæг сæрвыстой, гъей, гъей, Чи бакæса фыстæджы, гъей, гъей, Иу ахæм лæг нæ разынди, гъей, гъей, гъей, Иу ахæм лæг нæ разынди, гъей. Гъей, гъей, арвыстой йæ Нары коммæ, гъей, Мамийы-фырт Хъарадзаумæ, гъей, гъей. Хъарадзау æй бакасти, гъей, гъей: Паддзах нæ йæхимæ хоны, гъей, гъей, гъей, Паддзах нæ йæхимæ хоны, гъей. Гъей, гъей, радта сын хъæздыг лæвæрттæ, гъей. Кæсгæттæ сæ баурæдтой, гъей, гъей. Сæхицæн хай бадомдтой, гъей, гъей. Кæрæдзийы нæ бамбæрстой, гъей, гъей, гъей, Æмæ сын тох бацайдагъ, гъей, Гъей, гъей, фæхъæр кодта Мамийы-фырт, гъей, Мæлæт хуыздæр худинагæй, гъей, гъей. Ныззарут-ма, лæппутæ, гъей, гъей, Мамийы-фырт Хъарадзауыл, гъей, гъей, гъей. Мамийы-фырт Хъарадзауыл, гъей.
Мамиаты Хъарадзауы зарæг Мамиаты Таймуразы ных. Моргуаты Ю. муз. ЙЁШ1 &ши- ш ЕРшР ш Гъей, гъей, Уарасейы ус-паддзах Ььей, гъей куыртгатамнынфыстагсарвыа- ^^ ^т ш [Ш ш ^ш т юв Гъей, гъей чи ба -ка -са фыс -та-джы, гьей, гъей, т т $*-№пЩ Р=* ^ <Х СР с( иу ахам лаг на ра-зын - -ди Гъей, ггъей иу ахуыргонд на разынди ш т {ш щ ^р Ш3=5: Гъей, гъей р/#й//д/фырт Хъарадзауып гъей. т 118
* * * Ногæй та сагъæс, ногæй — уавæрæй æнæразыдзинад. Фæлæ уæддæр мæ зæрдæ æхсайдта профессионалон поэты фыстмæ. Уæд иу бон нæ мыггаджы «Ныхасы» уæнгтæй цал- дæр лæппуйæ Сабырдзинады проспекты фæцæйцыдыстæм æмæ нæ зæрдыл æрбалæууыди нæ Республикæйы адæмон поэт, бирæ ирон лирикон зарджыты автор, Кокайты Тотрадз. «Уый нын баххуыс кæндзæни»-йыл зæрдæ даргæйæ, йæ ку- сæн уаты бамидæг стæм æмбырдæй. Не ’рбацыды сæр ын бамбарын кодтам, Хъарадзауыл нæ ног зарæг ныфыссын хъæуы, зæгъгæ. Нæ разы кодта фыццаг, фæлæ фæстагмæ загъта: «Æз лирикон зарджытæ фыссын, Таймураз, уый, æвæццæгæн, зоныс, хъæбатырты зарджытæ никуы фыстон, фæлæ мæм æнæхъæн делегацийæ æрбацыдыстут, æмæ ма уæ æнæ дзуаппæй куыд арвитон. Уæлдайдæр Хъарадзауы хуы- зæн хъуыстгонд лæгыл, ирон адæмы уарзон хъæбулыл ныхас куы цæуа, уæд. Бафæлвардзынæн уал аккаг ныхæстæ сса- рынмæ, уый фæстæ йыл Туаты Валодяимæ бакусдзынæн. Уый Аграрон университеты нæлгоймаг-зарæггæнджыты хо- рæн разамонæг у, стæй хъайтарон зарджытæн музыкæ дæр фæфыссы». Иу дæс боны фæстæ та абæрæг кодтон Тотрадзы. Равды- ста мæм къухфыстытæ æмæ мын цыбыртæй райхæлдта за- рæджы сусæгдзинæдтæ, ома тексты автор æмæ музыкæ фыс- сæг дыууæ æмцæдисон галау хъуамæ кусой, иу æфсондзы бын. Æрмæст дзы уæд рауайдзæни адæмæн уарзон нывыл зарæг. Уыцы бон бамидæг стæм Туаты Валодямæ, музыкалон училищейы уæды директормæ. Дыууæ сахатмæ æввахс фæ- куыстой иумæ, æмæ ног зарæг райгуырди, æцæг, нырма гæх- хæттыл. 119
&.:___: с^ V ^ 0 ^ •5 -* ^. <3 <Г_ ч>1 Ст * <Э 4 ч3 ^ у '■> 1/1 1 , <_-=Ч "I 1-1 тп Ч гт 11\| I 1 Ч) 1 ^ ^5- ^ к ) г _- ы 1 сг / 4> (-й • _т 1 е* ] 5, Н 1 1 &—! 1111 |п щ <1 0 <г\ V V _г_ ; ^ _*э о _с__ О т -е 1 о 1 120
МАМИОН ХЪАРАДЗАУЫ ЗАРÆГ Фыстæг, зæгъ, æрцыди, æнахуыр фыстæг Куырттаты коммæ паддзахы номæй. Ой, æмæ зæгъы, куыд бакæсгæ у, Æнæхъæн комбæстæй уый иу дæр нæ зоны. Паддзахы фыстæг уæд Наргомы зылдæй Мамиаты Хъарадзау æнцонæн куы бакаст. Ой, æмæ зæгъы, Куырттаты хæрзтимæ Уырысы паддзахмæ уый дард балцы араст. Уырысы паддзах сæм уæд хорз цæстæй ракаст, Гъе стæй сæ лæвæрттимæ фæндараст ракодта. Ой, æмæ зæгъы сыл далæ Кæсæджы быдырты Мæнгард лæджы дзыхæй тугуарæн ныккодта. Мамиаты Хъарадзау йæхиуыл нæ тыхсти, Йæ хъæбулы дойны йæ тугæй куы саста, Ой, æмæ зæгъы, Куырттатимæ балцы Æгады бæсты нын мæлæт уæд куы райста. Мамиаты Хъарадзау — уæздæтты уæздандæр, Бæллыдтæ зæрдæйæ Ирыстоны рухсмæ, Ой, æмæ зæгъы, æнусон цырагъау Дæ рухс ном хæсдзыстæм æнусæй-æнусмæ. Ныр æй рахæссын хъæуы адæмы тæрхонмæ. Фæлæ чи? Валодяйæн йæхи, ома Аграрон университеты зарæггæнджы- ты къорд цыдæр ног программæ цæттæ кодта, æмæ сæ мах- мæ нæ равдæлди. Æрыдоны, Дзугаты Бартуйы номыл за- рæггæнджыты къорды хорзы кой рагæй хъуыстон. Ацы хоры уæнгтимæ мæ æввахсдæр базонгæ кодтой Зæнджиаты Хъазыбег (Æрыдоны районы «Ныхасы» сæрдар) æмæ Мæр- гъиты Артур Æрыдоны районы культурæйы хайады хицау). Хъуыддаг сæхимæ райстой æмæ хоры солист -г зарæгамо- нæг Плиты Зауыры цъæхснаг хъæлæс азæлыд Æрыдоны 121
Мамиаты Хъарадзауы зарæг. Балаты Ал. ных. Абойты Б.муз. -/5к—г—к—’*1 т^ Хур - гТ*~ 0 ар-выл арт-ти - - вы, нык кас-ти Баби -ат - -там Ци-- Базард. # з^т Шт д^г# № а- ты хъа- ра 4цзау фа- зын- хар&уджытау цардмап>ей. НыЬ-за-рам за-раг, и } 1 т (I ^ &-**''■ $Ы ,МЫ т гъей йа Ьухс ном- тырыса гъей Хуы ■ца- уы хорзах ыл фарн т Г Т I" РРР Ш Ф4ФЩ Ш т У 5В 9\ Ш джы -най ар - цы - ди т иомхассаг Ир ■гаг -ма фамысы З^р 122
культурæйы галуаны, фæстæдæр та Республикæйы радиойы хæдзары. Фæстæдæр та поэт Балаты Альберт ныффыста дыккаг зарæг Хъарадзауыл. Мидисджын æмæ зæрдæмæхъаргæ ра- уад Альберты фыст зарæг. Уымæ гæсгæ йæм йе ’ргом аз- дæхта хæдахуыр, фæлæ курдиатджын композитор, ирон за- рæгæнстыраргъгæнæгАбойтыБарис. Хорз, хъæппæрисджын къорд æрбамбырд кодта, солист-зарæгамонæгæй та снысан кодта Еналдыты Хъазыбеджы. Цалдæр репетицийы скод- той, зарæджы æмбис сахуыр кодтой, сæ зæрдæ дзы рухс кодта æмæ ради. Фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа, Абойы- фырт æнæнхъæлæджы йæ цардæй ахицæн ис. Еналдыйы- фырт куыст кæронмæ ахæццæ кодта филармонийы нæлгой- мæгты хоримæ, йæ разамонæг æмæ дирижер — Дзанайты Ольгæ. МАМИАТЫ ХЪАРАДЗАУЫ ЗАРÆГ Хур арвыл æрттивы, ныккасти Бабйатмæ, Цины уац айхъуысти æрдхæрæны Нармæ. Гъе мардзæ, Сауыбыны цардуарзон Мамиатæм Хъарадзау фæзынди хæрзиуæгау цардмæ. Ныззарæм ыл зарæг, йæ рухс ном — тырыса, Хуыцауы хорзæх ыл фæрнджынæй æрцыди. Нæ номхæссæн Ир æй мыггагмæ фæмыса, Йæ фидæны цардæн ын рухсагур фæцыди. Зарæджы аккаг у, рæгъмæ йæ рахасти... Æгъуыстаг Мамион, — нæ кад æмæ намыс. Ус-паддзахы чиныг Куырттатæн бакасти. Нары зылд — табуйаг, Хъарадзау кæм рантыст! Цины уац айхъуысти Куырттатæй нæ Ирыл, Паддзах сæ фæхуыдта сæ уæзданы охæн. Сæ хистæр — Хъарадзау, æууæндынц ыл иууыл, Æмбойны сын бакуывта Хетæджы къохмæ... 123
Кад æмæ радимæ дыууиссæдз барæджы Паддзах ысбуц кодта, цинтæ ’мæ лæвæрттæ... Уæзданы гæххæтт сын раттын нæ байрæджы. Се ’мбæлццон — Хетæджы Уастырджи, зæдтæ. Хæлæджы цæст — æнæфсис, æркасти уый хардзау Нæ тæрхоны лæгтæй кæмæдæрты, уастæн!.. Нæ удты рæбинаг — Мамион Хъарадзау, Ныззарæм ыл зарæг, йæ ингæнæй раста. Сыхæгты гадзрахат... Æрхъуыди сæ илци, Паддзахы лæвæрттæй нард хæйттæ ’рцагуырдтой. Æвæлмон лæварæн ирон лæгмæ ницы и, Бастъæлой хъал кæсæг! Ницы дзы рамбылдтой. Хъарадзауы фæринк æмбисонд басгуыхти, Кæсгон æлдæртты нын сухты цагъд фæкодта. О, рухсаг æрбауа! Йæ фæндаг басыгъди, Номджын Кæсæджы йыл уæззау тох ныккодта! Афтæ райгуырди ног зарджытæ ирон адæмы номдзыд хъæбултæй иуыл — Мамион Хъарадзауыл. Рæствæндаг сæ Хуыцау фæкæнæд, адæмы зæрдæтæм фæндаг куыд ссарой! * * * Хъарадзауы абоны фæлтæрæй бирæтæ зонгæ дæр нæ кæ- нынц. Чи уыд, цы хæрзты бацыд йæ адæмæн? Уырысы пад- дзахмæ ахæм минæварад уыди, уый чидæртæ хъусгæ дæр, æвæццæгæн, нæ фæкодтой. Афтæмæй та ацы ахсджиаг цау у нæ адæмы истори, не зноны бон. Æмæ цы удгоймаг йæ адæ- мы истори нæ зона, уымæн та нæй сомбон, кæннод та йын уыдзæни иттæг мæгуыр, ивад æмæ цауд сомбон. Афтæ ма рауайа, кæд нæ уый фæнды, уæд хъæуы тынг зæрдиагæй бацархайын, цæмæй нæ кæстæртæ зоной ирон адæмы ив- гъуыд. Хъарадзау та у, историмæ барджынæй чи бахызти, 124
æртæ æнусæй фылдæр йæ адæмы зæрдæты чи цæры, Иры- стоны уыцы кадджын хъæбултæй иу. Ахуыргæндтæй Блиты Макс йæхæдæг куыд загъта, афтæ- мæй Хъарадзауы балцы хабар дзæвгар рæстæджы рохуаты аззади. Фæлæ зæрдæдарæн ис нырма, æвæццæгæн, Блийы- фырт йæ фæстæ цы хорз ахуыргонд фæлтæр ныууагъта, уы- доныл. Сæ иртасæн куыстыты 18 æнусы историон цаутæм се ’ргом кæй аздахдзысты æмæ, Хъарадзау сæ сæргъы кæмæн уыди, уыцы минæвæртты цаутæ æмæ хабæрттæ кæй фæбæл- вырддæр кæндзысты. Хъырымы сæ фембæлд кæм уыди, уый дæр кæд кæронмæ сбæлвырд уаид. Паддзахæн йæ алы къах- дзæф дæр историон азфысты æнæхыгъд нæ баззайы. Екатери- нæ И-ы балц йæ хуссайраг арæнтыл — уый хуымæтæг цау нæ уыди, уæлдайдæр фæсарæйнаг дипломаттæ æмæ журналист- ты йемæ кæй ракодта, уымæ гæсгæ. Кавказаг адæмты минæ- вæрттимæ, æмæ уыдоны æмрæнхъ Ирыстоны æвзæрст лæгти- мæ, цы ран фембæлди, уый историон документты мацы бæрæг-бæлвырд фæд ныууагътаид, — зын бауырнинаг хъуыд- даг! Хъæуы агурын. Фæлæ чи? Мæхи фæндгæ бæргæ тынг кæны, фæлæ зæрдæйы фæндон хъуыддаг аразынæн фаг нæу. Хуыцау куы зæгъид, æмæ нæ ахуыргæндтæй исчи уыцы цаутæм йе ’ргом куы раздахид æмæ йын ацы хъуыддаджы Блийы-фыртæй фылдæр куы бантысид! Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, фæзæгъынц, æмæ нæ дыу- уæ стыр ахуыргондæн, ирон адæмы номхæссæн хъæбул- тæн, Блиты Макс æмæ Гуыриаты Тамерланæн, се ’нусон бæстæм мæ сæрæй ныллæг кувын æмæ сын арфæйы ныхас зæгъын, цы стыр иртасæн куыст бакодтой, уый фæдыл. Уыцы ахсджиаг зонадон агурæнтæ мæрдты нал хъæуынц, мах хъæуынц, удæгæсты, махæн сæ ныууагътой, цæмæй нæ ивгъуыд зонæм. Йæ ивгъуыд чи нæ зоны, уымæн фидæн нæй, зæгъгæ, ныхасæн хуымæтæджы нæ баззади. Нæ фидæн та нæ кæстæртæ сты, æмæ сæ æнæмæнг хъæуы ирон адæмы историйы ахсджиаг цаутимæ, стæй уыцы цауты архайджыти- мæ зонгæ кæнын. Уæлдæр ма йæ загътон, фæсивæд ирон адæмы историмæ сæ хъус фаг нæ дарынц, уæлдайдæр ацы Интернет æмæ дзыппыдаргæ телефонтæ куы сарæх сты, уæд. Цæмæй нæ рæзгæ фæсивæд ма фæиппæрд уой сæ адæмы историйы 125
Мамион Хъарадзау æмæ йæ фырт Бегайы сурæттæ, нæ цæстыл куыд уайынц, афтæмæй ахсджиаг цаутæй, рох ма кæной Ирыстоны кады лæгты, уый тыххæй сын хъæуы сæ ном цæстуынгæ мадзæлттæй сæнусон кæнын. Нæ сæйраг сахар Дзæуджыхъæуы иу фæз кæнæ уынг куы хæссид Хъарадзауы ном, рагæй дæр у уый аккаг. Зæ- гъæм, Хæлардзинады фæз (Площадь Дружбы). Иуæрдыгæй, Хъарадзауы балц æмæ йæ хъуыддæгтæ ацы фæзы мидис æмæ историимæ баст сты. Иннæрдыгæй та рæзгæ фæлтæр куы хъусЬй æмæ куы кæсой, уæд цымыдис кæндзысты æмæ-иу кæрæдзийы уæддæр фæрсдзысты: «Чи уыди, чи, Хъарадзау та?» 126
Фæлæ махмæ хион цæсты нæ ахады. Нæ сахар, Дзæу- джыхъæуы бæстастæу цавæрдæр хытъынджын «городо- войы» дурныв æвæрд æрцыди. Цæй номыл? Цавæр «стыр» мидисы бындурыл? Хъарадзау йæ хъæбул Бегаимæ, Куырт- таты æвзæрст фæсивæд дыууиссæдзæй, Битарты Хъайтыхъо сæ адæмы сæраппонд, сæ адæмы хуыздæр сомбоны тыххæй сæ цард куы радтой, уæд Хъарадзауы уыцы «городовойы» кад дæр нæй?!. Цæй, кæд нæ Республикæ æмæ Дзæуджыхъæуы хицауа- ды æмæ Хуыцауы хорзæх уаид, æмæ нæ сæйраг сахары фæ- зынид цыртдзæвæн Хъарадзауæн. Хуыцауы бафæндæд!!! З^
НÆ УДВАРНЫ ФИДАР УИДÆГТÆ Нæ абоны царды нæ фæсивæд удыхъæдæй кæй фæмæгуыр- дæр и, йæ миддунейы афтид бынæттæ кæй фæзынди, уый нæ алчидæр æнæрахатгæ нæ фæци. Уымæн йæ аххосæгтæ дæвгар сты. Фыццаджыдæр, ивгъуыд æнусы 90-æм азты нæ кæстæртæ иппæрдгондæй, сæхи бар аззадысты. Бæстæ змæст, æмтъеры. Хистæртæ мамæлайы къæбæр амал кæныныл фе- сты, хъомыладон куыст рæзгæ фæлтæримæ рохуаты аззади. Куыдфæндыйы цæстæнгас фæзынди ахуырадмæ дæр. Фæси- вæды телевизортæ, компьютертæ æмæ уынджы æвджид ба- кодтам. Телевизорæй айдагъ фæсарæйнаг чъизи калди, «фæр- судзæг» та йæ нæ уыди æмæ абон дæр нæй, гъе æмæ рæзгæ удты уыцы «чъизи лами» ныббадти. Чиныг уд сыгъдæггæнæг æмæ хъæздыггæнæг у, уый ферох ис, æмæ йæ къухмæ дæр ничиуал иста, уæлдайдæр ирон чиныг. Рох цыдысты нæ ирон фарн æмæ фыдæлтыккон мидисджын æгъдæуттæ, нæ ирон- дзинад, нæ уырнындзинад. Адæймаг хъуамæ истæуыл æууæнда. Ранымад миниуджы- тæй рæзгæ уд цух куы æййафа (90-æм азты тынг æййæфта), уæд йæ миддуне кæны мæгуыр. йæ зонд цыбыр, йæ цард фæлурс, йæ бæллицты хал даргъдæр нал, фæлæ æмпылгæ цæуы. Уырнындзинад адæймагæн ныфс дæтты, рæдийын æй нæ уадзы, ахуыр æй кæны «хорз» æмæ «æвзæр» кæрæдзийæ хицæн кæныныл, цы æмбæлы, цы не ’мбæлы, фæтчы — нæ фæтчы, уый æвзарыныл. Æрыгæттæ нал зыдтой æмæ нал цы- дысты сæ фыдæлты рагон кувæндæттæм, нæ хъуыстой сæ равзæрды таурæгътæм. Ныр а фæстаг рæстæг Хуыцауæй арфæйæг фесты нæ фæ- сивæд, кæд бынтон зæрдæйы фæндиаг нæ, уæддæр се ’ргом раздæхтой кувæндæттæм. Хæрз рохы дзы чи аззади, уыдонæн 128
дæр «ног цард» радтой. Æууæндынц æмæ кувынц, табу сын кæнынц, кæд алы хатт кувæндон-дзуары мидис бæлвырд нæ фембарынц, уæддæр. Дзуары бон, бæрæгбон у дзыллæйы иугæнæг. Иудзинады та бирæ тых ис. Уымæ гæсгæ мæ бафæндыди радзурын цал- дæр таурæгъы нæ кувæндæтты тыххæй. ФАЛЛАГКОМЫ ХУЫЦАУЫ ДЗУАРЫ КУВÆНДОН Нæ Иры зæххыл — Цæгатæй Хуссармæ — фыдæлтыккон рагон кувæндæттæ бирæ ис, фæлæ, хъыгагæн, сæ равзæрды истори, сæ таурæгътæ сын чи зыдта, уыдон се ’цæг дунемæ атагъд кодтой, абоны фæлтæры зæрдыл та сæ бафæрсын афоныл не ’рлæууыди, кæннод та сæ фаг биноныг нæ бафар- стой (мæхæдæг дæр уыдонмæ хауын). Ацы ахсджиаг фар- стыл Туаты Алинæ тынг зæрдиагæй архайдта, иу рæстæджы йæ куысты цæлхдуртæ фæзынди, фæлæ та йын ныр адæм йæ равдыстытæм зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц. Туалгомы цы бирæ кувæндæттæ ис, уыдонæн, ахуыргæнд- ты хъуыдымæ гæсгæ, сæ рагондæртæй иуыл нымад у Хуыца- уы Дзуары кувæндон (Хуыцауы аргъуан дæр æй хонынц). Ис Фаллагкомы, Регахы хъæуы бакомкоммæ, нæуу къуыл- дымыл, тъæпæнгонд бынаты. Йæ бæрæгбон вæййы июлы фæстаг бонты — хуыцаубоны. Ацы кувæндоны равзæрды тау- рæгъ у рагон æмæ цымыдисаг. Нæ ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй нæ хæхбæ- сты уыдис цалдæр миграцион фезмæлды. Туалгомы уыцы миграцион фæзындтæн се стырдæр æрцыди XIV æнусы кæ- рон, таурæгъон Хетæджы дуджы. Тæккæ дæр уыцы рæстæ- джы æрбафтыдысты Наргоммæ Хетæджы байзæддагыл нымад 12 мыггаджы, уыдонимæ Фаллагкомы Мамиатæ, Джиотæ, Балатæ. Фаллагкомы фыццаг цæрæгыл нымайынц Мамиаты. Комбæсты цы æхсæз хъæуы ис, уыдонæй сæйрагдæр æмæ стырдæр сты Сауыбын, мыггаджы уидаг кæцæй рацыди, уый (цардысты дзы æрмæстдæр Мамиатæ) æмæ Регах — царды- сты дзы айдагъ Джиотæ. Иннæ цыппар хъæуы цардысты Ма- миатæ, Джиотæ, Балатæ, Еналдытæ æмхæццæйæ. Æмæ ма иу
фиппаинаг. Регахы Джиотæ æмæ Хуссар Иры Джиотæн иу- мæйагæй ницы ис. Регахы Джиоты рагфыдæл — Хетæг, Хус- сар Иры Джиотæн — Хуыбыл. Уый ахуыргæндты хъуыды у. Уæлдæр цы миграцион фезмæлды кой скодтон XIV æну- сы кæрон, уый размæ дæр Фаллагкомы цæрæг кæй уыдис, уымæн ирд æвдисæн Хуыцауы Дзуары кувæндон, стæй бирæ бынæтты æнахуыр нæмттæ. Ацы табуйаг бынатæн йæ рагхуыз бæрæг дæр нал уыдис. Хуымæтæг, лæгъзгонд нæу тъæ- пæнтæ, æмæ-иу дзы Регахы лæгтæ сæ уалдзыгон куыстытæ кодтой: чи мæхъиаг цæттæ кодта, чи уисæйттæ быдта, чи суг- тæ хъулон къодта, цæмæй тагъддæр ахус уой. Сывæллæттæ та ногдзыд цъæх кæрдæгыл уæрыччыты хызтой æмæ хъазы- нæй сæхи ирхæфстой. Ацы кувæндон-аргъуаны равзæрды тыххæй цалдæр хуызы таурæгътæ ис, хицæн адæймæгтæй фыст. Кæд сæ кæцыдæр фæзилæнты хицæндзинæдтæ фæзы- ны, уæддæр таурæгъгæнджытæ уыцы иу над фæндагыл ха- лынц сæ хъуыдыты къуыбылой. 2007 азы радиокомитеты кусæг Хæмыцаты Албег интер- вью райста зындгонд историк æмæ этнограф, дзæнæты бади- наг Плиты Таймуразæй. Ирыстоны хæххон кæмтты таурæгъ- тыдæсныæмæсæиртасæг, Наргомылдзургæйæ, сæрмагондæй фæбæрæг кодта Фаллагкомы Хуыцауы Дзуары кувæндоны равзæрды хицæн вариант. Цæвиттон, ацы ран-иу Регахы фыййау сихорыл йæ фос ривæд кодта. Иу сæрдыгон æнтæф бон та фыййау Пысийы тъæпæнтæй йæ фосы фæстæ рараст и, æмбис фæндагыл хъæдмæ фæзылди, йæ надзахи фæрæт йæ сины тъыстæй — æмæ уисойæгтæ æрцагъта, йæ дæлармы сæ акодта æмæ йæ фæндаг дарддæр дары. Фос батыгуыр сты иу ранмæ, ривæд кæнынц, уый та йæ уисойæгтæ уыцы тъæпæнгонды æрæп- пæрста æмæ сын сæ уæлдай къалиутæ æхсæды. Æхсæст куы фæци, уæд йæ надзахи кæрдæгыл баппæрста, цыдæр зæл- ланг айхъуыста, фæлæ йæм йæ хъус не ’рдардта. Дарддæр йæ куыст кæны, надзахийы сæр та йæ бахъуыди, иуварс ра- зылди, фæлæ фæрæтыл йæ цæст не ’рхæцыд. Сыстад, ракæс- бакæс кæны, фæрæт нæ ары. Æрæджиау иу хуынкъгондмæ фæкомкоммæ ис, ай, æвæццæгæн, рувасы хуынкъ у, зæгъгæ; бынмæ кæсы, æмæ фæрæты хъæдыл йæ цæст фæхæцыд, йæ къух дзы ауагъта, фæлæ йæм не ’ххæссы. Ракъахта йæ иу 130
чысыл æмæ дзы цавæрдæр сисамад раиртæста. Изæрæй фос хъæумæ куы æртардта, уæд хистæртæн радзырдта йæ цымы- дисаджы хабæрттæ, æмæ адæм дыккаг бон райсомæй басгæр- стой уыцы æнахуыр бынат. Иннæ таурæгъ дæр уый халдих, фæлæ бынæттон адæмы æхсæн парахатдæр æмæ зындгонддæр у. Иу уалдзыгон бон та Регахы лæгтæ дзæвгарæй æрбамбырд сты, сæ кусинæгтæ кусынц, таурæгътæ дзурынц, æмæ сæ уалдзыгон хур дæр йæ фæлмæн тынтæй рæвдауы. Хур арвы астæумæ схæццæ и, сихорулæфты афон æрбаввахс, афтæ Нары къахыры æрды- гæй къахвæндагыл æнæнхъæлæджы фæзынди нарон Балаты Гогк (Петыр дæр æй хуыдтой, æвæццæгæн, йæ аргъуыды ном). Гогк уыдис кадджын, куырыхон лæг, ирон хосгæнæг кæмæй фæзæгъынц, ахæм. Кæрдæджытæй алы низтæ дзæ- бæх кодта, сæйрагдæр та — Хуыцауæй йын дæсныдзинад лæ- вæрд уыди. Гогк кусæг лæгты размæ æрбахæццæ и, кæрæдзийæн са- лам радтой. Уыцы тъæпæнгондыл æрзилæгау кодта, йæ цæ- стæнгас «Зæнгæй» уæлæмæ тъæпæнтыл ахаста, арф ныуулæ- фыди, лæгтæм хæстæгдæр бацыди æмæ сæм лæгъстæгæнæгау дзуры: «Уæздан Джиотæ, кусын хорз у, фæлæ ирон адæм рагзамантæй Хуыцаумæ кувæг сты, сымах дæр афтæ. Гъеныр кæм кусут, уым бынæй рагон кувæндон — Хуыцауы аргъуан ис, уый зонут?» Лæгтæ кæрæдзимæ бакастысты, уый фæстæ Гогкмæ се уæхсчытæ нæзонæджы тылд бакодтой æмæ æм- хуызонæй хатыр курæгау сдзырдтой: «Хуыцау нын æй ных- хатыр кæнæд, æнæзонгæйæ рæдыд æруагътам, æвæццæ- гæн...» — Ныр фæстæмæ раздахæн ницыуал ис, — загъта Ба- лайы-фырт, — фæлæ бавдæлут æмæ ацы тъæпæн скъахут, уæд æй уæхи цæстæй фендзыстут. Куыст куыдæй райдайын хъæуы, уый уæхæдæг зонут, фæлæ ма уын æй æз дæр уæ зæрдыл æрлæууын кæнон. Хатыр ракургæйæ, уæ сыгъдæг кувинæгтимæ ацы бынаты туг суадзут æмæ уæ куыст рай- дайдзыстут. Дыккаг бон Регахы хъæубæстæ сæ Ныхас-уынаффæдоны æрæмбырд сты, фæсидтысты комбæсты иннæ мыггæгты минæ- вæрттæм дæр, радзырдтой сын Балайы-фырты ныхæстæ. Иу- уылдæр æмхъæлæсæй загътой, Гогк мæнг ныхас нæ зæгъдзæн. 131
Фаллагкомы иумæйаг зиу расидын хъæуы. Æртыккаг бон райдыдтой къахын, цас æй фæкъахтой, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ ныххæццæ сты сисамады иу тигъмæ. Амады фæрсты къахгæйæ сæм разынди хырхæй лыджы хуызæн туфæй (сына) дурæй амад къултæ, æцæгæйдæр аргъуаны къултау аив. Йæ мидæг ын ноджы арфдæр куы ракъахтой, уæд дзы федтой уæрмгонд, йæ сæр дынджыр къæйæ æмбæрст. Уыцы уæрмгонды уыди æрхуы аг, æрхуы цайдан æмæ æртæкъухыг уæхст. Хъыгагæн, уыцы диссаджы рагон дзаумæттæ абоны онг нал æрхæццæ сты. Ацы табуйаг бынат йæ фæзындæй, бæлвырддæр зæгъ- гæйæ та, йæ дыккаг фæзындæй абонмæ нымад у Хуыцауы Дзуары кувæндоныл (Хуыцауы аргъуаныл). Уый та, нæ хæх- бæсты бирæ æнусты размæ æндæр цæрæг кæй уыди, ууыл дзурæг. Куывды йæм цæуынц Туалгом æнæхъæнæй, фæсхо- хæй та — Рукъ æмæ Дзомагъ. Кувæндон сыгъдæгдзинад æмæ сыгъдæг зæрдæйæ архайд уарзы, уый алчидæр зоны æмæ æмбары. Ацы кувæндоны, йæ Хуыцауы Дзуары кувæндон 132
дыккаг равзæрдæй фæстæмæ, дзуарылæг æвзæрстой хæлттæ исгæйæ, уыимæ сæйрагдæр каст цыди лæгæн йæ уды сыгъ- дæгдзинадмæ. Кувæг лæгæн нæй козбау митæ кæнæн, алкæ- мæн дæр зæрдæйæ хъуамæ скува. Алы рæстæджыты дзуарылæгтæй æвзæрст æрцыдысты Джиоты Темболат æмæ Бегка, адон, æвæццæгæн, XIX æнусы кæрон. Сæ размæ ма чи уыди, уый ничиуал хъуыды кæны. Рæстæг цæуы, фæлтæртæ кæрæдзийы ивынц. Æз мæхæдæг, хæсты сывæллæттæ кæй хонынц, уыцы фæлтæрæй дæн. Мах ма хистæртæй кæй æрæййæфтам, уыдонæй кувæг лæгтæй фæлæггад кодтой Джиоты Нане æмæ Гæду. Куывддон адæ- мæн та хистæрæн бадти Мамиаты Алыксандр. Нане-иу йæхæдæг куыд дзырдта, стæй-иу æй иннæ хи- стæртæ дæр куыд фæзмыдтой, афтæмæй кувæг лæг йæхи цæттæ кæнын хъуамæ байдайа къуыри раздæр. Къуырийы мидæг йæхи хиза алы чъизи æмæ æнæмбæлгæ митæй, хыл нæ, фæлæ суанг тызмæг ныхасæй, æнæуаг дзыхыдзырдæй, сылгоймагимæ æмуд уæвынæй æ. а.д. Уыцы заманы уæлæда- рæсæй абоны хуызæн ифтонг кæм уыдысты адæм, фæлæ-иу, цы уыди, уый ног æхсадæй, иту æвæрдæй хъуамæ æрцæттæ кодтаид. Цы гæнæн ис, уымæй — урс дзаумайы, ногдаст, ног- надæй, зæрдæхъæлдзæгæй. Кувæндонмæ ма дæ иу-30 метры куы хъæуа, уæд уым ралас дæ къахыдарæс æмæ мидæмæ найфатмæ бахиз бæгъæввадæй. Уырдæм бахизыны бар ис æрмæстдæр дзуары лæгæн. Куывддон адæм сæ кувинæгтимæ лæууынц сисамады æддаг фарс æмæ уырдыгæй оммен кæ- нынц кувæг лæгæн. Уыдонæн найфатмæ бахизын нæ фæтчы, æмæ алчидæр йæхи Дзуары фыдæхæй, æфхæрдæй хызта. Нане дзæвгар рæстæг фæлæггад кодта Дзуарæн дæр æмæ куывддон адæмæн дæр, фæлæ фæстагмæ цæсты рухсæй фæ- цух ис, æмæ йæ уæд раивта йе ’рвад Гæду. Иттæг сыгъдæг- зæрдæ, цæстуарзон, æргомдзырд æмæ хъæлдзæг лæг. Уый дæр сыгъдæгзæрдæйæ фæлæггад кодта, æппæт хъæугæ миниу- джытæ æвдисгæйæ æмæ фыдæлты фæтк æмæ æгъдауыл æн- цой кæнгæйæ, йæ царды фæстаг бонтæм. Ацы хабæрттæ æмæ цаутæ цыбырæй — Фаллагкомы Хуы- цауы Дзуары равзæрды фæдыл, адæм дзы куыд нымд код- той, цы цæстæнгас æмæ зæрдæйы уаг сæм уыди фыдæлты кувæндонмæ, уымæн æвдисæнæн. Уæд адæм Дзуары бынмæ 133
цыдысты кувынмæ, курынмæ, лæгъстæ æмæ табу кæнынмæ, кæрæдзийыл фæцин кæнынмæ. Абон та куыд у нæ кувæндоны уавæр? куывддон адæмы цæстæнгас, сæ зæрдæйы уаг æмæ ахаст? Ацы ахсджиаг æмæ вазыгджын фарстæн цыбыр дзуапп куы дæттæм, уæд, æвæц- цæгæн, афтæ: «Зæрдæйы фæндиаг нæ, фæлæ дзæвгар хуыз- дæрхъуаг». Раздæры уагæвæрд æмæ абоны уагæвæрд кæ- рæдзийæ дæрддзæфæй-дæрддзæфдæр кæнынц. Ныхас кæд сæрмагондæй Фаллагкомы Хуыцауы Дзуары кувæндоныл цæуы, уæддæр æххæссы Ирыстоны æппæт кувæндæттыл, уымæн æмæ иннæ рæтты дæр уавæр хуыздæр нал у. Адæм фылдæр Дзуары бынмæ кувынмæ нал цæуынц, стыр хъыга- гæн, фæлæ хæрын æмæ нуазынмæ. Фыдæлтæ-иу афтæ загъ- той: «Лæгæн йæ сæрæй бæрзонддæр ницы ис. Сæрæй уæл- дæр та — худ». Уыцы худы стыр кад æмæ æфсарм ис. Нæлгоймаджы худ исчи куы фæчъизи кæна йæ æнæуаг ми- тæй, уæд, дам-иу уый фæдыл лæгмæрдтæ дæр æрцыди. Уæдæ сылгоймаджы кæлмæрзæны (сæрбæттæны) дæр къад- дæр кад æмæ æфсарм нæ уыди, туджджынты дæр фидауын кодта. Уæдæ цы кодтам, Ирон Адæм!? Нал нæ худы кад, нал нæ кæлмæрзæны фарн æмæ æфсарм æндавы! Кæд, мыййаг, нæлгоймæгтæн сæ фылдæр худтæ дæр уымæн нал дарынц, йæ кад хъахъхъæнын ын мæ бон куы нæ бауа, зæгъгæ. Уæдæ сылгоймæгтæ дæр хуыздæр уавæры нал сты. Худ æмæ кæл- мæрзæн бæрнондзинад домынц сæ хицæуттæй. Æбæрнон кæй сыстæм, уымæ гæсгæ нæ зиантæм дæр бæгъæмсарæй æмæ урс дзаумæтты цæуын байдыдтам. Алцы фесæфтам æмæ фе- рох кодтам? Нæ гуыбын нæ сæрæй бæрзонддæр æвæрд фæци! Гуыбын талынг скъæт у. Цы бахордтай, уый ничи федта. Цы ракодтай, уый та иууылдæр федтой, чи йæ нæ федта, уый дæр æй фехъусдзæн. Не ’фсарм фесæфтам, æгъдау нæ ферох ис. Куыд уыдзæн нæ фидæн?.. Кæцæй райдайы æгъдау? Æгъдау райдайы, кæркуасæнты куы райхъал уай, уырдыгæй; суанг цалынмæ ногæй бахуыс- сай, уæдмæ цыдæриддæр ракодтай, уыдон сты де ’гъдау, дæ гакк. Лæгæн йæ алы къахдзæф, йе сныхас, йæ бахудт æмæ зæрдахаст, йæ къухрайст æмæ саламлæвæрд, æмæ ма йæ бирæ æндæр миниуджытæ алфамбылай адæмæн хъуамæ 134
циндзинад хæссой. Ахæм адæймагæй фæзæгъынц: æгъдау- джын у. Бирæтæ сæ риутæ фæхойынц, ирон æгъдæуттæ мæнæй хуыздæр ничи зоны, зæгъгæ. Куы йæм байхъусай æмæ бакæ- сай, уæд та йæ сæрæй йæ къæхтæм у æнæгъдау, æнæхсæст, цъаммар. Уымæ гæсгæ æз афтæ хъуыды кæнын æмæ фæ- зæгъын: «Ирон æгъдæуттæн сæ зонын сæйраг нæу. Сæйраг у сæ æххæст кæнын». Уый та, хъыгагæн, алкæй къухы не ’фты. Ахæм риухойджытæ фылдæр æмæ арæхдæр сæхæдæг сты нæ ирон æгъдау халджытæ. Уæдæ, куыд æмæ цы бакæнæм, цæмæй нæ царды, нæ фы- дæлты рухс кувæндæтты уа æгъдау æмæ æфсарм? Фыдæлтæ мæнгæй нæ дзырдтой: «Æгъдау хъæдбыны дæр фидауы». Кæд хъæдбыны дæр æгъдау фидауы, уæд кувæндоны та дæс хатты фылдæр хъуамæ уа æгъдау æмæ æфсарм. Æгъдау æп- пæтæн дæр — бындур. Абон уынæм бынтон æнæзæрдæмæдзæугæ нывтæ. Фыц- цаджыдæр, Дзуары бын не ’мбæлы хъæр ныхас, тызмæг ны- хас та бынтон нæ фæтчы. Фæлæ хатгай райхъуысы, хъус кæй нæ уромы æмæ быхсы, ахæм «уæззау» ныхæстæ. Дыккаджы та, кувæггаджы хай хæдзармæ æвæрдтой дзидзайы кæрдих уæливыхы карстимæ, ома, бинонтæй чи нæ сæмбæлди, уыдон дæр дзы саходой. Ныр та рады слæууынц къæбицмæ, æмæ йын цалынмæ дзидзайы дынджыр къуылдых сæвæрай, уæд- мæ дæ нæ ныууадздзæн, кæннод та дæ масты хай дæр фæ- кæндзæни. Цы хабар æрцыди, гормæттæ, æххормаг азы дæр адæм ахæм зыд æмæ кæрæф куы нæ уыдысты? Кæд, мыййаг, сæрмагондæй æвзæрст дзуары лæг кæй нал ис кувæндоны, уавæр уый тыххæй афтæ цæхгæр аивта? Ком- бæсты бынæттон цæрæг нал баззадис, фысымтæ-лæггадгæн- джытæ дæр быдыры хъæутæй æрбацæуынц. Фæлæ уымæн, мæнмæ гæсгæ, банывылгæнæн ис. Мамиаты Мурат (рухсаг уæд) йæ рæстæджы фондз азæй фылдæр фæци кувæг лæгæй. Хуыцауæй разы, ныр дæр комбæстæ, Дзуарæн æмæ куывд- дон адæмæн æмбæлгæ лæггад чи бакæна, ахæм дзуапджын лæгтæй нæма сцух ис. Сыгъдæгдзинад алкæмæн йæ цæсгом у. Бакæсæм ма ар- гъуанмæ, куыд сыгъдæг у æмæ йæм адæм куыд аивæй цæ- уынц! Мах ирон кувæндон — Дзуары бын дæр афтæ сыгъдæг 135
хъуамæ уа. Кувæндоны мидæмæ, найфатмæ, кæд нæ фыдæл- тæ æрмæстдæр бæгъæввадæй цыдысты, уæд ныр иуæй-иутæ дынджыр цъыф цырыхъхъыты дæр бассæндынц. Ахæм адæй- маг халы кувæндоны сыгъдæгдзинады фæтк, кæны нæфæт- чиаг ми. Æркæсæм нæ риссагдæр фарстмæ. Куыд кувæм æмæ цæ- мæй кувæм? Бирæтæй фехъусæн вæййы: æхсырæй куывтой нæ фыдæлтæ. Æз дæр зæронд фæлтæрмæ хауын, нæхи ком- бæсты, стæй бирæ хæхбæсты дæр сæмбæлдтæн æмæ дзы ни- куы федтон æмæ фехъуыстон æхсырæй кувгæ. Уæдæ Нарты кадджытæ кæсгæйæ дæр æмбæлæм æлутон, ронг æмæ бæгæ- ныйыл, æхсыры кой дзы нæй. Нæхи нæхæдæг ма сайæм. Нæ абоны царды цы сбада æмæ сфидауа, ахæм реалон хъуыддæгтæ æмæ мадзæлттæ хъæуы рæгъмæ хæссын. Нæ хæхбæсты Дзуары бын куывтой фыл- дæр ирон бæгæныйæ æмæ стæм хатт арахъхъæй дæр. Фал- лагкомы ма æз цы фынддæс цæрæг хæдзары æрæййæфтон, уыдонæй алкæмæ дæр бæрæгбонмæ уыдис бæгæны конд. Гъеныр, хорз адæм, ацы дыууæ нуазинагыл куы æрлæу- уиккам, уæд мæнмæ гæсгæ, бирæ нæ, фæлæ иу-дыууæ-æртæ къахдзæфы фæхæстæгдæр уаиккам нæ фыдæлты æгъдæут- тæм. Ныхас фылдæр цæуы нæ кувæндæттыл. Ацы уырыссаг арахъхъ-водкæ æмæ коньяк ирон адæмы кувинæгтæ нæ уы- дысты æмæ не ’сты, æмæ сæ Дзуары бынмæ куы нæуал хæс- сиккам, уæд уаид иттæг хорз. Хъоды сыл бакæнæм æмхуызо- нæй, æмзондæй. Дзуары бын водкæ кæнæ коньяк чи бацагура, уый кувынмæ не ’рбацыди, фæлæ харынмæ æмæ нуазынмæ. Уæлдæр ской кодтон, бæрæгбонмæ-иу алы хæдзар дæр бæгæны бахсыста. Фæстаг рæстæг уыцы фæтк дæр нал ис ирон адæммæ. Рох сæ фæци æви йæ бахсидынмæ зивæг кæ- нынц? Царциаты диссæгтæ! Ирон бæгæныйы конкурстæ фæ- сарæнтæм дæр куы анхъæвзтой, уæд æй цæттæ кæнын куыд хъуамæ нæ зоной. Стыр хъыгагæн сыл, æвæццæгæн, зивæг фæуалахиз и. Нæ ирон царды нæ чи хъыгдары æмæ нын нæ рæсугъд фыдæлтыккон æгъдæуттæ æвидауц чи кæны, уыцы хъуыд- дæгтæ цæмæндæр тагъдæр æрбайсæм. Коцойты Арсен йæ рæ- стæджы дзæгъæлы нæ загъта: «Мах, ирон адæм, диссаг стæм, ахуыр кæнæ царды исты рухсдзинад, тыххæй тъысгæйæ дæр 136
æрæгмæ фидар кæны, фæлæ исты æвзæрдзинад куы фæзы- ны, уæд ыл нæ адæм сæхи ныццæвынц, æмæ нæ царды афтæ тынг ныффидар вæййы, фæззыгон фосыл ичъи куыд ныффи- дар уа, æмæ нæ атонын нал фæкомы». Куыд уынæм, афтæмæй ирон адæм царды æвзæрдзинæд- тæм рагæй дæр гæппæввонгæй лæууынц. Абоны цивилиза- цийы аххос нæу, фæлæ, чи зоны, кæмдæр нæ туджы дæр баззади ацы æвзæр миниуæг. Нæхи нæ фыдæлтæй царды фæлтæрдджындæр æнхъæл кæй стæм, æвæццæгæн, уый ах- хос у. Ахуырады цы бæрзонд къæпхæнмæ схызти ирон адæм, уый ма нæ фыдæлты фæлтæрддзинадимæ бæттын куы базо- никкам, уæд нын æмсæр нæ уаид дунейы æмæ ныл уыйбæрц рæдыдтытæ дæр нæ цæуид. Нæ рæдыдтытæн сæ судзагдæр æмæ риссагдæр у: канд Дзуары бын нæ, фæлæ нæ цины æмæ хъыджы дæр нал рæстмæ кувын зонæм, нал циныл цин кæ- нын, нал искæй хъыгыл хъыг кæнын. Чындзæхсæвы (уæл- дайдæр ресторанты) хистæры скуывдмæ ничиуал æнхъæлмæ кæсы, куыд цæуынц, афтæ цæттæ фынгтыл бадынц æмæ «кепи» кæнынц. Уæдæ хæрнæджы фынгыл дæр, рухсаг нæма фæзæгъынц, афтæмæй хойраг кæрдынмæ фæлæбурынц. О гормæттæ! Уе ’гъдау, уе ’фсарм цы фæци? Уæ гуыбынтæ, уæ сæртæй бæрзонддæр куы сæвæрдтат! Уыцы «талынг скъæты» дуæрттæ æрæхгæнын афон нæма æрцыди? Рахизæм нæ фы- дæлты над фæндагмæ, цалынмæ æгæр нæ ферæджы, уæд- мæ!.. ПУРИАТ ÆМÆ ПУРИАТЫ АВД ДЗУАРЫ Транскамы фæндагыл Ручъы тъунелмæ хиды дæллаг фарс, Захъадоны галиу фарс уыдис Дæллаг Пуриат. Фыц- цагдæр дзы Мамиатæй иу бинонтæ (хæдзары номæй — Се- джетæ) кæй æрцардысты, уымæ гæсгæ хъæу арæхдæр хуыд- той Седжетæ. Пуриаты бакомкоммæ, Захъадоны рахизварс, хуссар бæрзонгомау къуыбырыл та цардысты Лацойтæ. Адон дæр Регахы Джиотæй сты, фæлæ сæ иу рагфыдæлы номæй баззадысты Лацойтæй. Тъунелæй Захъамæ фæндагыл 1,5 км бæрц куы бауайæм, уæд Захъадоны рахиз фарс уæлвæзгонд тъæпæн бынаты ис 137
Пуриаты хъæууат хъæууат, уый та у Уæллаг Пуриат. Таурæгътæ куыд дзу- рынц, афтæмæй дыууæ Пуриаты æхсæн зæххытæ уыдысты Захъайы цæрæг Томайты. Томайтæ сæхæдæг та Захъамæ æр- балыгъдысты дыууæ миграцион фезмæлды рæстæджы, фæлæ кæцы дуг, кæцы æнусты, уый бæлвырд бæрæг нæу. Уæвгæ уый хицæн ныхасы аккаг у, ам ыл нæ дзурдзыстæм. Рагдуджы зæхх уыдис стыр кадавар. Гал кæм æрхуысса, уыцы зæххы гæбаз кодта галæн йæхи аргъ. Хуымзæххы иу 138
ауæдзы тыххæй-иу лæгмæрдтæ дæр рауади. Иу ахæм æна- монд хабар^æрцыд XIX æнусы райдиан Томайтæ æмæ Джио- ты æхсæн. 'Йæ аххосаг цы уыди, уый бæлвырд ничиуал хъуы- ды кæны. Джиотæй (Куыдзитæй, хæдзары номæй) иу лæг фæмард и Томайты къухæй. Дыууæ мыггаджы фæтуджджын сты. Туг нæ райсын та уыцы рæстæджы уыдис худинагыл нымад. Фæлæ афоныл æмæ рæвдз фæлæууыдысты æхсæны куырыхон лæгтæ, сæ дзырдарæхстæй, туджджынты æхсæн туг дарддæр мауал ныккæла, ууыл бацархайдтой. Бирæ фæ- тæрхоны фæстæ æхсæны лæгтæ бауынаффæ кодтой, цæмæй Томайтæ туджы ныхмæ раттой Джиотæн зæххы хай Пуриаты тъæпæнтæ суанг Алгъаты коммæ. Уыцы дуджы бæрцбарæн- тæй баргæйæ æмæ уæды царды домæнтæм гæсгæ, уый уыди Хуыцауы лæвары хуызæн. Уыйадыл дыууæ мыггаджы бафи- дыдтой, туг нал ныккалд. Хæхбæсты фос æмæ зæххы куыстæй цардысты. Ныр Джиотæм зæххытæ бирæ: сæрвæттæ, уыгæрдæнтæ, хуым- зæххæн бæзгæ тъæпæнтæ. Уалдзыгон бон зæхх куы сулæфы æмæ уыйæппæт къуылдымтæ æмæ тъæпæнтæ алыхуызон ди- динæгæй куы сæрттивынц, цъæх-цъæхид фæлыст куы рай- сынц, уæд ма хохаг мæгуыр зæхкусæг лæгæн стырдæр цин- дзинад цы хъуамæ æрхæсса!.. Фæлæ уыцы æппæт хорздзинæдтæй пайда кæнынæн хъæ- уы фадат æмæ гæнæнтæ. Хæххон зынвадæтты зæххæй цæ- мæй исты пайда райсай, уый тыххæй цæрын хъæуы йæ уæлæ. Джиоты та Регахæй цæуын хъуыди Алгъаты æфцæджы сæр- ты. Сæрвæттæй ма уæддæр æнцондæрæй пайда кодтой раг- уалдзæгæй суанг зымæджы райдианмæ. Уыгæрдæнтæ дæр-иу бæргæ ныккарстой, фæлæ уыцы хосы мæкъуылтæ Регахмæ фæласын, — уымæн уæвæн æмæ гæнæн дæр нæ уыди. Ам хосы мæкъуылтæ æфтауцуатмæ æмбырд кодтой фæззæджы, зымæг та сæ уырдыгæй ластой хæдзармæ. Фæлæ зымæджы мит дыууæ метрмæ ’ввахс куы ныууары Цъыфы комы, уæд мæкъуылтæ ласыныл хъуыды дæр мауал кæн. Афтæ цал азы ахаста, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ уыйæппæт зæххытæй хæдзардзинæй, зæрдæйы фæндиаг пайдагонд нæ цыди. Уæд та иу уалдзыгон бон Куыдзитæ æрæмбырд кодтой хъæуы Ныхасмæ сæ мыггаджы хистæрты æмæ сын бамбарын кодтой Пуриаты зæххыты уавæр. Не ’фсымæр рухсаг уæд, 139
Томайтæ нын туджы ныхмæ зæххытæ радтой, фæлæ сæ пай- дайæн йæ дæсæм хай дæр нæ исæм. Хос ныккæрдæн ис, фæлæ йæ раласын нæ бон нæу. Уæдæ хуымзæххытæй дæр афтæ, æфцæджы сæрты сæм дыууæрдæм цæуын хъæуы, уымæ гæсгæ нæ къухтæ баст сты. Гæды фиумæ куы не ’ххæ- са, уæд ын мархо у. Мах дæр нæ бирæ зæххытæй уыцы уа- вæры стæм. Цæмæй зæххæй исты бæркад исай, уый тыххæй йæ уæлæ, йæ фарсмæ хъуамæ цæрай. Уымæ гæсгæ, Джиотæ, кæй уæ фæнды, уыдон æрцæрæнт Пуриаты. Йæ царды уа- вæртæ æмæ гæнæнтæ йын алчидæр зоны. Регахы фадæттæй бирæ хуыздæр æмæ æнцондæр кæй сты, уый гуырысхойаг нæу. Фæйнæ къуымы уал уын æмдыхæй сараздзыстæм, зиу расидгæйæ. Уыцы иумæйаг уынаффæйы фæстæ Пуриатмæ æрбалыгъ- дысты æмæ дзы æрцардысты дыууæ хæдзары Джиотæй. Фæ- стæдæр ма дзы, æвæццæгæн, XIX æнусы дыккаг æмбисы, æрцарди Мамиатæй иу хæдзар (Бехъантæ, хæдзары номæй). Дæллаг Пуриаты æрцæрæг Седжеты кой нæм уæлдæр уыди. Бехъанты хæдзарвæндаг та, хистæртæ куыд дзырдтой, афтæ- мæй раздæр æрбынат кодтой хицæн ран, кувæндон Пуриаты Авд Дзуары бакомкоммæ, хуссарварс. Абон дæр ма хæдзары хæлдтыты дурцæндтæ æвдисæны хуызы бæрæгæй зынынц, хуымзæххы тъæпæнтæ дæр афтæ. Калоты Тамарæ (хæдзары номæй — Дзегтæй) Захъагомы хабæрттæ æмæ таурæгътæ иттæг хорз æмæ бæлвырд зоны. Йæ фыд Никъалайæ (Хабейæ), стæй иннæ хистæртæй дæр цы фехъуыста, иу ахæм рагон таурæгъ мын радзырдта Мами- аты-Бехъанты цардæй. Мамиатæ бæрзонд къуыбырыл цæргæйæ, дон хастой Пу- риаты комы донæй хæрдмæ. Иу зымæгон бон донмæ ныццæ- уæн къахвæндаг митæй асыгъдæг кодтой, æмæ ног чындз йæ къæртатимæ араст дон хæссынмæ. Фæстæмæ цæугæйæ, доны былæй иу гыццыл куы суади йæ къæртатимæ, уæд æй мит- зæй æрæййæфта æмæ йæ фæласта. Суанг уалдзæгмæ миты бын баззади. Уыцы æнамонд хабары фæстæ сæ цæрæнбынат æривтой бынмæ — Уæллаг Пуриатмæ, æмæ уым цæргæйæ баззадысты. 1830 азы, Гуырдзыйы паддзахы бардзырдæй, æппæт Туалгомы дæр уыдис сфыст. Уыцы рæстæджы Туалгом хауди 140
Гуырдзыйы сконды Гуры уездмæ. Сфыстмæ гæсгæ XIX æну- сы фыццаг æмбисы дыууæ Пуриаты цардысты: Джиотæй — 4 хæдзары, Лацойтæй — 4, Сугъаратæй — 2, Мамиатæй — 2, Томайтæй — 1, Колытæй — 1. Дыууæ Пуриаты уыцы 14 хæдзары цардысты уарзонæй, кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ, сæ цин дæр, сæ хъыг дæр уыди иу. Ирон адæм рагзамантæй абонмæ кувынц Иунæг Стыр Хуыцаумæ, кæд нын æй абон чырыстон дины кусджытæй иуæй-иутæ зыгъуыммæ æмбарын кæнынц, ома ирон адæм дуртæ æмæ бæлæстæм кувынц, зæгъгæ, уæддæр. Ирон адæм дуртæ æмæ бæлæстæм никуы дæр куывтой æмæ кувынц, фæлæ Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæн табу кодтой бæлвырд бæрæггонд бынæтты, æнæ фæрсаг æххуысгæнæгæй. Кувæн бынатæн та æвзæрстой уаздæр æмæ бæрзонддæр ран. Уымæй уæлдай ма, ахуыргæндтæ куыд раиртæстой, афтæмæй кувæн- дæтты бындурæвæрдыл цæуы цавæрдæр энергетикон тæлм, Пуриаты Авд Дзуары кувæндоны куывддон адæм галиуæрдыгæй рахизæрдæм: Тменаты Аслан, Мамиаты Валери — дзуарылæг, Мамиаты Алан 141
æмæ хорзæрдæм ахады адæймаджы удыхъæдыл, йе ’нæниз- дзинад æмæ зæрдæйы уагыл. Ирыстоны бирæ ахæм бынæттæ ис, уыимæ Авд Дзуары кувæндæттæ дæр. Авд Дзуармæ кувын ирон адæммæ абоны онг æрхæццæ и, нæ рагфыдæлтæ-скифтæ ма дыууæ денджы- зы астæу тыгъд быдырты цæугæ цард куы кодтой, уыцы ду- гæй. Плиты Таймуразы нымадмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны Авд Дзуары кувæндæттæ сты: Регахы, Пуриаты, Засыхы, Мамысонгомы, Садоны, Гæлиаты, Лæцы. Уымæй уæлдай ма Таймураз Цæгат Ирыстоны рагондæр кувæндæттæм хæссы: Цъæйы комы «Реком», Мамысонгомы «Тъаранджелос», Си- дæны «Мыкалгабыртæ», Фаллагкомы «Хуыцауы Дзуар», «Тербаты Уастырджи», «Нары Дзуар». Фæлæ абон нæ ныхас сæйрагдæр уыдзæни Пуриаты Авд Дзуары кувæндоныл. Хъыгагæн, кувæндоны равзæрды исто- ри бæлвырддæр чи зыдтаид, уыцы хистæртæй цардæгас ни- чиуал баззад, сæ рæстæджы та сæ фæрсæг нæ фæци, æмæ фыст не ’рцыди, архивты дæр ницы уадиссаг æрмæг разын- ди. Уыцы æбæрæгдзинадмæ гæсгæ, Пуриаты Авд Дзуары ку- вæндоны равзæрд иутæ бæттынц Фаллагкомы, Регахы Авд Дзуаримæ, ома Джиотæ, Регахæй фыццаг æрбалидзджытæ, Пуриатмæ семæ æрбахастой Регахы Авд Дзуары ном. Уыдон сты: 1. Хуыцауы дзуар, 2. Хохы дзуар, 3. Аларды, 4. Реком, 5. Уацилла, 6. Мады Майрæм, 7. Фæлвæра (Мусы дзуар). Уæлæнгæйтты хъуыды кæнгæйæ, ацы хабар æцæгдзйнад- мæ цыма æввахс лæууы, бæууæндыны аккаг у, фæлæ... ам цалдæр фæлæйы ис... Калоты Тамарæ ма мын радзырдта, Пуриаты Авд Дзуары нæмттæ йæ фыд куыд нымадта, афтæ: Хуыцауы дзуар, Уа- стырджи, Аларды, Мады Майрæм, Уацилла, Фæлвæра æмæ Тутыр. Æцæгæйдæр Регахы, Пуриаты, Засыхы æмæ æндæр рæт- ты Авд Дзуары нæмттæ æмхуызон сты, фæлæ уый ууыл дзу- рæг нæу, æмæ Регахæй хаст сты. Растдæр уаид афтæ зæ- гъын: алы комы дæр æнцой кодтой нæ рагфыдæлты фæтк æмæ сегъдæуттыл, ома, кæмæ куывтой Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæй, сæ цардхъомысы сын ахсджиагдæр чи уыди, уыдо- ны номыл арæзтой сæ кувæндæттæ. 142
Пуриаты кувæндонæн йæ архитектурон арæзтмæ лæмбы- нæгдæр куы æркæсæм, уæд æгæр вазыгджын зыны, Регахæй йæм куы æрбалыгъдысты, уыцы рæстæгæн. Йæ бынат бæр- зонд æмæ хъæуæй иппæрдгонд кæй у, уый нæ уæлдай хатт æууæндын кæны, нæ фыдæлтæ кувæндонæн сыгъдæг æмæ бæрзонд бынат кæй æвзæрстой, ууыл. Фæлæ йын йæ архи- тектурон сконд, йæ сисамадмæ (кæд кæлдтытæ у, уæддæр) нæ хъус бæлвырддæр куы æрдарæм, уæд ацы æнхъæлæнимæ зынтæй сразы уæвæн ис. Йæ æвæрд æмæ йæ арæзт уæлдай цымыдисагæй разы- нынц, хи цæстæй фенгæйæ. Схизæн æм ис хурыскæсæны ’рдыгæй; кувæндоны фæзуатмæ куыддæр бафтай, — йæ дæргъ иу-фæндзай метры бæрц, кæд фылдæр нæ, уæд, — афтæ тæккæ рындзыл, фæзуаты æмвæтæн, сыгъдæг айнæг къæдзæх бæрзонд фæцыди, хæрдмæ йæм куы скæсай, уæд дæ худ ахаудзæн. Æрдз æй ахæм диссаджы конд скодта, æмæ фыццаг бакастæй адæймаг банхъæлдзæн: ай амад къул у, зæгъгæ. Куыд нæ згъæлы, куыд нæ кæлы! Фæлæ нæ, — фи- дар лæууы, йæ бакомкоммæ æвæрд кувæндоны фыдтымыгъ- тæй цыма хъахъхъæны... Къæдзæхæй бахизæны дыууæ рæгъæй суанг кувæндоны онг — тъæпæн бæзджынгомау дуртæ. Ранæй-рæтты æмбисмæ зæххы аныгъуылдысты, галиуæрдыгæй та бынтон йе ’мвæз систы — рæстæг йæ куыст бакодта. Дуртæ кæм фæвæййынц, уым кувæндонмæ бахизæны къæлæтамад сис, йæ бæрзæнд метры æрдæг. Мæ хъуыдымæ гæсгæ-иу дзуарылæг уыцы си- самады хуылфы скуывта адæмы кувинæгтæ; дуртæ та — куывддонтæн бадæнтæ. Авд Дзуары кувæндоны сисамадæй ма абон дзæбæх зыны иу-цыппар метры бæрц. Фæлæ куыд уыди йæ фыццаг хуыз? Цавæр йæ амады формæ? Цас уыди йæ бæрзæнд? Æмæ бирæ æндæр ахæм фарстатæ сæры зилдух кæнынц. Фæлæ сын дзуапп кæм æмæ куыд ссарон, уый та нæ зонын. Йæ алы- варс æмæ йæ уæлæ цы дуры кæлдтытæ æмæ цæндтæ ис, уыдонмæ кæсгæйæ, адæймаг æрцæуы ахæм хъуыдымæ дæр: йæ раздæры бæрзæнд 10 метрæй къаддæр нæ уыдаид, æвæц- цæгæн. Æрдз йæхæдæг дисссаджы архитектор æмæ аразæг дæр у. Сисы тигъæй бынмæ, комы нарæгмæ, куы акæсай, уæд дзы 143
суындзынæ, дардæй сисамадау чи зыны, ахæм цыппар къар- диугонды, кувæндоны рæбынмæ къæпхæнгай схæццæ сты. Йæ сисамад нæ хоны Астæуккаг æнустæм. Уæлдайдæр ахуыргæндты хатдзæгтæ нæ зæрдыл куы дарæм, зæгъгæ, нæ хæхбæсты миграцион змæлд уыдис цалдæр хатты. Ома дзы раздæр цы адæм царди, уыдон фæлыгъдысты æндæр рæт- тæм, кæннод та цавæрдæр æвирхъау низæй фæцагъдысты. Хъæу кæнæ комбæстæ федзæрæг и. Цасдæр дæргъвæтин рæстæджы фæстæ та æндæр адæмтæ ардæм æрбалыгъды- сты. Уыцы цаутæн ирд æвдисæн абон — нæ хæхбæсты æна- хуыр топонимтæ. Зæгъæм, уыгæрдæнты нæмттæ: Ес, Цъи- ро, Елхо, Алгъат æмæ Пуриат йæхæдæг. Ацы нæмттæ сыл сæвæрдтой, раздæр дзы чи царди, уыдон; ногæрбалидзæг адæмæн та сты æцæгæлон, æнæзонгæ сæ мидис, фæлæ афтæ баззадысты. Уæдæ ацы цыбыр афæлгæсты бындурыл нæ бон зæгъын у: Пуриаты Авд Дзуары кувæндоны равзæрд æмæ арæзтад растдæр уаид ахæссын XIX æнусмæ нæ, фæлæ Астæуккаг (XIV—XVIII) æнустæм. Мæсыг æмæ чъырынтæ-фидæрттæ арæзтой Ирыстоны дæр æмæ æппæт Цæгат Кавказы дæр уыцы дуджы. XIX æнусы мæсыг æмæ чъырыны арæзтады сæр рæстæг йæхæдæг нал домдта, æмæ сæ уæд аразгæ дæр нал кодтой. Ахæм хатдзæгтимæ разы уыди Плиты Таймураз дæр, арæх-иу йемæ ныхас кодтон ацы æмæ ма бирæ æндæр темæтыл. Стыр хъыгагæн дзы æгæр раджы равдæлон ис Ирыстон. Нæ хæхбæсты истори, мæсыгæй, чъырынæй дзы махмæ цы æрхæццæ и, уыдонæн сæ равзæрды таурæгъ- тæ, — кæд æмæ кæй уыдысты, чи дзы царди, — раст сæ цыма абон йæхи цæсты раз сарæзтæуыди йе та йæхæдæг уыцы рагзаманы сисамайджытæй у, ахæм бæлвырд хуызы- иу сæ дзырдта. Хъыгагæн, абон нæ хæхбæстæн сæ фылдæр хай федзæрæг и. Йæ фыццаг æфсон: миграцион уылæн XX æнусы райдиан, Советон хицауад хæххон мæгуыр адæмæн быдырмæ рали- дзыны фадат куы радта, уæд. Дыккаг: 1944 азы мæхъхъæл хаст куы æрцыдысты, уæд сын сæ цæрæн бынæттæм хæххон хъйеутæй æвæндонæй æрвыстой ирон адæмы. Пуриаты ма фæстагмæ цæргæйæ баззад Мамиаты Закаро, æмæ уæд уый дæр æд бинонтæ ралыгъди Комгæронмæ. Уыйадыл Пуриаты 144
хъæу бынтондæр федзæрæг и, рувас дзы æлдариуæг кæнын байдыдта. Сæ кадджын кувæндон, Пуриаты Авд Дзуары, адæмæй дзæвгар рæстæг рохуаты аззади. Уымæн йæ аххосæгтæ бирæ сты. Иуæй, адæмы къах кæм нæ лæууа, уым алцыдæр рох кæны. Иннæмæй, Дзуармæ чи куывта, уыцы хистæртæй уæлæуыл ничиуал уыд, æмæ кæ- стæртæн амонæг нал фæци. Ноджы, Пуриатмæ Захъадоны сæрты цы æнæбары къахын хид уыди, уый дæр дон фæла- ста. Адæймаджы аразæг къух кæдæм нæ хæццæ кæна афоныл, уым алцыдæр хæлгæ æмæ кæлгæ кæны. Фæлæ Пуриаты ку- вæндонæн йæ сисамады кæлдтытæ айдагъ рæстæджы аххос не сты, адæймаджы æнамонд халæн къух дæр сæм, чи зоны, фæхæццæ ис. Хуссар Ирмæ электрон тыхы телтæ куы ивæз- той, уæд монтажниктæ ацы бæрзонд æмæ фидар къæдзæхæй фæпайда кодтой æмæ йыл ставд æфсæн рæтæнтæ æрбатых- той. Æвæццæгæн, нæ зыдтой, кувæндон дзы ис, уый æмæ дзы истытæ æнæбахъыгдаргæ нæ фæуыдаииккой, уыйхыгъд сæ куыст æнцонæй ахицæн ис. Закаройы бирæ цот (18 кæстæры) алы рæттæм фæпырх сты царды фæндæгтыл. Фыды уæзæгыл ма дзы фæстагмæ баззади зæнæджы кæстæр Дзамболат, фæлæ уымæн дæр хъысмæт йæ лæджы кармæ фæцæрыны фадат нæ радта. Дзамболаты кæстæр фырт Валерæ фæстагмæ йæ цæрæн бы- нат Дзæуджыхъæумæ раивта. Ам, Дзæуджыхъæуы цæргæйæ, Хуыцауы фæндонæй, Валерæ сбæлвырд кодта Пуриаты Авд Дзуары хабæрттæ æмæ бæрæгбоны афон. Дзæвгар рохуаты фæстæ, йæ фыдæлты рагон кувæндоны бын 2010 азы фыццаг хатт нывондаг аргæвста. Фæкуывтой æмæ фæфæдзæхстой сæ кæстæрты, сæ бинонты æмæ æппæт Ирыстоны. Уæдæй абон- мæ Хуыцау æмæ йе сконд зæдты фæрцы Валерæ йæ хиуæттæ æмæ зонгæтимæ æрвылаз, кæрдæгхæссæн бæрæгбоны хæд размæ сабаты, сæмбæлы куывды Пуриаты Авд Дзуары бæр- зонд кувæндонмæ. Сыгъдæгзæрдæйæ дæ сыгъдæг кувинæгтæ куы кувай, уæд сæ Хуыцау æмæ зæдтæ дæр адджынæн исынц. Адæймаг зæрдæйæ цы хъуыддагыл архайа, уый Хуыца- уæй арфæгонд у. Валерæ æмæ елхотаг Мамиаты Аслан Пуриаты хъæууатмæ баластой æртæуатон вагон — цæттæ
хæдзарарæзтæй, йæ рахизæны йын вагоны æмдæргъæн мæнг- агъуыст æрæхгæдтой. Ныр куывддон адæм тыгъд арвы бын нал баддзысты! Цы хъæуæй фæздæг нал кæла, уый хъæууатыл нымад у. Пуриат дæр рагæй федзæрæг и. Ныр Валерæ æмæ Асланы фæрцы хъæууатæй фæздæг скалди. Физонæджы хус смаг уæларвмæ схæццæ ис. Бынтон æмбисонд та — ирон хойраг, уæливыхты хæрздæфæй зæрдæ къæбæлдзыг кæны. Ног бынæттæн зæрдиагæй скуывта Мамиаты Фидар: «Хуыцау æмæ Пуриаты Авд Дзуары сæ амондджын æмæ куывддон бынæттæ скæнæд!». Бынатыхицауыл бафæдзæхста се ’ппæ- ты дæр. Нæ кæстæртæ сæ фыдæлты рухс кувæндæттæм се ’ргом кæй аздæхтой, уый фарны хъуыддаг у. Цæгатæй Хуссармæ сæ хохы зæдты хорзæх уæд! Ирон адæм, Пуриаты Авд Дзуа- ры — уæ фæдзæхсæг!!! ^т
ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГ Цыдтсен æз арф комы рæбынмсе, Мсе алфамбылай — афтид, хаст. Кокайты Тотрадз Фыдæлты уæзæг. Цымæ йæм цавæр уæларвон тых ис? Адæймаджы йæхимæ куыд æлвасы, æмæ цæмæн? Адæймаг кæм райгуыры, фыццаг къахдзæфтæ кæм акæны, уый рай- гуырæн зæхх у. Райгуырæн къона, райгуырæн зæхх та ный- йарæг мадау адджын æмæ зынаргъ сты. Мæнæ та ныр дæр фæцæуын мæ фыды уæзæгмæ, райгуырæн къæсмæ, Фаллаг- коммæ. Комы дымæджы — Хацъейы хуым, йæ диссаджы суары гуырæнтимæ. Ам, дам, кæддæр Садыхъотæ царды- сты. Хæдзарæн ма йæ бынаты æрмæстдæр — дуры цæндтæ. Æвæццæгæн, сæ хистæр Хацъе хуынди, æмæ уый номæй баззади — Хацъейы хуым, абон махмæ дæр уыцы номимæ æрхæццæ ис. Диссаджы стыр тъæпæн фæз уыди. Фæлæ дон æмæ арты ныхмæ цы лæууы! Захъадон ивылдæй фыдуаг æмæ æгъатыр у. Кæцыдæр уалдзыгон донивылæн рæстæ- джы Захъадон кæфхъуындары лæбурдтытæ фæкодта æмæ ма дынджыр фæтæн Хацъейы хуымæй иу æнæбары гæп- пæл фæуагъта. Ам ма суармæ ныххизæны къахвæндагыл мæ къахвæдтæ бæргæ агурын, фæлæ уыдон дæр донласты бахаудтой. Ардыгæй, комы дымæгæй, комбæстæ иууыл нæ зыны, кæд нарæг æмæ цыбыр у ком, уæддæр, æрмæст йæ бæстастæу, комрæбын хъæууат — Мамиаты-Мамиты мыг- гаджы бындур, йæ уидаг кæцæй равзæрди, уыцы «Сауы- бын». Хъæууаты хæд сæрмæ, тæккæ рындзыл та лæууы 147
бæрзонд, пæлæхсар нæзы бæлас, цалдæр æнусы кæуыл цæуы, ахæм. Къорд азы размæ, хъæды хæдзарады мини- страды сæйраг специалисттæ Мæскуыйæ Ирыстонмæ кусæг балцы куы ссыдысты, уæд, хæрз рагон æмæ стæм æрдзон цыртдзæвæн кæй у, уымæ гæсгæ бабæрæг кодтой Нары зыл- ды Фаллагкомы ацы æнусон нæзы бæлас дæр. Йæ бæрæггæ- нæнтæ йын систой, æмæ йæ бæрзæнд рауади 26 метры, йæ зæнджы зиллакк (окружность) та 4,35 метры. Хъыгагæн, йæ кар бæлвырд сбæрæг кæнын сæ къухы нæ бафтыди, сæр- магонд браутæ сæм кæй нæ разынди, уый аххосæй. Комбæ- сты хабæрттæ кæрæй-кæронмæ чи федта æмæ зоны, æппæт фыдцаутæ чи бавзæрста, фæлæ рæсугъд, хъæлдзæг бонтæ дæр чи фенын кодта комбæсты адæмæн,^уыцы æнусон бæ- лас ныр æгуыппæг, æнкъардæй лæууы. Йæ быны цы рагон кувæндон ис, Сауыбыны Уастырджийы номыл, уырдæм ма афæдз иу хатт фæзынынц йæ фæдон кæстæр фæлтæртæ, æндæр бынтон иунæгæй баззади. Комбæстæн æвдисæндары хуызы лæууы æмæ дæрдтыл фæлгæсы. Араст дæн дарддæр. Раздæр галуæрдон кæм цыди, уый ныр рафæтæн кодтой тыхджын бульдозертæ. Цæуын сабыр- гай, фæлгæсын алырдæмты, куы хуссар, куы цæгатварсмæ. Алы хъуыдытæ сæрмæ бырсынц, фылдæр, æвæццæгæн, æн- къард хъуыдытæ. Хъуыдытæ-мысинæгтæ хæххон цæргæсау фидарбазырджын фестынц æмæ адæймаджы йæ сабидугмæ аскъæфынц, уым æй фæлмæн кæрдæгыл æрæвæрынц, ар- дыгæй райдай халын дæ мысинæгты къуыбылой, зæгъгæ. Уыцы хъуыдытимæ æрбахæццæ дæн мæ райгуырæн къона- мæ — Дзæуыгтæм. Афтæ нæ фыдыномæй хуыдтой. Мæ фыд Алыксандр, уый фыд Ростъом, Ростъомы фыд Куадз, уый фыд та — Дзæуыг. Абон дæр ма ацы хæдзарвæндагæй чи ис, уыдон Дзæуыгтæ хонынц. Цæрынц алы сахартæ æмæ хъæу- ты: Дзæуджыхъæуы — 3 хæдзары; Октябрыхъæуы — 2; Заводскойы — 1; Къостайыхъæуы — 2; Хъæдгæроны — 1; Алагиры — 2; Железноводскы — 2. 148
Дзæуыджы байзæддаг дæр фыццаг Сауыбыны цардысты. Рæстæг иу ран нæ лæууы, размæ цæуы æмæ цæуы. Рæстæ- джы цыдимæ цард дæр, адæм дæр ивынц, фылдæргæнгæ цæ- уынц, зæхх та æнæивгæйæ лæууы, бонæй-бон кадавардæр кæны, адæмы фаг нал у, сæ домæнтæ та фылдæр кæнынц адæмæн. Ахæм кадавар зæххы гæбæзтыл, ахæм æлхъывд за- ман де уæнгтæ дæ зæрдæйы фæндиаг нæ айваздзынæ, дæ бирæ бинонты царды уавæртæ, куыд дæ фæнды, афтæ нæ фæхуыздæр кæндзынæ, дзæбæхдæр фадæттæй сæ нæ раив- дзынæ. Хицæн хæдзар цæмæй сагъуындай, уымæн æрмæст хъару æмæ фæндон фаг не сты, сæйрагдæр хъæуы бынат — зæххы хай — ссарын. Зæхх та уыди дихгонд хæдзаргай нæ, фæлæ мыггаггай. Зæххимæ баст фарстытæ лыггонд цыдысты мыггаджы хистæрты иумæйаг уынаффæйæ. Зæхх та кадава- рæй-кадавардæр кæй кодта, уый фыдæй хæдзæрттæ фылдæр къæдзæхты сæртыл арæзтой, æвадат бынæтты, æмæ, зæххы куыстæн чи нæ бæззыдис, ахæм æнæпайда зæххы гæбæзтыл. Суанг уыдон дæр Фаллагкомы тынг зын ссарæн уыдысты. Ахæм рæстæджытæ дæр-иу скодта, æмæ зæхх туджы аргъ куы уыди. Гал кæм схуысса, уыцы гæппæл уыдис галæн йæхи аргъ, уый æлхæнын та алкæмæн йæ къух нæ амыдта. Адæм сæхимидæг тыхстысты, зæххы кадавары аххосæй мыг- гæгты æхсæн цыди быцæутæ. Дзæуыджы фырт Куадз дæр йæ бирæ хæдзаронтимæ (цыппар фырты æд бинонтæ, æд байзæддаг) къуындæг царды уавæртæй тыхсти æмæ, мыгга- джы хистæрты уынаффæ дæр Куадзы фæндон æмæ курдиа- ты пайдайæн куы нæ рантысти, уæд æхсæвæй-бонæй сагъæсы бахаудта. Æхсæв ыл хуыссæг нал хæцыди, мæйрухсмæ-иу уынджы бадгæйæ баззади. Бирæ фæрабар-бабар кодта йæ гæнæнтæ, бирæ фæсагъæс кодта: йæ бирæ бинонты къуын- дæг цард куыд фæхуыздæр æмæ рогдæр кæна? Хистæрты уынаффæйы ныхмæ ацæуа, æмæ йыл, мыййаг, хъоды дæр куы бакæной. Искуыдæм фæсхохырдæм зæххагур фæраст уаид, æмæ уыйæппæт бинонты йæ фæдыл куыд ласа. О фæлæ ацы къуындæг уавæрты дæр быхсæн æмæ фæразæн нал ис. Уæд та иу мæйрухс æхсæв, сагъæстæ та йын йæ хуыс- сæг куы фæсырдтой, уæд рацыд æмæ къуыпбадæны, хи- стæрты Ныхасы бынаты^, æрбадт æнæдзургæйæ, хъуыды- ты аныгъуылд. Сыстад. Йе ’ргом Сауыбыны Уастырджийы 149
кувæндоны æрдæм сарæзта æмæ лæгъстæгæнæгау дзуры, ку- вæгау кæны: «Сауыбыны Уастырджи! Табу дæхицæн! Къуырц- дзæвæны бахаудтæн мæ тыхст æмæ къуындæг фадæттæй. Ацы уавæры ма мын баззад æрмæст иунæг фæрæз. Нæ куы- рыхон, нымад хистæрты уынаффæйы ныхмæ мын æнæ рацæу- гæ нал ис. Ома сæ нымайгæ нæ кæнын кæнæ сæ ныхасæн аргъ нæ кæнын? Нæ! Æндæр хуыздæр амал мын нал ис. Цы бынат æрбæрæг кодтон, уым хъуамæ хæдзары бындур æрæ- вæрон. Сыгъзæрин Уастырджи! Ды дæр-иу мæ фарс фæ- лæуу. Мæ рæсугъд фæндтæ, мæ бæллицтæ куыд сæххæст уой!» Уыцы рухс хъуыдытимæ, цыма йæ хæдзар æмбисарæзт фæци, афтæ цингæнгæ, райзæрдæйæ хæдзармæ бацыд æмæ адджын фынæй баци. Райсомæй раджы фестади, цыма са- гъæссаг хъуыдытæ йæ сæры æппындæр никуы уыдысты, йæ хæдзары зылдтытæ тагъдгомау акодта æмæ мыггаджы фæ- сивæдыл азылд, уый фæстæ та, Джиоты фæсивæдæй йæ зæрдæ кæуыл дардта, уыдоныл дæр. Куадз Джиоты (хæдза- ры номæй Самиты) сиахс уыди. Се ’ппæтæн дæр бæлвырд бамбарын кодта, мæй куыддæр Годжуыгæрдæны рагъæй йæ был сдара, афтæ уæм æнхъæлмæ кæсын æхсæвыгон зиумæ уыцы бæрæг бынаты æд кусæнгарз; æмæ та-иу мидбылты бахудти. Куыд баныхас кодтой, афтæ æрбамбырд сты Фаллагкомы æвзæрст, гуыппырсар фæсивæд. Абоны Дзæуыгты хæдзары бынаты къæдзæх пырх кæнын байдыдтой. Мæй дæр æнафон зиууæтты фарс фæци, йæ цалхы дзаг ирд цæстæй каст, æмæ фæсивæд зæрдæрай кодтой. Æрдз бынтон ныссабыр ис, ис- куы иу хатт ма-иу кæмдæр иу куыдзы рæйын райхъуысти, фæлæ уымæн дæр дзуапдæттæг куы нæ уыд, уæд уый дæр ныссабыр ис. Æрмæст ма Фаллагкомы дон, æхсæвы сатæг пырхгæнгæйæ, дуртыл йæхи хойгæ згъоры, тагъд кæны За- хъадонимæ фембæлынмæ. Фыццаг кæркуасæнтæм къæдзæх суангдæр йæ бындурмæ æрфастой æмæ йын хæдзары бындурæн йæ фыццаг фисыныл дынджыр дур æрæвæрдтой. Сомбоны ног цæрæнуатæн бын- дур æвæрд æрцыд, æмæ зиууæттæ рапырх сты сæ хæдзæрт- тæм. Дыккаг райсом хуры фыццаг тынтæ Адайы хохы цъуп- пыл куы сæрттывтой (Фаллагкоммæ хур æрæгмæ æрбакæсы), уыцы ирд рæстæг Мамиаты мыггаджы хистæртæ иугай-дыгай 150
къуыпбадæнмæ — Ныхасмæ æрбамбырд сты. Ныхæстæ кæ- нынц, царды уынаффæтæ нывæндынц. Æнæнхъæлæджы сæ зæххы хайыл къæдзæх фæлдæхтытæй куы ауыдтой, уæд фæ- сонтгонд сты, уæлдайдæр, Куадзы курдиаты ныхмæ чи уыди, уыдон. Фæдисы уадæй уым балæууыдысты. Къæдзæх афтæ арф къахтæй куы федтой, уæд ма сын æй цы базонын хъуыд, Куадзы хивæнд митæ кæй сты, иннæрдыгæй, дис дæр код- той, иу æхсæвмæ ахæм къæдзæх куыд æркъæртт чындæуы- ди. Мæсты куыд нæ кодтой, фæлæ ма ныр цы! Æрæмбырд сты сæ Ныхасмæ, Куадзæн бауайдзæфтæ кодтой. Райдианы йæ курдиаты ныхмæ чи уыди, уыдон æм хъодыйæ дæр барт- хъирæн кодтой. Фæлæ йæ фарсхæцджытæ фæфылдæр сты, æмæ уæд фæсивæдæн ныффæдзæхстой, фæкæсын хъæуы ацы «хивæнд лæгмæ» хæдзар аразынмæ, зæгъгæ. Афтæ фæ- зынди ног хæдзар, ног «хъæу» — Дзæуыгтæ. Куадз æрцарди дыууæуæладзыгон хохаг тъæпæнсæр хæдзары йæ цыппар фыртимæ: Хъазыбег, Никъолоз, Ростъом, Дрис æд бинонтæ, æд цот — æдæппæтæй 28 бинойнаджы. Йæ бындур æрæвæрдæй дзы хистæрты фæрцы цы фарн æмæ æгъдау ныффидар и, уый лæвæрдтой фæлтæрæй-фæл- тæрмæ. Дзæуыгты хæдзар комбæсты адæмæн æмæ æнæзонгæ фæндаггонтæн — уазæгдон. Æнафоны бæлццон фыццаг цы хæдзармæ бахæццæ уа, уый дуар бахойы: — Уазæг нæ уадзут, фысымтæ! — Уазæг — Хуыцауы уазæг! — кæддæриддæр хъуысти хæдзарæй дзуапп. Рæстæг цæуы. Фæлтæр ивы фæлтæры, фæлæ фæлтæрты æхсæн бастдзинад фидардæр цы кæны, æндæр лæмæгъдæр, фæлурсдæрæй нæ зыны. Уазæгæн Дзæуыгты дуæрттæ кæд- дæриддæр — гом. Цæхх, кæрдзын фæллад фæндаггонæн сыгъдæгзæрдæйæ йæ разы æвæрд. Уый нæ, фæлæ ма ив- гъуыд æнусы 60—70-æм азты фæзынди ног фæтк нæ комбæсты. Фаллагкомæй бæлццон куы цæуа, кæмæйфæндыдæр æфсады рæнхъытæм, уæд ын, кæй зæгъын æй хъæуы, йæхи къонайы æртæ чъири æмæ физонæгæй скувынц æмæ йæ рафæндараст кæнынц. Фæлæ алы бæлццонæн дæр йæ фæндаг Дзæуыгтыл цæуы, æмæ йæ бындурон фæндараст дæр Дзæуыгты бынæт- тæй ракæнынц. Хæдзары хистæр Алыксандр сыгъдæгзæр- дæйæ куывта, æмæ йын Хуыцау дæр йæ куывдтытæ иста. 151
Хистæртæ-иу куыд дзырдтой, афтæмæй иунæг бæлццон дæр никуы ницæмæй бакъуылымпы ис, иууылдæр æнæнизæй ’гас хæдзар ардтой. Уый, дам, Дзæуыгты фарн у, Дзæуыгты, дзырдтой-иу комбæсты адæм. Ацы ног фæтк комбæсты фæ- зынд æмæ ныффидар и нæ дзæнæты бадинаг мад Финейы хъæппæрисæй. Ам, Дзæуыгты хæдзары, раздæр цард цæджджинæгау кæм æнхъызти, фæндыры цагъд æмæ хъæлдзæг ныхас кæ- цæй хъуысти, уазæгæй иунæг бон дæр чи никуы фæцух и, уыцы нæртон æмæ фæрнджын хæдзары ма ныр хохаг дурæй амад къултæ фидар лæуд бæргæ кæнынц, фæлæ уыдон уазал къултæ сты, фысымты, уазæджы комулæфтæй нал бахъарм уыдзысты. Сæ уындæй зæрдæ уазал кæны. Ныккæрзы, арф ныуулæфы адæймаг æмæ хъуыдыты малы бахауы; æбæрæг ранмæ ленк кæны, бæлвырддæрæй та йæ уылæнтæ сæхæдæг хæссынц, кæдæм, уый бæрæг нæу. Сындæг, хъавгæ къахдзæфтæй цæуын. Цæгатварс нын цы суадон ис, уырдæм фæцæйраст кодтон, фæлæ æвиппайды мæ цæстыты раз слæууыд нæ фыды сурæт, йæ цыртдзæвæнæй мæм цыма рахызти, тызмæг, уайдзæфгæнæджы каст мæм цыма æрбакодта æмæ мæм дзуры: «Дæ дойны уал фæуром, мæ къона, мæнæ уал махмæ фæзил. Де ’дзард æфсымæр Ка- зик æмæ дæ мадызæнæджы хъæбул гыццыл Батрадзмæ. Уæвгæ, ныр гыццыл нал у, Казикæй дæр фæбæрзонддæр, бæзæрхыгтæ арæзт, мæ лæггадгæнæг». Æз иу^ æмæ дыууæ хатты нæ уыдтæн ацы зæрдæдарæн бынаты. Йæ фыццаг равзæрд дæр ын тынг хорз хъуыды кæ- нын. Нæ фыды нын дон куы фæласта 1971 азы, уæд нæ хи- стæр æфсымæр Жорикы цæмæндæр бафæндыд, ам, хицæн ран æй баныгæнын, кæд æй бирæтæ нæ уагътой, нæ фæтчы хицæн уæлмæрд гом кæнын, зæгъгæ, уæддæр никæмæуал байхъуыста. Фæзылдтæн фæстæмæ æмæ цыртдзæвæнты раз лæууын. Ам дымгæ дæр цыма не ’дзард ахсджиагдæрты æн- цойдзинадыл ауды, уыйау æрсабыр кæны йæ сонт футтытæ. Фаллагкомы дон дæр цыма йæхимæ хъусыныл фæвæййы, афтæ фæуромы йе знæт уынæргъын. Бабиаты хъæдæй æв- вахсдæр бæласы цъуппæй цавæрдæр маргъ уынгæг хъæлæ- сæй фæсиды йæ цæдисон æмбалмæ, фæлæ уый дæр иуафон йæ базыртæ тыхджын сцæгъды, стæй сыфтæрты æхсæн 152
æрбайсæфы. Хъустæ гуыр-гуыр кæнынц æнахуыр æгуыппæг- дзинадæй. Зæрдæ йæхи къултыл хойы, йæ алы тугдадзины цæф дæр ын æнкъарын. Цыртдзæвæнты къамтæй мæм æдзынæг кæсынц æртæйæ. Нæ фыдыл ма уæддæр бонтæ иу цъус рацыди, фæлæ æдзард Казик æмæ саби Батрадз... Фæстаг хуры тынау цæстытыл ауайынц сæ цардæгас сурæттæ. Рог уддзæф кæцæйдæр æрба- скъæфы, бирæ фæлтæрты æрдхæрæны зæлтау мæ хъусты чи зæлыди, уыцы æнæкæрон зонгæ хъæлæстæ. Тынгдæр мæм Казикы хъæлæс хъуысы. Ахæм заман лæг цавддурау фесты. Сæ карз хъысмæтæй ма сын баззад æрмæст иунæг хорзæх — æнцойдзинад. Æгуыппæг, зæрдæуынгæггæнæн æнцойдзинад. Рæстæг йæ цыдæй нæ лæууы. Дугъон бæхау згъоры размæ. Фæлæ мæ бинонты ахсджиæгтæн ам, се ’нусон бынаты, сæ кæддæры нæргæ дуне бамыр и. Сæ зæххон хурæйдзаг бонтæ кæронмæ фесты. Æз дæр рахызтæн галвæндагмæ, фæстæмæ ма иу каст фæкодтон, фæлæ сау æндаргтæ йеддæмæ ницыуал федтон. Æрцыдтæн фæстæмæ суадонмæ, дæндæгтæ йæ нæ уро- мынц, ахæм уазалæй цæуы, фæлæ дзы ацы хатт зыд нуæзт акодтон, йæ уазал дæр ын нал банкъардтон. Иуæй, тынг сдойны дæн, иннæмæй та сау-уæззау хъуыдыты-мысинæгты ахæсты бахаудтæн, æмæ зæгъын мæ зæрдæйы тæвд гыццыл æруазал кæнон. Иу цъус доны сатæгмæ абадтæн, аулæфыд- тæн, ме ’нкъард хъуыдытæ фæсурæгау кодтон æмæ араст дæн цæгатварс уæллаг фæзмæ. Ам, нæ хæдзары бакомкоммæ цæгатварс сæрвæттæ уыдысты, суанг Дыгорты суадон æмæ Бабиаты1 хъæдласæн ададжы онг. Еналдытæй иунæг хæдзар цардис Фаллагкомы — Елхойы2, Дыгортæ — Еналдыты хæ- дзары фыдыномæй афтæ хуыдтой. Дыгорты суадон тæккæ хъæдрæбынæй гуыры. Иу-фынддæс метры уæлæты зæххы уæлцъарыл згъоры, стæй та æрбайсæфы, зæххы бын фæвæй- йы стыр фæзы райдиан æмæ та уыцы фæзы кæрон ногæй фæзыны фылдæр æмæ тыхджындæрæй. Ам дыууæ тъæпæны уыдис, гыццыл æмæ стыр тъæпæн, кæнæ — фæзы. Схæццæ дæн гыццыл фæзмæ, фæлæ мæм ком æнæхъæнæй нæ разынди уæддæр. Цалдæр къахвæндаджы дзы уыдис, ныр дзы иу дæр 1 Хъæуы ном 2 Хъæуы ном 153
нывыл нал зыны. Стыр фæзы уæллаг кæронмæ æрбазылд- тæн, ам кæддæр æрмæстдæр сæрвæт уыдис, ныр æм фосы къах нал хæццæ кæны, æмæ дзы сырæзт цæттæ уыгæрдæн, йæ кæрдæг астæумæ хæццæ кæны, дымгæ йæ фæйлауы, уы- лæнтæ кæны. Кæддæр ардæм згъоргæ кодтон, ныр та сабыр- гай цæугæйæ дæр лæг тыхулæфт кæны. Мæхи фæлмæн кæр- дæгыл æруагътоп, мæ уæраджы сæртæ æрбатыхтон мæ къухтæй æмæ фæлгæсын мæ алфамбылай. Фаллагком армы тъæпæныл æвæрдау зыны. Лæджы цæст æм кæсынæй не ’фсæды. Цымæ ацы коммæ фыццаг хатт чи æрбафты, уый цæст дæр афтæ æнæфсис у? Йæ рæсугъддзинадмæ кæсынæй не ’фсæды? Æвæццæгæн, уый æрмæст мæ зæрдæйæн у афтæ æхцон ацы коммæ кæсын. Мæнæн у адджын йæ алы къуы- быр, йæ алы дур дæр. Уый диссаг нæу, — æз ам райгуырд- тæн. Ам ракастæн мæ цæстæй, мæ фыццаг къахдзæфтæ ам акодтон. Мæ райгуырд дæр иу чысыл цымыдисаг у. Ме схæссæг мад Аннæ — Хъесиан (мæ мады файнуст) æй куыд дзырдта мæ райгуырды хабар, мæхæдæг дæр æй афтæ радзурон. Фаллагкомы. 1988 аз 154
Цæвиттон, фæззæджы — хуымгæрдæнты зиу ракодтой хъæ- бæрхоры хуым кæрдынмæ, иу фараст зиууоны уыдысты. Зиууæтты хъæлдзæг ныхас сæууон сыгъдæг уддзæф дардмæ скъæфта æмæ та-иу кæмдæр хъæдрæбын æрбатад, æрбай- сæфт. Сæ ерысы куыст тыхджынæй-тыхджындæр кодта. Фæсте-иу чи аззад, уымæн дæр ахæм хъæлдзæг уавæр йæ тыхыл тых æфтыдта, йæ ныфсыл ныфс, æмæ тырныдта раз- загдæрты баййафынмæ, уый зиууоны сæйраг миниуæг у æмæ хæххон адæмы ахсджиаг, æнæмæнгхъæугæ хъуыддаг. Фæс- сихормæ фæкарстой, уыгæстæ гыццыл хæдзæрттау рæнхъ ралæууыдысты. Хур арвы астæумæ стылди, йæ тынтæ ком- коммæ зæхмæ æппары, буары ныхсæгау кæнынц, хид фын- дзы хъæлæй лæдæрсы, фæлæ йæ фæлтæрд зиууæттæ ницæмæ дарынц. Уый бæргæ афтæ у, æрмæст хоры æфсиртæ та фыр хусæй сæхи нал бауромынц æмæ зæхмæ згъæлынц. Зиууæт- тæ уал сæ куыст фæуагътой: къæбæр дæр ахæрæм, нæ фæл- лад дæр суадзæм, стæй хуры тæвд дæр фæсæтта. Араст сты хæдзармæ, кæрæдзийы фæдыл ныххал сты, афтæмæй. Фаллагкомы сылгоймæгтæ. Галиуæрдыгæй рахизæрдæм бадынц: Мамиаты Фине — мæ мад, Мамиаты Верæ; лæууынц: Джиоты Дзенæ, Мамиаты Катеринæ 155
Хохаг хæдзар дыууæуæладзыгон вæййы фылдæр. Фыц- цаг уæладзыг — фосæн скъæттæ, дыккаг — цæрæн бынæттæ. Зиууæттæ сфардæг сты дыккаг уæладзыгмæ, нæ мад — Фине Хъуылымбегон та йæ ных сарæзта фыццаг уæладзыгмæ. Ацæут, æз дæр уæ феййафын, зæгъгæ, фæкодта. Зиууæттæ сихор хæрынц, сæ хъæлдзæг ныхас фылдæр цы кæны, æн- дæр къаддæр нæ. Фысымы дæр «алхыскъ» кæнынц, сæ фарс- мæ кæй нæй, уый тыххæй, фæлæ Фине зынæг нæма ис. Æгæр æрæгмæ куы кодта, уæд æм кæстæртæй чидæр бæрæггæнæг æруади. Скъæты дуарæй нæма бахызт, афтæ йæ хъустыл сы- вæллоны кæуын ауад. Тарст æмæ фыр диссагæй сонт гæпп бакодта талынг скъæтмæ. Æвиппайды ницы ауыдта, фæлæ сывæллоны цъæхахстмæ зæрдаивæй сæ уæлхъус алæууыд. Кæсы, къæйдзарыл, хъæмпы уæлæ цавæрдæр бызгъуырты мад фæлурсæй хуыссы, сывæллон йæ фарсмæ. Уый дын ног адæймаджы фæзынд ацы мæнг дунемæ. Къостайы загъдау: Рæстмæйы хъуыддагæн Сыгъдæгдæр ран хъуыд, Фæлсе дзы мæ мадæн Хуыздæр ран нæ уыд. Уый уыди 1939 азы 22 сентябры. Фæстæдæр ноггуырдыл ном сæвæрдзысты Таймураз. Нæ зонын, йæ номы аккаг ра- уади, æви? Уæвгæ æвæргæ ном фæзилынмæ у, зæгъынц. Ал- кæмæн йæ æцæг номгæнæг сты йæ митæ, йæ фарны хъуыд- дæгтæ, йæ алыварс адæммæ хæлар ахаст. Хуыцауы дунейæ фыццаг цы федтон, уый — Фаллагкомы къуылдымтæ, йæ зад уыгæрдæнтæ, алыхуызон дидинæгæй персайнаг гауызау рæсугъд фæлыст адгуытæ æмæ тъæпæн- тæ. Диссаг æмæ цымыдисаг уый уыди æмæ у, æмæ хæхбæ- сты алы адаг, алы къуылдым, сæрвæт æмæ уыгæрдæн, хох æмæ æфцæг — алцæмæн дæр дзы уыдис йæхи сæрмагонд ном, зæгъæм: Елхо, Цъиро, Годжуыгæрдæн, Ес3 æмæ а.д. Уыдонæн сæ нысаниуæг цы у, иу кæнæ иннæ ном цы бæрæг кæны, уый ахуыргæндтæ абон дæр нæма раиртæстой, фæлæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ куыд æрхæццæ сты, афтæмæй базза- дысты. Гъе æрмæст иу кæуинаг хабар уый у, нæ хæхбæстæ 3 Елхо, Цъиро, Годжуыгæрдæн, Ес — уыгæрдæнты нæмттæ. 156
кæй федзæрæг ис æмæ уыцы къуылдымты нæмттæ кæй ни- чиуал зондзæни, рохуаты кæй баззайдзысты. Хуыцауы ду- нейæ ма ноджыдæр федтон Фаллагкомы дыууæ цæугæдоны — Гнугъыдон æмæ Хъадагомы дон, стæй чындздзон чызгау бæрзонд, рæхснæг бæрз бæлæстæ. Бадын уæллаг фæзы къуылдымыл. Уæнгтæ бафæлладысты æртыдагьæй бадынæй æмæ мæхи бæзджын кæрдæгыл фæстæмæ ауагътон. Мæ га- лиу хъусы тæккæ рæбын мыдыбындзыты гуыв-гуыв куы айхъуыстон, уæд мæ сæрыл хæрдмæ схæцæгау кодтон, кæд, зæгъын сын мыййаг, сæ къуырттыл æрхуыссыдтæн, уæд мæ куы фæнæмой. Кæсын æмæ дыууæ рæсугъд дидинæджы, фаззон хотау кæрæдзийы фарсмæ, кæрæдзимæ сæ сæртæ бакъул кодтой, афтæмæй хъал лæуд кæнынц. Рабадтæн, мæ алфамбылай иууылдæр алыхуызон дидинæгæй æмбæрзт, фæлæ ацы дыууæ «фаззоны» бынтон æндæрхуызон. Дæрд- тыл фæлгæсын, ахæмтæ дзы нæ уынын. Цавæрдæр хæрз- дæф фындзыл æмбæлы, уыцы дыууæ дидинæгмæ æрысму- дон куыд загътон, афтæ кæсын æмæ сын сæ къусчыты дыууæ мыдыбындзы бадынц, сæ куыст кæнынц. Цалдæрæй та ма сæ алыварс зилдух кæнынц, æвæццæгæн, уыдон дæр рады лæууынц. Мыдыбындзытæм кæсгæйæ та мæ сабибонтæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты. Мæ фыды æфсымæры лæппу — Валодя (дзæнæты фæбадæд) — иу сæрды нæхимæ æрбацыди. Сæ- рæн, цæхæрцæст лæппу уыди. Йæ цъæх цæстытæ æппын- æдзух худæндзаст уыдысты, къухæй та — хæрзарæхст. Хъуыды ма кæнын, фæсхæсты рæстæджыты сыгъзæрин къухдарæн никæмæн уыди. Иуæй йæ ссарæн нæ уыди, иннæ- мæй та — цæмæй йæ æлхæныс? Валодя-иу бавдæлд æмæ æр- хуы фæндзгай капеччытæй сарæзта куыддæртæй къухдарæн- тæ. Нымæты гæппæлыл иу сæ дзæвгар фæхафта фæныкимæ, стæй та гæрзтæхсæн сапонæй. Ахæм тынг-иу сæ сæрттивын кодта æмæ айдæнау цæхæртæ калдтой, æцæг сæ рæстæгæй- рæстæгмæ хафын хъуыди нымæтыл, кæннод тар кодтой. Æр- хуы уæддæр æрхуы у. Валодяйы конд къухдарæнтæ дзæвгар рæстæг фæдардтой, зынаргъ лæварæн, мæ ныййарæг мад — Фине (Хъуылымбегон), мæ хъомылгæнæг мад — Аннæ (Хъе- сиан), Валодяйæн йæхи мад Любæ (Гаджион) æмæ ма сыхы устытæй бирæтæ. Уæлдай тынгдæр та мæ зæрдыл лæууы, 157
Кристинæ фæлладуадзæн парчы, куадзæны бон 1960 азты ма Фаллагкомы цæргæйæ ист къам — галиуæрдыгæй рахизæрдæм: 1-аг рæпхъ: Казик æмæ Жорик — мæ хистæр æфсымæртæ. 2-аг рæнхъ: Фатимæ — не ’рвадæлты чызг, Фине (Хъуылымбегон) — нæ мад, мæ хотæ — Ирæ æмæ Соня 158
Нæ бинонты къорд 159
фыццаг хатт хъæддаг мыдыбындзыты мыд куыд бахордтон, уый. Иу сæрдыгон бон та Валодя уыцы хъæлдзæгæй, цæсты- тæй худгæйæ, «стыр» хæдзары фæмидæг и, мæ хистæр æфсы- мæр Казик (дзæнæты бадæд) æмæ мæнæн нæ цæнгтыл фæхæ- цыди: «Цомут-ма, æз уæ мыдæй бафсадон!» — æмæ нæ мусы, зæронд хъæмпы цъынайы раз, балæууын кодта. Мах иуварс лæууæм, йæхæдæг хъæмпы цъынайы алыварс зилы. Къухæй йæ бахойы æмæ та йыл йæ хъус авæры, цыма, «мидæмæ ра- хиз, уазæг!», уыцы дзуапмæ æнхъæлмæ кæсы, уыйау. Иу зылд æркодта цъынайы алыварс, иуварс ахызт æмæ æдзынæг ныккасти цъынамæ. Мах та уымæ лæмбынæг кæсæм, не ’мба- рæм, зæронд хъæмпы цъынамæ афтæ лæмбынæг цæмæн кæсы. Уалынмæ иу мыдыбындз цъынайы фаллаг фарсмæ ба- тахт, Валодя дæр йæ фæстæ хъуызæгау бауади æмæ, мыды- бындз кæм фæмидæг, уым та ногæй къухæй бахоста, йæ хъус та йыл авæрдта æмæ уыцы хъæлдзæгæй фæкодта: «Ам сты!» Хъæмп рахæлиутæ кодта æмæ мыдыбындзыты къорд йæ сæр- мæ зилдух систой. Валодя иуварс агæпп кодта, иу цасдæр алæууыд, куы бамбæрста, мыдыбындзытæ фæсабыр сты, уæд бавнæлдта æмæ мыды «къус» райста, йæ «рæгъæдтæ» йын фæхицæн кодта, иннæ къустæ та фæстæмæ бавæрдта. Цæттæ мыд махæн Казикимæ дыууæ дихы фæкодта, йæхæдæг та цъынайы алыварс зилы. Бахойы æмæ та байхъусы, дохтыр уæззау рынчынмæ куыд хъуса, уыйау. Цасдæр рæстæджы фæстæ та нын ног дыууæ кæрдихы нæ къухты фæсагъта, кæ- ронмæ бахæрын сæ нæ бон нал баци, æмæ сæ нæ мадæн аха- стам. Уымæн сæ йæ цæст нæ бауарзта бахæрын æмæ сæ арынджы, сасиры бын, бамбæхста. Цалдæр боны фæстæ та нын сæ нæхицæн радта, мæ зæрдæ, дам, нæ агуры, æфсон скодта. Мады зæрдæ! Мады зæрдæ! Цæй диссаг дæ, цæ? Мыд дæр дæ зæрдæ куы нæ агуры дæ хъæбулты разæй, æмæ йæ мах та бынтон æрæгмæ куы бамбарæм. Уымæн баззад æм- бисонд дæр: «Мады лæггæдтæ æмæ тухитæ никуы ничи бафиддзæни фæстæмæ, æрмæст сын ис бафидæн размæ!» Ома адæймагæн йæхицæн дæр Хуыцау цот куы ратты, уæд уыи дæр ахæм æгъуыссæг æхсæвтæ фервиты, йæ хъæбул- ты хъомылгæнгæйæ. Дзæнæты уæ бынат уæд уе ’ппæтæн дæр! 160
Валодя æмæ йæ цардæмбал Мисурæт (Кучион) Мæ сабидуджы бæллицты «балцæй» куы æрхæццæ дæн фæстæмæ, уæд кæсын æмæ уыцы дыууæ æнахуыр рæсугъд дидинæджы лæууынц, уæлдæфы фæлмæн уддзæф сæ æнæ~ бары базмæлын кæны, сæ сыфтæй кæрæдзиуыл аузæлынц æмæ та сæ адджын хæрздæф риуы ахъары, мыдыбындзытæ дæр сæ дзæкъултæ байдзаг кодтой æмæ атахтысты. Æз дыу- уæ къахдзæфы иуварс акодтон, уыцы Хуыцауы сконд дыу- уæ дидинæджы ма бахъыгдарон, зæгъгæ, æмæ та арф кæр- дæгыл уæлгоммæ æнæмæт хуыст кæнын. Кæсын арвы тæнæг цъæхмæ, бæрзонд æврæгътæм, æмæ мæм уæлæрвты æнæ- бын къуырфæй гæзæмæ-гæзæмæ цыма хъуысы ме ’дзард æфсымæр Казикы фæлмæн хъæлæс: «Фæстейы ма баззай,
Таймураз». Хосгæрдынæй-иу куы цыдыстæм хæдзармæ, уæд ацы стыр фæзæй ерысæй згъордтам куыроймæ, бæгæны нуа- зынмæ. Нæ мад-иу бæрæгбонтæм бæгæны куы сфыхта, уæд æй куыройы бын цалхы фарсмæ æвæрдта, цæмæй ма стуаг уа, уазалы фылдæр фæлæууа. Чи раздæр ныххæццæ уа, уый раздæр аназдзæни бæгæны. Цыма дзы иннæмæ нал æрхау- дзæн, уыйау... Иу изæр та стыр фæзмæ æрхæццæ стæм ныхæ- стæгæнгæ, ам мын йæ хæссинæгтæ, цыма æнæнхъæлæджы уыд, мæ къухы фæсагъта, йæхæдæг размæ атындзыдта. Фæ- сте йæм кæсгæйæ баззадтæн, арæх иу мыл афтæ «хинæй» рацыди. Фæлæ адæмы дунейæ та фыццаг цы федтон — мæ мады хурæвдылд цæсгом, йæ фæлмæн армы тъæпæнтæ, йæ галиу къухы æнæном æнгуылдзы фыццаг фæтасæн — къæдзæй йын куыд баззади, уый. Кæддæр æй хуымы, хъæбæрхор кæрд- гæйæ, æнæнхъæлæджы æхсырфæй æрбалыг кодта, цыдæр хъæстæ бахаста, æмæ æнгуылдз афтæ къæдзæй баззади. Бæрæгбонты-иу куывддон адæм нæ мады конд бæгæнымæ бæллыдысты. Уæлдайдæр-иу æй куыройы куы сæвæрдта, уæд уыцы иугъæдон уазал, зæрдæйыл æмбæлди. Стыр диссаг у, уый цас фæрæзта кусын æмæ змæлын. Æхсæвы бинонты фæстæ схуысс æмæ райсомæй боныцъæх- тыл бинонты разæй сыст. Уæдæ бæгæны æмæ арахъхъæй кæй фæуагъта цæрæнбонты, уыдон Фаллагкомы донвæды рауадз, уæд бæстæ фæласид. Иу сæрдыгон бон та арахъхъы- тæ уадзын байдыдта доныбыл. Ам йæ архайд удæнцойдæр уыдис. Бæрзы цъæрттæй-иу хæтæл ацарæзта, афтæмæй-иу милимæ суадонæй дон рауагъта: уæд ын йæ дон раив-баив нæ хъæуы, милийы хæтæл æдзух уазал дардта, æмæ уæд «омгæ» дæр нæ кодта. Цуайнаг арахъхъагæй байдзаг кодта, йæхæдæг хæдзары цыдæр куыстытыл афæстиат и. Уыцы рæстæджы цæгатварс хуытæ хызтысты, æнтыды тæф банкъардтой, сæхи доны былмæ рауагътой, — «æнæхицау» цуайнаг арахъхъагæй дзаг. Дыууæ нæл хуыйы арахъхъагæй сæхи хорз федтой, иу дæс метры-ма ацæуын бафæрæзтой æмæ уым афæлдæхтысты. Нæ мад æрæджиау куы æрцыди æмæ хуыты хуысгæ куы ауыдта, уæд фæтарсти, кæй зæгъын æй хъæуы. Къахæй сæ бакъуырд- тытæ кодта, уыдон змæлгæ дæр нæ кæнынц. Мæ хуытæ 162
хæдмæл кæндзысты, уæдæ, æмæ хъæумæ — Газатмæ фæфæ- дис и. Хъæуы адæмæй чи хос кæрдынмæ, чи ссивынмæ, æр- мæст ма дзы зæронд лæг, Джиоты Гуыбе, кæмдæр хæмпæлтæ карста. Цалынмæ уый хæдзармæ цыди, кард агуырдта, фæ- стæмæ здæхтысты... Лæг хуытæм кæсы, æмæ улæфынц. Йæ къахæй сæ бакъуырдтытæ кодта, фестадысты æмæ цудтытæ- гæнгæ сæхи уæлбылмæ сындæггай систой, сæ бырынчъытæ арахъхъагæй змæст. Гуыбейæн ма цы базонын хъуыди, хуы- тæ кæй фæрасыг сты, уый. Æрмæст фыргуыст æмæ фыдгуыстæй фæллад нæ уыди нæ мад, фæлæ ма зæрдæрыст дæр уыд. Хъысмæт ын цыбыр рæ- стæгмæ (æртæ азы дæр æххæст нæ уыди) æхсæз ахсджиаджы барвыста се ’цæг дунемæ. Йæ авд хъæбулæй æртæйæ — Ирæ, Замирæт, Казик — йæ разæй бацыдысты мæрдтæм, йæ иу хъæбулы хъæбул, Батрадз, йæ цардæмбал — нæ фыд æмæ йæ хистæр сиахс, Мурат. Стыр фæрсты фидар ын разынд, уæд- дæр искæй циныл зæрдæйæ цин кæнын фæрæзта. Иу рæстæджы, мæ хистæр æфсымæр Казик, хæдзардарæг æмæ йе стырдæр ныфс, куы фæзиан и, уæд йæ дыууиссæдзæм бон нæма ахицæн ис, афтæ иу нæ хæрæфырт лæппу ус рас- къæфта Октябрыхъæуы. Нæ хистæр æфсымæр Чермен уыцы рæстæджы Октябрыхъæуы цардис, æмæ нæ мад дæр рæстæг- мæ уым уыди. Хиуæттæ йæ иууылдæр зыдтой, Фине сау дары йæ хъæбулыл, æмæ хистæр устытæ, уыдонимæ лæп- пуйы мад дæр, фæндыр цæгъдын нæ бауагътой. Нæ мад, чызгыскъæфты хабар куы фехъуыста, уæд, цалынмæ æз куыстæй цыдтæн, уæдмæ цыдæр хъуымацы гæппæлтæ бам- бырд кодта, чындзæн лæварæн, зæгъгæ, æмæ мæм кæуын хъæлæсæй, лæгъстæгæнæгау дзуры: «Цом ма, нæ хæрæфыр- тæн арфæтæ ракæнæм æмæ хиуæтты дæр фенæм». Уæлдай цы загътаин йæ курдиатыл. Иуæй, ныййарæг мад, иннæрды- гæй та хъуыды кодтон, æгайтма йæхи зæрды æрæфтыди «йæхи аирхæфсын». Кæд йæ сау, уæззау хъуыдытæй иу уысм фæиппæрд уаид. Араст кодтам. Кæртмæ куы бахызтыстæм, уæд нæ ныхмæ æнæнхъæлæджы иу хион æрыгон сылгоймаг фæци. Уый са- лам раттыны бæсты сонт зылд фæкодта æмæ хæдзары фæ- куыси, адæмæн æй аппæлыди, Фине æрбацыди, зæгъгæ. Уæдмæ мах дæр бахызтыстæм уатмæ, адæмæй дзы къух 163
бакæнæн нæ уыди, æрбацæуын æнхъæл ын нæ уыдысты, æмæ иууылдæр фегуыппæг сты. Ацинтæ кодтой кæрæдзи- уыл, аныхæстæ кодтой, æмæ йæ нæ мад бамбæрста, йæ хъæ- булы зианы тыххæй фæндырмæ кæй не ’вналынц. Сыстади йæхæдæг æнæдзургæйæ, фæндыр шифанеры сæрæй райста, фæндырдзæгъдæджы хъæбысы йæ тыхæвæрд æркодта. «Ацæгъд, ацæгъд, мæ къона», — дзуры чызгмæ, фæлæ уый хъусæй лæууы, куыд кæна, уый нал зоны. Иуæй, æфсæрмы кæны саударæг усæй, иннæрдыгæй та йæм зæронд ус йæхæ- дæг æрхатыди. Чызг куы бамбæрста, æнæ ацæгъдгæ йæ нæ ныууадздзæни, уæд райста фæндыр æмæ йæ тыхивазæгау акодта. Уæзбын хонгæ цагъд, фæлæ фæсивæдæй йæ ныфс ничи хæссы. Уæд Фине сыстад иу астæуккаг кары лæгæн йæ цонгыл рахæцыд æмæ йæхæдæг йæ разæй рахызти. Зæронд устытæ богъ-богъæй кæуын байдыдтой, фæлæ Фине йæ каф- ты кой кæны, йæхи ныффидар кодта, кæд йæ зæрдæ ныддур и, уæддæр. Кафт фæци. Адæмæн арфæ ракодта, фæсивæдмæ фæсидти, кафгæ кæнут, уый мæ хъæбулæн дæр æхсызгон уыдзæни, зæгъгæ. Йæхæдæг, хатыр ракургæйæ, кæртмæ ра- хызт; уым, иппæрдæй, аууон ран йæ зæрдæйы тыппыртæ суагъта æмæ та фæстæмæ мидбылхудгæ æрбахызти уатмæ. Фине царды цас зындзинæдтæн ныффæрæзта, цас хъизæ- майраг æууæрстыты фæци, уыдон иу адæймагæн æгæр сты. Куыд фæзæгъынц, йæ сæрыл куырой нæ разылди, æндæр алцыдæр бавзæрста. Хуыцау кæй сфæлдисы, уыдонæй иутæ Финейы хуызæн фыдбон æмæ фыдæвзарæнты бахауынц, ан- нæтæ та царды — сойы æвдылдау; се ’нгуылдз уазал доны дæр нæ атулынц, сæ царды бонтæ афтæмæй арвитынц. Цымæ Йæм дзы кæцытæ амондджындæрыл нымад сты? Уæвгæ, дам, алкæмæн дæр йæ райгуырæн бон хъысмæты лæвар йæ ныхыл фыст вæййы, никæцы адæймаджы бон у йæ аивын. Хуыцау, дам, Йæхимæ æввахсдæр æрбакæнинаг кæй у, уы- мæн, дам, фылдæр фыдæвзарæнтæ бахай кæны. Ома, ныф- фæраздзæни, ныббыхсдзæни сын æви нæ. Хуыцауæн табу! — йæ цæттæ уынаффæты ныхмæ зæххон ада^ймаджы бон ницы у. Финейæн йæ фыдæвзарæнтæ суанг сабидугæй райдыдтой. Хæрз саби ма уыдысты, афтæ йæ дыууæ æфсымæримæ сæ ныййарæг мад Гæбæрианæй сидзæртæй аззадысты. Сæ фыд 164
Джиуæрджи сæрæн æмæ амалхъом кæй уыди, уый бирæты цæсты фиутæ тайын кодта. Адæмы æдзæстуарзондзинад æй сафгæ дæр фæкодта. Туркæй цы галтæ æрбаскъæрдта, уыдон та хæлæггæнджыты цæст куы федта, уæд æй банымыгътой гуырдзиаг абырджытæн, æмæ йын сæ уыдон адавтой. Джиуæр- джи йæ галты агуырдта æмæ сын сæ фæдыл фæхæст и. Давджытæ йæ, сæхицæн тæрсгæйæ, иу талынг æхсæв æууæн- кæй амардтой. Æртæ æнахъом сидзæры ихы сæрыл аззады- сты. Сæ хъомыл кæныны хæс йæхимæ райста фыды æфсы- мæр Кимыс. Æнæ ныййарæг мад æмæ фыдæй сæ цард цас хъæлдзæг æмæ амондджын уыдаид, уæлдайдæр чызг Фине- йæн, кæд фыды æфсымæр æппæт хъарутæй дæр архайдта, цæмæй сидзæртæ рæвдыдцух ма уой, уæддæр. Бонтæ цæуынц. Сидзæртæ дæр рæзынц, фæлæ та сын хъысмæт ног фæлварæнтæ бацæттæ кодта. 1920 азы Хуссар Ирыстон ног цардарæзты фарс куы æрлæууыди, уæд уый гуырдзиаг меньшевикты зæрдæмæ кæм фæцыдаид, æмæ ирон хъæутыл арт бандзæрстой, сау æвзалы фестад бæстæ, адæмы тугвæллой хæлæттаг фæкодтой, сывæллон йе зæронд не ’взæрстой — марынæй сыл нæ ауæрстой, хъавыдысты ирон хъæстæ сыскъуынын, ирæтты бындзагъд фæкæнын. Адæмæй кæмæн куыд йæ фадат амыдта, афтæ æфцæджы сæрты лыгъдысты Цæгат Ирмæ. Уый уыди ирон адæмы ге- ноцид гуырдзиаг националистты æрдыгæй. Лигъдæтты хъи- зæмæрттæ уыцы тугæйдзаг æвирхъау рæстæджы ирон фыс- джытæ снывæстой сæ хуыздæр уацмысты, фæлæ абон дæр рох кæнын нæ комынц, агайынц адæймаджы зæрдæ. Алы ног фæлтæр дæр та сæм раздæхы, базмæнты историон цауты цæхæр, æмæ та арты æвзæгтæ фыццагау пиллон скалынц, æмæ куыд нæ! Утæппæт зæрдæриссæн нывтæ, æфцæджы сæрты сæ цæгатаг æфсымæртæм лидзгæйæ, адæмы фыдту- хитæ фыст кæд фæуыдзысты... Ас адæм дæр сын се ’ппæт нæ ныффæрæзтой, уæд ма æнахъом сабитæ æмæ зæрæдтæй та цы зæгъæн ис? Фæндæгтыл дзы цас фæмард, уый, æвæццæ- гæн, æххæст хыгъд никуы æрцыди æмæ ма нæдæр æрцæу- дзæни. Лигъдæтты иу ахæм къорд, Джеры комы тæккæ бæрзонд- дæр хохаг хъæу Маралетæй, йæ ных сарæзта æфцæджы сæрты цæгатырдæм. Лидзæг адæймаг тарст æмæ мæгуыр у, 165
уæлдайдæр та — æнахъом сабитæ. Уыцы æнахъомтимæ уыди Фине йæ дыууæ æфсымæримæ. Фæдисы уавæр дæ цы пысу- лы бызгъуырты æрæййæфта, уыдоны размæ тындз, кæд ма фæндаггаджы къæбæр дæ къухы бафтыди, уæд хорз, кæннод дæр стонгæй дæ фæстаг тыхтæй дæ мæгуыр сæр æфснайы- ныл архай. Хъæуæй куы раирвæзтысты, уæд цалдæр боны хъæды тары фæбадтысты, «дыкъахыг бирæгътæй» сæхи хызтой. Уыцы дыкъахыг сырдтæ лыгъд адæмыл цуан кодтой æмæ, кæй æййæфтой, уыдоны æнауæрдонæй цагътой. Тæригъæд нæ зыдтой нæ зæронд, нæ сабийæн. Сывæллонмæ бирæгъ дæр не ’вналы, фæзæгъынц. Æмæ уæд бирæгъæй тугдзыхдæр чи у, уый адæймаджы хуызы куыдæй бацæуы? Хъæды дæр цас бадæн ис? Цасфæнды бадай, уæддæр цæ- уын хъæуы. Æмæ цалдæр боны тархъæды, пыхсыты быр- гæйæ, къæдзæхты хуыртыл хилгæйæ, лидзæг адæмæн сæ пы- султæ ныскъуыдтæ сты, цыма сæ куыйтæ ныттыдтытæ кодтой. Къахыдарæс ныппырхытæ и, къæхты туг кæлы, сывæллæтты кæуын æмæ дзыназынæй къæдзæхы дуртæ дæр згъæлынц. Уыдоны тæригъæдмæ кæсгæйæ, хистæртæ сæ цæссыг тых- хæй уромынц. Кæд сæхи зæрдæтæ дæр сагъæс æмæ мастæй ныддур сты, уæддæр сын ныфсытæ æвæрынц, уымæн æмæ хорз æмбарынц: фæстæмæ здæхын — мæлæтмæ фæндаг, раз- мæ цæуын та, цыфæнды зын куы уа, уæддæр цардмæ фæн- даг у. «Зындзинæдтæ æмæ фыдæбæттæн ныббыхсын хъæуы, сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ. Сæйрагдæр, адæмы ныфс ма асæттæд» — ахæм хъуыдытæ цух нæ уагътой лигъдæтты къор- ды хистæр Хъуылымбегты Къостайы. Ныфссаст адæймаг æдых у, æдых адæймаг та ацы фыдвæндæгтыл цæуын нæ бафæраздзæнис. Æмæ цæуынц, сæ фæстаг тыхтæй сæхи раз- мæ æппарынц, кæд сæ къæхты, сæ цæнгты хъæдгæмттæй туджы æртæхтæ хъарынц, риссынц сын æмæ дудынц, уæд- дæр. Цæуынц, уымæн æмæ цард зынаргъ у, цард тох у. Æмæ мæнæ тохы сахат æрцыди суанг ацы æнахъом удтæн дæр. Цард æмæ мæлæты ’хсæн карз тохы, ныфс æмæ зондæй ифтонг чи у, уæлахиз æрмæст уый кæны. Ирон адæймаг та ацы ахсджиаг миниуджытæй фыдæй фыртмæ уыдис хай- джын. Æмæ тындзынц размæ лигъдæттæ æнæдзургæйæ, фæл- лад æмæ фæлмæстæй. Сæ цæстыты зыны маст æмæ знагмæ 166
стыр æнæуынондзинад. Кæд дзæвгар рауадысты, сæ къона- тæй дæрддзæф сты, уæддæр сæхи æдас нæ хонынц, фæстæ- мæ фæкæс-фæкæсгæнгæйæ цæуынц. Къорды хистæр — фæлтæрдджын адæймаг, гуырдзиаг туг æмæ зонд ын æнæзонгæ, мыййаг не сты, æмæ йæхими- дæг сагъæс кæны. Уыцы цъаммар хуытæ сæ фæдыл куы бафтой, уæд сæм лæгъстæ æмæ тæригъæдтæ нæ бахъардзæ- ни, фæлæ цы хуыздæр уынаффæйыл ныххæца, уый йæ зонд бæлвырдæй нæ ахсы. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыты фæстæ йæхимидæг скарста лигъдæтты дыууæ къордыл фæдих кæ- нын: уыцы лæгсырдтæ сæ, мыййаг, куы æрбаййафой, уæд ма кæд адæмы иу хай уæддæр удæгасæй аирвæзид. Кæстæр- тæм кæсы, æмæ сæ фæллад сæ цæстытыл зыны. Загъта йæ- хицæн, иу сахаты æрдæг ма ауайæм, уый фæстæ адæм иу чысыл сæ фæллад суадзой. Иу быгъдæг хус ран æрлæууы- дысты, фæйнæ къæбæры сын сæ къухты авæрдта, йæ фæн- дон сын бамбарын кодта æмæ сæ уайтагъд фæстæмæ сыстын кодта. Хорз æй зыдта, цас фылдæр бадой, уыйас лæмæгъ- дæр кæнынц, сæ фæллад сыл тынгдæр æртыхсдзæни, уымæ гæсгæ сæ бирæ бадын никуы бауагъта. Дыккаг къордæн фæндаг ацамыдта, ныфсытæ сын авæрдта, æфцæгыл æнæ- мæнг баиу уыдзыстæм æмæ нын уым ницыуал тæссаг уы- дзæни, зæгъгæ. Афтæ æнæнхъæлæджы Фине фæхицæн ис йæ мадызæнæ- гæй. Цæугæ бæргæ кодта, тыхцыд æмæ тыхтухитæ кæнгæ, фæлæ ма йын ныр, йæ фæлладæй хъауджыдæр, йе ’фсымæрты мæт дæр йæ зæрдæ æвдæрзта. Цы фæуыдзысты? Куыд уыдзæ- ни сæ фæндаг? Хъысмæт сын цы тæрхон скæндзæни? Уыцы æбæрæг сагьæс ын æнцой нæ лæвæрдта. Фæндагыл йæ цæсты сыгæй йæхи фехсадта, фæлæ кæддæр-уæддæр æфцæгæй æр- хызтысты цæгатварсмæ. Кæд цыфæнды тынг бастадысты, уазал æмæ стонгæй тыхстысты, уæддæр сæ тас фæлыгъди. Ныхасæн баззади генион Къостайы фиппаинаг: уазал æмæ стонгæй бирæгъ дæр тæрсы. Фæлæ сын адæймаг та быхсы. Ныффæрæзта сын 13-аздзыд Фине дæр, йæхи хуызæн æнахъомтæ ма дзы чи уыди, уыдонимæ. Æрхæццæ сты Джи- натгомы дымæгмæ æмæ ам æвиппайды суыдтой иу хæдзар — цыппар тигъы астæу, Джинатдон æмæ Захъадон кæм иу кæ- нынц, уыцы къуымы. Иунæг хæдзар, фæлæ дзы фæздæг 167
цæуы. Хæдзармæ ничиуал касти, хæдзар ничиуал уыдта, иууылдæр сæ цæстæнгас сарæзтой фæздæгмæ. Сæ мидхъуы- дыты ныридæгæн æрныгъуылдысты хъарм пецы алфамбы- лай. Сæ цæстыты фæзынди ныфсы цæхæр. Уыцы фæздæг сын сæ мæгуыр æфхæрд зæрдæты сног кодта цардмæ бæллы- ны равг, се уæнгты сын хъару бауагъта, суанг ма сæ се стонг дæр æрбайрох ис. Цыма фæллад æппын нæ уыдысты, размæ атындзыдтой; фæздæгæй сæ цæст нал исынц, афтæмæй куыр- мæджы, сæ къæхтæ дуртыл къуырттытæгæнгæ, цæуынц хæдзармæ. Налат куыдзы рæйд дæр сæ нал уромы, сæ цырд къахдзæф сын нæ фæсындæг кодта. Ныфсджын æмæ уæндон уыди сæ хистæр Къостайы къахайст, иннæтæ дæр ныххал сты йæ фæстæ, бабызы цъиутæ сæ мады фæстæ куыд ныххал вæййынц, афтæ. Куыдзы рæйынмæ хæдзары хицау Алыксандр рауад, фанар йæ къухы. Утæппæт адæмы (фараст бæлццоны) куы федта, уæд фыццаг фæуыргъуыйау ис, фæлæ сын сæ уа- зал цæсгæмттæм куы фæкомкоммæ и, уæд сæ æнæдзур- гæйæ хъарм хæдзары фæмидæг кодта. Пецы арт гуыр-гу- ыр кæны. Бæрзы ставд хус сугты къæрццытæ хъуысы. Кæстæр бæлццæттæ уайтагъд пецы алыварс адзыгуыр сты, сæ æнкъард цæстыты арфæй ивылы æнахуыр æхцондзи- над æмæ цин. Раст загътой фыдæлтæ: хæрдхуызæй, дам, æртхуыз хуыз- дæр у. Бахъарм сты бæлццæттæ, кæстæртыл уайтагъд сæ фæллад æртыхсти. Пецы хъарм се уæнджы ахызти, æмæ, карк уæлхъæдыл куыд афынæй уа, афтæ æрфынæй сты. Куыд фæзæгъынц: «Уазæг цæттæ, фысым æдзæттæ». Æмæ уал хистæртæ та кæрæдзийы хабæрттæй рафæрс-бафæрс кæ- нынц. Зæрдæхæлар фысымæн йæ къух куыд амыдта, афтæ, йæ рæбыны цы уыди, ницæуыл бацауæрста. Фæлмæцыд æмæ æххормаг лигъдон адæм хæрдхуыз баисты, сæ æнæзонгæ фы- сымы зæрдæйы тафсæй сæ уазал, рыст æмæ тарст удтæ ба- хъарм сты. Алыксандримæ ныхасгæнгæйæ, Къостайæн йæ цымыдис- дзинад бамбæхсын йæ бон нæ баци, æмæ йæ афарста: «Ам, цыппар комы астæу, дзæгъæл ран, иунæгæй куыд цæрыс, æввахс дæм хъæу куы нæ зыны?» Фысым йæ мидбылты 168
бахудæгау кодта æмæ райдыдта сæ хæдзары равзæрды ха- бæрттæ дзурын: «Хæххон зынвадæтты, хуымзæхх æмæ уыгæрдæнтæ кадавар кæм сты, уым адæм раджы æмæ ныр дæр тыхамæлттæ кодтой. Хæхбæсты бирæ рæтты хос нык- кæрдын æнцон вæййы, фæлæ цæттæ мæкъуылтæ раласын, хæдзарыл сæ сæмбæлын кæнын — уый та судзгæ хъаймæт. Ам хосы мæкъуылтæ фæласынц фæззæг кæнæ зымæджы. Зымæгон та дæ зæй кæм æрцахсдзæни, уый зонгæ дæр нæ бакæндзынæ. Уыдæттæ хынцгæйæ, нæ фыд Ростъом ацы хæдзар æмæ скъæт сарæзта комы дымæджы, æмæ, йæ алы- варс цы зынвадат уыгæрдæнтæ ис, уыдонæй пайда кæнæм. Зымæгон дзы нæ хуыскъаг стурвос дарæм, цæмæй хосы мæкъуылтæ хъæумæ, Фаллагкоммæ, ласын мауал хъæуа, стæй скъæттæ хъæуы сæрибардæр уой». Рæстæг æмбисæхсæвтæм фæхæццæ кæны. Фæллад æмæ рыстзæрдæ адæм алы къуымты батымбылтæ сты, æмæ сæ хуыр-хуыр, мæргъты алы æвзагæй зардау, цæуы. Алыксандр ма сыл иу хатт йæ цæст ахаста, сывæллæтты ма цыдæр быз- гъуыртæй æрæмбæрзтытæ кодта, йæхæдæг холлагдонмæ ра- хызти. Хосæй йæхицæн лыстæн æркодта, æрхуыссыди, фæлæ хуыссæг æввахс нæ цæуы. Мæгуыр лигъдæтты уæззау хъыс- мæт æм бирæ фæрстытæ сæвзæрын кодта, дзуапп ссарын та сын йæ бон нæ уыди. * * * Ацы хæдзарæй бирæ лæггад зоны йæ хицау, стæй бирæ æнафоны бæлццæтты суазæг æмæ бахъарм кодта, мæнæ ацы æнамонд, æфхæрд адæмы хуызæн. Фæлæ, æвæццæ- гæн, æрдзы дæр, адæймаджы царды куыд у, афтæ алцæ- мæн ис йæхи дуг, йæхи рæстæг. Хæдзарæн дæр йæ хъыс- мæты тæрхон уыдис ивгъуыд æнусы 50-æм азтæм, стæй цадæггай йæ сæр нал хъуыди, æмæ иннæ хæххон къæсты хал ахордта. Йæ бынаты ма æвдисæнæн дуры цæндтæ баззади, кæд ма йæ исчи æрхъуыды кæниды охыл, фæлæ алы фæлтæрæн дæр вæййы йæхи мысинæгтæ æмæ сагъæ- стæ... 169
* * * Лигъдон адæм дзæвгар фæцардысты ацы хæдзары, сæ зæрдæйы рыст кæд фæсабырдæр и, уæддæр сæ къонатæм æхсайдта зæрдæ. Фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц, фæзæгъынц. Ацы мæгуыр адæм дæр сæ зæрдæ дардтой, фæс- къæвда хурбон кæй уыдзæнис æмæ та кæддæр-уæддæр сæ райгуырæн къонатыл кæй сæмбæлдзысты. Уыцы ныфс сæ цух нæ уагъта, æмæ ног хъарутæ се уæнгты цыди. Фæныфс- джын, фæхъæддых сты иууылдæр. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, мæгуырыл, дам, дур хæрдмæ тулы. Цавæрдæр æнахуыр низ сыл фæзынди. Иннæтæ уæлæнгæйтты аирвæзтысты, фæлæ та хъысмæтæй æфхæрд, сидзæр Фине йæ арты бахаудта. Ахъаззаг, уæззау рынчын фæци. Алыксандры мад Елена (Саутион) уый куы базыдта, уæд æй хъæумæ, хæдзармæ, рахæссын кодта, кæд сæхи уавæртæ дæр, бирæ бинонтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ къуындæг æййæфтой, уæддæр. Сывæллон чызг куы бамбæрста, йе ’мбæлттæй иппæрд кæндзæни, уæд нæ куымдта, йæхи мардта, йæ хъыллист æмæ хъæрæй кæмттæ арыдтой, фæлæ йæ уæддæр тыххæй раха- стой. Зын бамбарæн нæу, цы уавæры бахауди мæгуыр си- дзæр — цъиуы сыгъзæрин къалатийы куыд бакæнай, раст афтæ. Фыццаг рæстæджы хæрын дæр нæ куымдта, фæлæ Саутион — куырыхон сылгоймаг, йæхæдæг ныййарæг мад, æмæ сидзæры зæрдæмæ ссардта фæндаг, балымæн сты. Хæ- рын дæр байдыдта æмæ дзурын дæр. Йæ рынчын дзæвгар рæстæг ахаста. Уæдмæ гуырдзыйы националисттæ, тугмондаг лæгхортæ æрсабыр сты. Советон царды уаг æрфидар ис Хуссар Иры- стоны дæр. Уыцы хорз хабæрттæ хъусгæйæ, лыгъд адæм фæ- стæмæ здæхын байдыдтой сæ пырх æмæ сыгъд къонатæм. Æрыздæхти Хъуылымбегты Къоста дæр йæ бинонтæ æмæ хъæуккæгтимæ сæ райгуырæн Маралетмæ. Æниу ма дзы цæй Маралет баззади. Хæдзæрттæ сау æвзалы фестадысты; сæ хидвæллойæ цæрæнбонты цы фæллæйттæ фæкодтой, уыдон хæлæттаг фесты, дыкъахыг бирæгъты хъуыры аирвæзтысты. Дзæнæты бадинаг Джыккайты Шамил йæ балладæ «Фем- бæлд» кæд сæрмагондæй ацы цауты тыххæй нæ фыста, кæд 170
дзы раздæры замантæ æвдисы, уæддæр гуырдзы ивгъуыд æнусы 20-æм азты æмæ ма суанг сæ ныры рæстæджы архай- дæй дæр уыдысты æмæ баззадысты, Шамил кæй æвдисы, раст ахæм тыхгæнджытæй. Абарсты охыл уацмысы мидис цыбыртæй. Тыхгæнæг æфсад ирон зæххыл арт бандзæрста, хъæутæ ныппырх кодта, цæуыл æмбæлы, уый дæрæн, гæныстон кæны. Æмæ мæнæ иу хъæугæрон сæ размæ фæци хуымæтæг мæгуыр лæг. Балы раздзог æм, кадæнхъæл, уæлбæхæй æр- дзырдта: «Хъæутæй чи скæны хъæууат, уый лæууы дæ разы!» Уæд ды та чи дæ, зæгъгæ, йæ фæрсы. «Чи скодта хъæу- уатæй хъæу, уый лæууы дæ разы!» — уыдис зæхкусæджы фидар æмæ уæндон дзуапп. Ирон адæм афтæ фидар фæлæууыдысты гуырдзиаг тых- гæнджыты ныхмæ дæр, бавнæлдтой сæ хъæууатæй хъæутæ аразынмæ. Ирон лæг зындзинæдтæн быхсон у. Кæрæдзийы ныфсæй, кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ та февнæлдтой, æмæ сау æвзалыйы сæрыл сырæзти ног хæдзæрттæ, зæххы уæлцъарæй ног тала йæ сæр куыд сдара, афтæ. Ныр Фине та уæззау рынчынæй Дзæуыгты хæдзары хуыс- гæйæ баззади. Бирæ цæссыг фæкалдта, йæхиуæттæй куы фæиппæрд ис, уæд, фæлæ хъысмæтимæ тохгæнæн нæй. Сау- тион æй йæ къæхтыл слæууын кодта æмæ-иу ын арæх хъаз- гæмхасæнты дзырдта: «Мæнæ куы адзæбæх уай, уæд дæ мæ- хицæн чындз скæндзынæн». Джинатгомы ма куы цардысты æмæ йæ Саутион уым куы федта, уæд йæ зæрдæмæ фæцыди. Йæ хистæртæй сæрæндæр, арæхстджындæр, зæрдæхæлар- дæр æм фæкасти. Амæй хорз сылыстæг рауайдзæни, скарста йæхинымæр, фæлæ йæ фæнд никæмæн ма схъæр кодта. Фине цалдæр азы фæцарди Дзæуыгтæм, йæ зæрдæ та Ма- ралеты уыди, тырныдта йæм бæргæ, фæлæ... Хæдзары зи- лæнтæ кæны, алы куыстмæ дæр арæхсы. Саутионы зæрдæ дзы райы, æмæ иу фæззыгон бон бауынаффæ кодта: «Абон хуыцаубон, иннæ хуыцаубон мæ хæдзары хъуамæ уа чын- дзæхсæв». Финемæ фæдзырдта хицæн хатæнмæ. Цæмæй йын йæ рыст зæрдæ ногæй ма фæцагайа, уый тыххæй дæрдтыл æмæ лæмбынæг райдыдта йæ ныхас. Саутион бæргæ хъавгæ дзурыныл архайы, фæлæ та чызджы цæссыг фемæхсти. Йе ’мбæлццæттæ йæ зæрдыл 171
æрбалæууыдысты, йæ бæллицтæ йæ Маралетмæ ахастой. Йе ’мгар чызджытимæ-иу мугæтæ æмæ алыхуызон гагадыргътæ æмбырд кæнынмæ куыд цыдысты, цас-иу фæтезгъо кодтой. Маралеты нæухох къуылдымтыл-иу суанг æфцæгмæ дæр куыд сфардæг сты. Цы хъæлдзæг бонтæ уыди! Маралеты къуылдымтæй цыма дунейы рæсугъддæр бынат нæй, афтæ йæм касти, уæлдайдæр-иу хуры фæстаг тынтæ рæвдаугæ æф- цæгмæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд. Ныр ам, Фаллагко- мы, хур дæр цыма афтæ нæ тавы æмæ фаг нæ рухс кæны. Æрхæндæг йæ зæрдæйы пъæззыйау ныббадт, рухсы цъыртт æм нæ кæсы, йæ фыны дæр Маралеты къуылдымтæ уыны æдзух. Фæлæ ныр хъысмæты нывыкондæй лидзæн нæй, кæуы- нæй ницыуал рамбулæн ис, сидзæры æндæр амонд нæ фæци. Саутионæн йæ бæллиц сæххæст и. Фине-Хъуылымбегоны йæ чындз бакодта. Мады-Майрæм ын балæвар кодта цыппар фырты æмæ æртæ чызджы. Фине! Мæ зынаргъ, адджын мад! Бирæ зындзинæдтæ æмæ фыдæбæттæ чи бавзæрста, фæлæ уæддæр царды уæззау уаргъы бын цудын чи нæ бакуымдта. Цæрæнбонты адæмæн йæ къух фынгæн чи дардта æмæ сын уæддæр лæггад кæны- нæй чи нæ бафсæстис. Адæмы цин йæхи цин чи хуыдта, йæ хъыг ын хи хъыгау зæрдæмæ арф чи иста!.. Цы бирæ лæггæдтæ фæкодта махæн та, йæ хъæбултæн, æмæ йын дзы куыд гыццыл бафыстам... Цæмæн? Æвæццæ- гæн, ныййарæг мадæн амæлын æнхъæл нæ вæййæм, æмæ уы- мæн. Æз æрмæстдæр иу хъуыддагæй разы дæн мæхицæй æмæ иннæтæй дæр мæ мады раз. Маст нæ йæм никуы ничи æрба- хаста, мах тыххæй уайдзæфы ныхас никуы никæмæй райста. Фæлæ йын уæддæр зæрдæйы фæндиаг нæ балæггад кодтон, уый тыххæй мын абон уæлдай зын у. Ныр мæхæдæг дæр ме ’зæры кары бацыдтæн, фæлæ мыл цас фылдæр бонтæ ивгъуы- йы, уыйас мæ мады фылдæр мысын, тынгдæр мæ хъæуы. Лæгыл цæрæнбон мады уд куы сысы, Йæ мад куы у йæ рахъомылгæнæг, ) Цымæ, уæдæ, йæ фыды ном куы фыссы, Уæд мады ном цæуылнæ фыссы лæг?... Дзаболаты Хазби 172
* * * Уый, æвæццæгæн, нæ конд афтæ у, царды уагæвæрд афтæ домы. Фыццаг, æрыгонæй, ноггуырд гæдыйы лæппынау ницы фæуынæм. Цы хъуаг у дæ адджын ныййарæг мад? Йæ зæрдæ йын цæмæй барухс кæндзынæ? Æмæ йæ хъæугæ та цас фæкæны?!. Æрмæстдæр фæлмæн дзыхыныхас. Æрхъуы- ды, æрхъуыды æмæ ма ноджыдæр æрхъуыды. Æрхъуыды, дам, царды фылдæр æмбис у. Цымæ нæм уый цæмæн афтæ æрæгмæ бахъары? Цард цы у, уый чысыл куы бамбарæм, уæлдайдæр куыд цыбыр у, уый, уæд ма фæсмонтæ фæкæ- нæм, фæлæ ма уымæй цы рамбулæн вæййы. Фæсмон... фæс- мон... æнæпайда фæсмон. Мады зæрдæ зонаг куыд у, быхсаг дæр афтæ. Ноджы ха- тыргæнаг, фæлмæн æмæ рæдау, парахат æмæ уарзæгой. Æрдзы хъуыддæгтæ диссаг сты. Мады риуы цавæр зæрдæ æвæрд æрцыди? Уый иннæ адæймæгты зæрдæты хуызæн нæу? Нæу! Нæу, бæгуыдæр! Æмæ ныр æз мæ дзырдты кадавар къæбицы Мады аккаг рæсугъд, Мады аккаг фæлмæн ныхас кæм æмæ куыд ссарон? Уæвгæ æз цы, кæд æмæ, зæххы цъарыл фыццаг поэттæ куы фæзынди, уæдæй абонмæ се ’ппæт дæр фыссынц æмæ зарынц Мады стырдзинад æмæ рæсугъддзинадыл. Нæ ауæрдынц сæ уды бæркадджын æвæрæнтыл, сæ сомбонмæ фæстауæрцгонд хуыздæр, аивдæр, фæлмæндæр дзырдтыл, гъе уæддæр æну- сты дæргъы нæма фæци Мадыл сæ зарæг. Уымæн æмæ алы дуг, алы фæлтæр дæр Мадыл кæны йæхи зарæг. Цалынмæ зæххыл адæймаг цæра, уæдмæ хъуысдзæни уыцы адджын мелоди — Мады зарæг. Хъуысдзæни алы æв- зæгтыл, фæлæ — æмхуызон зæрдæмæхъаргæ, рухстауæг. Хъуысдзæн! Уымæн æмæ Мад царддæттæг у. Мæлæт дын макуы уæд, ныййарæг Мад! Мады мæлæт куы æрцæуа, уæд уый Дунейы Хъаймæт у. Хуыцау бахизæд! * * * Æнæмæлгæ дуне нæй. Адæймаг йæ райгуырд куыд нæ зо- ны, йæ мæлæты бон дæр — афтæ, йæ мæлæты бон куы зонид, 173
уæд-иу, æвæццæгæн, тагъддæр амæлид. Фæлæ царды алы уавæртæм гæсгæ, адæймагыл низтæ уæлахиз кæнын куы бай- дайынц, уæд кæмдæр йæ мæлæты бон дæр рахаты, иутæ фыны хуызы, иннæтæ та йæ зæрдæйæ банкъарынц. Нæ бирæ хъизæмæрттæ баййафæг мадыл кæд йæ 70 азы сæ уæз æруагътой, уæддæр хæдзары куыстытæм, фезмæлын- мæ нырма сæрæн уыди. Йæ тæнæгцъар уæливыхтæм ын адæм хæлæг кодтой, æмæ-иу æм арæх, йæ кармæ йын нæкæс- гæйæ, сыхы æрхатыдысты, къæбæргæнæг нын фæлæуу нæ хорз хъуыддаджы, зæгъгæ. Адæймаг алы хъуыддаджы дæр сæмбæлы, кæм цины, кæм зианы. Уæдæ дзы хойрагæй æнæсаходгæ дæр нæ вæййы, фæлæ уый алкæм æмхуызон хæрзад нæ разыны. Фæстæдæр хистæртæй куыд хъуыстон, афтæмæй хойраджы хæрзад фыл- дæр кæрдзынгæнæгæй аразгæ у. Мæ хистæр æфсымæримæ Октябрыхъæуы куы æрцарди Фине, уæд-иу сыхы зæронд устытæй арæх фехъусæн уыди, Финейы конд хойраг æндæр ад кæны, зæгъгæ. Уыцы иугъæдон тæнцъар, сæ сой уæлæмæ æнхъæвзы, дзыхы тайæгау кæнынц. «Дæ хорзæхæй, Фине, дæ сусæгдзинад ма махæн дæр раргом кæн, æмæ ахæм хæр- зад чъиритæ кæнын базонæм», — хъазæнæмхасæнты-иу дзырдтой сыхы устытæ. «Сусæгдзинадæй мæм ницы ис. Уæ- ларынг куы балæууын, уæд буар- æмæ зæрдæсыгъдæгæй, циндзастæй. Тызмæгæй, æнкъардзæрдæйæ чъиритæ нæ, фæлæ нартхоры кæрдзын дæр рæстмæ не сфыцдзынæ», — уыдис-иу Финейы дзуапп. Фæлæ хъысмæт æгъатыр у, низ йæ бон калы, адæймагмæ куы баирвæза, уæд тæрын нал фæкомы. Нæ мадæн дæр фыц- цаг йæ ахсæны низ рабæрæг и, фæстæдæр та ма йæм ноджы æндæр низтæ дæр фæзынди. Цыбыр ныхасæй, дохтыртæ æр- цыдысты иу хатдзæгмæ — æнæмæнг хъæуы операци скæнын. Уæд ма нæ уарзон æфсымæр, сыгъзæрин къухты хицау — хирург Батырбег дæр æгас уыдис, æмæ операцийы хъуыд- дæгтæ уый йæхимæ райста. Бæлвырд бон мах, йæ бинонтæ, хæстæг хиуæттæ иу дыууадæс адæймаджы, амбырд стæм рынчындоны кæрты. Батырбег — нæ ныфсы мæсыг; æмбыр- дæй ’нæ куы федта, уæд та йæ ныфсы ныхæстæ йæ разæй фесты, ма тыхсут, тæссагæй дзы ницы ис, ацæут уал уæ фæрныг хæдзæрттæм, райсом та фембæлдзыстæм, зæгъгæ. 174
Барæвдзытæ кодтой рынчыны, мах кæй зæгъын æй хъæуы, мидæмæ нал бауагътой. Нæ мад та йæхимидæг тыхсти, мæ фыдгул карды бынмæ йæхи къахæй бацæуа, фæлæ йæ тыхст æмæ тарст æмбæхсын фæрæзта. Операцимæ акæныны размæ ма нæм рудзынгæй рахъæр кодта: «Кæрæдзийы уарзут, кæ- рæдзиуыл хæцут, æнгом лæуут кæрæдзимæ». Абон дæр мæ нæ рох кæнынц нæ рыстзæрдæ мады фæстаг фæдзæхстытæ. Карды бынмæ цыди, уæддæр ма махыл хъуы- ды кодта, махыл ма йæ зæрдæ рысти. Мады зæрдæ, мады зæрдæ, цы диссаг дæ, цы! Иннæрдыгæй та дис фæкæнын, нæ мады ныстуантæ Къостайы фæдзæхстыты халдих сты, фæлæ нæ мад кæсын, фыссын нæ зыдта, Къостайы поэтикон рæн- хъытæ бакæсын йæ бон нæ уыди. Уæвгæ уыцы рæстæджы Къостайы æмдзæвгæтæ дзыхæй-дзыхмæ лæвæрдтой адæм. Æвæццæгæн, Хуыцау алы ныййарæг мады зæрдæ æмæ зонды дæр бавæры стыр уарзондзинад йæ хъæбултæм, йæ бинон- тæм, хиуæттæм. Бинонты, хиуæтты æхсæн та уарзондзинад куы нæ уа, уæд дзы нывыл цардмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй. Стыр хъыгагæн, нæ мадмæ разынд уыцы æвзæр, æнамонд низ — «рак» æмæ цалдæр мæйы тухиты фæстæ ахицæн и йæ цардæй, йæ фæдзæхстытæ та цæрынц нæ зæрдæты. Рæстæг адæмы цардмæ бирæ ивддзинæдтæ хæссы. Фæл- тæртæ кæрæдзи ивгæ цæуынц. Дыууынæм æнусы райдианы Дзæуыгты бирæ бинонтæ быдыры хъæутæм, хуыздæр цард агурæг, фыдыфыртгай лидзын байдыдтой. Иутæ Мæздæгмæ, иннæтæ Къостайыхъæумæ æмæ а. д. Ростъомы æртæ фырты: Алыксандр, Дидо æмæ Григол та, сæ мад Саутионимæ (Еле- наимæ) хохы цæргæйæ баззадысты. Сæ хистæр, Алыксан- дрыл фараст азы куы цыди, уæд сæ фыд амард. Æнахъом сабитæ сæ мад Еленайы æвджид баззадысты. Фарастаздзыд нæ хос кæрдынмæ арæхсы, нæ мæхъи бийынмæ4, иннæтæ та бынтон сабитæ. Регахы Джиотæй иу лæг сидзæр сывæллæтты мад Елена- йæн иу уалдзыгон бон афтæ зæгъы: «Дæ хистæр лæппу Алык- сандр сæрæн, æнæзивæг сывæллон у. Мæнмæ йæ рарвит, æмæ йæ æз мæхъитæ бийын сахуыр кæнон». Тыхст сидзæр- гæс, цингæнгæ, сразы ис æмæ йæ дыккаг бон арвыста. Иу 4 Хосы мæкъуыл цæуыл амад вæййы, ахæм каубыдгонд бæрзы къалиу- тæй. 175
мæймæ æввахс сæм фæцис, афтæ Джиотæй æндæр лæг Еле- найæн уайдзæфтæ кæны, уыцы сывæллоны цæуыл удхарæй марыс, зæгъгæ. Уыцы æгъатыр, æдзæстуарзон лæг дзы уæ- лыгæс куы сарæзта, мæхъитæ бийгæйæ та йæ йæхимæ хæстæг дæр нæ уадзы. Ракæн дæ сывæллоны æмæ йæ къуырийы фæ- стæ мæхимæ сæрвит. Къуырийы фæстæ мад Алыксандры йæ- хæдæг фæхæццæ кодта. Дæс боны дæр æххæст нæ фæци, афтæ йæ фæстæмæ æркодта — иу йæхи быд мæхъи йе ’ккойы. Ныр фæцалх и лæппу мæхъитæ бийыныл, дæсаздзыдæй хос кæрдын байдыдта. Рæстæг тагъд цæуы. Сидзæр иннæ сывæл- лæттæй тагъддæр хъомыл кæны. Еленайы сидзæртæ куыст- хъом, æххуысхъом фесты сæ мадæн. Куыст æмæ сæ æгъда- уыл ахуыр кодта мад гыццылæй фæстæмæ. Елена æрдзæй зондджын рахаста, æмæ дзы куырыхон сылгоймаг рауади. Кувынмæ та Нарты Сатанайæ цы кæныс! Кувæг зæронд лæг- тæ дæр-иу йæ разы дзурын нал уæндыдысты, афтæ дæсны æмæ аив арæхсти кувынмæ. Йæ сидзæртæ бахъомыл сты, сæ фындзы бынтæ фæмил сты. Бинонты хъуыддаг кæнын афон дæр сын æрцыд, æмæ та ног фæлтæр йæ тыхы бацыдис. Адæм хæлæг кодтой Еле- найы сидзæртæм, сæ фезмæлд, сæ арæхстдзинад, сæ уар- зондзинад, се ’гъдаумæ. Хистæр, Алыксандр, йæ мад Саути- оны халдих фæци кувынмæ. Фæстæдæр, йæ кары куы бацыди, уæд ын марды чырыны уæлхъус бæх фæлдисынмæ æппæт Туалгомы æмбал нæ уыди. Чи йæ федта бæх фæлдис- гæ, уыдонæй иу — Джиоты Хазби, 85-аздзыд, ныр дæр стыр цымыдисæй æрымысы: Алыксандр, зæгъы, сахат æмæ æрдæ- гæй фылдæр фæдзырдта, раст цыма Къостайы поэмæ «Уæл- мæрдты» чиныгæй касти, афтæмæй та йæ къух фыссын дæр нæ зыдта. Ивгъуыд æнусы 60-æм азты Нары зылды хъæусоветы хи- цауæй бирæ къорд азты фæкуыста Гаджиты Габо. Уый та дам-иу афтæ дзырдта: «Алыксандры хуызæн зæндджын лæг- мæ, бирæ нæ, иу-æртæ къласы ахуыр куы уыдаид, уæд, æртæ институты чи фæци, уыдонæй дæр уæлдæр уыдаид». Йæ кæстæр Дидо та уыдис, ирон хосгæнæг кæмæй фæ- зæгъынц, ахæм. Стæгсаст дзæбæх кодта, æлвæст æвæрдта, уæдæ кæрдæгæй цы нæ хос кодта, хæхбæсты ахæм нæ уыди. Туалгомы цыдæриддæр хосгæнæн кæрдæг уыди, се ’ппæт 176
дæр зыдта æмæ сæ пайда кодта. Кусарт кæнынмæ та — би- рæгъ. Цавæрфæнды стыр гал дæр — кардæй, фæрæтæй йæм нæ бавналгæйæ, суæнгтæ кодтаид. Уæдæ фæндагыл цæугæйæ дæ уæрдон йе дæ дзоныгъ асæтта, — æндæр исчи загътаид, амæй ницыуал пайда ис, мæ фæндаг ныкъкъуылымпы и, зæгъгæ. Дидо та-иу цыфæнды зын уавæры дæр æнæмæнг исты æрхъуыды кодтаид æмæ йæ саст уæрдон рæстæгмæ аца- рæзтаид. Мæ цардхъуаг, дзæнæты бадинæг æфсымæр Казик уыцы миниуджытæй ноджы фылдæр хайджын фæци. Цы- фæнды æбæрæг, зын уавæрæй дæр-иу гæнæнтæ ссардта æмæ- иу кæддæриддæр уæлахиздзауæй рацыди. Хистæртæ-иу арæх дзырдтой, Казик дыккаг Дидо басгуыхти, зæгъгæ. Кæстæр уæддæр кæстæр у, мады рæвдыд фылдæр баййа- фы. Сидзæргæс Еленайы узæлд æмæ зæрдæйы хъармæй дæр йæ кæстæр хъæбул Григолмæ фылдæр хай æрхаудта. Хохаг сау, уæззау куыстытæй-иу кæмдæрты цухдæрæй аззади, йæхи ахуырмæ ивæзта, æмæ уый дæр, кæд бирæ нæ, уæддæр æртæ къласы фæци. Хъуыддаджы гæххæттытæ фыссынмæ та абоны юристтæй дæсныдæр уыди, ^сæйрагдæр та йæ фыст уы- дис æнцон кæсæн æмæ æмбарæн. Йæ æртæ къласимæ цалдæр дæс азы фæкуыста колхозты сæйраг æфтауцы (скълады) хи- цауæй. Даргæ та кодта дыууæ бæхы: саргъы бæх — Джигут æмæ уæрдоны — Бобоц. Чындзхæссæг, къухылхæцæг æй агуырдтой æппынæдзух. Цал æмæ цал ног чындзы къухыл рахæцыд æмæ йæ, зæлланг хъæлæсæй заргæйæ, йæ цæрæн къонамæ æркувын кодта. Хо кæмæй загъта, уыдон иууылдæр сæ ног бинонтæн адджын фесты. Зæры бонмæ сæ мыггæгты æхсæн кадимæ фæцардысты. «Йæ къух хорз у»-иу загътой. Мæ цæстыты раз лæууы мæ фыды цæстæнгас, тызмæгхуы- зæй, фæлæ йын æз йæ тызмæг ныхас нæ хъуыды кæнын. Иу хосгæрдæн рæстæджы æмбырдæй, æнæхъæн бинонтæй (нæ мад æмæ фыдæй фæстæмæ), ацыдыстæм Годжуыгæр- дæнмæ ссивынмæ æхсæвæддæйы. Ацы уыгæрдæн дард æмæ бæрзонд уыди, æртæ сахаты бæрц æм цæуын хъуыди, уымæ гæсгæ цыдысты фылдæр æхсæвæддæйы, уæлдайдæр ссивын- мæ. Фыццаг кæркуасæнты фестадыстæм, не ссивинаджы сæр балæууыдыстæм æмæ, мæйрухсы фæстæ хуры фыццаг тынтæ хохы бæрзонддæр цъуппытыл куыд сæрттывтой, афтæ мах дæр не ссивинаджы фылдæр æмбис æрхастам. Уыцы
рæстæджы нæ фыд Алыксандр нæ хайы сæрмæ æд халамæр- зæн февзæрди, кæд æй мæ хистæр æфсымæр Жорик уыгæр- дæнмæ нал уагъта, уæддæр. Нæ куыстытæм нын æркæстытæ кодта æмæ мæ фæдыл «фылдæр хъуагдзинæдтæ» — æрдæг ссывдтытæ рабæрæг и, фæлæ, æвæццæгæн, кæстæр кæй уыд- тæн æмæ мæ хъулон уарзт кæй кодта, уый та мæ «аирвæзын» кодта. «Хъуынджын ссывдтытæ цæмæн кæныс?» — уый уы- дис^йæ карздæр æфхæрд. Йæ цæстæнгас кæд тызмæгхуыз уыди мæ фыдæн, уæддæр йæ зæрдæ та — фæлмæн æмæ^ рæдау, хистæртимæ хистæр уыди, кæстæртимæ — кæстæр. Йе ’фсымæры цот.Мурат æмæ Будзи-иу арæх уыдысты нæхимæ, хохы бæрæгбонты, стæй- иу хосгæрдæнты дæр фæкæсынмæ æрбацыдысты. Фæстагмæ та Будзи, Зæрæмæджы ГРП-йы кусын куы байдыдта, уæд цæргæ дæр нæхимæ кодта. Иу хосгæрдæн афон нæ фыдимæ хос кæрдынмæ ацыдысты Лæгæтхуссармæ5. Сæрдыгон тæвд бон, сæ дон та грелкæйы хуылфы. Будзи, æрыгон лæппу, йæ тæккæ хъаруйыл, дойны тынгдæр кодта æмæ та-иу аивæй грелкæйы дон йæ дзыхыл сдардта, цалдæр цыдæн æй равдæ- лон кодта. Йæхæдæг бавдæлд, афтид грелкæ ныддымста æмæ йæ ногкарст кæрдæджы бын батъыста. Иу афон нæ фыд дæр, мæ ком аумæл кæнон, зæгъгæ, кæрдæджы бынæй грелкæ райста, æмæ... афтид. Дыууæйæ дæр фæхудтысты, фæлæ та Будзийæн йæхи цæуын бахъуыди коммæ, дон хæссынмæ (уыгæрдæнмæ хæстæг дон нæ уыди). Хæххон æвадат уавæртæ æмæ уæззау куыст адæмы фæра- зон кодтой. Ивгъуыд æнусы 60-æм азты хæхбæсты стæм уы- дысты хохаг, дыууæрдæм фæзилгæ æфсæн гутонтæ. Уæд ма Дзомагъы цалдæр хæдзары царди, уыдонимæ дзæнæты бади- наг Джыккайты Шамилы фыд Федыр дæр. Федыр та нæ фыд Алыксандры хорз æрдхорд уыди æмæ йын зæрдæ ба- вæрдта ахæм хохаг гутонæй. Бæх нæм кæй нæ уыди, уымæ гæсгæ Алыксандр иу райсом, хуры цæст нæма фæзындис, афтæ араст кодта Дзомагъмæ фистæгæй. Алгъатгомы уæллаг фарс Захъадоны багæпп кодта æмæ бæхвæндагыл Дзомагъ- æфцæгмæ сфардæг и. Дыууæ æрдхорды кæрæдзиуыл бацин кодтой, хохы зæдтæм дæр бакуывтой, йæ гутон бæндæнæй уаргъбаст æркодта, æрбаккой йæ кодта æмæ изæрмилты ’гас 5 Уыгæрдæны ном 178
хæдзар ссардта. Æвæдза, цас хъару æмæ ныфс хъæуы ахæм уаргъ æфцæджы сæрты æрхæссынмæ! Федыры дæр-иу цæгатырдæм цæуыны сæр куы бахъуыди, уæд йæ фысым кæддæриддæр уыдысты Дзæуыгтæ. Иу ахæм цау йæ зæрдыл бадардта Шамил йæхæдæг. Цæвиттон, иу 10—12 азы йыл куы цыди, уæд йæ фыдимæ цыдæр хъуыд- дæгты фæдыл рабалц кодтой Цæгат Ирмæ. Се ’хсæв раха- стой Фаллагкоммæ. Адæм се ’зæры зылдтытыл уыдысты, афтæ Федыр дæр Дзæуыгты дуар бахоста. Дыууæ хистæры зæрдиагæй кæрæдзиуыл бацин кодтой, хабæрттæй кæрæ- дзийы афæрстытæ кодтой, æмæ Алыксандр йе ’рдхорды но- мыл хъавыд кусарт акæнынмæ, фæлæ йæ Федыр ской дæр нæ бауагъта. Уæд цæхджын фыд бауæларт кодтой, æфсин цæрвджын уæливыхтæ ракодта, æмæ уарзон, адджын бадт фæкодтой. Шамилæн дæр цæхджын фыдæй цæстуарзон хай æрæвæрдтой, йæ уæливыхы кæрдихтыл ма йын нæ мад царв афтыдта, æмæ афтæмæй уый дæр хорз фæминас кодта. Дзæвгар ма абадтысты, стæй сæхи Бынатыхицауыл ба- фæдзæхстой. Нæ фыдæн-иу æхсæвы йæ разы бандоныл кæд- дæриддæр æвæрд уыди доны кружкæ. Дыууæ æрдхорды ба- хуыссыдысты стыр хæдзары, Шамил дæр уым — рæбинаг къуымы. Фæсæмбисæхсæв Шамилæн йæ зæрдæ дон æрца- гуырдта, уый — цæхджын фыд æмæ сойджын уæливыхты фæ- стиуæгæн. Йæхимидæг катай кæны, стæй сыстади, йæ къахы æлгътыл бахъуызыд нæ фыды раз доны кружкæмæ. Иу дзæв- гар рæстæг æм бавналын нæ уæндыди, стæй дзы цалдæр хуыппы акодта, хъавыди йæ æрæвæрынмæ, фæлæ кружкæ- йæн йæ бын куыд фæхæрдмæ и, уый йæхæдæг дæр нал бам- бæрста. Ацы худæджы цау Шамил радзырдта йе ’мкусæг, ме ’фсы- мæры чызг Изетæйæн æмæ ма йæ ныхасы кæрон бафиппайд- та, дыууæ рæсугъд чызджы, дам сæм уыдис, хæдзары зилæн- тæ кодтой. Фæстæдæр Изетæ ацы мысинаг нæ мадæн куы рафæзмыдта, уæд, дам, уый йæ цæстытæ доны разылдта æмæ кæуын хъæлæсæй афтæ бакодта: «Шамилæн-иу зæгъ, уыцы дыууæ рæсугъды саумæр раджы байста». Уæд царды уавæртæ зындæр уыдысты, адæмы зæрдæтæ та парахатдæр, цæстуарзондæр, сæ хъару æмæ ныфс — домбай- дæр. Ирон лæджы сæйраг æмæ ахсджиагдæр миниуджытыл 179
нымад цыди æфсарм, æгъдау æмæ æрхъуыдыдзинад. Иу дæнцæг ма нæ хистæрты царды уагæй. Цæвиттон, иу сæрдыгон бон нæ фыд Алыксандр цыдæр хъуыддæгты фæдыл Зæрæмæгмæ цæуынвæнд скодта. Иу дзæвгар куы рауади фистæгæй (уыцы рæстæджы нæм бæх нал уыди), уæд фæсте бæхы къæхты хъæр айхъуыста. Фæ- стæмæ фæкаст, æмæ Джиоты (хæдзары номæй — Базоты) Ахметка йæ сираг бæхыл рацæуы. Йæ размæ куы бахæццæ и, уæд бæхæй æрхызти, кæрæдзийæн салам радтой, иу чысыл фистæгæй ауадысты, æмæ Ахметка йæ бæхыл бадын кæны Алыксандры, хистæр кæй у, уымæ гæсгæ, уый та комгæ нæ кæны. «Бæхыл бадын дæ куы фæнда, уæд æй хæдзары да- рын хъæуы», — уыди йæ цыбыр дзуапп. Ахметка уæддæр ныллæуыди, бадын æй кæны бæхыл, Алыксандр нæ комы, дæхæдæг сбад, зæгъгæ. Афтæ, кæрæдзимæ хатгæйæ, кæрæ- дзийæ æфсæрмы кæнгæйæ, Зæрæмæгмæ авд километры дыу- уæйæ дæр фистæгæй фæцыдысты. Ам сæ хъуыддæгтæ сарæз- той, Ахметка — сахат раздæр, фæлæ та Алыксандрмæ æнхъæлмæ кæсы Зæрæмæджы уæзæгыл, уæдæ ныр уæддæр кæд бакоммæ кæсид бæхыл сбадынмæ. Рауадысты иу сæдæ метры бæрц. Ахметка та йын лæгъстæ кæны, фæлæ Алык- сандр цæхгæр «нæ»-йыл ныллæууыди. Цы гæнæн ма уыдис, æмæ та дыууæйæ дæр фистæгæй фæцыдысты, бæх сæ фæстæ ласгæйæ. Ныр ам, чи зоны, исчи зæгъа: цалдæр хатты йæм бахаты- ди, куыд хистæр, афтæ сбад бæхыл, зæгъгæ. Нæ бады! Йæ бар йæхи. Сбад дæхæдæг дæ бæхыл æмæ дæ фæндаг дар, уый дæр цæудзæни. О, уый, æвæццæгæн, абоны царды уаг- мæ æмæ абоны фæлтæры зондахастмæ гæсгæ, растыл нымад уаид. Фæлæ уæды фæлтæрмæ æндæр цæстæнгас уыди цард- мæ, се ’фсарм фылдæр уыдис, кæрæдзийæн фылдæр аргъ кодтой. Æфсарм æмæ æгъдауы сæрты ахизын дыууæ бæлц- цонæй йæ сæрмæ ничи æрхаста. Хæххон адæм æгъдауыл куыд фидар хæст уыдысты, афтæ фидар лæууыдысты æвадат уавæрты ныхмæ дæр. Ам куыст кæ^фæнды дæр уæззау æмæ тæссаг уыдис, уæлдайдæр хосы куыст. Уыгæрдæнтæ фаг кæй нæ кодтой, уымæ гæсгæ алы хосгæрстæн бæззон гæппæлæй дæр пайда кодтой. Хосы мæкъуылтæ ласгæйæ-иу чи зæйласт фæци, чи та æндæр 180
фыдбылызы хаудта. Алы куысты дæр хъуыди фидар хъару æмæ уæззау сæры зонд. Алкæмæ та амонд æмхуызон нæ худы, хъысмæты рæвдыд не ’ййафы. Нæ комбæсты ахæм тæссаг куыстытæм хуыздæр æмæ арæхстджындæр уыдысты Казик æмæ Жорик. Фæлæ уыдон дæр иу ахæмы стыр бæллæхы фæцæйхаудтой. Цæвиттон, иу фæззыгон бон араст кодтой сæ хосы мæкъуылтæ фыдвадат- дæр ранæй — Годжуыгæрдæнæй — ласынмæ. Боныхъæд фæ- рæстмæ ис, кусæг лæджы фарс рахæцыди. Кæд асæст уыдис, уæддæр уаргæ кæй нал кодта, уымæй зæрдæ ради. Фæззыгон уазал туасæй хуынчъытæгæнæгау уæнгты хызти, фæлæ кус- гæйæ, змæлгæйæ æгæр тæвд дæр ма систы. Сæ хосы мæкъуыл- тæ фыццаг æфтауцуатмæ рæвдз æмæ уæнгрогæй æрбап- пæрстой цæхгæрмæ фæндагыл. Дыккаг æфтауц сæ куы кодтой, уæд, ласæн адаг сонт уырдыг кæй уыди æмæ зæххы цъар та — ихæмбæрзт, уымæ гæсгæ хъуыди уадзгæ бæндæ- нæй арæхстгай архайын. Фыццаг уагъд ракодтой æртæ мæ- къуылы. Дыккаг уагъд куы кодтой æртæ мæкъуылы, уæд се ’намондæн сæ уадзгæ бæндæн аскъуыди. Мæкъуылты разæй цыди Казик. Сонт уырдыг æмæ их-зæххыл мæкъуылтæ ба- уромыны фадат нал уыдис, иуварс агæпп кæнынмæ^та нал фæцарæхст, æмæ йæ сæ разæй скъуымбил кодтой. Йæ сæр йæ бæмбæджджыны (телогрейкæйы) атыхта, йæ къæхтæ раз- мæ ныббыцæу кодта æмæ ихыл къахдзоныгътыл бырæгау цъыгъгъуытткæны. ЙæхиХуыцауыуазæгбакодта. Мæкъуыл- тæ тагъдæй-тагъддæр тæхынц æмæ мæгуыр лæджы сæ ра- зæй скъæфынц. Жорик, богъ-богъæй кæугæйæ, йæхи хой- гæйæ, сæ фæстæ тæхы, фæлæ сæ кæм æййафы. Æрдз бамынæг и, мæргъты зарын нал хъуысы, цыма уыдон дæр æнхъæлмæ кæсынц, цымæ цы уыдзæни дарддæр, сæрсæфæн былмæ хæ- стæгæй-хæстæгдæр куы кæнынц мæкъуылтæ... Æвæццæгæн дæ Хуыцау куы нæ сафа, уæд мæлæт дæр нæй. Сæрсæфæн былмæ ма иу фондз метры бæрц куы баззади, уæд раззаг мæкъуылæн йæ мæхъийы дзых цæуылдæр фæхæцыди, зæх- хы фæсагъд, æмæ мæкъуылтæ, кæрæдзийы сæрты схъиудты- тæгæнгæ, былæй атахтысты. Тарст мæгуыр лæг — Казик мæкъуылты бын куыд фæци, афтæ хуысгæйæ баззади, йæ сæр бæмбæджджыны тыхтæй. Цæстытæ дæр цъындæй базза- дысты. Бæстæ йыл гуыв-гуыв кæны, боны рухс нал хаты, 181
цъиуты цъыбар-цъыбур дæр æм кæуæг-хъарæггæнæгау хъуы- сы. Кæцы дунейы ис, уый дæр нал æмбары. Уыцы æбæрæг уавæры фæци, цалынмæ йыл Жорик нæ ныддæлгоммæ ис, уæдмæ. Дыууæ лæгæн сæ тарст æмæ цин баиу сты. Фидар лæджы миниуджытæй хайджын уæвгæйæ, сæ дыууæ дæр сæ цæсты сыгтæ нал баурæдтой. Кæрæдзиуыл ныттыхстысты, дыууæйæ дæр кæуынц. Цас фæбадтысты уазал, ихцъар зæх- хыл, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ кæддæр-уæддæр сыстадысты. Уæнгты хъаруйы цъыртт нал ис, уæрджытæ сæ быны фæтас- фæтас кæнынц. Цæуынц, кæрæдзийыл хæцгæйæ, схæццæ сты къахвæндагмæ. Жорик æрлæууыди, бынмæ æнæбын коммæ кæсы мæкъуылты пырхæнты фæстæ. «Чи куывта, уый махæн, кæцы Хуыцау æххуыс кодта, уый дæр махæн. Комы бынмæ ме ’фсымæрæн йе стæгдар дæр нал ныххæццæ уыда- ид. Мæнæ куыд сæфтыстæм æмæ куыд аирвæзтыстæм стыр æвирхъау бæллæхæй», йæхинымæр хъуыдытæ кæны æмæ, цыма йæ фынæйæ фехъал и, афтæ сонт зылд фæкодта, Кази- кы фæстæ фæраст и къахвæндагыл. Иу цасдæр рæстæг æнæдзургæйæ фæцыдысты. Дыууæйæ дæр сæ мидхъуыды æмæ сагъæсты аныгъуылдысты. Арты чи бахауа, судзгæ дæр дзы уый кæны. Казик, кæй зæгъын æй хъæуы, арты цæхæрæй раирвæзти, фæлæ йе уæнгты тарст æмæ рыст нырма тагъд рæстæджыты не ссæудзæнис. Æвир- хъау фыдфынтау æй удхарæй мардзысты, сæры магъзмæ, æнæфæрсгæйæ, тыхæфсæрст кæндзысты. Ныр дæр бæргæ архайы бæллæхы цаутæ йæхицæй фæсурыныл, фæлæ та сæр- сæфæн, куыдзæппарæн был йæ цæстыты раз фæзыны, но- джы арфдæрæй, ноджы тæссагдæрæй. Мæкъуылты бынæй куы сыстади, уæд ма уыцы сæрсæфæн былæй бынмæ та цæ- мæн ныккасти? Къæдзæхы цыргъ дуртæ, джебогътау алыр- дæмты хъандзалæй йæ цæстыты раз лæууынц, комæн йæ бын зынгæ дæр нæ кæны. «Ныр цымæ цы уыдаид, уæлбыл куы нæ аззадаин, уæд? Æвæццæгæн, къæдзæхы джебохгæндтыл уæнггай баззадаин, коммæ ма ме стæгдарæй æнæбары цы- дæртæ ныххæццæ уыдаид». «Цы фæдæ? Фæсте куы баззад- тæ», зæгъгæ йæм дзуры Жорик. Дыккаг дзырд æм куы æрба- кодта, уæд фестъæлфæгау кодта, «о, о фæцæуын», æмæ йæ цыд фæтагъддæр и. Дыууæйæн дæр цыма сæ хъуыдытæ æнæдзургæйæ баиу сты, Гнугъы дон æмæ Хъадагомы дон 182
куыд баиу сты æмæ сæ иу дон — Фаллагкомы дон — куыд рауадис, — æмдзыхæй сдзырдтой: «Цæй, хæдзары мацы схъæр кæнæм!» Æнæдзургæйæ хæдзармæ бахызтысты, сæ бæндæнтæ дуаргæрон къуыммæ баппæрстой, сæхи æнæбары æхсад акодтой æмæ тъахтины кæрон æрбадтысты. Кæд дзур- гæ ницы кодтой, уæддæр сæ цæстæнгасыл цавæрдæр æна- хуыр фæллад æмæ тарстхуыз зынди. Мады зæрдæ зонаг у. Мады зæрдæ нæ фæсайдзынæ, уæл- дайдæр, дуарыл фæцæйхизгæйæ, бæндæн дыууæ дихæй куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ ныссæххæт кодта. «Цы кодтат? Цы æрцыди?» — кæуын хъæлæсæй афарста йæ лæппуты. «Ма тыхс, мæнæ дæ разы не стæм дыууæйæ дæр, фæлæ æртæ чъирийы ракæнын æмбæлы», — æнæбары бахудгæйæ, загъта Казик æмæ Жорикмæ бакасти. Сæ иу ныхасæй дæр сæ фембæрста Мады зонаг зæрдæ, æмæ уæларынг балæууыди. Уайтагъд æртæ уæливыхы ацæт- тæ сты, æмæ бинонтæ фæкуывтой, фæтабу кодтой Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæн: æгайтдæрма фыдбылыз не ’руагътой. * * * Дарддæр мæ цæстæнгас æрхæцыди Гнугъы ком æмæ Хъа- дагомы бæстастæу бæрзонд рындзыл, цалдæр æнусы кæуыл цæуы, уыцы фæтæнкъабузджын, фондзуæладзыгон хæдза- рæй уæлдæр нæзы бæласыл. Ацы бæласы бын^ис нæ рагфы- дæлты кувæндон «Сауыбыны Уастырджи». Йæ бынмæ та фахсыл, нæ мыггаг Мамиатæ-Мамитæ кæцæй равзæрдысты, уыцы хъæууат «Сауыбын». Æнахуыр ном Сауыбын. Рын- дзыл цы стыр нæзы бæласы кой ракодтон, уымæй уæлæмæ, дам, кæддæр хъæдæй æмбæрзт уыдысты нæухох тъæпæнтæ суанг æфцæгмæ. Нæ рагфыдæл ам куы æрбынат кодта, уæд тар хъæды бынмæ кæй уыди хъæуы бынат, уымæ гæсгæ йæ схуыдтой Сау хъæды бын. Фæлæ, æвæццæгæн, æнцондæр дзурыны охыл дзырд «хъæд» ахаудта æмæ ма дзы баззади «Сауыбын». Абон махмæ дæр уыцы номæй æрхæццæ и. Кæмдæрты ма хæдзары къултæ æнæхъæнæй аззадысты, кæмдæрты та — дуры цæндтæ. Къахвæндæгтæ тæссæртты хи- цæн хæххытæй згъорынц, чи уæлдæрты, чи дæлдæрты, фæлæ 183
Сауыбыны Уастырджийы кувæндон иууылдæр хъæууатмæ цæуынц. Æвæццæгæн дзы номдзыд Хъарадзауы къахвæдтæ дæр баззадысты. Ацы къахвæндæгтæ æмæ хæдзары къултæ дзурын куы зониккой, уæд нын бирæ рагон хабæрттæ фæкæниккой. Куырттаты уæздан, æвзæрст фæсивæд, авд барæгæй, сæ «хъулон гæххæтт» куыд æрбаха- стой Хъарадзаумæ, цæмæй сын æй уый бакæса. Куыд фæцы- дысты дард балцы Уырысы ус-паддзахмæ æмæ сæ балц фыд- æвзаджы аххосæй трагикон куыд рауади. Йæ райгуырæн сыджытыл йæ мард сæмбæлди, фæлæ йæ фæстагæттæ нал зонынц, нæ номдзыд хъайтар Хъарадзау кæм ныгæд æрцыди, уый. Уымæй уæлдай ма нын бирæ разагъды лæгты кой ракæ- никкой, фæлæ æгомыг дурты æмæ бæлæсты куыд сдзурын кæнæм?!. Ахастой сæ сусæгдзинæдтæ семæ нæ кадджын раг- фыдæлтæ се ’нусон бæстæм. Дынджыр æнусон бæласæй мæ цæстæнгас уæлæмæ къуыл- дыкы тигътыл абалц кодта. Уый хæрды фæллайгæ нæ кæны, æмæ уайтагъддæр схæццæ дæн, фæурæдтон мæ цæ- стæнгас иунæг тулдз бæласы цур. Бæлас гыццыл зыны, 184
Сауыбыны Мыкалгабырты кувæндон Сауыбыны Мыкалгабырты кувæндоны куывддон адæмы минæвæрттæ галиуæрдыгæй рахизæрдæм: Руслан, Ботаз, Таймураз, Солтан, Илья 185
фæлæ — пæлæхсар, зонтиччы хуызæн, йæ быны чысыл тъæ- пæнгонд. Ацы тулдз бæласы бын та ис «Сауыбьшы Мыкалга- бырты» кувæндон (Мамиаты-Мамиты дзуар). Йæ бæрæгбон вæййы уалдзæджы, комуадзæнæй (куадзæнæй) фондз къуы- рийы фæстæдæр, цыппæрæмы. Мамиаты дзуар ма йæ цæмæн хонынц, уый абон бæлвырд ничиуал зоны, фæлæ мæ фыды æфсымæр Григол (рухсаг уæд) 87 азы фæцарди, æмæ-иу уый дзырдта: раджы кæддæр, дам, (19-æм æви 20-æм æнусы рай- дианы) ацы кувæндонмæ цыдысты æрмæстдæр нæ мыггаг — Мамиатæ æмæ, æрвадиуæг кæимæ кæнæм, уыдон — Саутæ- тæ, Кодзыртæ. Цæмæн афтæ уыди, уый Григол йæхæдæг дæр нæ зыдта. Абон та йæм сыгъдæгзæрдæ адæмæй алчидæр цæуы кувынмæ. Фыдæлты кувæндæттæ кадджын æмæ хъахъ- хъæнинаг сты. Комбæстæ куы федзæрæг ис æмæ уый размæ дæр ацы кувæндон — Сауыбыны Мыкалгабырты — Мамиаты Дзуар иу дзæвгар рохуаты аззайæгау кодта. Хъæдгæроны æмæ Къостайыхъæуы цæрæг Мамиатæ йын кæд йæ номыл сæ хæдзæртты иумæйаг нывонд кодтой, уæддæр йæ бынмæ куывддон адæм цæуæг нæ уыди. Комбæсты хистæртæй иу, нæ хæрæфырт, Джиоты Мурат æмæ ма ноджы Джиоты Аврам дæр мын уайдзæфгæнæгау дзырдтой: «Таймураз, Сауыбыны Мыкалгабырты кувæндон рохуаты ма ныууадз. Иу хатт ма дзы хусысмаг ракæлын кæ». Уæд Хъæдгæроны нæ мыггаджы фæсивæды сразæнгард æмæ сцымыдис кодтон, æмæ, æвæц- цæгæн, ивгъуыд æнусы 90-æм азты нæ къухы бафтыди йæ быны нывонд кусарт акæнын æмæ фæкувын, æрдзы рæсугъд- дзинадæй бафсæдын. 2001 азы Дзæуджыхъæуы скодтам Мамиаты мыггаджы куывд. Цæгатварсæй Мæздæгæй уæлæмæ горæттæ æмæ хъæу- тæй иууылдæр æрбацыдысты. Хуссар Ирæй дæр нæм цалдæр лæджы фæзынди нæ мыггагæй. Уæлдай æхсызгондæр та уый уыди, æмæ фæсивæд æмбырдæй кæй фембæлдысты. Мыгга- джы куывд бахæрд, банозты тыххæй нæ вæййы, фæлæ кæ- рæдзийы базонынæн. Цæмæй фæлтæрты æхсæн бастдзинад фидардæр кæна, мыггагæн кад æмæ ном чи скодта, уыцы разагъды лæгтæ рæзгæ фæлтæрæн уой фæзминаг. Цæмæй иууылдæр, стырæй, чысылæй, зоной мыггаджы истори, йæ равзæрды таурæгъ, йæ уидæгтæ кæцæй рацыдысты, æппæт уыдæттæ. 186
Сауыбыны Мыкалгабырты бæрæгбоны. Мыггаджы куывддон адæм Цæгатæй Хуссармæ æмбырдæй. 2012 аз 187
ч д л >> X! « о п оЗ н п 8 а 8 й к Мам л X о \о рæг й \о 8 н 8 \о оз 8 2 л к 8 \о 8 >. 03 О ^ д со 03 г^ о о с*ч о. >> !=Г >* ыны \о 8 >> 03 О н 03 >> >> й ьО X й тим 8 ч со 03 >> 188
Мамиаты кæстæр фæсивæд Сауыбыны Мыкалгабырты бæрæгбоны 189
Ацы ахсджиаг фарстытæ куывддон адæммæ, уæлдай- дæр та — рæзгæ фæсивæдмæ фæхæццæ кæнын баргонд æр- цыди мæнæн. Фыдæлты уæзæг, мыггаджы таурæгъ, мыг- гаджы цардвæндаг — архивты æмæ таурæгъты цыдæриддæр ссардтон, æппæт уыцы æрмæгимæ, æмбæлгæ фæткыл æй равæргæйæ, базонгæ кодтон мыггаджы минæвæртты. Фæ- сивæд тынг сцымыдис сты, доклады фæстæ мæ сæ фæр- стыты бын фæкодтой. Зæрдиагæй сæ æрфæндыди сæ раг- фыдæлты уæзæг фенын — фыдæлты къахвæндæгтыл ауайын, хæххон дурæй амад къултæ уырзæй басгарын, хæххон сыгъдæг уæлдæфæй фæулæфын. Ныфс сын ба- вæрдтон æмæ мæ дзырд сæххæст кодтон. Иу чысыл къор- дæй сæ акодтон, цыбырæй сын радзырдтон мыггаджы æмæ комбæсты дæс кувæндоны истори. Баныхас кодтам: иннæ аз, уалдзæджы, Мамиаты Дзуары бæрæгбоны, цæуæм нæ рагфыдæлты кувæндонмæ. Афтæ фæцалх сты мыггаг — нæлгоймагæй, сылгоймагæй, кæстæрæй, хистæрæй — нæ рагфыдæлты кувæндонмæ. Хус- сар Иры нын цы æрвадæлтæ цæры, уыдонмæ дæр арвитæм æмæ галгуывдтæ фæкæнæм. Дзæуджыхъæуы æмæ Хуссар Иры цæрæг Мамиатæ-Мамитæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фыц- цаг хатт сæмбæлдысты сæ фыдæлты уæзæгыл, сæ фылдæр, ахæм кувæндон ис, уый зонгæ дæр нæ кодтой. Ныр алы уал- дзæг дæр Ирыстоны хъæутæ æмæ горæттæй — Цæгатæй, Хуссарæй — æрæмбырд вæййæм нæ рагфыдæлты бæрæгбон Сауыбыны Мыкалгабырты — Мамиаты-Мамиты Дзуары бон- мæ. Фæкувæм, фæтабу кæнæм, кæрæдзиуыл фæцин кæнæм, фæсивæд фæкафынц, фæзарынц. Кæддæр куыд дзырдтой, афтæмæй ацы кувæндонмæ куыв- ды цыдысты æрмæстдæр Мамиатæ-Мамитæ æмæ, æрвадиуæг кæимæ кæнынц, уыдон. Уыцы «нæфæтчиаг» хаххы сæрты раджы ахызтыстæм. Вæййы нæм бирæ хуынд уазджытæ, комбæсты мыггæгтæ се ’ппæт дæр, суанг æцæгæлон мыггæг-. ты минæвæрттæ дæр. Кувæндæттæн дихгæнæн нæй. Ам ма ивгъуыд æнусы 70-æм азты фараст хæдзары æмхæццæйæ царди Мамиатæ æмæ Джиотæй. Уæд ма дзы цард цæджджи- нага[у æнхъызти. Уарзонæй, кæрæдзийы æмбаргæйæ сæ бæ- рæгбонтæ æмæ сæ хъыджы бонтæ дæр иумæ æрвыстой, хле- пайы куырисы бастау — алцыдæр иумæ. Хæхбæсты иугæйттæй, 190
иппæрдæй кусæн дæр нæй æмæ цæрæн дæр. Ирон æмби- сонд — куырис, дам, сыгъди æмæ йыл бæттæн худæгæй мар- ди — комбæсты цæрджытæй алчидæр йæ зæрдыл дардта, æмæ кæрæдзиуыл фидар хæцыдысты. 1886 азы сфыстмæ гæсгæ, гыццыл Фаллагкомы царди 74 хæдзары. Ком адæмæй йæ тæккæ дзаг куы уыди, царды уа- вæртæ та, зæххы кадавары аххосæй, бынтон къуындæг куы хастой, суанг уæд дæр, комбæсты хистæрты раст æмæ зонд- джын уынаффæйæ, адæм тырныдтой æмæ фæрæзтой хæла- рæй цæрын. Раджы заманты иу хæхбæсты мыггæгтæ сæ зæ- ронд мæрдтæн фæззæджы хист кодтой. Арвыстой иу алы кæмттæм хъæргæнæг. Адæм-иу куы æрæмбырд сты, уæд бад- гæ та кодтой мыггаггай. Алы мыггагæй дæр цал лæджы уыди, уал хайы сын æвæрдтой сæ фынгыл. Фаллагкомы цыппар мыггаджы: Джиотæ, Мамиатæ, Балатæ, Еналдытæ та бадгæ дæр кодтой иумæ, хæйттæ дæр истой иумæйаг нымадæй иу- мæйаг хай. Сæ æмуддзинад æмæ кæрæдзийы æмбарындзина- ды кой афтæ апырх ис æппæт Туалгомы дæр, æмæ сæ адæм схуыдтой «Æмдзырд Фаллагком». Раджы заманты-иу чызг цæмæй чындзæхсæвмæ ацыда- ид æндæр хъæумæ, æндæр коммæ, уый тыххæй хъуамæ йе ’рвадæлты лæппутæй исчи йемæ уыдаид. Фаллагкомы цæрджыты æууæнк кæрæдзийыл уыйбæрц фидар уыдис, æмæ-иу чызгæмбалæн цыди комы кæцыфæнды мыггаджы нæлгоймаг-фæсивæды минæвар. Æмæ-иу чызджы ныййар- джытæн сæ зæрдæ нал æхсайдта сæ хъæбулмæ, зыдтой, хи хойау æй æфхæрын нæ бауадздзæн искæмæн цæстæнгасæй дæр. Уый уыди «Æмдзырд Фаллагкомы» фидар фæтк æмæ æгъдау. Æвæдза, æрдзмæ цас сусæгдзинæдтæ ис, æмæ дзы мах та куыд чысыл зонæм. Уæлдæр цы тархъæды кой кодтон, суанг æфцæгмæ чи æххæссыди, уымæн 20-æм æнусы дыккаг æмби- сы йæ фæд дæр нал уыди, нæ хæдзары бакомкоммæ цæгат- варс саунæмыджы къудзитæй дарддæр ницы уыди. Абон акæс дыууæрдæм дæр, æмæ рæхснæг бæрз бæлæстæ арвыл ныдзæвынц. Уый æрдз йæхион агуры æмæ кæны. 50 азæй фылдæр Фаллагком федзæрæг и. Сæрвæттæм фосы къах нал хæццæ кæны, æмæ та кæддæры тархъæды бынат ногæй йæ раздæры хуыз исы. 191
Сауыбыны къуылдымтыл мæ цæстæнгасæй тагъд æрыз- гъордтон Гнугъы доны былмæ æмæ сонт лæуд фæкодтон Га- заты хъæууатыл. Мæ зæрдыл æрбалæууыд иу къам, мæхæдæг кæй систон ивгъуыд æнусы 60-æм азты кæрон, уый. Студент æви ма скъоладзау куы уыдтæн (бæлвырд æй нал хъуыды кæнын), уæд иу хосгæрдæнты ардæм æрбацыдтæн мæ фотоаппарати- мæ. Ацы къуылдымæй систон ком, объектив цас ахста, уый- бæрц, фæлæ сæйрагдæр Газаты хъæу йæ хуымтæ, йæ фæн- дæгтимæ. Нæхимæ, Дзæуыгтæм хæстæг фæндагыл дзы галуæрдон дæр бахаудта, æцæг æй нал хъуыды кæнын, галты сæрбосыл чи хæцы, фæлæ цыма мæ дзæнæтыбадинаг æфсы- мæр Казик уыдис. Хъæбæрхоры хуымтæ уыцы аив, бæрæгæй дарынц, хæдзæрттæ — æнæхъæн. Газатæй гакъон-макъон фæндагыл араст кодтон суанг Ре- гахмæ. Фæлмæн кæрдæгыл уæлгоммæ хуысгæйæ, цæстæнга- сæй æнцон цæуæн у абон, фæлæ-иу нæ кувинæгтимæ куы араст стæм уыцы бæхвæндагыл чыртæ-чыртæй, уæд-иу лæг Фаллагкомы Газаты хъæу 1960 азы 192
куынæг нæ бафæллади. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, не ’рва- дæлты чызг Наташæ, Годжыцаты ус — уарцъейаг, алы аз дæр Хуыцауы дзуары бæрæгбонмæ æнæ нывондаг никуы æрбацыд. Иу ахæм бæрæгбоны иумæ фæцæуæг стæм. Мæ мæгуыр зæр- дæйæ, зæронд усæн æххуыс кæныны охыл ын йæ хæссинæгты (кувинæгты) æмбис райстон. Арвыл иу мигъы цъупп дæр нæ зыны. Хур арвы астæумæ фæхæццæ кæны. Куывддон адæм, алчи йæ бæрæгбоны дарæсы, уыгæрдæны алыхуызон дидин- джытау тæмæнтæ калынц. Се ’ддаг аив бакаст æмæ сæ зæр- дæйы хъæлдзæг равгæй æрдз дæр цыма рæсугъддæр фæци, афтæ зынди. Хуры тынтæ куывддон адæмыл цингæнæгау узæ- лынц, кæд сæ цæсгæмттыл хиды æртæхтæ фемæхстысты, уæд- дæр. Мæхи аразæй кодтон, тагъдгомау суайын æмæ та аулæ- фын. Наташæ та уыцы иугъæдон цыд кæны, æнæ æрлæугæйæ. Мæнæн мæ хид къоппæй кæлы, афтæмæй бахæццæ дæн кувæндонмæ. Наташæ та иу 10—15 минуты фæстæ, æнæ тых- улæфт кæнгæйæ, æрбаййæфта мæн. Уый дын зæронд, фæлæ фæлтæрдджын адæм. Уæдæ кувынмæ та йæхицæй дæсныдæр нæ уыдис суанг лæгты æхсæн дæр. Ирыстоны авд дзуармæ кæм кувынц, уыдонæй иу у Регах. Регахы авд дзуарæн сæ сæйрагдæр у Хуыцауы дзуар — хъæуæн йæ тæккæ бакомкоммæ, тæккæ къуылдымыл. Абон дæр æм куывды цæуынц йæ фæдон адæм, алы кæмт- тæй, кæд фыццаджы хуызæн аив æмæ зæрдæмæдзæугæ нал кæнынц ацы бæрæгбон, уæддæр. Кувæндонæй хуссарæрдæм цы тъæпæн ис, кафæн фæз æй хуыдтой, уым-иу стыр, гъæйтт нæртон симд сарæзтой фæсивæд. Уæлдæр æй куы загътон, Фаллагкомæй дарддæр ма ардæм куывды цыдысты — Рукъ æмæ Дзомагъæй райдай æмæ Зæрæмæг, Мамысонгомæй фæу — се ’ппæт дæр. Наргомы, уыимæ Фаллагкомы дæр, стыр æмæ кадджын- дæр бæрæгбонтыл нымад уыдысты Хохы дзуары бон (æртыц- цæджы) æмæ Хуыцауы дзуары бон (хуыцаубоны). Ацы бæрæгбæттæм-иу уыйбæрц уазджытæ фæцыдис комбæстæм, æмæ-иу махæн, сывæллæттæн, хуыссæн бынат дæр фаг нал кодта, кæд нæ фæзилæнтæ парахат уыдысты, уæддæр. Уый та махæн, мæн æмæ мæ хистæр æфсымæр Казикæн, уæлдай цины хос уыди: нæ фыд ноггуырд уæрыччытæн сæрмагонд, хуссары карст, фæлмæн хос кæм бафснайдта, уырдæм-иу
ныфсджынæй смидæг стæм. Уыцы хосыл-иу хорз фæхъазы- дыстæм, фæратул-батул кодтам æмæ-иу ыл адджын фынæй баистæм. Арæх-иу нын нæ фыды æфсымæры лæппу Будзи дæр бамбал и, кæд махæй хистæр уыди, уæддæр. Уыдон диссаджы рæсугъд, æнæферохгæнгæ, æцæг бæ- рæгбонтæ уыдысты. Фæсивæд сæ кафын æмæ зарынæй суанг æмбисæхсæвтæм не ’нцадысты. Сæ фæстаг хъазты бынат уы- дис махмæ — Дзæуыгтæм. Хъазтмæ кæй нæ фæндыди, уый та комкоммæ цыди доныбыл, нæ куыроймæ. Ам, куыройы цал- хы фарсмæ-иу сæвæрдта бæгæны нæ мад. Куыройы донæй уæЛдай ма дзы уыдис суадон, дæндæгтæ йæ нæ урæдтой, аха^м уазал. Æмæ дæ цæй уазалгæнæн хъæуы уый раз — уыцы иугъæдон ихуазал бынат. Куывддон адæмæй-иу бирæ- тæ сæрмагондæй рацыдысты, махуылты, Финейы бæгæныйæ баназæм, зæгъгæ. Æвæдза, адæм фæстаг 20—30 азы тынг аивтой, — хъыга- гæн, æвзæрæрдæм. Сæ зондахаст, сæ миддуне, сæ кæрæдзи æмбарындзинад. Сыхаг сыхагмæ уæндон цыд нал æрбакæн- дзæни, йæ дуар ын не ’рбахойдзæн. Æнæ сæрмагонд хонæ- гæй дæ сыхагимæ адджын бадт акæнай, зæрдиаг ныхас кæнæ уынаффæтæ — аба-бау! Хуымæтæг, къаты бон нæ, фæлæ бæ- рæгбоны дæр. Ивгъуыд æнусы 60-æм азты та (ноджы раздæ- ры кой нал кæнын) адæм бæрæгбонты кæрæдзийы хæдзæрт- тæм арфæтæ кæнынмæ цыдысты æнæ хонгæйæ. Уæдæ, уæлдæр цы бæрæгбоны кой скодтон, уæд дæр-иу адæм би- нонтæй никæмæ æнхъæлмæ кастысты, сæрмагонд хонæг сæ нæ хъуыди, бацу хæдзармæ, фынгтыл алцыдæр бæркадджын æвæрд, бафæдзæхс дæхи æмæ фысымты дæр Стыр Хуыца- уыл æмæ дарддæр дæ фæндаг дар. Уый уыди адæмы фарн æмæ амонд. Сæ цæхх, къæбæр уæрст нæ уыди, адджын æмæ хæларæй йæ иумæ хордтой. Иу æмбисонд ахæм ис: «Бинон- тæн сæ къæбæры хæрд иумæ куы нæ уа, уæд сæ зонд иумæ никуы уыдзæни». Уый канд бинонтæм нæ хауы, фæлæ сых- бæстæ, хъæубæстæ, стæй, æмткæй райсгæйæ, æппæт ирон адæммæ дæр. О, ацы мысинæгты къæсса! Куыд бирæ дзы цæуы, уæле исгæ бынæй ахадгæ, адæймаджы уæцъæфæй тынгдæр ивæ- зы. Цас дзы фылдæр исай, уыйбæрц фылдæр кæнынц. Загъ- тон, се ’ппæт нал мысдзынæн æмæ дзурдзынæн, фæлæ ма та 194
иу хабар мæ зæрдыл æрбалæууыди. Цæвиттон, Транскамыл Хуссар Ирмæ цæугæйæ, хæйрæджыты хид кæй хонынц, уы- мæй иу 150—200 метры бæрц куы бауайай, уæд, Захъадонæн йæ галиуварс цы фæтæнгомау адаг цæуы суанг æфцæгмæ, уый хуыйны «Ес». Уыгæрдæнæн йæ бакаст дæр æцæг æвадат зыны. Æнæзонгæ лæг зæгъдзæни, ^уым альпинист дæр зын- тæй схиздзæн, ахæм сонт къул у. Иæ кæрдæджы хъæд тынг хорз, фæлæ фыдвадат. Хос кæрдгæйæ, æдæрсгæ дæ къах размæ нæ айсдзынæ. Фыццаг уал ын бынат æрдзыхъхъ кæн, уый фæстæ райдай кæрдын. Уырдæм дæр æхсæвæддæ цæ- уын хъуыди, кæннод де ссивинагæй æмбис дæр нал бафтдзæ- ни дæ къухы. Мæкъуылтæ та цæмæй доныбылмæ æрхæццæ уой, уый тыххæй сæ æртæ æфтауцы хъуыди. Иу фæззыгон бон ацыдыстæм, нæ мæкъуылтæ доныбыл- мæ æрæппарæм, зæгъгæ, æртæйæ: нæ фыд, мæ хистæр æф- сымæр Казик æмæ æз. Фæстаг æфтауц уадзгæ бæндæнæй уадзын хъуыди. Казик нæ фыдимæ уадзгæ бæндæнæй уагъ- той, æз та сæ бынæй рæнхъ-рæнхъ бæстон кодтон. Ам сæрма- гонд уавæртæ уыди. Ласæн адаг хуырбын хаста, æмæ дзы дур тулынæй тæссаг уыди. Уыдæттæ хынцгæйæ-иу цалынмæ æз бынæй мæкъуыл не ’рбæстон кодтаин йæ бынаты, уæдмæ уæллаг мæкъуылмæ æвналæн нæ уыди, цæмæй дуртæ ма фез- мæлой æмæ, дæлейы чи архайы уымæн мацы знаггад ракæ- ной. Фæлæ ацы хатт нæ фыд цæмæдæр гæсгæ фæтагъд код- та, Казикы схæццæмæ мæкъуыл бацæттæ кæныны охыл, æмæ дуртæ фезмæлыдысты. Æз мæкъуылы фæстæрдыгæй куыд дзæбæх кодтон, гуыбырæй архайгæйæ, афтæ нæ фæ- фиппайдтон, дуртæ, схъиудтытæгæнгæ, кæрæдзийы фæдыл куыд сцырен сты, уый. Казик та сæ, ай-гъай, ауыдта. Æмæ мын кæй фæтарсти, уымæ гæсгæ сонт хъæр фæкодта: «Тай- мураз! Дуртæй дæхи хъахъхъæн!» Хъæрмæ мæнæн мæ сонт фестад æмæ сæры фæзылд фæиу сты, æмæ уыцы уысм иу тулгæ дур куыд фесхъиудта, афтæ мæ тæккæ къæмисæныл сæмбæлд. Æз ма иу хъæр фæкодтон, мæ цæстытæ атартæ сты æмæ мæкъуылыл бахаудтæн. Казик, мæгуыр, цалдæр гæп- пæн мæ уæлхъус февзæрди, мæ сæрыл мын фæхæцыд æмæ, йæ къух тугæй куы ацахуырст, уæд ма нæ фыдмæ иу каст фæкодта, фæлæ уайдзæфы каст уыди æви æххуысмæ сидæг, уый æз нал раиртæстон, йæ ныхæстæй дæр ницыуал 195
фехъуыстон, бавзæр дæн. Кæмдæр, цавæрдæр æнахуыр бæ- сты бамидæг дæн — тъæпæн, дынджыр фæзуаты, алыхуызон дыргъбæлæстæ дзы дидинæг калынц. Сæ дидинæг дæр алы- хуызон, фæлæ сæ рогдæф адджынæй зæрдæйыл æмбæлы, æмæ зæрдæ рухс, хъæлдзæг кæны. Æрæджиау кæддæр мæхимæ æрцыдтæн, Казик мын мæ сæр йæ хъæбысы дары. Хæрдмæ йæм скастæн, йæ æнкъард, тарст цæстытæ йын куы федтон, уæд æм мидбылхудæгау ба- кодтон, æмæ уæд уый дæр бахъæлдзæг и. Фæлæ мæ нæ фыды тæригъæддаг цæстæнгас абон дæр нæ рох кæны. Хæххон зын уавæрты фæлтæрд, фидар куырыхон лæг йæ лæппыны раз стыр рæдыдхуызæй лæууы. «Мæнæ мæ "къуы- дыр" (сабийæ къаннæггомау æмæ тымбылтæ кæй уыдтæн, хæмпус сырх рустимæ, уымæ гæсгæ мæ фыр буцæн афтæ хуыдта) лæппуйы мæхæдæг мардтон». Йæ сæр ныттылдта, йæхæдæг мæкъуылы аууонмæ азылди, цæсгомыл йæ къух æруагъта, фæлæ йæ бæлвырд нæ раиртæстон, йæ цæсты бын- тæ баумæл сты æви æнæуый йæ цæстытæ асæрфта. Сыстады- стæм дыууæйæ дæр. Казик йæ къухты иу гыццыл, тымбылго- мау дур ратил-батил кæны æмæ, нæ фыдмæ кæсгæйæ, зæгъы: «Хуыцау хорз æмæ фæстейы цы стырдæр дуртæ тылди, уы- донæй йыл ничи сæмбæлд, æндæр æцæгдæр дæ "къуыдыр" лæппу...» Нæ куыстæн йæ кæрон æрхæстæг и. Хуры тынтæ Есы адагæй раджы фæиппæрд сты. Захъадоны фале фесты æмæ Цъиройы æфцæгмæ фæхæццæ кæнынц. Фæстаг дыууæ мæкъуы- лы ма баззадысты, фæлæ мæ мæ дзæнæты бадинаг æфсы- мæр Казик æввахс нал бауагъта, иуварс рындзыл мæ сбадын кодта. Нæ куыст ахицæн æмæ хæдзармæ атындзыдтам. Хацъе- йы хуымы, нæхи суары раз æрлæууыдыстæм, суар анызтам æмæ та мæ мæ «тызмæг» фыд афарста: «Цæй, куыд дæ? Дæ сæр ма риссы?» Ныр та æз уымæн тæригъæд кодтон, æгæр кæй тыхсти, йæхи азымджын кæй æнкъардта, уый тыххæй. Æмæ ма кæд æцæг рысти мæ сæр, уæддæр мæхи хъæлдзæг дарыныл архайдтон, нæ фыды тыхст фарстæн-иу хъæлдзæг- хуызæй дзуапп авæрдтон: «Æппындæр куы нæуал риссы мæ сæр». Мæхимидæг та-иу мæ фæндыди, мæ армы тъæпæнтæй мæ къæмисæнтæ куы æрбалвасин, фæлæ мæ нæ фыд куы бафиппайа, уымæй тæрсгæйæ, быхстон. Казикæн бафæдзæх- 196
стон, нæ мадæн мацы схъæр кæн, зæгъгæ. Афтæ та ахицæн нæ фæззыгон бонтæй иу. Дыккаг бон та, гæнæн ис, æмæ нæхи цæттæ кæнæм но- джы тæссагдæр уавæрты архайынмæ йе та, хи ирхæфсæгау чи у, ахæм куыстытæм дæр. Уый цард у, хæххон уæззау, тызмæг цард. Ам лæмæгъ уæвæн нæй, уæд тагъддæр фесæф- дзæни лæг. Ам хъæуы фæлтæрддзинад, зонд æмæ хъару. Уыцы миниуджытæй æххæст уыдысты нæ фыдæлтæ. Уымæн нын адджын у райгуырæн къæс, фыды уæзæг. Уымæн нæ ивазы йæхимæ, уымæн æй уарзæм æгæрон уарзтæй. Адæймаджы ацы бæрзонд æнкъарæнтыл зæрдæбынæй дзуры Плиты Хадо дæр: Мæ фыдæлты уæзæг, дæу алкæм фæмысын, Хъæбулау нæ кæнын дæу дардмæ дæр рох. Мæ балцæй куы ’ рыздæхын, гъеуæд ныттыхсын Цæргæсау дæ риуыл, мæ цъæх-айнæг хох. Мæрдты сыгъзæрин талатæ суадзæнт нæ фæлтæрд, нæ куы- рыхон хистæртæ, дзæнæты сæ бынат, сæ фæстагæттыл та хæрзаудæн фæкæнæнт. Сæ фарн сæ кæстæртæн баззайæд!.. ^039%
ЦАРДВÆД Зымæгон ирд бон. Мит йæ уарынæй фенцад. Иликъо сæ уæлхæдзары мит сыгъдæггонд фæци æмæ бараст и скъæтмæ. Стуртæй, чи лæугæйæ, чи хуысгæйæ, сынæр цæгъды. Бур гал цыма йæ хицауы æрбацыдмæ æнхъæлмæ касти, уæздан ныллæг хъæлæсæй бауасыд, Иликъойы ’рдæм йæ бæрзæй тынгдæр æрбазылдта. Уый дæр ын йæ ахуыр нал фехæлдта, йæ хъуыр та йын аныхæгау кодта, æрлæгъзытæ йæ кодта æмæ йæхинымæр дзурæгау сфæрæзта: «Ныртæккæ та цæ- уæм, Бури, æххæст нæ мæкъуылтæ фæстаг æфтауцуатæй æр- баппарæм». Йæ сыкъатыл ын сæрбосбæндæн афтыдта, æмæ скъæтæй рахызтысты. Уæдмæ йæ хистæр фырт Мурат дæр æрдæгфынæйæ рахызт митæй сыгъдæггонд уæлхæдзармæ. Знон ын йæ фыд цы ног æрчъитæ ацæттæ кодта, уыдонæй буцæй йæ фыды размæ æруади. Бурийы алæгъзытæ кодта æмæ та аивæй йæ фыдмæ скæсы, ома мын мæ ног æрчъитæ куыннæ уыны. Иликъо дæр æм йæ цæсты кæронæй бакæсы æмæ дзы хинымæр йæ зæрдæ райы. Нырма бынтон æнахъом сывæллон, фæлæ йын йе уæнгты кондыл цæст куы æрхæссы, уæд та йæхицæй ныббуц вæййы: «Уæнгты конд æмæ хъа- руйæ мæхицæй дæлдæр нæ уыдзæн». Иликъо йæ миткалæн фыййаг йе уæхскыл баппæрста æмæ йе ’мцæдисон Садуллæимæ фæраст и æфтауцуатмæ. Мурат æмæ Садуллæйы фырт Петя, Муратæй дзæвгар хи- стæр, галты сæрбосыл хæцгæйæ, араст сты хистæрты фæ- дыл. Цалынмæ лæппутæ галтимæ æфтауцы бынатмæ хæццæ кодтой, уæдмæ дыууæ хистæры мæкъуылтæ миты бынæй æмбискъахт фесты. Фыццаг дыууæ мæкъуылы хъæуы бами- дæг кодтой. 198
— Тагъддæр змæлын хъæуы, боныхъæд ивдзæнис, мый- йаг, куы стымыгъ кæна, уæд та нæ мæкъуылтæ ногæй миты бынæй къахинаг фæуыдзысты, — йæхицæн цыма дзуры, æр- мæст хъæрæй, загъта Иликъо. Бон фæссихорæй фæивгъуыдта. Дыууæ цыды ма дзы баз- зади, фæлæ боныхъæд цæхгæр фæивта. Галæгон цыма йæ дымгæйы фæстаг æвæрæнтæ бамбырд кодта, миттымыгъ сы- стад æмæ, ныртæккæ дæр ма цы дзоныгъы фæдыл цыдысты, уымæн йæ кой дæр нал уыди. Мæкъуылтæ миты урс пæлæзы бынæй дæр дардмæ кæд сау къуыбыртæй бæрæг дардтой, уæд сæ ныр миттымыгъ йæ быны ануæрста, урс хъæццул сыл ногæй æрæмбæрзта, цыма сын уазалæй тарст кæнæ фæцæ- стыйæ. Фæндаг дæр æмæ мæкъуылтæ дæр ногæй къахинаг, сыгъдæггæнинаг фесты, фæлæ цалынмæ уыдон ногæй.къа- хой, уæдмæ, иуæй, талынг кæны, иннæмæй, тымыгъ не ’нцайы, лæгтæ куыд сыгъдæг кæнынц, афтæ тымыгъ та сæ фæстæ ноджы бæзджындæр хъæпæн æвæргæ цæуы. Мæст- джынæй, хъуыр-хъуыргæнгæ, разылдтой сæ галтæ æмæ аф- тид дзоныгътæ, ног фæдгæнгæ, æрфардæг сты хъæумæ. Иликъо тъахтиныл йæхи мæсты уагъд æркодта, загъд кæны, фæлæ кæимæ, уый бæрæг нæй: — Айразмæ къуыри, Ецъынайæ1 мæкъуылтæ ласгæйæ, га- лæй, лæгæй, зæйы бын фæцæйкодтам, ныр дæр та нæ митты- мыгъ йæ уæлныхты систа æмæ нæ фæтардта æмбис куыстыл. Хæрæг амæлæд ацы хæхбæсты: тыхтухитæ, фылдæр хатт дæ уд дæ къухы хæссыс, зæй дыл кæд æмæ кæцырдыгæй ныф- футт кæндзæн, уый бæрæг нæй. Хæхбæстæ кæддæриддæр зынвадат уыди. Нæ фыдæлтæ сфæлтæрдтой æмæ быхстой, уымæн æмæ йæ зыдтой, хуыз- дæр гæнæн сын нæй. Рæстæг ивгъуыдта. Хæххон мæгуыр адæмы хъустыл цыди цавæрдæр æнахуыр, æнæзонгæ ныхæ- стæ: «Революци». «Ног социалистон, советон дуг». «Зæхх чи йæ кусы — уыдонæн» — æмæ ма бирæ æндæр цыдæртæ. Ницы сын æмбæрстой, цы ахъаз сты куыстæй æфхæрд хохæгтæн. Фæлæ мæнæ ног цардарæзты тымыгъ талынг хæхбæстæм дæр банхъæвзта. Советон царды уаг Цæгат Ирыстоны куы æрфидар ис, уæд хæххон ирон адæмæн фадат фæци быдырмæ ралидзынæн. 1920-æм азты фæзынди быдираг ног хъæутæ, 1 Ецъына - комы ном. 199
уыдонимæ Къостайыхъæу дæр, Туалгомæй рацæуæг адæм дзы æрцардысты. Фæлæ Джиоты Иликъо йæ бирæ бинонти- мæ (фыды номæй — Самитæ) сæ зæрдæ нæ аивтой Фаллагко- мыл, сæ фыдæлты уæзæгыл, хæххон тызмæг уавæртæ дæр сæ нæ фенкъуысын кодтой сæ бынатæй. Иликъо домбай æмæ куыствæлтæрд лæг уыди. Канд йæ бинонты никуы ныууагъта къæбæрцух, фæлæ ма-иу мæгуыр- дæртæн дæр аххуыс кодта. Цард сæм дæрддзæфæй мидбыл- худæгау кодта, авд сывæллоны бабызы цъиутау кæрæдзийы фæдыл згъордтой, кæрæдзийы фæрцы хъомыл кодтой. Фæлæ уæдмæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Хæстхъом фæсивæд атындзыдтой райгуырæн бæстæ хъахъ- хъæнынмæ, уыдонимæ Джиоты Иликъо дæр. Æнахъом авд сывæллоны сæ мад Калионы æвджид аззадысты. Уыйбæрц рæзгæ удтæ хæсты уæззау бонты, хæххон зынвадæтты, æн- цон хæссæн кæм уыдаиккой! Фæлæ-иу Калион йæ алфам- былай куы акасти йæхи хуызæттæм, уæд та-иу йæхицæн ныфсытæ авæрдта. Быхста йæ царды уæззау уавæртæн, ца- лынмæ йæм «сау барæг» йæ бæхæй рахизæрдæм не ’рхызти, уæдмæ. Йæ цардæмбал Иликъойæ райста сау гæххæтт. Йæ уæнгты хъару нал уыди, йæ уæрджытæ йæ быны нал цыды- сты, бынтон бæллæх та — йæ ныфс асасти. Тыхст æмæ уæз- зау рæстæг æххуысцухмæ ныфсы къух æрбадарын фæхъæ- уы. Фæлæ кæмæ бакъул кæна йæхи, комбæсты адæмæн сæ фылдæр ахæм уавæры куы сты. Йæ иунæг тиу дæр, Иликъо- йы хистæр æфсымæр Гуыбе, хæсты цæхæры уыди. Дыууæ азы фæстæ цæфтæй, дыууæ лæдзæджы æнцæйтты, гъеуæд- дæр Хуыцауæн табу, йæ бинонтыл сæмбæлди. Фæсади дæргъвæтин рæстæг, йæ хъæдгæмттæ фæдзæбæх кодта, стæй кæддæр-кæддæр йæ къæхтыл слæууыди, куыстхъом фæци. Уæдмæ 1944 азы, хицауады уынаффæмæ гæсгæ, тыххæй адæмы хæхтæй лидзын кодтой Мæхъхъæлы хъæутæм. Уæд Иликъойы бинонтæ ралыгъдысты Къостайыхъæумæ, зонгæ адæмы æхсæн нын æнцондæр уыдзæни, зæгъгæ. Быдыры зæхх бæркадджындæр у, фæлæ ам дæр фыдæбон хъæуы. СиДзæрты мад Калион авд æнахъом сывæллоны фаг нæ код- та, кæд ын куыд хистæрæй, цас сæ бон уыди, афтæ æххуыс кодтой, уæддæр. Калионы тыхтухитæм кæсгæйæ, Гуыбе 200
бавдæлд æмæ йе ’фсымæры сидзæртæй дыууæйы сæхимæ фæстæмæ хохмæ ракодта; сæ иу, лæппуты хистæр — Мурат, фыдаггомау кæй уыдис, уымæ гæсгæ. Хæхбæсты, дам, лæппу тагъддæр лæг кæны. Мурат дæр рæзти йæ карæй бæлвырд рæвдздæр. Йæ фыд Иликъойы уæнгты конд æмæ хъару кæй рахаста, уый дæр æй кæмдæр карджындæрхуыз кодта. Йе ’мгæртты æхсæн бæрæг дардта йæ сæрæндзинадæй. Цъæх нæууыл хъæбысæй хæцгæйæ, йæ ныхмæ ничи лæууыди йæхицæй дзæвгар хистæртæй дæр. Уæдæ йын йæ фыды æфсымæр Гуыбе сырххъæд схъæлфындз цæвæг уыгæрдæны куы æрсагъта, уæд лæппуйæн йæ цæвæ- джы æхситт дардмæ хъуысти рæсугъд хицæн зарæгау. Хæхбæсты идæдз æмæ сидзæргæс устытæн æххуыс кæ- нын уыдис æнæфыст закъон. Сидзæргæс усы уыгæрдæны разæй йæхионы цæвæг ничи рауагътаид; зиумæ нæ рацæуын та стыр худинагыл нымадтой. Ахæм рæстæг-иу зиууæтты разæй йе схъæлфындз цæвæгимæ цыди æвзонг Мурат, се ’ппæтæй фæтæндæр уис хæсгæйæ. Бонтæ æмæ мæйтæ ивынц кæрæдзийы. Му^ат-иу, уыгæр- дæнæй цæугæйæ, арæх хъуыдыты аныгъуылд. Йæ цæстытыл- иу ауади йæ домбайарæзт фыд — Иликъо. Фæндыди-иу æй, ныртæккæ йæ фарсмæ куы уаид, — уадз, кусынхъом дæр ма уæд, йæхæдæг æртæйы бæсты кæрдид хос, кусид, æрмæст йæ фарсмæ уæд! Хæсты размæ йæ фыдимæ хосы мæкъуылтæ миты бынæй куыд къахтой æмæ йæ ног æрчъитæй куыд буц æмæ хъал уыди, уый ныр бæргæ йæ фыдæн фæдзурид, фæлæ... рæстæг згъоры, дугъ уадзы. Мурат йæ лæджы кармæ зондæй дæр, хъаруйæ дæр фæ- хæццæ кæны. Саджы фисынтыл амад кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæппу дзы рауади. Гуыбе йæм аивæй кæсгæйæ, йæхи- нымæр скарста: «Ацы лæппуйæн бинонты хъуыддаг бакæны- ны афон æрцыд». Уыцы рæстæджы комбæсты рæстæмбис цæрæг Мамиаты Алыксандры хæдзары дæр (фыды номæй — Дзæуыгтæ) хъо- мыл кодта авд сывæллоны: цыппар лæппуйы æмæ æртæ чыз- джы. Чызджыты хистæр Замирæты сæрæндзинадыл комбæ- стæ сæ цæст æрæвæрдтой. Хохаг куыстæй цæмæ нæ арæхсти, ахæм нæ уыди, уыимæ нæлгоймаджы уæззау куыстытæм дæр цыди лæгты æмрæнхъ. Йæ хистæр фыртты æмрæнхъ 201
Алыксандрæн уыди йæ фыццаг æххуысгæнæг æмæ ныфс. Уæдæ сылгоймаджы ми, сыгъдæгдзинадмæ дæр — афтæ хæрз- арæхст. Фаллагкомы зæронд устытæ-иу арæх дзырдтой: «Тæхудиаг фæуой, Дзæуыгтæ, ахæм чызг кæмæн ис! Амонд- джын уыдзæнис уыцы мыггаг, Замирæт кæмæ æркува». Фæсивæд зиууон куысты куыд æвдыстой сæ арæхст æмæ уæздандзинад, афтæ цины бонты дæр. Уæд-иу сын фæци кæ- рæдзиимæ фембæлын æмæ аныхас кæныны фадат. Ахæм фембæлдтыты-иу ферттывта фыццаг уарзты цæхæр, æрыгон зæрдæты-иу фæзынди рæсугъд бæллицтæ. Уарзондзинады æнкъарæнтæ Мураты зæрдæйы сæвзæрдысты хæрз æрыго- нæй, фæлæ сæ схъæр кæнын кæм уæндыд!.. Йæхицæн æй æргом зæгъа, Замирæт йæ зæрдæйы арфы æрцарди, уыцы ныфс дæр æм нæ уыди. Нымд кодта уыцы хъуыдытæй, стæй фыдæвзаг, фыдцæстæй дæр йæхи хызта. Замирæт æмæ Мурат æмгæрттæ уыдысты. Чызг æнæра- хатгæ нæ фæци Мураты æнахуыр хъарм цæстæнгас, фæлæ уарзондзинады ахæсты ис, уый фыццæгты йæ фæсонæрхæ- джы дæр нæ уыди. Замирæтæн йæ фыды фыд Ростъом Джи- оты хæрæфырт æййæфта. Чызг Муратмæ хионы цæстæй ка- сти, фæлæ нæ, Къостайы загъдау, «чи цыд Хуыцауы тæрхоны»?!. Замирæты зæрдæйы арф-арфид къуымы дæр цадæггай æрбынат кодта уарзты æгоммæгæс æнкъарæн. Бæл- вырд æмæ йæ æнæдызæрдыгæй уырныдта, ирон фидар æгъ- дæуттæ сын фæндаг кæй нæ ратдзысты. Йæ фыд Алыксан- дры дзуапп дæр уæдæ рагацау зыдта. Алыксандр комбæсты, стæй æппæт Туалгомы дæр нымад æмæ кадджын лæг уыдис^ Растзæрдæ æмæ, сæйрагдæр, ирон æгъдауыл фидар хæст. Йæ удхæссæг уыдта, фæткы сæрты чи хизы, уыдонæй. Арæх дзураг уыд ирон æмбисонд: «Æгъда- уыл къахæй кæм ныллæууай, уым дæ уæлфадæй скæсдзæн». Замирæт дæр стыр мæт æмæ сагъæсы уымæн бахауди, йæ тызмæг фыд — Алыксандр-иу йæ цæстыты раз, йæ хъуыдыты куы февзæрди, уæд-иу йе уæнгты ихуазал анхъæвзта. Хатт- иу йæхи фæныфсджын кодта: «мæхи фæкъæйных кæндзы- нæн æмæ йын комкоммæ зæгъдзынæн мæ зæрдæйы æнкъа- рæнтæ». Фæлæ-иу йæ фыды цæстæнгасмæ куы фæкомкоммæ и, уæд та-иу йæ митæйамад мæсгуытæ атадысты. Афтæ хими- дæг хъуырдухæн кодта, зæрдæйы та уарзондзинады арт 202
бонæй-бон цырендæргæнгæ цыди, хæдзары куыстытæ та къаддæр нæ кодтой. Хæхбæсты уæззау куыстытæ, уæлдайдæр зымæгон, иу- гæйттæй кусæн нæй. Хосы мæкъуылтæ-иу дыгай-æртыгай æфтауц кодтой. Æфтауцуатæй мæкъуылтæ ластой, кæрæ- дзийæн æххуыс кæнгæйæ. Мурат фæкæсынмæ кæддæриддæр рæвдз уыди, уæлдайдæр Алыксандрæн. Лæппу зыдта, Зами- рæт та галты сæрбосыл хæцæг кæй уыдзæни, уый, æмæ та сын фадат фæуыдзæн аныхас кæнынæн. Чызг æмæ фыды иумæйаг архайд Мураты «пайдайæн» уыди. Куысты æфсон фембæлынæн-иу гæнæн нал ис, уæд та йæ фæстаг ныфс уыди Замирæты кæстæр хо Сони. Чысыл, фæлæ сæрæн æмæ æнæ- зивæг, æрцындзы хуызæн кæмæй фæзæгъынц, ахæм. Бирæ- тæ йæ «гыццыл Замирæт» хуыдтой. Алыксандр та йæ хуыдта йæ хæдзардарæг. Сони-иу тъæбæрттæй сæрвæтмæ йæ уæрыччытæм куы фæцагайдта^ уæд та-иу Мурат æнæнхъæлæджы йæ уæлхъус февзæрд. Йæ дзыппæй-иу фелвæста гæххæтты гæбаз, æнæдзургæйæ-иу æй чызджы къухты фæсагъта æмæ дард- дæр йæ цыды кой кодта. Сони зыдта гæххæтты гæбазы ха- бар æмæ-иу æй, мидбылты худгæ, Замирæтыл сæмбæлын кодта. Арт цас тынгдæр судза, уыйас йæ цæхæр фылдæр кæны, судзгæ тæвд дæтты. Æвæццæгæн, алцæмæн дæр ис басусæг- гæнæн, тæвд цæхæрæн дæр ис фæнычы бын æрмынæггæнæн. Гъе, æрмæст уарзты цæхæрæн нæй бамбæхсæн, бауромæн. Цас фылдæр рæстæг цыди, уыйбæрц дыууæ æрыгон зæр- дæйы уарзондзинады зынг цыренæй-цырендæр сыгъди. Ахуыс- сын нæ, æрмынæг кæнын дæр нал куымдта. Артыл ма фæ- тæген бакалæгау, йæ сырх æвзæгтæ сæхи бæрзонддæр систой. Бæрзонд арт та дардмæ зыны, адæм ыл сæ цæст æрæвæрынц. Адæмы цæст, дам, уынаг у, бирæтæ сæ раиртæстой. Хæххон суадон къæдзæхы скъуыдæй куыд ратона æмæ рог уддзæф куыд хæсса, уыйау фемæхст се стыр, сæ сыгъдæг уарзт, кæ- рæдзийæн æй куы раргом кодтой, уæд. Стæм хатт фембæлгæйæ-иу, кæрæдзийыл ацинтæ кæны- ны бæсты, сæ сагъæстæ фæраздæр сты. Куыд чындæуа, цы чындæуа? Замирæт фыццаг йæ мадæн куы раргом кодта йæ зæрдæйы хъынцъым, уæд мадæн æхсызгон дæр уыди, 203
Мурат æмæ Замирæт Замирæт ( гал иу æрдыгæй ) йæ хо Ирæимæ 204
Мурат æмæ Замирæты чызджытæ галиуæрдыгæй рахизæрдæм: Ритæ, Зæлинæ æмæ сæ мадыфсымæры чызг — Светæ Мамиаты Замирæт ( гал иу æр д ыгæй ) æмæ Тотраты Катя 205
иннæрдыгæй та йын зын уыди. Нæ йæ зоныс, дæ фыды фыд уыдоны хæрæфырт у, зæгъгæ. Дæ фыд æй кой дæр не суадз- дзæн. Бынтон къуырцдзæвæн. Уæд Мурат сфæнд кодта барви- тын минæвæрттæ. Цы уа, уый уæд, уый фæстæ хъуыддаг йæхи амондзæн. Æрцыдысты минæвæрттæ. Замирæты фыд Алыксандр комы дзырддзæугæ лæгты кæронмæ дзурын дæр нæ бауагъта. «Туг сæттæн нæй. Самитæ ме стыр мады æрва- дæлтæ сты», — уыдис йæ цыбыр æмæ фидар дзуапп. Фæлæ минæвæрттæ дæр сæ хъуыддаг æмбисыл кæм уагътой. Дык- каг-æрттыккаг-æвдæм фæлтæрæн... Цас хатæг фылдæр цыды- сты, афтæ сæ ныхас карзæй-карздæр кодта. «Раст у, кæй зæгъын æй хъæуы, — дзырдтой-иу, — туг сæттæн нæй, фæлæ æрыгон зæрдæты сыгъдæг фæндоны сæрты дæр ахизын раст нæу, сæ сомбоны царды бындур сын нæй халæн». Адæмы фарнæй, дам, къæдзæх дæр нырризы, лæг æф- сæрмæй ихджын доны дæр бауайы. Минæвæртты уыцы арæх цыдæй, кæмдæр та сæ лæгъстæ æмæ уайдзæфтæй ирон æгъ- дæуттыл фидар хæст Алыксандр фæстагмæ басаст, æмæ уаз- джытæ разыйы дзуаппимæ хъæлдзæгæй афæндараст сты. Æрхæццæ и чындзæхсæвы æмгъуыд дæр. Дыууæ боны (уæд ма æхсæвæддæйы цыдысты чындзхæсджытæ) уазæгæй, фысымæй хорз фæминас кодтой, æмæ Замирæт фарны къах бавæрдта Джиоты хæдзармæ. Райдыдта æрыгон бинонты ног цард. Дыууæйæ дæр æмхуызон фидар, хъазуатон кусджытæ, дыууæ цæдисон галау æнæзæрдæхудт фæллой кодтой. Иу сæ архайдта иннæйы уаргъ фæрог кæныныл, æнувыдæй кæрæ- дзийыл аудыдтой. Æнгом бинонтыл цард хæцы. Мурат йæ фыды æфсымæр Гуыбейы фарсмæ æрцагъуыста хохаг тъæпæнсæр хæдзар æртæ хатæнимæ. Хæхбæсты фылдæр фосы куыстæй царды- сты. Цалдæр азмæ сæ фосы нымæц дзæвгар бабирæ кодтой. Сæйрагдæр та сын Мады-Майрæм фыццаг сывæллон балæ- вар кодта. Ноггуырд Зæлинæйыл цалдæр мæйы куы рацы- ди, уæд уал æй Замирæт æд авдæн йæ цæгамæ рахаста, йæ мад Финейы бар æй бакодта, цæмæй йæхицæн хæдзары æмæ æддёйы куыстытæ кæныны фадат уа. Дыууæ азы фæстæ та сын чызг райгуырд — Ритæ, æмæ та иу уыйбæрц рæстæджы фæстæ — æртыккаг чызг, Людмилæ. Фыд, кæй зæгъын æй 206
хъæуы, лæппумæ æнхъæлмæ касти. Хæхбæсты лæгдых би- нонтæн æнцондæр цæрæн у. Лæппуйы гуырдмæ дæр уымæн бæллыдысты. Мурат-иу, уыгæрдæны уæвгæйæ, куыддæр æр- хæндæгхуызæй арæх дзырдта Замирæтæн, дæуæн цы у, дæ халамæрзæн дын чи райса, чи дæ раива, уый дын ис — дæ чызджытæ, фæлæ мæнæн та мæ цæвæг чи раивдзæни, зæгъ- гæ. Фæлæ Хуыцауы лæварыл тæргайгæнæн нæй. Бонтæ згъорынц. Цард дæр сæм йе ’ргом раздæхта. Фæл- лад циу, уый нæ зонгæйæ, Мурат фæтæн уистæ хæссы, æмæ йæ уыгæрдæнтæ адæмы разæй бындзарæй даст фæвæййынц. Замирæт — цы куыстмæ зæгъай, цы зондæй — лæгты æмсæр сылгоймаг, Мураты фæстæ ссивгæ цæуы, æмæ хохаг мæкъуыл- тæ фæскъæвда зокъотау рæзынц. Хæхбæсты бирæ фосы фаг хос æрцæттæ кæнын тынг зын у. Иуæй, уыгæрдæнтæ фаг нæ кæнынц, иннæмæй, — зымæ- гон скъæттæ. Уыцы рæстæджыты колхозтæ дардтой бирæ фосы дзугтæ. Æмæ-иу сæм хохæгтæ зымæгон фыййау цыды- сты. Афтæмæй дæхи фос дæр схæсдзынæ, ноджы ма дын мызд дæр фидынц. Мурат дæр-иу уыцы афон колхозы фый- йау ныллæуыди. Уæдмæ сывæллæттæ дæр хъомыл кодтой, скъоламæ цæуы- ны кары бацыдысты. Фæлæ комбæсты цы цыппаркъласон скъола уыдис иу ахуыргæнæгимæ (Мамиаты Къоста), уый, стæй Нары дыууæуæладзыгон скъола дуарæхгæд æрцыды- сты — кæцыдæр хицауы æнæсæрфат уынаффæйæ. Афтæ уыд иннæ хæххон скъолаты хабар дæр. Сывæллæты æмбырд код- той, иугай рæтты цы интернаттæ байгом ис, уырдæм. Туалго- мы ахæм интернат уыди Буроны. Нæ хæхбæстæ абон кæй федзæрæг сты, уый аххосæгтæй иу уыди гъе ацы «зондджын» уынаффæ дæр. Ныййарæг мад æмæ фыдæн сæ сæйрагдæр хæс æмæ бæллиц вæййынц сæ сывæллæттæ, сæ сомбон. 1960-æм азты Мамиаты Къоста Алыксандры фарсмæ хæ- дзар аразынвæнд скодта, кæд æй Алыксандр нæ уагъта, уæд- дæр. Уадзгæ та йæ уый тыххæй нæ кодта, æмæ дзы хæдзары бынат никуы уыди. Ам, дам, хæдзар аразæн куы уыдаид, уæд æй фыдæлтæ дæр зыдтаиккой. Ома, зæйæ дзы тæссаг у. Фæлæ Къоста нæ бакоммæ каст, йæ хæдзар сарæзта. Ды йæ кæйдæр фыдбылызæн аразыс — уыдис Алыксандры фæстаг ныхас. Цалдæр азы дзы ацард Къоста йæ бинонтимæ, стæй 207
быдырмæ ралыгъд, хæдзар æдзæрæгæй баззади. Уæдмæ Му- рат æмæ Замирæты хъомвос сбирæ сты, скъæттæ сын нал фаг кодта. Бавдæлдысты æмæ сæ хуыскъаг хъом Къостайы хæдзары æрбастой. Изæр-иу сæм базил æмæ та сыл дуæрттæ æрæхгæн. Афтæ цалдæр зымæджы. Хæхбæсты зымæг йæ бон калы, мит дзы бæркадджын уард кæны, дыууæ метрмæ æввахс. Уыцы зымæг дæр та мит æртæ боны æхсæвæй, бо- нæй ставд тъыфылтæй æнæрæнцойæ фæуарыд. Къостайы хæдзар миты бынæй зынгæ дæр нал кодта. Мурат æмæ За- мирæты æнæхъæн бон бахъуыди се скъæтмæ фæндаг ба- къæртт кæнынæн. Тагъд-тагъд азылдысты сæ фосмæ æмæ фæлладæй бафардæг сты сæ хæдзармæ. Мит уæддæр йæ уа- рынæй не ’нцайы. Мæй йæ цалхы дзагæй стылди, цыма хохы кæроныл ауыгъдæй баззад, æмæ уырдыгæй рухс дæтты. Хæхтæ мæйрухс æхсæв, мит уаргæйæ, уæлдай рæсугъддæр фæзынынц. Дыккаг бон Замирæт цыдæр æнкъард, æрхæндæгхуыз уыди. Йæ фæллад ыл æртæфстаид, æмæ фыццаг хатт, мый- йаг, нæ калы уыцы мит, ахуыр у уæззау куыстытыл. Ирон адæймаг æууæндаг у æрдзы алы разуацтæ æмæ разагъоммæ бæрæггæнæнтыл. Кæд, мыййаг, Замирæт дæр фыныгъдауæй исты ахæм бамбæрста. Сæ хæдзары рахизæны цы бæрзонд гæды бæлас зади, ууыл сау халон куы абадт, хъуахъ-хъуахъ- гæнгæ, уæд уый дæр, æлгъитгæйæ, дурадзагъдæй, æвæццæ- гæн, уый тыххæй асырдта. Зымæгон бон цыбыр у, уæлдайдæр хæхбæсты. Замирæт цалынмæ хæдзары лыстæг кусинæгтимæ архайдта, уæдмæ æрбаизæр и. Фанары рухсмæ азылдтытæ кодтой сæ фосмæ, æмæ сыл фæндагмæ рахизæны фембæлд сæ сыхаг-æрвад Митя. «Мурат, уæлæ уæ сæрмæ, скæсæны ададжы, мит куыд фескъуыди, уый нæ федтай? — зæгъгæ йæ афарста. — Уæхи хъахъхъæнут зæйæ!» «Цытæ дзурыс, Митя, ам фыдæй фырт- мæ куы ничи хъуыды кæны зæйы рацыд, стæй фыццаг хатт, мыййаг, нæ уары мит», — уыдис Мураты дзуапп, æмæ араст сты. Уалдзæджы комытæф хæхбæстæм хæццæ кæнын бай- дыдта. Фæндзæм бон изæрмилтæ кодта. Замирæт уал раздæр йæ цæгатмæ суади, йæ хъæбулимæ ахъазыди, йæ мад Фине- имæ æппаргæ ныхæстæ акодта, хæдзары къуымты цыдæр 208
тыхстхуыз рауай-бауай акодта, скъаппæй фелвæста дзулы къæбæр цыхтимæ, цæугæ-цæуын дзы акомдзæгтæ кодта æмæ феддæдуар ис. Йæ мад ма йæм фæсте адзырдта, æрбад æмæ исты ахæр, зæгъгæ. Нæ, дам мæ æвдæлы, æрбахъæр кодта æмæ афардæг и. Замирæт размæ тындзы, фæлæ йын цæуын дæр нал æнтысы. Хус къæбæр цыхтимæ йæ дзыхы куыд бап- пæрста, афтæ йæ нынныхъуырын дæр нал фæразы. Цæуыл- нæ йæ ныхъуыры? Цыдæр æнахуыр тар хъуыдытæ йын йæ сæры магъз фæззыгон мигъау талынг кæнынц. Скъæты къæ- сæрмæ æрбахæццæ ис, æмæ та Митяйы ныхæстæ йæ хъустыл æрвнæрæгау азæлыдысты: «Скæсæны мит фескъуыд. Уæхи хъахъхъæнут зæйæ». Цыма йæ исчи фæстæмæ фесхуыста скъæты къæсæрæй, цалдæр санчъехы фæстæдæр фæзылди, скæсæны уыцы миты скъуыдмæ æдзынæг скасти, фæлæ дзы цы хъуамæ фена æмæ бамбара? Йæ миднымæр йæ сывæл- лæттыл аузæлд, æртæйы дæр æрбахъæбыс кодта, йæ мид- былты бахудт, йæхимидæг «Ритæ», зæгъгæ, сдзырдта, фæлæ йын цæмæндæр хъæрæй дзырд фæци æмæ йæхицæй фефсæр- мыгонд и. Уыцы хъуыдытимæ скъæты дуарæй бахызти. Му- раты сæ сау галимæ ныхæстæгæнгæ баййæфта. Хосы æргъом йæ хъæбысы æрбахаста, кæвдæсы йæ фæдихтæ кодта æмæ йæ æрæфснайдта. Æвиппайды скъæты астæу сагъдауæй азза- ди, йæ хъустæ цыдæр æнахуыр уæззау уынæр ацахстой. Му- раты ’рдæм йæхи баппæрста. «Зæй-зæй!», зæгъгæ ма йæ дзы- хы дзаг ныхъхъæр кодта, æмæ дыууæйæ дæр сæ ных дуары ’рдæм сарæзтой. Къæсæры æдде куыд фесты, афтæ хæдзары хъайванты къæс-къæс ссыд. Мурат ма йæ домбай къабæзтæй Замирæты бæргæ фелвæста, йæ хъæбысы ма йæ бæргæ ра- цæйскъæфта, фæлæ сæ уæдмæ уæззау миты зæй æрæййæф- та, уый домбайдæр разынд æмæ сæ йæ быны ассæста. Къо- стайы загъдау: «Зæйы бын нæ дарæг...» Æвирхъау бæллæх æрцыди, фæлæ йæ зонæг нæма и. Зæй йæ уæззау гуыр-гуырæй æрæнцад. Комы дон цæхгæрмæ æр- цауæзта æмæ цæгатварс Бабиаты хъæдласæн адагыл хæрд- мæ цалдæр метры сбырыд, стæй фæстæмæ иу цъус фефсæр- ста. Бæстæ ныссабыр и. Сыбыртт никуыцæй хъуысы. Бæласы къалиутæ ма-иу æхсæвы уддзæф æнæбары базмæлын кодта, ныр уыдон дæр, цыма дыууæ æнамонд удыл хъынцъым кæ- нынц, уыйау бандзыг сты.
Хуыссынц арф миты бын хъарм нуæрстæй дыууæ цард- бæллон æмкъайы. Се ’нусон цард райдыдта, фæлæ миты бын кæдмæ?.. Фыццаг фæдис се ’нахъом сабитæ систой. Мад æмæ фыд æрæгмæ куы цыдысты, уæд, æвæццæгæн, иунæгæй тæрсгæ дæр кодтой, æви кæд æнамонд хабар сæ гыццыл æнæфхæрд зæрдæтæй банкъардтой!.. Сæ кæуынмæ сыхæгтæ æрбамбырд сты, адæм Мурат æмæ Замирæты агурæг фæфæ- дис сты. Мады зæрдæ, дам, зонаг у. Митзæйы уæззау уынæргъын куыннæ базыдта Фине дæр, фæлæ уый Хъадагомы зæйæ ’ фæтарсти. Хъадагомы æрдыгæй сабыр куы разынди, уæд фæстæмæ баздæхт хæдзармæ, фæлæ æвиппайды йæ зæрдæ ныссæхæтт кодта. «Скæсæны зæй!», зæгъгæ ма фæхъæр код- та æмæ уыцырдæм атындзыдта. Дæ фыдгул уыйау ^фæуæд! «Урс удхæссæджы» раз фыццаг Фине балæууыди. Йæ алы- вæрсты ма бæргæ ратæх-батæх кодта... Ныййарæг мады сау марой, йæ хъарæгæй къæдзæх дæр скъуыдтæ кодта, зымæ- гон æрдз бынтон ныммæгуырхуыз и. Иæхи ма фæсмонæй хæры ныййарæг, йæ зæрдæ фæйнæрдæм фæркгай хауы: цæ- уылнæ йæ баурæдтон, йæ тыхст æмæ мæт йæ цæсгомыл бæл- вырд куы зындысты!.. Йæ сагъæс цæуыл уыди, уый, зæгъ- гæ, куыд нæ бамбæрстон... Сабыр кæнын нал комы ныййарæг мад, йæ зæрдæхалæн хъарæгæй комы æрдз нырризы. Æр- тæйæ дæр иумæ цæмæн байсæфтыстут, зæгъгæ, ныдздзына- зы (Замирæт æнхъæлцау уыди, уый йæ мад зыдта æрмæст- дæр). Æрдзы æвирхъау митимæ тох кæнын кæй бон у, уæлдай- дæр хæхбæсты, æмæ ноджы æхсæвыгон!.. Иу фыдæхсæв ахицæн и. Райсомæй фыдохы уац комбæстыл айхъуыст. Æп- пæт æххуысхъом адæм сæ миткалæн фыййæгтимæ фæдисы цыдысты. Къахын райдыдтой æфсæрст зæйы мит, фæлæ æртæ уæладзыджы бæрзæндæн цæнд кæд хъуамæ фæуа къахт, уæлдайдæр, бынат бæлвырд куы нæ зонай, уæд. Фæн- дæгтæ цалцæггæнæн бригады бульдозер уыдис Зæрæмæджы. Фæсивæдæй дыууæ æвзыгъд лæппуйы фæраст сты бульдозер агурæг, стæй уыцы иу рæстæг иннæ хъæутæм дæр хабар фехъусын кæнынмæ. Арф миты сæхицæн фæндаг гæрдгæйæ, фæдисы хабар дæр фехъусын кодтой, бульдозер дæр æрба- кодтой. 210
Дыууæ боны фæкъахтой, фæагуырдтой, æмæ дыккаг бон фæссихор бульдозеры кард уæлæнгай рахафта Мураты æн- гуылдзты кæрон, цыма йын фæриссынæй тарст, афтæ арæх- стгай. Адæм февнæлдтой, чи фыййагæй, чи та армæй дæр, кæрæдзийы ивгæйæ. Арф миты бын хъæбыс-хъæбыс, раст цыма цалдæр азы фæхицæны фæстæ кæрæдзийыл фыр ци- нæй ныттыхстысты, афтæмæй мæрдфынæй баисты дыууæйæ дæр æнустæм. Æвæдза, цал æмæ цал бинонты дарæджы фесæфти зæйы бын, цал æмæ цал сабийы баззади сидзæрæй... Хæх- хон æрдзы сусæгдзинæдтæ зонаг Алыксандры ныхæстæ æрцыдысты. Къостайы хæдзар кæйдæр фыдбылызæн арæзт уыди, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, мæгуыр Замирæт æмæ Мураты фыдбылызæн. Се ’намонддзинад сæхæдæг дæр цыма æнкъардтой развæлгъау. Куыд сæ фæзмыдтой, афтæмæй фæстаг рæстæг цыдæр æрхæндæг уыдысты, уæл- дайдæр Замирæт. Хатгай-иу йæхи афтæ дардта, цыма йæ алфамбылай æппын ничи ис, йæ хъуыдытæ-иу æй дард кæдæмдæр ахастой, фæзынди-иу æм бынтон æнахуыр фар- статæ. Кæннод ма се сæфты хæд размæ йæ цæгатмæ суади, йæ хъæбулыл ацинтæ кодта, «йæ мæрдтæм фæндаггаджы» къæбæр фелвæста æмæ тагъддæр лйдзгæ... фыдбылызы хъæбысмæ! Уæдæ кæд Мурат æмæ Замирæт кæрæдзийы цæрайæ цардысты, уæддæр бинонты æхсæн æнæсдзургæ дæр кæм вæййы. Фыдæлты загъдау, тæбæгътæ дæр ма ис- кæдæй-искæдмæ сæхимидæг базмæлынц. Иу рæстæджы дыууæ уарзæгой уды фæзулдзых сты, æмæ Замирæт тæр- гай йæ цæгатмæ рацыди. Дыууæ боны фæстæ йæм Мурат æрхæццæ и. Кæртмæ йæм фæдзырдта, сылгоймаг аздæхы- ныл куы нæ разы кодта, уæд ын йæ габазыл фæхæцыд æмæ йæ тыхласæгау акодта. Замирæты фыды æфсымæр ма йæ фæстæ дзырдта: «Худинаг дын нæу, ирон лæг куы дæ, кæдæм æй тыххæй кæныс». Мурат сонт лæуд фæкодта æмæ хъæддыхæй загъта: «Ай мæ бинойнаг у, æмæ нын иумæ цæргæ у, мæлгæ дæр хъуамæ иумæ акæнæм». Абон зын зæгъæн у, Мураты ацы ныхæстæн се ’намонды фе- сæфтимæ исты бастдзинад ис æви нæ... Сæ цыбыр царды ныв, æвæццæгæн, хъысмæты чиныджы фыст уыди. Хъысмæтимæ та тохгæнæн нæй. Фыййауæн, дам, 211
йе ’хсыры къус куы акæлы, уæд ма, дам, фæсмон фæкæны, фæлтау æй фалдæр куы авæрдтаин, зæгъгæ. Ныр систой мæрдты. Уæлсынтыл сæ æрæвæрдтой. Æрдз байгомыг и. Уыйхыгъд адæмы æмбогъ-богъæй къæдзæхтæ дæр ризынц, бæлæстæ цыма тæфæрфæс кæнынц, уыйау миты уæзæй сæ сæртæ æркъул сты. Мады судзаггаг хъарæг зæрдæ дыууæ дихы кæны. Ирон ныййарæгæн йæ фæрстыл, æвæц- цæгæн, æфсæйнаг тæлытæ конд ис, æндæр куыд уромы, куыд нæ атоны йæ уарзæгой зæрдæ, ацы æвирхъау цаумæ комком- мæ кæсгæйæ. Сырддонцъиу дæр ма, йæ лæппын ахстонæй æнæнхъæлæджы зæхмæ, гæдыйы размæ, куы рахауы, уæд йæхи мæлæтмæ дæтты, гæдыйы дзыхмæ йæхи æппары, æм- мыст йæ лæппын аирвæза. Уæд ныййарæг мад цы кæна ныр. Бæргæ цæттæ у æнæ иу ныхасæй мæлæтæн йæ уд авæрынмæ, йæ чызг æмæ йæ сиахсы удты ныхмæ, фæлæ... Алкæмæн дæр, дам, йæ адзалы сахат йæ ныхыл фыст вæййы. Дыууæ мæгуыры сæ сыджытыл сæмбæлын кодтой. Мар- ды кæндтæн афæдзæй афæдзмæ æнæкæнгæ нæй. Æртæ æнахъом сидзæр чызджы ихы сæрыл аззадысты. Ныр сæ хъысмæтыл, сæ дарддæры цардыл тæрхон кæнынц хиуæттæ æмбырдæй. Сывæллæттæ цæмæй иумæ хъомыл кæной, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, сæхицæн, сæ сомбонæн пайдадæр’у. Дыууæ мады зæнæджы кæрæдзийыл арæх куы нæ æмбæлой, уæд æцæгæлон кæнынц. Фæлæ цæмæндæр ацы раст уынаф- фæйыл хæст не ’рцыдысты сидзæрты хиуæттæ. Зын у бæл- вырд зæгъын, æнахъом сабиты цæмæн фæхицæнтæ чындæ- уыд. Æртæ сидзæры иу хæдзары хъомыл кæнынмæ йе сæ ныфс нæ бахастой, йе та кæд, мыййаг, тæригъæддаг «бын- тыл» фæхæлоф кодтой. Хуыцау сын — тæрхонгæнæг. Æмæ ма ноджы иу æбуалгъ ми. Замирæт, сæ мæлæтæй цалдæр мæйы размæ рацыди быдырмæ, цыдæртæ алхæнын- мæ. Цалдæр боны афæстиат ис йе ’фсымæр Черменмæ, Октя- брыхъæуы. Æфсымæримæ ныхæстæ кæнгæйæ, бафиппайдта, мæ сывæллæттæ, зæгъы, интернаты кæдмæ рахау-бахау кæндзысты, цыдæр капеччытæ бамбырд кодтам æмæ Алаги- ры иу къуым балхæнæм. Уыцы æхцайы хабар зыдта йæ мад Фине дæр, йæ гобаны сæ кæй барæхсадта. Фæлæ хæдзар куы æфснайдтой, уæд хуыссæнтæ — пырхытæ æмæ змæсты- тæ, æхцатæн сæ фæд дæр нал рабæрæг и. 212
Се ’рвадæлты лæг Тотырбег (рухсаг уæд) уыцы фæдисы бон суад сывæллæтты бæрæггæнæг. Сывæллæттæ бынаты нæ разындысты, сыхæгтæ уал сæ сæхимæ акодтой. Иннæ хатæн- мæ бахизгæйæ, хуыссæнтимæ архайгæ баййæфта, иу цары бын кæимæ цардысты, уыцы сылгоймаджы. Хуыссæнтæ змæ- стытæ, се ’мбис пъолмæ калд, гобаны цъæртты рæхсæттытæ хæлдтытæ. Хъæубæсты адæм иууылдæр фæдисы кæй уыды- сты, ууыл зæрдæ даргæйæ, уæндон ракал-бакал кодта зæй- ласт бинонты хуыссæнтæ. Тотырбеджы æнæнхъæлæджы фæ- зынд æй къæппæджы бахауæгау фæкодта, йе ’взаг аныхъуырдта, дзурын нал фæрæзта. Æрæджиау ма сдзырд- та: «Сывæллæттæ хуыссæнтæ ныппырх кодтой, æмæ уыдон æфснайын». Тотырбег йæхæдæг фефсæрмы ис æмæ ма йын æнæбары афтæ бакодта, сывæллæттæ иннæ хатæны куы фæ- хуыссынц, уæд хуыссæнтæ куыд рапырх кодтой, зæгъгæ. Усæн йæ хæсгард йæ халаты дзыппæй уæлæмæ зыны, йæ кæлмæрзæны кæронæй ма йæ амбæрзта... Тотырбег, йæ сæр тилгæ, сагъæсгæнгæ рахызт æмæ хъуы- дыты аныгъуылд: «Ай ма æцæгæлон адæмæн дæр сæ цæсты- ты туг куы бады, сагъæс æмæ мæтæй дзурын дæр куы нæ фæразынц, уыцы æнахъом сидзæртæн сæ комдзагмæ æххор- маг бирæгъ дæр куы нæ фæныхилдзæни, уæд хионæн йæ къух куыд фæтасыди, йæ зæрдæ куыд бакуымдта ахæм ми бакæнын. Сылгоймаг куы хуыйныс, ныййарæг мад куы дæ дæхæдæг дæр, уæд дæхи хъæбултыл та куыд нæ хъуыды кæ- ныс, нымд куыд нæ кæныс, тæригъæд бирæгъы гуыбыны дæр куы нæ тайы. Хуыцау дын тæрхонгæнæг фæуæд», æмæ йæ цыд фæтагъддæр кодта зæйласт мæгуыртæм. Ацы хабар Тотырбег æрæджиау рахъæр кодта, фыдгæнæг цыма йæхæдæг уыди, афтæ йæ радзурын æфсæрмы кодта. Æрдзы æвирхъау цæфтæн æнцондæрæн фæразæм, фæлæ дурзæрдæ адæймæгты æнахъинон митæ астæумагъз сæттынц. Ирон æмбисондау: адæм фæдисмæ, бынхор, фидиссаг та — къæбицмæ. Æнахъом сидзæры хъуырæй кæй стонай, уый цымæ фарсыл хæцы, стæй йæ Хуыцау дæр куыд хъуамæ ныххатыр кæна?! Фæлæ, дам, Хуыцау тагъд нæ кæны, гал- уæрдоны сабыргай цæуы. Куыдфæнды ма фæуæд, æртæ сидзæры бахъомыл сты, кæд сæ ныййарджыты цæсгæмттæ бæлвырд хъуыды дæр нæ 213
кæнынц, уæддæр. Алчи дзы йæ амонд ссардта, сæхицæн ис цот. Хистæр Зæлинæ афтæ дæр баззад æмæ хъомыл кодта йæ мады æрвадæлтæм. Ис ын дыууæ чызджы. Дыккаг чызг — Ритæйы ракодта йæ фыды хо Ленæ Дæллаг Бирæгъзæнгмæ. Хуыцау ын радта фыры хъулы хуызæн фырт æмæ, зæды къалиу кæмæй фæзæгъынц, ахæм дыууæ чызджы. Кæстæр — Людмилæйы ракодта йæ фыды æфсымæр Коля — Къоста- йыхъæумæ. Ис ын дыууæ лæппуйы, фæлæ йæ йæ амонд аха- ста дард Сомихы бæстæм. Ритæ ма хæрз чысыл куы уыди, уæд-иу комбæсты зæронд устытæ дзырдтой, йæ мады цæрмыстыгъд бакодта, зæгъгæ. Сæрæн, уæззау зондыл хæст, кусаг, бонзонгæ. Æнахъомæй дæр-иу, йæ бон цы нæ уыди, уыцы куыстытæм дæр фев- нæлдта, мæ мадæн аххуыс кæнон, зæгъгæ. Абон Ритæйы хæдзар хотæн цæгаты хуызæн у. Архайы, æмæ йын æнтысгæ дæр кæны, цæмæй йæ сидзæр мады зæнæг бынтон ма нып- пырхытæ уой, кæрæдзийæн ма сцæгæлон уой. Чызджыты æхсæн фидар бастдзинад ис, æмбæлгæ дæр кæнынц; кæд бынтон арæх нæ, уæддæр искæдæй-искæдмæ ахæм амонд- джын сахат дæр ралæууы, æмæ та уæд цины цæссыгтæ са- рæх вæййынц. Рæстæг, дам, зæрдæйы хъæдгæмттæ дзæбæхгæнæг у. Си- дзæртæ бахъомыл сты, байрæзтысты уыдонæн сæ цот дæр. Ритæйæн ма йæ рыст зæрдæ ноджыдæр барухс и — базыдта цоты цоты ад. Дыууæйы уал дзы рæвдауы йæ хъæбулы хъæ- бултæй. Хуыцау сæ сæ зæйласт ныййарджытæй амондджын- дæр фæкæнæд сæ кæстæртимæ. Зæдты арфæ æмæ мæрдты арфæ æмдых сты, фæзæгъынц. Гъемæ дыууæрдыгæй дæр ар- фæгонд уæнт! ^ой^
МАДÆЙ СИДЗÆР - ÆЦÆГ СИДЗÆР Уалдзыгон бон. Хуры тынты хъарм адæймаг бæлвырд æн- къары. Хуссарварсæй митдон, хицæн фæндаг кæнгæйæ, згъо- ры æмæ комы донимæ баиу вæййы. Æрдз худæндзаст, хъæл- дзæг у, фæлæ Астемыры бинонты уалдзыгон хуры тынтæ нæ тавынц. Сæ цæстæнгас иууылдæр Ирмæмæ сарæзтой, зæрдæ уыимæ дзуры: йæ низ ын куыдæй фæсурой, куыд ын бах- хуыс кæной. Адæймаг тынгдæр æмæ фылдæр фæтыхсы æбæ- рæг уавæрæй æмæ йе ’нæбондзинадæй. Ирмæ дæр, цыма йæ фæстаг бонтæ æрбаввахс сты, уый æмбаргæ кодта, — йæ хъæбулы æркуырдта йæ хъæбысмæ, хуыссæнмæ. Йæ рыстытæ, йæ низ дæр дзы æрбайрох сты, мидбылхудт йæ цæсгомыл ахъазыди. Йæ хъæбулы йæ риуыл æрхуыссын кодта, риумæ йæ ноджы тынгдæр æрæлвæста. Иу уысм æдзæмæй ахуыссыд, хъуыдыты аныгъуылди. Иу- нæг Хуыцау йæ зонæг, цæуыл уыд йæ сагъæс, фæлæ чысыл сабийы зæрдæйы гуыпп-гуыпп æмæ мадæн йæхи низæфхæрд зæрдæйы гуыпп-гуыпп куы баиу сты, уæд хъарм цæсты сыг- тæ йæ рустыл сабыргай кæрæдзийы фæдыл æртылдысты. Ирмæ сæ хъæуккаг Мыстулимæ уарзæттæ уыдысты авд азæй фылдæр. Йæ мад Фари кæд йæ быцъынæг скъуыдта, сæ уарзондзинады ныхмæ цæхгæрмæ ныллæуыди, хæстæг нын æййафынц, зæгъгæ, уæддæр йæхи фæнд атардта. Цæс- сыг дæр бирæ фæкалдта, фæлæ сыгъдæг уарзондзинад тых- джындæр разынд, æмæ сæ цард баиу кодтой Мыстулимæ. Ирмæ хæрзконд, фæлмæнтæдзураг, хæрзæгъдау чызгæй хъомыл кодта гыццылæй фæстæмæ. Сæйрагдæр та, цæстуар- зон æмæ æргомныхас. Æгъдау æмæ æфсарм бындурон кæм уыдысты, уазæджы æрбацыд бæрæгбон кæмæн уыди, ахæм 215
бирæ бинонты æхсæн рæзыд Ирмæ. Уарзон ахаст, кæрæдзи æмбарын, хъæлдзæгдзинад сæ царды æмдзу кодтой. Бинонтæ- иу хæххон уæззау куысты фæстæ куы æрбамбырд сты, уæд сæ цин дардыл æнхъæвзта. Фæндыры алæмæты зæлтæм-иу æгомыг æрдз дæр зарыд. Бинонты хистæртæ — ныййарджы- тæ Астемыр æмæ Фари — сæ авд кæстæрæй бæгуы разы уы- дысты. Сæхи хуызæн фæллойуарзаг, æгъдауджын, комбæ- сты фæсивæды æхсæн бæрæг дардтой сæ уæздандзинадæй. Адæм сæм хæлæг кодтой. Цыппар хосдзауы кæм ралæууой (сæ фыды хос кæрдынмæ нал уагътой), уыдоны фæстæ æртæ халамæрзæны кæм рассивой, уым хохаг мæкъуылтæ зокъо- тау куыд нæ рæздзысты! Ныййарæгæн йæ хъæбултæй уæл- дай никуы вæййы, фæлæ уæддæр Ирмæ цæмæндæр бинонты цæстæнгас йæхирдæм фылдæр здæхта. Мады зæрдæ, дам, зонаг у. Фари йæ кæд, мыййаг, æнкъардта, йæ уарзон хъæ- бул æгъатыр низы дзæмбытæм хæстæг кæй лæууы. Уæвгæ æнкъаргæ цæмæн, зонгæ дæр æй куыд нæ хъуамæ кодтаид, фæлæ адæймаг ныфсæй цæры æмæ фидар вæййы. Уæлдайдæр-иу Ирмæ йæ фæндыр куы райста æмæ-иу йæ цагъды зæрдæмæхъаргæ зæлтæ дыккаг уæладзыджы къуым- ты куы апырх сты, уæд адæймагæн йæ уæнгты фæллад сæф- ти, æрхæндæг хъуыдытæн та-иу сæ кой дæр нал уыди. Фæлæ хъысмæт йæ бон калы, йæхи фæнд тæры, зæрдæйы рыст не ’мбары. Адæймаг царды æппæт хорз миниуджытæй дæр куы фæ- хайджын уа, уæддæр, дам, уый хорз амондæн ницы æххуыс у. Стыр хъыгагæн, Ирмæ гуырдзæй зæрдæниз рахаста. Дох- тырты раздæры бæрæггæнæнтæ æмæ фæдзæхстытæм гæсгæ, Ирмæйæн, йе ’нæниздзинадæн тæссаг кæй уыдис, уымæ гæс- гæ сывæллон рауадзæн нæ уыди. Кæд уыцы уæззау фæстиу- джытæ бæлвырд зыдта, дохтырты фæдзæхстытæ йæ зæр- дæйы арфы æмбæхста, уæддæр хъæбулы ад æмæ сылгоймаджы стыр циндзинад банкъарыны тых фылдæрæй- фылдæр кодта, æмæ боныфæстагмæ бавзæрста уыцы стыр, Хуыцауæй лæвæрд циндзинад, федта йæхи цæстæй æрдзы стырдæр лæвар. Ном ыл сæвæрдтой Астан. Бинонты цинæн ма кæрон кæм уыдис! Мад та фыр диссагæй уæлæрвты тах- ти. Йæ хъæбулмæ кæсынæй нал æфсæст. Цинтæ дæр ыл куыд нæ кодтаид, фæлæ хъысмæт гыццыл Астаны йæ мады 216
фæлмæн узæлд æмæ рæвдыдæй, йæ хъарм хъæбысы адджын фынæйæ æнæхай фæкодта. Хъæбулы райгуырды фæстæ Ир- мæйыл дохтырты ныхæстæ æрцыдысты. Æвирхъау низ бонæй-бонмæ тыхджындæр кодта æмæ йæ хуыссæнæй рас- тын нал бауагъта, æрыгон, цардбæллон Ирмæйы. Куы æруа- тон, уæд рынчындонæй йæхи æрбаласын кодта йæ цæгатмæ. Йе ’нæниздзинад бонæй-бон цауддæргæнгæ цыди. Бинонты бон ын куы ницыуал уыди баххуыс кæнын, йæ рыст ын фæкъаддæр кæнынæн, уæд йе ’фсымæр Борик фæцагайдта дохтыртæм. Фистæгæй цæуын хъуыди фынддæс километрæй фылдæр. Хæххон фæндæгтæ нырма митхъæпæнæй æмбæрзт, фæлæ «фæдисон» лæгæрды арф миты, кæд æй дымгæ скъуым- мæ кæны, уæддæр. Лæгæрды размæ, йæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, йæ сæры ис иунæг хъуыды æмæ бæллиц: тагъд- дæр дохтыртæй райсын уыцы «æвдадзы хос» æмæ йæ хойы мæлæты дзæмбытæй ратонын. Тындзы размæ, кæд æй дымгæ фæстæмæ схойы, уæддæр. Фæстæмæ здæхгæйæ йыл йæ хъарм къурткæ æмæ зымæгон худ дæр уæз кæнын байдыд- той. Цæугæ-цæуын сæ феппæрста, æмбисвæндагыл сæ миты рагъыл фæуагъта, æрмæст ма йæ армы æлвæстæй дары дох- тырты «æвдадзы хос». Тагъддæр! Тагъддæр! Химидæг йæхи- цæн ныфсытæ æвæрæгау дзуры: «Ирмæ! Бабыхс ма иу гыц- цыл, фæхæццæ дæм кæнын, æнæмæнг мæм банхъæлмæ кæс!» Бæргæ ма æрбахæццæ и, фæлæ Ирмæйы хосы сæр нал ба- хъуыди, стæй йын æххуыс дæр ницыуал бауыдаид. Борик ныд- дæлгоммæ и йæ мады зæнæг Ирмæйы мæрдон цæсгомыл, ир- гъæвæг æй иргъæвын нал фæрæзта, Уæвгæ дзы иргъæвæг дæр нал уыд, иууылдæр æмбогъ-богъ кодтой. Æвирхъау, æгъатыр низ йæ кæнон бакодта. Ирмæйы ни- зæфхæрд зæрдæ йæ куыстæй æрлæууыд. Уалдзæджы комулæфт хæхбæсты анхъæвзта. Хуссæрттæ саухъулон дарынц, кæмдæрты та кæрдæг базмæлыд æмæ цъæх гауыз аппæрста æнæхъæн тъæпæнтыл. Уалынмæ хус- сæртты лыстæг фосы фаг фæзынд цъæх кæрдæг. Адæм сæхи уалдзыгон куыстытæм цæттæ кæнын байдыдтой. Бирæты зæрдæты та бæрæгбоны цины тынтæ æнхъæвзынц. Æрхæццæ ис Æппæтдунеон сылгоймæгты бæрæгбон — 8 мартъи. Сыл- гоймæгты рæвдауæн бон, зæрдиаг, хъарм ныхæстæ сын лæ- вар кæныны бон. О, фæлæ Ирмæйы ныййарджыты æмæ 217
æппæт бинонты зæрдæты дæр æрхæндæг фæззыгон мигъау бæзджынæй-бæзджындæр кæны. Æрмæст гыццыл Астан, зæрдæйы къæртт, цæры йæхи цардæй, æрхæндæг, æнкъард- дзинадæн ницы æмбары. Нырма уал... Уæ, æгъатыр хъысмæт! Бæрæгбоны алкæй дæр цин кæ- нын цæуылнæ уадзыс? Цардбæллон уд хъуамæ бæрæгбоны арфæтæ райса, уæлдайдæр ныййарæг мад. Ирмæйы мад — Фари æмæ æппæт бинонтæ бæрæгбоны арфæты бæсты сæ хъарм цæссыг æнæвгъауæй калынц. Фарийы дзыназынæй æгомыг къæдзæх дæр скъуыдтæ кæны, æнахъом Астанмæ куы бахъарæг кæны, уæд. Гыццыл Астан, мадæн йæхи цар- дæй «æлхæд» хъæбул, нырма не ’мбары, бынтон сидзæрæй кæй аззади. Фыдæй сидзæр — æмбис сидзæр, мадæй си- дзæр — æцæг сидзæр, зæгъы ирон æмбисонд. Нæ базыдта, нæ банкъардта ныййарæг мады рæвдыд, йæ фæлмæн хъæбы- сы зæрдиаг, адджын фынæйæ нæ бафсæст, нæ йын бахъуы- ды кодта йæ сурæт, йæ мидбылхудт, йæ фæлмæн рæвдаугæ ныхас. О мæгуыр сидзæр! Цымæ хъысмæт цавæр фæлварæн- тæ цæттæ кæны дæуæн та? Фæкуыдтой, фæхъыг кодтой Ирмæйыл Мыстулы бинон- тæ, хæстæджытæ. Фæлæ цардæн уромæн нæй. Цард цæуы æмæ фарн хæссы, фæзæгъынц. Рæстæг та — хосгæнæг. Астаны ног цард Мыстулы хистæр æфсымæр Бæби йæ цардæмбал Талинæ- имæ нæ сæйраг сахары цардысты. Цард сæм йæ мидбылты худт, ницы хъуаг æййæфтой. Бæби хорз бынаты куыста — арæзтады, уæдæ йæ цардæмбал дæр ахуырады къабазы рай- гонд уыд йæ куыстæй. О, фæлæ куыстæй райгондæй æмæ кæрæдзи æмбаргæйæ цæрын, уый дæр, æвæццæгæн, фаг нæу амондæн. Сæ иумæйаг царды бонтæй дзæвгар аивгъуыд- та, фæлæ сæм Мады-Майрæм йе ’ргом нæ раздæхта, цот сын нæ рацыди. Сæ сомбоныл-иу арæх сагъæс кодтой, æвæстаг куы фæуæм, зæгъгæ. Дыууæ уды къоппайы-иу хибарæй куы аззадысты, уæд сæхицæн уынаффæтæ кодтой. Сывæллæтты хæдзарæй иу сывæллон райсæм, схъомыл æй кæнæм, æмæ нын нæ зæронды бон дон бадæттæг уыдзæни, зæгъгæ. Иу 218
рæстæджы фæлваргæ дæр акодтой, фæлæ сын сывæллæтты хæдзарæй цæлхдуртæ æвæрæг фæци, æмæ хъуыддаг нæ сы- рæзти. Уæддæр та сылгоймаг бæсты хин — арвы кæлæн кæм нæ у, Талинæ ныхъхъуыды кодта, æмæ иу бон Бæбийы хъусты бацагъта, цæй æмæ де ’фсымæр Мыстул æмæ йæ зæронд ма- дæн баххуыс кæнæм. Уыдон рыст æмæ тыхст сты, мах та хиуæттæ, иу бинонтæ стæм. Се ’нахъом сабийы сын райсæм нæхицæн, схъомыл æй кæнæм, уыдонæн дæр æнцондæр, ма- хæн та — хъæбул. Уынаффæ конд æрцыди, ныр æй хъæуы æххæст кæнын. Тыхст адæймаг — æнæрхъуыды митæм æмхицдæр. Бинон- тæн дыууæрдыгæй дæр, куыд фæзæгъынц, сæ цæстытæй нырма туг кæлы, иннæмæй та — ноггуырд сывæллон баззади се ’вджид. Цы Мыстулы мад, цы Ирмæйы мад — дыууæйæ дæр кардзыд сылгоймæгтæ, дзидзидай саби та — фæкæсинаг. Талинæ алцыдæр æрнымадта, æрбарста æмæ сфæнд кодта дыууæ ацæргæ нанайы «æнарæхстдзинадæй» фæпайда кæ- нын. Куыд фæзæгъынц, иу гæрахæй дыууæ тæрхъусы ама- рын. Йæ мæлгъæвзаг сарæхсти. Бинонты дыууæрдыгæй дæр сразы кодта, сывæллоны ныртæккæ мады рæвдыд æмæ цæ- стæнгас тынг хъæуы, сымах та, иуæрдыгæй, рыст стут, иннæ- мæй та — уæ кары бацыдыстут, зæгъгæ. Иу ныхасæй, сидзæр дзидзидай сабийы раластой сæхимæ Бæби æмæ Талинæ, ахæм дзырдимæ, алы мæй дæр кæй цæудзысты ардæм æмæ, куы бахъомыл уа, уæд та йæ йæ фыд Мыстулмæ кæй ратдзысты. Рæстæг тагъд згъоры. Рæстæджы згъордимæ сидзæр дæр рæзы, хъомыл кæны. Тынг æнувыд уыдысты кæнгæ мад æмæ фыд сæ ног «хъæбулыл». Зæхмæ дæр æй нæ уагътой, кæрæ- дзийы къухæй йæ истой. Уыдис сæ хъазæн хъул, сæ удыл хæцæг, сæ бæллиц. Сæ ныхас дæр нæ сайдтой, арæх-иу абæ- рæг кодтой Мыстулы йæ мадимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Ирмæйы бинонты дæр. Ирмæйæн йæ афæдзы кæнд ахицæн ис. Астан дæр сывæллæтты рæвдауæндонмæ цæуыны кары бацыди, фæлæ йæ кæнгæ мад Талинæ ивын байдыдта йæ зæрдæйы уаг Астаны хиуæттæм, уæлдай тынгдæр та — йæ мады æрвадæлтæм. Астаны мады æфсымæр Тотрадз арæх бæрæг кодта йæ гыццыл хæрæфырты. Кæд æй æргом æвдис- гæ нæ кодта Талинæ, уæддæр алы мадзæлттæ агуырдта, цæ- мæй Астан, цы гæнæн ис, уымæй къаддæр æмбæла йæ мады 219
æфсымæримæ, стæй иннæ хæстæджытимæ дæр. Сывæллон баст уыдзæн, арæх кæй уына æмæ йæ чи рæвдауа, уыдоныл. Талинæйы та фæндыди, цæмæй гыццыл Астанæй хъаза æр- мæстдæр уый, цæмæй йыл цин кæна æрмæстдæр уый, цæмæй йæ гыццыл зæрдæйы тафсæй хайджын уа æрмæстдæр уый. Сидзæр хъомыл кодта, ницы хъуаг æййафгæйæ, æрмæст æй йæ тугхæстæджытимæ бастдзинадæй æнæхай кодта йæ мад. Астан — скъоладзау Сыгъзæрин фæззæг. Адæм сæ фæззæджы куыстытæ хæ- лофæй кæнынц. Хæхбæсты уыцы рæстæг бынтон къуындæг вæййы. Мыстул дæр кæд зæрдиагæй архайы йæ фæззыгон куыстытæ тагъддæр фæуыныл, уæддæр ын цæмæндæр размæ ницы æнтысы. Йæ зæрдæ æппынæдзух йæ хъæбул Астанимæ ис. Бирæ хæттыты аджих вæййы, йæ хъуыдытæ йæ бамидæг кæнынц йе ’фсымæр Бæбийы хæдзары, æмæ та йæ хъæбулы йæ хъæбысы фелвасы, фыр цинæй йæ зæхмæ дæр нал фæуа- дзы. Фæлæ куы «фехъал» вæййы, уæд фыр мæстæй рафы- цы æмæ та йæ маст йæ зæронд мадыл акалы. Дæу аххос уы- дис, цæмæн радтай сывæллоны! Ау, æхсæз сывæллонæй нæ куы схъомыл кодтай уыцы зын рæстæджыты æнæ фыдæй, уæд уыцы иунæг сывæллоны схæссын дæ бон нал уыдис, зæгъгæ. Ныр цалдæр мæйы нал федта йæ хъæбулы, нал ын балхæдта, бирæ кæй уарзта, уыцы къафеттæ. Фыццæгæм сентябрь — зонындзинæдты бон. Астаны дæр зæрдиагæй цæттæ кæнынц скъоламæ, фыццаг къласмæ. Мад, Талинæ, тынг бацархайдта уыцы бон бæрæгбонхуыз скæны- ныл. Уымæй дæр та Талинæ иу гæрахæй дыууæ тæрхъусы марынвæнд кодта. Иуæй, Астан фыццаг къласмæ бацыд, ин- нæмæй та йæ, скъоламæ цæуыны æфсонæй, ракæ-бакæ нал хъæудзæн арæх йæ фыдмæ дæр, мады æрвадæлтæм дæр. Фæлæ сæ уæддæр Тотрадз уæгъд нæ уагъта. Астаны мады æрвадæлтæ йæ иууылдæр тынг мысыдысты, уæлдайдæр хи- стæртæ — йæ дада æмæ нана. Сæ алы фембæлды дæр та-иу се ’дзард хъæбул сæ цæстыты раз февзæрди. Цæмæндæр сæ цæстыты раз лæууыд хъæлдзæг, худæндзастæй; æвæццæ- гæн, йæ низæфхæрд хъизæмæрттæй йæ мад Фарийы зæрдæ 220
уæлдай мауал фæриссын кæнайы охыл. Фæлæ та-иу Фари, гыццыл Астаны фенгæйæ, уæддæр йæ кæуын нал баурæдта. Бирæ рæстæг-иу æй куы нæуал федта, уæд та бынтон йæхи кæуынæй æргæвста, кæм æргом, кæм сусæгæй. Кæуынæй-иу хорз йæ тыппыртæ куы суагъта, уæд та-иу Тотрадзæн лæгъ- стæ кæнын байдыдта, иу бон ма йæ уæддæр æрбакæн, фенæм æй, ацинтæ йыл кæнæм, æмæ йæ уыцы бон дæр акæн фæстæ- мæ. Иу каникулты рæстæджы та Тотрадз йæ гыццыл хæрæ- фырты абæрæг кодта, тынг ыл фæцинтæ кодта. Фæстагмæ Талинæйæ^куырдта, цæмæй йын Астаны иу-æртæ боны йемæ рауадза. Йæ нана дæр æй рагæй нал федта, уый дæр ыл ацинтæ кæна, зæгъгæ. Талинæ йæ хуыз фæивта, цæсгом фæ- сырх и, дзурынмæ дæр нал арæхст, фæлæ уæддæр разыйы дзуапп нæ радта, æфсæнттæ та ссардта бирæ. Рæстæг тагъд цæуы. Рæстæджы цыдимæ сидзæр хъæбул дæр рæзы. Рæзгæ бæргæ кæны, фæлæ йæ мады æрвадæлтæй бынтон иппæрдæй. Иууыл царциаты диссаг та, йæ æцæг фыд чи у, уый дæр дзы сусæг кæнынц. Иу цыдæр бæрæгбоны та хиуæттæ сæмбырд сты, уыдонимæ Астаны фыд Мыстул дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, къафетты дзæбæхыл та нæ бацауæр- ста. Астан адджинаг бирæ уарзта. Бæрæгбон куы райхæлди, уæд Астан йæ мад Талинæйæн æппæлы: «Ды зоныс, мамæ, дядя Мыстул цы къафеттæ æрбахæссы, уыдон адджындæр цæмæн вæййынц, стæй йæ къух — тынг хъарм?». Æвæдза, диссаг куыд нæу æрдзы сконд. Туг йæхи агуры. Туг йæхи ссары. Ныййарджыты цæф рисгæ дæр нæ кæны, сæ къухæй ист хус къæбæр дæр мыды ад кæны. Бæбийы би- нонты цард мыды къусау дзаг бæргæ у, фæлæ сæ уæддæр Астаны мады æфсымæр Тотрадз æмæ йæ фыд Мыстулы арæх æруай-æруай кæмдæр тыхсын кæнынц. Талинæйы æппын- дæр нæ фæнды, цæмæй Астан базона, йе ’цæг фыд чи у, уый, базона йæ мады æрвадæлты. Ай цавæр дуг æмæ рæстæджытæ скодта? Цы ис æвзæрæй æмæ тæссагæй, сывæллон куы зона æмæ уарза йæ мады æр- вадæлты дæр? Нæ фыдæлтæм хæрæфырт адджын æмæ кад- джын куы уыдис. Уыдон-иу дзырдтой, хæрæфырт, дам, æф- сымæр у, хæрæфыртæй чи райгуыра, уый та хæрæфырт у. Хæрæфыртæн байраг лæвар кодтой. Ирон адæмæн къонайы 221
къæй æмæ рæхыс æппæт дæр уыдысты — сæ цард, сæ кад, сæ намыс. Хæрæфырт та уыйбæрц кадджын æмæ зынаргъ уыд, æмæ йын алцыдæр хатыр кодтой, суанг ма ныббарæн кæмæн нæй, уыцы хабар дæр, къонайы къæйыл фæмызта, зæгъгæ. Хуыцауæй дæр ничиуал тæрсы æмæ тæригъæдæй дæр. Хуы- цау та алцыдæр уыны, уый тагъд нæ кæны, галуæрдоныл цæуы. Алы адæймаг дæр цы тæригъæдтæ æруадза, уыдонæн æнæмæнг дзуапп дæттын хъæудзæн, абон уа, райсом уа, — уæлæуыл, ацы мæнг дунейы, кæннод та йе ’нусон бынаты, мæрдты ’гъдауæй. Иу бон та хæстæг хиуæттæ æмбырдæй бадынц. Талинæ- йæн бакой кодтой, Астаны йæ мады æрвадæлтæн базонгæ кæн, зæгъгæ. Уый сын комкоммæ, Хуыцауæй дæр нæ тæрсгæйæ, бамбарын кодта: «Уый кæй дзыхæй схауа, уыцы æцæгдзинад сывæллонæн чи схъæр кæна, уый уыдзæни мæ цыфыддæр знаг, æз та дыккаг бон мæхи амардзынæн». Ныр Астаны мады æфсымæр Тотрадзæн та Бæби æппын- æдзух дзырдта, алцы дæр ын раргом кодтам, Астан алцыдæр зоны, алкæй дæр зоны. Фæлæ йын йæхи та æввахс нæ уагъ- той, аныхасы фадат ын нæ лæвæрдтой йæ мадырвадæлтимæ. Сæ фембæлд бакъуылымпы кæнынæн-иу кæддæриддæр цы- дæр æфсон фæзынд. Афтæмæй бонтæ бонты ивтой. Фæлæ рæстæг йæхæдæг æрдомдта, цæмæй мады æфсы- мæр Тотрадз сæмбæла Бæбитæм. Цæвиттон, Бæби йæхæдæг фæхуыдта гуырæнбонмæ Астаны мады æфсымæр Тотрадзы. Талинæ та хъуыддаг нæма зыдта. Сылгоймаг куы бамбæрста, Тотрадз дæр хуынд адæмы номхыгъды ис, уæд уал фыццаг лæгæн смаст кодта, уый фæстæ сывæллоны арæвдз кодта æмæ йæ йæ цæгаты бамидæг кодта. Хуынд адæм иугай-дыгай æмбырд кæнынц. Алы æрбацæ- уæгæн дæр йæ фыццаг фарст вæййы: «Астан кæм и? Астан куы нæ зыны?» Ацы цымыдис фæрстытæ кæд Талинæйы тыхсын кодтой, уæддæр йе ’нæразыдзинад æмæ маст æмбæх- сын зыдта. Кæм-иу йæхи нæхъусæг акодта, кæмæн та-иу ху- дæндзастæй æнæбары афтæ бакодта: ардæм æй хъæуы тагъд, уартæ ййе нанамæ бауади (Талинæйы мадмæ), тынг æй мысы, æрхъæцмæ дæр ыл нæ хъæцы. Мæнæ цы мæнгард рæстæджытæ скодтой! Йæ æцæг нана- тæ: Ирмæйы мад Фари æмæ Мыстулы мад та сæ былы 222
цъæрттæ хæрынц сæ гыццыл хуры тыны фендмæ, фæлæ сæ Талинæ уыцы циндзинадæй æнæхай фæкодта. Ныр Астанæн «тугхæстæг» сты Талинæйы цæгат, мады æрвадæлты æхсæн быдыр та фæтæнæй-фæтæндæр кæны, адард сты кæрæдзийæ. Сæйрагдæр æмæ тæссагдæр та — Астаны сонт зæрдæйы, йе ’рыгон, рæзгæ зонды ницавæр тæлмæн баззади йæ мады æр- вадæлты цардæй: чи сты, цавæр сты? Фæлæ уыйхыгъд Талинæ Астаны йæ цæгаты æрдæм аз- дæхта. Уыдон сты йæ мады æрвадæлтæ, ам сты йæ «нана» дæр, йæ «мады æфсымæртæ» дæр. Йæхи цардæй йæ чи бал- хæдта, цардхъуагæй чи ацыди йе ’цæг дунемæ, уыцы Ир- мæйы сурæт ын йæ сæры магъзæй бынтондæр фæиппæрд кодта йæ кæнгæ мад. Цæмæн? Уый æгæ’р æвирхъау ми нæу? Йæ фендмæ æппынæдзух чи бæллы, уыдоны уыцы стыр циндзинадæй фæцух кæн, уый та ноджы стырдæр хæрамдзи- над! Зæдтæ æмæ мæрдты аудындзинад æмсæр-æмдых у, фæ- зæгъынц. О, фæлæ хæрзаудæн куыд кæнынц, фыдаудæн дæр афтæ, адæймаг искæй тæригъæды куы бацæуы, уæд. Иу боны цардæй цард нæй, загъдæуы. Стæй адæймаг йæхи хъуз- джы куы бабыра, йæ алфамбылай куы никæй уына, искæй циныл цин кæнын куы нæ зона, йæ хъыгыл хъыг кæнын, уæд уый цæй адæймаг у. Цымæ Талинæйы сæрмæ ахæм хъуыды- тæ никуы æрцыд? Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæг Адæймаджы цард къæпхæнгай у. Астан дæр та йæ царды къæпхæнтыл уæлдæр схызт. Æнтыстджынæй каст фæцис астæуккаг скъола. Æрыгон, æвзыгъд лæппу кæддæриддæр уыд æмæ у Райгуырæн зæхх хъахъхъæнæг. Астан дæр уыцы амондджын кары бацыд æмæ мæнæ ныр æнхъæлмæ кæсы, кæд æрлæудзæни хуыздæрты æмрæнхъ æмæ йæм кæд æрба- дзурдзысты уыцы кадджын номæй — «Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæг». Бæбийы фæрнджын хæдзары къух бакæнæн нал ис адæ- мæй. Хионæй, сыхагæй, иууылдæр зæрдиаг арфæтæ кæнынц бæлццонæн. «Астан фæндараст фæу, Уастырджийæ фæ- дзæхст у, дæ службæ дзæбæхæй ахицæн кæн æмæ дæ фæрныг 223
хæдзарыл сæрæгасæй сæмбæл» — уыдис бадты хистæры куывд æмæ фæдзæхст. Дыккаг бон та хæстæг-хиуæттæ æрæм- бырд сты æфсæддон комиссариаты дуармæ. Адæмæй дзы фез- мæлæнтæ нæ уыди. Фæсивæд цалдæр раны хъазт сарæзтой æмæ ерысæй кафынц. Рæстæг ныддæргъвæтин и. Сиддонтæ — мидæгæй агъуысты, фæндарастгæнæг адæм та æбæрæгдзина- дæй сæхимидæг тыхсынц. Уæдмæ фæзындысты Астаны фыд Мыстул æмæ йæ хистæр æфсымæр, хæстæг-хионæй æмбырд кæнын байдыдтой. Уалынмæ иу капитан рахызт адæмы размæ æмæ сын бамбарын кодта: сиддонтæн сæхионтимæ фембæлы- ны фадат дыууæ-æртæ сахатæй раздæр нæ фæуыдзæн æмæ уал хуыздæр уаид, куы фæпырх уаиккат уæ хæдзæрттæм. Фæлæ уæддæр адæм’ æнхъæлмæ кæсынц. Уæд Астаны мады æфсымæр Тотрадз, Астаны фæндараст кæнынмæ цы хионтæ æрбатымбыл ис — авд лæгæй фылдæр, уыдонмæ дзуры: «Уæ- дæмæ нæ бæлццоны, Астаны, бафæдзæхсæм Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл. Мæнæ ам æввахс ис хæрæндон, æмæ иууыл- дæр мæ фæстæ рацæут». Тотрадз фынг айдзаг кæнын кодта алыхуызон хæрд æмæ нозтæй, æмæ куывд йæ тæмæны бацыд. Астаны фыд Мыстул рагæй дæр æнувыд уыдис йæ каистыл æмæ ма ныр Тотрадз йæ хæрæфырты номыл нæртон куывд куы сарæзта, уæд фыр буцæй уæлæрвты тахти. Иæ арфæтæ æмæ буц ныхæстæн кæрон нал уыд. Уæдмæ сиддонты дæр цыбыр рæстæгмæ рауагътой. Алчидæр йæ бæлццоныл цинтæ кодта. Астанæн дæр фæндараст загътой, æмæ автобустæ бай- дзаг сты хъæлдзæг, цардбæллон фæсивæдæй. «Уастырджи уе ’мбал!» — сæ фæстæ хъæр кодтой алы хъæлæстæй, сылгой- мæгтæй бирæты рустыл æртылдысты цины цæссыгтæ. Райдыдтой Астаны службæйы хабæрттæ. Фыццаг бон- тæ, кæй зæгъын æй хъæуы, зын вæййынц, фæлæ куы фæ- цалх уай, сæйрагдæр, æнæзивæг куы уай, уæд дæм хуымæ- тæг, æрвылбоны цардау кæсдзæн дæ службæ дæр. Астанæй разы уыдысты йæ командыгæнæг хистæртæ, коммæгæс, зæрдæргъæвд кæй уыди, зонындзинæдтæм кæй тырныдта, уый тыххæй. Бирæ арфæйы гæххæттытæ райстой йæ хорз службæйы тыххæй йæхæдæг дæр æмæ бинонтæ дæр. Арæх фыста фыстæджытæ бинонтæ, хæстæджытæм, фæлæ та мады æрвадæлтæ аууоны, рохуаты аззадысты. Ам дæр та «йе ’ххуысы хай» бахаста йæ кæнгæ мад Талинæ. 224
Рæстæг тагъд згъоры. Астан дæр йæ Райгуырæн бæстæйы раз йæ хæс бафыста. Службæ фæци, ’гас хæдзар ссардта. Уыцы дæргъвæтин рæстæг Астаны мады æрвадæлтæ мæт дæр кодтой, маст дæр кодтой. Ау, иу цыбыр фыстæджы гæбаз куыд нæ сæрвыста. Тынгдæр сагъæс та кодта Тотрадз. Уæлдай маст хаста Бæбимæ, æдзæсгом расай-басай йæ кæй фæкодта, ома Астанæн алцыдæр æргом радзырдтам йæ мады æрвадæл- ты тыххæй, зæгъгæ, уый фæдыл. Цас фылдæр рæстæг цыди, уыйбæрц Тотрадзы масты дзæкъул та дымсти æмæ дымсти. Быхсын æмæ барын хорз у, фæлæ дæ æдылы бынаты исчи куы æвæра, уæд уый зын хатыргæнæн у. Фæстагмæ Тотрадз сфæнд кодта Астанимæ лæгæй-лæгмæ фембæлын, æнæ æвди- сæнтæй, æмæ йын бæлвырд радзурын, чи сты йæ ныййарæг мад æмæ фыд, йæ мады æрвадæлтæ... Сæрдыгон бон. Хур арвы астæумæ бæрзонд фæцыди æмæ уырдыгæй йæ хъарм тынтæ æнæвгъау æрвиты зæхмæ. Зæхх та афтæ тынг бахъарм и хуры тынтæм, æмæ йыл бæгъæвва- дæй æдæрсгæ ауайæн дæр нæй. Астан хæдтулгæтæ цалцæг- гæнæн куыстуаты кусы. Ам дæр йæ æфсæддон ахуыр нæ уадзы. Сихоры улæфты афонмæ ма фондз минуты хъуыди, уæддæр йæ куыст нæма ныууагъта. Тотрадз дæр, газетæй йæ цæсгоммæ аууон кæнгæйæ, æрбахæццæ и сихоры у^лæфты са- хатмæ. Йæ хъуыдытæ йæ хохы бамидæг кодтой. Йæ цæсты- ты раз февзæрдысты йæ низæфхæрд хо Ирмæ йæ дзидзидай хъæбул Астанимæ. Æмæ мæнæ ныр йæ ныхмæ рацæуы бæр- зондгомау, хæрзконд æрыгон лæппу, мидбылты фæлмæн ба- худт, уæздан салам радта. Тотрадз та мидхъуыдыты аны- гъуылд, химидæг цæуылдæр тыхсы, фæлæ цин дæр кæны, ома æппынфæстаг рæстдзинад раргом кæнын йæ къухы бафт- дзæн. Йæ ныхас цæмæй райдайа, уымæ нал арæхсы. Кæд- дæр-кæддæр сфæрæзта: «Астан! Мах кæрæдзийы рагæй зо- нæм куыд æмхъæуккæгтæ, фæлæ мах бирæ æввахсдæр стæм кæрæдзийæн. Æз дæн дæ ныййарæг мады хæрз æфсымæр. Дæ ныййарæг мад та уыдис Ирмæ, дæуыл иу мæйы бæрц куы цыди, уæд амард йæ зæрдæйы низæй. Талинæ та у æрмæст- дæр дæ хъомылгæнæг мад, Бæби та — дæ фыд Мыстулы æф- сымæр». Куыддæр Талинæйы кой скодта Тотрадз, афтæ Астан йæ цæсгомы хуыз фæивта, асырх и, рамæсты, кæрон- мæ дæр æм нал байхъуыста, фестади æмæ фæцæуыныл и. *15 225
Сонт лæуд фæкодта, фæстæмæ Тотрадзы æрдæм дыууæ къахдзæфы æрбакодта æмæ уыцы мæстыхуызæй, æртхъи- рæнгæнæгау фæкодта: «Мæ мад Талинæйы кой чи кæна, уы- мæн æй нæ ныббардзынæн, уый нæ, фæлæ дзы мæ цæвæн- гарз дæр нæ раздахдзынæн!». Тотрадз æм кæсгæйæ баззад, йæ зæрдæйы хъыг æмæ маст сæмтъеры сты. Фыр диссаг æмæ мастæй йæ бон сдзурын дæр ницыуал баци. Тынгдæр Бæби æмæ Талинæмæ мæсты кодта. Куыд гæнæн ис, æмæ рæзгæ адæймаджы æвæлтæрд зæрдæ æмæ зонды уыйбæрц марг бауадз, æмæ йæм йæ мады æфсы- мæрмæ, æмткæй мады æрвадæлтæм сæвзæрын кæн ахæм стыр æнæуынондзинад. Кæд æмæ уыдоны йæ хорздзинад фылдæр æмæ хуыздæр фæнды, йæ сомбон фæрныг куыд уа, хиуæттæн аргъ кæнын куыд зона. Туг туг у. Туг йæхи агуры æмæ абон уа, райсом уа, уæддæр ын йæхи æнæссаргæ нæй, цыфæнды цæлхдуртæ æвæрд куы цæуа йæ развæндагыл, уæддæр, уымæн æмæ уый æрдзæй лæвæрд у. Тотрадзы йæ маст сыстын дæр нал уагъта, зæхмæ йæ ца- вæрдæр æнахуыр тых æлвæста, йе уæнгты хъаруйы цъыртт нал уыди, сæры магъзы алыхуызон хъуыдытæ зымæгон мит- тымыгъау зилдух кодтой. Астаны ацыды фæстæ ма бирæ фæ- бадт æрхæндæгæй, фæхъуыдытæ кодта йæхи ныхæстыл. «Уæдæ кæм фæрæдыдтæн, рæстдзинадæй дарддæр куы ницы загътон...». Плиты Грисы загъдау: «Зæххыл ис иу Хуыцау — Рæстдзинад». Кæддæр-уæддæр сыстад Тотрадз, цыма шахтæйæ нырма гъеныр схызти, уыйау, уæззау къахдзæфтæгæнгæ, араст и. Цæуы, фæлæ йæ развæндаг уынгæ дæр нæ кæны, æрмæст йæ хъусты зæлланг кæнынц Астаны фæстаг ныхæстæ — «мæ цæвæнгарз дæр нæ раздахдзынæн». Фехъус вæййынц иу уысм, æмæ та, къæвдайы размæ уаддымгæ куыд сæхситт кæны, афтæ ногæй æмæ ногæй — уыцы æнæууылд, гуымиры ныхæстæ. Йæ уæззау, тар хъуыдытæ йын æнцой куы нæуал лæвæрдтой, уæд ма йæхи сабыртæ кодта Къостайы ныхæ- стæй: «Лæппуйæ рæдийаг нæ вæййы æвзæр». Иннæрдыгæй та, <шæ цардхъуаг хо Ирмæйы рыст зæрдæ ма мæрдтæм но- джы куы фæриссын кæнон»-æй тæрсгæйæ, йæ маст ны- хъуырдта, сомбон кæд бамбарид, зæгъгæ, уый ныфсæй. Ныфс тыхдæттæг у. 226
Ног фæлварæнтæ Рæстæг йæ цыды куыст кæны. Уымæн æнцад лæууæн нæй. Рæстæджимæ æмдзу кæнынц маст дæр æмæ цин дæр. Цæрæг адæймагæн та дыууæ дæр æнæбавзаргæ нæй, уымæн æмæ уый цард у. Царды та бирæ фæзилæнтæ вæййы, уыр- дыджы дæр æмæ хæрды дæр суайын фæхъæуы. Бон цæуы æмæ фарн хæссы. Æцæг иуæй-иу хатт фарны бæсты маст дæр æрбахæссы. Рæстуд адæймаг тынгдæр æмæ фылдæр хъуамæ архайа хорздзинад ракæныныл, искæй зæрдæ барухс кæны- ныл. Уымæн та æнæмæнг стыр хъуыддæгтæ аразын нæ хъæ- уы. Фæлмæн, уæздан ныхас — уый дæр хорздзинад у. Кæддæр, иу æртын азæй фылдæры размæ, æнæнхъæлæ- джы фембæлдтæн, дзæнæты бадинаг Гæбæраты Никъала- имæ — йæ бирæ, æнæкæрон лæггæдтæ йæ раттæг ирон адæ- мæн сты æнæферохгæнгæ. Адджын абадты фæстæ Никъала, хатыр ракургæйæ, раздæр рацыд. Æз æй, куыд уæздан æмæ уарзон хистæры, афтæ рафæндараст кодтон, мæ зæрды йæ уыди таксийы арвитын, фæлæ мын таксийы бадын нæ ба- куымдта. Фистæгæй ма иу дзæвгар рауадыстæм ныхæстæгæн- гæ. Йæ бирæ лæггæдтæ хъуыдыгæнгæйæ йын æз дæр мæ зæрдæйы уаг куы раргом кæнин! Зæгъын, бæргæ мæ фæнды мæн дæр мæ мыггагæн, æмткæй ирон адæмæн исты хæрзты бацæуын, исты лæггад бакæнын, фæлæ мæ бон нæу, Хуыца- уæй лæвæрд мын нæ фæци романтæ æмæ поэмæтæ фыссын, сабитæн ахуыргæнæн чингуытæ аразын. Уый иу уысм фæ- хъус и, æрлæууæгау кодта, йæ къух мын ме уæхскыл уæздан æвæрд æркодта, фæлмæн бахудт æмæ мын загъта: — Тотрадз! Цæмæй дæ мыггагæн æмæ æппæт ирон адæ- мæн дæр исты хæрзты бацæуай æмæ сын балæггад кæнай, уый тыххæй романтæ æмæ поэмæтæ фыссын æнæмæнг хъуыддаг нæу. Дæ мыггагмæ æвзæрдзинад, æгаддзинад ма æрбахæсс, маст макæй зæрдæйы бауадз, æмæ уый уыдзæнис стыр лæггад дæ мыггагæн æмæ æппæт ирон адæмæн дæр. Ацы куырыхон лæджы арфхъуыдыджын ныхæстæ мæ абон дæр нæ рох кæнынц, царды ма сæ пайда дæр фæкæнын, дæнцæгæн дæр сæ арæх æрхæссын, искæимæ ныхас кæн- гæйæ. Уæдæ Астаны мад æмæ фыд сæ царды хорздзинад, уарзондзинады бæсты фыдæх цæмæн тауынц? Ау, куыд нæ 227
йæ хъуамæ æмбарой, Тотрадзæн йæ мадызæнæджы иунæг хъæбул, уæлдайдæр мадæн йæ «цардæй æлхæд» хъæбул, уы- мæн дæр адджын кæй у, уый дæр æрмæст йæ хорздзинадмæ кæй бæллы, йемæ лæгæй-лæгмæ зæрдиаг ныхас акæнын йе стырдæр бæллиц кæй у. Тугхæстæджы ахæм амондæй фæцух кæн, æнæхай йæ фæкæн, уый стыр тæригъæддзинад у. Куы ма йæ загътон — тæригъæд та нæ тайы, адæймаг йæ алы хъуыддагæн дæр хъуа- мæ дзуапп дæтта адæмы æмæ сæйрагдæр та Хуыцауы раз. Фæлæ Талинæ ацы фарстатыл хъуыды дæр никуы акодта, æвæццæгæн, уый йæ туджы, йæ зонды нæй. Зæххыл цæрæг удгоймæгтæ сæхимидæг цалдæр къордыл дихтæ кæнынц, сæ удыхъæд æмæ адæмимæ ахастдзинæдтæй. Фыццаг къорд — цæрынц сæ алфамбылай адæмы цæрайæ, уыдон хорздзинадмæ бæлгæйæ, уыдонæн лæггадмæ тырн- гæйæ. Дыккаг къорд — хорздзинад ракæнын йæ бон куы уа, уæддæр æй йæ цæст нæ уарзы, адæймаг куы фæкæла, уæд ыл не схæцдзæн, йæ рæзты ахиздзæн. Искæмæн зындзинад ракæнын йæ удæн хæссы æхцондзинад. Ахæм адæймаг æнæн- хъæлæджы искæмæн исты хорздзинад куы ракæна, уæд ын æй цыбыр рæстæгмæ йæ цæстмæ бадардзæн. Ирон æмбисонд та афтæ зæгъы: «Хорздзинад ракæнын дæ бон куы уа, уæд æй ма бахæлæг кæн. Куы йæ ракæнай, уæд та йæ цæстмæ ма бадар». Æртыккаг къорд — цæрынц сæхи цардæй. Никæй хъыгдарынц, маст дæр никæмæн кæнынц, цин дæр никæмæн хæссынц. Ацы къордтæй Талинæ хауы дыккагмæ. Йæхицæй уæлдай никæй уыны йæ алфамбылай. Искæй циныл цин кæнын нæ фæразы. Куырмæджы цæуæгау цæуы царды фæндагыл. Йæхи хъузджы бабырыд æмæ цæры йæхицæн, кæд ахæм цардæн цард схонæн ис, уæд. Хи хъузджы та адæймаг тагъд- дæр æмбийы, фæлæ уал уæддæр цæры, йæ тæригъæдтæ нæ хатгæйæ. Хуыцау та алцыдæр уыны æмæ зоны, фæзæгъынц, тагъд нæ кæны. Алкæмæн дæр ма рæстæг æмæ фадат фæдæт- ты йæ рæдыд сраст кæнынмæ, йæ тæригъæдты тыххæй хатыр ракурынмæ. Талинæйыл дæр йæ тæригъæдтæ тыхсын байдыдтой. Низ æм гыццылгай хъуызы, дохтыры æххуыс æй арæхæй-арæх- дæр бахъæуы, фæлæ дохтыр дæр Хуыцау нæу, йæ фадат 228
æмæ авналæнтæ бирæ не сты, мæрдтæй здахæг нæу. Йæ низ æгæр стыхджын, æруатон ис. Иу тыхст бон йæ фырт Астан- мæ фæдзурын кодта, йæ сынтæджы кæрон æй æрбадын код- та, йæ къухыл ын дыууæ къухæй ныххæцыд, цыма йын али- дзынæй тарст. Иу уысм æнæдзургæйæ фæци, стæй тыхдзырд сфæрæзта: «Сынок, прости! Прости, пожалуйста, за все». Уыйадыл ын йæ къух суæгъд кодта, æмæ йæ русыл фæрды- джы йас хъарм цæссыг базмæ æртылди. Цæй тыххæй дзы хатыртæ куырдта, уый Астан йæхæдæг æмæ ма дзы цы сыл- гоймæгтæ бадт, уыдон дæр нæ бамбæрстой. Рæдийын, дам, лæгдзинад нæу, фæлæ йæ рæдыдыл чи басæтты æмæ ма дзы хатдзæгтæ дæр чи скæны, уымæ та ды- вæр лæгдзинад ис. Талинæ дæр æрæджиау йæ рæдыд бам- бæрста, мæгуыр сидзæры йæ хиуæттæй кæй фæиппæрд код- та, уыдоны рæвдыд хъуагæй кæй байрæзти. Ныр рæстæджы цалх фæстæрдæм æрзылдта. Арæхдæр йæ цæстыты раз слæу- уы Астаны мады æфсымæр Тотрадз. Цал æмæ цал хатты йын алы æнæхъæугæ, æнæбындур æфсæнттæй не сразы ис Аста- ны йемæ ауадзыныл. Кæннод йæ нана — Ирмæйы мад Фари: афæдз раздæр, йæ разы хæкъуырццæй кæугæйæ, ставд цæс- сыг калгæйæ йын лæгъстæ куы кодта, мæ мæлæты размæ ма мын мæ хъæбулы иу хатт фенын кæн, зæгъгæ. Йæ хуыздæр дзуапп уыди: «Астан зæрæдты нæ уарзы». Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та рæхуыст. Афтæ дæр нал федта Фари йæ хъæбулы хъæбул Астаны. Йæ ныгæнæн бон Бæби æмæ Талинæ сæхæдæг сæмбæлдысты, фæхъыг кодтой, фæлæ Фари «Астан-Астан» гæнгæ бацыди мæрдтæм. Ныр фæсмон кæны сылгоймаг йæ рæдыдтытыл, йæ тæригъæдтыл, фæлæ сæ, хъыгагæн, сраст кæнæн нал и. Йæ бон кæй нæ бакæнай, уый сæдæ бонмæ дæр нал скæндзынæ. Ныр йæ хъарм цæссы- гæй йæ баз ныххуылыдз и, фæлæ ивгъуыд царды уый ницы- уал ивы. Талинæ дзæвгар рæстæг фæсæйыны фæстæ йæ ^хъизæ- мæрттæй фервæзт æмæ йе ’цæг дунемæ афардæг и. Йе ’вæ- рæн бон сыхы устытæ хъус-хъус кодтой, йæ бирæ тæригъæд- тæ, дам, уæлæуыл бафыста. Сыхаг фылдæр æмæ бæлвырддæр фæзоны йæ фарсмæ цæрæджы хъуыддæгтæ. «Доны был чи цæры, йæ ивылын дæр ын уый зоны» — зæгъы ирон æмби- сонд. 229
Мæгуыр уæрццæн зад хуымы хизын нæ фидауы Мæгуырыл, дам, дур хæрдмæ тулы. Астан та йæ хъомыл- гæнæг мадæй дæр сидзæрæй аззади. Талинæ æнувыд уыдис Астаныл, фæлæ уæддæр цæмæндæр ныхасæн баззад, ныййа- рæг мады рæвдыд никæцы сылгоймаг баивдзæн. Йæ тызмæг ныхас дæр æмæ йæ цæф дæр хъæбулæн рисгæ нæ кæнынц. Къостайы загъдау: Тæхудиаг, буц хьæбулæй Йæ уалдзæджы царды хурæй Чи бафсæсгп йæ мады хъæбысы! Астан та йæ ныййарæг мады хъæбысы бадынæй æфсæдгæ нæ, хуысгæ дæр дзы нæ акодта, хъуыды дæр æй нæ кæны. Уымæн æй хуыдтой бынтон сидзæр, уымæн ыл дур хæрдмæ тулы. Сидзæр быхсаг, фæразон у. Рæстæг цæуы æмæ зæрдæйы низтæ дзæбæх кæны. Йæ уæззау бонтæ фæстейы аззадысты Астанæн, кæд зæрдæ æрхæндæг уыди, уæддæр. Цард йæ цыдæй цæуы æмæ йæхионтæ домы. Мæрдджын бинонтæ дæр цадæггай сæ гаччы сбадтысты. Дыууæ азы бæрц рацыд Талинæйы амардыл. Æнæ сылгоймаг хæдзар — уазал, фæ- зæгъынц. Царды пълантæ аразын хъæуы. Бæби дæр бинон- ты хъуыддаг бакодта. Цардæмбалæн æрхуыдта Разитæйы. Хæрзконд, хæдæфсарм, уæзданарæзт сылгоймаг. Хæдзары фæзынд æфсин — къона хъармгæнæг, бинонты иугæнæг. Хиуæттæ сæ зæрдæ тынг дардтой, Разитæ бинонты гыццыл къорд æрбангом кæндзæн, фæлæ фыдæнхъæл фесты хио- нæй, сыхагæй. Разитæ нæ бафæрæзта, нæ базыдта йе та йæ нæ бафæндыд сидзæр Астаны зæрдæмæ фæндаг ссарын, кæ- рæдзийы бамбарын æмæ хæларæй цæрын. Раст зæгъгæйæ, искæй хъæбулы хи хъæбулау бауарзын, барæвдауын æнцон нæу. Хъуылæгæй цæмæй стыр гарачъи схауа, уый тыххæй йыл афыдæбон хъæуы. Разитæйы та уæлдай фыдæбон нæ фæндыд. Уыйадыл дыууæ адæймаджы æхсæн ахастдзинæд- тæ’ уазалæй-уазалдæр кодтой. Къонайы артдзæсты та уазал дымгæ куы зилдух кæна, уæд æм зæрдæ нæ комы бацæуын, адæймаджы йæм йæ къах нæ хæссы. 230
Астан бинонтæй цадæггай иппæрд кæнын байдыдта. Си- дзæр лæппу адзæгъæл и. Хæдзармæ арæх нал цæуы. Куы кæм бахсæвиуат кæны, куы кæм. Фыдыус æцæг фыдыус ра- зынд. Нæ йæ хъуыд искæй сидзæр, нæ йын мæт кодта йæ царды уавæртыл. Нал хауы лæппумæ иу къуым йæ хæдзары. Фæстæдæр сыхæгтæ куыд дзырдтой, афтæмæй Астан уыдис диссаджы хæларзæрдæ адæймаг, цæстуарзон, баххуысмæ кæддæриддæр цæттæ. Сыхбæсты цинæй, зианæй цыфæнды хъуыддаг æрцæуа, Астан кæддæриддæр уыдис кæстæрты- лæггадгæнджыты раздзог, йæ райдианæй йæ кæронмæ. Бад- ты адæмы фæстæ-иу цалынмæ бæстон бафснайдта, уæдмæ сæхимæ нæ цыди. Сыхагæн æххуыс кæнын уыдис йæ туджы, гуымиры, æнæууылд ныхас дзы никуы ничи фехъуыста. Ныр Разитæ сæ хæдзармæ куы æрбакъахдзæф кодта, уæд лæппу бынтон фендæрхуызон и. Йæ цæстæнгас фенкъарддæр, йæ мидбылхудт дæр фæцыдæр ис, æцæг кæрты, иумæйаг хæдза- ры йе змæлд, йæ лæггад нæ фæкъаддæр и. Йæ бинонты хъуыд- дæгтæ дзургæ никуы кодта, фæлæ йæ цæстæнгасыл, йæ уагыл бæрæг уыди, йæ «ног мадæй» рæвдыд кæй не ’ййафы. Уæлдайдæр та йæ сыхæгтæ кæрты иумæйаг хæдзары (са- райы) бахсæвиуатгæнгæ куы бафиппайдтой, уæд. Фæлæ сы- хаджы бон цы у, искæй бинонтæн уынаффæгæнæн нæй, иннæ ахæм — бауайдзæф кæнын. Сæхимидæг хъынцъым код- той, тæригъæдтæ йын кодтой, фæлæ уыдæттæй цы и. Фæ- стагмæ сыхæгты устытæй чидæртæ мæсты кæнын дæр бай- дыдтой, Астаны фæсæмбисæхсæв сæ подъезды асинтыл хуысгæйæ куы æрбаййæфтой, уæд. Йæ «уарзон фыд» Бæби та хъармы, фæлмæн хуыссæнты Разитæйы фарсмæ адджын фынæй кодта. Мастæн, дам, бæхы рагъ дæр нæ фæразы. Астаны мæ- гуыр, сидзæр уд мастæй байдзаг и. Уæлæмæ дзурын цас нæ фæрæзта, уыйбæрц судзаг маст мидæгæй æмбырд кодта æмæ æгъатырæй æууылдта зæрдæ. Адæймаг ацы цардхалæг арахъхъ арæхдæр фæнуазы фыр мæстæй, стæм хатт фыр ци- нæй дæр. Астаны зæрдæйы та æрмæстдæр маст уыдис, ци- нæн дзы бынат нал баззад. Лæмæгъдзинад равдыста æмæ йæ маст арахъхъæй фæсурынмæ хъавыд. Йе ’ргом фылдæр зда- хын байдыдта ацы æнамонд хойрагмæ. Уый та хосгæнæг, ныфсдæттæг никуы уыдис, — æрмæст низæфтауæг. 231
Астан хæдзарæй фæхауæггаг и, кæйдæр къуымты рахау- бахау кодта. Æфсæст стонджы мæт æмæ рис никуы бамбар- дзæн. Разитæ дæр мæгуыр сидзæры маст æмæ сагъæс нæ хаты æмæ нæ хъусы. Гæбæр бæх, дам, гæбæр бæхыл йæхи хафы. Цардæй æфхæрд адæймаг дæр йæхи хуызæн мæгуыртыл йæхи фæдзæхсы, йæхимæ сæ æввахсдæр кæны. Фембæлд æмæ базонгæ Астан йæхи хуызæн цардæй æфхæрд сылгоймаг Ларисæимæ. Уый та дыууæ æнахъом сывæллонимæ ныу- уагъта йæ цардæмбал. Кæрæдзийы бамбæрстой æмæ иу- мæйаг цард райдыдтой. Къорд азы фæцардысты, фæлæ сын Астаны фыды æртæуатон хæдзары бынат нæ разынд. Æххуырсгæ фатеры та цæрын цас удæнцойдзинад дæтты, уый алчидæр зоны. Кæд Астан Ларисæйы цоты зæрдиагæй уарзта æмæ сæ рæвдыдта, уæддæр йæ^зæрдæйы рæбинаг къуымы та бæллыд хи хъæбулмæ. Йæхицæн-иу арæх дзырдта, уæддæр хи туг, хи стæг хицæн ад кæны, зæгъгæ. Æмæ фехъуыста Астаны бæллиц Хуыцау. Мады-Майрæм ын фæтæригъæд кодта. Фæзынд сын Ларисæимæ иумæйаг хъæбул, фыры хъулы хуызæн лæппу, сæ царды цин æмæ ныфс. Рæстæг цæуы. Царды дон æнæрæнцойæ кæлы æмæ кæлы, фæлæ Бæби цæмæндæр Астаны хъæбулы фендмæ нæ тырны, цымыдисдзинад æм не ’взæрын кæны. Сывæллонмæ ахæм уазал цæстæнгас кæм равдыста, уым ма йын йæ мадмæ та уæд цавæр цæстæнгас уыдзæн? Астан йæ фыды хæдзармæ кæд арæх нал æфтыд, уæддæр бынтон æнæцæугæ дæр нæ уыд, æцæг æнæ хъæбул æмæ цардæмбалæй. Уый йæ зæр- дæйы низ æмæ сагъæсты кой никуы кодта. Низ та уыд зæр- дæйы. Йæ фыды хæдзары абадгæйæ-иу йæ зæрдæ бæргæ дардта, мæ фыд мæ мæ царды хабæрттæй истæмæйты афæрс- дзæни, зæгъгæ, фæлæ та-иу фыдæнхъæл фæци. Иумæйаг æнæхъæугæ ныхæстæ æмæ фыдыусы тар æрфгуыты æлхынцъ ма иу дзы ноджы маст бауагътой. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, адæймаджы низтæн сæ бæ- рæг фылдæр хай расайы маст. Уымæн та фаг уавæртæ æмæ фадæттæ скодта фыдыус Разитæ. Куыд фæзæгъынц: «Алы фыдыус — мад нæ комы». Йæ фыд Бæби дæр ницы уыны, ницы хъусы. Нывæрзæн, дам, здахаг у, фæзæгъынц. 232
Иу рæстæджы та Астан, йæ фыды хæдзары уæвгæйæ, йæ зæрдæйæ тыхсын байдыдта, бахъуыд тагъд æххуысмæ фæ- дзурын. Дохтыртæ йын æмбæлгæ æххуыс бакодтой, фæлæ йын бафæдзæхстой, цæмæй рынчындоны схуысса æмæ йæ зæрдæмæ базила. Бамбарын ын кодтой: «Дæ зæрдæйы куыст хуыздæрхъуаг у. Нæй дын мæсты кæнæн, маст ныхъуырæн». Дохтырты фæдзæхст, кæй зæгъын æй хъæуы, рохуаты аззад. Ирон лæг стырзæрдæ у, йе ’нæниздзинады уавæр сомбонмæ æргъæвы. Низ та адæймаджы буары куы бацæуа, уæд йæ ратæрын зындæр вæййы, уæлдайдæр та зæрдæйы низ. Афтæ æгъатыр низ æвдæрзта æмæ æвдæрзта сидзæры рыст зæрдæ. Кæд æй йæ къах нал хаста уыцы уазал къонамæ, кæд ын тынг зын уыди фыдыусы ихæйдзаг цæстæнгасмæ кæсын, уæддæр та-иу Астан йæхицæн ныфсытæ авæрдта. Кæмдæр йæ фыдæн тæригъæд дæр кодта, кæд æм мæсты фылдæр код- та, уæддæр, æмæ та-иу фæзынд йæ «фыды» хæдзармæ. Мæнæ та ныр дæр Астан уым бады, диваныл йæхи ауагъ- та æмæ телевизормæ кæсы. Диссаджы хъæлдзæг равдыст, хъæлдзæг зарджытæ, Сæтти æмæ Бæттийы худæджы ныхæ- стæ. О, тынг хъæлдзæг равдыст у, фæлæ цæмæндæр Астан уыцы æрхæндæгæй бады. Телевизормæ кæсгæ бæргæ кæны, фæлæ зæрдæмæ тафс нæ хъары, уыцы хъæлдзæг зарджытæ йын йæ зæрдæйы уидæгтæ æппындæр нæ агайынц. Зæрдæ мидæгæй куы нæ райа, уæд æй æдде хуры хъарм тынтæ дæр нæ бахъарм кæндзысты, уæд æй ницы æндавы. Сысты дива- нæй, уаты иу къуымæй иннæмæ цыбыр æмæ уæззау къах- дзæфтæй ацæуы, хæрæндоны дуарæй йæ фыдыусимæ куы фемдзаст вæййы, уæд йæхимидæг фестъæлфæгау кæны, зæр- дæйы гуыпп-гуыпп фæтынгдæр вæййы. Сæры магъзы хъуы- дытæ сæмтъеры сты, къæвдайы размæ уаддымгæ хус сыф- тæртæ быронимæ куыд сæмтъеры кæна æмæ сæ æбæрæг ранмæ куыд фæхæсса, уыйау. Цæуыл сагъæс кæны мæгуыр сидзæр? Кæд, мыййаг, йæ ныййарæг мады æнæзонгæ сурæт фыны хуызы йæ цæсты- тыл ауади кæнæ йæ фыны федта? Фæлæ йæ куыд хъуамæ базыдтаид, йæ кæнгæ мад æмæ фыд ын йæ къам дæр куы никуы равдыстой, авд гуыдыры йыл куы сæвæрдтой, æр- мæстдæр æй ма базона, зæгъгæ. Æви йæ ныййарæг мады æф- сымæр Тотрадзæн цалдæр азы размæ цы æфхæрæн ныхæстæ 233
фæкодта, уыдоныл æрфæсмон кодта. Уæвгæ, рæдигæ та чи нæ кæны. Астан дæр фæрæдыд, йæ мады æфсымæр Тотрадз- мæ фæстæдæр æрбацæудзæни комкоммæ æмæ дзы хатыр ра- курдзæн йе ’нæууылд ныхæсты тыххæй. Кæд æрæджиау, уæддæр. Æрæджиау хосдзау дæр хосдзау у. Барын хорз у, рæдыдыл сæттын æмæ рæдыд сраст кæнын та — дыууæ хор- зы. Астан дæр кæд йæ рæдыд сраст кодта, уæддæр æй цыдæр тыхсын кæны, фæлæ йæ тыхст, йæ зæрдæйы сагъæстæ кæ- мæн фæдзура? Иæ фыд æй нал уыны æмæ нал хъусы, фыды- ус та — уымæй фыддæр, йæ цæсты сындз æмæ Астан — æм- хуызон. Хо нæй, æфсымæр нæй. Кæимæ ма ис зæрдæйæ-зæрдæмæ аныхасгæнæн, кæуыл баууæнда, йæ зæр- дæйы маст кæй раз ракала. Къостайы загъдау: «Куыд мæ- гуыр дæ иунæг, дæ мад амæла». Зæрдæйы маст æмæ сагъæстæ дуарæхгæдæй куы дарай, уæд уый комкоммæ низ æфтауы. Уыдон рæстæгæй-рæстæг- мæ æддæмæ уадзын фæхъæуы, зæрдиагæй дæм чи байхъуса, сæйрагдæр та дæ чи бамбара, ахæм ахсджиаг хион Астаны тугхæстæг адæмы æхсæн нæ разынди. Химидæг хъуырдухæн æмæ тох та хорз фæстиуджытæ нæ дæттынц. Фæлæ уæддæр Астаны фылдæр æмæ тынгдæр цы тыхсын кæны? Царды цы хъуагдзинæдтæ æмæ æнæрастдзинæдтæ баййæфта, уыдон æви, тыхджынæй-тыхджындæр цы низ кæны, уый. Æвæццæ- гæн, дыууæ дæр иумæ, дыууæ иумæ баст сты, иу дзы ин- нæйы фæстиуæг у. Кæд, мыййаг, йæ зæрдæ исты æнамонд хабар æнкъары. Уыцы æрхæндæг хъуыдытимæ йæхи æр- уагъта диваныл, йæ фыд дæр æрæджиау йæ фарсмæ æрбадт, иу цыбыр рæстæг æнæдзургæйæ телевизормæ фæкастысты. Астан йæхи æвзæр æнкъарын байдыдта, йæ хуыз фæцыди, дон æркуырдта. Фыд, кæй зæгъын æй хъæуы, фæтарст, зæрдæйы хостæ, цыдæртæ йын авæрдта æмæ тагъд æххуысы дохтыртæм фæ- дзырдта. Уыдон дæр ацы хатт æцæг тагъд æххуыс разындысты, уайтæккæ йæ уæлхъус æрбалæууыдысты. Асланмæ куы бака- стысты, уæд æй æнæ уæлдай ныхасæй машинæйы авæрдтой æмæ йæ рынчындоны бамидæг кодтой. Дарддæр тох бацайдагъ ис цард æмæ мæлæты æхсæн. Цымæ чи фæуæлахиз уыдзæн? Дохтыртæм иу ахæм ныхас ис. «Мах стæм æртæ: æз — дохтыр, ды — рынчын æмæ низ. Кæд æмæ ды мæ фарс хæцай, 234
уæд дыууæйæ цъаммар низыл фæуæлахиз уыдзыстæм, кæд æмæ ды низы фарс лæууай, уымæн æххуыс кæнай, уæд æз иунæгæй дыууæйы ныхмæ тох кæнын не сфæраздзынæн æмæ састы бынаты баззайдзынæн». Астаны уавæр дæр фæстаг уа- вæры æнгæс у, нырма йæхимæ нæма æрцыди. Цалдæр боны дохтыртæ сæ удæй бацыдысты, фæлæ, къорд азы чи стых- джын и, уыцы æвирхъау низ йæ куыст бакодта. Мæгуыр Астаны низæфхæрд зæрдæ йæ цавдæй æрлæууыд. Сау халон сау уац апырх кодта хиуæттæ æмæ зонгæтыл. Сау уац бахæццæ ис Астаны ныййарæг мады æрвадæлтæм дæр. Дæ фыдгул уыдонау фæуæд. Бæстæ куыд æмæ марой сси. Къостайы загъдау: «Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты». Мæрддзыгой дзыллæты зæхх дæр нæ урæд- та. Астаны мады æрвадæлтæ дæр бæзджын мæрддзыгоимæ æрбамбæлдысты. Судзгæ хъарæггæнгæ куы бацыдысты мар- ды чырыны размæ, уæд сылгоймæгты богъ-богъæй къæдзæх- тæ дæр сæхимидæг базмæлыдысты, бæлæстæ сæ сæртæ æр- къул кодтой æмæ тæфæрфæсгæнæджы лæуд кæнынц. Сыхаг устытæ дзæвгарæй фæкъорд сты æмæ сæхимидæг цыдæр тызмæг ныхас кæнынц. Сæ маст сæ фесхуыста Аста- ны мады æрвадæлтырдæм. Сæ ныхас рауад тызмæг æмæ уайдзæфгæнæгау. «Сымах Астаны мады æрвадæлтæ стут, фæлæ цавæр мады æрвадæлтæ стут? Нырмæ кæм уыдыстут? Куыд никуы уæ ничи фæзынди?!. Иу хатт æй уæд та куы федтаиккат уæхи цæстæй, кæрты сарайы æмæ подъезды йе ’хсæвтæ куыд æрвыста, уый. Астаны хуызæн хæларзæрдæ адæймæгтæ ныртæккæйы дуджы стæм сты, йæ «мады» та уый не ’ндæвта...». Уайдзæфтæ дæр нынныхъуырдтой мады æрвадæлтæ, хъарм цæсты сыг æнæвгъауæй фæкалдтой, æмæ мæгуыр си- дзæр йе ’нусон хæдзар ссардта. Мæрддзыгой адæм æрбадты- сты, рухсаг загътой æмæ сæ фæрныг хæдзæрттæм фæцыды- сты. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, мард — удæгæстæн хæринаг, зæгъгæ. Æцæг у уый, мæгуыр уæрццæн зад хуымы хизын нæ фи- дауы... -§$&§
УАРЗОНДЗИНАДЫ ХУС ДИДИНÆГ Мæ буц уарзоНу дæу сусæг уарзтæй уарзтон, Мæ бон æй никæд равдисын нæ уыд. Мæхи дæуыл сез барджынæй фæдзæхстон, Кæд дæ, мыййаг, мæ сыгьдæг уарзт нæ хъуыд? Кудухты Маринæ Сæрдыгон хур бон. Хæхты цъуппытæ, урс-урсид пæлæ- зæй æмбæрзт фæтæнтæ хуры фыццаг тынтæм тæмæнтæ ка- лынц. Кæд дæрддзæф сты, уæддæр сæм цæстытæ комкоммæ кæсын нæ фæразынц. Сæ рæсугъддзинадæй адæймаджы уа- цары исынц, зæрдæрай йæ кæнынц, æнкъард хъуыдытæ су- рынц дард. Ноджы сæумæрайсомы уддзæф уыцы фæлмæн узæлæгау адæймагыл куы сæмбæлы, уæд зæрдæ цавæрдæр æнахуыр цинæй айдзаг вæййы, базыртæ йыл цыма разайы, стæхынæввонг свæййы фыр буцæй. Тамарæйæн дæр та хуры фыццаг тынтимæ, хохы бæрзонд цъуппытыл цыма къухæй аныдзæвыдис, ахæм æхцондзина- дæй йæ зæрдæ айдзаг и. Фæлæ ныр æнæвдæлон у. Иннæ хæттытау ын рæстæг нæй хæхты рæсугъддзинадыл цинтæ кæнынмæ. Уæвгæ уыцы рæсугъддзинад ныр стдæс азы уыны, фæлæ уæддæр хæхтæн сæ уындæй нæ тыхсы æмæ не ’фсæ- ды. Алы райсом дæр цыма æндæрхуызон вæййынц, цæмæн- дæр æм афтæ фæкæсы. Æмæ уый дæр, æвæццæгæн, раст у кæмдæр, уымæн æмæ алы хурыскаст дæр æрдзыл хицæн сæрмагонд нывтæ кæны, иу дзы иннæйы хуызæн нæ вæййы, уæлДайдæр та сæм алы рæстæджыты куы кæсай, уæд. Ныр сæм уæлдай лæмбынæг кæсы, уымæн æмæ сын абон рæстæг- мæ «хæрзбон» зæгъдзæни. Бынæттон астæуккаг скъола каст 236
фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ цæуы нæ сæйраг сахар — Дзæуджыхъæумæ. Цалынмæ автобус зына, уæдмæ уал йæ райсомы зылдтытæ акæна, афснайа, йæ фæлмæнтæдзураг мады къух фæрогдæр кæна. Сылгоймагæн хæдзары бирæ ар- хайд и, хæхбæсты та уæлдайдæр. Тамарæ дæр йæ мадыл уы- мæн мæт кæны, чи ма йын æххуыс кæндзæн йæ æнæкæрон куыстыты, йæ кæстæр хо Оля нырма æнахъом у, фыццаг къласмæ бацыди. Йе ’фсымæр, Ким, бæргæ тыхсы æмæ ар- хайы мады къух фæрог кæныныл, фæлæ, иуæй, нæлгоймаг хæдзары лыстæг куыстытæм тынг нæ фæарæхсы, иннæрды- гæй та шахтæйы кусы, фæсаууонмæ ахуыр кæны, ноджы ма хæххон институты бынæттон клубы хихъæппæрисадон къор- ды дæр архайы. Тамарæйы дæр уый сразæнгард кодта Дзæу- джыхъæумæ ахуырмæ ацæуыныл. Шахтертæн хорз мызд фидынц, не ’ппæты фаг дæр уыдзæни, зæгъгæ-иу фæкодта. «Æрмæст астæуккаг скъола фаг нæу, адæймагмæ исты сæр- магонд дæсныйад хъуамæ уа, уый тыххæй та хъæуы ахуыр кæнын. Ленины фæдзæхст: "Ахуыр, ахуыр æмæ ахуыр" æх- хæст кæнын хъæуы, — йæхæдæг-иу худгæйæ йæ ныхас дард- дæр кодта. — Æз хæххон институт каст куы фæуон, уæд кусдзынæн инженерæй æмæ инженерæн йæ хотæ дæр хъуа- мæ ахуыргонд уой». Æмæ та-иу йæ гыццыл хо Оляйы йæ хъæбысы фелвæста, æрзылдтытæ-иу æй кодта, хæрдмæ-иу æй феппæрста, стæй-иу æй сонт фарст акодта: «Раст зæгъын æви нæ?» Тамарæ йе ’фсымæрæй сæрыстыр уыди, фæлæ йын тæ- ригъæд кодта: кусгæ дæр, ахуыр дæр, клубы кафгæ, стæй ма хæдзары куыстытæ дæр кæны. Фæлæ Тамарæ йæ мады афтæ бынтон иунæгæй, рохуаты нæ ныууадздзæн, алы мæйы кæ- рон, улæфт бонты-иу æй абæрæг кæндзæни. Ныр та уал ай- дæны бакомкоммæ алæууыд, йæ ног къаба йæ уæлæ æрæп- пæрста, йæ дыууæ даргъ дзыккуйы размæ æруагъта, бæрзонд риутæ сыл æддæмæ рахæцыдысты æмæ, царыл ауыгъдау, æнæныдзæвгæйæ уæрджытæй фæдæлдæр сты. Айдæнмæ йæ- химæ мидбылты бахудт æмæ иннæ уатмæ йæ мадмæ бауад, йæ хъæбысы йæ æрбакодта, иу уысм æнæдзургæйæ абадты- сты, сонт стад фæкодта, иуварс алæууыд, йæ мидбынаты цал- дæр зылды æркодта, цыма йæ ныййарæгæн йæ ног къабайы йæхи æвдыста, æмæ та ногæй йæ мады хъæбысы абырыд, 237
тынгдæр æй йæхимæ æрбалвæста, гыццыл сабийæ-иу куыд кодта, афтæ. О, фæлæ рæстæг тагъд кæны, автобусмæ та æрæджыгæнæн нæй. Лæууы йæ гыццыл хоимæ æрлæууæн бынаты, æнхъæлмæ кæсынц. Мæнæ æрбазылд автобус дæр. Йæ хойы æрбахъæ- быс кодта, иу хатт ма йын ныффæдзæхста, мамайæн тынг æххуыс кæн, зæгъгæ, кæд æй бæлвырдæй æмбæ^ста, нырма гыццыл сабийæн йæ бон бирæтæ нæу, уæддæр. Иæ чемодан йæ бадæны фарсмæ æрæвæрдта, фæстæмæ ма иу каст фæкод- та, йæ гыццыл хойы æнкъард цæсгом ауыдта, æмæ йæхи зæр- дæйы дæр æнкъарддзинады тæлм æрбадт. Дзæвгар нæма ра- уадысты, фæлæ алы хъуыдытæ йæ сæры схъомпал сты, фæстæмæ йæ сæ хæдзары къæсæрыл авæрдтой. Йæ мадмæ фæстæты хъуызæгау бакодта, ныттыхсти йыл, ныфсытæ та йын æвæры. Уырдыгæй йæ йæ бæллицы монцтæ сæ къласы фæстаг изæры бамидæг кодтой. Уым та йæ уарзондæр ахуыр- гæнæг, Фаризæт Габолайы чызг, йæ фæлмæн цæстæнгасæй рæвдаугæ æрзылд æппæт æмкъласонтыл æмæ Тамарæйы къу- хыл куыд æрхæцыд, цыдæртæ йын куыд фæдзæхста, афтæ чызджы хъуыдыты хал фескъуыдта автобусмæ ногæрбахизæг хистæр кары сылгоймаг. Кæд дзы фæсте уæгъд бынæттæ уы- дис, уæддæр Тамарæ рæвдз фестад, йæ бынат ын радта, йæ- хæдæг фæстаг бандоныл æрбадт. Рудзынджы авгыл йæ ру- сæй банцойгæнæгау кодта æмæ та йæ йæ бæллицтæ сæ тыхджын базыртыл систой, автобусы разæй тахтысты. Дзæу- джыхъæуы иу бирæуæладзыгон хæдзары кæрты фæмидæг и, йæ размæ рауад хæрзконд, хæрзарæзт, астæуккаг кары сылгоймаг æмæ йæ афарста: «Ды Тамарæ дæ, æвæццæгæн, дæ дзыккутæй дæ базыдтон. Ам уе ’мдзæрæн уыдзæн, æз та — уæ комендант, дæ уат дыккаг уæладзыджы». Автобус лæууы Дзæуджыхъæуы автовокзалы, адæмæн сæ фылдæр рахызтысты, уæддæр ма Тамарæ бады, йæ адджын хъуыдытæ йæ уæгъд нæ уадзынц. Фефсæрмы ис, сонт стад фæкодта æмæ автобусæй æрхызти. Æрхæццæ и Тамарæ æмдзæрæнмæ. Кæрт æмызмæлд кæны фæсивæдæй, сæ хъæлдзæг ныхас дардмæ хъуысы. Ирон хъазты лæууæгау — чызджытæ хицæн къордæй, лæппу- тæ — иннæ фарс. Адон сомбоны технологтæ, лæппутæ та — механиктæ. Алчидæр дзы йæ цæрæн бынат сбæлвырд кодта, 238
æмæ райдыдта ног цард — студенты «мæгуыр», хъæлдзæг цард. Æмдзæрæны зæронд агъуыст. Дæргъæй-дæргъмæ иууæ- ладзыгон бæстыхай. Æмраст къæлидорæн йæ рахиз фарс хицæн хатæнтæ. «Адон уыдзысты уæ цæрæн уæттæ», — тыз- мæгхуызæй бæлвырд кодта астæуккаг кары сылгоймаг — ко- мендант. Йæхи кæд тызмæгæй æвдисынмæ хъавыд, уæддæр йæ цæстæнгас дзырдта, фæлмæн æмæ зæрдæхæлар адæймаг кæй у. Бæстыхайæн йæ галиу кæрон стыр хатæн — хæрæн- доны бынат. Лæууы дзы цалдæр пецы æмæ стъолтæ, ома хæринаг йæхæдæг чи цæттæ кæнинаг уа, уыдонæн. Фæлæ студентæн та уыйбæрц рæстæг кæм ис! Алчидæр лекциты фæстæ тагъд кæны библиотекæмæ. Уым дæр алы хатт уæгъд бынат нал вæййы, стæй хъæугæ чингуытæ фылдæр хатт къухты вæййынц. Тамарæмæ рад куы æрхæццæ и, уæд æм комендант фæ- дзырдта: — Дæлæ дзыкку! Ног чындзы лæуд цы кæныс. Мæ фæстæ рацу. Йæхæдæг дыккаг уаты фæмидæг и. Сæрибар ма дзы цы сынтæг уыди, уырдæм йæ амонæн æнгуылдзæй ацамонгæйæ, ноджы тызмæгдæрхуызæй фæкодта: — Дæ дыууæ дзыккумæ куыд бæстон зилыс, дæ цæрæн бынатмæ ноджы зæрдиагдæр, бæстондæрæй кæй зилдзынæ, ууыл æппындæр гуырысхо нæ кæнын. Уаты астæуæй фæстæмæ сонт зылд фæкодта. Къæсæргæ- рон Тамарæйы дзыккутыл йæ къух фæлмæн æруагъта, цыма йын сæ бæлвырд кодта, йæхи сты æцæгдæр æви нæ, æмæ дуары æдде фæци. Тамарæ йæ чемодан æрæвæрдта, бæстон- дæр йæ цæст ахаста уатыл. Фондз сынтæджы, рæбынæй сæ астæу къаннæггомау стъол, дыууæ дынджыр рудзынджы хурварсæрдæм арæзт, райдзаст уат. Йæ сынтæгыл йæхи æруагъта æмæ та йæ хъуыдыты йæ мады раз балæууыд, ад- джын хъæбыс та йын æрбакодта. Уалынмæ йын, хъалæй цы «фынтæ» уыдта, уыдон фæсырдта дуары æнахуыр хъыр- рыст. Æрбацыди дыууæ чызджы. Тамарæ сæ размæ рахыз- ти, салам сын радта. Базонгæ сты æмæ, ныхæстæгæнгæ, кæртмæ сæхи райстой. Кæрт фæсивæдæй æмызмæлд кæны, цыма вагзалы поездмæ æнхъæлмæ кæсынц. Адæм сæхæдæг 239
куыд алыхуызон сты, афтæ сæ дарæсæй дæр хицæн хуызтæй зынынц. Чызджыты къорд сæ аив пæрпæргæнаг къабаты хæххон уыгæрдæны дидинджытау цæст рæвдауынц. Механикты къорд иууылдæр уыдысты лæппутæ, дыу- уæйæ фæстæмæ, — бынæттон хъæуккаг фæсивæд. Чызджытæ дæр уæздан ирон чызджытæ, фæлæ Тамарæ се ’хсæнæй бæл- вырд бæрæг дардта, æфсæрмдзаст, цыма искæй уайдзæфæй тарсти... Йæ ныхас дæр цыдæр фæлмæн æмæ аив, æнæ мид- былхудт дзурын дæр цыма нæ зыдта. Уæлдай аив та йæ код- той йæ дыууæ даргъ дзыккуйы. Студенты царды ахсджиаг æмæ æнæферохгæнгæ рæстæг... Цал æмæ цал ног зонгæйы фæзыны адæймагæн. Хи ахуырдо- ны фæсивæдæй уæлдай, кæм библиотекæйы фембæлдзынæ æндæр ранæй студенттыл, чи та де ’мкъласон йе дæ хорз зонгæимæ ахуыр кæны. Студенты хъæлдзæг бонтæ: хъазт- изæртæ, æрдзы хъæбысмæ «стæртæ», изæрыгæтты тезгъойы уæлдай уарзон бынæттæ — Къостайы номыл парк æмæ Са- бырдзинады проспект. Фæсивæды æнгомдæр кодтой кæрæ- дзимæ. Хъазтизæртæ арæзтой æмдзæрæны кæрты. Уазал æмæ уа- рыны рæстæг та — Ленкомнат кæй хуыдтой, уым. Уыдис-иу сæм исты цаубæрæггæнæн фæлладуадзæн изæртæ дæр. Ахæм фембæлдтыты-иу адæймаг йæхи сæрибардæр, æнæмæтдæр æнкъардта. Ахуырыл сагъæс-иу рæстæгмæ рохуаты аззад. Æввахсдæр-иу базыдта йе ’мкурсонты, йе ’мбæлтты. Иу изæр та фæсивæд æмдзæрæны кæрты сарæзтой хъазт- изæр. Лæппуты æхсæн иу уæздан лæуд кæны. Уалынмæ йæ чидæр йæ габазæй расхуыста хъазты астæумæ. Фыр æфсæр- мæй фæсырх и Тотрадз, фæлæ фæндыры зæлтæ куы анхъæвз- той æмæ æмдзæгъд куы стынг и, ноджы ма чъегъре куы ныхъ- хъæр кодта: «Тотрадз, хæрдмæ хау!», зæгъгæ, уæд ма йын цы гæнæн уыдис. Æрзылдтытæ кодта æмæ Тамарæйы комкоммæ лæуд фæци, сæрæй йын акуывта, æмæ кафт бацайдагъ ис. Афтæ æввахсдæр фæзонгæ сты Тотрадз æмæ Тамарæ. Дыу- уæйæ дæр æфсæрмдзаст, æнæуæндон арæзт. Ахуырмæ æмæ фæстæмæ цæугæйæ арæхдæр æмбæлын райдыдтой. Тотрадз- иу раздæр куы суæгъд и, уæд-иу цæстæнгасæй агуырдта Та- марæйы. Цæмæн? Уыцы фарстæн йæхæдæг дæр бæлвырд дзуапп раттын нæ фæрæзта. Тотрадз кæд æфсæрмыгæнаг 240
уыди, уæддæр хъæлдзæг æмæ цыргъзонд, стæй сæ ныхасаг æмæ хъуыдытæ дæр уыцы æмдзыд уыдысты. Тамарæимæ фембæлгæйæ-иу ахæм хъæлдзæг ныхæстæ кодта, æмæ-иу чызгæн фыр худæгæй йæ цæсты сыг акалди. Рæстæг згъоры. Ахуыры азы кæрон куыд æрхæццæ ис, уый æмбаргæ дæр ничи бакодта. Дыууæ къорды студенттæ тынг балымæн сты, иу бинонтау, хотæ æмæ æфсымæртау цардысты. Тамарæ дæр архайдта алкæимæ лымæнæй цæрын, фæлæ-иу, Тотрадзимæ фембæлгæйæ, цыма уæлдай хъæл- дзæгдæр фæци. Уæвгæ студенты цард иууылдæр хъæлдзæг цаутæй нывæст вæййы. Уымæн æй фæмысынц зæрдæрай- гæйæ рагфæззæджы бонты. Фæсивæдæй сыгъдæг уарзондзинады æнкъарæнтæ кæмæ сæвзæрдис æргомæй, ахæмтæ дæр разынди. Фæлæ уæддæр ацы Тотрадзы хуызæныл царды арæх нæ фембæлдзынæ. Иу- уылдæр ын цыма иу мадæй райгуыргæ хотæ сты, адджын æмæ æввахс. Йæ зæрдæ йын дзы никæй цæстæнгас хурварс авæры, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, йæ зæрдæйы арф къуымы цы æнкъарæнтæ æмбæхст ис, уыдоныл авд гуыдыры сауыгъта æмæ сæ искæмæн байгом кæна, уыйбæрц ныфс та йæм нæй. Лæппуты къорды уыдис Тотрадзæй хистæртæ дæр, æмæ- иу се ’хсæн дыууæ æрыгон уды уарзондзинады кой куы ра- уади, уæд сæ алчидæр йæ ныхас æппæрста, йæхирдыгонау хатдзæгтæ кодта, æрмæст Тотрадз хъусæй лæууыди æмæ цæттæ ныхæстæм хъуыста. Куыдфæнды ма фæуæд, уæддæр, адæймагæн æрдзæй лæ- вæрд цы ис уарзондзинады хаххыл, искæд уымæн дидинæгау æнæ рахæлиугæнгæ нæй. Иутæн — раздæр, иннæтæн — фæ- стæдæр. Бирæ хатт афтæ дæр рауайы, æмæ æрыгон зæрдæты хæлар ахастдзинæдты бын æмбæхст вæййы стыр уарзт, йæ цæхæр æддæмæ æндавы æмæ бырсы, фæлæ йæ æнæныфсы фæнык нуæрстæй дары. Адæймагмæ ныфс куы нæ уа, уæд стыр хъару æмæ зонд дæр сты æнæпайда. Тотрадзы кæд цыдæр æнахуыр тых æл- вæста Тамарæмæ, уæддæр суанг йæхицæн дæр басæтта уар- зондзинады рæсугъд æнкъарæнтыл, уыйбæрц ныфс æм никуы разынди. Комкоммæ чызгæн йæхимæ бацæуа, йæ зæрдæ йын раргом кæна, уымæн та ноджы стырдæр ныфс хъуыди, кæд Тамарæйы хъарм цæстæнгас æмæ зæрдæйы уаг æмбæрста •16 241
æнæдзургæйæ, уæддæр. Афтæ йæхи мидæг йæ зæрдæйы тыхст ныхъуырдта. Тамарæйы та йæ ирон æфсарм æмæ туг нæ уагътой фыдæлтæй баззайгæ фæтк халын. Адæймаг йæ ныййарджытæй цы хъомылад райсы, йæ туджы, йæ сæры зонды арф цы ахъары, уый йыл æвæры стыр хæс, нæ ирон æгъдæутты чи ныффидар ис æмæ нын цæсгом чи кæны, уыцы уагæвæрдты сæрты йæ ахизын нæ уадзы. Уый аив нæу. Уый нæ фæтчы... Афтæ дыууæ æрыгон удæй иу æнæныфс куы уа, иннæйы та нæ ирон æфсарм йæ дзых схæлиу кæнын куы нæ уадза, уæд уарзондзинады арт мынæг кæны æмæ фæстагмæ ахуыс- сы, кæннод та зæрдæниз дæтты. Стыр хъыгагæн, абоны фæсивæд, нæ рæзгæ фæлтæр, сæ уарзондзинадыл нымд нæ кæнынц, æфсармы кой нал кæнын. Къултыл æмæ цъыф асфальтыл стыр дамгъæтæй куы ныф- фыссай, «я тебя люблю», зæгъгæ, уæд уый цы у? Уый цавæр уарзондзинад у? Нæ зарæггæнджытæ æмæ зарæгфыссæг по- эттæ та бынтон басгуыхтысты. Горæты сауæрфыг рæсугъд лæппуйыл фембæлд чызг. Рынчын æфсон скодта, йæ хæдзар- мæ йæ басайдта æмæ йын йæхи ракурын кодта, — фыццаг хатт кæй федта, уымæн. Царциаты диссæгтæ. Бæстæ рафæл- дæхт. Чызджытæ лæппуты курын байдыдтой. Ахæм зарæг зарын нæ, фыссын дæр æй нæ хъæуы. За- рæджы хъуыды, йæ мидис, йæ апп хъуамæ адæмы æгъдау, царды уаг æмæ цæсгом æвдисæг уой. Æцæгæлон адæймаг, зарæг фехъусгæйæ, æмткæй аргъ кæны Ирыстонæн, йæ куль- турæйæн. Ацы зарæджы та: фыццаджыдæр, ирон адæммæ лæппуйы сауцæст, сауæрфыг никæд хуыдтой. Афтæ дзырд- той чызгæй. Лæппуйæ та-иу загътой: фæтæнуæхск, нарæг- астæу гуырвидауц, цæхæрцæст æ. а.д. Мæ хорз æрдхорд-æмгар, дзæнæтыбадинаг Мурасты Эль- брус йæ чиныг «Фæстаг ныфс»-ы фыссы: «Ныры чызджыты зæдтимæ ничиуал фæивддзаг кæндзæн. Абон сæхæдæг хо- йынц лæппуты къæсæртæ. Стæй сæ уарзон ныхæстæ, лæг йæхицæн дæр схъæр кæнын кæй нæ фæуæнды, уыдон кауы сæрæй нæ, фæлæ Ирыхъæуы уæлдæр цъуппæй радзурынц, æгас Ирыстон сæ куыд хъуса, афтæ. Цыма чъиутæ феууи- лынц, уыйау сæ цæсгæмттæ бынтон суадзынц. Сæ рог, къуыдипп митæ æнæфсарм кæй сты, æвзонг удыл кæй нæ 242
фидауынц, æппынфæстаг, кæйдæр лæппуты адæмы цæсты кæй æфтауынц, уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæ вæййы». Тотрадзы кæстæр хо Азау-иу арæх абæрæг кодта йе ’фсы- мæры æмдзæрæны. Иуæй, хойы æгæрон уарзт, иннæмæй та — сылгоймаджы бафснайд, дзаумайы бæстон равæрд хи- цæн у. Нæлгоймагæн йæ цæст алы лыстæг хъуагдзиндтæ нæ ахсы, уæлдайдæр сыгъдæгдзинады хъуыддаджы. Азау-иу куы æрбауад, уæд-иу Тотрадзы уат цæхæртæ скалдта, сæ фарсмæ цæрæг лæппуты уат дæр ма-иу афснайдта. Тотрадз фæцахуыр и йæ хойы узæлд æмæ аудындзина- дыл. Адæймаджы, дам, мацæуыл сахуыр кæн, куы йæ са- хуыр кæнай, уæд та йæ мауал фæцух кæн. Æрæгмæ-иу куы цыди Азау, уæд-иу йæхимидæг стыхсæгау кодта, алы æнæ- хъæугæ хъуыдытæ-иу сæрмæ бырстой. Хæрзконд, хæрзуынд уæздан чызг — Азау, бирæ лæппутæ та къуыдиппарæзт, мый- йаг, цы нæ вæййы, тыхæскъæфт?!. Фæлæ та-иу уайтагъд уыцы тар хъуыдытæ йæ сæрæй фæсырдта. Иу фæссихор та фæзынд Азау, кæсы æмæ йе ’фсымæр кæрты даргъ бандоныл бады, йæ фарсмæ дыууæ чызджы. Иу дзы даргъдзыкку- джын, йæ дзыккутæ размæ æппæрст, уый йын йæ цæстæнгас тынгдæр аздæхта йæхимæ. Æмæ куыннæ, кæд иннæ дæр хæрзаив чызг уыдис, уæддæр а фæстаг рæстæджы дзыкку- джын чызгыл стæм хатт æмбæлди Азау. Тотрадз фестад, чыз- джытæй хатыр ракургæйæ, фæраст ис йæ хомæ. Кæрæдзи- уыл бацинтæ кодтой, цæмæйдæрты кæрæдзийы афæрстытæ кодтой æмæ æмдзæрæны уатмæ бараст сты. Азау уаты къуым- ты йæ цæст ахаста. Стъолыл банкæйы хуылфы сиренты баст, сæ хæрздæф уаты апырх ис, æмæ зæрдæ цæппузыртæ кæны. Йæ зæрдæ барухс и сæ хæрзæфснайд, бæстон сыгъдæгдзина- дæй, фæлæ ма дзы уæддæр йæхи фаг æфснаинæгтæ ссардта. Иу цыбыр рæстæг ма кæрты уыцы даргъ бандоныл абадты- сты дыууæйæ, чызджытæ уæдмæ ацыдысты, æмæ йæ рафæн- дараст кодта. — Кæд та æрбауайдзынæ? — афарста Тотрадз. — Бæлвырд æй нæ зонын, цыдæр хъуыддæгтæ ма мын ис, фæлæ та дæм зындзынæн, — уыди хойы дзуапп. Мады зæнæг зынаргъ куыд нæу, фæлæ дзы кæцыдæр зæрдæмæ æввахсдæр, адджындæр вæййы. Тотрадзæн мæнæ Азау куыд у, афтæ. 243
Æртæ къуырийæ фылдæр нал æрбацыди Азау, фæлæ та, йæхи загъдау, уæддæр фæзынд. Кæрты даргъ бандоныл та цалдæр чызджы бадгæ æрбаййæфта. Чызджытæй иу Азауы базыдта, Тотрадз библиотекæйы ис, зæгъгæ, сдзырдта, æмæ сæ хъæлдзæг ныхас дарддæр кæнынц. Азау уæддæр бауад Тотрадзы уатмæ, тагъд-тагъд цыдæртæ афснайдта, фæлæ йе ’фсымæры æрбаздæхтмæ нал банхъæлмæ каст. Æхсæв йæ бартæ исынвæнд куыд кодта, афтæ æнафонгомау фæзынди Тотрадз дæр. Уатмæ куыддæр бахызт, афтæ базыдта, йæ хо та йæм кæй æрбауад. Азауы бæстон æфснайд ын цы базонын хъуыд! Сесситы рæстæг студент тынг æнæвдæлон вæййы, зæхку- сæг уалдзыгон бонты куыд æнæвдæлон вæййы, раст афтæ. Азауимæ дæр фæстаг дыууæ цыдæн уымæн нал сæмбæлды- сты, рæстæг сахатгай нæ, минутгай нымад цæуы. Ныр сесси- тæ ахицæн сты, студенттæ сæрибарæй сулæфыдысты, æнæ- мæтæй абадæн дæр ис. Фæлæ та ацы хатт дæр Азау Тотрадзы йæ уаты не ’рбаййæфта. Къæлидоры йæ размæ фæци æртæ чызджы, уыдонимæ даргъдзыккуджын дæр. «Ды, æвæццæ- гæн, Тотрадзы агурыс? Æз æм ныртæккæ фæдзурдзынæн», — æмæ æртыккаг дуар бахоста. Рахызт дзы Тотрадз иу лæппу- имæ. Тотрадз даргъдзыккуджын чызгимæ цалдæр ныхасы скодта, æмæ Азауы ’рдæм фæраст сты. Салам радтой кæрæ- дзийæн, æмæ æртæйæ дæр иу уысм фæхъус сты. Æрæджиау, Тотрадзы цыма исчи йæ тар фынæйæ фехъал кодта, базонгæ ут, зæгъгæ, фæкодта: — Уый — мæ хо, Азау, уый та — Тамарæ. Иу цъус ма аны- хæстæ кодтой, æмæ Тамарæ йе ’мбал чызджытæм атагъд код- та, Азау дæр йæ хъуыддæгты фæдыл фæраст и.- Тамарæ хо æмæ æфсымæры кæрæдзиимæ абæрстытæ кодта, йæ хъуыды- ты кæм бамидæг ис, Хуыцау йæ зонæг Йæхимидæг бадис кодта, куыд æмхуызон сты, ууыл. Æдде бакастæй нæ, фæлæ тынгдæр — зæрдæйæ, æфсарм, æгъдауæй. «Стæй цæуылнæ хъуамæ уой æмхуызон, кæд æмæ иу мадæй гуырд сты, иу дзидзи дадтой», — уыцы хъуыдытæгæнгæ йе ’мбал чызджыты æрб(аййæфта, æмæ араст сты киномæ. Иу дзæвгар рæстæджы фæстæ та Азау, цыдæр хъуыддæг- ты фæдыл зилгæйæ, йæхицæн скарста: «Цом æххæст Тотра- дзы дæр абæрæг кæнон». Бахызт æмдзæрæиы кæртмæ. Иу 244
бандоныл бадынц цалдæр лæппуйы, сæ ныхмæ иннæ бандо- ныл та æртæ чызджы, сæ кæрæдзийы мидæг цыдæр тыхст ныхас кæнынц. Тамарæ Азауы ауыдта, фестад æмæ йæ сæ фарсмæ æрбахуыдта. Сæ тыхсты сæр ын бамбарын кодта: «Цыппар билеты киномæ райстам, нæ цыппæрæм æмбал фæ- стиат кæны, рæстæг та ма нын æрмæст 15 минуты баззад. Азау, уæддæр де ’фсымæр библиотекæйы ис, æмæ ам æн- хъæлмæ кæсыны бæсты цом махимæ киномæ, уæдмæ Тотрадз дæр зындзæн», — æмæ йын йæ къухыл рахæцыд, дзуапмæ дæр æм нал банхъæлмæ каст; цыппарæй дæр атындзыдтой киномæ. Диссаджы хъæлдзæг киноныв. Кæрæдзийы дзыхæй исынц ныхас кинойы алы хъайтарты тыххæй; афтæ, хъæлдзæг ны- хасгæнгæ, бахызтысты æмдзæрæны кæртмæ. Тотрадз сæ раз- мæ рауади, «мæ хойы мын кæдæм асайдтат?» сæ куыд афар- ста, афтæ æмхъæлæсæй фæкодтой: «Æфсымæры зæрдæ хъæдмæ, хойы зæрдæ та киномæ», — сæхæдæг зæрдиаг худт ныккодтой æмæ ацыдысты. Тотрадз æмæ Азау дзæвгар фæбадтысты, Азау ын йæ ки- номæ балцы хабæрттæ фæдзырдта. Тамарæйы кой дæр сæм æрцыди. «Æвæдза, Тамарæ цы дзæбæх чызг у! Цы йæ ба- каст, цы йæ уынд, сæйрагдæр та йе ’гъдау, æфсарм. Уæдæ йæ дыууæ даргъ дзыккуйы та цæй аргъ сты? Ныр цалдæр фембæлды, æмæ дзы иу уæлдай, æнаив ныхас дæр никуы сирвæзт. Цыма йæ рагæй зонын, афтæ мын цæмæндæр ад- джын фæци». Тотрадз, æнæдзургæйæ, йæ сæр разыйы тылд кодта. Студенты цард рæсугъд æмæ хъæлдзæг у, фæлæ, хъыга- гæн, рæстæг тагъд згъоры. Дыууæ азы æмæ æрдæг кæуылты атахтысты, ацу æмæ йæ базон. Æртыккаг курсы студенттæ — хъæлдзæг, цардбæллон фæсивæд. Царды бирæ фæзилæнты лæгмæ цы кæсы, уый та зæххон адæмæй чи зоны?.. Хъысмæт хивæнд æмæ æгъатыр у. Æртыккаг курсы куы уыди Тамарæ, уæд йе ’фсымæр Ким шахтæйы фæмард. Иу- уыл студенттæ дæр фæхъыг кодтой, дзæвгарæй йæ фæстæ мæрддзыгой фæцыдысты. Рыст зæрдæ æгоммæгæс у, уæл- дайдæр уарзæгой хойы зæрдæ. Загъдауæн баззади: «хойы зæрдæ æфсымæрмæ, æфсымæры зæрдæ — хъæдмæ». Æцæг, ацы хатт æфсымæры зæрдæ хъæдмæ нæ, фæлæ уазал сау 245
мæрмæ здæхт æрцыди. Тамарæ йæ цæсты сыгæй йæхи æхсы. Йæ алыварс ницыуал æмæ никæйуал уыны. Бæстæ йыл бата- лынг и. Раздæр цы хæхты рæсугъддзинадæй не ’фсæст, уы- дон дæр цыма йæ уарзон æфсымæры æвирхъау мæлæты ах- хосджын сты æмæ лыстæг згъæлæнтæ баисты, нал сæ уарзы, нал сæ хаты уыдоны дæр. Тамарæ йæ фыр тыхст æмæ ры- стæй йæ ахуыр ныууадзынвæнд дæр скодта, фæлæ йæм То- традз сæхи курсæй цалдæр чызгимæ фæцыди сæ хæдзармæ. Бирæ лæгъстæты фæстæ йæ мад дæр уыдоны фарс фæци. Йе ’фсымæр Кимы ныхæстæ йын йæ зæрдыл æрлæууын кодта, мæнæн мæ хотæ дæр хъуамæ ахуыргонд уой, зæгъгæ. Тама- рæйы цæстытыл ауади, Ким ын куыд уайдзæфтæ кæны, уый. «Ды ме ’мбаргæ хо куы дæ, сомбон фæсмонгонд цæмæй ма фæуай, сразы у мама æмæ де ’мбæлттимæ». Йæ цæстытæ до- нæй^айдзаг сты, æмæ... æрæджиау йæ фæнд аивта. Йе ’мбал чызджытæ йæ иу сахат дæр иунæгæй нæ уагъ- той, йæхимæ хъусыныл ма фæуа, зæгъгæ. Тотрадз дæр æм фылдæр йæ хъус дары. Æнæнхъæлæджы йын цыма рауади, афтæ йыл амбæлы, архайы, цæмæй чызг йе ’рхæндæг хъуы- дытæй иу гыццыл фæиппæрд уа. Рæстæг хосгæнæг у, фæ- зæгъынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы уæззау цæфæн фе- рохгæнæн нæй, зæрдæйы баззайдзæнис арф хъæдгом. Уыцы хъæдгомæн та рæстæгæй-рæстæгмæ æнæ фæагайгæ нæй, æмæ та уæд судзаг цæссыгтæ суадонау фемæхсынц. Царды цалхæн уромæн нæй, рыст зæрдæйы хицау дæр удæгæсты цæрайæ хъуамæ цæра. Тамарæ дæр цæры^, уæдæ цы кæна, адæмы фарн æмæ æфсарм тыхджын у. Йæ мад æмæ хо Оля æппынæдзухæй йæ цæстыты раз лæууынц. Йе ’мгæрттæ йыл куыд аудынц, уый йæ, иуæрдыгæй, ныфсджын дæр кæны, иннæрдыгæй та дзы бæрнондзинад домы. Æмæ кæмдæрты йæхицæн ныфсытæ дæр авæры, кæмдæрты цæсты сыгтæ дæр фæуромы. Кæй зæгьын æй хъæуы, хъæлдзæг хъуыд- дæгтæ æмæ ирхæфсæн мадзæлттæм йæ хъус нал дары. Тотрадз æмбæрста Тамарæйы зæрдæйы уаг æмæ-иу æй исты æфсæнтты кæнæ лæгъстæты фæрцы рацæуын кодта цы- быр рæстæг атезгъо кæнынмæ Сабырдзинады проспектмæ кæнæ та паркмæ. Уыдон уыдысты сæ улæфæн адджындæр æмæ уарзондæр бынæттæ. Изæры сатæджы-иу проспект адæ- мæй æмызмæлд кодта, зæрондæй, æрыгонæй — мыдыбындзытæ 246
сæ чыргъæды куыд дыууæрдæм фæкæнынц, афтæ. Адæмы æхсæн та зæрдæ фидардæр æмæ ныфсджындæр кæны. Афтæ- иу, ныхæстæгæнгæ, Тамарæ, уæд та цыбыр рæстæгмæ, йæ уæззау, æрхæндæг хъуыдытæй фæиппæрд и. Сæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц студенты хъæлдзæг, æнæферохгæнгæ бонтæ. Тамарæ æмæ Тотрадз райстой сæ ди- пломтæ. Дипломтимæ ма сæ ног куысты бынæттæм æвдисæн- дар-фæдзæхст гæххæттытæ, уыдон ахсджиагдæр уыдысты. Фæстаг хъазтизæр, фæстаг фембæлдтытæ, рауагъдонтæн иу- мæйаг хуызистытæ, кæрæдзийæн лæвæрттæ хицæн хуызи- стытæй. Тотрадз æмæ Тамарæ дæр кæрæдзийæн балæвар кодтой сæ къамтæ. Тотрадз æй цыма фыццаг хатт федта, къа- мæй йæ цæст нал иста. Хъуыдыты аныгъуылд, йæхимидæг цыдæртæ схъуыр-хъуыр кодта, йæ фæстаг ныхæстæ хъæрæй сирвæзтысты: «Ацы хатт ын æнæ зæгъгæ нæй æргом». Йæхи- цæй фефсæрмы и, сонт стад фæкодта, дуары æдде фæци æмæ Тамарæйы хатæны æрдæм йæ ных сарæзта. Ацы хатт йæхи цыдæр ныфсхастдæр банкъардта. Тама- рæйы цæрæнуаты дуар уыцы цæрдæг хост бакодта, базыхъ- хъыр æй кодта æмæ хъæлдзæгхуызæй бадзырдта: «Уæд та иу гыццыл паркмæ бакæсиккам, атезгъо кæнæм, нæхи аирхæф- сæм». Тамарæ дæр цыма ацы ныхæстæм æнхъæлмæ каст, æнæ уæлдай ракæ-бакæ сразы ис. Паркмæ бахæццæ сты. Цадмæ ’ввахс, бæлæсты бын, иу фæхсын бандоныл æрбадтысты. Цады бæлæгъты ленк кæ- нынц- фæсивæд, сæ хъæлдзæг ныхас æмæ худт мæйрухс æх- сæвы сыгъдæг уæлдæф айгæрды. Иу бæлæгъ дзы доныхъаз- ты размæ хæстæгдæр баленк кодта. Бынтон сæм куы баввахс и, уæд чызджытæй иу йæ фæлмæн гуылæй ратыдта æмæ йæ хъазтæн йæ армы тъæпæныл авæрдта, уыдон дæр уæздан æмæ уæндон хæрд кæнынц. Дымгæйы уддзæф бæласы сыфтæртæ чысыл базмæлын кæны. Мæй дæр цыма дыууæ æрыгон уды æфсæрмдзаст æм- бæхста, куы мигъы къуымбилы амбæхсы, куы та йæ иу кæ- ронæй сусæгæй ракæсæгау кæны. Иу уысм æнæдзургæйæ абадтысты, стæй Тотрадз чызгæн йæ рахиз къух райста, йæ дыууæ армы астæу æй бакодта, цыма зымæгон хъызт изæр у æмæ йын суазалæй тарсти. Йæ мысинæгты дзæкъулы ком феуæгъд ис, сæ ахуыры хъæлдзæг бонтæй зæрдыл куы иу, 247
куы иннæ æрлæууы; кæм худæгæй бакъæцæл вæййынц, кæм та æрхæндæг сахаттæ дæр æрхъуыды кæнынц. Дзæвгар фæбадтысты, адджын мысинæгты фæабугътой, фæлæ сæ иуæй дæр сомбоны цардвæндагыл ныхас не схауд- та. Тотрадз йæхимæ мæсты кæны. «Цы фæци дæ ныфс?! Къæлидоры цæугæйæ, стыр дзыхæй куы дзырдтай: "Ацы хатт ын æнæ зæгъгæ нæй æргом! Ацы хатт ын æнæ зæгъгæ нæй æргом!" Кæцы ацы хатт ма уыдзæн? Ацы изæрæй хуыз- дæр фадат нал ссардзынæ, уый нæ зоныс? Уæрæсейы къуым- ты ма йæ кæм агурдзынæ уый фæстæ? Æй, джиди, ныр иу ныфсы къæртт!» Дзых бæргæ схæлиу кæны, фæлæ та дзы æндæр æнæхъæу- гæ ныхæстæ схауы. Рараст сты æмдзæрæнмæ. Тотрадз чыз- гæн йæ къух не суæгъд кодта, цалынмæ æмдзæрæнмæ бахæц- цæ сты, уæдмæ. Йæ къухы хъарм ма йын дыккаг бон дæр цыма æнкъардта, афтæ йæм каст. Уый уыди сæ фæстаг фем- бæлд, хъæлдзæг зæрдиаг фембæлд. Дæс боны фæстæ алчи- дæр афæндараст уыдзæн йæ ног кусæн бынатмæ. Тамарæ æрвыст æрцыди Уæрæсейы стырдæр горæттæй иумæ, Тотрадз та Сыбыры стырдæр арæзтæдтæй иумæ. Уый- адыл дыууæ æрыгон адæймаджы æхсæн бастдзинады хал аскъуыди. Фæлæ Тотрадзы хо Азау, Тамарæйы йæ куыстмæ фæндарастгæнгæйæ, сæ хæлардзинад бахъахъхъæдта. Афæ- дзы фæстæ уый дæр ацыд ахуыр кæнынмæ Уæрæсемæ, фæлæ Тамарæимæ сæ бастдзинад нæ фехæлд, кæрæдзимæ фыстæ- джытæ фыстой, бæрæгбонты — арфæйы гæххæттытæ. Поэт куыд загъта, æмдзæвгæйы алы дыууæ рæнхъы æхсæн дæр сусæг хъуыды æвæрд вæййы, зæгъгæ. Тамарæ дæр Азаумæ фыстæджыты кæмдæрты Тотрадзы кой скодта, фæлæ лæп- пуйы ’рдыгæй куы ницы «уынæр» хъуысти, уæд уый дæр ныссабыр и. Тотрадзыл фæуæлахиз ^ис йе ’нæуæндондзинад, бынтон æнæныфс та ам разынди. Йæ хо Азауимæ арæх фыстой кæ- рæдзимæ фыстæджытæ, æмæ йæ кæд бæлвырд зыдта Аза- уæн йæхи ныхæстæй, Тамарæимæ сын бастдзинад ис, уый, кæд-иу ын арæх салæмттæ дæр æрвыста, уæддæр никуы ракуырдта Тамарæйы адрис. Уымæй дæр æфсæрмы кодта, мæ уарзон хо мын, мыййаг, мæ зæрдæйы арфæмбæхст æн- къарæнтæ куы базона, зæгъгæ. 248
О, æнæныфс, æнамонд Тотрадз! Зæрдæйы сыгъдæг æн- къарæнтæ йæхицæн дæр æргом æмæ хъæрæй зæгъын йæ бон кæмæн нæ уыди... Тотрадз йæ ног куысты бынаты цалынмæ фæфидар ис, цалынмæ цехы кусджытимæ æввахсдæр фæзонгæ ис, уæдмæ йын цыдæр нæ фаг кодта, цæуылдæр-иу стыхсæгау ис. Арæх- иу йæхимидæг хъуыдыты аныгъуылд, йæ цæстытыл уадысты ахуыры азтæ. Студенты аудиторийæ æвиппайды заводы стырдæр цехæн разамонæг су, уæлдайдæр æнæ фæлтæрддзи- надæй, — уый æнцон хабар кæм уыдаид. Знон, заводы иу- мæйаг æмбырды, парторг Тотрадзы цехы кой куы райдыдта, уæд æппæтæй дæр хъустæ фестади, ныртæккæ нын нæ къуы- лымпытæ æмæ рæдыдтытæ хурмæ ракалдзæн, зæгъгæ. Иæ- химидæг ивгъуыд мæйы кусгæ бонтыл йæ цæст ахаста, фыр диссагæй ма йæ блокнот дæр фелвæста. Иу боны къуыхцы- йыл дзы йæ цæст андæгъди, уый дæр хомаг кæй нæ уыди, уый аххосæй. Парторгмæ дæр лæмбынæг нал хъуыста, фæлæ «молодцы», зæгъгæ, йæ хъустыл куы ауади, уæд дзы цыма исчи теман фæтъыста, хæрдмæ фесхъиуæгау кодта, йæ блок- нот дæр йæ къухтæй æрхауд, æмæ докладгæнæгмæ хъусы- ныл фæци. «Уый мæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, — загъта до- кладгæнæг. — Кæд кварталы бæрæггæнæнтæ дæр иумæйаг нымадæй афтæ хорз рауайой, уæд Тотрадзы цех соцерысы фыццаг бынат æрцахсдзæн». Тыхджын къухæмдзæгъд ын йæ хъуыдытæ фæсырдта, адæмы фæстæ сыстад æмæ уынгмæ ра- хызт. — Арфæ дын кæнæм! Арфæ дын кæнæм! — Бузныг, бузныг, — æндæр сæм йæ бон сдзурын ницы бацис. Адæм апырх сты, Тотрадз иунæгæй аззад. «Ныр мын цы арфæтæ кæнынц? Цыма цæугæ сырх тырыса мæ къухты уыди, мæ кусæн уаты рæбинаг къуымы ног чындзы лæуд кæны. Фæлæ фæлæуут! Æз уын уæ арфæтæ æцæгæй дæр куы нæ райсон. Цы цыбыр рæстæг ма баззад кварталы кæ- ронмæ, уым хъæддых фæлæууын хъæуы. Сæйраджыдæр, тынгдæр кæм рахæцын хъæуы, уыцы лæмæгъ бынат зонын. Ехх, ныр дыл иу фæхæцæг ма уæд, дæ мæт, дæ сагъæс кæ- мæн радзурай, зæрдæйæ дæ чи бамбара! Цехы кусджытæ иу- уылдæр æнувыдæй архайынц, уæдæ мæ хæдивæгæй дæр 249
ницы хъаст кæнын. Фæлæ уыдон... Уыдон æндæр фарстаты бæззынц» — æмæ та йæ йæ сæнттæ Кавказы хæхтырдæм аха- стой. «Ехх, Тамарæ, Тамарæ! Куы йæ зонис, дæ уынаффæ, дæ цæстуарзон ныхас мæ ныртæккæ куыд тынг хъæуы. Фæлтау æз дæр дæумæ æввахс горæтмæ куы райстаин мæ æвдисæн- дар-фæдзæхст гæххæтт, фæлæ мæ романтикæ дард Сыбырмæ расайдта. Уæвгæ та уымæй дæр мæхи фæливын. Цалдæр азы цы хъуыддагмæ бахъав-бахъав фæкодтон, абон-райсом кæ- мæй ныфсытæ февæрдтон мæхицæн, уымæй ма хæстæг го- рæтты дæр цы хъуамæ сырæзтаид... Иуæй-иу хатт адæйма- гæн, рынчын уæвгæйæ, йæ тæвд куы сбæрзонд вæййы, уæд сæнттæ дæр фæцæгъды. Æз дæр ма ныр сæнттæ цæгъдын, фæлæ хъуыддагæн та цы пайда сты». Уыцы хъуыдытимæ æмдзæрæны кæртмæ æрбахæццæ ис, æмæ йын зонгæ хъæлæс йæ бæллицты хал æрбаскъуыдта: «Фыстæг та дæм дæ уарзон Кавказæй». Зæрдæ фестъæлфыд, сæры цæмæндæр Тамарæ фæмидæг и. «Нæ, уымæн уæвæн нæй!» Фыста йæм йæ хо Азау. Тамарæйæ дæр фыстæг рай- стон, зæгъгæ, хъусын кодта, фæлæ дзы Тотрадзæн салæмтты кой не скодта. Азауы фыстæг ын æхсызгон куыд нæ уыди, фæлæ зæр- дæйы иннæ хай та Тамарæйы агуырдта. Ам та йæхимæ хæ- цын байдыдта. «Худинаг мын фæуæд, кæд цытæ домын. Фыццаг къахдзæф хъуамæ ды акæнай. Дæхæдæг! Бамбæр- стай? Дæхæдæг цы хъуыддæгтыл фæхудыс, уыдон та домгæ æмæ агургæ кæныс. Фæлтау иу ныфсджын къахдзæф акæн абон, фондз азы размæ акæнинаг чи уыди... Дæ фæндон, дæ хъуыдытæ гæххæттыл райхалын æнцондæр у. Кæд Тамарæ- йæн фондз азы, уыцы бирæ фембæлдтыты, дæ ныфс нæ ба- хастай дæ рухс æнкъарæнтæ раргом кæнын, кæд æфсæрмы кодтай, уæд ныр та уе ’хсæн мин километры. Ныр уæддæр бауæнд, ныр уæддæр фæныфсджын у. Уæд та дæ уарзон хо Азауæн раргом кæн дæ зæрдæйы сагъæстæ, æмæ йын æй уый сæхирдыгонау, куыд сылгоймаг сылгоймагæн, афтæ бамба- рын кæндзæн». Дон æнцад куы лæууа, уæд ыл хъуына хæцы. Тамарæйы хуызæн хæрзконд, хæрзæгъдау чызджы æцæгæлон цæст тагъд æрцахсы. Фæзынди йæ агурджытæ, æмæ йæ амонд 250
ссардта. Йæ равзæрст зæрдæйы фæндиаг уыдис æви нæ, уый та Иунæг Хуыцау зоны. Уæдмæ Азау дæр ахуыр фæци, куыстмæ йæ рарвыстой нæхимæ, Ирыстонмæ. Тамарæ дæр йæ куысты бынат аивта, æмæ Азауимæ сæ бастдзинады таг аскъуыд. Тотрадз Сыбыры (^æкуыста æртæ азы æмæ æрыздæхт йæ уарзон Ирыстонмæ. Иæхинымæр, стæй-иу йе ’мкурсонтæй кæуыл фембæлд, чызгæй, лæппуйæ, се ’ппæты дæр фарста Тамарæйæ, фæлæ йын йæ фæдыл нал фæхæст и. Рæстæг та дугъон бæхæй уæлдай нæу. Алцыдæр йæ афоныл кæнын хъæуы. Йæ боны, дам, кæй нæ бакæнай, уый сæдæ боны дæр нæ бакæндзынæ. Тотрадз йæ бон куы базыдта Тамарæйæ, уæд уый дæр куырмæй цæуæгау, хиуæттæ йын кæй баны- мыгътой, уыимæ йæ цард сбаста. Фыццаг бакастæй амондцух цыма нæ уыдысты, фæлæ зæрдæйы арфы цы æмбæхст ис, уый йæхæдæг æмæ Хуыцауæй дарддæр ничи зыдта. Тама- рæйы сурæт, йæ мидбылхудт, йæ даргъ дзыккутимæ риуыл уагъдæй, æппынæдзух йæ цæстыты раз лæууыд. Йæ къухы хъарм ын абон дæр цыма æнкъары. Стæм хатт ма Сабырдзи- нады проспекты куы фæцæйцæуы, уæд йæ зæрдæ цавæрдæр æбæрæг цинæй айдзаг вæййы. Йæ мысинæгтæ йæ бæрзонд фелвасынц, проспекты иу кæронæй иннæмæ йæ аскъæфынц, парчы дæр æй балæууын кæнынц æмæ йæ мæсты тъæпп æр- кæнынц йæ бынаты. Йæ бæллицтæ йæ ахæссынц йæ царды рæсугъддæр æмæ адджындæр афонмæ — студенты æнæмæт бонтæм. Куыд цардбæллон æмæ цардæфсæст уыдысты! Мæнæ та парчы уыцы бандоныл йæхи æруагъта Тотрадз. Цады æнæзмæлгæ уæлцъармæ кæсы æдзынæг, æмæ йæм^до- нæй Тамарæйы сурæт йæ даргъ дзыккутимæ фæзынди. Йæ- хиуыл хæрдмæ схæцæгау кодта, цыма сдзурынмæ хъавыд, дæ дзыккутæ цæмæн ныххуылыдз кодтай, зæгъгæ, фæлæ уæдмæ уыцы ран доныхъаз уæздан раленк кодта. Æмæ æр- бадт бандоныл фæстæмæ æнкъардæй. Хъысмæт! Амонд! Фарн! Уыдон цардаразæг, царддæттæг сты. Фæлæ хъысмæт се ’ппæтыл дæр хицауиуæг кæны, уы- мæн йæхи æгъдæуттæ æмæ закъонтæ ис. Адæймаджы къух æмæ зонд сæм нæ хæццæ кæны. Адæймагæн нæу йæ бон хъысмæтимæ тох кæнын, амонд æмæ дзы фарн ракурын, сæ аивын дæр йæ бон нæу. Адæймаг, дам, куы райгуыры, уæд, 251
дам, йæ ныхыл фыст вæййы йæ амонд, йæ фарн. Хъысмæт æрыгон зæрдæйы домæнтæм нæ хъусы, уарзы, нæ уарзы, уый йæм нæ хъары. Æгъатыр у. О, фæлæ се ’ппæтмæ æмхуы- зон тызмæг нæу. Бирæтæн сæ царды бæллицтæ æмæ хъыс- мæты уынаффæтæ баиу вæййынц. Сæ уарзты цæхæр пиллон артæй фæсудзы, сæ зæрдæтæ æмгуыст фæкæнынц, æмæ дыу- уæ уарзæгой уды баиу вæййынц. Ахæмтæй фæзæгъынц, сæ хъысмæт иу рауади, амондджын фесты, фарн сæм йæ мид- былты худы. Тамарæ æмæ Тотрадзæн хъысмæт æндæр тæрхон рахаста, фæхицæн сæ кодта. Нæ сын бантысти сæ зæрдæйы æнкъа- рæнтæ кæрæдзийæн раргом кæнын. О, хивæнд зæрдæ! Цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйбæрц Тамарæйы сурæт арæхæй- арæхдæр зæрдæмæ бырсы. Фæсмоны уазал дымгæ зилдух кæны Тотрадзы зæрдæйы, фæлæ раздахæн нал ис царды цал- хæн. Кæддæр æй сусæгæй цы хуры тынтæ æндæвтой, уыдон ныр рæстæджы фæлмы бын фесты, хуры цæст сау мигътæ куыд бамбæрзынц, афтæ. Дзырдты рæсугъддæр æмæ æхсызгондæр — «уарзын дæ!». Уый цæсты сыгау сыгъдæгæй цы лæппуйы дзыхæй схауа æмæ фатау цы чызджы зæрдæйы ныссæдза, гъе уыдон вæййынц амондджын. Тотрадзы зæрдæйы æмбæхстæй баззади уыцы стыр æмæ сыгъдæг уарзондзинад, кæд æй бæлвырдæй æн- къардта, Тамарæйы зæрдæйы дæр ахæм арт судзы, уæддæр. Иу ныфсджын къахдзæф, æмæ уарзондзинады дидинæг уар- дийау райхæлдаид, адæм сын сæ амондмæ хæлæг кодтаик- кой. Фæлæ хъысмæты уазал комытæфæй уыцы уарзондзина- ды дидинæг йæхимидæг бахус и. Æниу, кæд, мыййаг, æппæт хъысмæтæй аразгæ дæр нæу, кæд дзы лæгæн йæхи дæр фезмæлын фæхъæуы. Кæйдæр, дам, дон фæцæйласта, æмæ хъæр кæны: «Уастырджи, фер- вæзын мæ кæн!». Уый йæм фæстæмæ дзуры: «Дæхæдæг дæр дæ къæхтæ æмæ къухтæ базмæлын кæн, æмæ дын æз дæр баххуыс кæндзынæн». Цард тох у. Хуыцау дын цард куы радта, уæд дзы хъуамæ тох кæнын фæразай, уæлдайдæр дæ амондыл. Дæ амонд куы ауадзай, уæд та Тотрадзы хуызæн фæсмон æмæ хъизæмары цард кæндзынæ.
ДЫУУÆ ИРЫ ЗÆРДÆ Ирон адæмы рагфыдæлтæ — алантæ Кавказы хæхты æва- дат кæмттæм тард куы æрцыдысты, уæд бынтондæр иппæрд- гондæй аззадысты æддаг рухс дунейæ. Хæстæг паддзахæдти- мæ нæ, фæлæ сын сæ кæрæдзиимæ, комæй коммæ бастдзинад дæр нал уыди цалдæр æнусы дæргъы. Хæхтæ сæ кæд аирвæ- зын кодтой бынтон бындзагъдæй, уæддæр æнусты дæргъы уыцы иппæрддзинад æнæфæзынгæ нæ фæци, кæй зæгъын æй хъæуы, æвзæрæрдæм сæ царды уагыл, сæ миддуне æмæ æх- сæнадон ахастдзинæдтыл сыхаг адæмтимæ. Нары дыууæуæладзыгон скъола 1939 азы 253
Кæд алантæм фыссынад бирæтæй раздæр фæзынди, уæд- дæр æй талынг хæхбæсты сæ бон æнусты дæргъы бавæрын нал баци. Фæлæ уыйхыгъд стыр хæзнайау бахъахъхъæдтой се ’взаг, се ’гъдау æмæ дзыхæйдзургæ адæмон сфæлдыстад. Рæстæг цыди. Æнустæ ивтой æнусты. Фыдæвзарæнты фæ- стæ иугай лæгты къухы бафтыди рухс цардмæ рудзынг чы- сыл байгом кæнын. XVIII æнусы ирон адæмы æхсæн фæзын- дис иугай лæгтæ — кæсын, фыссын чи зыдта. Фæззыгон мигъ бон хуры цæст стæм æрттывд куыд фæкæна, афтæ стæм уы- дысты уыцы иугай лæгтæ. Царды «адджын тæф», ома ахуы- рад, чи банкъардта, уыдон сæ адæмы талынг кæмттæй хуыд- той, рухсы цъыртт кæцæй цыди, уыцырдæм. Ирон адæм XIX æнусы кæрон — XX æнусы райдиан ахуы- ры ад æмæ ахадындзинад куы банкъардтой, уæд хæххон арф кæмтты дæр хъæуты куырыхон хистæртæ иумæйаг тæр- хæттæ хастой сæ кæстæрты сомбоныл. Иу ахæм æмбырды Нары зылды разагъды лæгтæ 1895 азы сæ иумæйаг уынаф- фæйы куырдтой хицауадæй, цæмæй сын баххуыс кæна иу- къласон дины скъола байгом кæнынæн, цæмæй сæм æрбарвитой ахуыргæнджыты æмæ сын фидой мызд. Хистæрты курдиат æххæстгонд æрцыд, æмæ 1897 азы Нары хъæуы байгом ис иукъласон дины скъола, иу цалдæр азы фæстæ та йæ скодтой дыууæкъласон. Цыдысты бонтæ, фæсивæды тырнындзинад ахуырмæ тынгæй-тынгдæр кодта, æмæ сын ацы дыууæкъласон скъола фаг нал уыди. Рæстæг домы йæхионтæ, адæм, æхсæнад та сæ хъуамæ æххæст кæ- ной. Уæд та 1910 азы Нары цæрджытæ æрæмбырд сты сæ Ныхасмæ æмæ рахастой иумæйаг уынаффæ, цæмæй арæзт æрцæуа Нары астæу дыууæуæладзыгон авдазон скъола. Рав- зæрстой къамис. Къамисы уæнгтæ уыдысты: Балаты Адам, Дзапарты Барис, Джиоты Никъала, Гаджиты Алекси, Мами- аты Алекси, Хаситы Никъала. Цæстдарæгæй дзы куыстой Джиоты Дауыт, стæй та Еналдыты Леуан. Ацы адæмыл æвæрд æрцыди уæззау, вазыгджын, фæлæ ахсджиаг хæс — цæмæй сæ кæстæртæ рухс дуне феной, амондджын цардыл фæхæст уой. Къамисы уæнгтæ Нары зылды алы хъæуы дæр хæдзари- хæдзар æрзылдысты, алы хæдзары уавæр æмæ хъомысдзинад хынцгæйæ, æрæмбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ, алкæмæн 254
дæр æмбарын кодтой, скъола хи фæрæзтæй арæзт кæй цæу- дзæни, уый. Æхцайы фæрæзтæ æмбырдгонд куы фесты, уæд расидтысты зиу, æмæ 1910 азы Нары дыууæуæладзыгон скъолайæн æвæрд æрцыд бындур. Алы хъæу дæр алы бон æрвыста цалдæр лæджы, æмæ чи дур цæттæ кодта, чи хъæ- дæрмæг, чи та къултæ амадта. Куыст æнæкъуылымпыйæ, ерысæй цыди, фæлæ, се ’хцайы фæрæзтæ фаг кæй нæ разын- дысты, уый аххосæй афæдзæй гыццыл фæстæдæр скъолайы арæзтад æрлæууыд. Нары зылды хистæртæ æмæ къамисы уæнгтæ мæт æмæ сагъæсы бахаудтой: «Цы кæнæм дарддæр? Хæхбæсты зы- мæг тызмæг у, лæмæгъдзинад, нæсæрфатдзинад нæ хатыр кæны. Зымæджы комулæфт та ныридæгæн хъуысын бай- дыдта. Адæмæй домæн ницыуал ис, афтæ дæр сæ фæстаг муртæ суæлдай кодтой, хицауадыл зæрдæ дарæн нæй. Æр- дæгарæзт бæстыхай та уарынтæ æмæ миттымыгъы бын куы фæуа, уæд нæ бирæ цæттæ куыстытæ доны къусы сæфт кæ- нынц. Цы æхцайы фæрæзтæ фембырд кодтам, уыдон дæр, дымгæ хус сыфтæртæ куыд апырх кæна æбæрæг рæтты, афтæ сæфынц». Сæ кæстæрты рæсугъд сомбоны сæраппонд адæм сæ фæ- стаг капеччытæ нæ бацауæрзтой, æмæ ныр уыдоны раз дæр æмæ Хуыцауы раз дæр дзуапп дæттын хъæуы къамисы уæнг- ты. Æхцайы фæрæзтæ не сфаг сты, уый иутæ раст бамбар- дзысты, чидæртæ та, гæнæн ис, æмæ йæ раст ма бамбарой. Фæззыгон рæсугъд бон. Адæмæн сæ ахсджиаг куыстытæ фæфæуд кæнынц, фæлæ къамисы уæнгтæ та сагъæсы бацы- дысты. Цы кæной дарддæр? Æмæ та къамисы уæнгтæ æмæ Нары куырыхон хистæртæ æрæмбырд сты сæ Ныхасы. Бирæ рабар-бабары фæстæ æрцыдысты иу хатдзæгмæ: Нарæй ра- цæуæг адæмæй амалхъом, феххуысхъом чи у, уыдонæн нæ уæззау уавæр бамбарын кæнæм, æмæ нын кæд баххуыс кæ- никкой, цæмæй не скъолайы арæзтад кæронмæ ахæццæ уа. Уæдмæ Нары зылдæй бирæтæ хуыздæр цардагур ралыгъ- дысты быдыры алы хъæутæм, чи та — Дзæуджыхъæумæ. Уыцы хуыздæр цард агурджытимæ уыдис Нары зылды За- сыхæй ралидзæг Хаситы Уасил дæр, сæрæн æмæ зондджын лæг. Фыццаг бацыди Дзæуджыхъæуы цавæрдæр сомихагмæ дуканийы хуымæтæг кусæгæй, уый фæстæ йын йæ дукани 255
балхæдта. Цасдæры фæстæ та балхæдта кондитерон цех. Цы- быр рæстæгмæ Уасил нымад уыди Дзæуджыхъæуы хъомыс- джын лæгты æмрæнхъ. Йæ бинойнагимæ сæм цард мидбыл- ты худти, гъе æрмæст сæ Мады-Майрæм йæ лæвæрттæй фæхъулон кодта. Хуыцау сын нæ радта кæстæр, æвæстагæй баззадысты. Уасил йе ’мкъаимæ сæ зæрдæйы хъармæй бирæ бæлццæт- ты батавтой, сæ цæхх æмæ къæбæрæй бирæ уазджыты фæ- хынцтой. Бирæ хохæгтæн баххуыс кодтой сæ тыхст сахаты. «Баххуыс кæнын цæсты рухс у», — дзырдта-иу Уасил. Дзæу- джыхъæумæ кæд раджы ралыгъди Уасил, кæд царды дзадж- джынты ленк кодта, уæддæр йæхиуыл нæ фервæссыди. Йæ райгуырæн хъæу Засыхыл æмæ æппæт Нары зылдыл дæр уæлæхох нæ кодта, йе ’мхъæуккæгты, йе ’мгæртты æппы- нæдзух мысыд æмæ-иу арæх æрбауад йæ райгуырæн хæхбæ- стæм. Иу ахæм цыд та куы æрбакодта Уасил Нармæ, уæд ын хъæубæсты хистæртæ æнкъардхуызæй фехъусын кодтой: Нары скъолайы арæзтад урæд æрцыдис, æхца кæй нæ рафаг и, уый аххосæй. Зын ын куыд нæ уыди уыцы хабар, æмæ уæд хъæддыхæй скарста, скъолайы арæзтад кæронмæ кæй ахæццæ кæндзæн. Цы арæзтадон æрмæг ма нæ фаг кодта, уый номхыгъд Уасил йæхимæ ныффыста. Дзæуджыхъæумæ куы æрцыди, уæд йæ цардæмбалы йæ фарсмæ æрбадын кодта, Нары скъолайы арæзтады къуы- лымпыдзинæдтæ йын радзырдта æмæ йын фæстагмæ афтæ зæгъы: «Хуыцау махæн цот нæ радта, фæлæ нæ фæллой, мулк æмæ адæмы уарзтæй та нæ фæцух кодта. Кæмæн ауæр- дæм нæ бирæ бынтæ? Уæдæмæ бавдæлæм æмæ нæ райгуы- рæн комбæстæн баххуыс кæнæм, Нары скъола кæронмæ са- разæм нæхи хардзæй æмæ нæхи номыл. Чи зоны, æмæ дзы цы сабитæ ахуыр кæной, уыдон искуы нæ ном дæр æрымы- сой». Уыцы уынаффæйы фæстæ Уасил балхæдта, цыдæриддæр ма хъуыди аразæн æрмæг, уый æмæ фехъусын кодта Нары хистæртæн. Дыккаг бон фæсивæд барæвдз кодтой сæ галуæр- дæттæ æмæ араст сты Дзæуджыхъæумæ. Æрмæг æрбаластой, æмаё та Нарьт скъолайы арæзтад ногæй йæ тæмæны бацыд. Афтæ Хаситы Уасил 1913 азы йæхи хардзæй кæронмæ ахæц- цæ кодта Нары дыууæуæладзыгон скъолайы арæзтад. 256
Ацы дыууæуæладзыгон скъола цалынмæ æрæзтой, 1910 азæй суанг 1913 азмæ, уæдмæ Нары зылды сывæллæтæ скъоламæ цыдысты Гаджиты Бимболаты хæдзармæ. Уынут сæ къамы. Фæлæ диссаг у, уыйæппæт сы- вæллæттæ кæм бацыдысты, уыйас хæдзар кæм уыди. Æвæццæгæн, хпцæн къордтæй, хинæн рæстæджыты цыдысты. Хъыгагæн, ацы рæзгæ сабитæй хур никæуылуал кæсы, фæрсгæ дæр ма кæй бакæна лæг... 1. Георгий (Гаркъæ) Гиоев 2. Александр (Лецца) Кутаров 3. Гастан Гиоев 4. Кирилл Цуциев 5. Каспо Хасиев 6. Иосиф Томаев 7. Никифор Гиоев 8. Гаврил Тотиев 9. Бадзи Дзапаров 10. Николай Кайтмазов 11. Николай Тотиев 12. Георгий Гиоев 13. Георгий Цуциев 14. Георгий Губаев 15. Миша Мамиев 16. Николай Хозиев 17. Петя (Быдзыг) Цуциев 18. Виктор Хетагуров 19. Михаил Хетагуров 20. Гудзи Дзидаханов 21. Даниил Хасиев 22. Сарто Бирагов 23. Борис Цуциев 24. Гаврнл (Габис) Цуциев 25. Аврам Бурнацев 26. Нина Цуциева 27. Ольга Хетагурова 28. Георгий Гагиев 29. Маня Гагиева 30. Пицка Дзапаров 31. Борис Бирагов 32. Борис Хасиев 33. Николай Хетагуров 34. Даки Дзидаханов 35. Георгий Епхиев 36. Авраам Николаевич Тотиев — учитель 37. Владимир Васильевич Хетагуров — законоучитель 38. Лекси Николаевнч Гагиев — сторож "17 257
Нары скъолайы арæзтады бæлвырд хабæрттæ мын ра- дзырдтой Бырнацты Созырыхъо — Фыдыбæстæйы Стыр хæ- сты архайæг (рухсаг уæд) æмæ Хаситы Тотрадз, уый та сæ фехъуыста йæ фыд Батчейæ. Хистæр фæлтæрæй ма абон дæр бирæтæ хъуыды кæнынц, Нары скъола ма Хаситы скъола дæр кæй хуыдтой, ома йын Уасил йæ арæзтад кæронмæ кæй ахæццæ кодта, уый тыххæй. Бирæ номдзыд адæм рацыди Нары скъолайæ, фæлæ мæ ныхас сæйрагдæр у, хæхбæсты талынг къуымты æнæрæн- цойæ æмæ æвæлмæцгæйæ рухстауæг чи уыди, стæй цырагъау адæмæн чи лæггад кодта, уыцы ахуыргæнджытыл. Нары скъолайы раздæры рауагъдон, абон та пенсиисæг Еналдыты Митя йæ мысинæгты фыссы, зæгъгæ, Нары скъо- лайы бирæ азты ахуыргæнджытæй фæкуыстой Хъуылаты Михал, Джиоты Аннæ, Джиоты Мария, Къодоты Михал, Цо- рæты Васили, Хаситы Алыксандр, Гарданты Солæман, Хъа- йырты Алыксандр, Дзанайты Сослан, Дзанайты Никъала, Куындыхаты Къоста, Хуырымты Женя, Хуырымты Нинæ, Дзапарты Раман, Дзанайты Дауыт, Гаджиты Савели, Мамиа- ты Аврам, Еналдыты Алыксандр, Цуциты Кирилл, Реуазты Серафин. Ацы ранымад адæм, чи сæ зыдта, уыдоны зæрдæ- ты ныууагътой хъарм æмæ уæздан æнкъарæнтæ. Нары скъо- лайы алы рæстæджыты директортæй куыстой Хъайтмазты Симон, Тотиты Аврам, Балаты Уано, Гуыбаты Петка, Гуыба- ты Елхъан, Магкаты Костя, Хуырымты Батырбег. Хистæр кары адæмæй ма абон хур кæуыл кæсы æмæ ацы уæздан адæмимæ чи куыста, кæннод дзы ахуыр чи кодта, уыдонæй сын алчидæр сыгъдæгзæрдæйæ мысы сæ нæмттæ. Хетæгкаты Варя — хæсты æмæ фæллойы ветеран, Зæрæ- мæджы скъолайы ахуыргæнæг, Еналдыты Митя — пенсиисæг, Нары скъолайы рауагъдон, Епхиты Миша — хæсты æмæ фæл- лойы ветеран — ацы куырыхондæр хистæртæ цыма иумæ ны- хас бакодтой, уыйау сæ алчидæр уæлдай разæнгардæй кодта Хуырымты Батырбеджы кой. Епхиты Миша йæ мысинæгты фыссы (Батырбег ын ахуыргæнæг æмæ директор дæр уыди): «Æппынæдзух йæ дæлармы уыдис газет «Рæстдзинад». Уый бирйе куыста, цæмæй газет фысгæ дæр æмæ кæсгæ дæр кæной хæххон адæм. Фæлæ ас адæм кæсын æмæ фыссын кæй нæ зыдтой, уымæ гæсгæ Батырбег йæхи хъæппæрисæй райдыдта 258
ликбезтæ аразын. Бирæ ацæргæ хистæртæ базыдтой кæсын æмæ фыссын Батырбеджы фæрцы. Ликбезы куыст цæмæй рæвдз дæр цæуа, уый тыххæй скъо- ладзауты дæр фæцалх кодта ацы куыстыл». 1929 азы Миша фыццагкъла- сон уыди, фæлæ, хорз кæй ахуыр кодта, уымæ гæсгæ йын Ба- тырбег бабар кодта, цæмæй йæ фыд Григолы, стæй сæ сыхаг зæронд лæгты дæр сахуыр кæна кæсын. Æвзыгъд, сæрæн сы- вæллон æхсызгонæй æххæст кодта йæ уарзон ахуыргæнæ- Хуырымты Батырбег джы ацы фæдзæхст. Иу дæс боны рацыдаид, афтæ Миша стыр цы- мыдисæй хъуыста, йæ фыд Григол, кæд къуыхцытæгæнгæ, уæддæр йæхи фыд Дауытæн (Мишайы дадайæн) газет «Рæст- дзинад» куыд касти, уымæ. Уыцы «æнтысты» хабар йæ ахуыр- гæнæгæн куы радзырдта æмæ дзы уый куы раппæлыди, уæд ма Мишайы цинæн кæрон кæм уыди, базыртæ йыл базад, æмæ ноджы зæрдиагдæрæй архайдта, касти «Рæстдзинад» йæ райгуырæн хъæу Цъесы æнахуыргонд ацæргæ адæмæн. Батырбегæн æрдзæй стыр курдиат лæвæрд кæй уыд, уый рабæрæг, Мæскуыйы ма куы ахуыр кодта, уæд. Ам райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын дæр. Дам-думгæнджытæ, нымудзæг æмæ дзырдхæсджыты Батырбег нымадта адæмы знæгтыл æмæ сафджытыл æмæ йæ цыргъ сисæй карз тох кодта сæ ныхмæ. МАРГЗÆРДÆ Æвæдза, ныр æрцыд дæ фæнд. Æвæдза, ныр дæ хъуыддаг рауад, Æгас дуне æмбойны уæд Фæуид дæ чъизи митæй заууат. 259
Дæ рæзты н’ атæхдзæни маргъ, Дæ хотых — хахуыр æмæ даутæ. Цы ран æрæвæрыс дæ къах, Уым кæрдæг дæр ыскæны саутæ. Ды сафыс адæмы рæстæй, Æмæ дыл се стыр маст æртыхсдзæн. Ды рæзыс адæмы рыстæй, Æмæ дæ адæмы фарн судздзæн. МæскуЫу 1937 аз Хъыгагæн, хæсты цæхæры бацарæфтыд Батырбег, нæ иннæ бирæ суинаг, курдиатджын поэтты æмрæнхъ. Йæ æр- дзон курдиатæй фæхайджын и йæ чызг Аллæ. Уый дæр фыс- сы æмдзæвгæтæ. Æрæджы Хуыцауы æмæ хорз адæмы фæр- цы йе ’мдзæвгæты чиныг мыхуыры рацыди. Абон Нары скъола йæ комкоммæ хæс нал æххæст кæны. Нал дзы хъуысы сывæллæтты хъæлæба, фæлæ йæ агъуыст ахæм æдзæллаг уавæры кæй ис, стæй хъуыстгонд Поты фæз дæр, уый та ирон адæмæн кады хос æмæ цæсгомгæ- нæг нæу. Поты фæз канд Туалгом æмæ Уæлладжыры комы иæ, фæлæ фæсхохы дæр хъуыстгонд уыди куыд уынаффæгæ- нæн бынат. Ардæм тæрхон кæнынмæ цыдысты æппæт кæмтты куырыхондæр тæрхоны лæгтæ, фидауын кодтой цыфæнды æнæбасæттон туджджынты дæр. Арæх-иу дзы уыди фидауынгæнæгæй йæ рæстæджы хъуыстгонд куыры- хон лæг Рукъæй — Томайты Мæхæмæт. Уæдæ Нарты гу- ыппырсар фæсивæдæн сæ хъазæн фæз Зилахар куыд уыди, Нар æмæ йæ алыфарс кæмтты фæсивæдæн та Поты фæз уыди ахæм тыхæвзарæн фæз. Ам фæсивæд æвдыстой сæ хъару, сæ арæхстдзинад бæхыл бадынæй, кафынæй æмæ алыхуызон ерысты. Поты фæзы уæрæх быдыртæ — Зруг- гомы доны былæй, Захъадоны галиувæрсты, суанг Дже- рийы хурхмæ (абоны таможнийы фæзилæнмæ) — уыцы цъæх-цъæхид нæуцъар тъæпæнтæ, суанг Нары хъæды рæ- бынтæм. Уый уыди кæддæр æппæт Туалгомы фидауц — Поты фæз. 260
Фæлæ стыр хъыгагæн, Поты фæз дæр, Нары дыууæуæ- ладзыгон скъола дæр, куы ма йæ загътон, фæстаг азты тынг æдзæллаг уавæрмæ æрцыдысты. Мах, ирон адæмы, æппæт дуне дæр базыдта æмæ зоны Къостайы фæрцы, æмæ йæ райгуырæн хъæу — Нар хъуамæ нæ сæйраг сахар Дзæуд- жыхъæуæй къаддæр аив æмæ зылдхуыз ма уаид. Поты фæз, Нары дыууæуæладзыгон скъола æмæ ма фæстаг рæстæджы чи фæзынди, уыцы Транскамы хид — Льядон æмæ Захъадо- ны сæрты. Уыдон сты Нары фидауцы æртæ сæйраг цæд- жындзы. Уыцы æртæ сæйраг объектмæ зæрдиагæй базил, бацалцæг сæ кæн æмæ ма сæ алфамбылай фæзуæттæ ног чындзау бæстон бафснай, уæд нæ бон уаид цавæрфæнды кадджын уазджытæн дæр æнæкъæмдзæстыгæй зæрдиаг æгасцуай зæгъын. Нары стратегион нысаниуæг Нар йæ бынаты æвæрдмæ гæсгæ лæууы дыууæ Иры Цæ- гат æмæ Хуссары бæстастæу æмæ у сæ иумæйаг зæрдæ. Нарыхъæуы истори, æмткæй райсгæйæ, цымыдисг у. Цы нысан кæны топоним «Нар»? Мæнæ цавæр дзуапп дæтты ацы фарстæн ахуыргонд Уанеты Владимир: «Уый фæдыл ис дыууæ хъуыдыйы, зæгъгæ, "нар" у ирайнаг дзырд æмæ нысан кæны ’хъаруджын’, ’хъæбатыр’; иннæтæ та дзурынц, зæгъгæ, "нар" у монгойлаг дзырд æмæ нысан кæны ’хур’. Мæнмæ фыццаг хъуыды растдæр кæсы». Уæдæ Нары аха- дындзинад æмæ нысаниуæг рагдугты цас хъомысджын уыди, уый тыххæй дæр Уанийы-фырт зæгъы: «Зындгонд куыд у, афтæмæй Туалгомы бæркадджын хуымзæххытæ нæ уыд, æппæты къаддæр зæхх уыди Нары, фæлæ йын æрдз та радта стыр хорздзинад — Нар йæ æрдзон равæрдмæ гæс- гæ у Туалгомы астæумагъз. Захъайæ, Зикъарайæ, Фаллаг- комæй, Гуыркъуымтæй, Уарцъейы комæй, Мамысонгомæй фæндæгтæ иууылдæр цæуынц Нарыл, уым балхынцъ вæй- йынц иу армы дзыхъхъау. Абон уый диссаг нал у, фæлæ Хетæг æмæ Бигъуылайы рæстæг Нарæн уыдис егъау стра- тегион нысаниуæг æвирхъау тæссаг дугты» (Рæстдзинад, 1999. 19 август). 261
Нары Поты фæзы 1939 азы бæрæг кæнынц Къостайы 80 азы юби- лей. Йæ райгуырæн хæдзар дæр нырма — йæ фыццаг хуызы Къостайы хæдзар-музей йæ рацарæзты фæстæ 262
Нары аргъуан реставрацийы фæстæ. Ам саргъуыдтой Къостайыл 1860 азы 18 январы Къостайы 160 азы юбилей Нары, Поты фæзы. 2019 аз 263
Нары нысаниуæг Къостайы заманы дæр кæй нæ фæ- къаддæр и, уый тыххæй йæхæдæг фыссы: «Селение Нар с окружающими его родственными отселками многие сто- летия служило законодательным центром и охраной на- родных традиций не только для Нарской котловины, но и для м’ногих примыкающих к ней южных и северных уще- лий». О! Дыууæ Ирæн ис.иу зæрдæ, иу æнкъарæнтæ дзы абу- хынц цины æмæ масты дæр. Иу æнтыстытæ, иу бæллицтæ сыл садзынц базыртæ, иу сагъæстæ æмæ мæт сæ хæры. Дыууæ Ирæн ис иу истори, иу культурæ, иу хъысмæт æмæ иу фи- дæн, стæй Хуыцауæй лæвæрд — иу амонд. Ирыстон иу зæр- дæйы дыууæ дзæкъулау — дыууæ дихы, фæлæ æмбуар, æм- гуыстгæнæг, æмцæлхъ дзы кæнынц царды уылæнтæ. Зæр- дæйы дзæкъултæн дихгæнæн куыд нæй, афтæ дыууæ Ирæн дæр нæй сæ кæрæдзийæ атонæн, уымæн æмæ иу туг, иу стæг сты, иу рагон фыдæл сын уыди. Сæ бæллицтæ æмæ сæ са- гъæстæ, сæ цинтæ æмæ сæ хъыгтæ дæр иу сты. Сæ зарæг æмæ сæ хъарæг дæр иу æвзагыл кæнынц, сæ æлгъыстытæ дæр иу æвзагыл сты. Ирыстон — райгуырæн къона, фыды уæзæг, рифтагау æрцауындзæг дæ Кавказы хæхтыл, фæлæ уыцы æнусон фидар хæхты бон дæр нæ баци рифтаджы дыууæ дзæкъ- улы фæхицæн кæнын. Рифтаджы хызынтæй иу — цæгат- варс, иннæ — хуссары. Цæджджинагау сæ фыцы цард, знæт цæугæдонау размæ бырсы, ивылы. Зæххы бæркад æмæ адæмы фарнæй, æрдзы лæвæрттæ æмæ адæмы зон- дæй, сæ намыс æмæ зæрдæйы хорзæй дзаг сты дыууæ Иры æвæрæнтæ. Зæрдæйы хорзæх та Хуыцауы лæвæрт- тæй иу у. Дыууæ Иры зæрдæ, о макуы банцайæд дæ куыст! Дыууæ Иры зæрдæйæ чи рантысти, уыцы нæртон гуырд Къоста! Де ’нусон стъалы цæхæртæ калæд æмæ рухс тауæд дæ райгуы- рæн хъæу Нарæй дун-дунейыл. О мæ Ирыстон! Рифтаджы дыууæ дзæкъулау ауыгъдæй лæууыс Кавказы хæхтыл, дæ зæрдæ Кавказы хæхтау фидар уæД! Зæрдæ та хъæуы хъахъхъæнын, цæмæй йæ куыст уа æнусон. 264
Фæндаг Фæндаг адæймаджы царды сæйрагдæр кæй у, уый нæ рагфыдæлтæ, æнахуыргонд уæвгæйæ, раджы раиртæстой. Транскам Кавказы хæхты зæрдæйы кæй ахызти, уый нæ фыдæлтæн стыр цымыдисаг цау уыди æмæ у, абоны фæлтæ- рæн та — удæнцой æмæ царддæттæг. Транскам — царддæттæг фæндаг кæй у æмæ йыл ацы ном кæй ныффидар и, уый, æвæццæгæн, дзæгъæлы нæ уыд. Бæ- рæг у, цы ахадындзинад ын ис, уый. Фæлæ йæ номы аккаг кæй разынд, уый дæр бæлвырд у. 1992 æмæ 2008 азты Гу- ырдзыйы лæгсырдтæ Хуссар Ирыл арт æндзарын куы бай- дыдтой, уæд Транскамы фæндаг æцæг царддæттæг æмæ ир- вæзынгæнæг разынди. Уый абоны цæттæ фæндаг — Транскам. О, фæлæ 1960 азты Транскамы фæндаг куы нæма уыди, уæд-иу Ирыстоны хъæздыг колхозтæ æмæ совхозтæ сæ бирæ фосы дзугтæ бæрæггæнæг куыд цыдысты Туалгомы хæхтæм, уыцы фыдæбоны нывтæ абон дæр ма мæ цæстытыл уайынц. Доны былты-иу сæ иугай машинæтæ дзыхъхъыты æмæ къуыппыты сæрты хæрдмæ хаудтой, стæй-иу хæххон знæт доны цæхгæрмæ бафардæг сты. Бирæтæ-иу дзы доны астæу дæр баззадысты æмæ та-иу уæд хæстæгдæр хъæутæм галтæ курæг араст сты сæ шофыртæ. Хæххон адæмæн фылдæр æвадатдзинад æмæ тыхстдзинад хаста, фæндæгтæ æмæ сæм хидтæ кæй нæ уыдис, уый. Уыцы рæстæджы Ручъы æфцæгыл фæндаг араздзысты, зæгъгæ, «дам-думтæ» адæмыл куы апырх сты, уæд хистæрты уырнгæ дæр нæ кодта. Фæлæ уалынмæ Уæрæсейæ сæрмагонд инже- нерты къорд (се ’хсæн иу ирон дæр, йæ мыггаг ын нал хъуы- ды кæнын) æрвыст куы æрцыди сгарæн куыстытæм, уæд сæ цинæн кæрон нал уыд. Раст куы зæгъæм, уæд уыцы куыстытæ æнцон бакæнæн нæ уыдысты. Фыццаджыдæр, сбæлвырд кæнын хъуыди сæй- раг зæйуат бынæттæ, донивылæнтæ æмæ лæсæнты цæуæнтæ, сæйрагдæр та — цы рæстæджы арæхдæр вæййынц. Ацы ахс- джиаг хъуыддаджы та сын хъуамæ баххуыс кодтаиккой бы- нæттон цæрджытæ, хабæрттæ бæлвырд æмæ хорз чи зыдта- ид, ахæмтæ. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц, доны был, дам, чи цæры, йæ абухæнтæ дæр ын уый зоны. Уыцы рæстæджы 265
хъæусоветы сæрдар Гаджиты Габо уазджытимæ æрбацыд нæ фыд Мамиаты Алыксандрмæ æмæ йын бамбарын кодта уаз- джыты фæндон æмæ курдиат. Уый уæд рагуалдзæгæй, цалынмæ-иу мит рауарыди, уæдмæ дыууæ азы дæргъы фæкуыста семæ. Зæрæмæгæй Цæгат Порталмæ, кæмдæрид- дæр гыццыл зæй рацæуæн дæр уыди, уыдон сын иууылдæр бæлвырд фæдзырдта. Уыимæ Алыксандр, алы адаг, алы ком, алы уæлвæз æмæ хохæн дæр зыдта сæ нæмттæ. Йæхи хуы- зæн хистæрты æхсæн ма-иу хъазæн ныхас дæр кодта, æз ин- зинер дæн, инзинер, зæгъгæ, афтæмæй та йæ къух фыссын дæр нæ зыдта. Ныр абон уыцы царддæттæг æмæ ирвæзынгæнæг фæндаг йæ тыхы бацыди, æрæджы бæрæг кодта йæ 25 азы юбилей. Нæ дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ, «æз хуыздæр, æз фыл- дæр фехъусын кæнон», зæгъгæ, нывæстой Транскамы арæзта- ды истори. Бирæты мысинæгтæ фыст æрцыдысты чингуыты. Адæймаг фидауы йе ’гъдау æмæ уæздандзинадæй, Транс- камы фидауц æмæ аразджыты сæрыстырдзинад та сты йæ хидтæ. Сæ тæккæ егъаудæртæ — Зæрæмæджы, Цми-доны æмæ, сæйрагдæр, — Нары, Льядон æмæ Захъадоны иугонд хидтæ. Ацы хидты арæзтæдты сæ аразджытæ бирæ фыдæ- бæттæ бавзæрстой. Фæлæ дзы уæддæр Нары хидæй аивдæр æмæ фидардæр, æвæццæгæн, нæй. Ацы хидæй сæрыстыр сты канд йæ аразджытæ нæ, фæлæ ма йыл чи фæцæуы, уыдоны дæр дисы æфтауы йæ архитектурон рæсугъддзинадæй. Транс- камы арæзтадмæ хæрз чысыл бар дæр чи дардта, уыдонæй алкæй кусæн уаты æмæ ма суанг йæ хæдзары дæр сфидыдта ацы хиды къам. Йæ рæстæджы йын ВДНХ-йы дæр бæрзонд бынат саккаг кодтой. 1981 азы Гокъоты X. æмæ Дзаццеты Т. цы чиныг рауагътой мыхуыры, «Пикеты», зæгъгæ, ахæм но- мимæ, уым фыссынц: «Знакомя со строительством трассы, строители первым делом показывают мосты». Нары хидыл куы фæцæйцæуай, уæлдайдæр та йæм иувар- сæй куы кæсай, уæд дисы æфтауы йæ фæлгонц, йæ инжене- рон æрхъуыдыдзинæдтæй, æмæ уæд адæймагмæ цавæрдæр сæрыстырдзинад фæзыны. Гъемæ Транскамы фидауцгæнæг хидтæ куыд арæзт цыдысты, сæйрагдæр та сæ чи арæзта уыцы хæххон зын уавæрты, уыдоны тыххæй у мæ дарддæры радзырд. 266
Нары хид Хидты арæзтад бабар кодтой хуссарæрдыгæй — МО-39 Тбилисæн, цæгатæрдыгæй та — МО-40 Орджоникидзейæн. Фæлæ МО-40 Пятигорскмæ кæй аивтой, уымæ гæсгæ ивд æрцыди ног арæзтадон управленийæ МСП-479, йæ разамо- нæг Азнаурты Ю. Уыцы организациты уыди дæсны кусджы- тæ, фæлæ сæм хæххон зын уавæрты хидтæ аразыны хъуыд- даджы фаг фæлтæрддзинад нæма уыди. Уыдæттæ хынцгæйæ, цалдæр прорабы æхсæн равзарын хъуыди, хæххон фадæтты чи сарæхсдзæнис, адæмимæ æнцонæй иу æвзаг чи ссардзæни, стæй сæйрагдæр та — цыфæнды сæвзæргæ зын уавæртæй йæ бон рацæуын кæмæн бауыдзæнис, ахæмты. Куыстуат ног кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ техникон бындур дæр фаг фидар нæма ссис. Иумæйаг уынаффæйæ Транскамы хидты арæзта- дæн разамонæджы бынатмæ нысангонд æрцыди прораб — Фидараты Амырхан. Уый хидты арæзтады пълотникæй рай- дыдта кусын æмæ хистæр прорабмæ схызти, Саратовы транспортон-арæзтадон техникум фæсаууонмæ каст фæци æнтыстджынæй, хæххон зын уавæрты та йæхи æнкъары Нары хид — Транскамы фидауц æмæ йæ аразджыты сæрыстырдзинад 267
дзæбидырау рог æмæ æдас. Æвзыгъд, сæрæн. Фæстæдæр Гу- салты Н.А. æмæ Кортиаты Л.И. 1987 азы сæ чиныг «Транс- кам», зæгъгæ, уым фысдзысты: «С особой гордостью и при- знательностью следует отметить деятельность начальника мостостроительного участка на северном склоне Фидаро- ва А.В. Благодаря присущей ему энергичности и старанию, он первым из ИТР Транскама завершил возложенные на него работы». — Хидты арæзтады сæйрагдæр æмæ зындæр, стыр хъизæ- мæрттимæ баст куыст — цæджындзты бын цъайтæ бацæттæ кæнын, — æрымысы ныр Амырхан. Ацы куысты дæргъы дæ размæ кæм дынджыр дур фæуыдзæн, кæм дон æнæнхъæлæ- джы фегуырдзæн, æмæ ма уæд хæххон æрра донимæ дæр тох кæнын бахъæуы, уæлдайдæр та ивылд донимæ. Цæджындзтæ арæзт фесты, уæд хиды æмбис цæттæ у, нымайынц хидараз- джытæ. Ахæм стыр хъизæмæртты бахаудтам, Льядоны сæр- ты хиды цæджындзты цъайтæ къахгæйæ. Ноджы, проектмæ гæсгæ, æртыккаг цæджындзы бын цæугæдоны бæрæг астæу- мæ куы æрхаудта, уæд. Ацы цъайтæ къахгæйæ, Амырхан йæ кусджыты разæй иу къахдзæф нæ кодта, мыййаг, исты æнæнхъæлæджы цæлх- дуртæ куы фæзына, зæгъгæ. Фæлæ йæ ныр тресты хицæутты иумæйаг æмбырдмæ куы æрхуыдтой æмæ æмбырд куы ныд- дæргъвæтин ис, уæд сьшдзытыл бадæгау бадти æмæ сахатмæ æркæс-æркæс кодта. Йæхæдæг ам бады, йæ зæрдæ æмæ йæ хъуыдытæ та — Нары хъæуы Льядоны хиды цæджындзты цъайтæ чи къахта, уыдонимæ. Кæд æртыккаг бон къæвда йæ уарынæй не ’нцайы, уæд- дæр лæппутæ фæдисы куыст кæнынц. Цъайæ æртæ насосы æддæмæ къæвдадон цъирынц, фæлæ бæлвырд къаддæр нæ кæны дон. Уыцы-иу рæстæг бригады иннæ уæнгтæ та цæ- джындзты каркастæ æндадзынц. Æмбырд æгæр дæргъвæтин куы кодта, уæд Амырхан аивæй, сабыргай фестад æмæ дуары æдде фæци, кæй сарæзтам, уыдон дæр сæфдзысты, зæгъгæ. Машинæмæ багæпп кодта æмæ — размæ тæхгæ, фæстейы ма йæм чидæр фæдзырдта, фæлæ уый дæр нал фехъуыста. Бу- ронмæ куыд бахæццæ и, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Но- джы ма ам куы æрбаййæфта цалдæр уæзласæн машинæйы хиды плитатимæ, уæд бынтондæр йæ мæт æмæ йæ маст 268
сабухтой. Хиды плитатæ æрбахæццæ кæнынц, цæджындзтæ та цæттæ нæма сты. Йæ развæндаг дзæбæх уынгæ дæр нал кодта, бедрайæ калæгау къæвда уарыд æмæ уарыд. Льядон æнæуи дæр æрра у, æмæ ма ноджы ацы къæвдатæ!.. Дон фылдæрæй-фылдæр кæны. Æртыккаг цæджындзы цъайы алыварс цы рæстæгмæ ауазæн (дамба) скодтой, уыр- дæм ивылд дон цæф сырдау лæбуры, иу хай дзы атоны æмæ та ног лæбурд æрбакæны. Бригады уæнгтæ цалдæрæй бынæй цъайы цæджындзы каркас æндадзынц, дыууæйæ та сын уæ- лейы цæттæ кæнынц, цы хъæуы, уый. Амырхан сæ уæлхъус куыд февзæрди, уый лæппутæ æмбаргæ дæр нæ бакодтой. Донласт хуылыдз, фæлæ йæ мурмæ дæр нæ дарынц, лæппу- тæн сæ сæйраг сагъæс — сæ æртæ боны фыдæбон доны амæт- таг ма фæуæд. Дон фылдæрæй-фылдæр кæны, къæвда та æп- пындæр æнцайынхъус нæма у. Ауæзтмæ дынджыр дуртæ бæргæ калынц къухæй, фæлæ та сæ знæт хæххон ивылд дон, кæфхъуындар кæсаг куыд аныхъуыра, афтæ аныхъуыры. Æнæнхъæлæджы Амырхан уæлбыл ауыдта бульдозер. Уай- тагъддæр базыдта æнæрæнцой зæрдæйы хицау Володя Олей- никовы. Ахæм бон хорз хæдзары хицау йæ куыдзы æддæмæ нæ ратæрдзæн, фæлæ та Володя æнæ «сæрмагонд хонæгæй» фæзынди æххуысмæ. Йе ’ххуысы къух фыццаг хатт не ’рба- дардта, мыййаг, хидаразджытæм, кæд йæхæдæг фæндагараз- джытимæ кусы, уæддæр. Æнæуи дæр аразджытæм иу хорз миниуæг ис (æнæфыст закъон): бахъуыды рæстæджы кæ- рæдзийæн æххуыс кæнын (афтæ уыди советон дуджы). Амырханыл цыма хур ракаст ацы тæрккъæвдайы фæстæ. Володя ауазæн гæрæнтæ бæрзонддæр кæны, фæлæ цалынмæ иуæрдыгæй бахафы, уæдмæ та йæм ивылд дон фæлæбуры æмæ та дзы дынджыр «комдзаг» атоны. Ауазæны уавæр тæс- сагæй-тæссагдæр кæны. Дон куы æрбатона ауазæн, уæд цал- дæр боны куыст сæфы, куысты графикæй æппынкъаддæр фондз боны фæстæдæр аззайдзысты. Æвиппайды Амырханæн æрвнæрæгау йæ сæры фæмидæг ис ирд хъуыды. Бульдозеры размæ бауад, йæ къухтæ йæ сæрмæ дзуарæвæрд акодта, ома, фæуром, зæгъгæ. Володя сонт урæд фæкодта, йæ сæр рудзынгæй радардта. Амырхан ын тагъд, фæлæ бæлвырд адзырдта йæ ног фæндон. Бахизын хъæуы доны галиу фарсмæ, уым донвæд фæуæрæхдæр 269
кæнын, цæмæй доны тых галиу фарсмæ атындза, донауазæн та æнæхъыгдард æййафа. Володя хъазуатон тохы бацыд æрра донимæ. Цыбыр рæ- стæгмæ адæймаджы зонд æмæ архайд уæлахиз кæнын бай- дыдтой æрдзы æвирхъау, æнæсæттон митыл. Æгоммæгæс ивылд дон, ногифтыгъд уæныг фæскуыст куыд æрсабыр уа, афтæ фæсабырдæр и, дон йæ ных фæзылдта галиу фарсмæ. Йæхи сæртæг цæф ныккæны бульдозеры фарсыл дæр, цыма дзы йæ маст исы, цъаймæ мæ цæуылнæ бауагътай, зæгъгæ. Доны æрра уылæнтæ бульдозеры дуармæ хæццæ кæнын куы байдыдтой, уæд Володя йæ æфсæн бæхы иу фарс æрурæдта. Рудзынгæй куы донауазæнмæ бакæсы, куы Амырханмæ. Бæ- рæг уыди, дыууæйæ дæр разыйæ кæй баззадысты, уый. Амырхан арф ныуулæфыд, йæ зæрдæ æмæ йæ цæстыты æнкъард уаг хъæлдзæгæрдæм сæхи фæивтой. Йæхинымæр хъуыдытæ кæны: æвæдза, ахæм лæппутæн аргъ нæй Транс- камы арæзтады æмæ царды алы фæзилæнты дæр. Науæд йæхи участочы лæппутæ! Æртæ боны кæркуасæнтæй талынг- мæ æгъуыссæг, фæллад, донласт кæрчытау хуылыдз, уæд- дæр цыма ницы зындзинад æнкъарынц, афтæ кусынц. Æрдз цыма йæ рæдыд бамбæрста, састы бынаты баззад- тæн, зæгъынмæ хъавыди, уыйау къæвда бæлвырд фæсабыр- дæр ис æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ банцад. Лæппутæ дæр цъайæ хизын байдыдтой. Кæд цыфæнды фæллад уыдысты, уæддæр сæхи æнкъардтой уæлахиздзаутæй. Æрдзы фыдми- тæн æмæ фыдæвзарæнтæн сæттын нæ бакуымдтой. Хидты арæзтады тæккæ зындæр куыст — цæджындзты цъайтæ цæт- тæ кæнын, уæлдайдæр хæххон ивылд дон æмæ æнæрæнцой къæвдайы — æнтыстджынæй фесты. Кæд цæстыты арфæй сæ фæллад ивылди, уæддæр сæ ныфсджын æмæ хъæлдзæг ны- хас уыди райсомы куысты пъланыл: æртыккаг цæджындзы цъай бетон кæнынмæ цæттæ у. Лæппутæ иу ран амбырд сты, цыдæртæ асусу-бусу код- той, сæ кусæн дзаума машинæйы гуыффæмæ бакалдтой. Сæхæдæг дæр машинæйы абадынмæ хъавыдысты, фæлæ дзы се ’ппæтæн фаг бынат кæй нæ разынди, уымæ гæсгæ иууы!вдæр фистæгæй араст сты базæмæ — сæ цæрæнбынат- мæ. Изæры сатæг уæнгты хызти. Сæ уæлæдарæс фæстаг æндахы онг хуылыдз, сæ уæлæ цъус фæхусгонд и, фæлæ 270
сын уый сæ хъæлдзæгдзинад нæ къаддæр кодта. Хур Адай- хохæй раджы фæдæлбыл и. Цъитийы кæрæттæ ма фæлурс сырх дардтой, афтæ куыствæллад лæппутæ хæрæндоны стъолтæ æрбаиу кодтой æмæ сæм сæ хистæр — карæй дæр æмæ уавæрæй дæр — Амырхан бадзырдта: «Æрдзы фыдми- тыл кæй фæуæлахиз стут, уый тыххæй Хуыцаумæ скувын дæр хъæуы æмæ уæ хуылыдз буарæй низ фæсурын дæр. Сæ хъæлдзæг бадт ахицæн и сомбоны куысты пъланыл уынаф- фæйæ. Æмткæй райсгæйæ, хидаразджытæ Нары хиды проекты дзæвгар аиппытæ раргом кодтой. Хъуамæ дзы уыдаид иуæндæс фæлысты (ома къæйттæ-къæйттæй) цæджындзтæ, уыдоны сæр аххæрджытæ, сæ уæлæ та плитатæ. Уыйæппæтыл цас бетон, арматурæ, транспортон æмæ ма бирæ æндæр хæрдзтæ хъæуы, уыдон куы æрнымадтой, уæд æрцыдысты иу хат- дзæгмæ: пайдадæр у хиды æфсæнбетон хæйттæ æфсæйнаг хæйттæй баивын. Сæ ног уынаффæ бирæ проектон институт- тимæ куы æрæмдзых кодтой, уæд царды уагъд æрцыд æнæ дызæрдыгæй. Цы радта уый? Фыццаджыдæр, нал дзы ба- хъуыди иуæндæс фæлыст цæджындзы сæр, афтæ аххæрджытæ æмæ плитаты нымæц дæр бæлвырд фæкъаддæр и. Уый аф- тид экономикон фарстайы уæлахизыл дзурæг нæ уыди, фæлæ ма хидты арæзтады ног, нырыккон технологийыл дæр. Уыцы- иу рæстæджы МО-98-ы (уымæй ивд æрцыди МСП-479) тех- никон кусджытæ та дарддæр агуырдтой арæзтады ног техно- логитæ æмæ раззагдæр мадзæлттæ. Ныр та цы æфсæйнаг 32 метры дæргъæн фермæ æвæрдзысты, уый размæ куыд бырын кæндзысты, ууыл уыди сæ хъуыды æмæ сагъæс. Ссардтой сæрмагонд синтетикæй арæзтадон фидар æрмæг «Нафтлен», уый дæргъмæ хорз быры, фæрсмæ та — нæ. Уый сын фадат лæвæрдта, къаддæр рæстæг æмæ тыхтæ бахардз кæнгæйæ, фермæ йæ бынаты раст сæвæрынæн. Фæззыгон ирд бон. Скæсæнæрдыгæй сæуæхсид куы фæ- зыны, куы та йæ мигътæ амбæхсынц, ног чындзы йæ хица- уæй амбæхсæгау. Боныхъæд кæд хурбонæй зæрдæ не ’вæры, уæддæр уаргæ кæй нæ кæндзæни, уый дæр бæлвырд у — хид- аразджыты пайдайæн. Бригады уæнгтæ æмбырдæй лæууынц, алцыдæр — цæттæ, фæлæ ма сæ каст у уæлдæр хицауадмæ. Уыдоны дæр цымыдис кодта куысты ног мадзал. 271
Æмæ мæнæ хидаразджытæ, хицауад иууылдæр æрæм- бырд сты. Ног мадзал йæхи куыд равдисдзæн? Дыууæ метр- мæ ’ввахс куы абырыд фермæ, уæд ын анымадтой йæ рæ- стæг. Иу бонæй гыццыл фылдæрмæ æфсæйнаг фермæ йæ бынаты хъуамæ сбада. Зæронд мадзалæй (ома, æфсæйнаг катоктыл) та йын бахъуыдаид къуыримæ ’ввахс. Уый дæр та ног æрхъуыдыдзинад, ног æнтыст æмæ сгуыхт. Æмæ ам дæр — Амырханы хъæппæрис æмæ тырнындзинады фæрцы. Уæвгæ, хидаразджытæн æнцонæй ницы куыст рæзы, цы- фæнды цыбыр хид куы уа, уæддæр. Абон «хæйрæджыты» хид кæй хонынц, уым æрмæстдæр æртæ пролеты ис, фæлæ йыл бахъуыди бирæ фыдæбон, проектмæ та бахастой ивддзи- нæдтæ. Хъуыддаг афтæ рауади, æмæ доны былгæрæттæ куы расыгъдæг кодтой, уæд фыццаг цæджындзы бын къæдзæхы разынд стыр фаз. Ивын бахъуыди хиды схемæ, Амырхан та фæндон бахаста: астæуккаг пролеты дæргъ 15 метры бæсты скодтой 18 метры, уый фæрцы былгæрон цæджындзтæ иугай метртæ былгæронмæ фæхæстæгдæр сты æмæ къæдзæхы фаз дæр иуварс аззад. Афтæ, фыдæбæттæ æмæ цæлхдурты сæрты хизгæйæ, Фи- дараты Амырханы участок æмгъуыдæй афæдзы æрдæг раз- дæр арæзт фæци Транскамы фидауц — Нары хид, уый уыди Льядон æмæ Захъадоны сæрты иумæйаг хид. Сæ рæстæг нæ хынцгæйæ, сæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, стыр лæвар ракод- той адæмæн. Къостайы 120 азы юбилеймæ Нары хид паддзахадон къа- мис æнæ уæлдай аиппæй райста æмæ бафыста акт. Къамисы уæнгтæ, республикæйы æмæ Алагиры районы разамонджытæ МО-98 æппæт кусджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой. Фæлæ арфæтæ Амырханы участочы кусджытæм сæрмагондæй куы æрхæццæ сты, уæд бригады уæнгтæй иу дæр уым нæ разынд. Амырхан йæ мидбылты бахудт, хатыр ракуырдта æмæ лæп- путæм фæдзырдта. Уый та — хидаразджытæм сæхи сæрма- гонд фæтк ныффидар и. Хид арæзт фæци æмæ йыл фыццаг уæзласæн машинæты колоннæ рацæуы, зæгъгæ, уæд хъуамæ уыцы сахат аразджытæ лæууой хиды бын. Абон дæр уыцы фæтк нæ фехæлдтой. Ныр сæ хицау Амырханы дæллаг фарс рæнхъ ралæу- уыдысты æмæ сæ арфæты хай райстой. Уæлахиздзауты 272
зæрдæйы уагимæ сæ кæрæдзийы къухтæ истой, æмæ бæрæг- бон дарддæр йæ куыст кодта. Амырхан та дарддæр хъуыдытæ кæны ног куысты пълан- тыл. Транскамыл зымæгон уавæрты æдасæй цæуынæн зæйты ныхмæ цы галерейтæ хъуамæ арæзт æрцæуа, уыдон дæр та баргонд æрцыдысты Фидары-фыртæн. Ацы галерейтыл куыст тынг ахсджиаг æмæ бæрнон уыди, уымæн æмæ арæзт цыдысты, зæйуæттæй тæссагдæр кæм у, уыцы бынæтты. Сæ бæрн æмæ ахадындзинад та тъуннелтæй къаддæр нæу: мит- зæйы цалдæргай мин тоннæйы уæз сæ уæлæ æнцайы. Йе ’фсæнбетон конструкцитæ йын цæттæ кодтой Саратовы дыу- уæ хайæ æмæ сæ ам, бынаты, æмбырд кодта сæрмагонд мон- тажгæнæн бригад. Монтажниктæ уыйбæрц арæхстджын æмæ рæвдз архайдтой, æмæ иу сезонмæ (уалдзæгæй зымæджы райдианмæ) сæдæ метрæй фылдæр монтажгонд фесты. Гале- рейы чъылдыммæ та сæрмагонд лотоктæ æвæрдтой, цæмæй сын къæвда æмæ митдон мацы знаггад хæссой. Куыст æнæ- къуылымпыйæ бæргæ цыди, фæлæ уæлдæр хицауадæй кæйдæр æнæрхъуыды уынаффæйæ æви дзы чидæртæ стыр æхца ба- кусынмæ хъавыди, — æфсæнбетон конструкцитæ рогдæртæй раивдæуыд. Объект лæвæрд æрцыди Новосибирскмæ. Æф- сæн конструкцитæн сæ монтаж уыдис æнцондæр, уыйхыгъд сæ хъæд та — лæмæгъдæр, уыимæ сæ хиаргъ — 2-3 хатты фылдæр, ласын сæ дардæй кæй хъуыди, уый фыдæй. Ног организаци, кæй зæгъын æй хъæуы, сæрвыста йæхи кусджы- ты. Сезоны фæудмæ монтажгонд фесты 50 метрæй чысыл фылдæр, фæлæ сæ куыст æрдæгыл баззади. Хæхбæстæ та талф-тулф архайд нæ уарзы æмæ нæ бары. Фыццаг зæй куыддæр рацыд, афтæ сын сæ æрдæгкуыстытæ ассæста, спич- кæйы къаробкæ лæг йæ къæхты бын куыд ассæнда, афтæ æмæ сæ дæлбыл бамидæг кодта. Фæстæдæр ацы объект «Тоннельстрой»-ы субподрядон организацийæн бабар кодтой, æмæ сæ куыстæй хицауад дæр, адæм дæр разыйæ баззады- сты, галерейты уындæй та зæрдæ райы, ныр фæндагыл зы- мæгон æдасæй цæуæн ис. *18
ХЪÆУÆЙ ЦÆМÆН РАУАД ХЪÆУУАТ? Æнусон ницы ис, фæзæгъынц. Фæлæ уыцы ныхас кæд цæрæг, змæлæг удмæ хауы. Æмæ уæд хъæу кæнæ сахары хъысмæт дæр афтæ хъуамæ уа? Кæд о, уæд цæмæн? Хъæу хъуамæ цæра цалдæргай æнусты, уымæй дæр бонæй-бон цауд- дæр ма кæна, фæлæ йын алы фæлтæры минæвæрттæ дæр æфтауой йæ рæзт æмæ аивдзинадыл, йæ цардхъомысмæ йын хæссой сæхи дуджы хуыздæр æвæрæнтæ. Хорзæй æмæ зæр- диагæй йын мысой йæ бындурæвæрджыты, сæ зæрдыл дарой хъæубæстæн кадгæнджыты рухс нæмттæ. Фæдзæхсæгау адæттой сæ фæстæ цæуæг фæлтæртæм уыцы хорз, æнæмæнг- хъæугæ миниуджытæ, цæмæй сæ уыдон дæр сæрбæрзондæй дарддæр хæссой. Нæ ныхасы сæр уыдзæни, XIX æнусы райдианы иу арт- дзæсты бындурыл чи сырæзт æмæ XX æнусы кæронмæ 21 хæдзары чи баци, цæхæркалгæйæ, хъомысджын цард чи фæ- кодта, ироны кад æмæ намыс фæчъизи кæнын чи нæ бауагъ- та, уыцы кадджын хъæу. Йæ цæрджытæ адæммæ уарзт æмæ хæлардзинады цæстæй кæй кастысты, уый ныфсæй ма сæм фæстæдæр æрбаиу ис æндæр цыппар мыггаджы. Ацы фондз мыггаджы минæвæрттæ бонæй-бон фидардæр кодтой нограй- гуырд хъæуы фæтк æмæ æгъдау. Иу бинонтау хæлар æмæ кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ фæцардысты. Нæ ныхас фæбæлвырддæр кæнæм. Цæвиттон, Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы районы, цæугæдон Леуахийы галиу фар’с, Цхинвалæй фондз километры дæрддзæфæн ис, нæ дзу- ринæгты сæр чи у, Мамитæ фыццаг бындуæвæрæг кæмæн уыдысты, уыцы Мамитыхъæу. Ацы хъæуæн та йæ равзæрды 274
таурæгъ, йæ истори баст у Залдайы хъæуæй рацæуæг Гæбæ- раты (Ялгъузидзе) Иуанейы номимæ. Таурæгътæ куыд дзу- рынц, стæй историйы дæр куыд баззадис, афтæмæй XVIII æнусы кæрон æмæ суанг XIX æнусы райдианмæ æппæт Кав- казы, уыимæ Ирыстоны адæмыл дæр стых ис æвирхъау низ — халер. Адæм бындзыты цагъд кодтой. Сæ мæрдты ны- гæнын дæр нал фæрæзтой. Уыцы æгъатыр низ Туалгоммæ дæр бахæццæ ис. Ам, Наргомы, Мамиатæ-Мамиты уидаг кæ- цæй равзæрди, уыцы хъæу Сауыбыны ма иу бинонтæй аир- вæзт иунæг æнахъом саби, йæ ном — Сослан. Раст уыцы тæссаг æмæ уæззау рæстæджы, Хуыцауæй æр- выст лæгау, Наргоммæ æрæфтыд Гæбæраты сауджын — Иуа- не. Уый Фаллагкомы, Сауыбыны ацы æвирхъау, зæрдæ- уынгæггæнæн хабæрттæ йæхи цæстæй куы федта, ноджы, ихы сæрыл цы саби аззади, уымæ куы бакасти, уæд æм йæ хуы- цауыуарзон зæрдæ сдзырдта: «Ацы æнахъом Хуыцауы хъæ- булы æгъатыр мæлæты дзæмбытæй ратонын хъæуы. Ам куы баззайа, халерæй куы аирвæза, уæддæр æвæгæсæгæй фе- сæфдзæн. Ам адæм тыхст æмæ тарст сты, алчидæр йæхи уды катайы бацыд, сæ фадат фылдæр нæу, стæй ацы æбуалгъ рæстæгæн йæ кæрон кæд æрцæудзæни, уый Хуыцауæй дард- дæр ничи зоны, æбæрæг уавæр та ныфссæттæг у». Æрхатыдис, сабийæн ма хæстæг, хионæй чи баззади, уы- донмæ, стæй хъæуы Ныхасы хистæртæм, цæмæй йын раттой ацы мæгуыр, фæкæсынхъуаг сидзæры. Хиуæттæ, сæ уæззау уавæр æмбаргæйæ, сразы сты Гæбæраты сауджыны фæндо- ныл, æмæ Иуане рахаста æнахъом Сосланы Хуссар Ирмæ, Залдамæ. Схъомыл æй кодтой Гæбæратæ. Куы ралæг ис, уæд ын сæхи мыггагæй чызг радтой, зæххы хай йын радих кодтой Залдайæ дыууæ километры дарддæр, Рагъы (афтæ хуынди ацы бынат). Сæрæнгуырд Сослан ам цæргæйæ баззади. Ма- ды-Майрæм сын Гæбæрианимæ балæвар кодта æртæ фы- рыхъулы хуызæн фырты: Стъепан (Хба), Малхаз æмæ За- кайы. Фырттæ бахъомыл сты, сæ фындзы бынтæ фæмил сты, бинонты хъуыддæгтæ бакодтой. Хистæр Стъепан цардæмба- лæн равзæрста Æлборты мыггагæй чызг. Дыккаг æфсымæр Малхаз хæстæгæн бацагуырдта Гуыцмæзты мыггаджы. Æр- тыккаг æфсымæр Закайы каисты мыггаг, хъыгагæн, бæл- вырдгонд нал æрцыд. 275
Цард сæм йæ мидбылты худти. Куыд фæзæгъынц: «Æм- зонд цуанæттæ саг марынц, æнгом бинонтæ цард арынц». Би- нонтæ фылдæр кæнынц Хуыцауы фæрцы. Хæдзар мыды къусау — дзаг, адæмы фарнæй хайджын, фæлæ зæхх та када- вар, бирæ бинонты фаг нал кæны. Уæд бауынаффæ кодтой æмæ дæлдæр зæххытæ фылдæр балхæдтой. Сæ ног, парахат- дæр бынатмæ æривтой æфсымæртæ иууылдæр иумæ æд бай- зæддаг. Ног бынаты фæзынди ног хæдзар. Афтæ бындур æвæрд æрцыди ног хъæуæн, фæстæдæр æй схондзысты Ма- митыхъæу, йæ бындурæвæрджыты номæй. Таурæгътæ куыд дзурынц, афтæмæй Мамитæ цалынмæ ам æрбынат кодтой, уæдмæ дзы цардысты Къæбыстæ æмæ, дам, цавæрдæр низæй сыскъуыдысты. Сæ уæлмæрдтæ ма абон дæр бæрæг дарынц. 2017 азы Сосланы фæдонтæй иу, Цхинвалы цæрæг, 85-аздзыд, таурæгътæ кæнынмæ дæсны, Мамиты Оля куыд дзырдта, афтæмæй уæды сидзæр Сосланы цотæн абоны онг цæуы йæ æвдæм фæлтæр. Оля йæ мысинæгты дарддæр фыс- сы: «...Цалынмæ ацы хъæу (ома, Мамитыхъæу) цардмондаг æмæ цардæфсæст уыди 1991 азы онг, уæдмæ дзы уыд 29 хæ- дзары. Уыдонæй: Мамитæй — 21, Гæбæратæй — 3, Гæззатæй — 3, Тедетæй — 1, Козатæй — 1». Мамитыхъæуы цæрджытæм цард йæ мидбылты худт. Ныййарæг зæхх рæдау у, æргуыбыр кæнынмæ зивæг куы нæ кæнай, уæд. Уæдмæ сæ алыварс, уæгъд зæххытыл, фæзын- дысты гуырдзиаг хъæутæ дæр. Зæхх иумæйаг, цард цыбыр æмæ адджын, уыдæттæ æмбаргæйæ, цардысты хæларæй, кæ- рæдзийæн аргъ кæнгæйæ. Гуырдзы Мамиты хъæуы хуыдтой Мамионтæ кæнæ та Хъарадзауонтæ. Уый, XVIII æнусы кæ- сын, фыссын æмæ уырыссаг æвзаг дæр чи зыдта, уыцы стæм лæгтæй иуы — 1787 азы уырысы ус паддзах Екатеринæ II, хъуыддаджы ныхас кæнгæйæ, Хъырымы кæимæ фембæлди, уыцы хъуыстгонд Хъарадзауы номæй. Мамитæ та сæхæдæг сæхи хуыдтой Хъарадзауы фæдонтæ. Абон дæр, кæд алы рæтты ныппырхытæ сты, уæддæр, сæмбæлгæйæ, сæ кæрæ- дзимæ ацы номæй дзурынц. Æвæдза, цард диссаг у. Дзæгъæлы нæ акæнынц: «Цард доны къусæй уæлдай нæу, кæцырдæм фæкъул уыдзæни — бæрæг нæй». Иннæ æмбисонд та афтæ зæгъы: «Æддагон мыст, дам, мидæггаг-бынæттоны ратардта». 276
Историйы бæлвырд бæрæггæнæнтæ куыд амонынц, афтæ- мæй Гуырдзы Кавказы фæзындысты I æнусы. Бирæ историк- тæ, уыимæ гуырдзыйæн сæхионтæ дæр, нымайынц, гуыр- дзиæгтæ кæй сты кæддæр Месопотамийы цæрæг халдейаг знæмты байзæддаг. Уæды аланты фæтæг Фарнаваз, хæтæн- ты уæвгæйæ, уыдонæй æрбаласта æнæкæрон бирæ цагъай- рæгтæ Кавказмæ. Фæскавказы сæ æрцæрын кодта, сарæзта дзы хицæн паддзахадгонд, æмæ сыл æнусты дæргъы алантæ сæ арм дардтой, æддагон тыхгæнджытæй сæ хызтой. Ныр XIII æнусы алантæ тæтæр-монголимæ тохты састы бынаты куы баззадысты, уæд Гуырдзымæ дæр сæ къухдариуæгдзи- над нал хæццæ кодта, æддагон тыхтæ сыл сæ арм æвæрын байдыдтой, æмæ иу паддзахадæй иннæмæ къухæй-къухмæ цыдысты. Фæстæдæр, стыр Уæрæсеимæ куы баиу сты, уæд сæхицæн æрхъуыды кодтой æндæр истори, æндæр адæмты культурæ æмæ истори сæхиуыл ныффыстой, уыимæ аланты культурæ æмæ истори дæр. Гуырдзы, хорздзинад чи не ’мбары, чи нæ хъуыды кæны, ахæм хиуарзон æмæ æдзæстуарзон адæм сты. Афтæ куы нæ уаид, уæд сын ирæттæ рагзамантæй фæстæмæ цас æмæ цас хорздзинæдты бацыдысты! Æмæ сæ уый абон ферох и. Буз- ныг зæгъыны бæсты сæ ирвæзынгæнджыты ныхмæ рацыды- сты — цал æмæ цал хатты! Райдай, 1920 азты æнæхъæн Хус- сар Ирыл арт куы бандзæрстой, уымæй. Адæм æддæг-мидæг ауадысты. Фæллой, хæдзары мæт ма чи кодта! Бæстæ гуыпп- гæрах сси, адæм сæ сæртæ æфснайынмæ фесты. Гуырдзиаг лæгсырдтæ марыныл нæ ауæрстой нæ зæронд, нæ сывæлло- ныл. «Сывæллонмæ стонг бирæгъ дæр не ’вналы», — зæгъы ирон æмбисонд. Фæлæ лæгсырдтæн уæлдай нæу. Лидзын- хъом чи уыди, уыдон лыгъдысты æфцæджы сæрты Цæгат Ирмæ, цалдæргай бонты хъæдты рамбæхс-бамбæхс кæнгæйæ. Хъæутæ сау пиллон уагътой, сæ бирæ азты тугвæллой хæ- лæттаг фæци, фæлæ ма уæддæр, бал-бирæгътæ сæ амæттæг- ты фæстæ куыд бафтой, афтæ гуырдзиаг лæгсырдтæ зылды- сты лыгъд адæмы фæстæ æмæ, кæй æййæфтой, уыдоны мардтой æнауæрдонæй. Мамитыхъæуы лигъдæттæ Хуыцауы фæрцы æфцæджы фалейы фесты æнæ фыдбылызæй. Бирæ фæрахау-бахау кодтой, бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой, фæлæ сын уæддæр 277
Хуыцау æххуыс кодта, сæ ныфс нæ асаст, рæсугъд сомбоныл сæ зæрдæ дардтой. Къæвдайы фæстæ, дам, хур бон дæр скæны. Хуссар Ирмæ дæр та ирд хуры цæст æрбакасти. Гуырдзыстоны, стæй Хус- сар Ирыстоны дæр Советон хицауад æрфидар ис, æмæ æф- хæрд, фæлмаст адæм сæ къонатæм, сæ уарзон райгуырæн зæхмæ байдыдтой здæхын. Дысвæлдæхтæй, ног бæллицтимæ та сæ хæлд къонатæ сæндидзын кæнынмæ бавнæлдтой. Ног цардаразджытæ адæмæн радтой зæхх æмæ сæрибар цард, цæрæнбонты цæмæ бæллыдысты, уыцы хорздзинæдтæ. Революцийы рухс хохаг хъæутæм дæр бахæццæ ис. Кæд бирæ нæ, уæддæр сæм фæзынди райдиан скъолатæ. Уый фæрцы сын ахуыры дунемæ уæрæх дуæрттæ байгом ис. Рæз- гæ фæсивæд иууылдæр хъуамæ цæуой скъоламæ, кардзыд, хистæр фæлтæрæн та æрхъуыды кодтой, «ликбезтæ» кæй хуыдтой, уыдон. Мамитыхъæуы фæсивæд, адæймаг сæумæрайсом хуры скастмæ йе ’ргом куыд аздахы, афтæ се ’ргом аздæхтой ахуы- ры рухс тынтæм, сæ сомбоны стырдæр бæллицтæ ахуыри- мæ бастой. Адæм цадæггай рох кæнын байдыдтой сæ хъизæ- мæрттæ, сæ фыдбонтæ. Советон ног цардарæзт адæмты ’хсæн хæлардзинад æмæ уарзондзинад кæй фидар кодта, уымæ гæсгæ та ирон адæм се зноны æфхæрджытимæ «хæларæй» цæрыныл, иумæ ног цард аразыныл сразы сты. Гуырдзы сын бирæ хъыцъыдæттæ кæй фæнуазын кодтой, сæ хæрзты хуыз- дæрты сын кæй фæмардтой, уый дæр та рæстæджы бар ба- кодтой: рæстæг зæрдæйы хъæдгæмттæ дзæбæхгæнæг у. Цæ- мæй æнхъæл уыдысты, æмæ сæм знон топп чи ныддардта, уый сусæгæй йæ роны марæн дур дары æмæ та сæм, сабыр цард уарзаг ирон адæммæ, разæй фыдæвзарæнтæ кæй æн- хъæлмæ кæсы... Рæстæг рацыд, æмæ стыр æмæ тыхджын Советон Цæдисы бындур æнкъуысын байдыдта. Уæрæсейы бынхор æмæ Фы- дыбæстæ уæйгæнæг Горбачев йæ рацарæзтæй, стæй адæмы знæгтæ се ’мзонд архайдæй Советон Цæдис фехæлдтой. Нып- пырх и домбай иумæйаг артдзæст, йæ цæрджытæй алчидæр хиц’æн «хæдзар» аразынмæ бавнæлдта, иугæйттæй зындæр æмæ тæссагдæр цæрæн у, ууыл нæ ахъуыды кæнгæйæ. Адæм сæмтъеры сты. 278
Раздæры Советон Гуырдзыстон дæр хицæн паддзахадæй агæпп ласта. Хуссар Ирыстон та ацы змæст рæстæгæй фæ- пайда кодта, уавæртæм гæсгæ рæвдз фæлæууыд æмæ Гуыр- дзыстонæй йæхи фæхицæн кодта, хибар паддзахад расидгæйæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, Гуырдзыйы ног хицауады зæр- дæмæ нæ фæцыд æмæ тыхы фæрцы раздахынмæ, бауромын- мæ хъавыди Хуссар Иры Гуырдзыстоны сконды. Фæлæ ирон адæм рагæй цæмæ бæллыдысты, ома Гуырдзыстоны дæлба- рæй рацæуынмæ, уый ма ныр сæхи къухæй куыд хъуамæ раттой! Ацы уавæр гуырдзиаг националистты зæрдæты ноджы фылдæр мæт бауагъта, æмæ та ногæй сфæлхатт кодтой 1920 азты æвирхъау цаутæ. 1991 азы Гамсахурдийы ардыдæй, сæ бандиттæ-националисттæ Хуссар Иры хъæутæ пырхгæнгæ рацыдысты. Мамитыхъæуыл дæр арт бандзæрстой, сæ бирæ дæсгай азты тугвæллой сын фæхæлæттаг кодтой; адæм та кæддæрау фæлыгъдысты Ирыстоны алы къуымтæм, чи та Уæрæсемæ дæр. 2000 азы Гуырдзыйы балбирæгътæ сæ фыдмитæй фæхъус- гомау сты, сабырдзинад, фидыддзинад цыма фæзынд, афтæ фæкасти хъæуы цæрджытæм. Мæгуыр, фæллойгæнæг адæм цæмæй æнхъæл уыдысты, æмæ та калм ногæй марг æмбырд кæны, — гæппæввонгæй йæхи фæхæцынмæ цæттæ кæны. Ма- митыхъæуккæгтæ здæхын байдыдтой сæ адджын къонатæм, сæ æрдæгсыгъд хæдзæрттæ цалцæг кæнынмæ февнæлдтой, царды цин сæ зæрдæты бацыди, фæлæ та сæ цин бирæ нæ ахаста. Уæдмæ Гуырдзыйы сæргъы фæзынд ног дыкъахыг сырд — Саакашвили. Уый йæ митæ ноджы фæкарздæр кодта, расидт ног фæтк: «Гуырдзыстон — æрмæстдæр гуырдзиæгтæн. Ирон адæм нæ зæххыл æрцæуæггæгтæ сты». Гуырдзы æцæгдзинадæй чи сты, кæцæй æмæ кæй фæрцы æрбафтыдысты Кавказмæ, ууыл ма уæлдæр ныхас цыди. Уыцы хабæрттæ сæхæдæг дæр зонынц, уæлдайдæр сæ исто- риктæ, фæлæ дæхи къуырма, ницызонæг скæн æмæ лæхур, цы дæ фæнды, уый. Саакашвилийы лæгсырдтæ ерысæй архайæгау пырх, дæ- рæн кодтой ирон хъæутæ, æрдæгцалцæггонд хæдзæрттыл та ногæй арт бандзæрстой. Зынг æмæ ивылд доны ныхмæ цы 279
лæууы? Зæххы æмвæз скодтой æппæт дæр, дур дурыл нал ныууагътой. Мамитыхъæуы алыварс цы гуырдзиæгтæ æрцар- ди, сæ цæхх, сæ къæбæр кæимæ дих кодтой, уыдон дæр та сыл гадзрахатæй рацыдысты. Цæхджын хойраджы аргъ ардбахæрдæй уæлдай нæу. О, уый ирон адæммæ, фæлæ гуырдзымæ та? Знон дæ хæдзары чи бадт, дæ хойрагæй кæй сбуц кодтай, уый ныр йæ къухмæ хæцæнгарз райста æмæ дæм æй ныддардта. Ахæм уавæрæй фæзæгъынц: «Калм йæ роны бахъарм кодта æмæ дзы йæ мæ- лæт ссардта». Царды рæсугъд, хорз фидæн кæмæ æнхъæлмæ касти, уыцы аив Мамитыхъæу абон, стыр хъыгагæн, федзæрæг и. Сывæллæттæ-иу футболæй кæм хъазыдысты, уыцы фæтæн уынгты æмæ фæзты хæмпæл лæгбæрзæндæн сфардæг ис. Гъемæ ныр, цард цæджджинагау кæм æнхъызти, уыцы зæдбадæн хъæуæй цавæрдæр къуыдипп, тугмондаг сырд, адæймаджы хуызы бацæугæйæ, ацарæзта хъæууат. Фæлæ кæд Хъарадзауы фæдонтæ гуырдзиаг лæгсырдты аххосæй сæ уарзон къонатæй фæхауæггаг, фæиппæрд сты, уæддæр райгуырæн уæзæг сæ зæрдæты арф æвæрд у, ад- джын фынтæ дæр ам фæуынынц, сæ рагуалдзæджы æнæмæт бонтæ дæр ам æрымысынц. Мамитыхъæуы абон сывæллæтты хъæлæба нал хъуысы, райсом раджы дзы уасæджы уасын адæймаджы хъустыл нал ауайы, бæркадджын фæззæджы та — чындзхонты фæндыры цагъд къæрццæмдзæгъдимæ. О фæлæ йæ кад, йæ намыс йæ бындурæвæрдæй фæстæмæ бæр- зондæй-бæрзонддæр цы кæны, æндæр æй дæлдæр нæ уа- дзынц Хъарадзауы фæдонтæ, кæд алы рæтты ныппырх сты, уæддæр. Кад æмæ намыс кæнæг вæййынц адæм сæхæдæг сæ хорз хъуыддæгтæй, уарзт æмæ хæлардзинад адæмы ’хсæн тау- гæйæ. Дзырдæн дзæгъæлы нæ баззади: «Мыггаг дæр, хъæу- бæстæ дæр фидауы æмæ фидар у лæгæй». Мамиты та Хуы- цау никуы фæцух кодта сахъ нæртон гуырдтæй. Ирон адæмы уарзондæр хъæбултæй иу у Мамиты Илойы фырт Димитри, Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон ар- тист, Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театры курдиат- джындæр актер. Димитри Хуссар Ирыстоны драмон театры сценæйыл, стæй кинойы дæр цы сæдæгай зæрдæмæдзæугæ 280
рольты ахъазыд, уыдон аивад- уарзджытæ абон дæр хорзæй мы- сынц. Адæмæн уæлдай уарзон- дæр та у, киноныв «Фатимæ»-йы цы ахсджиаг фæлгонц сарæзта (комбæсты ныхасы хистæр Бади- латы Сосланы сурæт), йæ кад ын ноджы бæрзонддæр чи систа, уый. Димитрийæн йæ фырт Инал та зонады бæрзæндтæм схызти, у экономикон наукæты канди- дат. Бирæ бæрнон бынæтты фæ- куыста. Къорд азты уыдис Хус- сар Ирыстоны хицауады сконды, экономикон фарстаты фæдыл Президенты уынаффæ- гæнæг, парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг. Ныртæккæ Мамиты Инал пенсийы рацыд, йæ фæллад уа- Димитрийы фырт дзы. Мамиты Алыксийы фырт Гигуца — Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты доцент, филологион зонындзи- нæдты кандидат. Дзæвгар азты фæкуыста пединституты хистæр ахуыргæнæгæй, уыцы иу рæстæг наукон куыст кæнгæйæ. У бирæ ахуыргæнæн чингуыты автор, уыдони- мæ ис ирон æвзаджы чингуытæ куыд астæуккаг скъола- тæн, афтæ уæлдæр ахуыргæнæндонтæн дæр. Мамиты Антъоны хæдзарвæндагæй та, афтæ зæгъæн ис, æмæ равзæрди рухстауджытæ-педагогты æнæхъæн династи. Цоты кæстæр Соня суанг йе ’зæры бонтæм зæрдиаг лæг- гад фæкодта культурæйы ахсджиаг къабазы: библиотекарæй фæкуыста уыцы иу ран — Сталиниры горæты чиныгдоны. Антъоны цыппар фыртæй дыууæ хистæры, Никъала æмæ Естъа та куыстой скъолайы. Естъа йæ царды рæсугъддæр азтæй дыууиссæдзы бæрц снывонд кодта кæстæрты хъомыладæн, уыди уырыссаг æвзаг æмæ географийы ахуыргæнæг Цхинвалы районы Дзарце- мийы хъæуы. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд 281
фыссæн сис æмæ чиныг æфсæддон хотыхтæй раивта. Фæлæ цы æфсæддон хайы уыди, уый æрхъулайы бахауд, æмæ Естъа фашистон концлагеры арвыста удхайраг дыууæ азы. Куыстæмхиц æмæ зонындзинæдтæм æвзыгъд адæймаг уыцы къуындæг уавæрты дæр йæхимæ хъусыныл нæ фæци, бав- дæлд æмæ ахуыр кæнын райдыдта немыцаг æвзаг. Афтæ æдæрсгæ йыл дзурын базыдта, æмæ хæсты фæстæ йæ «уацары хæс» ахæстоны куы бафыста, æмæ сæхимæ куы æрыздæхти, уæд ма, уымæй размæ скъолайы цы предметтæ лæвæрдта, уыдонмæ бафтыди немыцаг æвзаджды уроктæ дæр. Антъоны иннæ дыууæ фырты Михал (1905 азы гуырд) æмæ Иван (1907 азы гуырд) Ростовы арæзтадон институт æнтыстджынæй каст фесты æмæ сæ ахуыр адарддæр кодтой Мæскуыйы Архитектурон институты (МАРХИ). Иваны ныуу агътой институты аспиранту рæйы, бахъахъхъæдта кандидаты диссертаци, суанг пенсийы онг мидисджын лек- цитæ касти сомбоны суинаг специалисттæн, наукон раза- мынд лæвæрдта аспиранттæн. Йæхæдæг дæр разæнгардæй куыста ахсджиаг темæйыл: «Архитектурные памятники ста- рины» — докторы диссертацийыл. Архитектурæйы теори æмæ историйæ æмбырд кодта æрмæг Уæрæсейы алы горæт- ты, уыимæ Ирыстоны дæр. Куыст срæвдз ис, фæлæ йæ бахъахъхъæнынæн фадат нал разынд — инсульты, стæй та фæд-фæдыл дыууæ инфаркты фæстæ йе ’нæниздзинад тых- джын фæцудыдта. Иваны хистæр æфсымæр Михал къордгай азты куыста сæйраг архитекторæй Мæскуыйы районты æмæ Мæскуыйы алыварс (Подмосковье) зындгонд куыстуæтты. Хуыздæр специалистты рæнхъы йæ арæх æрвыстой æввахсскæсæйнаг бæстæтæм командировкæты, — арæзтадон æххуыс сын ба- кæныны охыл; куыстой индустриалон, культурон, медици- нæимæ баст объекттыл (заводтæ, скъолатæ, рынчындæттæ æ. æнд.). Иу ахæм экспедицийы рæстæджы уæрæсейаг кус- джыты къорд, Михал дæр семæ, афтæмæй транспортон фыдбылызы бахаудысты: сæ машинæ къардиуæй асхъиудта æмæ, маргхъæстæ буаргъæдтæ цы цадмæ æмбырд кодтой, уым скуыси; фесæфтысты се ’ппæт дæр. Ацы трагикон цау æрцыди 1971 азы. 282
Михалæн Мады-Майрæм дыууæ фырты балæвар кодта, æмæ уыдон ахуыры фæндагыл ноджы бæрзонддæр къæпхæн- мæ схызтысты. Æцæг, сæ фыды дæсныйад нæ равзæрстой, ацыдысты ноджы уæззаудæр, гуыргъахъдæр, фæлæ паддза- хадæн, æхсæнадæн хъæугæдæр фæндæгтыл. Дыууæйæ дæр каст фесты Мæскуыйы паддзахадон университет (МГУ), ра- уади сæ стыр ахуыргонд лæгтæ, физикон-математикон нау- кæты доктортæ. Хистæр Виктор уыди Мæскуыйы паддзаха- дон гуманитарон университеты (МГГУ) профессор. Иннæ æфсымæр, Барис, уыди физик-атомщик, Мæскуыйы Курча- товы номыл атомон энергийы институты хистæр наукон ку- сæг; уæззау æмæ зынвадат 2000-æм азты та йын бабар кодтой директоры хæдивæджы бынат. Уæд уагдоны ном дæр ивд æрцыди æмæ ныр хуыйны — Национ иртасæн центр «Курча- товы институт». Йæ куыст вазыгджын æмæ бæрнон кæй уыди, бирæ хабæрттæ дзы «сусæгдзинады тæлммæ» (совер- шенно секретно) кæй хауынц, уымæ гæсгæ Барисы тыххæй фаг информаци райсæн æмæ фыссæн нæма ис. Ныхас кæуыл цæуы, мыггаджы уыцы минæвæрттæ сæ зæрдиаг фæллойæ кад скодтой сæ раттæг адæмæн, Ирысто- нæн æмæ Уæрæсейæн дæр. Бирæтæ дзы не ’хсæн нал сты, фæлæ сæ ном рох æмæ сæфт нæу. Сæйрагдæр та, сæ фæстæ цы суинаг фæлтæр цæуы, уыдон, æхсæнады алы къабæзты кусгæйæ, сæ фарны хъуыддæгтæй сæ хистæрты кадыл кад кæй æфтауынц, уый гуырысхойаг нæу. Ацы ног фæлтæрæй бирæты нæмттæ рæгъмæ рахæссинаг бæргæ сты, фæлæ нæ фадат кæй нæ амоны, уый тыххæй — хатыр!.. -&$&§
АДÆЙМАДЖЫ ХЪЫСМÆТ Ацы хатт Григол цыдæр æрæгмæ цæуы. Йæ мад Елена, кæд дзургæ ницы кæны, уæддæр йæхимидæг тыхсы, йæ кæ- стæр хъæбулмæ йæ зæрдæ æхсайы. Кæрты уынæрмæ йæ хъус адары æмæ та йæхицæн ныфсытæ авæры, зæгъгæ, йæ бæх Джигут æмбаргæ æмæ уады хуызæн бæх у, уый йæ хæццæ кæндзæн хæдзармæ. Уалынмæ куыдзы рæйын ссыди æмæ уайтагъддæр фæ- хъус и. Мады зæрдæ бамбæрста, йæ хъæбул кæй æрбахæццæ ис, æмæ фæхъæлдзæг. — Еспейы1 не ’рвадæлтæм афæстиат дæн, — фæкодта Гри- гол, йæ мады раз цыма йæхи раст кодта, уыйау. — Леуанимæ цыдæр ахсджиаг ныхас кодтам æмæ... — загъта ма, стæй йæ уатмæ фæраст ис. Кæд рæстæг фæсæмбисæхсæвæй фæивгъуыдта, уæддæр Григол фынæйы кой нæма кодта. Райста йæ маузер, сыгъдæг- хъуаг нæ уыди, уæддæр ма йæ асæрфтытæ кодта æмæ йæ нывæрдта иæ хуымпъыры. Йæ тыхст хъуыдытæ та йæ Еспейы балæууын кодтой... Райсом лæппутæн рагацау бамбарын кæнын хъæудзæни, цæмæй сæхи цæттæ дарой. Зруггомы2 Козатæ стыр æмæ тых- джын мыггаг сты, фæлæ сын сæ фондз рæсугъдæй Дзæуыджы- фырт (хæдзары номæй сæ Дзæуыгтæ хонынц) иу хъуамæ ра- фардæг кæна. Ахæм хъуыдытимæ Григол йæ урс басылыхъхъ хуыссæнтæм баппæрста æмæ иннæ, тардæр чи у, уый райста, ома æхсæвыгон къаддæр зындзæны охыл. Йæхи хуыссæны æруагъта æмæ адджын фынæй аци, хъæлдзæг фынты уацары та бахаудта. 1 Хъæу Нары зылды. 2 Ком Туалгомы. 284
Æртæ Еспейы дæр — Уæллаг, Астæуккаг, Дæлладжы — фылдæр цардысты Мамиатæ. Астæуккаг Еспейы царди Ле- уан дæр — хæдзары номæй Пинатæй. Йæ бинойнаг Гаджион сын фынг сæ разы авæрдта, йæхæдæг иннæ хатæнмæ ахызти. — Цыбыр дзырдæй, Григол, — райдыдта Леуан йæ ны- хас, — Гаджион алцæмæй дæр æххæст адæймаг у, ницæмæй дзы хъаст кæнын, фæлæ мæ Зруггомы Козаты фондз хойæ дыккаг хъизæмарæй мары. Фыццаг хатт æй куы федтон се ’рвадæлты чындзæхсæвы фарон, уæдæй абонмæ, кæм дæн, цы кусын, уый мæхæдæг дæр нал æмбарын. Дæ цæстæнга- сæй та цы зæгъынмæ хъавыс, уый дæр хатын æмæ мын хъуы- дыгонд у. Гаджионæй мын иппæрд гæнæн нæй, мæ авд сы- вæллоны сидзæрæй нæ ныууадздзынæн, фæлæ мæ дарддæры цард та æнæ Козианæй уыдзæни хъизæмар. Гаджион уæззау зонды хицау у, куырыхон сылгоймаг, ууыл мæ зæрдæ дарын, раст мæ бамбардзæн æмæ мын баххуыс кæндзæн. Гъеныр иннæ хъуыддæгтыл та, Дзæуыджы-фырт, мæ зæрдæ æмæ мæ ныфс дæуыл дарын. Фыццаг хатт куы нæ цæуыс, мыййаг, скъæфæг. Дыккаг бон Григол йæ хъал бæхыл бабадт æмæ Зруггом- мæ бафардæг и. Бирæ алыхуызон хъуыдытæ æмбырд кодтой йæ сæры. Изæрæй, адæм сæ фосмæ зилæнтыл уыдысты, афтæ Григол дæр бахæццæ и Козаты хъæумæ, æрфистæг и фондз хойы хæдзары дуармæ. Уайтагъд уазæджы мидæмæ фæхуыдтой. Бады уал иунæгæй, цалынмæ йæм хæдзары хи- цауы нæ февдæла, уæдмæ. Григол дæр хатæнтыл йæ цæст ахаста, чызджыты уат бæрæг дардта. Æрбацæуæн дуар тулдз бæзджын фæйнæгæй конд, йæ æхгæнæн дæр тулдз æндзал- мæй, фæрæтæй цыппæрдигъон амад, лæгъз амад, бæрæг уыди, къухæй дæсны чи уыд, ахæм лæджы куыст. Дуары фæйнæ фæрсты æхгæнæн æндзалмæн дыууæ хуынчъы, æн- дзалм та уал къуымы ног чындзы лæуд кæны. Чызджыты уаты æмкъул иумæйаг хатæн, йæ цары астæу ердойы хуынкъ æд рæхыс. Йæ алыварс æрзылди Григол, ба- худт йæ мидбылты æмæ фæстæмæ йæ бынаты æрбадти. Хæдзары хицау дуарæй нæма æрбахызт, афтæ хатыртæ курынмæ фæци, уазæджы иунæгæй кæй фæуагъта цыбыр рæстæг, уый тыххæй. Уæдмæ сын фынг дæр авæрдтой, фæй- нæ анызтой, æмæ Григол йæ цыды сæр бамбарын кодта: 285
— Мæ мад тынг тыхст рынчын у, цалынмæ нæхимæ цæ- уон, уæдмæ дæр æй куы нæуал баййафон, уымæй дæр тæр- сын æмæ, зæгъын, рагацау кусæрттаг куы ссарин... Гъемæ мын сымах банымыгътой, ис, дам сæм дзæбæх стур. Хæдзары хицауæй разыйы дзуапп куы нæ фехъуыста Гри- гол, уæд хæрзизæр загъта йæ фысымтæн æмæ рафардæг и. Хъæуæй куы рахызт, уæд йæхицæн базарыд: уæдæ, уæдæ, йæ цыды сæйраг нысан йæ къухы бафтыд — хæдзармæ бацæ- уæнтæ сбæлвырд кодта, сæйрагдæр та — ердойы хуынкъ... Æртыккаг бон изæрырдæм Зруггомы бафардæг сты фондз барæджы, æгомыг цыд кæнгæ, сæ сæртæ басылыхъхъыты тыхт. Цæуынц, нæ тагъд кæнынц, хæхты фæззыгон æрдзы рæсугъддзинад цыма фыццаг хатт федтой, уыйау фæлгæсынц алырдæм. Хуссарварс æхсæр бæлæсты къутæртæ уалдзыгон æлвыд фосау гæмæхæй лæууынц, стæм сыфтæртæ ма сыл дзедзырой кæны. Æхсæр къутæры бын дынджыр арс йæ дыу- уæ лæппынимæ хус сыфтæртæ йæ дзæмбыйæ рахафы, хала- мæрзæнæй хафæгау, æмæ æхсæртæ уидзынц. Барджытæй иу йæ хъримагмæ февнæлдта, фæлæ йæ Григолы цæстæнгас æр- сабыр кодта. Козаты хъæумæ фæсæмбисæхсæв куыд бахæццæ уой, сæ нымад афтæ у. Уæлдай æмбæлæг, уæлдай цæст сын пайдайы хос нæу. Уæдмæ мæй дæр йæ цалхы дзагæй стылди хохы фæстæйæ, йæ фæлмæн тынтæ кæд зæрдæ рæвдыдтой, уæд- дæр йæ рухс барджытæн цины хос нæ уыди. Хъæумæ куыд хæстæгдæр кодтой, афтæ цæгатырдыгæй сау мигътæ, цыма барджыты хъынцъым бамбæрстой, афтæ сæхи сындæггай æруагътой бæрзонд хæхтæй æмæ комы арфы æрбынæттон сты. Мæйы æвзист тынтæ ма бæргæ архайдтой бæзджын мигъты æхсæнты акæсыныл, барджыты ссарыныл, фæлæ сæ бон нал баци, цъæх мигъ тыхджындæр разынди. Фæсæмбисæхсæв фондз барæджы Козаты хъæугæрон æр- фистæг сты. Бæхты кæрæдзиуыл абастой, лæппутæй иу семæ баззад, цыппарæй фæраст сты хъæумæ. Бæстæ сабыр. Искуы- иу хатт ма куы иу кæронæй, куы иннæ кæронæй куыйты зи- вæггæнæгау рæйын райхъуысы. Хъæу тарф фынæй кæны, адæ№ адджын фынтæ уынынц. Лæппутæ уæлхæдзармæ ба- хызтысты, ердойы къæйдур иуварс æрæвæрдтой æмæ бынмæ хъусынц. Уынæр нæ цæуы, бинонтæ æнцад фынæй кæнынц. 286
Григол цыппар басылыхъхъы кæрæдзиуыл бæндæнбаст акодта æмæ ердойы йæхи ауагъта. Мидæгæй дуар æхгæнæн æндзалм фелвæста — дуар фегом ис, æмæ йе ’мбæлттæ фæми- дæг сты. Чызджытæн сæ уæлхъус куы алæууыдысты, уæд сæ иу фехъал и, фæлæ схъæр кæнын нæ бафæрæзта, уæдмæ йын Григол йæ дзых ахгæдта. Маузер йæ къухы, афтæмæй бартхъирæн кодта чызгмæ, куыддæр схъæлæба кæнай, афтæ уын уæ бинонты иууылдæр ныццæгъддзынæн, зæгъгæ. «Рæвдз дзур, Ксеня уæ кæцы у?» Чызг кæуынхъæлæсæй, гæды бæласау ризгæйæ, ацамыдта Леуаны уарзонмæ. Лæппу- тæ фæлæбурдтой чызгмæ, нымæты йæ атыхтой æмæ федде сты. Григол ма чызджытæм иу хатт бартхъирæн кодта, дуар æдде фидар æрæхгæдта æмæ йе ’мбæлтты уæлхъус алæууыд. Сæ бæхтыл абадтысты, чызг — хистæры хъæбысы. Григол бæх фæурæдта, лæппутæм фæдзæхсæгау бадзырдта: «Сымах цæут, куыд уæ фадат уа, афтæ, æз уал фенхъæлмæ кæсон, цы гæнæг сты Козатæ». Иу бæласы аууон æрлæууыд, байхъуы- стытæ кодта, фæлæ æхсæвы тары иу къæцæлы къæрцц дæр хъус нæ ахсы. Бæхыл багæпп кодта æмæ хъавгæ Козаты хæдзармæ йæ ных сарæзта. Цъиуызмæлæг нæй, фæлæ уæл- бæхæй йæ цæст дары хæдзармæ, рæстæг ивазы, цæмæй йе ’мбæлттæ адарддæр уой. Мæй дæр ма фæсхохæй йæ иу был уæле дары, цыма хохыл ауыгъдæй аззад, æмæ ма æнæбары рухс кæны. Григол уæддæр лæууы, хъуыдытæ кæны. Ныр дзæвгар рæстæг рацыд, лæппутæ æмбис фæндагыл уыдзы- сты, тæссаг нал у. Бæх фезмæлын кодта, хæдзармæ йæ фæ- хæстæгдæр кодта. Бæх йæ быны кафы, куыйты рæйд дæр фæтынгдæр и. Сласта маузер, хæрдмæ æртæ гæрахы фæкод- та. Æрдзы сабырдзинад фехæлдта, куыйтæ кæрæдзимæ фæ- дис хъæргæнæгау æйтт кæнынц, рæйынц. Уæлхæдзæртты иугай лæгтæ куы фæзынди, уæд бæх батъæппытæ кодта æмæ æхсæвы тары атади. Комы дымæгмæ æввахс раййæфта йе ’мбæлтты. Еспейы бамидæг сты уайсахат. Хъæуы фæсивæдæй бирæ- тæ æнхъæлмæ кастысты скъæфджыты æрбацыдмæ. Бацин сыл кодтой, æнæфыдбылызæй кæй раирвæзтысты, уый тых- хæй. Чызг фæсивæд та скъæфт чызджы хæдзармæ бахуыд- той. Лæппутæ сæ цæстæнгас Джерейы хурхмæ, Нарæй Еспе- мæ æрбахизæн нарæг бынатмæ, сарæзтой, лæбурджытæм 287
æнхъæлмæ кæсынц. Фыццаг кæркуасæнтæм куы ничи фæ- зынди, уæд фæсивæд фæпырх сты сæ хæдзæрттæм. Æрбабон и. Фæззыгон хур коммæ кæд йæ тынтæ нæма æруагъта, уæддæр, Адайы хохы цъитийыл тыбар-тыбур кæнгæ, дæлдæрæй-дæлдæр цæуынц. Абанайы3 Балатæ уæлхæдзæртты æмызмæлд кæнынц, сæ райсомы зылдты- тæм февнæлдтой. Æрмæст дзы Балаты Къæбер, йæ къæдз лæдзæгыл æрæнцойгæнгæйæ, Зруггомы дымæгмæ ным- дзаст и. Къæберы уæздан^æмæ куырыхон лæгæй зонынц æнæхъæн Туалгомы дæр. Йæ ныхасы уæз кæмæн ис æмæ адæм аргъ кæмæн кæнынц, йæ раст уынаффæмæ кæмæ æн- хъæлмæ кæсынц, ахæмæй. Бирæ туджджынты бафидауын кодта æмæ бирæ чындзхон уазджыты сбуц кодта йæ уæз- дан ныхасæй. Фæлæ ныр йæ цæстæнгас цыдæр мæтхуыз у, комы дымæгмæ дзæгъæлы нæ ныккаст. Цæмæй дыууæ мыг- гаджы æхсæн фыдбылыз ма ’рцæуа, ууыл у йæ уæззау сагъæс. Лæууы Къæбер уæлхæдзары кæрон æмæ æдзынæг кæсы, цуанон арсы фæзындмæ куыд æнхъæлмæ кæса, афтæ. Уалынмæ комы дымæджы, Сласы4 бынмæ фæзынд æртæ барæджы, сæ фæстæ ноджыдæр æртæ æмæ та æртæ... Дард- дæр сæ нал банымадта, кæстæртæм фæдис хъæргæнæгау фæдзырдта: — Рæвдз рæбынты-рæбынты згъоргæут Мамиатæм, сæ уазджытæ фæзындысты. Æмæ йæхæдæг дæр, йæ лæдзæг йæ синтыл сæвæргæйæ, уæззаугай йæ ных сарæзта Еспемæ. Дыууадæс барæджы æрфистæг сты Леуаны дуармæ. Бæ- стæ хъæр-хъæлæбайæ байдзаг и. Лæбурæгæн йæ ном — йæ уæлæ. Уый мæстджын æмæ знæт у. Тызмæг, æртхъирæн ны- хæстæ фæфылдæр сты уæздан дзырдæй. «Нæ ердо, нæ къо- найы рæхыс нын чи фæчъизи кодта, уый ма мæ размæ æрба- хизæд, æз æй ацы сау фистон хъамайæ скæрдон!» — хъæр кæны къуыдипп кæстæртæй иу. Уæдмæ йæ топпы гæрах дæр райхъуыст. Йæ хæдуæлвæд æрвнæрæгау азæлыди дзыха- рæхст Къæберы барджын хъæлæс: «Ам хæст чи райдайа, уы- мæн йæ фæстаг ныхас уæддæр уыдзæни мемæ, æмæ уал фæл- тау’фыццаг уæздан ныхасæй байдайæм!». 3 Хъæу Нары зылды, цардысты дзы Балатæ. 4 Хъæу Нары зылды. 288
Адæм фæсабыр сты. Хистæртæ æрбадтысты, уынаффæ кæнынц, цæмæй хъуыддаг сабырæй ахицæн уа. Кæд лæбур- джыты æхсæн тæвд сæртæ дæр фæзыны, сæ къухтæ кæд сæ хъаматы фистонтыл æвæрдæй дарынц, уæддæр та сæ Балайы- фырт гыццылгай æрсабыр кæны йæ фæлмæн ныхас æмæ уæззау зонды фæрцы. — Зæрдæмæдзæугæ хъуыддаг кæй нæ бакодтой Мамиа- тæ, — дзуры Къæбер, — уый гуырысхойаг нæу, фæлæ йын, æппын чи никуы æрцыд, ахæм хъуыддаг схонæн дæр нæй. Дыууæ мыггаджы æхсæн туг кæй нæ ныккалди абоны онг, уымæй Хуыцауæн табу. Мах хор æмæ кæрдæгау иумæ хъо- мыл кæнæм, нæ цин дæр, нæ зиан дæр иу у, нæ зонд дæр хъуамæ иу уа, нæ ныхас кæрæдзиуыл бада. Алы æлхынцъ хъуыддагæй дæр, алы къуырцдзæвæнæй дæр ис фæндаг сса- рæн сабырад æмæ кæрæдзи æмбарынмæ, хæлар цард æмæ уарзондзинадмæ. Уый тыххæй та хъæуы фидар, æмбаргæ сæрызонд, æмæ нæ уазджытæ дæр уымæй хайджын кæй сты, ууыл æз иу мисхал дæр дызæрдыг нæ кæнын, уымæн æмæ урс хохæй урс дуртæ хауы. Козатæ уæздан æмæ фидар зон- дыл хæст мыггаг сты. Бирæ ма фæтæрхон кодтой хистæртæ, æмæ фæуæлахиз и хуыздæрты зонд. Уæдмæ кæстæртæ дынджыр тохъхъыл адзæнгæл ластой æмæ йæ цæттæйæ хæдзармæ сивыры фæми- дæг кодтой. Фынгтæ авæрдтой. Уазджыты зæрды кæд фы- сымты цæхх-къæбæрæй саходын нæ уыди, уæддæр та сæ Балайы-фырт сразы кодта. Бадынц, минас кæнынц фысымтæ дæр, уазджытæ дæр, сæ бæхтæ дæр æфснайд, хуссайраг фæлмæн æмæ сойджын хос мерс кæнынц. Рæстæг фыццаг кæркуасæнтæм баввахс и, уæддæр «цом хъæмæ» зæгъæг нæй. Дыккаг бон дæр та ахæм над фæндагыл араст сты уазджытæ. Æртыккаг бон та сæ Къæбер фæхуыдта, кусарт сын акодта, хорз сæ фæхынцыд- та, адджын, уарзон бадт фæкодтой. Афтæ къуырийы бæрц уазджыты фæрахон-бахон кодтой хæдзари-хæдзар. Алы хæдзары дæр сын кодтой кусарт, хæ- ринаджы хуыздæр æмæ хæрзаддæр уазæгæн ничи хæлæг кодта. Бафидыдтой дыууæ мыггаджы, уæдæ ма цы хос уыди. Леуаны хæдзары дæр зæрдæйы хъарм æмæ уарзондзи- над æрфысым кодтой. Гаджион æмæ Козиан кæрæдзийы
бамбæрстой. Гаджион ын цæстуарзонæй амыдта бинонты царды фæтк æмæ æгъдау. Уарзон бинонтæ та цард арынц, Хуыцау дæр сæм йе ’ргом фылдæр здахы. Леуанæн Зруджы Мадымайрæм балæвар кодта æстдæс сывæллоны. Иууылдæр зæрдиаг рæвдыд зыдтой дыууæ ма- дæй дæр. Хуыцау бахизæд, æмæ дзы искæй фæхъулон кодта исчи. Уый мæ сывæллон у, уый та мæ файнусты, уый сæ, зæгъгæ нæ, фæлæ хъуыды дæр никуы ничи акодта. Фæкæ- сынхъуаг æмæ дзы æххормаджы фыдæй хъысмæты æфхæрд ничи баййæфта. Фыццаг ус — Гаджионæй авд хъæбулы хистæр уыдис Хан- джери. Уæдмæ Леуаны дыккаг бинойнаг Козиан дæр зæнæг кæнынмæ басгуыхти. Уыйæппæт бинонты хæххон зын уа- вæрты хæссын дæр хъуыд. Лæппутæ куыд хъомыл кодтой, афтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фыдæн æххуыс кодтой нæл- гоймаджы хæххон уæззау куыстыты. Ханджери æмæ йæ кæ- стæр, Мишкæ, ахуырмæ бæргæ сæ хъус дардтой, фæлæ сæ фыд ской дæр нæ уагъта. Загъды бын-иу сæ фæкодта, стæм хатт-иу сыл уæлæнгай над дæр ауади, уæд кусгæ та чи кæн- дзæни, бинонты чи дардзæни, зæгъгæ. Уæд дыууæ хистæр æфсымæры, Ханджери æмæ Мишкæ, сфæнд кодтой фыды сусæгæй скъоламæ бацæуын. Цæугæ бæргæ бакодтой, фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста. Цыбыр рæ- стæгмæ сæ фыд базыдта, æмæ дыууæйæ дæр тæвд над бай- йæфтой. Фæлæ лæппутæ уæддæр сæ бæллицыл сæ къух нæ систой. Ханджери, куыд хистæр, афтæ Мишкæйы разæнгард кодта ахуырмæ, ацу сусæгæй æмæ дæ кæд нал ракæнид фæ- стæмæ, зæгъгæ. Фæлæ Мишкæ нæ разы кодта, йæ ныфс нæ хаста. Уæд Ханджери бавдæлд æмæ йæхæдæг алыгъди хæ- дзарæй йæ мады æрвадæлтæм — Гаджитæм æмæ уыдонæй цыдис скъоламæ. Леуан дæр ницыуал загъта. Уæдмæ фадат фæцис мæгуыр хæххон адæмæн быдырмæ ралидзынæн. Леуан йæ бинонтимæ рацыди Къостайыхъæумæ. Хохимæ абаргæйæ, хуымзæхх парахат, фадæттæ æнцондæр, кус æмæ дын уа. ,Уæдмæ Ханджери йæ ахуыр адарддæр кодта, каст фæци рабфак, кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы хуыйæн фабричы мастерæй æмæ цыбыр рæстæгмæ директоры бынатмæ схыз- ти. Ханджери йæ лæджы кармæ бахызт. Бинонты хъуыддаг 290
Ханджери йæ цардæмбал Хуытиты Пæсæимæ бакæнын афон дæр ын æрцыди. Баминæвар кодта сæхи хъæуккаг Хуытиты Батойы уæздан æмæ рæсугъд чызг Пæсæмæ. Бато хъуыстгонд æмæ нымад лæг уыди хъæубæсты. Уæздан æмæ йæ æгъдауджынæй зыдтой. Уæдæ Ханджери, саджы фисынтыл амад кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæппу, фау æр- хæссæн кæмæ нæй, уыцы Ханджерийæн æнæразыйы дзуапп чи хъуамæ ратта. Пæсæйы рæсугъд æркуывта Мамиаты къо- намæ. Цард сæм йæ мидбылты худт, фæлæ сæ Мады-Майрæм нæ рæвдыдта, цæуæт сын нæ рацыди. Æвæдза, æрдзы сконд дис- саг куыд нæу. Къæдзæхы хуызæн лæг, йæ зæрдæ та сывæл- лоны зæрдæ, æппынæдзух — хъазæн, рæвдаугæ ныхас. Йæ чындз Маруся-иу (рухсаг уæд) арæх æрымысыди. Ханджери, дам-иу хъæумæ куы æрцыд, уæд бынтондæр гыццыл лæп- пуйы хуызæн уыди, хуымæтæг, хъазаг. Сыхы сывæллæтты- иу æрбамбырд кодта иу ранмæ, исты адджинæгтæй-иу ^æ арæвдыдта, стæй та-иу семæ хъулæй дзæвгар фæхъазыд. Йæ 291
чындз Маруся-иу ын уайдзæфгæнæгау куы загъта, сывæллæт- тимæ куыд хъазыс, ды зæронд дæ ныр, зæгъгæ, уæд-иу зæр- диагæй худын байдыдта. Æмæ та-иу дзуапп лæвæрдта: «Уы- дон сывæллæттæ не сты, нæ. Уыдон зæды къалиутæ сты, зæды». Æмæ-иу йæхи хуыссæны сæрыл уæлгоммæ ауагъта. Æвæццæгæн, йæхицæн цот кæй нæ уыд æмæ, хи сабитæн цы рæвдыд хъуамæ лæвæрдтаид, уый зæрдæйы кæй нал цыдис, гъе уымæ гæсгæ узæлыд искæй сывæллæттыл. Уый дæр Хуы- цауæй лæвæрд у. Уæдмæ тугкалæн хæсты гæрæхтæ дæрдтыл анæрыдысты. Ханджерийы бирæ рахъуыды-бахъуыды нæ бахъуыд. Сидто- ны гæххæтт æм куы нæ хастой, уæд йæхи ныффыссын кодта бархионтимæ, афтæмæй та, æфсадмæ цæуæн кæмæн нæй (бронь), уыдоны номхыгъды уыди. Военкоммæ фæд-фæдыл цалдæр цыды фæстæ уæддæр йæхи фæнд атардта, йæ биной- наг та уыцы хабæрттæ зонгæ дæр нæ кодта. Хуытион ма хъæу- мæ фæдисы уайæгау ныууади, хъуыддæгтæ бамбарын кодта, æмæ уыцы бон йæ файнуст Марусяимæ фездæхтысты Дзæу- джыхъæумæ. Къуымбил цъындатæ æмæ ма цыдæр хъарм дзаумæттæ балæвæрдтой æмбырдгæнæн пунктмæ. Дыккаг бон афæндараст и Ханджери æфсадмæ. Ахуыргонддзинад кæмæ уыд, ахæм цалдæр лæппуйы фæ- хицæн кодтой, уыдонимæ Ханджери дæр, æмæ сæ афицерты цыбыргонд курсытæм арвыстой. Цалдæр мæйы фæстæ, кæ- стæр афицеры цин райсгæйæ, Украинæйы бамидæг сты. Ар- дыгæй райдыдтой Ханджерийы хæстон фыдæвзарæн бонтæ. Немыцаг лæгсырдтæ Полынæ, Венгри æмæ иннæ европæйаг паддзахæдтыл фистæгæй цæуæгау куы æрбалæгæрстой, уæд æрбафсæрстой Украинæмæ. Ныббырст æнæнхъæлæджы кæй уыди, уый аххосæй Советон Сырх æфсады æнæхъæн дивизи- тæ æрхъулайы бахаудтой, æмæ сæ уацары истой. Ханджери дæр йе ’рвад Никъалаимæ кæцыдæр къордимæ бахауд уацары. Бæргæ ма фæлварæнтæ кодтой æрхъулайы къæлæт ратоныныл, фæлæ æгæр фидар разынд. Немыц раз- мæ куыд бырстой, афтæ аразгæ цыдысты уацайрæгтæн конц- лагертæ. Иу ахæм лагерь арæзт æрцыд абоны Хмельниц- кийы областы Славутайы районы. Æппæт уацайрæгты, ссæдз минæй фылдæры бæрц, уырдæм фосы тард бакодтой. Уавæр- ты кой кæнын дæр не ’мбæлы, фос дæр ма хуыздæр уавæрты 292
вæййынц. Хæринагæн — баландæгонд-æхсæнтæ дон, кæрдзыны æнæбары муртæ, уымæн дæр йе ’мбис хырхæйфадæнтæ. Фыдгуыст æмæ æфхæрд æййафгæйæ, адæм бонæй-бон лæ- мæгъдæр кодтой. Немыцæн сæ глобалон пълан дæр уый уыди, цæмæй адæм слæмæгъ уой физикон æмæ моралон æгъ- дауæй, сæ бон мауал уа ныхмæ лæууын, тох кæнын. Адæм бындзыты мард кодтой. Ахæм бонтæ-иу уыди, æмæ мæрдты нымæц 200-йы онг куы схæццæ и. Ласын сæ кодтой уацай- рæгтæн сæхицæн, лагеры фарсмæ цы дзыхъхъ скъахын код- той, уырдæм, — кæрæдзиуыл-иу сæ ныккалдтой. Фæлæ советон адæмæн сæ райгуырæн зæхмæ уарзондзи- над уыйбæрц тыхджын уыди, æмæ, кæд сæ тых асаст, слæ- мæгъ сты æххормагæй, уæддæр уыцы фыдæвзарæн уавæрты сæ ныфс нæ састи. Цыфыддæр знаджы ныхмæ агуырдтой алыхуызон мадзæлттæ æмæ ноджы карздæр тох кодтой, уыцы тохы фæстиуæг кæд мæлæтмæ фæндаг амыдта, уæд- дæр. Концлагеры сындз телæй æртæ гæрæны, алы къуымы дæр 3—4 салдаты æд автоматтæ, куыйтимæ. Баракты — пъæлицайтæ æртыгæйттæй. Ахæм уавæрты исты ирвæзæн мадзæлттыл хъуыды нæ, фæлæ æдæрсгæ улæфын дæр тæссаг уыдис. Фæлæ советон салдат, уæлдайдæр ирон, мæлæтмæ комкоммæ кæсгæйæ, йæ цæст дæр нæ фæныкъулдзæн, уæддæр сæри- бармæ фæндæгтæ агурдзæни. Ханджери цы лагермæ бахауди, уым уыди хистæр афи- цертæ, комиссартæ, дохтыртæ. Кæд сæ фылдæр сæрибармæ тырныдтой æппæт мадзæлттæй, уæддæр-иу се ’хсæн уæйгæн- джытæ дæр разынд. Фæстæдæр куыд рабæрæг ис, афтæмæй, уацары уæвгæйæ, хъæбатыр, ныфсхаст æмæ æнæбасæттонæй йæхи чи равдыста, уыдоныл чингуытæ фыст æрцыд. Иу ахæм чиныг ныффыстой Альберт Доманк æмæ Максим Сбойчаков, «Подвиг доктора Михайлова», зæгъгæ. Федор Михаилы фырт Михайлов хæсты размæ уыдис Славутайы районы рынчындоны сæйраг дохтыр. Хæст куы райдыдта, уæд фронтмæ ацыд, уыди дивизийы сæйраг дох- тыр. Уыцы дивизи дæр уацары бахаудта. Уырдыгæй куыд- дæртæй раирвæзт, фæлæ, йæ зонгæ дохтырты фæндонмæ гæсгæ, аздæхти фæстæмæ Славутамæ, цæмæй ссара бастдзи- над сусæг организацитимæ, кæд дзы ахæмтæ ис, уæд. Кæд 293
дзы нæй, уæд та архайын хъæуы бынæттон уавæртæм гæсгæ, фæлæ æнæмæнг хъæуы ахæм сусæг организаци саразын. Ба- цыд горæты хицаумæ, бамбарын кодта, кæй йæ фæнды йæхи дæсныйадыл кусын. Афтæ фæзынди Михайлов ногæй Славутайы, ныр та, Ма- миаты Ханджери (Харитъон) æмæ Никъала дæр цы концла- геры уыдысты, уый сæйраг дохтырæй. Михайлов, уырзæй æвзарæгау, дохтыртæ, санитартæ æмæ æппæт уацайрæгты æхсæн агурын райдыдта ныфсджын æмæ, сæйрагдæр, æу- уæнкджын адæмы, стæй мадзæлттæ уыцы зындонæй уацай- рæгты аирвæзын кæнынæн. Сусæг организацийæн фидар бындур æвæрд æрцыд, кусын райдыдтой, горæт æмæ парти- зантимæ бастдзинад ис, пъæлицайтæй кæимæдæртимæ дæр кæрæдзийы бамбæрстой. Алы мадзæлттæй пайдагæнгæйæ, цалдæр къорды сындзтелы æдде фæкодта. Сæдæйæ фылдæ- ры раирвæзын кодта, фæлæ се ’хсæн уæйгæнджытæ разынд, æмæ Михайловы æрцахстой. Кæд æй цыфæнды хъизæмарæй мардтой, уæддæр йе ’мбæлттæй никæй схъæр кодта. Уæд æй горæты астæумæ ракодтой, адæмы тас бауадзыны охыл, æмæ йæ ам фыдмардæй амардтой. Славутайы сусæг организаци рæстæгмæ йæ архайд фæурæдта. Фæлæ немыц гыццыл куы æрсабыр сты, уæд та организаци дæр скуыста. Немыц сæ хъахъхъæнджыты архайд фæкарздæр кодтой. Раздæр æртæ пъæлицайы кæм лæууыд, уым ныр сæвæрдтой æхсæз, семæ ма эсэсоваг. Михайловы æрцахсты фæстæ уавæр тынг скарз и. Сусæг организацийæн разамынд дæттынмæ равзæрстой ног къорд — фондз лæджы, сæ хистæр — Роман Лопухин. Уацайрæгтæм хъусдард дзæвгар кæй фæтыхджындæр ис, уымæ гæсгæ пъæлицайтимæ иумæйаг хъуыддаджы архайын ныр тæссаг уыди, агурын хъуыд æндæр мадзæлттæ æмæ гæ- нæнтæ. Михайлов ма йæ рæстæджы фæнд кодта зæххы бын- ты тъунел акъахын, фæлæ сæ уæд уый сæр нал бахъуыд. Ныр раздæхтысты сæ раздæры пъланмæ, ома зæххы бынты тъунел акъахын, йæ дæргъ хъуамæ уыдаид сæдæ метры бæрц. Тынг уæззау æмæ тæссаг куыст, фæлæ хуыздæр гæнæн нæ уыд. Уыцы куысты тыххæй мæнæ куыд фыссынц А. Доманк æмаё М. Сбойчаков: «Для руководства работами создали штаб, в который ввели Лопухина, Кузенко, Чистякова, Сты- цюка, Федорова, Мамиева и Лукина». Ацы авд адæймаджы 294
алцыдæр сбæлвырд кодтой, банымадтой сæ уавæртæ. Фæлæ сæ мæт æмæ стырдæр тыхст уыдис кусæнгарз самал кæнын. Чиныджы автортæ дарддæр фыссынц: «Долго не удавалось обзавестись орудиями производства. Павел поручил это стар- шине Харитону Мамиеву. Тот включил в поиски своего дво- юродного брата Николая». Алчидæр йæ цæст дардта, йæхимидæг агуырдта алыхуы- зон æфсæйнаджы хæрз гыццыл гæбæзтæ дæр. Иу къуым æнæсгæрстæй нал ныууагътой. Мæнæ та куыд зæгъынц чи- ныджы автортæ: «Харитон нашел малую солдатскую лопату. А Николай, обследовавший чердак, спустился оттуда с кава- лерийским клинком. Обрадовавшийся Харитон, взмахнув клинком, воскликнул: «Э, секир, башка долой!», что-то ска- зал по-осетински брату, плохо говорящему по-русски, и пере- вел: «Я, Павел Антонович, говорю ему, если бы тебе, Нико, коня да пальцы на руке, джигитом бы стал, тряхнул бы ста- риной». Тъунел къахыны куыстытæ райдыдтой; кæрæдзийы ив- гæйæ, æхсæвæй-бонæй куыстой. Иутæ къахгæ кодтой, иннæ- тæ уæгъд сыджыт хастой æмæ йæ ныккæнды, чи нал куыста, уыцы хъармгæнæн хæтæлтыл калдтой. Фыццаг суткæмæ сын дзæвгар бантыст — æртæ метрмæ æввахс. Сæ цинæн кæрон нал уыд. Кæрæдзийæн æппæлæгау дзурынц: кæд афтæ æн- тыстджын уа нæ куыст, уæд æй иу мæймæ фæуыдзыстæм къахт. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста. Цыбыр рæстæджы фæ- стæ мæр дурджын разынд. Дуртыл сæ æфсæйнаг цæхæртæ калдта, фæлæ размæ ницы æнтыст. Цы гыццыл бел сæм уыд, уый æрмæст къахт сыджыт иуварс калынæн бæззыдис. Иу æхсæв Харитъоны рад куы уыди, уæд сæ зæрдæ дардтой, уæдæ та ацы уæйыг лæгæн дзæвгар бантысдзæн, фæлæ фы- дæнхъæл фесты. «Сменяя Харитона, Павел ахнул: пройдено около пятидесяти сантиметров. И это сделал Харитон-силач, одной рукой свободно поднимающий человека. Что же дадут другие?» Кæд ахæм уавæртæ сæвзæрди, уæддæр, сæйрагдæр, сæ ныфс нæ састи. Тъунелы куыст бонæй-бон зындæр æмæ тæс- сагдæр кодта. Тъунелы бæрзæнд æвдай сантиметры бæрц кæй уыди, уымæ гæсгæ кусын хъуыди хуысгæйæ кæнæ фарсыл, кæнæ уæлгоммæ, иннæрдыгæй та, сыгъдæг уæлдæф нæ фаг 295
кодта. Бирæтæ ахæм уæззау уавæрты нал фæрæзтой. Чи-иу бавзæр-фæсур, хæсгæ-иу кæй ракодтой, ахæмтæ дæр дзы уыди. Уæд æрхъуыды кодтой æмæ зæронд комбинезонтæй сарæзтой куырдадзы уæлдæфцъирæн (поддувной мех), уый зынгæ фæхуыздæр кодта уавæр. Кæд цыфæнды хъавгæ куыст кодтой, уæддæр «шахтертыл» æнæнхъæлæджы цаутæ- «бæллæхтæ» дæр цыди. Тъунелы арæзтад кæрты астæумæ куы бахæццæ ис, уæзласæн машинæтæ кæуылты цыдысты уырдæм, уæд иу ран машинæйы фæстаг цæлхыты бын тъунел ныттыдта, цары æмæ къулты быцæутæ дæр ныппырх сты. «ТПахтертæй» иу мидæгæй аззад æнæ сыгъдæг уæлдæфæй. Йе ’мбæлттæ йæ тагъд-тагъд ракъахтой, сыгъдæг уæлдæф æм сарæзтой æмæ гыццылгай йæхимæ æрцыди. Хуыцау хорз, æмæ немыц нæ бафиппайдтой, цæй дзыхъхъ у, уый, фæлæ загъд-замана самадтой, дзыхъхъы сыджыт ныккалут тагъд, зæгъгæ. Уайтагъд дзыхъхъ айдзаг кодтой, ралæгъз æй код- той, æмæ та «шахтертæ» дарддæр сæ куыст байдыдтой. Куысты уавæртæ уæззауæй-уæззаудæр кодтой: уæгъд сыджыт дарддæр хæссын хъуыдис, иннæмæй та — цас арф- дæр цыдысты тъунелы, уыйбæрц сыгъдæг уæлдæф нæ фаг кодта, сæ æрхъуыдыгонд уæлдæфцъирæн ницыуал æххуыс уыди. Уæд иу бон Харитъон (Ханджери) фæндон бахаста тъунелы алы ссæдз метрæй ссæдз метрмæ схуынкъ кæнын хæрдмæ æмæ уырдыгæй сыгъдæг уæлдæф уадзын. Фæрæст- мæ ис Харитъоны ног æрхъуыдыдзинад. Ноджы ма уыцы бынæттæ фæуæрæхдæр кодтой, цæмæй дзы «шахтертæн» кæрæдзийы фæрсты абырæн уа. Уыцы хуынчъыты та зæронд хæтæлы гæбæзтæ стъыстой, цæмæй сыджыт бынмæ ма згъæла. Тъунелы куыст кæронмæ фæхæццæ кæны, уый сбæрæг кодтой, сæ уæгъд сыджыт кæдæм калдтой, уыцы хъармгæ- нæн хæтæлты къанау куы байдзаг и, уæд. Бынтон æрбахæ- стæг ис, æхсæз мæйы бæрц кæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыцы сæрибармæ акъахдзæфы бон. Бæлвырд кæнын байдыдтой, чи хъуамæ алидза, уыдоны номхыгъд. Фыццаджыдæр, къахгæ чи кодта, уыцы «шахтертæ», командиртæ æмæ политруктæ. Сбæлвырд кодтой рад æмæ лидзыны фæтк — 22 ноябры фæс- æмбисæхсæв. Æхсæз мæйы уæззау куыст, стыр тæссаг уа- вæрты, ныр фæсте аззади, разæй та сæм æнхъæлмæ кæсы, 296
фыццаг бонæй фæстæмæ кæмæ бæллыдысты æмæ тырныд- той, уыцы зынаргъ æмæ адджын сæрибар. Номхыгъдмæ кæй бахастой, уыдон бæлвырд рæстæг æмæ бынатмæ æрæмбырд сты. Бæстæ ныссабыр и. Фыццаг къорды æртæ лæджы абырыдысты, уыдон хъуа- мæ хæрдмæ скъæртт кæной тъунел æмæ бæндæны кæрон ратъæпп кæной, ома æнæкъуылымпыйæ рахызтыстæм. Дык- каг къорд дæр рахызт. Æртыккаг къорды уыдысты Харитъон æмæ Никъала дæр. Æнæнхъæлæджы прожектортæ ныррухс кодтой лагерь, автоматы къæр-къæрæй хъустæ къуырма код- той. Чи раирвæзт æмæ лагеры чи баззад, уыдонæй ничи бам- бæрста, цы æрцыди, уый. Бирæтæ фенхъæлдтой, партизантæ ныббырстой, зæгъгæ. Фæлæ та ам дæр хабæрттæ бæлвырд- гæнæг фæци Харитъон. «Подполз Мамиев, объяснил: у Бры- нева лопнул мешок с сухарями, шум услышал часовой!» Лагеры салдæттæ æмæ афицертæ æмызмæлд кодтой, æд куыйтæ къуымты ратæх-батæх систой. Ацы цау немыцаг афи- церты бынтон сæрра кодта. Æхсæв-бонмæ салдæттæ куыйти- мæ тъунелы схизæны фæлæууыдысты, фæлæ ничиуал фæ- зынди. Райсомæй дзы куыдз ауагътой, фæлæ уый ниугæ фæстæмæ рабырыд. Тъунелы райдиан кæцæй у, уый базонын сæ тынг фæндыди. Куыдз сын куы нæ бакуымдта, уæд дыу- уæ уацайраджы æрбакодтой, автоматтæ сæм ныддардтой æмæ сæ абырын кодтой тъунелы иннæ кæронмæ. Уыцы бон фæдисы цæуæгау фæзынд немыцаг инæлар, йæ цæстæй бæлвырд фена уыцы диссаджы æвирхъау хабæрттæ: «Немецкий генерал, приехавший специально для того, чтобы посмотреть на подкоп, удивился, как это под носом охраны русские прорыли тоннель длиной более семидесяти метров. Обозвав начальника охраны дураком и ротозеем, генерал сказал, что в других условиях русских следовало бы награ- дить за титаническую работу, упорство, находчивость и пре- красную маскировку». Лопухин йæ фынддæс æмбалимæ сагъæсы бацыд. Сæ ны- мадмæ гæсгæ, сæдæйæ фылдæр хъуамæ ралыгъдаид, ам та æрмæст — фынддæс. Фæндыдис æй банхъæлмæ кæсын иннæ- тæм дæр, фæлæ фæстиат кæнын тæссаг уыдис: мыййаг сæ фæсте куы расурой, кæд æй зыдта, тæрсгæ кæнынц хъæдмæ бацæуын, уæддæр. Цæуын хъæуы. Кæд ма исчи раирвæза, 297
уæд уыдон дæр Хуыцауы фæрцы исты амæлттæ кæндзысты. Адæм тынг слæмæгъ сты æххормаг æмæ уæззау куыстæй, иннæмæй та арф миты лæгæрдын хъуыди, цыфæндыйæ дæр партизантыл хъуамæ сæмбæлой, сæ бастдзинад æмæ бадзырд- мæ гæсгæ сыл сгарджытæ хъуамæ фембæлой. Дыууæ сут- кæйы фæрахау-бахау кодтой, фæдзæгъæл сты. Адæм сæ фæ- стаг хъарутæй тыххæйты бырыдысты. Ханджери-Харитъон барæй фæсте цыдис æмæ-иу чи нал фæрæзта, уыдонæн æххуыс кодта. Кæд сæ тых асаст, уæддæр сæ ныфс нæ фæкъахыр и. Сæхи æнкъардтой æмæ нымадтой хæстонтыл, æмæ сæ уый разæнгард кодта, сæ ныфс сын сæттын нæ уагъта. Сгарджы- тæ сæ ссардтой. Бахæрын сын кодтой, аулæфыдысты, стæй сæ партизанты командир бæлвырд хабæрттæй афæрстытæ кодта æмæ сын бамбарын кодта, хæцæнгарзæй фаг ифтонг кæй не сты, хи хъарутæй исты мадзæлттæ кæй хъæудзæни. Баиу сæ кодта, цы партизанты ног къорд арæзт æрцыд, уыи- мæ. Партизанты къордтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Ныр фондз районы партизантæ баиу сты æмæ сæ къордæн радтой Федор Михаилы фырт Михайловы ном. Харитъон æмæ йе ’мбæлтты мæт æмæ сагъæс уыди хæ- цæнгарз. Тымбылкъухæй цыфыддæр знагæй дæ маст нæ райсдзынæ. Командиры ныхæстæ йæ сæры магъзы зилдух кæнынц. «Уæхæдæг исты мадзæлттæ кæнут». Фæлæ цы æмæ кæм? Уæд æрвнæрæгау сгарджытæй иуы ныхæстæ йæ сæр- мæ ныццавтой, хæстæгдæр хъæутæй иуы пъæлицайты къорд ис, зæгъгæ. «Уыдонмæ нын цæттæ хæцæнгарз, æцæг, — зон- дæй архайгæйæ». Дыккаг бон Харитъон йæхи арæвдз кодта йе ’рвад Никъа- лаимæ. Къæсæрыл семæ йæхи фембал кодта дохтыр Кузен- ко дæр. Араст сты фистæгæй хæстæгдæр хъæу Михалевомæ. Уым уыдис пъæлицайты къорд. Хæдзары размæ бахъуызы- дысты сусæгæй, æвиппайды мидæмæ багæппытæ кодтой æмæ сæ къуымты алæууын кодтой. Мæнæ куыд фыссынц чиныджы автортæ Харитъоны (Ханджерийы) хъæбатырдзинады тыххæй. «С волнением ждал (Роман — М. Т.) возвращения друга, отправившегося с братьями Мамиевыми. Втроем. Видно, недаром говорится, что смелость города берет. 28 ноября 1943 года они напали на полицейский куст в селе Михалево. Ворвались в полицейское 298
помещение с поднятыми гранатами и крикнули: «Руки вверх!» Перепуганные полицаи, не подозревая, что в руках партизан учебные гранаты, выполнили все их требования. Забрав де- вять винтовок, шесть гранат и пятьсот патронов, отважная тройка двинулась на двух подводах в лес. Перед отъездом Кузенко, выстроив всех тринадцать полицаев, сказал: «Име- нем Родины, полицейский куст распускается. Сейчас никого не тронем, но если кто из вас снова пойдет на службу к фа- шистам, головы не сносить. Понятно!» Харитон ма сæм йæ тымбыл къух дæр батылдта, æмæ хъæды бафардæг сты. Партизантæ уыйбæрц хæцæнгарз куы федтой, уæд фыр цин æмæ диссагæй хæрдмæ хаудысты. «Ныр, æнæмæнг, Ми- хайловы æмæ иннæты туг дæр райсдзыстæм». Сæ ныхасæн хицау разындысты. Æнауæрдонæй сæ цагътой æмæ сын æнæ- кæрон фыдбылызтæ кодтой. Цалдæргай эшелонтæ салдæтти- мæ æмæ уæззау техникæимæ, пъæлицайты æмæ немыцы сæй- раг командæгæнæн штабтæ срæмыгътой æд адæм. Партизанты æхсæн уыдис ногдзаутæ дæр. Иу ахæм хъæбатыр ногдзау æфсæнвæндаджы сæйраг станцæйы тæккæ астæу «развилкæ» æрвнæрæгау куы ныннæрын кодта, уæд æфсæнвæндаджы жандармерийы шеф йæ бандонæй хæрдмæ пуртийау фæхау- ди, кæртмæ æррайау рагæпп кодта, кæсы æмæ дыууæ салда- ты къаннæг лæппуйы къухтыл хæцынц. «— Твоя работа, гаденыш? — по-русски спросил Крюгер. — Моя! — с вызовом посмотрел в глаза жандарму. — Кто дал мину? Говори! — Ничего не скажу». Ноджы та йæ сæрыл бæрзонддæр схæцыд, йæ цæсты цæ- хæртæй знаджы рæхуыста. Немыцаг ахæм цæстытæм фыц- цаг хатт нæ каст, æмбæрста йæ, кæй ницы зæгъдзæнис, æмæ йæ фыднад фæкодта, къахæй йыл бассæста, стæй йæ рельсы- тыл æрæвæрын кодта. Немыцаг машинист кæм бадти, уыцы паровоз лæппуйы къæхтыл атылди. Йæ цæсгом митау фæ- лурс, афтæмæй йæ фæстаг тыхтæ æрæмбырд кодта, йæ цæ- стытæй тыхкаст скодта æмæ ма æнæбары сфæрæзта: «Нет! Не скажу!..» Уæд салдæттæн цыдæр бызгъуыртæ æрбахæссын кодтой, бензинæй сæ бапырх кодтой æмæ сæ лæппуйыл баппæрстой. Жандарм тамако сдымдта æмæ спичкæ лæппуйыл баппæрста, 299
йæхæдæг ма йæм иу мæсты каст фæкодта æмæ тагъд-тагъд фæраст ис иннæ фарсмæ. Кæд адард, уæддæр йæ хъустыл уыцы гыццыл хъæбатыры æнæбасæтгæ хъæлæс уади «Нет! Не скажу!..» Уый советон адæймаджы удыхъæд у! Уый советон адæй- маджы æнæуынондзинад у тыхгæнæг знагмæ. Уæдмæ партизанты æмæ Сырх æфсады ныббырстытæ баиу сты. 18 январы (1944 азы) партизантæ фыццаг ныббыр- стой æмæ суæгъд кодтой горæт Славута. 20 январы Сырх æфсады хæйттæ дæр æрбахæццæ сты Славутамæ. Ханджери æмæ Никъалайы хъысмæт ам æбæрæгæй азза- ди. Партизантимæ баиуы фæстæ сæ сæ тохы фæндæгтæ кæ- цырдæм фæхастой, хъыгагæн, чиныджы автортæ уый бæл- вырд нæ фыссынц. Бинонтæ Ханджерийæ фæстаг фыстæг райстой 1942 азы райдианы. Иннæрдыгæй та, 1943 азы кæ- ронмæ партизантимæ уыдис, уый бæрæг у чиныджы авторты ныхæстæй. Цы лагеры хъизæмар кодтой, уыцы Славутайы ссæрибар кæныны хæстыты ма сæ дыууæ дæр уыдысты ар- хайджытæ æви уыцы карз тохы фæмард сты, уыдæттæ бæл- вырдгонд не сты. Партизанты æндæр къорд та тох кодта горæт Изяслав ссæрибар кæныныл. Мæрдтæм барвыстой 129 æмæ уæззау цæфтæ фæкодтой 272 фашисты, уацары райстой 24 адæйма- джы, ныппырх кодтой 11 уæзласæн æмæ 3 рог машинæйы, 2 танчы, байстой бирæ трофейтæ. Кæд стыр фыдбылызтæ ра- кодтой знагæн, уæддæр партизанты командир æнкъард уыди. Хъæбатырæй чи хæцыд, уыцы партизантæй тохы быдыры баззад 37. «Среди них пионер Валя Котик, Григорий Пись- менный, Степа Кищук, братья Федоровичи, Валя Мануйлов, подполковник Игнат Иванович Стецюк». Партизантæй чи фæхъуыди, уыдон се ’ппæт нымады нæ бахаудтой, гæнæн ис, æмæ ацы 37 хъæбатыримæ фæмард сты Ханджери æмæ Никъала дæр. Гæнæн ис, æмæ дарддæр хæ- цыдысты цыфыддæр знагимæ æмæ æндæр карз тохы ас- къуыд сæ цард. Иу хъуыддаг бæлвырд у. Æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы номхыгъды сты Мамиаты Ханджери (Харитъон) æмæ Ншдьала дæр. -&&&§
ЦЪЕСАГ ЛÆППУ Нары зылдмæ хæстæг, бæрзонд нæухохыл, уæлвæз бы- дырты æрбынат кодта хæххон хъæу — Цъес. Сæрдыгон — дзæнæты бынат. Уæлхох тъæпæнтæ, сойджын уыгæрдæнтæ — алыхуызон хæххон дидинджытæй нывæфтыд, æнæкæрон сæрвæттæ. Цæсты сыджы хуызæн сыгъдæг суадæттæ иумæ кæм баиу вæййынц æмæ сæ гыццыл къададон кæм рауайы, уым уый йæхи бафæдзæхсы йæ хистæр æфсымæр Нары до- ныл, æмæ дарддæр иумæ бырсынц фынккалгæйæ хæххон на- рæг кæмтты. Сæрдыгон ацы æрдзы фидыцтæм кæсгæйæ, чи- фæндыдæр зæгъдзæни, тæхуды ацы аргъæутты бынаты цæрынæй бафсæд. Фæлæ зымæгон хæххон зынвадæттæ сæхи куы раргом кæнынц, уæлдайдæр мит дыууæ метрмæ æввахс куы ныууары, уæд зæрдæмæ рухсы цъыртт нал фæхæццæ кæны. Мæнæ та ныр дæр тъæнджы мæйы фыццаг бон мит йæ уарынæй нал æмæ нал æнцайы. Фæсæмбисæхсæв. Нæухох тъæпæнтæ урс пæлæзæй æрæмбæрзта æмæ сын цыма уаза- лæй тæрсы, уыйау пæлæз бæзджынæй-бæзджындæр кæны. Цъесы хъæу хæххон тар æхсæв аныхъуырдта, сыбыртт никæ- цæйуал хъуысы, рухсы цъыртт никæцæйуал кæлы. Къостайы загъдау: «Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд?!» Æрæджиау иу хæдзарæй дыдзы рухс ферттывта. Бæлвырд, ацы бинонтыл цыдæр хабар æрцыд. Æцæг дæр афтæ. Епхиты Григолы хæ- дзары фæзынди ноггуырд-бындар. Фæстæдæр ыл ном сæ- вæрдзысты Миша. Уый уыди 1920 азы. Рæстæг згъоры. Хæх- бæсты лæппу тагъддæр рæзы. 1925—30 азты Октябры революцийы тæфаг хæхбæсты арф кæмттæм, бæрзонд хъæутæм дæр хæццæ кæнын байдыдта. 301
Хистæртæ, сæхи уæззау царды уавæртæ æмæ æнахуыргонд- дзинад хынцгæйæ, æппæт хъарутæй дæр архайдтой, цæмæй сæ кæстæртæ уыцы уæззау æфсондзы бын ма баззайой. 1929 азы Мишайы дæр йæ фыд Григол Нары райдиан скъолайы фыццаг къласмæ радта. Зæрдæргъæвд лæппу стыр цымыдисæй райдыдта йæ ахуыры фыццаг бонтæ æмæ абон дæр æрымысы йæ фыццаг ахуыргæнджыты: — Фыццаг къласы ахуыр кæнгæйæ, мæ зæрдæйы æмæ мæ сæрымагъзы уæлдай арф фæд ныууагътой Мурасты Ким æмæ Хетæгкаты (Исахъты) Катя. Дыууæ урс бæлоны хуызæн, цардбæллон, æвзонг, рæсугъд, хæрзконд лæппу æмæ чызг. Уыдысты тынг зæрдæмæдзæугæ се ’гъдау, се ’фсармæй. Адæм-иу сыл сæ цæст æрæвæрдтой, нымадтой сæ уарзæттыл. Адæмы цæст, дам, уынаг у, фæзæгъынц. Æмæ сыл сæ хъыс- мæт дæр гадзрахатæй нæ рацыди. Дыууæ уарзæгой уды сæ цард баиу кодтой. Фæстæдæр ахуыргæнджытæй куыстой Хъæдгæроны, стæй — советон-партион оргæнты бæрнон бы- нæтты. Уыдоны цардвæндаг сæрмагонд ныхасы аккаг у, фæлæ... Миша фыццаг кълас каст фæци Нары скъолайы, дыккаг æмæ æртыккаг кълæстæ та — Зæрæмæджы авдазон скъолайы. Йæ фыд Григол, куырыхон уæвгæйæ, дардыл хъуыды кодта. Тынг æй фæндыд, лæппу уырыссаг æвзаг дæр куы базонид æмæ дзы ахуыргонд лæг куы рауаид. Абоны Мичурины хъæу (раздæр та Ардонский хутор), цардысты дзы хъазахъхъ, скъола дæр, кæй зæгъын æй хъæ- уы, — уырыссаг. Мишайы йæ фыд раласта Хутормæ, цæмæй ам йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кæна æмæ уырыссаг æвзаг хорз базона. Хохаг лæппу, уырыссагау ныхас кæнын дæр рæстмæ чи нæ зыдта, уый ныр стыр зындзинæдты бахауд. Уæддæр йæ ныфс сæтгæ нæ, фæлæ ма йын йæ фыды фæ- дзæхст, «уырыссаг æвзаг хорз сахуыр кæн», зæгъгæ, ноджы- дæр ныфс лæвæрдта. Йе ’ппæт хъарутæ æмæ йæ зонд сарæз- та уырыссаг æвзагмæ. æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, зæрдæбынæй йæхиуыл кусгæйæ, цыбыр рæстæгмæ астæуккæгты æмрæнхъ æрлæууыд. Йæхи зæрдæ дæр рухс кодта, йæ ахуыргæнджы- тæ дйер дзы разы уыдысты. Фæлæ та хъысмæт стыр фыдæвзарæнтæ æрцæттæ кодта Мишайæн. Фæндзæм къласмæ куы схæццæ и, уæд дыууæ 302
мæйы дæргъы фæд-фæдыл амардысты йæ мад æмæ йæ фыд. Æвиппайды, æнæнхъæлæджы ахæм уæззау цæф цардфенæг, карджын лæгæн дæр зын бауромæн у. — Хур бон — арвнæрæгау, цыма мыл мæ арв æрхаудта, афтæ фæдæн, — æрымысы Миша. — Мæ сæр дзæгъæлтæ код- та, мæхи кæмæ бакъул кæнон, уый нæй, иууылдæр æцæгæ- лон адæм. Цы кæнон æмæ куыд кæнон? Мæ ахуыр ныууа- дзыны фæнд дæр мæм фæзынди, фæлæ та-иу мæ фыды бæрнон хъæлæс мæ хъусты ныййазæлыд: «Хъусыс, лæппу? Хорз ахуыр кæн, уырыссаг æвзаг дæр хорз куы зонай, уæд дæ дарддæры цардвæндаг æнцондæр уыдзæн». Ахæм уæззау, тыхст сахат фæхъæуы фæхæцæг, кæйдæр фидар уæхск æнцойæн. Æмæ йын Хуыцау æрбарвыста ахæм ныфсдæттæг. — Уыцы рæстæджы Хуторы (Мичурины) скъолайы дирек- торæй куыста Константин Дмитрийы фырт Тарановский. Уы- рыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, фæлæ бахъуы- ды рæстæг йæ бон уыди кæцыфæнды ахуыргæнæджы дæр фæивын. Бирæвæрсыг курдиаты хицау, зæрдæхæлар æмæ цæстуарзон, фендджын адæймаг, цыбыр ныхасæй, — фарны лæг, Хуыцау йæ бирæ хæрзтæй хайджын кæй фæкодта, ахæм. — Абон дæр мæ нæ рох кæнынц йæ фæлмæн, зæрдæмæ- хъаргæ ныхæстæ, — æрымысы Миша. — Куыддæр фехъуыста мæ мад æмæ фыды æвирхъау хабар, афтæ мæм йæхимæ фæ- дзырдта, йæ хъæбысы мæ æрбакодта хи хъæбулау. Йæ дын- джыр, фæлæ фæлмæн хъарм къухæй мын мæ рус адаудта æмæ мын бирæ ныфсдæттæн ныхæстæ фæкодта. Мæ уæнгты цавæрдæр хъарм улæфт ахъардта. Цавæрдæр ныфс мæ ба- уагъта. Æз уыйразмæ дæр стыр аргъ кодтон Тарановскийæн, фæлæ мын ныр цыма а зæххыл уымæй адджындæр, æввахс- дæр адæймаг нал уыдис, мæ зæрдæ мæм афтæ дзырдта. Йæ предметмæ та мæм фæзынд уæлдай фылдæр уарзт æмæ тыр- нындзинад. Гъемæ мæ ахуыр ныууадзыны хъуыды мæ сæрæй аппæрстон. Мæ царды фæндаг равзарынæн мын сæйраг бын- дур фесты мæ фыды фидар фæдзæхст æмæ мæ уарзон ахуыр- гæнæг Тарановскийы фæлмæн, ныфсдæттæг, зæрдæмæ- хъаргæ ныхæстæ. Иу дзырдæй, мæ уарзон ахуыргæнæджы фæндагыл ацыдтæн. 1937 азы авд къласы фæуыны фæстæ 303
мæ Фæскомцæдис арвыста Орджоникидзейы иуазыккон пио- нерты хистæр хъомылгæнджыты скъоламæ. Ам каст фæуыны фæстæ Миша æрцыди Зæрæмæджы скъоламæ кусынмæ. Уый уыди йæ фыццаг къахдзæф æмæ фыццаг къæпхæн йæ дарддæры цардвæндаджы. Сывæллæт- ты ахуыр кæнынæн, хъомыладон куыстæн Миша йæ царды хуыздæр азтæй нывондæн æрхаста 50 азæй фылдæр. Зæрæмæджы скъолайы ма куыд куыста, афтæ йын йæ кар- мæ гæсгæ æфсадмæ цæуын афон дæр æрхæццæ ис. Æрвыст æрцыд Орджоникидзейы фистæг æфсæддон училищемæ. Каст æй фæци хæсты размæ æмæ лейтенанты цины æрвыст æрцыди нæ бæстæйы ныгуылæн арæнтæм, горæт Черновицы- мæ, ам æй æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст дæр. — Уыдон уыдысты стыр трагикон бонтæ не ’фсадæн, уæл- дайдæр та, арæнтыл чи лæууыди, уыдонæн, — зæгъы Миша. — Немыцы æнæнхъæлæджы ныббырст нæ арæнхъахъхъæн- джыты æддæг-мидæг ауайын кодта. Адæм нæ бамбæрстой, цы æрцыди, цы хабар у, уый. Бирæтæ сæ уæлæдарæс акæ- нынмæ дæр нал сарæхстысты, афтид мидæггаг дзаумæтты ра- гæппытæ кодтой. Командæгæнджытæ фидæрттæ аразынмæ февнæлдтой. Арæнты тæссагдæр бынæттæм уæлæмхасæн тыхтæ æрвыстой. Миша дæр æрвыст æрцыди горæт Киевы ныгуылæн арæн- тæм. Се ’фсæддон хай афтæ тынг æрфидар кæнын сæ къухы бафтыд, æмæ уыцы ран знагæн йæ бон нæ баци сардзины бæрц дæр сæм æрбввахс уын. Фæлæ знаджы тыхтæ дзæвгар фылдæр кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сентябры кæронмæ Киев уæддæр знаджы æрхъулайы бахауд. Миша дзырдта: — Æппæт тыхтæ æмæ гæнæнтæй ма бæргæ архайдтам знаджы къæлæт атоныныл, фæлæ нæ гæнæнтæ скуынæг сты: нал хæринаг, нал хæцæнгарз баззад, æмæ не ’фсады къорд уацары бахауд. Нæ сæр нæ кой сси. Фæлæ кæд цыфæнды зын уавæрты æмæ уæззау цъысымы бахаудтам, уæддæр зæр- дæсаст нæ фестæм, агуырдтам амæлттæ знаджы къæлæтæй раирвæзынмæ. Иу мæйдар æхсæв уый нæ къухы дæр баф- тыд, æмæ та иу гыццыл къордæй ногæй баиу стæм нæхи хæ- цæг’æфсадимæ. 31-æм дивизийы 75-æм полчъы 2-аг батальоны Миша ны- сангонд æрцыд адьютантæй. 304
— Æрбаппæрстой нæ Ростовы облæстмæ, æмæ хъахъхъæд- там горæт Ростов-на-Дону. Фæлæ Гитлер Кавказмæ иууыл тынгдæр кæй тырныдта, йæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæм, уæлдайдæр Грознайы нефтмæ, уымæ гæсгæ йæ фылдæр тых- тæ сарæзта ардæм. Кæд цыфæнды хъазуатон тох кодтам къорд хатты фылдæр знаджы тыхтимæ, уæддæр нæ бон нæ баци горæт Ростов бахъахъхъæнын, æмæ йæ знаг бацахста цыбыр рæстæгмæ. Горæт хъахъхъæнæг æфсад уацары ист æрцыд, уыимæ Миша дæр. Райдыдтой уацайраджы хъизæмайраг бонтæ. Не- мыцмæ уыди глобалон пълан. Цыфæндыйæ дæр Советон Цæ- дисы адæмы тас бауадзын, сæ нымæц сын скуынæг кæнын, дзæвгар сæ фæкъаддæр кæнын. Мардтой уацайрæгты кæм æххормагæй, кæм хæцæнгарзæй. Фосы тард-иу сæ куы фæ- цæйкодтой быдырты, фæндæгтыл, уæд сæ фæндаггæрон исты гагадыргътæм кæнæ цъымара донмæ дæр бавналын нæ уагъ- той, сæ куыйты сыл-иу ацардыдтой. Архайдтой, цæмæй адæм слæмæгъ уой, сæ бон ныхмæ æрлæууын мауал уа. — Æз кæдæм бахаудтæн, уыцы концлагеры, горæт Мари- уполы, уыдис 40 мин уацайраджы бæрц, — дзуры дарддæр Мйша. — Хæрдхъуаг æййафгæйæ, уыйбæрц слæмæгъ сты адæм, æмæ дзы 1941 азы декабрæй 1942 азы мартъимæ алы бон дæр мардис 300—400 адæймаджы. Уыцы æвирхъау ныв- тæ уынгæйæ, сæрæй нæ хицæн кодта иу хъуыды: куыд аир- вæзтæуа, йæ цыргъ маргæйдзаг дæндæгтимæ æввахсæй-æв- вахсдæр чи кæны, уыцы сау мæлæты дзыхæй. 1942 азы январы Мариуполы концлагеры æнæнхъæлæджы фæкомкоммæ дæн зонгæ цæсгоммæ. Æвиппайды мæ сæры магъзы фæмидæг: «Ким!» Фæлæ уæддæр дызæрдыг кодтон, уыйбæрц æдзæллаг хуыз ын уыди. «Ким нæ дæ?» — зæгъгæ йæ уæддæр афарстон. Уый мæм фæллад цæстæнгас æрба- зылдта, ныллæг, мæллæг хъæлæсæй мæм сдзырдта: «Бахатыр кæн, куы нæ дæ хъуыды кæнын». «Æмæ мæ куыд хъуыды кæнай? — загътон æз. — Ды мæнæй дзæвгар хистæр дæ. Æз дæ куы базыдтон, уæд сывæллон-лæппу уыдтæн». Бацамыд- тон ын мæхи (не ’хсæн хæстæгдзинад дæр ис), тынг мыл ба- цин кодта. Йæ фыццаг фарст уыди мæ хæстон хабæртты фæ- дыл. Куы базыдта мæ цыбыр хæстон фæндæгтæ, уæд мын йæ зæрдæйы фæндон загъта æргомæй: «Ардыгæй лидзгæ у,
удæгасæй баззайæн дзы нæй. Æгæр слæмæгъ дæн æмæ иунæ- гæй мæ ныфс нал хæссын. Ам баззайгæйæ та мæлæт бæлвырд уыдзæн, фæлæ худинаджы æмæ æгады мæлæт кæй уыдзæн, уый мæ уæлдай тыхсын кæны. Ирон лæг æгады мæлæт йæ сæрмæ никуы хаста», — балхъынцъ кодта Ким йæ ныхас. Ким царды фæлтæрдджын, куырыхон лæг, мæ зæрдæ йыл дард- тон æмæ йыл æууæндыдтæн. Сарæзтам сæрмагонд пълан, сбæлвырд кодтам бынат æмæ рæстæг. Нæ бадзырдмæ гæсгæ араст стæм нæ лидзæн бынатмæ хæ- ринаг дæттын афон. Кæд ын хæринаг схонæн дæр ис, уæд. æхсæнтæдон — баландæ, фашисттæн сæ уæлдæйттæ. Утæп- пæт адæм куы базмæлыдысты, кæрæдзийы ссæндгæйæ, уæд Кимимæ æнæнхъæлæджы фæхицæнтæ стæм, нæ бæрæггонд бынатмæ нæма бахæццæ стæм, афтæмæй. Уæддæр нæ амынд бынатмæ тырнын. Уынгмæ ахизæны партæтæ амад, æмæ, уы- доны сæрты хизгæйæ, мæхи хуыд бæзджын хæлаф партæйы тигъыл фæхæцыд, æмæ ауыгъдæй аззадтæн. Дынджыр, бæ- зæрхыгтæ арæзт пъæлицæйаг мæ уæлхъус куыд февзæрд, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон, цалынмæ йæ урс ставд лæ- дзæг мæ сæрмæ нæ ферттывта, уæдмæ. Мæ цæстытæ ма фæ- цъынд кодтон, фæлæ цæфтæ хаудысты ихуарæгау фæд-фæдыл æмæ алы рæтты. Фæлæ — мæнæ диссаг! Мæхиуыл дæр нал баууæндыдтæн. Пъæлицæйагæн йæ урс ставд лæдзæг нымæ- тын лæдзæг цыма фестад. Цæфтæ хауынц, рисгæ нæ кæнынц. Ау, æгъатыр знаг тæригъæд дæр зоны, æви мын Ирыстоны зæдтæ æххуыс кодтой, абон дæр æй нæ зонын. Ме ’фцæгго- тыл мын фæхæцыд æмæ мæ иуварс расхуыста. Тарстхуызæй, хæрз цыбыр къахдзæфтæ кæнгæ фæцæуын. Буар зыр-зыр кæны, риссæгау кæны цæфтæй нæ, фæлæ фыр тæссæй. Ницы фæд ныууагътой пъæлицæйаджы цæфтæ мæ буарыл, кæд бирæ уыдысты, уæддæр. Хæрыны мæт дæр мæ нал уыд, фæлæ мæ сæры алы хъуыдытæ зилдух систой. Ныртæккæ кæд надæй цæмæдæр гæсгæ аирвæзтæн, уæддæр цыма æвы- дæй нæ баззайдзынæн. Сæйрагдæр та, Ким цы бауыдаид, уый мын æнцой нал лæвæрдта. Бафтыдаид йæ къухы алидзын æви фыд нады бахауд? Уыцы сагъæстимæ-иу мын гæнæн куы фæци, уæд зылдтæн кæрты къуымты, пырх хæдзары уæладз- гуыты, фæлæ ницы фæдыл фæхæст дæн. Мæхæдæг та æн- хъæлмæ кастæн, кæд мæм фæдзурдзысты лагеры хицауад 306
æмæ мæ кæд акъæрцц кæндзысты. Цалдæр боны фæстæ фем- бæлдтæн, Ким мæ кæимæ базонгæ кодта, уыцы æмбалимæ, æмæ мын уый рахабар кодта, Ким, дам, лидзынвæнд скодта, æмæ йæ мæлæтдзаг над фæкодтой, ^йæ къæхтыл слæууын йæ бон нал баци, æмæ дысон амарди. Йæ уд исыны размæ, дам, ма рудзынгмæ йæхи тыхивæзт скодта, миты муртæ йæ дзыхы акодта æмæ ахицæн ис. Æз ын йæ мард дæр нал федтон. Мæ цæстытыл та ауад дынджыр пъæлицæйаджы урс хъил. Æвæц- цæгæн, Хуыцау мæлæт куы нæ дæтта, уæд мæлæн нæй. Тугкалæн хæст фæцис. Фæллад хæстонтæ сæ хæдзæрт- тæм здæхтысты, уацары чи бахауд, уыдон та регистрацигонд цыдысты. Стыр паддзахадон къамистæ бæлвырд кодтой, чи цы мигæнæг уыдис хæсты рæстæджы, цы уавæрты бахаудта уацары æмæ афтæ дарддæр. Рацыди ацы лыстæг луарæны Миша дæр. Ницы азым æм ссардтой, æмæ растгонд æрцыд. Йе ’фсæддон цин лейтенант дæр ын фæстæмæ сфидар код- той, æмæ æрыздæхти йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Цалынмæ тугкалæн хæст цыди, Миша хæсты хъизæмæрт- тæ æвзæрста, уæдмæ та Советон хицауады уынаффæмæ гæс- гæ мæхъхъæл, куыд паддзахадыл гадзрахатæй цæуæг адæм, сæ цæрæнбынæттæй æрвыст æрцыдысты Казахстаны быдыр- тæм. Сæ уæгъд бынæттæм сын æвæндонæй лидзын кодтой хæххон ирон хъæутæй ирон адæмы, уыимæ — Туалгомæй дæр. Нар æмæ Зæрæмæджы адæм æрбынæттон сты мæхъ- хъæлон хъæу Яндыркæйы. Сæхæдæг ыл сæвæрдтой ног ном — Райдзаст, хауди Хетæгкаты Къостайы районмæ. Ацы хъæумæ ралыгъдысты Епхиты Мишайы бинонтæ дæр. 1946 азы Миша хæствæлладæй йæ бинонты ацы хъæуы ссардта. Стыр цины хабар айхъуыст æппæт хъæубæстыл дæр, Епхиты хæстон бæлццон сæрæгасæй йæ бинонтыл сæмбæлд, зæгъгæ. Хуыцауæн табу! Чи куывта, уый Епхитæн! — Хæсты фыдæбæттæ æмæ хъизæмæрттæн ферохгæнæн нæй, уæлдайдæр дын дæ цæстыты раз дæ хæстон æмбæлтты бындзыты цагъд куы кæной æмæ сын баххуыс кæнын <та дæ бон куы нæ уа, — зæгъы Миша æмæ та æнкъард хъуыдыты арф аныгъуылы. Æвæдза, адæймаг куыд фидар æмæ фæразон у, кæд Къо- ста афтæ загъта, «Лæгдзарм тæнæг у, æлдар фыд лæг у», зæгъгæ, уæддæр. Миша цы хъизæмæрттæ баййæфта, уыдон 307
иу лæгæн æгæр бирæ сты. Уыцы фыдæвзарæнты фæстæ адæймаджы сæйраг æмæ ахсджиаг миниуджытæй хайджы- нæй баззай, уымæн хъæуы стыр хъару æмæ ныфс, фидар æмæ уæззау зонд, хуыздæр фидæныл æууæнк. Уыцы миниу- джытæ иууылдæр разындысты Мишамæ, æмæ баззадис ирон адæймагæй — Ирон Лæгæй. Хæсты фæстæ Миша йæ дыстæ арф бафæлдæхта æмæ йæхи хуызæн хæствæллад адæмимæ бавнæлдта ног цард ара- зынмæ. Куыд адæмон хæдзарады алы къабазы, афтæ скъола- ты дæр нæ фаг кодта ахуыргæнджытæ. Мишайæн дæр хæ- дзары аулæфыны фадат, йæ рыст уæнгты фæллад суадзыны рæстæг кæм уыдис, уайтагъддæр æй бацагуырдта районы ахуырады хайад, æмæ æрвыст æрцыд йæхи хъæу Райдзасты скъоламæ. 1946 азы цыбыр рæстæгмæ каст фæци педагогон техникум. Куыста райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй. Епхитæ цардысты хъæуы бын, скъола æмæ хъæусовет та уыдысты хъæуы бæстастæу. Райдзасты хъæу царды фадæт- тæй хъæздыг уыд алцæмæй дæр, фæлæ йæ уынгтæ уыдысты æдзæллаг уавæры. Зæгъæм, къæвда бонты-иу, уæлдайдæр фæззæджы иугæндзон къæвдаты заман, уынгты азмæлæнтæ нæ уыди, къæхтæ-иу фадхъултæй уæлдæры онг цъыфы ныс- сагъдысты. Фæлæ хъæуы бæрæгастæу калди къаннæг цæугæ- дон, донбыл хуыртыл цъыф нæ уыд, æмæ-иу адæм фылдæр цыдысты ууылты, Миша дæр хъæуы бынæй скъоламæ цыди ауылты. Уæдмæ æз дæр скъоламæ цæуын байдыдтон, иннæтау цыдтæн уыцы донбылты, мæ хæцъил дзабырты. Миша куы- ста райсомæй, мах та, райдиан кълæсты ахуырдзаутæ, скъо- ламæ цæуын хъуыди сихорыл. Фæлæ мын-иу уæддæр фæн- дагыл æнæ амбæлгæ нæ уыди Мишайыл. Дардмæ-иу æй куы ауыдтон, уæд-иу мын кæмдæр æхсызгон уыди, иннæрдыгæй та мæ-иу фыр æфсæрмæй æндæруылты ацæуын дæр æрфæн- дыди. Мæ цæсгом-иу .фæсырх и, фæлæ фæндагæй иуварсмæ ничердæм уыди акъахдзæфгæнæн, æмæ-иу сæргуыбырæй йæ ныхмæ мæ цыды кои кодтон. Йæ размæ-иу куы бахæццæ дæн, уæд иу æм æвиппайды сдзурынмæ дæр нæ арæхстæн, уæддæр-иу мæхи фæныфсджын кодтон, æцæг-иу æй, салам раттыны бæсты, афарстон: «Ахуыргæнæг! Апаздат ис?» Миша-иу мæм фæлмæн бахудт æмæ-иу загъта: «Таймураз, 308
нырма нæй апаздат, фæлæ тагъддæр цу, кæннод апаздат уы- дзæн». Ныр уæдæй 60 азæй фылдæр рацыд, æз мæхæдæг дæр зæронды кармæ бахызтæн, фæлæ Мишайыл кæмфæндыдæр куы сæмбæлын, цины уа, зианы, йæ фæлмæн мидбылхудт йæ разæй фæвæййы, æмæ та фæзæгъы: «Апаздат ис!» Ахуыргæнæгæн уыцы рæстæджы стыр кад уыдис æрмæст скъоладзауты ’хсæн нæ, фæлæ æгас дзыллæйы ’хсæн дæр. 1952 азы Миша фæсаууонмæ каст фæци Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты институт, 1956 азы та — Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институт, æмæ райста уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæджы дæсныйад. Цард æмæ уавæртæ куыд домдтой, афтæ сывæллæтты дæр ахуыр кодта, йæхæдæг дæр йæ зонындзинæдтæ фылдæрæй-фылдæр кодта, фæсаууонмæ ахуыр кæнгæйæ. Иу ахæмы, педагогон институты Миша фембæлди Кимы цардæмбал Катяйыл, уый дæр уым ахуыр кодта фæсаууон- мæ. Уыцы фембæлды тыххæй мын Миша ахæм хабар ра- дзырдта: — Катя нымад уыди кадджын, æгъдауджын адæймагыл канд Туалгомы нæ, фæлæ, кæмдæриддæр куыста, уым. Йæ фенд мын тынг æхсызгон уыди, фæлæ сагъæсы бахаудтæн: Кимы æнамонд сæфты хабар ын куыд зæгъон. Уарзон адæй- маджы сау хабар фехъусын тынг зын у. Фæлæ Катя йæхæ- дæг Кимы кой куы ракодта, уæд ма мын æй цæй æнæзæгъгæ уыди йæ сæфты хабар. Ныфсытæ ма йын бæргæ æвæрдтон. Ким кæд уацары æвæндонæй бахауд, уæддæр иу уысм дæр нæ рох кодта йæ фыдыуæзæг, йæ адæмы. Йæ фæстаг тыхтæ дæр ма сæмбырд кодта æмæ уæндон къахдзæф акодта сæри- бармæ, кæд ын, хъыгагæн, фæстаг къахдзæф рауад, уæддæр. Мæ ныхæстæм Катяйæн æрызгъæлдысты йæ фидар уæнгтæ, фемæхстысты судзгæ цæссыгтæ, йæ арв ыл баталынг и. Дык- каг бон иумæйаг лекцийы сбадтыстæм иу стъолы фарсмæ. Йæхимæ нæма æрцыди нырма. Цæстытæ фыр куыдæй ныс- сырх сты. Æгуыппæг бадт кæны, йæ алыварс уынгæ дæр, хъусгæ дæр никæй кæны. Йæ судзгæ цæссыгтæ æнæфæрс- гæйæ йæ рустыл куыд згъорынц, уый йæхæдæг дæр не ’мба- ры. Лекци ахицæн и, уæддæр Катя йæ бынатæй не змæлы, æз дæр бадын йæ фарсмæ æгомыгæй. Æрæджиау ныллæг, 309
тыхст, кæуын хъæлæсæй сфæрæзта: «Миша, бирæ уарзтон Кимы, йæхæдæг дæр мыл тынг æнувыд уыдис. Хъысмæт нын æгæр цыбыр рæстæг радих кодта нæ иумæйаг цардæн, нæ бафсæстыстæм кæрæдзи уарзтæй. Ныр мæ царды иннæ бон- тæ æрвитдзынæн, йæ рухс ном мысгæйæ». Æгомыгæй алæу- уыд, цæссыгтæн та сæ дуар фегом и, «доны бынæй» та мæм йæ хъоппæг цæстытæ лæгъстæгæнæджы каст æрбакодтой æмæ сабыргай сдзырдта: «Иу курдиат мæм ис дæумæ, Миша, кæд кæстæр дæ, уæддæр. Зоныс, мæнæн мæ куыст цы чу, уый. Ныр мын Кимы хабар мæ ныхмæ æвæрджытæ дæр фæ- уыдзæн. Курын дæ, æмæ йæ макæмæн радзур, кæд цыфæн- ды æвæндонæй бахауд уацары, уæддæр». Уый уыди Катя- имæ нæ фæстаг фембæлд. Уæлдæр æй куы загътон, Миша ахуыргæнæджы куыст фæкодта 50 азæй фылдæр. Ахуыргæнæджы дæсныйад дæр дохтыры дæсныйадау адæймагæн хъуамæ æрдзæй лæвæрд уа. Мишайæн дæр Хуыцау уыцы хорздзинад балæвар кодта. Ахуыргæнæджы стыр курдиат Мишайæн раргом ис йæ куы- сты фыццаг бонтæй фæстæмæ. Скъоладзау йæ ахуыргæнæ- гæй тæрсгæ нæ, фæлæ йæ хъуамæ уарзгæ кæна, аргъ ын кæна. Миша йæ хъомылгæнинæгтæн æрмæст раст æмæ рæ- сугъд фыссын нæ амыдта, фæлæ сæ фыццаджыдæр ахуыр кодта æфсарм æмæ æгъдауыл, хистæрæн, сылгоймагæн кад кæныныл. Рæсугъд æгъдау та бацамонæн уæд ис дæ кæстæ- рæн, дæхимæ куы уа æфсарм. Æфсарм кæмæ ис, æгъдау дæр уымæ ис. Сæйрагдæр та уый у, æмæ уыцы, стæй ма бирæ æнæмæнгхъæугæ хорз миниуджытæ Миша се ’ппæт дзургæ нæ, фæлæ сæ æвдисгæ кодта. Сывæллон та йæ хистæры ны- хас йæ зæрдыл уыйбæрц нæ бадардзæни; рæзгæ уд разæн- гарддæрæй ахуыр кæны, йæхæдæг цы фиппайы, ууыл: хъо- мылгæнæгæн йæ алы фезмæлд, йæ архайдыл, алыварс адæмимæ йæ ахастытæ æмæ уагыл. Миша фидар æмæ уæззау зонды хицау кæй у, уый сывæл- лон-лæппуйæ нырмæ зонын. Уæвгæ, канд æз нæ, фæлæ Ми- шаимæ иунæг хатт дæр чи фембæлди, уыдон уыцы миниуæг æнæмæнг рахатыдтой. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ æмæ або- ны бон дæр æз нæ хъуыды кæнын, Миша искæмæ хъæр ны- хас скодта йе ’нæууылд ныхасæй искæй бафхæрдта. Куыд фæзæгъынц, фысы комæй хал нæ раласдзæн. Уæдæ цал æмæ 310
цал сæдæ ахуырдзауы рацыди Мишайы къухæй. Уыдонæй алкæмæн дæр — хицæн удыхъæд, хицæн миддуне æмæ хи- мбарынад. Алкæй зæрдæ æмæ зондахастмæ дæр ис хицæн бацæуæнтæ. Алы скъоладзауы зæрдæмæ дæр Миша фæндаг ссарын иттæг хорз зыдта, уымæн æй уарзтой æмæ йын стыр аргъ кодтой иууылдæр. Абон дæр уыцы уарзты арт мынæг нæ кæны. 1950—60 азты алы скъолайы, стæй алы къласы дæр уагъд цыди къулы газет. Æз дæр, Хъæдгæроны скъолайы ахуыр кæнгæйæ, уыдтæн редколлегийы уæнг, Миша та нын — ре- дактор. Иу хатт та радон газет куы цæттæ кодтам, уæд дзы иу даргъ дзырды дыууæ рæдыды æруагътон (сыгъдæг-иу æй мæнæн фыссын кодтой). Миша йæ куы бакасти, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, рæдыдтытæ бафиппайдта. Мах йæ уæл- хъус лæууыдыстæм цалдæрæй. æз фыр æфсæрмæй ныссырх дæн, тæрсгæ дæр куыннæ кодтон, ныртæккæ мæ хъæры бын фæкæндзæни, зæгъгæ. Миша мидбылты фæлмæн бахудæгау кодта æмæ сдзырдта: «Арс дæ ныттона дæу, Таймураз, кæд ацы дзырдмæ цæуыл смæсты дæ! Йæ дыууæ дамгъæйы йын цæмæн адавтай?» Иууылдæр бахудтысты, æз та мæхимæ мæ- сты кодтон, ахæм хуымæтæг рæдыд кæй æруагътон, ууыл. Мишайæн уый уыдис йе стырдæр «тызмæг æмæ æфхæрæн» ныхас. Ныр абон Миша у Хъæдгæроны куырыхон хистæр, фæл- лад хæстон, кæстæртæн зондамонæг, фæлтæрдджын ахуыр- гæнæг, бинонтæн, мыггагæн — сæ фарн æмæ сæ уынаффæгæ- нæг. Кæд ыл азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр сын сæттын нæма комы. Йæ къахайст нырма у фидар, зонд — йæ бынаты. Æрæджы дæр ма хæдзары змæлды фылдæр хай Мишайы уæхсчытыл æнцой кодта. Хъæдгæроны цæрджыты хистæр фæлтæр абон дæр ма дис кæнынц, бырондонæй цы дыргъдон æмæ улæфæн бынат сарæзта, ууыл. Цæвиттон, Мишаиты хæдзары фарсмæ уыди кæйдæр зæх- хы хай, фæлæ кæй ницы пайда лæвæрдта, уымæ гæсгæ йæ йæ хицау ныууагъта. Æртæ хицауы йæм кæрæдзи фæдыл æрбацыд, æртæйæ дæр та-иу æй ныууагътой. Æнæхицау — уагъд зæхх, аууон къуымгонд, æмæ дзы адæм гыццылгай- гыццылгай бырондон сарæзтой. Дæ фарсмæ бырондон цас пайда æмæ аив уыдзæн, æмæ уæд Миша бавдæлд, æмæ йæ 311
Миша 9 Майы бæрæгбоны йæ хъæбулты хъæбултимæ 312
100-аздзыд Миша йæ цæхæрадоны кусгæйæ ногæй æрæхгæдта, ныссыгъдæг æй кодта, саумæр æм æрба- ласта. Уалдзæджы дзы дыргъ бæлæстæ ныссагъта, лыстæг хуымтæ дзы скодта, бæлæсты астæуты давоны бынтæ ныс- сагъта, дон æм бауагъта. Абон уыцы раздæры бырондонæй рауади сыхы улæфæн бынат. Бæлæсты бын сатæджы — бе- седкæ. Суанг парчы дæр хуыздæр уавæртæ нæ вæййы фæл- лад уадзынæн. Давонджынтæ чи кæна сыхæй, уый дæр хъæд- мæ нал цæуы, Мишайы цæхæрадоны сæ ратоны. Йæ размæ сæвæрдта хæс — цыфæнды кары дæр зивæгæн ныхкъуырд дæттын. 313
Иу цалдæр азы размæ йæ зæрдæ хъыгдарын байдыдта. Бинонты тынг фæтæрсын кодта. Инвалиды II къæпхæн ын радтой. Ам та Миша йæ размæ ноджы стырдæр хæс сæвæрд- та. Низ мæн хъуамæ ма абырса, фæлæ æз хъуамæ низыл фæуæлахиз уон. Райсомæй æмæ изæрæй æрвылбон йæхицæн кодта массаж, алыхуызон гимнастикон фæлтæрæнтæ. Алы райсом йæхи надта уазал доны, контрастон душмæ рахиз- гæйæ. Таблеткæтæ æмæ алыхуызон медикаменттыл йæ къух ауыгъта, бынтондæр æй ферох сты. Æмæ та æнæбасæттон хæстон низимæ тохы дæр уæлахиздзауæй рацыди. Царды адæймаджы хуыздæр миниуджытæ цавæртæ сты, зæгъгæ, йæ куы бафæрсай уæд зæгъдзæн: «Адæймагдзинад, уды сыгъдæг, цæстуарзон, æфсарм, æгъдау æмæ фæтк. Уы- дон иууылдæр мæнæн уыдысты æмæ сты иу адæймаджы — мæ фыды фыд Давиды (Бæппу йæ хуыдтам) — мидæг». — 50 азæй уæлæмæ скъолайы фæкус, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, се ’ппæт рауагъдонтыл кæм фембæлы лæг, фæлæ уæддæр арæх фембæлын мæ раздæры ахуырдзаутыл, — æрымысы Миша. — Уыцы фембæлдтæн аргъ нæй. Сæ фæл- мæн бахудт, хъарм æмæ адджын зæрдиаг хъæбыстæ, уыдон иууылдæр зæрдæмæ тынг хъарынц æмæ дзы арф фæд уа- дзынц. Уæлдайдæр фæстаг цалдæр азы Хъæдгæроны скъолайы традицион систы 40—50 азы размæ рауагъдонты иумæйаг фембæлдтытæ. .Уырдæм æнæмæнг хуынд вæййынц Миша æмæ ма, иннæ ахуыргæнджытæй хур кæуыл кæсы, уыдон дæр. Йæ ахуырдзаутæ ныр сæхæдæг бабатæ æмæ нанатæ сты, фæлæ æрыгон бонтæ æрымысын алкæмæн дæр удæнцой æмæ зæрдæйы хъарм хæссы, ахуыргæнæгæн та — дыууæ, æртæ хатты фылдæр. Ахуыргæнæгæн ахæм фембæлдтытæ сты ныфсдæттæг, йæ бирæ фыдæбæттæ кæй нæ фæдзæгъæл сты, уый нысан. Миша æрæджиауы онг дæр йæ цардæй тынг разы уыдис, цалынмæ йыл цалдæр азы размæ кæсгон æмбисонд не ’рцы- ди, уæдмæ: зæронды кары йыл хъысмæт гадзрахатæй рацы- ди, фæхицæн æй кодта, ацал-ауал азы «а» æмæ «о»-йæ кæи- мæ фæцарди, йæ уыцы уарзон бинойнаг Любæ-Плионæй. Уыцы уæззау бонтæ куы æрымысы, уæд æй æрхæндæг æр- цахсы. Фæлæ та йæ цардвæндаджы райдианыл цæст куы 314
ахæссы, куы æрхъуыды кæны, 1949 азы Любæимæ сæ цард куы баиу кодтой, уыцы амондджын бонтæ — ферохгæнæн сын нæй, — уæд та йæ зæрдæ барухс вæййы, йе ’нкъард хъуы- дыты уацарæй фервæзы. Йæ бинойнаг Любæимæ схъомыл кодтой цыппар хъæбу- лы: иу лæппу æмæ æртæ чызджы, алчидæр сæ царды ссардта аккаг бынат. Мишайæн абон уæлдай фылдæр цин хæссынц йæ хъæбулты хъæбултæ астæй æмæ ноджы уыдоны хъæбул- тæ — цыппарæй. Сæ цоты æртыккаг фæлтæры ацы зæдæнгæс сабитыл бацин кæнын кæд Любæйæн нал бантысти, уæддæр иууылдæр иумæ куы æрæмбырд вæййынц, уæд уый Миша- йæн вæййы æппæты стырдæр бæрæгбон, æмæ ма йæм иу стыр бæллиц фæзыны уæд. Уыцы хъæбулы хъæбултæн дæр сæ кæстæрты хорздзинад фенын. Хуыцауы цæст ын æй ба- уарзæд! Арæх Мишайы æрхæндæг хъуыдытыл бафтауы, йæ æры- гон бонты æмæ хæсты уæззау рæстæджы æмгæрттæй хур кæй никæуылуал кæсы, уый. Уыцы дуджы æхсызгондзинад ма йын æрхæссы, Мичурины куы ахуыр кодта, йæ уæды æм- къласон, йе ’мгар Хуырымты Валодя. Цы фембæлдтытæ сын вæййы, уыдонæн ныхæстæй радзурæн нæй, зæрдæйæ сæ бан- къарын хъæуы. Кæрæдзийы цы бон фенынц, уый дыууæ хæ- стонæн дæр вæййы стыр бæрæгбон. Гъемæ Стыр Хуыцауæй курын уæ дыууæйæн дæр æмæ ма Ирыстоны сымах хуызæн æфхæрд æмæ фæллад хæстонтæ чи ис (хъыгагæн дзы нæ мыггаджы æгас ничиуал у), уыдонæн се ’ппæтæн дæр — сæ царды бонтæ бæрæгбонтæ уæнт! Уæ кæстæрты зындзинад макуы баййафут, уæ кæстæртæ та, сымах хæсты цы фыдбон- тæ æмæ хъизæмæрттæ бавзæрстат, уыдон сæ фыдфынты дæр макуы фенæнт! Ныр ма кæронбæттæны мæ сæйраг ныхас. Ног азмæ æн- хъæлмæ фæкæсæм иууылдæр. Фæкурæм дзы ног хорздзи- нæдтæ, сæйрагдæр та фидар æнæниздзинад. Алчидæр цæмæ бæллы, уый Ног азы йæ къухы бафтæд. Ног аз алкæмæндæр стыр æмæ кадджын бæрæгбон у, фæлæ дыууæ бæрæгбоны кæмæн у, уый та Хуыцауы хорздзинæдтæй дыууæ хатты фылдæр хайджын уæд æмæ зæрдæрухсæй фæцæрæд! Уæдæ Миша дæр Хуыцауы хæрзтæй дыууæ хайы хъуамæ райса. Фыццаг — Ног аз йемæ цы хорздзинæдтæ æрбахæссы, 315
уымæй хай; дыккаг æмæ сæйрагдæр та — дунемæ Ног азы къæсæрыл кæй фæзынди, уый тыххæй æмбæлгæ хай. О! о! 1-æм январы райгуырди. Фæлæ ацы азы гуырæнбонæн ис сæрмагонд нысаниуæг. Уый у йæ царды ахсджиаг арæн — йæ 100 азы юбилей. Дзурынц, зæгъгæ, цæмæй царды уаг базонай, уый тыххæй дзы рацæрын хъæуы. Миша дæр Хуыцауы æххуысæй йæ дæргъвæтин царды базыдта бирæ ахсджиаг æцæгдзинæдтæ, уыдонимæ райгуырæн бæстæ уарзын æмæ йын æнувыдæй лæггад кæнын. Иæ хъахъхъæнæг дæр уымæн уыди Фыдыбæ- стæйы тугкалæн хæсты. Лæгæвзарæн бонты йæ райгуырæн бæстæмæ стыр уарзондзинад кæй равдыста, фидар ныфс æмæ хъæбатырдзинад æм кæй разынди, уый тыххæй хорзæхджын æрцыди паддзахадон хæрзиуджытæй: Фыдыбæстæйы хæсты 2-аг къæпхæны орденæй, майдантæй «За оборону Киева», «За победу над Германией в Великой Отечественной войне» æмæ ма бирæ æндæр юбилейон майдантæй. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Миша ахуыргæнæгæй фæкуыста 50 азæй фылдæр. Уыцы дæргъвæтин рæстæг стыр хъомыладон-патриотон куыст бакодта, цæмæй Иры- стонæн уа бæззон фидæн. Уый та йæ дыккаг — фæллойа- дон фронт. Ам дæр йæ къухы стыр æнтыстытæ кæй баф- тъщи æмæ æхсæнадон царды активон архайæг кæй уыди, уый тыххæй та йын республикæйы хицауад саккаг кодта паддзахадон хæрзиуæг — майдан «Во славу Осетии» (2010 азы) æмæ «Хъæдгæроны хъæуы кадджын гражданин»-ы ном. Йæ 100 азы юбилеймæ дæр, уазæгæй, фысымæй, аф- тидкъухæй не’рбацыдысты. Районы администраци йын саккаг кодта «Æрыдоны районы кадджын гражданин»-ы ном; радтой йын Цæгат Ирыстоны Парламенты Кады гра- мотæ; Ветеранты совет æмæ Иры Стыр Ныхас — сæхи Кады грамотæтæ зæрдылдарæн лæвæрттимæ. Уæдæ Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав 1 январы сæмбæлд юбилярæн йæхи хæдзары æмæ йын зæр- диаг арфæтимæ йæ риуыл бакодта Республикæйы иууыл кад- джындæр хæрзиуæг — орден «Слава Осетии». Уыйæппæт паддзахадон æмæ æхсæнадон хæрзиуджытæ нæ юбилярæн зынаргъ æмæ кадджын куыд не сты, фæлæ æппæты зынаргъдæр æмæ кадджындæр хæрзиуæгыл Миша 316
йæхæдæг нымайы адæмы уарзт æмæ хъарм цæстæнгас; алы уысм дæр æй æнкъары йæ уарзон æмбæстæгтæй. Мæнæ та ныр дæр Хъæдгæроны культурæйы хæдзар бæрæгбонхуызы фæлыстæй йæхи цæттæ кæны хъæуы кад- джын хистæр, æфсæддон афицер, куырыхон ахуыргæнæг æмæ боныфæстагмæ — Нæртон Ирон Лæг — Епхиты Григолы фырт Мишайы 100 азы юбилеймæ. Хъæубæстæ æмæ хуынд адæм къордтæ-къордтæй цæ- уынц æмбырдтæ аразæн залмæ, уæгъд бынт дзы нал баззад. Се ’ппæт дæр æнхъæлмæ кæсынц юбиляры фæзындмæ. Уа- лынмæ кæйдзæр цинæйдзаг хъæлæс анæрыд залы: «Æрба- цæуы!» Миша культурæйы хæдзары дуарæй куыддæр æрбахызти, афтæ адæм, лæугæйæ, тыхджын, дæргъвæтин къухæмдзæгъд сарæзтой. Кадджын æмбырд байгом кодта æмæ йæ амыдта скъолайы директор Цоколаты Заремæ. Юбилеимæ баст ма- дзæлттæ иууылдæр сырæзтысты, хъæубæсты фæсивæдæй цы оргкомитет арæзт æрцыди, уый хъæппæрисæй, стæй хъæуы администрацийы æнувыд архайдæй. Адæм тынг разыйæ баз- задысты, Культурæйы хæдзары хихъæппæрисадон къорд æмæ ахуыргæнджытæ сæ зæрдæргъæвд хъомылгæнинæгти- мæ цы диссаджы концертон программæ бацæттæ кодтой, уымæй. Куы ма йæ загътон, Миша 1930-æм азты ахуыр кодта Æрыдоны хуторы, ныры Мичурины скъолайы. Ног азы хæд размæ йын уыцы скъолайы коллективимæ уыди фембæлд. Уыцы фембæлд Мишайæн æрхаста стыр æхсызгондзинад, ноджы арфдæр фæд та ныууагъта рæзгæ фæсивæды зæрдæ- ты. Искуы дæр ма нæ: 100-аздзыд хæстон, ацы скъолайы рауагъдон, бады се ’хсæн. Уыдзæн сын æнусты мысинаг, рухс фидæнмæ сын фæндагамонæг. Миша! Дæ 100 азы юбилейы фæдыл дын зæрдиаг арфæ- тæ кæнын. Дæ рагуалдзæгæй дæ фæззæджы бонтæм царды цæхæрадоны цы зонады æмæ уарзты тауинаг байтыдтай, уый фарны æфсир рафтыдта, æмæ уыцы фарн парахатæй ивылы æппæт Иры зæххыл. Дæ 50 азы лæггад кæстæрты хъомылады нæ фæдзæгъæл ис. Ды мах ахуыр кодтай дæ дада Бæппу дын дæхицæн кæй амыдта, царды уыцы сæйраг миниуджытыл: адæймагдзинад, уды сыгъдæг, цæстуарзон 317
ахаст, хистæрæн, сылгоймагæн аргъ кæнын, æфсарм, æгъдау æмæ фæтк зоныныл. Царды гуыргъахъхъ фæндæгтыл цæугæйæ, ацы ахсджиаг миниуджытæ систы махæн нæ уды хæлц. Дарддæр дæр нæ кæстæртæ уыцы амындтыты бындурыл куы хъомыл кæной, уæд нæ чысыл Ирыстон дидинæгдон фестдзæни, фарн æмæ намыс æрцæрдзысты йæ артдзæсты. Миша, дæ уды цæхæр макуы æрмынæг уæд! Йæ тафс ын æнкъарын мæ сабибонтæй. «Ахуыргæнæг, апаздат ис?» С?^&
САБИДУГ ÆМÆ ÆРЫГОН БОНТÆ «КРАСИВИ МАЛЧЫК» Фыдыбæстæйы хæст нæма фæцис, афтæмæй Туалгомы хæххон хъæутæй адæмы æвæндонæй æрвыстой мæхъхъæлы хъæутæм. Сæхи та сын, куыд, дам, райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй цæуæг адæм, афтæ ахастой Казахстанмæ. Куы лыгъдыстæм, уæд мæныл цыди фæндзæм аз. Къасарагомы фистæгæй куыд цыдысты адæм, уыцы цаутæй ма гыццыл цы- дæртæ лæууы мæ зæрдыл. Мæ фыды æфсымæры ус Аннæ (Хъесиан) æмæ не ’рва- дæлты ус, Уæлгъа (Цæрæкон) — уыдон мæ дыууæйæ рады- гай хастой. Къасарагомы тæдзæнтæм æрхæццæ стæм. Ацы бынат абон дæр «Тæдзæнтæ» хонынц. Къæдзæхыл бæрзон- дæй дон гыццыл суадонæй тæдзы сæрдæй, зымæгæй. Ам къæдзæх хурмæ цыдæр æнахуыр æрттывд фæкæны æмæ йæ фарсмæ къæдзæхæй рæсугъддæр фæзыны, кæд æнæуый та фаззæтты хуызæн сты, уæддæр. Ам æрулæфыдысты бæлццон адæм, дон банызтой. Уæл- гъа мæнæн дæр йæ дынджыр, нуарджын, фæлæ фæлмæн къухтæй дон куыд дардта, уый мæ зæрдыл лæууы. Тæдзæн- тæй куы рауадыстæм, уæд та мæ Уæлгъа йе ’ккойы сæвæрд- та, мæ къæхтæ йæ риуыл размæ æруагътон, Уæлгъа сыл йæ фæлмæн къухтæй фидар хæцы, мæхæдæг та йын мæ къухтæй йæ сæрыл хæцын. Аннæ фæсте аззад æмæ, æвæццæгæн, уымæ фæстæмæ куыд фæкастæн, афтæ мæ къухтæ феуæгъд сты æмæ мæ астæу фæстæмæ фæзæбул и. Уæлгъа мын фи- дар хæцыд мæ къæхтыл, фæлæ мæ Аннæ куы ауыдта, уæд 319
йæ тарст цъæхахст комы анæрыд. Адæм иууылдæр мæнæн фæтарстысты, фæлæ сæ Уæлгъа, мæн йæ хъæбысмæ æрис- гæйæ, басабыр кодта. Ныххæццæ стæм нæ ногцæрæн бынатмæ — Райдзастмæ. Григол цы хæдзары æрцарди, уым разæй кæрты уыди дын- джыр бæрзонд тута бæлас, чъылдымæрдыгæй дæр тута бæлас, æцæг къаннæгдæр, фæлæ рæгъæд кодта раздæр. Нæ кæрт æх- гæд уыд бæрзонд кауын æмбондæй. Стæй æрмæст кæрт нæ, фæлæ нæ дынджыр цæхæрадон дæр кауын æмбондæй æхгæд уыди. Æмбонды рæбынты кæрæй-кæронмæ алыхуызон дыргъ- бæлæстæ: чылауитæ, балтæ, фæткъуытæ. Кæртмæ хæстæг та дзы дыууæ рæнхъæй дæсгай бæлæстæ — абрикостæ. Дисса- джы ставд æмæ хæрзад уыдысты, уæлдайдæр-иу дзы зæхмæ, кæрдæгмæ йæхигъæдæй чи æрхауди, уыдон — дзыхы тайæгау кодтой. Нæ дынджыр тута-иу куы срæгъæд и, уæд нæ сыхы устытæ, фылдæр та сывæллæттæ, махмæ цыдысты тута хæ- рынмæ. Лæппутæ-иу нын æй ныууыгътой, æмæ мах — сывæл- лæттæ, хæлæфæй уыгътам æмæ хордтам, нæ фарсмæ та хъаз- ты къорд уыгъта тутайы нæмгуытæ, фæлæ ныл уидзынмæ цыма хъазтæ уæлахиз кодтой, афтæ мæм кæсы. Уæддæр-иу мах дæр бафсæстыстæм æмæ хъазтæ дæр. Нæ ног цæрæн бынат тынг цъыфгæнаг уыди, фæлæ йæ зæхх та хъæздыг, цы нæ дзы зад, ахæм зайæгой, халсар нæ уыди. Фæззæг æмæ дзы уалдзæг цъыфæй азмæлæн нæ уыд, æмæ-иу адæм сæхи каурæбынтæм ластой — уым гыццыл хус- дæр уыди... Иу фæззыгон цъыф бон дынджыр тута бæласы бынмæ рацыдтæн æмæ кауы зыхъхъыртæй уынгмæ кæсын. Æна- хуыр бæстæ мæ цымыдис кодта. Уалынмæ иу уырыссаг ус æмæ лæг нæ каурæбынты æрбацæуынц. Ус разæй. Мæ цур- мæ куы æрбахæццæ и, уæд фæлæууæгау кодта æмæ фæстæ- мæ лæгмæ дзуры: «какой красивый мальчик» — æмæ мæнмæ комкоммæ кæсы, стæй та мæм лæг дæр кæсы. Æз æнцад хъусæй лæууын. Куыддæр мæ разæй ахызтысты, афтæ æз хæдзармæ згъоргæ! мæхицæн уыцы усы ныхæстæ дзурын, цæмæй мæ ма ферох уой. Хæдзары фæмидæг дæн æмæ Гри- голь’г сонт фарст акодтон: «Красиви малчык та циу?» Уый йæ мидбылты бахудт æмæ мæ фæрсы, чи дын æй загъта, зæгъгæ. Радзырдтон ын æй, куыд уыд, афтæ. Куы мын æй 320
бамбарын кодта, уæд фæсырх дæн, фæлæ мын цыма кæм- дæр æхсызгон дæр уыд, æмæ фæстæмæ кæртмæ ралыгътæн, ногæй та кауы хуынчъытæй кæсын. Григол бирæ фæцард, ацы цау-иу арæх йæ зæрдыл æрлæууыд, йæ мидбылты-иу бахудт æмæ та-иу фæлмæн дзыхы уагæй сдзырдта: «Краси- ви малчык та циу?» ХЪÆБЫСХÆСТ Нæ хъæу Райдзаст ахæм рæсугъд бынаты æвæрд уыд, æмæ йæм кæцырдыгæйфæнды бакæс, йæ рæсугъддзинадæй зæрдæ ради. Уæлдайдæр та Хаситы къуылдым кæй хуыдтам (ам Хаситæ цардысты), уырдыгæй куы рафæлгæсай, уæд æнæхъæн хъæу дæр цыма дæ армы тъæпæны ис, афтæ хорз зындис. Ацы бæрзонд къуылдымыл нæ кадджын хистæртæ скодтой кувæндон. Йæ бæрæгбон-иу уыдис уалдзæджы. куадзæнæй фондз къуырийы фæстæдæр. Мах, уæды сывæллæттæ-иу æм тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ кастыстæм, стæй æрмæст ацы бæрæгбонмæ нæ, фæлæ алы ирон бæрæг- бонмæ дæр. Уыцы рæстæджы бæрæгбон æцæг бæрæгбонхуыз уыди, хъæлдзæг, адæм кæрæдзиуыл цин кодтой зæрдæйæ. Иу аз та нæхи цæттæ кæнын байдыдтам бæрæгбонмæ. Уæд æз æртыккаг къласмæ цыдтæн. Кусарт акодта мæ фыды æф- сымæр Григол, хæдзары скуывтам æмæ араст стæм куывды «Хаситы къуылдыммæ». Адæм къордтæ-къордтæй цæуынц, ме ’мгар сывæллæттæ дзы дзæвгар æрæмбырд ис, æмæ хъазæм, цъæх кæрдæгыл ратул-батул кæнæм. Уалынмæ нæм хистæр кары лæппутæ цалдæрæй æрбацыдысты. Мæн мæхи йас лæппу Солтанимæ хъæбысæйхæцгæ æрбаййæфтой. Куы-иу мæ ме ’мбал абыр- ста, куы та — æз. Ацы хатт уый фæбынæй и. Уæд мæм хи- стæр лæппутæй иу дзуры, мæнæ, дам, Дзыдзылимæ хæцыс? Уый махæй хистæр уыди, стæй стырдæр. Ахæм тыппыртæ уыди, раст хæсгæ хъыбылы хуызæн, фæлæ уæзбын æмæ æнарæхст. Уый, зæгъын, дынджыр у. Ай, дам, бынтон тæп- пуд куы дæ, куыд тагъд фæтарстæ! Уæд ме ’мбал Солтан, кæимæ хæцыдтæн, уый мын мæ хъусы сусæгæй æрбадзырдта,
ма, дам дзы тæрс, æз æй æндæрæбон скъолайы кæрты цал- дæр хатты абырстон. Æз дæр уæд фæныфсджындæр дæн, æмæ райдыдтам хæцын. Йæ астæу ын бæргæ хорз ацах- стон, фæлæ йæ æрзилын дзæбæх нæ фæрæзтон, уæззау уыди. Мæ къах ын йæ къахыл дзуарæвæрд акодтон, фæлæ ме ’ннæ къах фæбырыд, мæ уæрагыл æрхаудтæн, фæцæй мæ бырста. Рæвдз фестадтæн. Дарддæр та хæцæм, æмæ та йын йæ къахыл ногæй дзуарæвæрд акодтон, сонт зылд æй фæластон æмæ йæ абырстон. Дзыдзыл уæлгоммæ хуыссы. Чи нæ хæцын кодта, уый Дзыдзылы фарс хæцыд, æмæ, дам, уый хæрæгсаст уыди, æнæнхъæлæджы рауади — но- гæй рахæцут! Уый ныхæстæм хъусгæйæ, æз мæ уæрджытыл лæугæйæ куыд баззадтæн, афтæ мæм ме ’мбал Солтан сонт хъæр фæ- кодта: — Таймураз! Де ’фсымæр Жорик дæм æрцæуы! Уый банхъæлдта, мах хыл кæнæм, зæгъгæ, æмæ ахæм фыдуаг митæ нæ уарзта. Æз ме ’фсымæрмæ куыд фæкастæн, афтæ мын Дзыдзыл йæ хæмпус тымбыл къухæй мæ фындз йæ тых, йæ бонæй ныххафт ласта. Мæ фындзы туг акалд, фæлæ мæ ме ’фсымæр дæр æрцæйæййæфта, уый дæр ма мæ нæмдзæн, зæгъгæ, адæргæй уым дæлæмæ ныййарц дæн. Ме ’фсымæр фæстæмæ аздæхт. Æз иу тъæпæн ран ба- дын, мæ фындзыл хæцын æмæ та йæ кæрдæгæй асæрфын, мæхимидæг Дзыдзылмæ мæсты кæнын. Хыл куы нæ код- там, уæд мæ цæмæ ныццавта? Фыр мæстæй мæ цæссыгтæ нал баурæдтон æмæ, ме ’мбал Солтан мæ уæлхъус куыд февзæрд, уый дæр нæ банкъардтон. Сабыртæ мæ кæны, ды, дам, æй куы абырстай, уæд ма цæуыл кæуыс, зæгъгæ. Дыууæйæ дæр цъæх кæрдæгыл уæлгоммæ хуыссæм, хур дæр нæ йæ зынг цæстæй судзæгау кæны. Иу дзæвгар дыу- уæйæ дæр æнæдзургæйæ улæфæм, алчидæр нæ йæхи хъуы- дыты аныгъуылд. Гыццыл сабийæ алкæйдæр фæфæнды, тагъддæр куы айрæзид. Цæмæндæр мæ уыцы уысм бафæн- дыд тæхæг суæвын. Мæхи федтон тæхæджы дарæсы, æр- батахтæн Хаситы къуылдымы сæрты ныллæггомау, иууыл- дæ^ мæм уыцы цымыдисæй хæрдмæ кæсынц, фæлæ Дзыдзыл æнкъардхуызæй æрмæст иу каст ракодта мæ фæ- стæ. Æвæццæгæн, зæгъын, фæфæсмон кодта, чъылдымæр- 322
дыгæй мæ кæй ныццавта, æмæ хатыр куры. Æз æм мæ къух тилын, хъæр æм кæнын, ма тыхс, зæгъгæ, æз дæм нæ хæрам кæнын. Уыцы уысм мæ Солтан басхуыста æмæ фе- стъæлфæгау кодтон. Дзæвгар фæбадтыстæм, ныр куывд йæ тæккæ тæмæны, фæлæ ме ’фсымæрæй нал уæндын. Æрæджиау мæ Солтан сразы кодта, æмæ гыццылгай кæронмæ нæхи байстам. Хъæбысæй нæ чи хæцын кодта, Леуан, уый мæ куы ауыд- та, уæд нæм æрбауад, цыдæр æппæлæн ныхæстæ мын акод- та, фæстагмæ мын афтæ, де ’фсымæр, дам, ницы загъта, дзæгъæлы дзы тæрсыс. Уæд гыццыл фæныфсджындæр дæн, æмæ та хъазын байдыдтам. Фæлæ уæддæр Дзыдзыл- мæ мæ маст къаддæр нæ кодта, гадзрахатæй мыл кæй ра- цыд æмæ мæ фæстейы æууæнкæй кæй ныццавта, уый мæ тыхсын кодта. ТАМАКОДЫМÆГ Хæсты æмæ фæсхæсты рæстæг цард тынг уæззау уыди. Нæ фаг кодта хойраг, уæлæдарæс, къахыдарæс, уыимæ та- макодымæг адæм дæр тынг тыхстысты тамако хъуагæй. Абоны хуызæн дæсгай хуызтæ æмæ сортытæ нæ уыди. Фылдæр æмæ арæхдæр уыдис махоркæ, фæлæ уый дæр æппæтмæ нæ хæццæ кодта, уымæ гæсгæ алчидæр архайдта, цæмæй йæхæдæг байтауа тамако. Мæ фыды æфсымæр Гри- гол (рухсаг уæд) тамако тынг дымдта æмæ уыцы куыстмæ йæ хъус тынг дардта. Байтыдта-иу 100 кв.м. бæрц, тыллæг- иу æркарста, схус æй кæн, лыстæг æй скæрд æмæ дымгæ кæн. О, фæлæ цæттæ тыллæгæн йæ зындæр куыст уыдис лыстæг æй скæрдын. Ацы «зындæр куыст» Григол хæс код- та мæн æмæ ме ’ннæ фыдыфсымæры лæппу Саламæн, мах æмгæрттæ уыдыстæм. Лыстæг фос-иу цæхх кæм стæрдтой, ахæм дыууæ метры дæргъæн хъæдын къалодыл-иу нæ дыу- уæрдыгæй сбадын кодта, гыццыл фæрæт надзахитимæ. Уыцы фæрæттæй лыстæг кодтам хус тамако сихорæй суанг изæрмæ. Дзæвгар-иу куы ныллыстæг кодтам, уæд-иу æх- снырсын байдыдтам, цæмæн, уый не ’мбаргæйæ, Григол 323
та-иу ныл худгæ кодта. Изæрæй-иу нæ куыст куы фестæм, уæд та нæ уæрыччытæ æрыздахынмæ æрвыста, уыдонмæ та цæуын хъуыди фæскъуылдыммæ. Иу бон та «фæс- куыст» фæскъуылдыммæ куы схæццæ стæм, уæд Салам йæ алыварсмæ акæстытæ кодта æмæ дын йæ дзыппæй куы сла- сид йæ армыдзаг лыстæгхост тамако, йæ иннæ дзыппæй та нартхоры хус сыфтæ. Иу сыф дзы мæнæн дæр авæрдта æмæ стыхтам фæйнæ тамакойы. Сдымдтам, фæлæ нæ хуы- фæг фæразæй и, къуыххыт-къуыххыт кæнæм дыууæйæ дæр, фæлæ та уæддæр спъæрттытæ кæнæм. Уæдмæ нæ нартхоры сыфтæ райхæлдысты, æмæ нæ тамако акалди, фæлæ нæхи банкъардтам «мæлæты лæгтæй», кæд нæ хуы- фынæй нæма банцадыстæм, уæддæр. Дыккаг бон дæр та нæ «куыст» кодтам, фæлæ нæ изæры сагъæс дæр рох нæ уыди. Григол-иу зæронд газет райста, ныллыгтæ-иу æй кодта гыццыл гæбæзтыл æмæ тамако уым тыхта. Уыцы газеты гæбæзтæ кæм уыдысты, уый зыдтон, æмæ дзы цалдæр гæбазы фелвæстон, Салам та тамако радав- та. Фæскъуылдым та балæууыдыстæм æмæ та пъæртт кæ- нæм, æцæг бæрæг нæ уыди, пъæртт фылдæр кæнæм æви хуыфгæ. Афтæ «фæдавтам» тамако æнæхъæн къуыри, афтæ нæ- хицæй фæцарæзтам «тых лæгтæ», фæлæ дыууæйæ дæр нæ фæцалх стæм ацы лæгаразæг «хойрагыл». Сывæллæттæй нæм цæмæндæр афтæ каст, ома тамако чи дымы, уый лæг- ты лæгдæр у, иу къæпхæн уæлдæр лæууы иннæтæй. Уыцы «миниуæг» сафгæ нæ, фæлæ ма йæм, мæнмæ гæсгæ, æфтау- гæ дæр бакодтой абоны кæстæртæ. Абоны сывæллæттæ æмæ фæсивæдмæ фылдæр «тырнындзинад» ис ацы æна- монд хойрагмæ. Хъыгагæн, лæппуты æмрæнхъ цæуынц уыцы хъуыддаджы чызджытæ дæр. Бæргæ, афтæ-иу куы рауаид, æмæ мах куыд афæлвæрдтам, æмæ йыл мах куыд нæ фæцахуыр стæм ацы тамакойыл, афтæ абоны кæстæр- тæ дæр афæлварæнт, фæлæ йыл ма фæцалх уæнт. Уый дæр, æвæццæгæн, Хуыцауæй лæвæрд стыр хорздзинад у, цæмæй рæдыд фæндагæй фæстæмæ раст фæндагмæ раз- дæх!ай. 324
ÆХСÆВГÆС Нæ бакомкоммæ уыдис иу лæнкгонд тъæпæн фæзуат, нæуу къуылдымы бынмæ, йæ уæле къуыбыры фæстæ та хъæд рай- дыдта. Тынг рæсугъд бынат. Ам колхоз сарæзта стыр кæрк- дон. Мæ фыдыфсымæр Григол дзы куыста æхсæвгæсæй. Арæх-иу мæ йæхи бæсты æрвыста уырдæм. Хъæуæй дæрд- дзæфгомау тыгъд быдыры, æхсæвыгон, иунæгæй. Уæддæр ма мын Хуыцау æххуыс кодта: хæдзары нæм уыдис хорз куыдз, Бобик, зæгъгæ. Æппынæдзух рæхысæй баст. Æхсæвгæс-иу куы цыдтæн, уæд-иу æй æд рæхыс мемæ ракодтон, кæркдоны кæрон-иу æй æрбастон, мæхæдæг та-иу хицæн хатæнгондмæ бацыдтæн æмæ-иу хъæмпæй æмбæрзт тъахтиныл мæхи уæл- гоммæ ауагътон. Мæнæ та араст стæм мæ куыдзимæ. Изæрмилтæ кодта. Сау мигътæ æмбырдтæ кæнын байдыдтой, æхсæв дæр йæ сау пæлæз æрæмбæрзта, хъæдтæ, быдыртæ, хъæуыл. Мæй та цыма тæргай фæцис, уыйау кæмдæр мигъты ау- уон бамбæхст. Бæстæ ныссабыр, нытталынг и. Цæсты æн- гуылдз куы атъыссай, уæддæр æй нæ фендзынæ, ахæм саудалынг. Фæсæмбисæхсæв мæ Бобик æйтт-æйтт систа, рæйы æмæ рæйы, йæ рæхыс тоны кæркдоны иннæ кæронмæ. Рацæуын æддæмæ æмæ æхситт кæнын. Мæ хъус ницы уынæр ахсы. Бобик дæр фæсабыр вæййы. Бацæуын мидæмæ, æмæ та куыдз рæйын райдайы, йæхи тоны. Куы рацæуын, уæд та ныссабыр вæййы. Алы хъуыдытæ сæрмæ æмбырд кæнынц. Æвæццæгæн, зæгъын, цавæрдæр сырд, рувас кæнæ бирæгъ, кæмдæр хæстæг æрбахъуызыд æмæ мын мæ кæрчыты хæр- дзæн. Кæнæ та давджытæ дынджыр бур голджытимæ æрбацæ- уынц, мæ кæрчыты мын сæ голджыты сæвгæндзысты æмæ... Кæркдоны иу кæронæй иннæмæ ацæуын, кæрчытæ змæлгæ дæр нæ кæнынц. Мæнæ диссаг, ай цавæр æнахуыр хъуыддаг у? Афтæ суанг бонмæ фæдыууæрдæм кодтон, фыдæхсæв фæдæн. Райсомæй кæркгæс сылгоймæгты æрбацыдмæ кæркдоны алыварс дæрдты æрзылдтæн, кæд дзы, мыййаг, исты сырды фæд баззад, зæгъгæ, фæлæ никуы æмæ ницы. Уæдмæ 325
сылгоймæгтæ кæрчыты рауагътой цъæх фæзмæ. Алырдæм пæррæстытæ кæнынц, сæ базыртæй пæр-пæр сисынц, уас- джытæ та ерысæй уасынц. Раст цыма цин кæнынц, дысон сæм рувас кæй нæ баирвæзт, ууыл... Диссаджы рæсугъд бон. Хур бæрзонддæр къуыбыртыл йæ фæлмæн тынтæ айуæрста. Кæркдоны цъуппыл дæр дзы иу тын ферттывта. Мæнæн дæр хæдзармæ цæуын афон æрцыд. Мæ куыдзы рæхыс райхæлдтон æмæ ныр араст уон, зæгъгæ, афтæ йæхи уыцы иу тъæпп акодта, рæхыс мæ къухæй фе- уæгъд. Æмæ хæдзарырдæм нæ, фæлæ кæркдоны иннæ кæрон- мæ фæтæхы. Кæрчытæ дон кæцæй фæнуазынц, уыцы æф- сæйнаг бæлæгъы йæ сæр фæцавта æмæ дзы зыд стæрд кæны. Цалдæр минуты бæрц астæрдта, алæууыд, аракæс-бакæс код- та æмæ та ногæй байдыдта стæрын. Иæ дойны куы басаста, уæд ме ’рдæм цыдæр æнахуыр каст ракодта, цыма мын уай- дзæф кæнынмæ хъавыд, йæ тыхст ын кæй нæ бамбæрстон, уый тыххæй. Мæнмæ та нырма гъеныр бахъардта, дысон- бонмæ мæ цæмæн фæфыдæхсæв кодта, уый. Бобик, иуæй, нард куыдз, иннæмæй та йæ изæрæй хорз бафсæстон æмæ, фæсхæрд дойны кæндзæн, уый та хъуыды дæр не ’ркодтон. Уымæн йæхи рæдывта кæркдоны иннæ кæ- ронмæ, доны бæлæгъмæ. Бобик араст хъæумæ, йæ рæхыс йæ фæстæ ласгæ. Фæстæмæ ма мæм иу хатт уайдзæфгæнæджы каст фæкодта. ХЪÆДГÆРОНÆЙ НАРМÆ БАЛЦ 1957 азы мæхъхъæлæн бар куы радтой сæ раздæры цæ- рæн бынæттæм сыздæхынæн, уæд мах та, уымы цæрджыты кæцыдæр иу хай æрбалыгъдыстæм Хъæдгæронмæ. Чи та æн- дæр хъæутæм. Мæ фыды æфсымæр Григолæн цот нæ уыдис, æмæ æз фылдæр уыдонимæ цардтæн, стæй ме ’фсымæртæ дæр. Нæ мад æмæ фыд та хохы цæргæйæ баззадысты, Нары зылды, Фаллагкомы. Нарæг, цыбыр, фæлæ диссаджы рæ- сугъд ком. Цы авд хъæуы дзы уыдис, уым царди цыппар мыггаджы. Мах хъæу хуынди Сауыбын, ам æрмæстдæр Ма- миатæ цардысты. 326
Хъæдгæронмæ æрбалидзыны размæ æз каст фæдæн аст къласы. Иууылдæр æрбалидзæг адæм хæдзаргæнæг уыдысты уæд. Хæдзаргæнæгæй та калм дæр йæ хуынкъмæ лидзы, мыййаг, дам мæ бæндæны æфсон куы фелваса. Самандур къахæй змæстам фылдæр, бæх къухы кæм æфтыд. Тынг-иу куыд нæ ныффæлладыстæм, фæлæ та-иу уæгъд сахат хъæуы сæрмæ цъæх нæумæ атындзыдтам хъазынмæ. Хъæуы сæрмæ æмæ йæ алыварс цы диссаджы сыгъдæг уыдис уыцы заманы, иу гæххæтты гæбаз дæр дзы нæ федтаид лæг, ныр та быро- нæй байдзаг и. Уыцы рæстæджы колхозтæ сæ фосы бирæ дзугтæ æмæ хъомрæгъæуттæ тардтой Туалгомы хæххон сойджын хизæн- уæттæм æмæ сæ уым дардтой, фæззæджы-иу цалынмæ фæуа- зал кодта, уæдмæ. Григолмæ уыд иу род — фондз мæйы бæрц кæуыл цыдаид, ахæм, æмæ йæ хъуамæ хохмæ арвыстаид колхозы рæгъаумæ, фæлæ сæ нал аййæфта. Уæд мæнæн афтæ зæгъы, йæ хъуырыл ын бæндæн бабæтт æмæ йæ хохмæ аскъæр, нæхимæ, ома мæ ныййарджытæ кæм цардысты, уырдæм. Уыцы бон араст дæн, мæ изæр Уæллаг Бирæгъзæнгмæ схастон. Ам ме стыр мады æрвадæлтæ — Саутæтæ цардысты. Сæ фыд хæстæй нал ссыд, фæлæ сæ мад Джыккиан тынг фæлмæнтæдзураг æмæ цингæнаг ус уыди. Æхсæвы Саутæтæм фæдæн. Райсомæй мæ Джыккиан фыццаг кæркуасæнты фехъал кодта, фæндаггаг ма мын но- джыдæр цыдæртæ атыхта, æмæ рараст дæн мæ дард фæнда- гыл. Род бæндæн ахуыр нæ уыд æмæ-иу мæ куы иуæрдæм аскъæфта, куы иннæрдæм. Иу хатт йæхи сонт тъæпп акодта, æмæ бæндæн мæ къухæй феуæгъд. Тынг фæтарстæн, фæстæ- мæ мын куы алидза æмæ мын ахсын куы нæуал бакома, уы- мæй. Сабыргай йæ фæстæ фæцыдтæн дзæвгар, стæй йыл мæхи сырды цæф фæкодтон, бæндæн ацахстон, тæссæй йыл афтæ ныддæвдæг дæн, æмæ йæ змæлын нал суагътон. Басæй, дам, чи басудзы, уый уазал доныл дæр фу кæны. Мыййаг та, зæгъын, йæхи куы атона — бæндæны кæрон мæ астæуыл æр- батыхтон æмæ йæ фидар сбастон. Мæ иу къухы лæдзæг, иннæ къухы дзулы къæбæр æмæ цыхт, æмæ хæргæ цæуын. Мæхицæй ныббуц дæн, сæрибарæй цæуын, зæгъгæ. Æртæ комдзаджы скодтон, афтæ род дæлвæндагмæ йæхи сонт æп- 327
пæрст акодта. Мæ дзул æмæ цыхт мæ къухæй фæтахтысты иуæрдæм, лæдзæг — иннæрдæм, мæхæдæг мæ галиу фарсыл ахаудтæн, иу дæс метры бæрц мæ йæ фæдыл аласта, æмæ ма йæ тыххæй баурæдтон. Мæ уæраг æмæ рæмбыныкъæдз дур- тыл афтæ тынг ныххафтон, æмæ сæ туг акалд. Мæ лæдзæг систон, цæфтæ дудынц, фæлæ къуылых-къуылых араст дæн, родмæ мæстæй мæлын, афтæмæй. Фыр мæстæй фæзæгъын, ныртæккæ йæ лæдзæгæй дзæбæх æрцæфтæ кæнон, фæлæ та мæ лæдзæг фæстæмæ æруадзын. Иуæй йын тæригъæд код- тон, иннæрдыгæй та æдас дæр нæ уыдтæн: куы сызнæт уа æмæ мын куы алидза, ахсгæ дæр æй куы нæуал æркæнон. Мæ цæфтæ куыд тынгдæр рыстысты, афтæ мæ маст дæр фылдæрæй-фылдæр кодта, æмæ фæстагмæ мæ кæуын мæ хъуырмæ схæццæ и. Бæлвырдæй мæхæдæг дæр нæ бамбæр- стон, цы мæ тынгдæр кæуын кодта, мæ цæфты рыст æви родмæ маст. Æвæццæгæн, дыууæ дæр иумæ. Афтæмæй Уы- налмæ бахæццæ дæн. «Мæ род» дæр æрломадæр ис, бæл- вырд бафæллад. Иуæй, дзæвгар æрбауадыстæм, иннæмæй та, хур афтæ æрæндæвта, æмæ буар сыгъта, фыр тæвдæй ком хус кодта, уæдæ родæн дæр дойны куыннæ уыдаид, фæлæ Æрыдоны донмæ бæрзонд былæй ныххизæн нæ уыди. Бу- ронмæ хæстæг мæ род лидзгæ нæ, фæразгæ дæр рæстмæ нал кодта. Лидзынæй йын куы нæуал тарстæн, уæд ын бæндæны кæрон йе рагъыл баппæрстон æмæ йæ фæстæ цыдтæн сабыр- гай. Буроны дыууæйæ дæр дон банызтам, цъæх кæрдæгыл æй иу гыццыл ахызтон, мæхæдæг дæр аулæфыдтæн, мæ цæфты рыст дæр дзæвгар фæкъаддæр ис, æмæ та нæ фæндаг дард- дæр кæнæм. Талынг милтæ байдыдта. Нармæ бахæццæ дæн фæсæмби- сæхсæв. Абон арæн хъахъхъæнджыты пост кæм ис, уыцы фæзилæн Джерейы хурх хуыйны. Адæм æй хæйрæджджын бынат хуыдтой. Мæхицæн ныфсытæ авæрдтон, мæ роды хъуы- рыл ныххæцыдтæн, мæ хæрынкъа систон æмæ хъæрæй зар- гæ араст дæн. Хæйрæджджын бынатæй куыд æрбагæпп код- тон нæхи комы фæзилæнмæ, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон. Меуæнгты тас дæр æмæ фæллад дæр цыдæр фесты. Мæй дæр мæм йæ цалхы дзагæй æркаст æмæ мын мæ сабийы бон- ты къахвæндæгтæ амоны. Зæрдæ цыдæр æнахуыр циндзинад 328
æнкъары, уæлдайдæр та мæм мæ райгуырæн хæдзарæй цы- рагъы рухс куы ферттывта, уæд. Мæнæ нæ хæдзар, ам — мæ мад æмæ мæ фыд, ам райгуырд- тæн æз дæр, дæлбазыр къæйдзар къуымы. Мæ род æрбастон иннæ стурты фарсмæ, мæхæдæг мæ зонгæ асинтыл схызтæн уæлхæдзармæ. Не стыр хæдзары рудзынгæй рухс кæлы. Мæ мæгуыр, фыдæбойнаг мад та бинонты æмæ уазджыты фæстæ æфснайы, райсомæй та се ’ппæты разæй фестдзæн. Афтæ алы бон дæр. Æвæдза, цас фæрæзта бинонтæн æмæ уазджы- тæн лæггад кæнын!.. Нæ хæдзар уазæгæй цух никуы уыди. Фæлæ бафæллад- тæн, зæгъгæ, йæ дзыхæй никуы схаудта. Дуар байгом код- тон, æмæ, æцæгдæр, мæ мад иу уазæг усимæ сæ къæхтæ æх- сынц æмæ ныхæстæ кæнынц. Куы мæ ауыдта, уæд, цин нæ, фæлæ фыр тарстæй йæ цæстытæ куыд адынджыртæ сты, уый мæ абон дæр нæ рох кæны. Мæ уарзæгой мадæн та йæ зæрдæ барухс кæныны бæсты йæ тыхст зæрдæ ноджыдæр батыхсын кодтон ме ’нафоны сæмбæлдæй. Фæсæмбисæхсæв æм фæ- зынд йæ кæстæр «æнахъом» хъæбул. Йæ цæстæнгас мæ фар- ста: «Цæмæн афтæ æнафоны фæбæлццон дæ хæххон фæн- дæгтыл, уæлдайдæр иунæгæй?» Фæлæ æз фыр цинæй мæ цæстытæй дæр куы худтæн, уæд уымæн дæр йæ тас фæлыгъд. Æрбадтæн æмæ иу уысм мæ мады цæстытæм фæкомкоммæ дæн. Цас уарзондзинад дзы федтон, цас!.. Дзургæ цас нæ кодта, уыйбæрц йæ цæстытæй æнхъæвзти æнахуыр тафс æмæ рæвдыд. Æз та йын тæригъæд кодтон, йæ рыст зæрдæйы йын цины бæсты маст бауагътон, фæсæмбисæхсæв уыцы фыдвæн- дæгтыл иунæгæй, уыцы «æнæхайыры» родимæ фыдтухитæ- гæнгæ, кæй фæцыдтæн, уымæй. Ныр мæнæ йæ хъæбул йæ разы сæрæгасæй лæууы. Сæйрагдæр, Григолы фæдзæхст æмæ фæндон сæххæст кодтон, роды бахæццæ кодтон хохмæ, нæ фыды хæдзармæ. Кæд уый сæйрагдæр уыди, уæд?.. Хæргæ дæр нал бакодтон. Мæ фæллад мыл æртæфст. Куыддæр базыл мæ сæр æрæвæрдтон, афтæ афынæй дæн. Райсомæй хур арвыл дзæвгар суади, уæддæр мæ мæ мады фæлмæн, уарзæгой зæрдæ райхъал кæнын нæма куымдта... 329
МÆКЪУЫЛЫ БЫН КУЫД ФÆДÆН Махмæ, Фаллагкомы, хосы куыст тынг зын у. Йæ кæр- дын, йе ссивын иу бæллæх, йæ мæкъуылтæ ласын та — æнæхъæн хъаймæт. Бирæты дзы фондз æфтауцы фæхъæуы. Фæстаг æфтауц — хъæумæ хæстæг тъæпæнгонд бынаты. Ацы æфтауцбынатæй йæ доныбылмæ лæгæй æрлас йæ мæхъийыл. Ам æй дзоныгъы кæнæ уæрдоны баппар æмæ — хæдзармæ, холлагдонмæ. Уæд иу уалдзыгон бон, нæ фыдмæ фæкæсон иу гыццыл, зæгъгæ, æмæ хохы бамидæг дæн, уæд ма Хъæдгæроны скъо- лайы ахуыр кодтон. Нæ фыд бацин кодта, иу æххуысгæнæг ма ис, зæгъгæ. Уæдмæ мæм мæ хистæр хо Замирæт дзуры: «Тайму- раз, цом æмæ хосы мæкъуылтæ раласæм». Иу галдзоныгъыл араст стæм. Замирæт хохы куыстытæм лæгæмсæр уыди, алцæ- мæ дæр арæхсти. Галдзоныгъ доны был ныууагътам, нæхæдæг мæкъуылтæм фæхæрд кодтам. Нырма мит дзæвгар уыди, митка- лæн фыййагæй мæкъуылтæ асыгъдæджытæ кодтам, бæндæн мæхъийы дзыхыл авæрдтам æмæ йæ гæркъайæ æрбалвæстам. Æрхæццæ и холлагдонмæ мæкъуыл, ам та йæ нæ фыд бабæстон кодта. Дыккаг мæкъуыл дæр бафснайдтам. Æртыккагмæ мæ хойы нал рауагътон, мæхæдæг æй авæрдзынæн, зæгъгæ, мæхи «фæлæг» кодтон. Гæркъайæ йæ æрбалвæстон, мæхъийы фæрс- сагыл-хъусыл рахæцыдтæн. Æмбисмæ бæргæ æрхæццæ дæн, фæлæ мæкъуыл митыл æгæр тагьд рабырыди, срог и. Мæ син æм фæбыцæу кодтон, мæхъийы хъусыл тынгдæр схæцыдтæн æмæ йæ стыдтон. Мæхъи æд мæкъуыл æрхауди, йæ дзых зæх- хы фæсагъди, мæхицæн та мæ къах фæбырыд, æмæ мæкъуыл мæ сæрты расхъиудта. Мæхицæн ницы уыди, фæлæ мæкъуыл пырхгæнгæ атылди суанг доны былмæ. Замирæт мæм уæлхæ- дзарæй касти. Халамæрзæн йе ’уæхскыл авæрдта æмæ мæ уæл- хъус балæууыд. Æрбакаст мæм, мидбылты бахудт, фæлæ мæ къæмдзæстыгхуызæй куы федта, уæд мæм халамæрзæн авæрд- та: «Ассив, æз мæхъи радавон». Мæхъийы хъус скъуыдæй куы федта, уæд мæм дзуры: «Ай, Нарты Батрадз^куы басгуыхтæ. Мæхъийы фæрссагтæ срæмыгьтытæ кодтай». Йæхæдæг зæрди- агæй худы. Æз дæр уæд иу гыццыл бахъæлдзæг дæн. Æрхæццæ йæ кодтам холлагдонмæ æмæ ууыл нæ боны куыст ахицæн ис. 330
РОХ КАРК Æз хæрæфыртæй Хъуылымбегты хæрæфырт дæн. Хæдза- ры номæй сæ Пидотæ хуыдтой. Мæ мады фыд та — Джиуæр- джи. Цардысты Хуссар Иры Джеры комы, Маралеты хъæуы. Маралеты фылдæр цардысты Хъуылымбегтæ æмæ Къæбул- тæ. Мæ мадæн авд азы цот нæ рацыди. Стæй йын Мады- Майрæм балæвар кодта цыппар лæппуйы æмæ æртæ чыз- джы. Абон ма хур кæсы уыцы авд хъæбулæй мæ хо Соня æмæ мæныл, зæнæджы дыууæ кæстæрыл, иннæтæ се ’цæг дунемæ афæндараст сты. Фæлæ диссаг! Иууылдæр бахъомыл стæм, æмæ нæ нæ мады æрвадæлтæм — Маралеты никуы ни- чима уыди 1964 азы онг. Æгуыдзæгдзинад?! 1961 азы Дзæуджыхъæуы Индустриалон техникуммæ ба- цыдтæн ахуыр кæнынмæ. Хуссар Ирæй ма нæм уыдис цал- дæр лæппуйы: Ходы Митя, Хуыгаты Жорæ, Плиты Телмæн æмæ Гаджиты Анзор. Куы йæ базыдтой, нырмæ мæ мады æрвадæлтæм никуыма уыдтæн, уый, уæд мыл дисæй марды- сты. Жорæ мын хъæддыхæй ныфс бавæрдта, сæрды кани- култы, дам дæ мах фæхондзыстæм дæ мады æрвадæлтæм. Цæвиттон, мæ мадæн 1920 азы йæ хистæр æфсымæр, æф- цæджы сæрты хизгæйæ, лигъдæттыл цы хæцгæ низ сыстад, уый амæттаг баци. Йæ иннæ æфсымæр Алекси та хæсты бы- дырæй нал сыздæхт. Баззади йын дыууæ чызджы: Тоня æмæ Светланæ. Уыдонимæ кæрæдзи фæсаууонмæ зыдтам, фæлæ нын лæгæй-лæгмæ фембæлыны фадат нæма фæци... 1964 азы техникум каст фестæм, куыстмæ æрвитыны гæх- хæттытæ райстам фондз лæппуйæ «Красноярскгэсстрой»-мæ, фæлæ ма нын иу мæй каникултæ уыд. Куыд ныхасгонд уыдыстæм, афтæмæй хъуамæ нæ алкæй хæдзар дæр бабæрæг кодтаиккам. Цæгатварсæй æрмæстдæр æз уыдтæн, æмæ нæ балц райдыдта мæнæй. Уæд ма мæ мад æмæ мæ фыд дæр æгас уыдысты. Араст стæм Нары зылды Фаллагкоммæ. Мæ фыд Алыксандр нын фыс аргæвста, нæ мад бæгæны афыхта, æмæ æртæ боны фæцæл кодтам, уый фæстæ нæ фæндаг адардтам Хуссар Ирмæ. Цалдæр боны фестæм Цхинвалы, Митятæм æмæ Анзортæм, уый фæстæ Къуайсайы бамидæг стæм Жорæтæм. Ам дæр та нын кусарт 331
акодтой, æртæ боны та фæминас кодтам, æрдзы рæсугъддзи- нæдтæй цыдæртæ федтам æмæ, æртыккаг бон цæуыны уы- наффæтæ куыд кодтам, афтæ нæм Жорæйы (сæ дыккаг хæ- дзары) чындз йæхæдæг æрбахæццæ и. Нæ цæхх, нæ къæбæрæй нын куы нæ саходат, уæд уæ афтæмæй нæ ауадздзынæн, зæгъгæ нæ ахуыдта. Бацыдыстæм сæм ахæм цыдæй: иу сахат абаддзыстæм æмæ дарддæр нæ фæндаджы кой кæндзыстæм. Фæлæ, дам, арахъхъ афтæ загъта: «Тагъд чи кæны, уый мæнуылты рацæ- уæд». Махыл дæр уыцы æмбисонд æрцыд, бадгæйæ баззады- стæм. Ноджы бæркадджын фынгæй лæджы йæ къах кæм ха- ста... Дыккаг бон араст кодтам Маралетмæ, мæ мады æрвадæл- тæм — Хъуылымбегтæм. Цхинвалæй Маралетмæ автобус Ва- натæй æввахсдæр нæ цыд. Уырдыгæй ма нæ дзæвгар бауа- йын хъуыд, фæлæ, æрыгон уæвгæйæ, махæй ууыл хъуыды дæр, тыхсгæ дæр ничи бакодта. Æвæдза, адæймаг фыццаг хатт цы бæстæ, цы æрдзы ног нывтæ фены, уыдон зæрдæйы ныууадзынц уæлдай хицæн фæд, адджын мысинæгтæ. Иры- стоны æрдз Цæгатæй Хуссармæ йæ рæсугъддзинадæй æну- сты дæргъы йæхимæ æлвасы бирæ æцæгæлон адæмты цæ- стæнгас. Мах дæр, кæд Кавказы хæхты бирæ рæтты уыдыстæм, хæхбæсты райгуырдыстæм, уæддæр нæ Джеры комы йæхирдыгонау рæсугъд æрдз цымыдис кодта. Маралетмæ фæхæрдгæнæнмæ куыд æрбахæццæ стæм, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтам. Мæнæ Джеры комы зæронд- дæр хъæутæй иу — Маралет. Хуры фæстаг тынтæ ма хъæуы бæрзонд нæухох къуылдымтыл уæлæмæ хъазгæ фæцæуынц. Адæм сæ изæры зылдтытæм бавнæлдтой. Хъуарийæ æмбæрзт æртæ хæдзары лæууынц фæрсæй-фæрстæм. Хæдзæртты чъылдыммæ бæрзонд пæлæхсар æнгуз бæлæстæ цалдæр рæн- хъæй, сæ быны та стурвосы сæрдыгон бынат. Ам ис мæ мады цæгат. Ам райгуырд, ам фыццаг къахдзæфтæ акодта, ацы æнгузты бын æмæ уæлдæр къуылдымтыл дæр кæмдæрты, æвæццæгæн, йæ къахвæдтæ баззадысты. Æртындæс азы ам фæцарди, бæгуыдæр дзы уыдзысты йæ къахвæдтæ, уымæн æмæ, сæрæн, æнæзивæг уыди. Æнгуз бæлæсты бын йæ изæры зылдтытæгæнгæ æрбай- йæфтам æрмæст Тоняйы. Фыццаг нæ куы ауыдта, уæд цыма 332
фæтæрсæгау кодта, сагъдауæй аззад. Æмæ фæтæрсын дæр цас диссаг у. Изæрмилты иунæгæй дæ изæрзылдтытæ кæныс, æмæ æвиппайды, æнæнхъæлæджы, дæ уæлхъус февзæрды- сты бынтон æнæзонгæ адæм, уымæй дæр цыппарæй. Æз æм хæстæгдæр бацыдтæн, мæхи йын бацамонон, зæгъгæ, фæлæ йын куыд бамбарын кæнон, куыд æй баууæндын кæнон мæ рæстдзинадыл. Куы нæ базыдта, чи стæм, уæд фыр диссагæй æмæ фыр цинæй йæхицæн бынат нал ардта. Хæдзары иннæ хатæны та- иу фæмидæг и, уый размæ йын цы къам æрбарвыстон, уымæ- иу æдзынæг нымдзаст, уый фæстæ та-иу мæнмæ аивæй æрба- касти... Тоняиты фыд хæстæй куы нал ссыд, уæд Саша, сæ фыдимæ дыууæ æфсымæры цот уæвгæйæ, сидзæртыл хи фы- дау йæ арм дардта. Æмæ ныр Тоня уымæ фæуади, хабар ын бамбарын кодта, æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ Саша дæр фæзынди. Куы æрбахызти хæдзармæ, уæд фыццаг йæ хæрæ- фырты агурæг нæ фæци, фæлæ не ’ппæтæн дæр нæ къухтæ райста, арфæтæ нын фæкодта, æмæ иумæйаг ныхæстыл фе- стæм. Уæдмæ Тоня дæр фынг бæркадæй айдзаг кодта. Саша нæ æрмæстдæр æртæ сидты фæстæ бафарста: «Ныр уæ кæцы у мæ хæрæфырт?» Æз сыстадтæн æмæ та йæм ногæй мæ къух радтон. Фæ- сæмбисæхсæвтæм фæбадтыстæм. Ныхас нын бацайдагъ и, фæфæрстытæ мæ кодта бинонтæй, уæлдайдæр та нæ мадæй. Таурæгътæ дæр нын цалдæр радзырдта. Фæстæдæр æй куыд базыдтон, афтæмæй уыдис таурæгъты дзæкъул, «цæугæ эн- циклопеди» кæй фæхонынц, ахæм. Стыр хъыгагæн, йæ рæ- стæджы ничи фæрæвдз ис, æмæ, цы æнæкæрон бирæ тау- рæгътæ æмæ рагон хабæрттæ зыдта, уыдон нæдæр гæххæттыл, нæдæр пленкæйыл фыст не ’рцыдысты; йемæ сæ ахаста йе ’нусон бæстæм. Афтæмæй йæ чызг Венерæ — историйы ахуыргæнæг. Йе ’фсымæры чызг, Тоняйы хо, Светланæ дæр — ахуыргæнæг. Уæдæ мæхæдæг дæр цалдæр азы цæуын-цæуын фæкодтон, фæлæ мын афтæ дæр нæ бан- тыст. Уымæй абон дæн стыр фæсмонгонд. Кæддæр-уæддæр, баулæфæм, зæгъгæ, нæ бадт райхæлд. Хæххон сыгъдæг уæлдæф удæнцой лæвæрдта, сатæг æхсæв уæнгты фæллад фæсырдта, æмæ райсоммæ адджын фынæй фæкодтам. 333
Тоня та йæ алы хъуыдыты уацары бахауд æмæ сахат дæр æххæст нæ бафынæй и. Йæ сæнттæ æмæ бæллицтæ йæ куы йæ мадмæ скъæфтой, куы йæ хо — Светланæмæ. Дыууæйæн дæр, йæ цæссыгтæ нæ уромгæйæ, æппæлыди йе стыр цин- дзинад — æппынфæстаг мæ хæрæфыртимæ фембæлдтæн, зæгъгæ. Райсомæй хур уæлхох къуылдымты йæ тынтæ уаргæ ра- цыди, фæлæ Маралетмæ нæма æрбахæццæ и. Сæууон сатæг сыгъдæг уæлдæф уæнгтæ рог кодта. Хъæд сæ тæккæ чъыл- дыммæ райдыдта, æмæ цъиуты алыхуызон хъæлæстæй зарын адæймагыл базыртæ сагъта. Сæ фарсмæ цæсты сыджы хуы- зæн чысыл цæугæдон, уым нæхи цæхсадтам. Уæдмæ Тоня дæр йæ райсомы зылдтытæ ахицæн кодта, æмæ нын фадат фæци бæстондæр аныхæстæ кæнынæн. Йæ цины цæссыгтæ бамбæхсын йæ бон нæ баци. Алы хабæрттæ уыйбæрц бирæ уыдысты, æмæ сæры схъомпал сты, рæстæг та — гыццыл. Дыууæ карчы æрбаргæвста æмæ сæ бауæларт кодта. Уæд- мæ та нæм Саша дæр фæзынд. Фæссихормæ фæбадтыстæм, фæныхæстæ кодтам, цалдæр фыдæлтыккон таурæгъы дæр та нын радзырдта. Цæуыны къахыл куы ныллæууыдыстæм, уæд Тоня ноджы тынгдæр тыхсын байдыдта, катай кæны. Иуæй, йæ мад Къа- то бынаты кæй нæ уыди, иннæмæй, Светланæимæ кæй нæ фембæлдыстæм, уый тыххæй. Саша нын хæрзбон загъта, Тоня та ма немæ иу дзæвгар фæцыди. Фæстагмæ мыл ныт- тыхсти æмæ хæкъуырццæй кæуы. Æз мæхи бæргæ ныффи- дар кодтон, фæлæ мын мæ хъуыр цыдæр ахгæдта, æмæ мæ цæсты сыгтæ æрызгъордтой... Иу къорд азы фæстæ та ногæй куы бафтыдтæн Маралет- мæ, уæд мын Тоня иу худæджы хабар радзырдта, фыццаг хатт куы уыдыстæм уым, уыцы цаутæй. Цæвиттон, дыууæ карчы куы бауæларт кодта, уæд дзы йæ фыр цинæй æмæ фыр тыхстæй иу карк фынгыл æрæвæрын айрох и. Мах фæ- стæ фынгтæ куы æфснайдта æмæ карк цуайнаджы куы ауыд- та, уæд та ногæй йæ зæрдæ суынгæг и, йæхимæ загъд кæны æмæ та фаг фæкуыдта. Ныр Тоня цæры Дзæуджыхъæуы æмæ арæх æрымысы уыцы карчы хабар. Фаг куы фæхудæм, уæд дзы æрдомын, рахæсс æй ныр, зæгъгæ... 334
НОГБОНÆХСÆВ СЫБЫРЫ 1960—70 азты студенттæ дарæсæй бынтон рæвдз кæм уы- дысты. Ам ныл Дзæуджыхъæуы цы дзаума уыди, уым бами- дæг стæм Сыбыры, Красноярскы. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, Красноярскæй 40 км уæлдæр, Енисейы былыл горæт Див- ногорскы, уæды Советон Цæдисы æппæты стырдæр арæзтад «Красноярскгэсстройы». Нымад уыди Æппæтцæдисон фæ- скомцæдисон-фæсивæдон хъазуатон арæзтадыл. Ам бирæ хъызтдæр у махæй, фæлæ хус климæт кæй у, уымæ гæсгæ æнцондæр быхсæн у. Уазал-иу æрхаудта 40-50 градусы онг. Кæд мах ахæм уазалыл ахуыр нæ уыдыстæм, уæддæр ын цæмæндæр æнцонæй быхсыдтам. Уæдмæ нæ Ног азы бæрæгбон дæр æрæййæфта. Æрыгон лæппутæ æмæ куыд уазджытæ, афтæ нæ фæхуыдтой кæ- ройнаг æмдзæрæнмæ. Цæуын нæ хъуыди автобусы. Лæу- уæм æхсæвы 11 сахаты, автобусмæ æнхъæлмæ кæсæм. Тæ- нæг, фæззыгон палтоты æмæ туфлиты. Ирд æхсæв скодта. Мит къæхты бын хъыс-хъыс кæны. Кæрæдзийы расхой-бас- хой кæнæм, цæмæй ма суазал уæм. Уалынмæ ма фæзынди цалдæр лæджы, иу-фæндзай азмæ æввахс кæуыл цыдаид, ахæмтæ, бынæттон цæрджытæй. Дынджыр, бæзджын, тæр- хъусдзармæй худтæ сæ сæртыл, кæрцыты, валенкæтæ сыл, хъарм æрмкъухтæ. Ныхæстæгæнгæ нæм æрбаввахс сты. Иу дзы комкоммæ мæнмæ æрбацыд æмæ мæ афарста: «Ребята, вы, наверное, с Кавказа?». «А что, это и ночью заметно?» — дзуапп ын радтон æз. «Ночью-то не заметно. Но когда на улице сибирский мороз трещит, то заметно», — фæкодта ме ’нæзонгæ ныхасæмбал. Æмæ уæд ме ’мбалмæ дзуры, ома ам, Сыбыры, æнæ хъусджын худ æмæ валенкæтæ цæуæн нæй, æнæ хъустæй баззайдзыстут. «Ныридæгæн дæ хъусы кæрæт- тæ фæурс сты, асыдысты», — мæнмæ амонгæйæ та загъта уый. Æз мæ къухтæ мæ дзыппытæй фелвæстон, мæ хъустæ æууæрдынмæ февнæлдтон, фæлæ мæ мæ ног зонгæ фæурæд- та. «Афтæ нæ». Йæхæдæг йæ æрмкъухтæ феппæрста, мит фелвæста æмæ мын мæ хъустæ митæй æууæрдын байдыдта. Афтæ иу цалдæр хатты, цалынмæ мæ хъустæ нæ атæвд сты, уæдмæ. Мæ хъустæ куы асырх сты, уæд худгæйæ фæкодта: 335
«Вот теперь настоящий сибиряк». Мæ хъусы кæрæттæ куыд аурс сты, уый та æз мæхæдæг æмбаргæ дæр нæ бакодтон, хорз æмæ мæ ног зонгæ зæрдæхæлар разынди, æндæр, чи зоны, æнæ хъусæй дæр баззадаин. Уæдмæ автобус дæр фæ- зынди, фæмидæг стæм æмæ фæцæуæм. Мæ «ирвæзынгæнæг» раздæр рахызт æмæ та мæм фæстæ- мæ радзырдта: «Первое испытание удачное. Держись, кавка- зец!» Афтæ мæ ног зонгæимæ схæлар стæм, æмæ та-иу мыл куы амбæлд, уæд та-иу мæ худгæйæ афарста: «Эй, кавказец! Как твои уши?». АМОНДДЖЫН ИРВÆЗТ Красноярскы ГЭС-ы арæзтад. Горæтæй 40 километры уæлдæр Енисейы рахизварс уæлбыл тайгайы рапарахат и ку- сæг адæмæн цæрæн хæдзæрттæ аразыны куыст. Стæй уыциу рæстæг, адæмæн царды чи хъæуы, уыцы объекттæ дæр: дука- нитæ, клуб, сывæллæтты рæвдауæндон... Диссаджы рæсугъд бынат. Æнусон нæзы бæлæстæ арвыл æндзæвынц. Æмдзæрæнæй нызгъор уырдыгмæ æмæ фондз минутмæ Сыбыры дæтты стырдæры, Енисейы был балæудзы- нæ. Иу ныхасæй, аргъæутты бæстæ. Йæ ном дæр ын Дивно- горск, æвæццæгæн, уымæн схуыдтой. Æфсæнвæндаг æм са- рæзтой, Красноярскæй алы сахат дæр автобус цыди, фæлæ фæндаг тайгайы мидæг асфальтæй æмбæрзт нæма уыдис, уымæ гæсгæ-иу автобусы рыгæй сулæфæн нал уыдис. Фæлæ, сæйрагдæр, цыдысты катертæ. Арæзтадон æрмæг дæр доныл ластой. Фыццаг бакастæй афтæ фæзыны, цыма цæугæдон са- быргай цæуы, фæлæ дзы куы бахизай, уæд дæ куыд аскъæф- дзæн, уый æмбаргæ дæр нæ бакæндзынæ. Йæ уæлцъары змæлд ын сонт бакастæй нæ раиртасдзынæ. Сæрдыгон-иу уæгъд рæстæджы нæхи аирхæфсынмæ кате- рыл Красноярскмæ ныууадыстæм, фæтезгъо-иу кодтам, рæ- сугъддæр бынæттыл-иу фæзылдыстæм æмæ та изæрæй кате- ры;1 нæхимæ — Дивногорскмæ. Катер автобусæй, иуæй, дыууæ хатты тагъддæр хæццæ кодта, иннæмæй та — сыгъдæг уæл- дæф, доны сатæг уæнгты иннæрдæм хызти, зæрдæ рухс кодта. 336
Иу улæфты бон Хуыгаты Жорæимæ дыууæйæ баззады- стæм æмдзæрæны. Диссаджы рæсугъд сæрдыгон хъарм бон. Рæстæг йæхæдæг сидти адæммæ æрдзы хъæбысмæ. Ам дзæ- гъæлы нæ рæстæг цы сафæм, зæгъгæ, æмæ Енисеймæ араст кодтам, нæ зæрды та уыдис Красноярскмæ ныууайын. Цæ- мæндæр катеры уыцы рейс аивтой. Мах дæр чысыл уæлдæр суадыстæм, доны был иу стыр гæппæл — замманай лыстæг змис. Æрбынат дзы кодтам. Жорæ мæнæй бирæ бæрзонддæр уыди, фæлæ, хъыгагæн, дыууæйæ дæр фæрæтæй хуыздæр нæ ленк кодтам, уымæ гæсгæ доны мидæгуæз арф нæ цыдыстæм. Иу дзæвгар ахуыс- сыдыстæм змисыл, стæй ме ’мбал æнæнхъæлæджы фестади, кæмдæр иу даргъ хъил ссардта æмæ уæртæ, доны арф сгар- гæ, фæцæуы. Былгæронæй æртын метры мидæгдæр уыдис сакъадахгонд, сыгъдæг змисæй æмбæрзт. Фæстæмæ дзуры, уæртæ, дам, уыцы сакъадахы змис фылдæр ис æмæ мæ фæ- стæ рацу. Æз дæр зивæггæнгæ сыстадтæн, цыдæр æвæндон цыд акодтон йæ фæстæ. Уый размæ-иу кæдæмты бацыды- стæм, уырдæм куы бахæццæ дæн, уæд æм дзурын, раздæх фæстæмæ, зæгъгæ. Уый мæ цыма хъусгæ дæр нæ кæны, дарддæр йæ цыды кой кæны. Дыккаг хатт æм бадзурон куыд загътон, афтæ кæсын, æмæ лæг фæдæлдон ис. Æз фыр тæссæй фæсонтгонд дæн. Лæг фæзыны æмæ та аны- гьуылы. Цы акæнон æмæ куыд акæнон, уый нал зыдтон. Бандзыг дæн мæ бынаты. Сонтæй мæ сæры алы хъуыдытæ аленк кодтой. Куыддæр æм хæстæг бацæуон, афтæ мæ тарст лæг ацахсдзæн, æмæ дыууæйæ дæр кæсæгтæн холыйæн фæцæуæм. Цалынмæ æз уыцы хъуыдытæ кодтон, уæдмæ йын йæ лæдзæг дон мæ комкоммæ æрласта. Лæдзæгмæ фæлæбурд- тон, нæ амондæн мæ къухы бафтыд, æд лæдзæг Жорæйы æрдæм батындзыдтон, фæлæ та уый фæдæлдон и. Куыддæр та фæзындис, афтæ йæм хъæр кæнын, мæнæ лæдзæгыл хæц, зæгъгæ. Тарст лæгæн лæдзæг æрцахсын йæ къухы нал æф- тыд, кæд-иу ын æй йæ тæккæ размæ баппæрстон, уæддæр. Уалынджы йæ ацахста æмæ мæ йæхирдæм сонт тъæпп акод- та. Хорз æмæ мæ къах доны бын стыр дурмæ фæбыцæу ис æмæ уæд Жорæйы тыххæй раластон. Лæг ныффæлурс и, гæртт-гæртт кæны, уазалæй æви фыр тæссæй — бæрæг нал уыди. Мæхæдæг дæр хуыздæр уавæры *22 337
нæ уыдтæн. Иу цасдæр рæстæг æдзæмæй хуыссæм. Æрæ- джиау йе ’муд æрцыд æмæ мын уæд бæлвырд хабæрттæ ракодта. Сакъадахмæ, дам ма мæ фондз метры бæрц куы хъуыди, уæд дзы разынди æмдзæхгæр дзыхъхъ. Уым æнæнхъæлæджы ныххаудта, æмæ йæ лæдзæг дæр уæд йæ къухæй фæтахт. Лæдзæг æм нæ разынд, зæгъгæ, уæд ын мæ бон ницы бауыдаид. Цасдæр рæстæг æввахс нал бацыдыстæм Енисеймæ. ХÆЛÆРТТÆ Герсан кæд фынддæс азæй фылдæр цæуы фыййау, уæд- дæр дысоны хуызæн фыдæхсæв никуы хъуыды кæны. Уæдæ- иу æхсæв иунæгæй дæр бирæ хæттыты баззад. Ацы хатт дæр, кæд йе ’мбал Бабо фæстæмæ тагъд фездæхинаг уыди хъæ- уæй, уæддæр уыдис иунæг. Бабо, йæ ныхас чи фæсайа, уы- донæй нæу, уымæ гæсгæ йæм Герсаны зæрдæ уæлдай тынг- дæр ахсайдта. Рæстæг æмбисæхсæвæй ахызти, къæвда та йæ уарынæй не ’нцайы, бæстæ саудалынг баци, цæсты къухы æнгуылдз куы фæтъыссай, уæддæр ницы фендзынæ. Фос дæр цыдæр знæт змæлд кæнынц, куыйтæ дæр сæхицæн бы- нат нал арынц. Уæлдайдæр та Тарзан, куы йæхи иуæрдæм аппары, куы — иннæрдæм. Герсан ахæм уавæры фыццаг хатт нæ бахауди, йæ зæрдæ йæ æмбæрста, сырд кæмдæр хæстæг кæй ис. Кæд Бабо ам нæй, уæддæр дзы Тарзанæй стыр ныфс ис. Тыхджын æмæ æмбаргæ куыдз у Тарзан. Бирæ хæттыты бацыд тохы къуы- бырхъус бирæгътимæ æмæ-иу алы хатт дæр уæлахизæй раз- дæхт. Ныр дæр та фос æгæр знæт змæлд кæнынц, Герсан сæ иу кæронмæ рацыди, дыууæхстон топпæй иу гæрах фæкодта æмæ лæмбынæг хъусы дарддæр. Тарзан гæрах куы айхъуы- ста, уæд йæхи нал баурæдта æмæ æхсæвы тары æрбайсæфт. Герсан лæмбынæг хъусы, уæдæ кæцырдæм фæтары, йæ рæ- йын кæцырдыгæй æрбайхъуысдзæнис. Иу уысм æм ницы хъуысти, стæй къардиуы æрдыгæй куыдзы рæйын хъустыл ауа- ди, бæлвырд бамбæрста, хыл кæй кæны, хъуырдухæн, уый. Герсан фанар раскъæфта, цæугæ-цæуын иннæ гилдз дæр 338
дыууæхстоны афсæрста, къардиуырдæм атындзыдта. Йæ развæндаг нæ уыдта, фæлæ йын ацы бынæттæ мæлдзыджы гуыппары онг дæр зонгæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ уæндон къахдзæф кодта. Къардиуы кæронмæ ныххæццæ и, уый бан- къардта, фæлæ ам стыр был у, æмæ йæ цыд фæсабырдæр кодта. Былмæ хæстæг æрлæууыдис, алырдæмты айхъуысты- тæ кодта, фæлæ ницы уынæр хъуысы. «Тарзан! Тарзан!» — иу цалдæр хъæры фæкодта, фæлæ-иу æм æрмæстдæр йæхи хъæры азæлд æрбайхъуысти фæстæмæ æмæ арвы нæрын. Бæстæ ныссабыр и, къæвда дæр фенцайæгау кодта, фос дæр се змæлдæй фæсабыр сты. Герсан фæстæмæ раздæхти, йæ уæнгтæ ныууæзза^ сты, йæ уæлæдарæс фæстаг æндахы онг донласт фестади. Йæ хуылыдз дзаумæттæ раивта, нымæ- тыл йæхи æруагъта, фæлæ йæ хуыссæг фæлыгъди. Бон цъæх- тæ кæнын байдыдта. Сæуæхсид хохы цъуппытыл фæзынди. Цъиутæ алы хъæлæстæй зарынц. Герсанæн йæ хъуыдытæ уыдысты Тарзанимæ. «Фондз, авд фысы дæр дзы фæхъæуæд мæ дзугæй, æцæг мын Тарзан дзæбæхæй баззайæд, зондджын куыдз у бæргæ, бирæгътæ Галиуæрдыгæй рæхизæрдæм: Аслан, Кабег æмæ Асланы кæстæр хо Кристинæ сæ куыдз Белкæимæ 339
йæ сæ фæстæ хъуамæ ма асайой». Уыцы хъуыдытимæ Гер- сан йæ топп райста æмæ æрхырдæм атындзыдта. Фаллаг фæрсты йæхи байста æрхмæ. Уым астæумæ кæрдæг дысоны къæвдайæ донласты хуызæн у. Кæронмæ æввахс, къæдзæ- хæй цы дынджыр дур рахауд, ууыл слæууыд æмæ алырдæм фæлгæсы. Æрæджиау къардиуы иннæ кæрон, хæмпæлты æнæбары йæ цæст цыдæр ацахста. Дурæй æргæпп кодта, стыр къах- дзæфтæй йæ ных уырдæм сарæзта. Æрбахæццæ и. Дынджыр нæл бирæгъ йæ фарсыл хуыссы, йæ хурхы уадындзтæ цыма кардæй лыг сты, стæй йæ галиу хъус дæр йæ уæлæ нал. Йæ алфамбылай астæумæ кæрдæг цыма най ныккодтой. Бæлвырд у, ам Тарзан мæлæтдзаг тох самадта къуыбырхъустимæ. Фæлæ цы фæци йæхæдæг та? Рацыд цалдæр боны, фæлæ Тарзан нæ зыны. Герсанмæ нæ хæрын цæуы, нæ — дзурын. Иу бон фос уадзыны размæ Герсан бæхыл саргъ авæрдта æмæ Бабомæ дзуры: «Æз цæ- уын хъæумæ, фæлæ ма Тæхгæ доны адагыл мæ фæндаг акæ- нон, кæд, мыййаг...» Дæллагхъæумæ куы æрбахæццæ и, уæд кæсы, æмæ доны был- мæ æввахс, фæндаггæрон сывæллæттæ хъазынц. Иу гыццыл, бурдзалыггонд, къæбæлдзыгсæр сывæллон-иу доны былмæ ныууади, йæ къухы къæбæры мур, афтæмæй æмæ та-иу фæ- стæмæ фæзылди афтид къухæй. Герсан сæм хæстæг бацыдис æмæ лæппуйы фæрсы, дæ ном цы хуыйны, зæгъгæ. — Аслан, — лæгхуызæй дзуапп радта уый. — Ам цы кусыс, дæ баппа та цы фæкодтай? — Уый æз мæхи Белкæйæн æрбахастон, мах иумæ фæхæ- рæм. Герсан йæ ног зонгæйы ныхæстæм йæ хъус нал æрдардта æмæ йæ фæндаджы кой кодта дарддæр. Хурæй ма иу дыууæ бæндæны баззадаид изæрмæ, афтæ Герсан фæстæмæ æрбахæццæ и. Кæсы æмæ та уыцы сывæл- лон доны был уыцы ран лæууы. «Къæбæлдзыгсæр» дæр та бæгуы лæгау йæ размæ рауади æмæ йæм хæрдмæ лæгъстæгæ- нæдзсы каст скодта. Цыдæр зæгъынмæ хъавыди, фæлæ йын кæуын йæ хъуыр ахгæдта. Герсан фембæрста, сывæллон цæ- мæйдæр тæрсы, æмæ йæ рæвдауæгау сабыр кæны. Æрæджи- ау Аслан сфæрæзта дзурын: 340
— Дæлæ мын Белкæ нæхимæ нæ комы, æмæ ма йæ иумæ схæссæм, кæннод иунæгæй тæлигъæд у. Герсан сывæллоны къухыл ныххæцыд æмæ ныхæстæгæн- гæ цæуынц. Кæм и кæм дæ Белкæ, зæгъгæ, йæ куыд афар- ста, афтæ хæмпæлтæй райхъуыст уыцы æнахуыр, фæлæ зон- гæ хъист-хъист. Æвиппайды Герсан фæсонтау и, талынг уат хуры тынтæй куыд ныррухс уа, афтæ йæ зæрдæ цыдæр æна- хуыр ныррухс и фыр цинæй. Сывæллоны лæугæ фæуагъта, йæхæдæг тæхæгау хæмпæлты астæу смидæг. «Тарзан! Тар- зан!» — йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта Герсан. Тарзан дæр зæрдиаг цин кæны йæ хицауыл. Йæхи йæм сивазы, йæ цæсгом ын стæры, йæ къæдзил æнцад нæ уадзы, фыр цинæй фестынмæ фæхъавы, фæлæ та фæстæмæ æрхауы. Уæдмæ сæм æрбахæстæг ис Аслан дæр. Тарзан йæ цæ- стæнгас сывæллонмæ аздæхта. Иу каст йæ хицаумæ кæны, иннæ — Асланмæ. Тарзаны рахиз фæстаг къах — тынг æу- уылдтытæ. Герсан æй йæ хъæбысмæ систа. Асланмæ сдзурын- мæ куыд хъавыди, цом, зæгъгæ, афтæ уый ныккуыдта, кæ- дæм, дам, мын хæссыс мæ Белкæйы. Герсан йæ мидбылты бахудт æмæ лæгъстæгæнæгау бакодта: «Дæумæ йæ хæссын, дæумæ. Афтæ куы загътай, феххуыс мын кæн». Аслан фыр цинæй йæ разæй азгъордта æмæ, рагацау цы бынат æрцæттæ кодта куыдзæн, уырдæм бауади, цыдæр бызгъуыртæ адзæ- бæхтæ кодта æмæ фæстæмæ сæ размæ разгъордта, хъæргæн- гæйæ: «Мæнæ алдæм, алдæм, фæлмæны йæ æлæвæл». Иу минуты бæрц ма алæууыдысты æнæдзургæйæ. Герса- ны та йæ хъуыдытæ уыцы саутар æхсæвмæ ахастой. Фыдæх- сæв куыд фæци. Фыр мæтæй æмæ фæлладæй йæ бон цæуын дæр куыд нал уыди. Æмæ куыннæ! Æхсæв-бонмæ арв æмæ зæхх кæрæдзийы хойынц, арвæй къæртайæ калæгау кæны. Йæ дон йæ къæхты бынæй акалд, уæддæр зилы æмæ зилы, къæвда дæр æй куыд нæ хъыгдары, фæлæ йæ бынтон тыхсын та кæны æбæрæгдзинад. «Цы хъуамæ фæуыдаид Тарзан? Уæдæ йæ мард дæр куы никуыцæй зыны, уæд æй уыцы къуы- бырхъустæ æд царм, æд стæг аныхъуырдтой?» Фæлæ ныр йæ тыхыл тых бафтыд, йæ ныфсыл ныфс. Ныр комкоммæ кæсы йæ Тарзанмæ, кæд уый йæ иу къахыл нæ лæууы, уæддæр. Йæ ирвæзынгæнæгæй ын бузныгæй баз- зад. Ацы бурдзалыг Асланы йын Хуыцау йæ размæ фæкодта, 341
æндæр та Тарзаны фæрсты афардæг уыдаид æмæ та йын сау хъуыдытæ йæ зæрдæ æууылдтаиккой дарддæр. Ныр зæр- дæхъæлдзæгæй Асланы йæ хъæбысмæ фелвæста, хæрдмæ йæ цалдæр æппæрсты скодта, йæ русмæ йæ æрбалвæста, зæгъы йын: — Ды нæ дыууæйы, мæн æмæ дæ Белкæйы, ирвæзынгæ- нæг дæ, Аслан! Ныр уал уæ дыууæйæ уадзын, фæлæ та уæм æнæмæнг зындзынæн, — йæхæдæг бæхы рохтыл рахæцыд æмæ хинымæр заргæ рафардæг и. Кæд гакъон-макъон къахвæндæгтыл хæрды æртæ киломе- трæй фылдæр цæуын хъуыди, уæддæр уæтæрмæ куыд схæц- цæ и, уый æнкъаргæ дæр нæ бакодта. Цатыры дуарæй заргæ бахызти, йæхи нымæтыл уæлгоммæ аппæрста æмæ сывæлло- нау хъæр кæны: «Ссардтон æй! Ссардтон æй!» Бабо йæм æн- цад хъусы, фæлæ не ’мбары, цы дзуры, цæуыл дзуры, уый. «Къуырма Бабо! Гукк уæд та. Тарзаны ссардтон!» Æмæ йын кæрæй-кæронмæ сæ ирвæзынгæнæг гыццыл Асланы хабæрт- тæ фæдзырдта. Иу хур бон Аслан йæ цæстытæ æууæрдгæ рацыди, йæ къухы дзидзайы мур æмæ дзулы къæбæр. Дæлбазырмæ ком- коммæ бараст и йæ Белкæмæ, йæ бынаты, йæ лыстæны йæ хуысгæ куы нæ баййæфта, уæд сонт лæуд фæкодта. Цырд фæстæмæ фæзылди, фыццаг кæм хуыссыди, хæмпæлты, уырдæм йæ ных сарæзта, кæд уырдæм ацыд фæстæмæ, зæгъ- гæ. Хæмпæлмæ, Белкæйы бынатмæ, нæма бахæццæ ис, афтæ сонтæй ныккуыдта, йæ хæринæгтæ йæ къухæй æрхаудысты, æмæ фæстæмæ хæдзары фæмидæг и. Мад ын фæтарст, не ’мбары, сывæллон цæуыл кæуы. «Мæ Белкæйы мын чидæр адавта», — хæкъуырцгæнгæ, тыххæйты сфæрæзта дзурын Аслан. Мад æй æрæджиау æрсабыр кодта: «Ничи дын адавта дæ Белкæйы, лидзгæ дæр нæ акодта. Уымæн йæ гакк рысти, æмæ дохтырмæ ацыди. Куы адзæбæх уа, уæд та дæм йæхæ- дæг æрбаздæхдзæн». Цалдæр боны Аслан æнкъардæй фæра- цу-бацу кодта. Куы-иу дæлбазырмæ, куыдзы лыстæнмæ ба- цыди, куы та-иу æй хæмпæлты абæрæг кодта, ^фæлæ-иу фæстæмæ æнкъард æмæ уæнтæхъилæй раздæхти. Йæ мадмæ уыцы иу фарст лæвæрдта: «Кæд адзæбæх кæндзæни Бел- кæйы къах уыцы дохтыр?» 342
Иу бон Аслан къæсæрæй нæма рахызт, афтæ йæ хъустыл цыдæр зонгæ уынæр айхъуыст. Доны фаллаг фарсмæ сонт каст фæкодта æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта: «Æл- цыди! Æлцыди!» Æмæ тæхæгау акодта йæ размæ, фæкæлы æмæ та фесты. Уæдмæ Белкæ доны сæрты æрбагæпп кодта, йæ «ирвæзынгæнæджы» фыр цинæй стæры, йæ раззаг къæх- тæ йын йе уæхсчытыл авæры, æмæ та Аслан цъæх кæрдæгыл афæлдæхы. Куыдз дæр йæ фарсмæ æрхуыссы, кæрæдзийыл цин кæнынц, фæлмæн кæрдæгыл ратул-батул кæнынц. Сы- стадысты, дæлбазырмæ бацыдысты, хæринаг ын рахаста, бирæ «фæныхæстæ» кодтой. Йæ хъуырыл ын йæ гыццыл къухтæ æрбатыхта æмæ, куыд афынæй ис афтæмæй, уый йæ- хæдæг дæр нæ бамбæрста. Мад систа сывæллоны йæ хъæбыс- мæ, йæ хуыссæны йæ æрæвæрдта æмæ ма куыдзæн цыдæр хæринæгтæ рахаста. Дыккаг райсом Аслан уæлдай раздæр фехъал и. — Федтай, мамæ, Белкæйы? — уыдис йæ фыццаг фарст, йæхæдæг бæгъæввадæй скуыси дæлбазыры. Белкæ дæр йæ размæ рауади, æмæ дыууæ æрдхорды фæндаджы былты хъазгæ афардæг сты. Фæссихормæ фæтезгъо кодтой. Аслан абоны хуызæн хъæлдзæг никуыуал уыдис а фæстаг рæстæг. Æнæнхъæлæджы Белкæ цыдæр цины хъынцъым бакодта, фæндагмæ йæ цæстæнгас сарæзта. Аслан фæндагыл дард иу барæг рацæугæ рахатыдта. Куы æрбахæстæг и, уæд дыу- уæйæ дæр йæ размæ разгъордтой. Уый уыди Герсан, Белкæ дæр æй дардмæ уымæн базыдта. Ныр æртæ æрдхорды иумæ сæмбæлдысты æмæ та кæрæдзийыл цин кæнынц. Аслан фыр цинæй дзурынæй нал æфсæды, Герсанæн йæ Белкæйы ха- бæрттæ кæны. Дохтыр ын йæ къах куыд адзæбæх кодта, æмæ та иумæ куыд хъазыдысты, уый дæр æм лæмбынæг хъусы. Фæлæ цæмæй зоны Аслан, цъус фæстæдæр ын йæ лымæны кæнгæ кæй кæндзæн. Герсан æй хорз æмбæрста, куыддæр ской кæна йе æнæ койæ дæр Асланы Белкæ йæ фæстæ куы фæраст уа, уæд сы- вæллон цы уавæры уыдзæни, уый. Уымæ гæсгæ дæрдтыл райдыдта дзурын: — Аслан, ацы куыдзæн йæ ном Белкæ нæ хуыйны, фæлæ Тарзан. Белкæ та нырма гыццыл къæбыла у, æмæ дæ кæд хъæуы ахæм гыццыл къæбыла, уæд дын æй райсом æрхæссон. 343
— Æлхæс-ма мын, æлхæс, æз билæ уалзын гыццыл къæ- была, — æмæ фыр цинæй хæрдмæ сгæпп-гæпп кодта. — Хорз уæдæ, баныхас кодтам, æцæг мын ды та Тарзаны ратдзынæ, кæннод мын мæ фос æмæ мæхи дæр бирæгъ ба- хæрдзæн. Фыццаг фенкъард ис Аслан Тарзаны коймæ, фæлæ та йын Герсан ногæй куы «балæгъстæ» кодта æмæ та йын гыц- цыл къæбылайæ ныфсытæ куы авæрдта, уæд сразы и. Герсан йæ бæхыл абадт æмæ уæртæ фæцæуы, Тарзан дæр йæ фæстæ араст ис. Иу гыццыл ауад, сонт лæуд фæкодта, фæстæмæ фæкасти Асланы æрдæм æмæ баниуæгау кодта, цыма йæм дзургæ кодта: «Ма тыхс, мæ чысыл æрдхорд, фембæлдзы- стæм та. Ныр та уал цæуын, мæ хицауы фос бахъахъхъæнон ацы æнаккаг къуыбырхъустæй». Герсан æмæ Тарзан фæзи- лæнæй ахызтысты, æмæ Аслан дæр æнкъардæй бараст и хæ- дзармæ. Цалдæр боны фæстæ фæссихор, бæхы къæхты хъæр ай- хъусгæйæ, Аслан кæртмæ уыцы згъорд ракодта, æмæ нæ фæрæ- дыд. Кæрты йæ бæхы фарсмæ лæууыди Герсан, фæлæ йæ къухы гыццыл къæбыла куы нæ ис, йæ фарсмæ дæр нæй. Аслан цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ йæ кæуын йæ хъуы- ры абадт, æмæ йæм уæд Герсан фæрæвдз и: «Мæнæ дæ гыц- цыл къæбылайы ахæсс». Къæбылайы коймæ йæ цæстытæ хурау ферттывтой, ци- нæй айдзаг сты, æмæ Герсанмæ базгъордта. Уый йæ фелвæ- ста, саргъыл æй авæрдта æмæ йæм дзуры, сис дæ къæбыла хордзенæй, зæгъгæ. Аслан хордзенмæ ныккасти, къæбыла базмæлыд, фæлæ йæм нывналынмæ йæ ныфс нæ бахаста. Герсан сæ дыууæйы дæр зæхмæ æриста. Къæбылайы хордзе- нæй рауагъта, æмæ ма сывæллоны цинæн кæрон кæм уыди. Уызыны хуызæн — тымбыл, уыгау ын стыр æмæ æрттиваг цæстытæ. Иæ хъæбысмæ йæ фелвæста æмæ хæдзармæ хъæл- дзæгæй, хъæргæнгæ, фезгъоры: «Мамæ, мамæ! Мæ дынджыр Белкæйы мæнæ цы гыццыл рæсугъд Белкæйыл баивтон. Уый мын Гелсан ладта». Афтæ фæхицæн ис Аслан Тарзанимæ æмæ йын ныр фæ- зынди ног æмбал, — гыццыл, тымбыл, рæсугъд Белкæ.
СЫВÆЛЛОН ДЗЫ КУЫ НÆ ЗÆГЪА ДЗАБЫРЫ БÆТТÆНТÆ Кыкы æмæ Бобо фаззæттæ уыдысты сæ мадæн. Сывæл- лæтты рæвдауæндонмæ цæуыны кары куы бацыдысты, уæд Кыкы дзабыры бæттæнтæ бæттынмæ арæхсын байдыдта æмæ-иу сæ аив баст акодта йæхæдæг. Чызг æнæуый дæр тагъддæр хъомыл кæны, йæ зонд дæр, дам, раздæр «срæ- гъæд» вæййы, стæй, гыццыл мур уæвгæйæ, æрсындзæй уæлдай нæ уыди, сæрæн æмæ æмбаргæ. Бобо та зивæггæнаг æмæ уæзбындæр уыди, уымæ гæсгæ дзабыры бæттæнтæ бæттын- мæ нæма арæхсти. Сæ мад-иу сæ райсомæй рæвдауæндонмæ куы кодта, уæд-иу йæхæдæг дæр хатгай, куыстмæ байрæ- джыйæ тæрсгæйæ, Бобойы дзабырты бæттæнтæ Кыкыйæн бæттын кодта. Алы райсом дæр ын амыдтой Бобойæн йæ мад дæр æмæ Кыкы дæр, мæнæ афтæ бæтгæ сты, зæгъгæ, фæлæ уый уæддæр нæ арæхсти. Афтæ Бобо сахуыр Кыкыйы лæггæдтыл æмæ ма-иу изæ- рæй, рæвдауæндонæй хæдзармæ цæугæйæ дæр уымæ æн- хъæлмæ каст. Иу ахæм изæр та сæм мад æрбацыди, ракæнон сæ хæдзармæ, зæгъгæ. Куы йæ ауыдтой, уæд йæ размæ раз- гъордтой. Кæрæдзийæн бар нæ дæтгæйæ йын цыдæртæ дзу- рынц, æппæлынц. Уæдмæ скъаппæй сæ уæлæдарæс райстой, Кыкы та уайтагъд акодта йæ дзаумæттæ, сæйрагдæр та — йæ дзабыры бæттæнтæ аив бастæй. Мад æмæ сабиты хъомылгæ- нæг иуварс лæууынц æмæ сæ куысты хабæрттыл дзурынц. Кыкы дæр сæ уæлхъус балæууыд æмæ ныхæстæм лæмбынæг хъусы. 345
Бобо та æгæр æрæгмæ куы кодта, уæд мад Кыкымæ дзу- ры: «Цу-ма Бобомæ фæкæс, уый та кæдмæ хым-хым кæндзæ- ни, фæтагъддæр æй кæн». Кыкы йе ’фсымæры бандоныл æр- бадын кодта фæстæмæ, йæ дзабыртæ йын райста, йæ къæхтыл ын сæ кæны. Уæдмæ иннæ сывæллæттæ дæр цæуын байдыд- той сæ рæзты. Бобо-иу куы иумæ аивæзта йæхи, куы иннæ- мæ, семæ хъазыд, йæ къæхтæ дæр иу ран кæм уагъта. Кыкы та йын йæ къах æрбатъæпп кæны, иу ран æрбад, зæгъгæ, йыл схъæртæ кæны. Йæ иу дзабыр ын скодта, йæ бæттæнтæ йын бабаста тыхамæлттæй. Иннæ дзабыры бæттæнтæ бæттын куыд райдыдта Кыкы, афтæ та Бобо сывæллæттæй кæмæдæр йæхи раивæзта. Кыкы та йыл схъæртæ кодта, дæ къах ма иу ран æруадз, зæгъгæ, уæддæр Бобо нæ сæтты. Афтæ æртæ хатты Кыкы схыл Бобоимæ, æнцад æрбад, дæ къах ма дыу- уæрдæм кæн, фæлæ уый къæрттæй цъула не ’ппары, хъазы, йæ фæрсты чи цæуы, уыцы сывæллæттимæ. Кыкы æмæ Бобо 346
Кыкы куы стыхсти, уæд ын йæ къах æртъæпп кодта, мæ- стыйæ фестади, йæ гыццыл мæллæг къух дард фæхаста æмæ Бобойы æхсæрфарсæн — дзæхст. Бобойæн йæ цæстытæ цæ- хæртæ акалдтой, æнцад абадт, хъыпп-сыпп нал скодта, къæхтæ иумæ авæрдта æмæ ма уæзбын хъæлæсæй сдзырдта: «Кыкы, æз нал фыдуаг кæндзынæн». Кыкы йын дыккаг дзабыры бæттæнтæ дæр аив абаста, йæ къухыл ын рахæцыд æмæ йæ тъæппытæгæнгæ сæ мады цурмæ бадавта. Сæ хъо- мылгæнæг Светæ уыцы нывтæм райдианæй кæронмæ лæм- бынæг фæкаст æмæ фæхъуыста, кæд сæм дзургæ ницы скодта, уæддæр — йæ кæрон цæуыл фæуыдзæни-йы цымы- дисæй. Сæ уæлхъус куы æрбалæууыдысты дыууæйæ дæр, уæд йæхи нал баурæдта æмæ, Кыкыйы йæ хъæбысы æрба- кæнгæйæ, зæрдиаг худт фæкодта. «Ай мæ зондджын чызг у, мæ зондджын чызг, мæ фыццаг æххуысгæнæг», æмæ та йæ ногæй æрбахъæбыс кæны. Рæстæг тагъд згъоры. Дыууæйæ дæр бахъомыл сты, уæл- дæр ахуыргонддзинад райстой. Уæд иу райдзаст хур бон, атезгъо кæнæм, зæгъгæ, Кыкы æмæ Бобо сæ мады дæр семæ ракодтой. Æнæнхъæлæджы сæ кæддæры хъомылгæнæг Све- тæйыл хæрхæмбæлд фесты. Йæ худын йæ разæй фæци. Йæ зæрдыл та æрлæууыд рæвдауæндоны рагон ныв. Мæ зонд- джын Кыкы, зæгъгæ, фæкодта æмæ та йæ адджын хъæбулау æрбахъæбыс кодта. ТЫ САМА ПОДВИНЬСЯ Кыкы гыццылæй дæр тæлфаг æмæ сæрæн сывæллон уыди. Йæ хъару цас нæ уыди, ахæм куыстытæ дæр-иу код- та. Йæ мад хæдзары цыфæнды ма куса, уый дæр-иу уым йæхи архайæг скодтаид. Иу улæфты бон мад цæхæраджын- тæ кæныныл балæууыд. Хыссæ кæнын райдыдта, æмæ та Кыкы дæр æмбаргæ æфсинау йæ дыстæ бафистæг кодта. Стъолы кæрон йæ мады фарсмæ æрбалæууыд, йæ хыссæйæ йын иу мур ратыдта, ссад æркалдта æмæ змæнты. Мад æм дзуры, иуварс алæуу, хъыгдарыс мæ, зæгъгæ. Иу-дыууæ, æртæ хатты йæм сдзырдта, фæлæ йæ Кыкы цыма нæ хъусы, 347
йе ссад змæнтыны куыст кæны. Цы хыссæйы мур ратыдта, уый æртъæпæнтæ кодта, цыхты змæстмæ бавнæлдта, йæ гыц- цыл æнгуылдзтæй дзы фелвæста, йæ хыссæйы сæр æй æрæ- вæрдта, йæ мадмæ сусæгæй бакæсæгау кæны. Мад куыд ар- хайы, уый дæр æй афтæ фæзмы. Мад дзы куы стыхст, уæд мæсты хъæр скодта: «Кыкы, ты мне мешаешь, подвинься!» Уый дæр æм хæрдмæ скасти æмæ йын сонт дзуапп авæрдта: «Мама, а, может, ты мне мешаешь! Ты сама подвинься!» Хæрдмæ та йæм сусæгæй скæсæгау кодта æмæ, йæ мады мид- былхудгæ куы ауыдта, уæд фæныфсджындæр ис æмæ йæ куыст дарддæр кодта. ÆЗ СТЫРДÆР КРУГ КÆНЫН Иу бон та Кыкы æмæ Бобойы сæ мад рæвдауæндонæй ракодта. Бобо тæлфаг сывæллон уыд, æмæ йын æппынæдзух йæ къухыл хæцыд йæ мад. Сæ фондзуæладзыгон хæдзармæ куы æрбахæццæ сты, уæддæр ма йын йæ къухыл хæцыд. Бо- бойы къухыл та Кыкы хæцыд кæронæй, афтæмæй араст сты фæндзæм уæладзыгмæ асинтыл. Бобо рæбынты цыд, Кыкы та æддаг кæрæтты. Æмбисмæ куы схæццæ сты, уæд сæ Кыкы баурæдта æмæ бустæгæнæгау йæ мадмæ дзуры: — Кæсыс, мама, ды Бобойы фылдæр уарзыс. Мад фæдис кодта, сывæллонмæ разылд æмæ йæм рæвдау- гæ хъæлæсы уагæй дзуры: — Нæ, Кыкы, æз уæ дыууæйы дæр æмхуызон бирæ уар- зын. Фæлæ уæддæр Кыкы нæ сæтты æмæ йæ къух ратыдта Бобойы къухæй, иннæ фарсмæ акъахдзæф кодта æмæ ноджы хъæддыхдæрæй загъта: — Кæсыс, мама, æз кæрæтты цæуын æмæ дынджыр круг кæнын, Бобо та круг æппындæр нæ кæны. Мад ныххудт, йæ чызджы æрбахъæбыс кодта æмæ йын зæрдиаг ба ныккодта: — Хорз, хорз, мæ гыццыл зæрдæ, райсом та Бобо цæудзæ- ни кæрæтты æмæ ноджы стырдæр круг кæндзæни. 348
МÆНÆН УИДЫГ НÆ РАДТАЙ Сæрды-иу Бобо æмæ Кыкыйы сæ мад хъæумæ аласта сæ Нанамæ. Нана кæд иунæгæй царди, уæддæр йæ хæдзар ницы хъуаг уагъта, нырма йæ цæхæрадоны куыстытæ æмæ хæдза- ры змæлд йæхæдæг кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, сывæл- лæтты æрцыд-иу ыл базыртæ басагъта, йæ цинæн-иу кæрон нал уыди. Уæлдайджынтæй сæ рæвдыдта. Сывæллон та æгæр бирæ уарзондзинад куы банкъара, уæд фыдуаг митæ дæр йæ зæрдæ æрцагуры. Иу бон куы уыди, уæд та сын хæринаг æрæвæрдта — хъæрмхуыпп, къусты фарсмæ сæ уидгуытæ. Бобойæн та йæ сæры кæцæйдæр фæмидæг и йæ Нанайы асайын, амæстæй йæ марын. Йæ уидыг фелвæста, йæ чъыл- дыммæ йæ амбæхста æмæ хъæр кæны: «Нана! О, Нана! Мæ- нæн уидыг нæ радтай!» Йæхæдæг худы. Зæронд ус уæззау- гай сыстад диванæй, о, мæ зæронд сæр, ницыуал фæхъуыды кæнын, куыд мæ æрбайрох вæййы алцыдæр, зæгъгæ, фæкод- та. Æрбахаста та дыккаг уидыг æмæ йæ дæтты Бобомæ: «Айс, мæ къона, хæргæ кæн». Бобо йæхи уидыг фелвæста йæ чъыл- дымæй, хæрдмæ йæ батилæгау кодта æмæ уыцы хъæлдзæ- гæй, уæлахиздзауы хуызæн дзуры йæ Нанамæ: «Нана! Мæн- мæ ис мæхи уидыг», — æмæ худæгæй бакъæцæл и. Йæ нана дæр та фæлмæн бахудти, йæ дæрзæг, фæлæ фæлмæн арм ын йæ сæрыл æруагъта: «Нана дæ рынтæ бахæрæд!», — æмæ та уæззаугай йæ диванмæ бараст и. Кыкы та Бобоимæ схыл и, Нанайы сайын нæ хъæуы, афтæ ма кæн, зæгъгæ. НЕГЫР ЛÆППУ Бобойы Нана кæм цæры, уыцы хъæуы сæрды бирæ сы- вæллæттæ æрæмбырд вæййы, уæлдайдæр та сæхи фæтæн уынджы. Ацы сæрд дæр та Бобойæн йæхи æмцахъхъæнтæ Нанайы сыхы бабирæ сты, чи горæтæй, чи æндæр хъæуæй, уæдæ бынæттон сывæллæттæ дæр дзæвгар. Бынæттонтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæндæгтæ, фæзилæнтæ, хинайæн, ирхæфсæн бынæттæ хуыздæр фæзонынц. 349
Иу бон та сæ иу æрбауад Бобомæ, йæ хъусы йын цыдæртæ асу-бусу кодта, æмæ сæнæфсиры бын бандоныл æнхъæлмæ кæ- сæджы бадт кæнынц. Хур дзæбæх æрбандæвта. Йæ Нана кæрк- доны ’рдæм куы ахызти, уæд дыууæ æрдхорды та дуары æдде фесты. Се ’мгæрттыл зилгæ рацыдысты, æмæ иу-фондз баисты. Бобомæ чи бауад, уый æппæлæгау дзуры, æз ахæм хинайæн хорз бынат зонын, æмæ диссаг, зæгъгæ, æмæ та йæ цæстытæ цины æрттывд фæкæнынц. Йæхицæй тынг буц æмæ разы кæй у, уый йæ цæстæнгасыл бæрæг у. Уалынмæ æрбахæццæ сты иу къанаумæ, уыцы «диссаджы» найæн бынатмæ. Разынди цъыма- ра къанау, сывæллæттæн сæ астæуæй гыццыл уæлдæр хæццæ кодта дон. Бынæй, стæй къанауæн йæ былтæ — лами; сывæл- лæттæм, кæй зæгъын æй хъæуы, лами нымады дæр нæ уыди. Ныггæппытæ кодтой иууылдæр, тъыбар-тъыбур кæнынц, кæ- рæдзимæ куы фæкомкоммæ вæййынц, уæд худæгæй бакъæцæл вæййынц. Иууылдæр хъыбылты хуызæн лами доны — змæст. Уæдмæ Бобойы Нана йæ куыстытæ фæци, кæртмæ æрба- хызт æмæ йæ бамбæрста, йæ хъæбул та кæдæмдæр кæй алыгъд. Уайтагъддæр фæфæдис и, зæрдаивæй зыдта, кæм уыдзысты уый, фæлæ йæ зæрдæйы арфы цыдæр тасдзинад æвзæрд, кæд, мыййаг, стыр донмæ адзæгъæл сты, зæгъгæ. Уæддæр уал фыццаг, йæ зæрдæ цы къанаумæ æхсайдта, уым балæууыд. Кæсы дардæй, сывæллæттæ къанауы сæхи найынц. Бобо йæ Нанайы фыццаг ауыдта, къанауæй сгæпп кодта æмæ иувæр- сты хæдзармæ лидзыныл фæци, йæ нана дæр йæ фæстæ. Бобо, хылæй тæрсгæйæ, кæрты йæ размæ рауад, йæхи растгæнæгау, худгæйæ дзуры: «Кæсыс, Нана, ницы мын уыди, ницы ныц- цавтон, мæ къах дæр нæ алыг кодтон». Нана, йæ худын тых- хæй уромгæйæ, кæсы йæ хъæбулмæ, фæлæ йæ цыма нæ зоны, йæ разы чи лæууы. Бобо цъымара донæй куыд схызт, афтæ- мæй сау змæст, негры лæппынау, æрмæст ма йæ цæстытæ æрт- тивынц, цæсты хаутæ фæтъæбæртт-фæтъæбæртт кæнынц. Исты-^иу куы сдзырдта, уæд ма-иу йæ дæндæгтæ дæр ферттыв- той. Йæ фæлмæнтæдзураг Нана, æнæуый дæр, нæмгæ нæ, хыл кæнын дæр нæ зыдта æмæ нæ уарзта, бирæ йыл фæхудти, уый фæстæ йæ айдæны раз æрлæууын кодта. Дыууæйæ дæр та тьГнг фæхудтысты, стæй йын йæ къухыл рахæцыд, цом ма «сау негыры хъыбыл», зæгъгæ, æмæ йæ хъарм донæй «æррæ- сугъд» кодта. Кæд та йын иу бонваг суаид. 350
ГОГЫЗЫ ЦЪИУТÆ Бобойы Нана маргъ бирæ дардта, гогызæй, каркæй. Кæрт цъиутæй бæз-бæз кодта. Гогызы цъиу цæмæндæр зындæр хæс- сæн вæййы, лæмæгьдæр у. Гыццылæй алцыдæр дзæбæх вæййы, гогызы цъиутæ та уæлдайдæр, сывæллæттæ дæр сæм æмхицдæр сты. Гыццыл Бобо та сæ уæлдай фылдæр уарзта, æппынæдзух семæ хъазыд. Æрцахста-иу сæ, цинтæ сыл кодта, йæ къухты æхсæн-иу сæ æрбалвæста, фæлæ гогызы цъиу мæнгуд у, уый та не ’мбæрста Бобо. Фыр цинæй-иу ын æгæр æлвæст фесты, æмæ та-иу мæгуыр цъиу æрбамард. Афтæмæй Нанайы гогызы цъиу- тæй Бобо дæсы бæрц æрбамардта. Иу улæфт бон Бобомæ йæ мад бæрæггæнæг æруади, æмæ гье уыцы рæстæг Бобо иу гогы- зы цъиу йæ къухты æхсæн æрбалвæста, æмæ та æрбамард. Мад ын йæ бадæнтæ рацæфтæ кодта æмæ йæм хыл кæны. Нана уый куы ауыдта, уæд уый та йæ чызгмæ хыл кæнын райдыдта, сы- вæллоны цæмæн æфхæрыс, зæгъгæ. Гогызы айк уыдис, асасти, сывæллоны уый тыххæй цæмæн нæмыс. Йæ къухыл ын рахæ- цыд, рæвдаугæ йæ иннæ уатмæ рахуыдта. Бобо ма йæ мадмæ фæстæмæ иу каст фæкодта, мидбылты бахудт æмæ нанайы дæл- лагхъуыр абырыд. Æвæццæгæн, йæхинымæр загъта, мæ На- найы раз мæн æфхæрæн нæй, зæгъгæ. МÆНÆН ГУК НÆЙ Гыццыл Дзыбымæ йæ мад цæуылдæр загъд кæны. Уый йæ къаба кæнын фæуагъта, пъолмæ йæ аппæрста, иуварс ацыд æмæ тæргайы лæуд скодта. Йæ мад уый куы федта, уæд æм дзуры: «Дзыбы, дæ цаца сис æмæ йæ диваныл æрæ- вæр». Дзыбы та йæ къаба йæ къахæй бакъуыры æмæ иуварс тæргай лæуд акæны. Дыккаг хатт та йæм дзуры йæ мад, Дзы- бы, æз кæмæ дзурын, сис дæ цаца æмæ йæ диваныл æрæвæр, зæгъгæ. Чысыл Дзыбы йæ гыццыл гуккытæ йæ чъылдымыл авæрдта, йæ къаба та къахæй иуварс бакъуырдта æмæ уыцы тæргайхуызæй фæкодта: «Мæнæн гук нæй, дæхæдæг æй сис æмæ йæ диваныл сæвæр». Мад йæ худын нал баурæдта, йæ хъæбысы йæ æрбакодта, æмæ иумæ систой «цаца». 351
ДÆУÆН БЫЗЗА НÆ ГÆУЫ Гыццыл Дзыбы йæ хистæр хо, скъоладзау Кыкыимæ хъа- зы. Иу рæстæджы хæрæндонмæ бауади æмæ фæткъуы хæр- гæ фездæхт. Кыкы йæ размæ бахызт æмæ йæм дзуры: «Дзы- бы, мæнæн дæр авæр дæ фæткъуыйæ иу хæмц». Уый йæм хæрдмæ скаст æмæ уыцы æнæмæтхуызæй сдзырдта, ай бызза у, дæуæн нæ гæуы бызза, зæгъгæ, æмæ фæткъуы йæ уæр- джыты æхсæн акодта. «Æмæ мæнæн дæр бызза ратт», — нал та йæ уадзы йæ хо. «Омæ дæуæн бызза нæ гæуы, бызза мæ- нæн», — загъта та Дзыбы, райста фæткъуы æмæ та хæрын райдыдта йæхæдæг. Дзыбы йæ мады худæй йæхи буц кæны 352
МАМÆ, ДЫ ДÆР ГЫЦЦЫЛ ЛЯЛЯ УЫДТÆ? Æртæаздзыд Дзыбы йæ мады хъæбысы бады, æмæ иумæ, афæдздзыдæй цы къамы ист у, уымæ кæсынц. Стæй Дзыбы йæ цæстытæ мадмæ сзылдта æмæ афтæ зæгъы: «Мæн ма ныр дæр фæнды, гыццыл Ляля ма куы уаин, уый». Дарддæр альбом фæлдахы, къамтæм кæсы, иу уысм æнæдзургæйæ алæууыд æмæ йæ мады сонт фарст акодта: — Мамæ, ды дæр гыццыл Ляля уыдтæ искуы? — Æнæмæнг, мæ къона. Æз дæр кæддæр дæ хуызæн гыц- цыл ляля уыдтæн, — дзуапп радта мад. — Æмæ уæд дæ мама кæм ис дæуæн? — Мæ мама нал ис, — загъта мад. — Уæдæ уæд ды гыццыл Ляля нæ уыдтæ, дæу, æвæццæ- гæн, базары балхæдтой. УÆЙЙАГ ЧЫЗГ Гыццыл Дзыбы цыдæр фыдуаг митæ кæны, йæ мады уай- дзæфтæм дæр нæ хъусы. Уæд æм йæ мад дзуры: «Ды фыд- уаг митæ куы кæнай, мамамæ куы нæ хъусай, уæд дæ уартæ нæ сыхагæн иу туманыл ауæй кæндзынæн». Уый иу цыбыр рæстæг хъусæй аззади, стæй сонт зылд фæкодта йæ мады æрдæм æмæ тæргай’хуызæй афтæ: «Æмæ ма дын уæд гыц- цыл чызг кæм уыдзæн дæуæн?» КЪАБУСКАЙÆ ГУЫРД Гыццыл Дзыбы йæ мады хъæбысы бады æмæ йын йе ’мгар сыхаг чызджы хабæрттæ дзуры, базары йæ куыд балхæдтой, уыдæттæ. Иу уысм фæхъус уæвгæйæ, йæ мады хынцфарст кæны: — Зæгъ-ма мын, мама, æнæсайгæйæ, мæн та кæм балхæдтай? — Дæу æлхæнгæ нæ бакодтон, дæу цæхæрадоны къабу- скайы хуылфы ссардтон. *23 353
Уæд Дзыбы ницыуал сдзырдта, цыдæр хъуыдыты аны- гъуылд. Иу цалдæр боны фæстæ та чысыл Дзыбы йæ хуыссæны рабадæгау кодта æмæ йæ мадмæ дзуры: — Зæгъ ма мын, мама, æнæсайгæйæ, æнæсайгæйæ. Ды мæн æцæг къабускайы ссардтай? Мад ныххудт æмæ йын загъта: — О, мæ гыццыл зæрдæ, дæу æцæгдæр къабускайы ссард- тон, æмæ уымæн рæсугъд æмæ адджын дæ. Гыццыл Дзыбы арф ныуулæфыд, йæ мидбылты бахудæ- гау кодта æмæ та фæстæмæ йæ хъæццулы бын абырыди. -&&&§
ФАЛЛАГКОЙМАГ ХЪÆЛДЗÆГ НЫХÆСТÆ ИВЫЛД ДОН Фаллагком цыбыр æмæ нарæг у, хаугæ та Нары зылдмæ кæны. Ком рæбынæй дыууæ дихы фæци: Хъадагом æмæ Гнугъы ком. Дыууæ комы кæм баиу вæййынц, уыцы хъæууат та хуыйны Сауыбын, — Мамиаты-Мамиты мыггаджы уидаг кæцæй равзæрд, уый. Ацы дыууæ комæй цы дæттæ цæуы, уыдон Сауыбыны хъæууаты размæ баиу вæййынц æмæ дзы райгуыры гыццыл хохаг цæугæдон — Фаллагкомы дон. Доны сæрты дыууæрдæм рагæпп-багæпп кæн, æмæ дæ къах дæр не схуылыдз уыдзæн, ахæм гыццыл у. О, о, гыццыл, фæлæ ивылдæй куы сабуха, уæд дæ фыдгул уый амæттаг фæуæд, бæстæ йæ хъæлæсы ахæссы. Комы дымæджы баиу вæййы Захъадонимæ. Уый дзы ссæдз хатты егъаудæр у. Ивылдæй та Фаллагкомы дон знæтдæр у, куы рассивы иууылдæр йæ разæй дурæй, хъæдæй, уæд Захъадоны дæр цæхгæр баца- уазы. Иу ахæмы та къæвда рæстæджытæ ахаста цалдæр боны. Арв æмæ зæхх кæрæдзийы хостой. Адæм æддæмæ кæсын нал уæндынц. Æхсæв сау мæйдар баци. Цæсты къухæн- гуылдз куы фæтъыссай, уæддæр ницы фендзынæ. Фаллаг- комы дон абухы, гуылфæнтæ кæны, дуртæ кæрæдзиуыл мæсты хост кæны. Махæн — Дзæуыгтæн (хæдзары номæй нæ афтæ хонынц) доны былгæрон уыдис стур фосæн сæр- дыгон бынат. Иу фараст стуры-иу дзы уæгъд тард бакодта нæ фыд, уыдонимæ авдаздзыд гал, мæ хистæр æфсымæр Чермены номыл нывондгонд, æфсадæй куыссæуа, уæдмæ. 355
Фаллагком. 2007 аз Гал иннæ стурты куы хъыгдара, зæгъгæ, йæ бастæй дард- там. Ивылд дон æгæр сабухта, стурты бынатмæ бакалди, уæгъд стуртæ æмбонды сæрты агæппытæ кодтой, фæлæ галæн йæ бон нæ баци йæ рæхыс атонын æмæ доны амæт- таг баци. Авдаздзыд гал доны къусы сæфт фæкодта, йæ мард дæр нал фæзынд. Уыцы донивылдæй иу къуыри фæ- стæдæр комбæсты лæппутæ цалдæрæй Нармæ ацыдысты цыдæр хъуыддæгты фæдыл. Изæрæй фæстæмæ цæугæйæ, Фаллагкомы доны сæрты хизгæйæ, Джиоты Ильяйæн йæ иу къалос доны ныххауд. Лæппутæ ма йæ фæсте агургæ азгъордтой, фæлæ ницыуал ссардтой, иуæй, талынгмилтæ кодта, иннæмæй — кæм фæдæлдон, Хуыцау йæ зонæг. Дыккаг райсом Ильяйы мад, Козиан, Регахæй Газатмæ куы- роймæ ссинаг æрхаста. Сыхы лæгтæ æмбырдæй бадынц, хъæлдзæг, хъазæн ныхас кæнынц. Уæддæр, Ильяйы къа- лос дон дард нæ аластаид, дзуры Джиоты Никъала, рух- сæй йæ ацагурын хъæуы, уæд æй, чи зоны, ссарæм. Кози- ан сæм фæхъуыста, фæхъуыста, стæй сын зæгъы: «Никъала, æз дын зондджындæр æнхъæл уыдтæн, фæлæ 356
бынтондæр æдылы ныхæстæ кæныс. Æмбисонд Дзæуыгты авдаздзыд гал куы уыди, æмæ уый куы фæласта дон, уæд ын Ильяйы къалос цы аласын хъуыди». УАЗАЛ КЪУЫМÆЛ Уæд та иу сæрдыгон бон, райсомæй раджы, хуры тын- тæ комы доны былтæм нæма æрхæццæ сты, афтæ Козиан Нармæ цыдæр хъуыддæгты фæдыл фæраст и. Цалынмæ йæ хъуыддæгтæ арæзта, уæдмæ хур арвы астæумæ стыл- ди, йæ тæвд тынтæ зæххыл æнæвгъау тауы, фæндаг — доны былты, доны сатæг зæрдæ рæвдауы, уæддæр фыр тæв- дæй сулæфæнтæ нæй. Уыцы судзгæ тæвды Козиан дæр æрбахæццæ фæстæмæ Газатмæ. Фыр дойныйæ йæ ком ных- хус, фæлæ, искæмæ уазал къуымæл аназдзынæныл зæрдæ даргæйæ, доны былты цæугæйæ, дон нæ банызта. Дзæуыгты ихджын суадонмæ дæр нал фæзылд уыцы дæс метры. Фыц- цаг хæдзары дуармæ æрлæууыд уазал къуымæл аназыны ныфсæй, фæлæ сæм куы нæ разынд, уæд æнæдзургæйæ раз- дæхт. Дыккаг хæдзармæ дæр нæ разынд. Йæ фæстаг ныфс ма уыдысты Джиоты Тотырбегтæ. Æрлæууыд сæ дуармæ, фæлæ та фыдæнхъæл фæцис ам дæр. Нæй нæм къуымæл, зæгъгæ, куы фехъуыста, уæд йæ ком бынтондæр ныххус. Фыр тыхст æмæ мæтæй ма То- тырбегмæ баздæхт æмæ йын уайдзæфгæнæгау зæгъы: «Де ’гæр фæкалай, Тотырбег! Дæ бирæ фæллойæ иу бедрайы дзаг къуымæл сфыцын уæ бон нæу. Æххæст ма уæдæ дæ гутон Хацъейы хуымы (уый комы дымæджы райдиан) ныссадз æмæ йæ Уæлсубийы бынмæ раппар (уый та ком- рæбын), æмæ дæм кæд уæд фæзынид къуымæлы фаг хъæ- бæрхор». 357
ЗЫГЪАР, СТЫДНО, СТЫДНО Адто æрыгонæй афтыд Уæрæсемæ. Фæрахау-бахау кодта Уæрæсейы къуымты æххуырстæй, цыдæр капеччытæ дæр бамбырд кодта. Уырыссаг æвзагæй дæр цыдæртæ базыдта, цъæррæмыхстытæгæнгæ-иу цыдæртæ ралæхурдта. Фæстагмæ тыхсын, фæлмæцын байдыдта кæйдæр бæстæйы. Уызыны загъдау, уазæгуаты хорз у, фæлæ хи лыстæн хуыздæр у. Фы- дæлты уæзæг тынгдæр мысы, йæхимæ йæ фылдæр тыхæй æл- васы, бинонтæм дæр зæрдæ æхсайы. Цалдæр азы фæстæ йæ фæнд сæххæст, æмæ ’гас хæдзар ссардта. Кæрæдзиуыл фæ- цин кодтой бинонтæ, æмæ та ногæй хæдзары иугъæдон куы- стыты аныгъуылд. Хæхбæсты зæххы куыст æмæ фосы куыст у сæ дарæг. Адто хос фаг ныккарста æмæ фæззæджы хосы мæкъуылтæ æфтауцуатмæ æмбырд кæнынмæ араст и йе ’мцæ- дисон æмбал Бедуимæ. Хæхбæсты иугæйттæй кусæн нæй, стæй адæмæн сæ фылдæрмæ иугай галтæ уыди, æмæ-иу цæдис скодтой, цæмæй дыгай галтæй кусой. Фæззыгон зæххы уæл- цъар фæсалд и. Иу тæссарыл фæндаг лæбырдгонд кæй уыди, уымæ гæсгæ тæссаг уыдис галтæн ахауынæй. Лæбырдыл хъуыди æнæ галтæй лæгдыхæй архайын, фæлæ Адто йе ’мбал Бедуйы коммæ нæ бакаст æмæ галты æрцъыччытæ кодта. Дæллаг гал ихыл фæбырыд, йæ зонгуытыл æрхауд. Уый йæ ноджы æрцъыччытæ кодта æмæ йыл схъæртæ кодта: «Гъей, Зыгъар! Стыдно, стыдно! Уæлæмæ сыст рæвдз!» Гал фестади, фæлæ та ногæй фæбырыди, иннæ галы дæр æфсондзæй рари- уыгъта æмæ дыууæ галы дæр æд мæкъуыл былæй асхъиудтой, комы бамидæг сты. Йе ’мбал ма йæм мæстæлгъæдæй сдзырд- та: «Ацу ныр æмæ стыдно нæ, фæлæ стигъгæ кæн, стигъгæ». ХОСЫ МÆКЪУЫЛТÆ ЛАСГÆЙÆ Хæхбæсты фæззыгон куыстытæ хæлофæй фæкусынц. Ома, зыд æмæ хæлоф фæкæнынц уый тыххæй нæ, фæлæ сæ хосы мæкъуылтæ æртыгай æмæ фылдæр æфтауцы фæкæ- нынц. Фæстаг æфтауцы бынатæй та сæ зымæгон фæласынц. 358
Зымæгон бон, иуæй, цыбыр вæййы, иннæмæй та бон цалдæр фæлтæрæны скæны. Куы хуры цæст фæзыны, æмæ кусæг лæджы зæрдæ бахъæлдзæг вæййы, куы миттымыгъ къуыззитт райдайы, æмæ уæд адæм дæр стыхсынц. Уæд дæ фæнда, нæ фæнда — хæлоф æвнæлд домы рæстæг, дæ мæкъуылты фыл- дæр хай уæддæр æрбаппарай кæройнаг æфтауцмæ. Регахы цæрæг Джиоты Ахметка, хъазуатон, фидар кусæг лæг, иу бон сфæнд кодта йæ хосы мæкъуылтæ æрбаласын кæ- ройнаг æфтауцуатмæ. Се ’рвадæлты лæппу Муратмæ (Уыд- тыр — йæ мады æвæрд ном) фæдзырдта, фæкæс мæм, зæгъгæ. Мурат, домбайтæарæзт лæппу, зивæг никуы кодта. Райсомæй раджы райдыдтой ласын, мæкъуылтæн се ’мбис æрбаппæрстой фæссихормæ, фæлæ боныхъæд цæхгæр ивын байдыдта. Ах- метка йæхимидæг тыхсы, куы нæ нын фæуой ласт, зæгъгæ. Йæ цыд фæтагъддæр кодта, галты дæр бакъæрццытæ кодта æмæ, йæ хæринæгты хордзен фыццаг мæкъуылы сæр кæй æрæвæдта, уый дæр дзы æрбайрох. Уый нæ, фæлæ сихорыл къæбæр ахæрын хъæуы, уый та дзы бынтондæр байрох. Кар- дзыд лæг фæразондæр вæййы, фæлæ æрыгон лæппуйы уд та стонгæн къаддæр фæразы. Мурат бастад, йæ ахсæны хъуыр- хъуыр цæуы, фæлæ Ахметкамæ æргом нæ уæнды, æфсæрмы кæны, æххормаг мын у, зæгъын, æмæ та араст сты радон мæкъуыл ласынмæ. Миты мур фелвасы цæугæ цæуын, йæ дзыхы йæ акæны, фæлæ та йæ цæстытæ хæринæгты хордзе- ныл андæдзынц, йæ комы дæттæ ауайынц, ахсæн æй ноджы тынгдæр сæлвасы. Мæкъуыл та суæгъд кодтой, фæлæ Ахмет- ка хæринæгты хордзенмæ куы нæ бавнæлдта, уæд Мурат цæх- гæр фæзылди æмæ хъæуы ’рдæм атагъд кодта. Ахметка, галты сæрбосыл хæцгæйæ, Муратимæ ныхæстæ кæны, фæлæ йын дзуапп дæттæг куы нæ уыд, уæд фæстæмæ фæкасти æмæ хъуыддаг фембæрста. Фæсте ма йæм хъæр кæны: «О, Уыдтыр! Раздæх дзидза дæр мæм и, фæхсын дæр мæм ис, раздæх». Мурат ма йæм фæстæмæ иу каст фæкодта æмæ йæм дзуры: «Гъер уым "Быдтыр, Быдтыр" кæн. Дæ фæхсын дæр дæ- хицæн уадз!», — æмæ афардæг и. Ахметка дæр йæ галтæ разылдта. Йæхæдæг йæхиимæ загъд кæны: «Мæ хæсгæ мæрдтæ, лæппуйы бафхæрдтон, мæрдырох мыл бафтыди», æмæ уый дæр Мураты фæдыл араст и хъæумæ. 359
ХЪÆЛДЗÆГ ХАБÆРТТÆ Хæдзары хицау чи у? Адто мидæгмоймæ бацыд иу усмæ. Йæ цардæй разы бæр- гæ уыд, цалынмæ сæм йæ усы мад нæ фæзынд, уæдмæ. Ус хъахбай, налат разынд. Йæ ныхас æпппынæдзух уыдис уыцы иугъæдон: «Хæдзары хъуамæ уа иу хицау, иу уынаффæгæ- нæг, æмæ уый дæн æз». Уæлдай сыбыртт кæнын никæй уагъ- та, уæлдайдæр сиахсы. Лæг тыхсын райдыдта, йæ хъæстытæ йе ’мбæлттæн фæкодта. Уæд иу бон доны был бадынц, дзæ- бæх анызтытæ кодтой æмæ лæппутæй иу афтæ зæгъы: Адто, лæг дæ, æви уыг дæ? — Лæг дæн, уæдæ цы дæн. Уæдæ ма дæ иухатт лæджы тæф ракæлæд. Стъол тымбыл къухæй ныххой! Ам хицау чи у? Уыцы хъæлдзæг æмæ ныфсджынæй хæдзармæ бацыд, хæ- рæндоны æрбадт æмæ йæ усмæ дзуры: «Ам хицау чи у? — стъол тымбыл къухæй æрхоста æмæ хъæрæй, — кæй зæгъын æй хъæуы — æз!» Йæ ныхас кæронмæ нæмæ фæци, афтæ усы мад дуарæй æрбахызт. Цы зæгътай, цы? — зæгъгæ уыцы иу тъæлланг фæкодта. Сиахс хорзау нал фæци æмæ ма ныллæг ризгæ хъæлæсæй сдзырдта: «Цæй, хъазæн ныхас зæгъæн дæр нæй». Йæхинымæр ма загъта... мæ лæджы тæф цæй тагъд ссыди, æвæдза! Сæрибар Иу лæг бинонты хъуыддаг бакодта æмæ йын куысты ног фатер радтой фарæстæм уæладзыджы. Иу цалдæр мæйы фæ- стæ сæм йæ усы мад фæзынди. Æрбынæттон. Бинонтæм йе ’взаг хæццæ кæнын байдыдта, уынаффæтæ йæхимæ исы, си- ахсæн дæр зонд амоны. Лæгæн йæ бон куы нæуал уыдис, уæд æй иу райсом йæ æфцæгготæй балкъонмæ радавта, йæ сыхаг лæгтæ дæр йæ фæйнæфарс сæ балкъонты тамако ды- мынц. Усы æфцæгготыл хæцы, афтæмæй сыхæгты фæрсы: «Вано, ды дæ усы мадæн цы бакуыстай? Бæласыл æй æрца- уыгътон». Гиго, ды та цы бакуыстай дæ усы мадæн? Ивылд 360
доны йæ баппæрстон? Кæсыс! Адон æппындæр тæригъæд нæ зонынц. Æз та дæ сæрибарæй уадзын æмæ йæ фарæстæм уæ- ладзыджы балконæй расхуыста. Хæрæгсаст Ирон адæм ма фылдæр цуанæй куы цардысты, уыцы рæс- тæг иу цуанон лæг, мæгуыргомау цæрæг, бирæ фæцуан код- та, фæлæ ницæуыл сæмбæлд сырды ’гъдауæй. Изæрмæ хæс- тæг иу обауыл йæхи æруагъта, чысыл мæ фæллад æрцæуа, зæгъгæ. Хъæуырдыгæй айхъуыст хъæлæба. Кæсы, æмæ би- рæгъ сывæллоны фескъæфы хъæдмæ. Фæлтæрд цуанон æр- хъавыд æмæ бирæгъ — дæ фыдгул дæр афтæ. Сывæллоны фыд тарстхуызæй йæ разы алæууыд. Хорз лæг, мæ иунæг сабийы мын аирвæзын кодтай, хор- зæй дын цы фæон? Ницы дын бавгъау кæндзынæн, ис мæм, цæрæг лæг дæн. Цуанон ницы сфæрæзта зæгъын. Уæдæ ахсæв ахъуыды кæн æмæ райсом ацафон, фылдæр дæ чи уарзы, уыимæ ам сæмбæл. Цы зæгъай, уый дын мæнæй. Цуанон æнафонмæ йæ бинойнагимæ фæрахъуыды-бахъуыды кодтой, цы хъуаг æййæфтой, уыдон æрæмысыдысты. Обауыл æнхъæлмæ кæсынц сæ хæрзгæнæгмæ. Уый фæстиат кодта. Цуа- нон йæ усмæ дзуры: «Гыццыл æрхуыссон, тынг фæллад дæн. Æмæ уайтагъд афынæй. Уалынмæ лæг уыцы хорз арæзтæй фæ- зынд. Усæн йæхи бацамыдта. Цуанон фынæй кæны. Лæг усимæ ныхæстыл фæци. Йæхи йын бауарзын кодта. Ус сразы ис йæ ус суæвыныл. Фæлæ, дам, цуаноны та цы фæкæнæм? Хъыгдарыны хос, æндæр нын куы ницы у æмæ йæ амарæм, — загъта лæг. — Куыдæй? — мæнæ дын хъама æмæ йæ цæв. Ус йæ лæджы сæрмæ хъама систа. Ардауæг ныхъхъæр кодта: — Кæдæм æй марыс?! Цуанон фехъал. Кæсы, æмæ йæ йæ ус хъамайæ фæцæй мардта. Стыр бузныг, хорз лæг, мæ лæппуйы мын кæй фер- вæзын кодтай, уымæй. Фæлæ уыныс, æз та дын дæхи фер- вæзын кодтон. Ды та дæ куыдзимæ куы ’рбацыдаис, уæд æз куыддæр фæзындаин, афтæ уый срæйдтаид, ды райхъал уы- даис, æмæ æз дæуæн дæ хæс бафыстаин, куыд бадзырд код- там, афтæ. Ныр та стæм хæрæгсаст. 361
Арсыл цуаны Горæтаг хъæуккаг цуанæттимæ ацыд арсыл цуан кæнын- мæ. Цæуынц æмæ сæм æвиппайды сырд йæхæдæг рагæпп ласта. Хъæуккаг цуанæттæ лидзын райдыдтой сæ хъæумæ. Горæтаг дæр сæ фæстæ ныййарц, фæлæ чысыл фæстæдæр фæлæууыд æмæ хъуыды кæны: «Ныр цæуыл дугъы уайын». Фæстæмæ фездæхт, хæцæнгарз фергъæвта. Гæрах æмæ арс фæмард. Цуанæттæ фæстæмæ раздæхтысты, арсмæ кæсгæйæ, лæф-лæф кæнынц. Сæ иу загъта горæтаг цуанонæн: «Цы æдылы дæ, цы! Мах æй барæй хъæумæ хæстæг сайдтам. Ныр арсы мард нæхимæ уыцы дардмæ сыфцæй куыд фæласдзы- стæм? Æнæрхъуыды цуанон Цуанон трамвайы сбадт. Дыууæхстон йæ уæрджытыл æрæвæрдта, йæ дзых та йын йæ сыхагмæ сарæзта. Æддæдæр акæн дæ хæцæнгарз, старст йæ фарсмæ бадæг. Куы фехса уæд та? Æмæ цы, куы фехса, уæд. Ног та йæ сифтындздзы- нæн. Ардæм æй ралас Дыууæ æрдхорды ацыдысты арсыл цуан кæнынмæ. Арсы лæгæт ссардтой, фæлæ йæм куыд бацæуæм? Уæд дзы иу схызт лæгæты сæрмæ, даргъ лæдзæг райста æмæ лæгæты дуар — бахизæн хойы. Арс богътæгæнгæ лæгæтæй рабырыд, цуаноны лæдзæг ра^гъæпп кодта, цуанон фæбырыд æмæ арсы хъæбысы смидæг. Йе ’мбалмæ хъæр кæны: — Ардæм рацу, арс æрцахстон. — Ардæм æй ракæн. — Æмæ мын нæ комы. — Уæд та дæхæдæг рацу. — Æмæ мæ нæ уадзы. Æнамонд сырд Бирæгътæ сæгуыты расур-басур систой хъæды. Куы бафæл- лад, йæ бон лидзын куы нал уыд, уæд хъæддзауы уæрдоны 362
бын фæмидæг. Фæлæ хъæддзау дурзæрдæ разынд. Сæгуыты æрцахста æмæ йæ йæ быны æрæфсæрста. Сырд архайы хъæддзауы къухтæй йæхи суæгъд кæныныл, фæлæ кæм, æмæ адаргæй афтæ зæгъы: «Ацы дыкъахыг бирæгъæй та ма куыд аирвæзон?» ИРОН ÆМБИСÆНДТÆ Дæ фыдæн цы фæуай, дæ фырт дын уый фæуыдзæн. Дæ фыдæн цы зæгъай, уый дæ фыртæй фехъусдзынæ. Фыды хæс фырт фиды. Фыды фарн — цотæн хъахъхъæнинаг. Фарны хъуыддаг — бæхыл бады. Фыдæй фырт хуыздæр куынæ кæна, уæд мыггаг сæфтмæ цæуы. Æвæстаг лæг мæрдзæст у. Æвæстаг — сындзы къутæрыл хаст. Иу йе ’вæдыл куыдта, иннæ та йæ фыдвæдыл. Дыууæйæ чи æнамонддæр у, уый бæрæг нæу. Фыдвæд дыууæ куыды кодта, æвæд иу куыд. Фыдвæдæй æвæд хуыздæр. Галæн йæ фæстæ уæныг куынæ уа, уæд нæ фæразы. Хорз лæгæн хорз цот нæ кæны. Бæлас дæр ма мыггаг æппары. Саст дзоныгъ дæр фæд уадзы. Сидзæрхæссæг — тугдзых, хъыбылхæссæг — сойдзых. Сидзæр æппæты уазæг у. Æвзæр гуырды мад мæгуыр у. Цæуæты маст сæр хæры. Искæй цард тархъæдæй уæлдай нæу — æбæрæг у. Стыр ныхасы бæсты, стыр комдзаг пайдадæр у. Фыццаг уал дæ ныхас баууил, стæй йæ зæгъ. Цы зоныс, уыдон сеппæт дзурынмæ нæ бæззынц. Дзурынæй хъусын пайдадæр у. Хъусгæ чи кæны, уый фылдæр зоны. Бæлас уидагæй фидар у, адæймаг та хæлардзинад æмæ уарзондзинадæй. 363
Раттæджы къух исаг у. Тызмæг ныхас зæрдæмæ фæндаг нæ ары. Сабыр уæрыкк, дам, сæдæ мады бададта, фыдуаг уæрыкк та йæхи мады дæр нæ бададта. Судзин, дам, зæрдæ скъахта, судзин зæрдæ ссардта. Хъæбул дидинæгдон у, хъæбулы хъæбул та — дидинæг. Авдæны сывæллон — хæдзары паддзах. Адæймагæн йæ фондз æнгуылдзæй уæлдай нæй — æмхуы- зон риссынц. Хорз лæг дзыхæй дæр зыны. Хорз лæг йæхи не сдауы. Хорз лæг йе знагæй дæр æппæлгæ кæны. Хорз лæг адæмы фарныл хæцы. Хорз лæг йæ адæмæй хæс дары. Лæг лæгæты дæр лæг у, гал та галуаны дæр галæй баз- зайы. Лæгæн йе ’ууæнк аразы йæ дзыхы дзырд. Æвзæр быныл зад. Æвзæрæн бын ма ныууадз, хорзæн бын ма скæн. Хорз бæхæн ехс нæ хъæуы. Кæмæндæр йæ бæхыл йæ бон нæ цыди æмæ йæ саргъы надта. Уасаг гæды мыст нæ ахсы. Йæ бæх чи тæры, уый йе ’мбалы нæ фæрсы. Бæх донæн йæ сыгъдæг агуры. Тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы. Сабыр малы хæйрæг бады. Æдзæрæг хъæуы рувас-æлдар. Цалынмæ дæ бæх миза, уæдмæ мын дæ ехс авæр. Сывæллон куынæ кæуа, уæд ын йæ мад хæринаг нæ дæтты. Дон цæуы, дур йæ бынаты баззайы. Æрæджиауы хосдзау дæр — хосдзау у. Хæрæджы цин — дæндагæй. Хъалæй хъарм хуыздæр у. Фыдхъус хæдзар хал. Æрхъуыды царды æмбис у. Кæрцæй хæдон хæстæг дæр. Кæрцæн йе ’мпъузæн йæхицæй. Дзыхджын — бæхджын, æнæ дзых — фистæг. 364
Ирон бæрæгбæттæ нымайын ныры фæлтæрæй, афтæ зæгъæн ис, æмæ ничиуал зоны. Нымайгæ та сæ кодтой Мæйы сногмæ гæсгæ, фæлæ уыцы хабæрттæ, хъыгагæн, ферох сты. Уый тыххæй, хистæрты нымадмæ гæсгæ фыст чи æрцыди ивгъуыд æнусы, уыцы зонæнтæ рæгъмæ хæссын, кæд сæ, мыййаг, исчи спайда кæнид: фыццаг — къостайыхъæуккаг Дзанайты Дæдийы нымадмæ гæсгæ. ИРОН БÆРÆГБÆТТÆ (Дзанайты Дæдийы ранымадæй) 1. 1-æм январы — Ног аз (ног нымадæй). 2. 7-æм январы — Цыппурс. 3. Цыппурсы фæстæ æртыццæгæхсæв (дыццæджы изæ- рæй) — Бынаты æхсæв. 4. 14-æм январы — Ногбонтæ (зæронд нымадæй). 5. Ногбонты фæстæ фыццаг къуырисæрæхсæв — Бадæн- тæ. 6. 19-æм январы — Доныскъæфæнтæ. 7. Доныскъæфæнтæй 4-æм хуыцаубоны галæргæвдæн ху- ыцаубон (комахсæн). 8. Комахсæны фæстæ 1-аг къуырисæрæхсæв — Стыр Алардыйы æхсæв. 9. Алардыйы фæстæ 1-аг дыццæгæхсæв (къуырисæры изæрæй) — фыццаг цæрвкъахæнтæ. 10. Иу къуырийы фæстæ, иннæ дыццæгæхсæв — дыккаг цæрвкъахæнтæ. 11. Дыккаг цæрвкъахæнты фæстæ 1-аг хуыцаубоны — Комбæттæнтæ. 12. Дыккаг цæрвкъахæнтæй, иу къуыри уæгъд, дыккаг къуырийы сабатæхсæв — фыццаг лауызгæнæн. 13. Къуыри фæстæдæр, 2-аг сабатæхсæв — дыккаг лауыз- гæнæнтæ. 14. Комбæттæнтæй комуадзæнмæ (Куадзæн) — авд къуы- рийы. 365
15. Комуадзæнæй Мамиаты Дзуары бонмæ (Сауыбыны Мыкалгабыртæ) — фондз къуырийы. 16. Комуадзæнæй зæрдæвæрæнтæм — 6 къуырийы. 17. Зæрдæвæрæнтæй иу къуыри фæстæдæр — Нары Дзуа- ры бон. 18. Комуадзæнæй кæрдæгхæссæнтæм — 7 къуырийы. 19. Кæрдæгхæссæны размæ сабаты — Пуриаты авд Дзуа- ры. 20. Кæрдæгхæссæнæй иу хуыцаубон уæгъд, иннæйы — Фæлвæратæ. 21. Фæлвæрайы фæстæ 1-аг къуырисæры — Уациллайы бон. 22. Уациллайæ дыууæ къуырийы фæстæ — Хетæджы Уас- тырджийы бон. 23. Хетæджы Уастырджийы фæстæ хуыцаубоны — кæхц- гæнæнтæ. 24. Кæхцгæнæнты фæстæ фыццаг æртыццæджы — Хохы Дзуары бон. 25. Хохы Дзуары боны фæстæ 1-аг хуыцаубоны — Хуы- цауы Дзуары бон. 26. Хуыцауы Дзуары боны фæстæ фыццаг хуыцаубоны — Атынæг (Сауыбыны Уастырджи). 27. Атынæджы фæстæ 1-аг къуырисæры — Цъыфы комы Дзуары бон. 28. Мады Майрæмтæ — 28 августы. 29. Мады Майрæмты фæстæ фыццаг æртыццæджы — Нары Дзуары бон. 30. Нары Дзуары боны фæстæ 1-аг цыппæрæм уæгъд, 2-аг цыппæрæмы — Мыкалгабртæ. 31. Мады Майрæмты фæстæ, фыццаг сабатæй 6 къуы- рийы фæстæ — Джеры Уастырджийы бон (хуыцаубоны). -$$&$
Мамиаты Бибойы фырт Еста - булкъон Мамиаты Бибойы фырт Мамиаты Иласы фырт Тотрадз - политрук Давид - рæнхъон
Мамиаты Къостайы фырт Захар - Мамиаты Куыцыкы фырт хистæр лейтенант Филипп - рæнхъон Мамиаты Къостайы фырт Барис (галиуæрдыгæй æмæ Цепкайы фырт- Аврам)
Мамиаты Дрисы фырт Къоста Мамиаты Цепкайы фырт Инал (галиуæрдыгæй)
Мамиаты Дрисы фырт Христофор Мамиаты Тимофейы фырт Алыксандр Мамиаты Асахматы фырт Саханджери
Мамиаты Уасилы Мамиаты Иваны фырт Георги фырт Алихан Мамиаты Ладийы фырттæ Елхъан (галиу), Георги(рахис)
Мамиаты Алыксандры фырт Никъала Мамиаты Семены фырт Андрей Мамиаты Алыксандры фырт Давид
Мамиаты Уæгъалыхъы фырт Тæтæри Мамиаты Уæгъалыхъы фырт Иван
Мамиаты Къостайы фырт Георги Мамиаты Уасилы фырт Миша Мамиаты Леуаны фырт Мишкæ
Мамиаты Бибойы фырт Мæхæмæт Мамиаты Кудзийы фырт Алхаст Мамиаты Бибойы фырт Кара
2005 аз 9 май. Уæлахизы 60 азы юбилей. Нæ мыггаджы ма уæд цардæгас уыдысты цыппарæй уынут сæ къамы галиуардыгæй рахисæрдæм: Æхсар, Естъа, Хъауырбег, Захар
2005 азы. Уалахизы 60 азы юбилейы бон Естъа (галиу) æмæ Захар сæ хæстон хабæрттæ дзурынц сæ мыггаджы кæстæртæн
Фыдыбæсты Стыр хæсты рæстæджы нæ сайраг горæт Дзауыджыхъæу хъахъхъæныны комитеты (комитет обороны) сардар Къулаты Хъуыбады (рахиз) æмæ йæ хæдивæг Мамиаты Михал (галиу) Плиты Иссæимæ
СÆРГÆНДТÆ Авторæй 5 Мамиаты-Мамиты мыггаджы истори 8 Мамион номдзыд Хъарадзау 57 Нæ удварны фидар уидæгтæ 128 Фыдæлты уæзæг 147 Цардвæд 198 Мадæй сидзæр — æцæг сидзæр 215 Уарзондзинады хус дидинæг 236 Дыууæ Иры зæрдæ 253 Хъæуæй цæмæн рауад хъæууат? 274 Адæймаджы хъысмæт 284 Цъесаг лæппу 301 Сабидуг æмæ æрыгон бонтæ 319 Сывæллон дзы куы нæ зæгъа 345 Фаллагкоймаг хъæлдзæг ныхæстæ 355 Хъæлдзæг хабæрттæ 360 Ирон æмбисæндтæ 363 Ирон бæрæгбæттæ 365 &з@§
МАМИАТЫ ТАЙМУРАЗ АЛЕКСАНДРОВИЧ АРТДЗÆСТ ÆМÆ ХЪЫСМÆТ Редактор И.В. Мамиева Художественный редактор Т. Ф. Алипченкова Корректор И.В. Мамиева Компьютерная верстка Т.Ф. Алипченкова Подписано в печать 15.11.21. Формат бумаги 60x84 */]6. Бумага офсетная № 1. Гарн. шрифта АЕ КийгазЬоу. Печать офсетная. Усл. печ. л. 21,39. Учетно-изд. л. 23,68. Тираж 300 экз. Заказ № 1976. Отпечатано в ОАО «Издательско-полиграфическое предприятие им. В. А. Гассиева», 362021, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16. Тел. 76-99-11.