Text
                    ъзигойтыТеорги
Уацау
ХуССАР ИШСГПОНй! РАУАГШ4&
ЧИНГУЬ/ТЫ СЖГ0Р
цхпнвлл —1%5


Дзигочты Георги Никъалайы фырт райгуырдис 1914 азы Хуссар Ирыстоны, Додоты хъæуы. 1928 азы каст фæци Додоты райдиан скъола. 1929 азы ахуыр кодта Гомты трактористты курсыты. Куыста трак- тористæй. 1934 азы каст фæци Зары авдазон скъола^ куыста сæ колхозы бригадирæй, стæй та сæрдарæй, Фæстæдæр ахуыр кодта Боржомы пвдагогон техникумы. Техникум каст куы фæци, уæд куысти æндæр æмæ æндæр бынæтты: газет «Ком- мунисты» редакцийы, Хуссар Ирыстоны радиокомитеты сæр- дарæй, Знауыры партийы райкомы орган газет «Колхозон царды» редакторæй. Ныртæккæ та кусы Хуссар Ирыстоны газеттæ-журналы рауагъдады директорæй. 1954 азы каст фæци Цхинвалы пединститут, æвзаг æмæ, литературæйы факультет. , Дзигойты Георги æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 1938 аш, уæдæй нырмæ йæ уацмыстæ мыхуыры рацыдысты: 1941 азы æмдзæвгæты æмбырдгонд ’ «Октябры хъæбул», 1953 азы «Царды хæлардзинадыл зарын», 1958 азы радзырдтæ æм& очеркты æмбырдгонд «Рæ:>ты фæндагыл», 1964 азы «Сабигь. цин», — æмдзæвгæтæ сабитæн Ацы чиныг «Дурзæпдæ фыО* // авторы егъаудæр сфæлдыстадон æнтыст, мах ныфс ис æмæ йыл цæстуарюнæй кæй сæмбæлдзыс гы чиныгкæсджытæ
Мæ мад Магданы рухс ном дзы арын ФЫЦЦАГ ХАЙ Зæронд, кæлæццаг хæдзары кæрты бæласы бын фæхс дурыл бадти сæргуыбырæй Митъо æмæ уæззау сагъæсты аныгъуылд: «Бирæ нæ, фæлæ иу уылынджы бæрц мæ уæр- доны цалх уæлдæр куы бахызтаид, йе та -мын ыл исчи чысыл куы фæхæцыдаид, уæд ахæм фыдæбо- ны хай нæ фæуыдаин... Фæлæ мæнгæй нæ фæдзу- рынц: уæрдон, дам, куы афæлдæхы, фæндаг дæр ын уæд разыны... Кæсыс, бынтон ныббырон... Уæд- дæр иу хуыцау хорз, æмæ мæ галтæ æнæ фыдбы- лыз баззадысты... Уас иунæг лæгæн цы загъдæуа! Дæ уæрдон фæлдæхы, фæхæцæг ыл нæй. Дæхæдæг ыл хæцай, дæ галты раз никæй фæуромдзынæ. Чысыл баххуысы фыдæй хъуамæ доны къусы сæфт фæкæнай. Кæд уыдзæн, кæд байрæздзæн мæ иунæг хъæбул? Кæдмæ афтæ иунæгæй фыдæбон кæн- дзынæн? Хъæды тыхст, быдыры дæр афтæ. Бынаты æфхæрддæр... Афтæмæй адæймаг туг æмæ стæгæй конд куы у, уæд кæдмæ хъуамæ бафæраза, цасы фаг хъуамæ суа?..» Дуар байгом æмæ кæртмæ рахызт Митъойы ус Марта. —Курын дæ, ацы лæг, дæхи мауал æфхæр. Æгай- тма æнæ стыр фыдбылыз баззадыстæм. Уæрдон у æмæ та йæ сараздзыстæм. Митъо къæхты бынæй ныуулæфыд æмæ загъта: — Аразгæ та йæ куыд нæ скæндзынæн, фæлæ уæддæр маст у. Кæсыс, ацы дуджы адæймаг æнæ- уи дæр æфхæрд æмæ ссæст у. Фос æмæ адæйма- 3
джы ’хсæн ницы хицæндзинад ис- Мæгуыр кусæг лæг æгомыг фосæй ;æнамонддæр у... Ехс йе рагъæй нæ хицæн кæны- Иæ царм растдæр къамбецы цар- мæй бæзджындæр юоис. Чи зоны æмæ -мььн фæлдæх- гæ дæр нæ акодтаид, чи зоны ахæм фыдæбоны дæр нæ бахаудтаин. Æниу лæг йæ фыдæбоныл дæр хъæцид, фыдæбонæн гуырд у кусæг лæг-.. Чысыл ма бахъæуа æм.Зс мæ йæ быны ныссæнда... Мæ галтæ дæр цыдæр а-мондджын ирвæзт фæкодтой. «Йæ быны мæ хъуамæ ныссæнда» куыддæр загъта Митъо, афтæ Мартайы цæогомы хуыз ци- къæйау афæлурсæмæ йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. — О, дунейы сфæлдисæг! Мадымайрæм, фыд- былызæй нæ бахиз. Дæ фæдзæхст-иу фæуæд нæ хæдзардарæг!.. Æз дын куы зæгъын, æгайтма дæ- хæдæг дзæбæх базздатæ, æгайтма ныл фыддæр зи- ан не ’рцыд-.. — Хъуыды кодтон, зæгъын, !кæд хæдзармæ тагъддæр ныццæуин, кæд æй, зæгъын, райсом ба- зармæ дæр аласин æмæ уыцы цъаммæртты хæс ба- фидин. Тагъд кодтон, мæ фæндаг фæцыбырдæр кæ- нынмæ хъавыдтæн æмæ мæ уæрдон комы амкдæг... Марта йæ фаромæ æдзынæгæй лæууыди. — Уас дæлдæр æрхауæд, мæгуыр лæджы хъи- зæмæрттæн чи офæлдьпста. Куыд уыдзыстæм, цы уыдзыстæм, уыцы æнаккæгтæ та ам куы уыдысты знон, — катай кодта ус. — Кæцы æнаккæгты кой кæныс? — Мæнæ, сæ кой дæлзæх, хъалонисджыты кой дын кæнын... — Æмæ та ам уыдысты? — Ам уьцдысты... 1куыддæр уæлæ рагъæй фæау- уон дæ, афтæ та нæ ^къæсæрыл февзæрдысты æмæ... — Æмæ? — Æмæ сæхи зæххытыл дæр фæхостой... Сыл- гоймагыл куыдз дæр нæ рæйы, фæлæ уыдон рæй- йынмæ нæ хъæуы куыйтæ дæр æмбу. кодтой. Зæх- хы цъар дæндагæй æхсыдтой... Нал тæригъæд код- той, нал æфсæрм,.- Мах, ацы лæг, сугтæй уыдон хъалон нæ ба’фиддзыстæм, фæлæ мæнæ, хуыцаубо- ны иæ хъугыл бæндæн бабæттæм æмæ йæ ауæй кæ- 4
нæм. Уымæй дарддæр нын ницы фæрæз æрцæу- дзæн. Æз ам, "нæ кæрты знон цы балбирæгъты фед- тон, уыдон мын хуыцау дыккаг хатт мауал феныл кæнæд! Митъойы цæсгом туджы азылд- йæ маст цы уыдис, уымæй та дæс хатты анæрстис. — Гъе, куыд дын амардтæн, не ’фсин! Иунæг хъуджы хицау стæм æмæ, дам, уый дæр ауæй кæ- нæм. Æмæ стæй? — Стæй сæ фервæздзыстæм... Чысыл æрулæф- дзæн м.æ зæрдæ, — уæззау ныуунæргъыдта ус. — Мæгуыр фжрæзджын, исты амæлттæ та кæд кæ- виккам. Митъо та зæхмæ ныккаст, иудзæвгар уæззау оагъæстæ змæст цæугæдонау хъуырдухæн кодтой йæ сæры, стæй æрæджиау афтæ бакодта: — О, ауæй йæ кæнæм, нæхи мæт нæ нал ис, фæлæ нæ сывæллонæн сылы, хуырхы цъыртт кæ- цæй хъуамæ хæссæм? Æмæ’ма уый фæстæ мæ уды- гас цы у. Нæй, фæлтау ме ’фхæрджытæй мæ маст райсдзынæн æмæ... — Дæ маст райсдзынæ æмæ уымæй нæ царды уавæр фæхуыздæр уыдзæн? Цалы дзы хъуамæ амарай? Бындзагъд нæ скæндзысты, стæй сæ дам- бацатæ фæстæмæ сæ хымпырты нывæрдзысты æмæ сæ мидбылты худгæ афардæг уыдзысты. Зоп, уы- мæй дæр сæ хъалон нæ ныууадздзысты. — Нæ дарæг галты æмæ хъуджы никæмæн ауадз- дзынæн, мæ дзыхы «ооддзагæй сæ чысыл родтæй фæхъомыл кодтон. Нæ цард, нæ бон уыдонмæ кæ- сы- Кусæг лæг дæн, зæхкусæг æмæ цæмæй хъуамæ дарон мæ бинонты? Нырæй фæстæмæ цæмæй хъуа- мæ фидон уыцы æнаггæгтæн сæ хъалон... паддзахы хæстæ? Нæй, адæмы ’хсæн ахæм хъуыддаг мæ сæр- мæ нæ бахæсдзынæн. Мæ иунæг хъæбулы искæй сы- лыйы цъыртт æмæ цыхты муртæм не ’нхъæлмæ кæ сын кæндзынæн. Фæлтау æппæт маст дæр бауром- дзынæн. Æхсæвæй-бонæй кусдзынæы æмæ сæ истæ- мæйты кæд бафидин. Бамбæрстай, не ’фсин?! 5
— Бамбæрстон, фæлæ паддзахæн хуыцау цы бартæ радта, уыдон ныхмæ цы бакæндзыстæм? Хуыцау æмæ паддзахы фыдæх райсдзыстæм. Нæ уæзæг æдзæрæг фæуыдзæн. Зонын сæ.- — Адæм адæм сты. Иу хуыцау сæ сфæлдыста æмæ сæ фæлдисгæ куыд скодта, афтæ сын бартæ æмæ цард æмхуызон кæй нæ радта, уый тыххæй та хъуамæ дæлæмæ æрхауа, не ’фсин!.. — О, куыд дын амардтæн, уый цытæ дзурыс? — Марта йæхиуыл дзуæрттæ афтыдта- — О, не сфæл- дисæг стыр хуыцау^ йæ тыхстæй афтæ загъта нæ хæдзардарæг, ныббар ын!.. — Не ’фсин, уыцы хуыцау махæн нырмæ дæр никуы ницы радта æмæ йæм дæ тæрттæ цы суæгъд кодтай, цы йæм дзыназыс!- Уый бæсты уæртæ дæ хæдзары митæ бакæн, æз дæр ма мæнæ мæ уæрдон исчердæм кæд бадзæппытæ кæнин... Стæй уыцы лæппуйы дæр райхъал кæн, хæрæджы йас у æмæ нырма, бон сихор афонмæ фынæй кæны. Уый цахъхъæнтæ уæлыгæс цæуынц. Иæ фырты тыххæй Митъо ахæм æхсуыст ныхас кæй загъта, уый Мартайæн хъыг уыдис æмæ йын абустæ кодта: — Цæй, мæ тæригъæд дæ хай, кæд дæ дæ фыд- былызтæ ныхысæры йас сабимæ нæ бацардыдтой- Уый цахъхъæнтæ, дам, уæлыгæс цæуынц! Æмæ >ыдон хицæуттæн иугай хъæбултæ ис, миййаг? Æз мæ иунæг хъæбулы ахæм уагæй не схъомыл кæн- дзынæн- Уадз æмæ йæ кæдмæ фæнда, уæдмæ фы- нæй кæкæд. Уадз æмæ, йæ зæрдæ куыд агуры, аф- * тæ байрæзæд. Йæ мад æмæ йæ фыдыл йæ зæрдæ дарæд... — Цæй, лæг у ныр æмæ йын «опп-опп» мауал кæн! Райхъал æй кæн, йæ къухы йын дурын радт æмæ уæртæ суадонæй уазал дон æрбадава. Митъойæн æхсызгон вæййы йæ лæппу Хъауыр- бег ын йæ арм чысыл истæмæй куы арæвдз кæны, кæнæ йæ тыхсты рæстæджьг йæ уæлхъус куы æр- балæууы... Фæлæ Мартамæ та хъыг кæсы уый. Ныо дæ’р та йæм амæсты, афтæмæй йын дзуры: — Лæппу нырма сынтæгæй нæ рахызт- Фынæй 6
кæны- — йæхæдæг фæстæмæ фездæхт, дурын райс- та æмæ сæ сыхæгты сабимæ дзуры: — Хъызылбег, адугъ кæн, цард дын фестон, æмæ мын ацы дурыны суадонæй уазал дон æрбас- къæф, стæй дын балтæ ратдзынæн- Хъызылбег дурын райста, хъылдымтæгæнгæ азгъорста суадонмæ æмæ дзы уазал дон æрбас- къæфта. — Рахæсс ма йæ, рахæсс, мæ лæппу, æмæ дзы аназæм, — загъта йын Митъо. Митъо дурыныл сх’æцыд, зæрдиагæй дзы анызта æмæ раарфæ кодта лæппуйæн: — Байрæз, байрæз, мæ лæппу. Хъызылбег йæхицæй ныббуц. Донмæ йæ кæй арвыстой, уый йын æхсызгон уыд. Фæуæндон Ми- тъомæ дæр- Æввахс æм æрбалæууыд, кæсы йæм æмæ йæ фæрсы: — Чи дын асаста дæ уæрдон? — Мæ уæрдон мæхицæн асаст, Хъызыл, мæхи- цæн- — Куы йæ саразай, уæд та ацæудзынæ хъæд- мæ? — Ацæудзынæн, мæ хуры чысыл. — Мæн дем-æ нæ акæндзынæ? — Фæнды дæ æмæ дæ акæнон? .— Фæнды. Дæ галты раз дæр-иу æрлæудзынæн. Уæрдоныл дæр-иу дын фæхæцдзынæн æмæ дын æй фæлдахын нæ ауадздзынæн. Митъо йæ мидбылты бахудтис, лæппуйы пых- цыл сæры хъуынтыл йæ дæрзæг къухы уырзтæ* рæвдаугæ æрхаста: — Лæг дæ, лæг, Хъызыл, æмæ лæджы ныхæстæ кæныс- Лæджы ныфсытæ мын дæдтыс. Уастæн бай- рæзай æмæ дæ ныййарджытæ та мæрдты рухс дзæнæты фæбадой. — Хъауырбеджы дæр акæндзынæ? — Акæндзынæн- — Нана, д-о-н м-æ хъ-æ-у-ы! — хæдзарæй рай- хъуыст Хъауырбеджы хъæлæс. — Ныртæккæ, ныртæккæ, нана дæ сæрыл хаст фæуа... цырддæр раскъæф дон... Мæ иунæг рай- хъал... — йæ фырты хъæлæс фехъусгæйæ бацин 7
кодта Марта,— дурын айста æмæ цæрдæг бауад хæ- дзармæ. — Æмæ ма Хъауыр ацафонмæ фынæй кодта?— Митъойы афарста Хъызылбег. — Фынæй ма кодта, мæ лæппу, фынæй... Хъызылбег йæ чысыл армы тъæпæны бынæй хурмæ скаст æмæ дисгæнгæ загъта: —О, О; о> уанцон фынæй нæу? Зæгъ ын æмæ тагъд скæна йæ дзаумæттæ, — дзуры Хъызылбег Митъомæ. — Мах Митъо йемæ хъæдмæ кæны. Гал- ты раз-иу æрлæудзыстæм. Уæрдон ын фæлдахын нæ бауадздзыстæм- Æццæй, нæ? — фæрсы Ми- тъойы. — О, о, мæ лæппу, æнæмæнг. Мæ уæрдон уал ацаразон- Хæдзарæй рахызт Марта. — Сывæллæтты ма æрра кæн, ацы лæг... — Куыд сæ æрра кæыын? Намæ сын цæмæй тæрсыс? -— Мæ сабийæн нырма йæ хъуымыз йæ дзыхæй кæлы æмæ хъæдмæ цæуыыæн не ’нтысы... — цæх- гæр загъта ус. Митъо йæ уæрдон сарæзта. Галты хизæнуатæй æрыскъæрдта. Сифтыгъта сæ. Хъызылбеджы уæр- доныл сæвæрдта æмæ иумæ хъæдмæ афардæг стьь Хъызылбег, ас лæгау, уæрдоныл бады, хъæды фæйнæрдæм ракæс-бакæс кæны æмæ Митъойы фæрсы: — Ацы хъæды бирæгътæ дæр ис? — Ис, мæ лæппу, ис.-. — Æмæ æхсæв хъæды нæ тæрсынц?.. Æцæг, сæ дзыхтæ иууыл хæлиуæй хæссынц? Сабиты дæр аскъæфынц? Тæрхъустæ та, тæрхъустæ? Хъæды дæр сæ хъустæ хъилæй фæдарынц?.. Йе та рувас, рувас? Чи сæ тынгдæр лидзы?.. Ибон нын нæ кæр- чыты цы рувас бахордта, уый ацы хъæды вæййы? Фенын мын æй кæндзынæ?- Кæнæ арс, арс? О, уый стыр хонынц, нæ? Абон уый дæр фендзыстæм? Кæннæуæд та йæ лæппынты?.. Уыдон дæр тыхджын сты?.. Митъо Хъызылбеджы алы фарстæн дæр бæс- 8
тон дзуапп лæвæрдта, афтæмæй, ныхæстæгæнгæ, схæццæ сты хъæдмæ... Митъо лæппуйæн хъæддаг балтæ бахæрын кодта. Булæмæргъы лæппын дæр ын æрцахста. Сабийы цинæн кæрон нал уыд. Дзедæрджыты ’хсæн бæгъæгавад къахæй окафыд. Маргъы лæппын йæ дæллагхъуыр акодта æмæ цингæнгæ фæрсы Митъойы: — Сом дæр та мæ ракæндзынæ? — Æмæ ма сом дæр рацæудзынæ? — Æз алы бон дæр цæудзынæн демæ. — Хорз, ракæндзынæн та дæ, мæ лæппу, ракæн- дзынæн-.. Изæры ’рдæм Митъо æмæ Хъызылбег хус суг- тæй йедзаг уæрдон æрластой- Лæг рауагъта галты æмæ Мартамæ дзуры: — Уанион, Хъауырбег кæм ис? — Хъауырбег уæртæ уынджы хъазы- — Фæдзур ма йæм æмæ иу чысыл фæллад гал- ты рахиза. Æз та мæ уæрдон равдæлон кæнон- — Ныр та йæ фиййау дæр скæн... Æз сæ мæхæ- дæг рахиздзынæн- Митъо дзургæ ницы скодта, æрмæст йæ сæр банкъуыста æмæ йæхинымæр загъта: «Ацы ус уыцы лæппуйы сафдзæн. Йæ абоны ми- тыл искуы æрфæсмон кæндзæн, фæлæ йын уæдмзо байрæджы уыдзæн.-» 2 ...Хъауырбег ныр лæджы бындзæфхад ссис. йæ фындзы бын гæзæмæ милтæ фæхæцыд. Кæсæн æмæ сæрвасæн йæ дзыппæй нал исы. О, лæджы бындзæфхад!.. Ныййарджыты иунæг хъæбул!.. Сæ сомбоны царды стыр гæнах. Мад æмæ фыды цæрæнбонты бæллицц... Митъо æмæ дзы Марта афтæ сæрыстыр сты, æмæ сæ мæгуырдзинад дæр ницæмæуал дарынц. Сæхицæй амондджындæр дунейыл никæй æнхъæ- лынц. Сæ бирæ фыдæбæттæ дæр ферох кодтой... Фæлæ Хъауырбегæй уыдон ахæм стыр ныфс кæй 9
æвæрынц, сæхи афтæ амондджыныл кæй нымайынц, уый Хъауырбегæн йæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Хъауырбег кæд бацыд йæ лæджы кары, уæд- дæр цардмæ размæ нæ, фæлæ йæм кæсы йæ уæхс- джы сæрты фæстæмæ. Нырма дæр ныхас ахæм хуы- зы ныццæвы æмæ йæ ныййарджыты зæрдæтæ дым- гæбоны телы хъæдау ныддыз-дыз кæнынц. Сæ маст нынныхъуырын дæр сæ бон нал бавæййы... Бонтæ, къуыритæ цæуынц æмæ дын лæппу йæ ныхтæ ныссагъта сабыр, фæллойуарзаг, цæсгом- джын чызг Магданы. Къуыдипп лæппуйы йæ фы- ны дæр æнахуыр хъæуы фыдуаг куыйтæ цыма сæ разæй айсынц... Хъæдты æмæ лæбырдтыл удаисгæ цыма ныххизы æмæ чызджы фыд Сесейы уæрæх кæрты фæлладгъуызæй фæрауай-бауай кæны, стæй Сесеты ердоджын хæдзары къæсæрыл æрлæууы. Рудзгуытыл радгай азилы. Алы рудзынгæй дæр цыма йæ сæр бадары æмæ афтæмæй агуры Маг- даны. Гъе, фæлæ, фын фын у! Ам æцæгдзинадæй ни- цы ис... Хъауырбег-иу куы райхъал, уæд-иу цæф арсау «оххытæ» æмæ «уххытæ» кæнын райдыдта- Йæ ныййарджытæй дæр нал æфсæрмы кодта- Уæд дын иу райсом йæ мад æмæ йæ фыды раз цæхгæр фарст æрæвæрдта: — Зонут, кæд мын мæ фæндон нæ сæххæст кæ- нат, Сесейы чызг Магданы мын нæ ракурат, уæд фæсмойнаг фæуыдзыстут! Мæхи амардзынæн... Хъауырбеджы ныййарджытæ уæззау сагъæс- тыл фесты: — Миййаг, æцæг йæхицæн исты фыдбылыз куы сараза, куы нæ бабын кæна, æмæ нæ бындур куы ныззила. Ахæм диссаг ма искуы æрцыдис: нал йæ ныййарджытæй æфсæрмы кæны, нал хъæубæстæй. Цахæмдæр уарзондзинад оæвзæрдис йæ зæрдæйы, æрхъæцмæ дæр нал лæууы... Æнæмбаргæ, æмæ чызгæн дæр ныййарджытæ, хицæуттæ ис æви нæ?.- Чи зоны уыдон не сразы уой, чи зоны цæхгæр зæ- гъой «нæ!». Уæд куыд хъуамæ бакæнæм?.. Тыхми са^азæм? Æмæ тыхмийæ дыууæ мыггаджы ’хсæн 10
туджы зæйтæ куы ’рцæудзæн. Бынтон бынысæфт куы фæуыдзыстæм!.. Ахæм арф хъуыдыты-иу ацыдысты Хъауырбе- джы мад æмæ фыд Митъо æмæ Марта- Уæд та дын иу бон Хъауырбег йæхи сбуц, стæр- гайгæнæг кодта. Æмбисбонмæ цæхæрадонæй нал æрбацыд- Кæрдзын нал бахордта- Йæ мады зæрдæ та лалымау ныддымст, мæстæй судзы æмæ руайьь Бацыд æм æмæ йын дзуры: — Дæ нывонд фæуон, Хъауырбег, æмбисбон куы ссис, уæд дын стонджы нæу? Хъауырбег исдугмæ ницы сдзырдта. Зæхмæ кæсгæйæ, æвзонг фæткъуы бæласы талайыл куы иуырдæм ахæцы, куы иннæрдæм, стæй дзы иу сыф- тæр ратыдта, йæ дыууæ æнгуылдзы æхсæн æй ба- тымбыл кодта, йæ къухыл бæрзонд схæцыд æмæ йыл цыма уæз кодта, уыйау æй мæсты æппæрст акодта. Йæ мадмæ фæрсырдæм бакаст æмæ йын загъта: — Нæй, нæй, нана! Мæнæн мæ зæрдæ афтæ ныддур, мæ риуы афтæ ныууæззау æмæ мыл зæххы ’рдæм æнцайы- Зон, æмбисбон нæ, фæлæ æртæ æм- бисбоны куы суа, уæддæр мæ кæрдзын не ’рхъæу- дзæн! — Дæ сæрыл мæ хуыцау æрхæсса, омæ цæуыл маст кæныс, цы дын нæ фаг кæны? Зæгъ ма мын, мæ хъæбул, зæгъ, — дæу тыххæй куы утæхсæн кæ- нæм æхсæв æмæ бон. Нæ тыхыл куынæ ауæрдæм. Фыркуыстæй дæ фыдæн йæ бон сулæфын дæр куы- нæ у, — мад йæ цæссыгтæ æркалдта. — О, æз дур фестон, фæлæ дæ зæронд фыдæй цæуылнæ æфсæр- мы кæныс? Бакæс ма йæм, дæ мастæй адæймаджы хуызæн куынæуал у. Царм æмæ дзы стджыты йед- тæмæ куы ницыуал ис! — Æмæ ма зæгъ, нана, мæнæй ма цы ис адæй- маджы хуызæнæй?.. — О, æмæ мах дæр ууыл тайæм æмæ руайæм- Цы мæстаг дæ ис?.. Кæйдæр чызджы кой скодтай æм-æ чысыл багæдзæ кæн- Уый дæр уынджы чызг нæ уыдзæн. Ныййарджытæ, хæстæджытæ æмæ йын 11
мыггаг уыдзæн. Æмæ семæ уаг æмæ æгъдауыл æрдзурын хъæуы. Æнæсæрфат митæ куы саразæм, уæд ныл адæм фæхуддзысты. Ахъуыды кæнæм, æмæ саразæн цæмæн уа, уый аразгæ скæндзыстæм, саразæн цæмæн нæ уа, уымæй та хуыцауы раз æрлæууын дæ ныййарджмты бон дæр нæ бауы- дзæн... — æмæ та ныййарæг йæ цæстытæ донæй ай- дзаг кодта- — Мæн хуыцауимæ ницы хъуыддаг ис... Æр- хъуыды, дам, кæнæм, æркæсæм, дам, цыма уыцы чызг мемæ дзуарæфтыд у. Махæй сæм исчи хъæз- дыгдæр куы фæзына, искæйы разæй йæ куы фæ- кæной йæ ныййарджытæ, уæд стæй сымах хъуыды- тæ æмæ уынаффæтæ кæнут... Æмæ уæд мæнæн та мæ фæнд конд у... — Куыд у дæ фæнд конд? — Æз æй раджы загътон- — Уæддæр? — Мæхи амардзынæн- Мартайы куыстдзагъд уæнгтыл цыма исчи пы- сырайы ’сыфтæ асæрфта, афтæ сæхимидæг барыз- тыстьь Хъауырбегмæ йæхи баппæрста, йæ фæллад цæнгтæ дардыл айтыгъта, йæ риумæ йæ тынг æр- балхъывта æмæ йын кæуынхъæлæсæй дзуры: — Мæ хъæбул, цытæ дзурыс, цæмæн къахыс дæ ныййарджыты зæрдæтæ? Мах дæ ныфсæй ныфс- джын куы систæм, дун-дунейы нæхи куы хонæм, уæд ды куыд бауæндыдтæ ахæм ныхас зæгъын? Ныр чысыл куынæуал дæ. Дæс азы размæ цы дзырдтан, уæд цы хъуыды кодтай, уый æмæ ныр цы дзурыс, ныр цы хъуыды кæныс, уыдон кæрæ- дзимæ абон хъуамæ дард лæууой! Æмæ дæ абоиы зондæй дæ сомбоны зонд та хъуамæ ноджы уа цыргъдæр, фидардæр! Хъуамæ сайды макуы фæ- уай æмæ цæмæй ма фæсайды уай, уый тыххæй та хъуамæ макуы мацæуыл батагъд кæнай. Адæмы зæрдæмæ чи нæ фæцæуа, уый макуы хъуамæ сара- зай. Нæ хæдзар, дæ фыды фарн ма хъуамæ феса- фай. Бамбæрстай, мæ хъæбул?! Дæ зæронд фыды фæс,тæ нæ хæдзар дæумæ куы кæсы. Нæ хæдзары чъирикувæг ды куы уыдзынæ. 12
Хъауырбег иудзæвгар арф хъуыдыты ацыдис- Йæ мады раз фыццаг хатт йæ зæрдæ йæхиуыл фæ- худтис, фæлæ та уæддæр дзуры: — Нана, æз ныр алцыппæтыл дæр хъуыды кæ- нын- Мæн дæр фæнды, цалынмæ мæ ныййарджытæ æгас сты, уæдмæ сын исты хур фенын кæнон, сæ къух сын фæрог кæнон- — Уый стыр хорз хъуыддаг у, мæ хъæбул. Ды уый зон æмæ ныййарджыты зæрдæйы алы фарс хъæбултæ цæрæнбонтæм тæбыны къуыбылойау тыхтæй кæй вæййынц. Æмæ ныййарджытыл аудын, уыдон лæггад бафидын та иууыл ахсджиагдæр хъуыддаг. Мах дæ фæрцы тавы хур. Мах хæс- джын уыдыстæм дæу æнæнизæй схъомыл кæпын, да>у адæмы рæгъы ракæнын... Ныр лæг дæ! Ныр дын бинонтæ хъуамæ æркæнæм. Дæуæн дæр уы- дзæн зæнæг... — Нана, мæхи нана, раст зæгъыс, уæ лæггад бафидын мæ бон нæ бауыдзæн. Фæлæ уæддæр тырндздзынæн, цæмæй йæ бафидон. Æрмæст... æз уын æргомæй зæгъын, мæнæн мæ зæрдæйы арф бы- нат скодта Магдан. Æз уый афтæ бирæ бауарзтон æмæ йæ дзыхы ныхæстæй мæ бон нæу зæгъыи. Куы зонис, нана, куыд хорз у, куыд сабыр, кусаг, æф- сæрмыгæнаг... Дæу æмæ бабайæн лæггад чи кæна, ахæм. Мæн фæнды... Æз æй уарзын... Зæгъ баба- йæн, æмæ сæм минæвар арвитæд искæй. Стæй... Стæй... Марта цæрæнбонты цы циндзинадмæ бæллы- дис, уый йæ цæстытыл ауад. Хъауырбег ма цыдæр- тæ дзуры, фæлæ сæ уый нал хъусы- Йæ разы фев- зæрд хъæлдзæгдзинад — чындзæхсæв. Йæ цæсты- тыл ауадис куыстуарзаг, æфсæрмдзæстыг æнæзон- гæ чызг... йæ цæстытыл уайы, уый йæ хæдзары куыд змæлдзæн, куыд скъæфдзæн суадонæй дон, куыд сын сæрфдзæн сæ уынгтæ, куыд-иу æрбад- дзæн йæ тынгæрзты раз æмæ дзы куыд райдзæп йæ зæрдæ- Йæ цæстытыл ауад йæ зæнæджы зæнæг куыд тыхсдзысты йæ къабайы фæтджитыл, куыд ыл узæлдзысты... Цины стъæлф&нтæ схъазыдысты 13
йæ фæллад æмæ фæлмæст цæсгомыл. Къæхты’бы- нæй ныуулæфыд æмæ эагъта: — Хорз, хорз, мæ хъæбул! Разы дæн. Ракурæм уыцы Сесейы чызг Магданы. Æрмæст куыд? Ахæм фидар ныхас кæныс, цыма дзырд стут, цыма йæ ды куыд у.арзыс, афтæ дæ уый дæр уарзы. Цыма йæ ныййарджытæ дæр разы сты- Зæгъ мын, чызгимæ исты ныхас уе ’хсæн уыд? — Нана, не ’хсæн исты ныхас куы уыдаид, уæд ма цæуыл тыхсын- — Дæ нывонд фæуон, æмæ уæдæ куыд? Уæд та мын зæгъ, кæцон у? — Дæрттаг нæу... — Уæддæр цы хуыйны сæ хъæу? — Рагъы хъæу. — Рагъы хъæу? Уым мæгуырау чызджытæ м>а хъуамæ уа. Фæлæ йæ мыггаг та кæмæй у? — Нæ зонын, Хæрзойтæй йæ хоныиц. — Хæрзойтæй, дам, æй хонынц. Кæмæй у, уый дæр бæлвырд нæ зоныс? — Уымæн ницы нысаниуæг ис, нана, адæймаг бæззæд æмæ кæмæйфæнды уæд... — «Нæ» ма хъуамæ зæгъа, æмæ стæй куы зæ- гъа, уæддæр ын йæ фыд Сесейы фос, фæллойуар- заг лæг хонынц æмæ йын нæ сырх галтæ йæ разæй ирæдæн куы скæнæм, уæд ма цы хъуамæ зæгъа?.. — Ирæд, æнæ ирæд та чи дæдты чызг. Æрмæст хъуыддаг ирæдмæ æрцæуæд, уый йедтæмæ... — Хъуамæ æрцæуа, æндæр гæнæн нæй! Куынæ ’рцæуа, уæд та скъæфгæ, — йæ къуыбыр рихи аз- дыхта Хъауырбег. — Скъæфгæ?.. Æмæ æнæ хъæу, æнæ мыггаг адæм сты? Æви нæ зоныс скъæфты рæстæджы цы туджы лæсæнтæ ’рцæуы?.. — Æмæ уæдæ куыд? Æз лæг дæн! Мæ дзырд хъуамæ уа! Æз æй бауарзтон æмæ йæ нæ ныууадз- дзынæн!.. Хъуыддаг алыг! 3 Стыр диссæгты, стыр хатджыты фæстæ Магда- ны Хъауырбегæн радтыныл сразы сты чызджы ныййарджытæ. Хъуыддаг балхынцъ... Магдан йæхи’ 14
’ргæвста, йæ дзыккутæ тыдта, цæссыгкалгæ дзырд- та: — О, дуне скæнæг, Мадымайрæм, мæнæ мæ æгомыг фосау ныууæй кодтой æмæ дæм фехъуы- сæд мæ тæригъæд, мæ лæгъстæ!.. Фæлæ Магданы ныхæстæм ничи хъуыста. Мад, фыд, мыггаг бафидыдтой, хъуыддаг ахицæн-. Хъауырбег ныр фылдæр йæ рæстæг æрвыста Магдантæм. Къæссавæлдæхт фæци, йæхи уæздан æмæ æфсæрмдзæстыгæй æвдыста- Хъæубæсты цæстмæ чызджы ныййарджытæн зæрдиаг лæггад кодта. Йе ’гъдау æмæ йæ хъаруйæ куыд хъæубæс- тæн, афтæ чызгæн дæр йæхи уарзын кодта- Магда- ныл-иу хибарæй куы фембæлд, уæд-иу ын зæрдиа- гæй дзырдта: «Мæ дунейы рухс, никуы ницæуыл батыхсдзынæ. Дæу тыххæй уæларвмæ фæцæудзы- нæн æмæ дын æрттиваг стъалыйы дæ рæсугъд ны- хæн æрхæсдзынæн. Мæхи айнæджы тигъæй фехс- дзынæн, тæхгæ-тæхын арвы рон æрцахсдзынæн æмæ дын æй дæ гуырвидыц астæуыл бабæтдзынæн. Зындоны дæлимонтимæ хъазуаты бацæудзы- нæн æмæ дын цыкурайы фæрдыджы дæ цардамон- дæн байсдзынæн- Зон, мæхи Магдан, мæхицæй дын рагацау не ’ппæлын, фæлæ дæ уарзондзинады цæ- хæр зынджы хус кæрдæджы халау басудздзынæн, адæм нын тæхуды кæндзысты нæ цардмæ. Курын дæ, æлхынцъæрфыгæй мæм ма кæс. Дæ мидбылты мæм иу худт уæддæр бакæн, кæннод, асæст бонау, хъуынтъыз æмæ æрхæндæг у мæ зæрдæ. Хъауырбеджы ныхæстæм Магданы зæрдæ дыу- уæ дихы фæцис- Æрсабыр, æрфæлмæн- Цыдæр рæ- сугъд бæллицтæ йæм фæзындысты. Баууæндыд Хъауырбеджы ныхæстыл- Хатт-иу æм афтæ дæр фæкаст, цыма уымæй амондджындæр ничи ис æмæ дунейы хæрзтæ иууылдæр уый хай фесты. Хъауыр- бегæн ма тæригъæд кæнын дæр райдыдта. Бонæй- бонмæ йæ рæсугъд бæллицтæ йæ сагъæстыл тых кæнын райдыдтой, уыдон куыдфæстагмæ бынтон- дæр фæуæлахиз сты æмæ æвзонг чызджы зæрдæйы ныззарыдис уарзондзинады æлутон зарæг, дуне йын цины денджыз фестад. 15
4 Аивгъуыдта сæрд æмæ ныллæууыдис хъæздыг сыгъзæрин фæззæг. Адæм сæ фæззыгон куыстытæ бакодтой. Митъо æмæ Мартайы хæдзары сæр-сæр кæ- нынц сатæг-сау бæгæныйы цæджджинæгтæ. Рæгъ- рæгъы равæрдтой карз арахъхъæй йедзаг дурын- тæ. Чындзæхсæвы кусæрттæгтæ фыр нæрдæй тъæпнытæ хаудтой. Иудзырдæй, Хъауырбеджы ныййарджытæ сæхицæн адджын ницыуал скодтой. Сæ чысыл муртæ иууылдæр сызмæстой. Цæрæн- бонты цы цинагмæ бæллыдысты, уый сæм æрцыд æмæ сæхиуыл нал ауæрстой. Фæсахсæвæртæм æввахс, Ракæсæны тигъæп æрбайхъуыст чындзхæсджыты зарæг: «Ой, фæхæссæм æй, фæхæссæм, Фарн æмæ амондимæ фæцæуæм». Митъоты кæрты стыр циндзинад. Фæндыры зæлтæ, фæсизæды зард æмæ хъазт арвмæ хъуысы. Цæуынц хъæубæстæ, хæстæджытæ æмæ фысым- тæн арфæ кæнынц: «Амондджын хъуыддаг. уæд, амондджын...» Митъоты чындзæхсæв адæмæн диссагæн баз- зад. Дзаджджын фынгтæ хæрд æмæ нозтæй тасы- дысты. Хъауырбег æмæ Магданы амонды æмæ цæ- рæнбоны тыххæй гаджидау гаджидауы фæдыл цыд. Радысты, цин кодтой лæппуйы ныййарджытæ сæ хъæбулы цинагыл. Номхæссæны рæсугъд уыд Магдан, адæм ыл сæ цæст æрæвæрдтой. — Куыд амондджын у Митъойы ,хæдзар, ахæм уæларвон зæд амондагур кæдæм æртахти. Уас арфæйаг фæуой, ахæм цыкурайы фæрдыджы чи схъомыл кодта, уыцы ныййарджытæ, — сдзырд- той устытæ. Гъей, джиди, иу ахæм бæсты рæсугъдимæ дæ царды бонтæ арвит. Куыд амонджын дæ, Хъа- уырбег, — сусæгæй-иу ныуулæфыдысты усгур лæцпутæ. — Тæхуды, Магданы рæсугъддзинадæй хай- 16
джын у, цыма æрдз йæ рæсугъддзинæдтæ иууыл- дæр Магданæн радта æмæ мах тæрнгъæды бацы- ди, — хæлæг кодтой чындздзон чызджытæ... — Куыд хорз у, куыд бирæ уарзы бинонты. Куыд бирæ уарзы кусын, фæллой кæнын. Цæрæн- бонты цахæм чындзмæ бæллыдыстæм, раст ахæм нæ хай фæцис. Мæ чындзимæ цы чысыл рацард- тæн, уый мæрдты дæр æмæ уæлæуыл дæр мемæ уæд, — дзырдта-иу Марта хъæубæсты устытæн. ...Цыд рæстæг. Дыууæ азы фæстæ Магданæн лæппу райгуырдис. Марта æмæ Митъойы цинæн та кæрон нал уыд. Цард æмæ сæм амонд сæ мид- былты бахудтысты. Сæ хъæбулы хъæбулы цинæй сæхицæн бынат нал ардтой. — Нæ чындз йæхæдæг дæр нырма сывæллон у, æхсæв миййаг куы бафынæй уа авдæны хъæ- дыл, уæд дзы уазал бацæудзæн. Мæнæй æфсæрмы кæны, не ’фс’ин, фæлæ йæм ды дæ хъус фæдар, — дзырдта-иу Митъо. Иу хатт Митъо хæдзары иунæгæй аззад. йæ зæрдæ нал фæлæууыд æмæ сабийы авдæны æм- бæрзæн райгом кодта. Иудзæвгар æм нымдзаст, стæй йæ былтæ сабийы русыл куыддæр авæрдта, афтæ йæ æрбаййæфтой Марта æмæ йæ чындз. Ми- тъо фефсæрм... — Дæ мæрдтыстæн, нæ лæг, уанцон нæу. Дæ рихийы хъистæй бавдæрздзынæ сабийы рустæ. — Гъæй, Уанион, ацы чысыл саби мын ферох- кæнын кодта мæ фыдæбæттæ, мæ мæгуырдзинæд- тæ. Уалдзæг дидинджытæй фидауы, цард та ай- хуызæн чысыл сабитæй. Æркæс ма, æркæс, уæйы- джы каст нæ кæны. Бæрæг у, куыстуарзаг кæй уы- дзæн... Ех, Уаыион, дæттæй, кæд уыдзæн æмæ мын искуы галгæс ацæудзæн, хъæд, быдыры мын дзаг уæрдоны галты æфсондзыл æрбаддзæн. Кæсыс, не ’фсин, мæ ныхæстыл разы у æмæ йæ мидбылты худы. Æнæмæнг дзы хорз лæг рацæудзæн. Фæлæ Митъо æмæ Мартайы цин бирæ нæ ахаста. Хъауырбег бонæй-бонмæ уæлæхох кодта пæ усыл. йæ раздæры уарзондзинад мигъы къæ- мау атад. Калмау йæ хæрв аппæрста æмæ йæ 2. Дзигойгы Г. 17
зæрдæйы хъулæттæ разындысты, æфхæрын рай- дыдта цалдæр азы размæ уæларвæй стъалы скъæ- финаг кæмæн уыд, арвы ронæй рон кæмæн кодта, уыцы хæдзар æмæ бинонтæуарзаг Магданы. Хатт- иу æй нæмгæ дæр ракодта. Иу дзырдæй, фесты йæ «уарзондзинады» зарджытæ æмæ дзæгъындзæг фестад. 5 Хъауырбеджы æнæуаг митæй Митъо æмæ Мар- тайы зæрдæйыл маст дойнаг дурау ныффæлдæхт. Загъд кодтой сæ фыртмæ, фæлæ марадз зæгъ, кæд сæм хъуыста. Афтæмæй йæ мастæй бонæй- бонмæ тадысты. Бирæ нал фæцардысты. Иу аз фæд-фæдыл амардысты. Митъо куы мард, уæд йæ фыртмæ фæдзырдта æмæ йын афтæ зæгъы: «Уæ- лæуыл мын де нæуаг митæй мæ зæрдæ скъахтай, мæ фырт. Мæрдтæм цæуын хъыгзæрдæимæ æмæ йæ зон, мæрдты авд марды акæндзынæн, нæ хæ- дзармæ йæ къах чындзы номыл чи æрбавæрдта, хъæбулау нын чи лæггад кодта, хъæбулты хицау чи ссис, йæ уд сонтæй фæстæмæ дæуæн чи* балæ- вар кодта, уымæн йæ цард куы сæнад кæнай, уæд. Мæ хæдзары цы чысыл сабиты федтон, уыдон ис- кæй уæзгуытыл кæугæ æмæ дзыназгæ куы цæуой, куы мæм фехъуыса сæ тæригъæд, уæд атондзысты мæ ингæны къултæ, фæлæ æркæс, æррæвдау дæ бинонты. Зон, тулгæ дурыл хъуына кæй нæ хæцы. Адæмы зæрдæмæ цы хъуыддаг нæ цæуы, лæджы æгад æмæ дæлдзиныг чи кæны, ахæм митæ мауал кæи, ма дæр искæй æввонг фæллæйттæм бабæлл, ничи дæр дын сæ балæвар кæндзæн. Зон, лæгæн йæхи туг æмæ йæ хиды æртахæй ссаргæ фæллæйттæ вæййынц адджындæр. Искæй фæллой, искæй цæнгты куыстмæ тырнын хæрам у». Митъойы ныхæстæм æнкъардæй хъуыстой хæ- дзары цыппар талынг къуымы. Тъæпп хаудта дой- наг дур. Фæлæ фыды ныхæстæ Хъауырбегмæ нæ б’ахъардтой. Иу хъусæй сæ фехъуыста æмæ сæ ин- нæмæй ауагъта. 18
Митъо куы амард, уымæй цалдæр мæйы фæс- тæ мæлæтдзаг рынчын фæцис Марта дæр. Æгъа- тыр низ æй сынтæгмæ ныббаста, йæ бартæ, йæ фæндтæ йын байста. йе, уæддæр йæ цæстытæ са- быргай ахæссы хæдзары къуымтыл. йæ сæрыл уæззаугай схæцы æмæ ма афæлгæсы, йæ царды бонтæ цы кæрты, цы уынджы арвыста, уырдæм. Мæлæг адæймагæн йæ сæр йæ кой вæййы. Фæлæ Марта уæддæр хъуыды кæны йæ хъæбултыл. Хъуы- ды кæны Хъауырбеджы æнæуаг митыл. Йæ цæст- æнгас нæ.хицæн кæны сабитæй, йæ фæлмæнтæ чындз Магданæй. Йæхи та фæфидар кодта, йæ чындзмæ басидт æмæ йын рæвдаугæ, мæллæгхъæ- лæсæй загъта: — Чындз, цард дын фестон, цæргæ-цæрæнбон- ты мæ иунæг хъæбулы амондмæ фæбæллыдтæн. Æмæ мын хуыцау мæ бæллиц сæххæст кодта. Мæхи куыд фæндыд, ахæм амонд фæци мæ фы- рты. О, тæхуды æмæ демæ цæрынæй куы бафсæс- таин, фæлæ мæ удхæссæг дуарахæст бакодта, фервæзæн мын нал ис... Зон ацы дунейæ кæй хи- цæн кæпын, ууыл мæ зæрдæ афтæ нæ риссы, мæ фæстæ сымахыл мæ зæрдæ цас риссы... Мæ фырт хæдзайраг нæу... Æгæр рог æмæ æнæ^мæт зæрдæйы хицау у. Мæ аххос уыд, йæ чысылæй йæ æгæр къулбадæг ахуыр кæй скодтон... Фæлæ цы бакодтаин? Иунæг мын уыд æмæ мады зæрдæ æр- хъæцмæ дæр нæ лæууыд. Хъуыды кодтон, зæ- гъын, куы байрæза, уæд йæ зонд æрцахсдзæн... Фæлæ фæрæдыдтæн... Мæлæты бон фæсмон кæ- нын, ахæм хъомылад ын кæй радтон, ууыл. Хуыз- дæр гуырдтæ рауадысты, бынтон, æвæгæсæг, мæ- гуыр æмæ сидзæрæй чи схъомыл, уыдон... Æнцон дын нæ уыдзæн, уый х’атын... Уæддæр дæ курын, ныххатыр-иу ын кæн... Мæрдты, зындо- мы мæхи хатдзынæн, куы фехъусон, уе ’хсæн исты хæрам фæзынди, уæд. Бафæраз-иу, ныббыхс-иу, мæ хæдзары фарн, йæ къуымтæ дын фæдзæхсын æмæ мын сæ дзæ- гъæл ма ныууадз, цардæфсæст-иу сæ ут мæ фæстæ... 19
Æфсины ныхæстæм чындз ныббогъ-богъ код- та. Иæхи йæм сынтæгмæ баппæрста. Иæ дæллаг- хъуырмæ йæ, сабиау, арæхстгай æрбалхъывтæ æмæ йын афтæмæй дзуры: — Мæ уæздан æфсин, мæ зондамонæг, æз нырма демæ куы нæ бафсæстæй цæрынæй, уæд мын куыд загътай «мæлын», зæгъгæ!.. Марта та уæззау ныхъхъæрзыдта: — Мæлын дын, мæ уарзон чындз, мæлын. Мæ- лæты ныхмæ æрлæууæн нæй... Фæлæ-иу мæ фæ- дзæхст дæ зæрдыл дар. Магдан йæ цæссыгтæ асæрфта. Иæ разы ныз- зоныгуыл кодта æмæ йын ард бахордта, куыд йе ’фсины фæдзæхстытæ царды цæсгомджынæй сæх- хæст кæндзæн. Магдан йе ’фсин æмæ йæ хицауы фæдзæхсты- тæ царды æххæст кодта зæрдиаТæй. Хъауырбе- гыл та ноджыдæр базадысты æнамонддзинад хæс- сæг базыртæ. Уыцы базыртæ-иу æй бæрзонд ар~ вæй мигъты ’хсæн систой æмæ йæ кæдæм хастой, уымæн йæхæдæг дæр нины æмбæрста. Æрымысыд базар кæнын. Цыдис Гурмæ, Карелмæ, Калакмæ æмæ æндæр рæттæм. Карелы уал азонгэе ис иу æдзæсгом сылгоймаг Нинушкаимæ... Уæдæй фæстæмæ бынтон хæдзайраг нал уыд. Ныууагъта-иу йæ чысыл сабиты æвæрæз ус Маг- даны бæрны æмæ-иу къуыригæйтты хæтыдис. Хæ- дзармæ-иу куы фæзынд, уæддæр бинонты мæт ни- куы бакодта, нæ дæр, хæдзар æдзæллаг уавæрмæ кæй цæуы, ууыл тыхст. йæ зæрдæйы ницæйаг монцтыл баивта, кæддæр йæ уарзондзинадæй æр- ратæ цы Магданы тыххæй кодта, уый æмт йе нахъом æдых сабиты. Хъауырбеджы зæрдæйы цы цъаммар хъуыдытæ сæвзæрдысты, уыдон бонæй- бонмæ арфæй-арфдæр кодтой æмæ, куыдфæстагмæ, лæджы бинонтимæ цы æнкъарæнтæ бæттынц, уыдон бынтондæр аскъуыдысты, лæгæн йæ бинонтæ æцæ- гæлон фестадысты. Æндæр фæндтæ, æндæр монцтæ ныззарыдысты Хъауырбеджы зæрдæйы. Уал азы цы усимæ фæцардис, цыппар лæппуйы æмæ дыу- уæ чызджы йын кæмæй райгуырд, уый æд сабитæ 20
йæ удхæссæг фестадис. Ныллæууыд сæфты фæн- дагыл. 6 Мæгуыр, сидзæр лæппу у Хъызылбег. Нырма йæ лæджы кары нæ бацыд, фæлæ йæ зонд, йæ куыстæй — хъæубæсты уд æмæ дзæцц, æмбæлтты ’хсæн — уарзон. Хъазты, йе, чындзæхсæвы-иу ка- фæн фæзы йæ къахкъухтыл куы æрсимдта,—адæм- иу сæ цæст æрæвæрдтой, уæлдайдæр чындздзон чыз- джытæ, сæ цæсты зул-иу нал истой Хъызылбегæй. Æхсæв-иу æгъуыссæг фесты. Æмæ йæ канд йæ зонд æмæ йе ’гъдауы тыххæй миййаг нæ уарзтой Хъы- зылбеджы сæ хъæубæстæ, йе ’мгæрттæ. Иууыл ном- хæссæн та куысты мидæг уыд. Зад, бæзджын угæр- дæнты-иу йæ цæвæг куы ныхсидт кодта, уæд ацу æмæ фæу йæ разæй. Уый тыххæй-иу хосгæрдæны Хъызылбеджы разæй æрлæууынмæ йæ ныфс ни- чи хаста. Р1æ цæвæджы æхсидт-иу йæ зарæджы мыртимæ баиу æмæ-иу кæмтты ныццарыдтой. Куысты, гъе, зиуы хъæуы фæсивæдæй алчи дæр йæ уд хъардта Хъызылбеджимæ цæдис уæвыныл. Искуы-иу сæрбахъуыды сæраппонд хъæр куы фе- хъуыст, уæд-иу фыццаг Хъызылбег цыди фæдисы разæй. Хъуыддаджы бацыд, æрдæгыл æй никуы ныууагъта. Бæрзонд, айнæгриу, чысыл къуыбыр рихитæ, зондджын æмæ æнæхин цæстыты сæрмæ фæтæн ныхыл сæхи стæхынæввонг систой сатæг- сау бæзджын æрфгуытæ. Æрдз нæ бахæлæг кодта Хъызылбегæн йæ рæ- сугъддзинад, хъару æмæ лæгдзинад. Фæлæ йæ уый хыгъд та фæхъыг кодта, лæджы цæрынæн цы фадæттæ фæхъæуынц, уымæй. йæ райгуырдæй фæстæмæ мæгуыр, æнамонддзинад æрцардысты йæ хæдзары къуымты æмæ æдтæмæ расурын нал комынц. Æвæрæз—йæ авпалæнтæ, цыбыр—йæ арм. Афтид кæлæццаг хæдзар иуырдæм, расыг лæгау, фæтасыд, чысыл æфсон ма æмæ бынтондæр нык- кæлдзæн. Тæссаг у, йæ быны куы фæкæна Хъызыл- беджы, уымæй дæр. Аразын æй хъæуы ног хæдзар, фæлæ цæмæй? Æнæ гал, æнæ кусæнгарз хæдзар аразæн кæм ис? Бирæ фæсагъæс кодта, стæй ас- 21
къуыддзаг кодта уистæй хæдзары къæс сбийын. Райдыдта сæ хъæдæй æккойæ хæссын. Кæм æм- бæлтты, кæм та дыккаг хæдзæртты фæрцы хæдза- рæн арæзтадон æрмæджытæ дæр æрæфтауц код- та. Тындзы лæппу, æхсæвæй-бонæй йын æрæнцой нал И’С. Хæдзары къултæ быд фæфæуынц, чысыл ма йын уистæ фæцух сты, фæрæт та йæ сины æр- сагъта æмæ хъæды ’рдæм атындзыдта. Фатхъæд уистæ кæны Хъызылбег. Райы, цин кæны йæ зæрдæ, ныр ын хæдзары къуым уыдзæн. Кæд æй уисæй бийы, уæддæр дзы арты фæздæг куы скæлы, уæд æй хæдзар рахондзысты. Гъей; джиди, æниу, æвæдза, цы хъæуы, цьг, цæ- рынæн та: дыууæ фидар къухы, кусæг тых æмæ хуымы гæппæл! Фæлæ уыдонæй Хъызылбегмæ ис æрмæстдæр дыууæ къухы. Æниу, уыцы дыууæ къухы ницы да- вынц, зæхх æмæ кусæг тых куынæ*уа, уæд. Фæлæ, табу хуыцауæн, хæдзары къуым уал ын уыдзæн. Кæд хæдзарæн цы хъæуы, уыдон ын нæ фаг кæ- нынц, уæддæр æй адæм хæдзарыл нымайдзысты, стæй кæд хæдзары сабитæ дæр фæзынид, сабиты хъæлæба кæцæй цæуы, уый та хæдзарвæндаг фæ- хонынц. Гъе, фæлæ нырма уыцы сабитæч мад хъæуы, уæдæ цы. Рагæй йæ зæрдæ дзуры Сланты сау рæсугъд Дзерассæимæ. Æртæ азы размæ йæ чындзæхсæвы федта, йемæ дæр ракафыд. Кафгæ- кафын цалдæр хатты сæ цæстæнгастæ кæрæдзч- йыл амбæлдысты æмæ æхсон дуртау цæхæртæ акалдтой. Уыцы цæхæртæй стъæлфæнтæ фес- хъиудта, лæппуйы зæрдæйыл сæмбæлдысты æмæ цавæрдæр æнахуыр пиллон арты ссыгъди. Уæдæй фæстæмæ мæгуыр лæппу йæхицæн бынат нал ары, æхсæвæй-бонæй йæ хъуыдытæ, йæ бæллицтæ сты Дзерассæйыл. Æхсæв фыны. дæр йемæ вæййы. Би- рæ чызджытæ тайынц лæппуйы уындæй, фæлæ дзы Хъызылбег йæ цардамонды стъалы рахуыдта æрмæстдæр Дзерассæйы. Лæппу æнкъары, чызг æй йæхæдæг дæр кæй уарзы, уый. Фæлæ Хъызыл- бег уæззау сагъæсты ныххауди... 22
Цалдæр хатты афæнд кодта чызгмæ минæ- вæрттæ барвитыныл, чи зоны йын чызг сразы уа. фæлæ æнæ ирæд не сразы уыдзысты чызджы ный- йарджытæ. Хъызылбегæн та йæ бон ирæд ссарын нæу, хæдзар афтид. Дымгæ дзы футтытæй хъазы. Маст æмæ сагъæсты амæттаг фæци лæгшу. Фæлæ уал кæд ныр йæ хæдзары хъуыддаг фæ- рæвдз уаид. Иу мæйы бæрц ма æмæ йæ æрæмбæрз- дзæн, стæй уæд минæвæрттæ барвитдзæн. Йæ мады æфсымæртæ йын ирæд бафидынæн кæд баххуыс кæниккой, йе, стæй йе ’рвадæлтæ. Ау, уыдон та худинаг сæ сæрмæ куыд æрхæсдзысты..., Гъей, джиди, æвæдза, куыд амондджын уаид Хъызылбег, рæсугъд Дзерассæйы йæхицæн цард- æмбалæн куы æрхæссид, айнæг къæдзæхтæ бадон кæнид æмæ сыл рæсугъд дидинæг æрзайын кæнид. Чызг æй кæй уарз>1, уьгй хаты лæппу. Хъызлбе- джы тыххæй æввахс нæ уадзы йæ бирæ курджыты. Фæлæ иунæг уарзондзинадæй дæр цард окæнæн нæй. Искæй чызг дæр цæрынмæ æрцæуы æмæ цæ- рынæн та уавæртæ хъæуы. Цæй, цы уа, уый уæд, уæддæр йæ амонд хъуамæ бафæлвара, стæй бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы, дыууæ удæй кус- дзысты æмæ кæд цардыл фæхæст уаид. Уисты уæрдæхтæй абаста, йе ’ккой сæ акодта æмæ ратындзыдта сæхимæ. Куыддæр хъæуы сæрмæ æрхæццæ, афтæ кæсы æмæ сых æмызмæлд ссис. Цыма сæм бирæгъты бал фæлæбурдта, уыйау сæ хъæлæба хъуысы. «Цыдæр фыдбылызы хабар æрцыди», — хор- зау нал фæцис Хъызылбег æмæ йæхи раппæрста хъæуы ’рдæм. Кæсы æмæ йæ хæдзары размæ адæм тыгуырæй лæууыдысты. Цавæрдæр æнахуыр адæймæгтæ йын йæ уисæй быд æрдæгарæзт хæдзары къултæ рафæлдæхтой æмæ уисты фæрæтæй лыгтæ кæ- нынц. Хъæубæстæй чидæртæ иуфарс сæргуыбы- рæй лæууынц æмæ мæсты цæстæнгасæй кæсынц тыхгæнджытæм. 23
Кæрты, урс-урсид бæхыл бады стæвдтæ арæзт, боцкъайы хуызæн лæг. Саргъыл куы иуырдæм фæтасы, куы иннæрдæм, афтæмæй кæйдæр хъæ- рæй æлгъиты. Хатт йæ тымбыл къух кæмæдæр æртхъирæнгæнæджы тылд бакæны, фæцуды, бæх йæ быны стæлфы, æмæ лæджы рахауынмæ бирæ нал бахъæуы. Хъызылбег базыдта æлдар æмæ йæ фæсдзæ- уинты, фæсвæд аппæрста йæ уисты баст, фæрæт йæ сины æрсагъта æмæ адæмы уæлхъус æрбалæууыд. Йæ хæдзар ын кæй халынц, уый куы ауыдта, уæд сæм йæхи баокъæрдта: — Чи куыдз, чи хæрджытæ стут, цы уæ дарын, цæмæн мын ныппырх кодтат мæ хæдзар?! — йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд Хъызылбегæн, йæхи ныццавта тыхгæнджытæй сæ иуыл æмæ йын йа? къухæй фæрæт стыдта. Фæсдзæуинтæ атымбыл сты Хъызылбегыл. Фæлæ раст уыцы рæстæджы хъæу- бæсты разагъддæр фæсивæд сæ хъаматы сæртыл хæцгæйæ æрбалæууыдысты Хъызылбеджы алы- варс. — Сымах куы фæрсын, æнæхайыр фæуат, цæ- мæн мын фехæлдтат мæ хæдзар? — йæ цæстытæ туджы разылдысты, афтæмæй сæ дыккаг хатт ба- фарста Хъызылбег. Фæсдзæуинтæй дзуапп ничи радта, фæлæ сæ цæстæнгас скодтой æлдармæ. Æл- дар адæмы æхсæнты йæ бæх батардта Хъызылбег- мæ æмæ йыл уæлбæхæй фæхъæр кодта: — Ух, æнæрæгъыдзыд, кæй хоныс хæрæг? — Цы нысан 'Кæны айл æлдар? Куы ницы дæ дарын, уæд мын цæмæн фехалын -кодтай мæ хæ- дзар? — йæ къухы æнгуылдзтæ йæ армы тъæпæны æрбатымбыл кодта Хъызылбег. — Чи дын радта ам ме вастæй хæдзар аразыны бар? — фæбогъ кодта æлдар. — Цæй тыххæй ныц- цагътай мæ хъæд?! Дæу куы фæрсын, фыдгæнæг?! — Æмæ мæ кæй бар дæттын хъæуы? Хъæд æх- сæны хъæд у, адæмæн иумæйаг, Ды йæм ницы бар ларыс... 24
— Ницы?! Хорз, уæдæ, куыдзы гуыбынæй дзыд, #з дын дæ дзурæнтæ æрæхгæндзынæн! — æлдар йæ къух фæхъил :кодта, ехс уæлдæфы окафыд æмæ Хъызылбеджы русы фарс тæлм абадт. — Ноджы ма мæ ’цæвгæ кæныс, æлгъаг цы- дæр! — Хъызылбеджы риуы маст сфæйлыдта, туг ацахст тугдадзинты, цæстытыл фæлм абадт, фæ- хæст хъамайы фистоныл, фæцъортт æй ласта æмæ йæ æлдары нард гуыбыны суангдæр фистоны онг ассыдта. Æлдар кæлдым бæласау æрфæлдæхт зæхмæ. Адæм схæццæ сты. Хъæр, хъæлæба, фæсдзæ- уинтæ ма сæхи баппæрстой æлдармæ, фæлæ æлдар йæ уд систа. Адæм куы схæццæ сты, уæд Хъызыл- бег цæсты фæныкъуылдмæ æлдары бæхмæ сгæпп кодта æмæ фæтары. ...Тар хъæд — сæрибар абырæджы цæрæн бынат, æхсæвы мæйдар йæ — хъахъхъæнæг, хæхтæ, бьг дыртæ—йæ хæтæнтæ. Иæ бафхæрджытæй маст рай- сын — йæ мæты сæр. Арф хъæды æрбынат кодта Хъызылбег. Нырæй фæстæмæ — иппæрд адæмæй, фæлмæн хъæццулæн ын — уæйлаг нымæт, пакъуы базæн — бæхы саргъ. Бирæгъау куы фыр æфсæст, куы фыр æххормаг. Æмæ ма ууыл дæр хъæцид, фæлæ а-дунейыл йæ удæй адджындæр цы чызджы рахуыдта, æхсæв йæ сæнтты рæсугъд бæллицтимæ кæимæ тахти, ацы æлгъыстаг дунетыл кæй ныфсæй йæхи амондджын хуыдта, уыцы уарзонæй æнæхай баци. Тар хъæды æрдузы цъæх нæууыл йæ бæхы суагъта, йæхæдæг уæлгоммæ хуыссы пæлæхсар нæ- зы бæласы бын æмæ йе ’вæрæз цардыл кæны уæз- зау сагъæстæ. Никуы ницы федта йæ чысылæй фæстæмæ мис- халы бæрц дæр царды хорзæй. Цард æй йæ чысы- лæй раргъæвта авдæнæй æмæ йæ арвыста уæззау дæрзæг фæндагыл. Авдæны ма уыд, афтæ йæ фыд хъæдмæ ацыд. Лæг бæлас фæлдæхта æмæ йæ бы- кы фæци. Де знаг дæр афтæ... Мад хъомыл кодта йæ хъæбулы. Фыд цард, фыд куысты рафтыд, фæ- ниэджын æмæ йæ уат нал систа. Хъызылбег хæрз 25
æвзонгæй райдыдта кусын. Фæлæ йæ чысыл цæнг- ты тыхæй цас йæ бон уыд йæхи дæр æмæ йæ рын- чын мады дæр фæдарын. Дæс азы йыл сæххæст, афтæ амардис йæ мад æмæ баззад бынтон иунæ- гæй кæлæццаг зæронд хæдзары. Райдыдта царды фæндтæ кæнын. Чысыл цыдæр муртæ батымбыл кодта. Æниу кæдмæ æрвыстаид иунæгæй йæ царды бонтæ. Бауарзта рæсугъд Дзе- рассæйы, фæлæ чызджы, æмбыд хæдзары къуым- мæ æрхæссын йæ сæрмæ не схаста. Æрымысыд ног агъуыст аразын æмæ дын, гъе, уый хъуыддаг... йæ царды рæсугъд фæндтæ æнæнхъæлæджы æрбайхæл- дысты. Нырæй фæстæмæ æндæр у йæ фæндаг, йæ зæр- дæ йæм сиды æрмæстдæр йе ’фхæрджытæй маст райсынмæ. Цалдæр мæйы фæстæ арвнæрдау айхъуысг абырæг Хъызылбеджы кой. Дзырдтой, зæгъгæ, дам, Мачабел æлдары хуыссæн уатмæ лæгдыхæй ба- фсæрста æмæ йæ йæ бирæ лæггадгæнджыты цурæй ракодта йæ цагъарты æхсæнмæ, уыдон цур, дам, æй ахъаззаг снадта. Стæй, дам, æй ныффæдзæх- ста, цæмæй дарддæр фыдмитæ макуыуал .бакæна, æндæра йыл марынæй нæ бацауæрддзæн. Хъæздыджытæн сæ ис иста æмæ сæ мæгуыр- тæн лæвæрдта. Мæгуыр лæджы æфхæрд никæмæн барста. Æлдæрттæ æмæ дзы паддзахы хицæуттæ æмризæджы рызтысты. Йæ фæдыл ын бафтыдтой сæ хъузæтты, фæлæ адæм æмбæхстой сæ сæрхъы- зойы æмæ пъæлицæйы къухты никуы æфтыдис. Иу зымæгон бон комæй-коммæ, хъæуæй-хъæу- мæ айхъуыст, зæгъгæ, Фæзы хъæуы æхсæвыгон пъæлицæ кæйдæр хæдзары æрæййæфтой Х^ызыл- беджы. Тох ын бацайдагъ. Цалдæр пъæлицæйаджы амардта, фæлæ йæхæдæг дæр уæззау цæфæй сæ къухты бахауд. Æмæ, дам, æй арвыстой Сыбырмæ. Цыдысты бонтæ æмæ та æрыхъуыст ног хабар: Хъызылбег, дам, Сыбыры сæрибары тохгæнджыти- мæ бахауд, уыдон, дам, ын Сыбырæй ралидзынæн баххуыс кодтой. Ныртæккæ^ дам, йс кæмдæр, æмæ, зæгъ, Уырысы йæхи хуызæн революционертимæ 26
тох кæны паддзахы раппарыныл æмæ хицауад мæгуыр адæмы къухтæм радтыныл. Уый фæстæ Хъызылбегæй ницыуал бæрæг æрыхъуыст. 7 Æнкъард, æрхæндæгæй кæрæдзи фæдыл цы- дысты бонтæ. Хъызылбегæй хабар куынæуал æры- хъуыст, уæдæй фæстæмæ рацыдис цыппар азы. Адæм хъус-хъус кодтой, зæгъгæ, дам, æй кæмдæр чидæр амардта. Фæлæ уыцы дам-думтæн бæрæг бындур нæ уыди. Дзерассæмæ усгуртæ дæлфадихсыд баисты. Дзырдтой йын йæ ныййарджытæ дæр, цæмæй йæ бирæ курджытæй йæхицæн аккаг къайаг равзара. Фæлæ чызг ской никæй уагъта. Хъуыды ма кæны чызг: Хъызылбег абырæг куы фæлыгъд, уымæй къуыри фæстæдæр иу изæрыгон Дзерассæ суадон- мæ дон хæссынмæ ацыд. Иæ донгарз байдзаг код- та æмæ фæстæмæ раздæхон куыд загъта, афтæ къудзитæй йæ размæ æрхызт Хъызылбег. Чызг фестъæлфыд æмæ йæ мидбынат дзыхълæуд фæ- • кодта. — Дзерассæ, стыр хатыр дæ курын, ныббар мын, ахæм хуызы дæм мæхи кæй равдыстон, фæн- ды мæ, цæмæй мæм дыууæ ныхасмæ байхъусай... — Худинаг у... ацы ран нæ иочи фендзæн, — стыхстис чызг. — Æрмæстдæр дыууæ ныхасы... Байхъус мæм... Кæд дын мæ^ ныхасмæ хъусын æвæндон у, уæд дæ нæ уромын, фæндараст у... Чызг йæ бынатæй нæ фезмæлыд. — Дзерассæ, мæгуыр, дам, фынтæй буц у, фæзæгъынц. Æмæ æз дæр æрвыл æхсæв буц уыдтæн мæ рæсугъд фынтæй. Мæ чысылæй фæстæмæ мæ царды фыдæбон æмæ зынтæй дарддæр ницы уыд, фæлæ зындзинады раз мæ сæр никуы æргуыбыр кодтон. Арвы æнæнымæц рæсугъд стъалыты æх- сæн равзæрстон мæ цардамонды æрттивгæ стъалы- йы æмæ æдзухæй дæр уымæ тырнгæйæ мæ зынтæ ницæмæ дардтон... Дзерассæ, уарзын дæ... ацы 27
мæнг дунейыл мыл дæу тыххæй кæсы хур, дæу ты’ххæй хъусын мæргъты зарын, бæлæсты сыбар: сыбур. Бæргæ, чи зоны æмæ митæй мæсгуытæ амайæгау сты мæ сæнттæ, фæлæ цы бакæнон, хи- вæнд зæрдæ нал кæсы мæ коммæ. Зонын æй, хъысмæт мæ адзалы фæндагыл баф- тыдта. Куыд уыдзæн мæ сомбон, иунæг хуыцау йæ зонæг. Æниу мæ зæрдæ æнцой у — мæ маст ме ’фхæрæгæй райстон, æмæ нырæй фæстæмæ дæр мæ царды æгаддзинад мæ сæрмæ нæ бахæсдзынæн. Мæн ацы мæнг дунейыл æнцад-æнцой цæрын чи нæ бауагъта, уыцы æнаккæгтæй фæсфæд никæд алæу- дзынæн. Курын дæ, Дзерассæ, кæд искуы мæ ном фе- хъусгæйæ дæ зæрдæйæн æхцон вæййы, уæд мæм иу чысыл банхъæлмæ кæс... Мæхицæн иокуы исты сæр- фат ссардзынæн æмæ дæм фæзындзынæн... Æр- мæст мæ фæнды дæ фæндон базонын. Зæгъ мын æргом, кæд дæ мæ сомбоны æбæрæг зын æмæ тæссаг царды фæндаг тæрсын кæны, уæд мын дæ фæндон ма бамбæхс, зонын æй хорзæй кæй ницы ис мæ царды. Рагацау дын æй зæгъын, æмæ кæд дæ ныфс нæ хæссыс, уæд хъуамæ зонон хъуыддаг. Цæмæй ныххурх кæнон мæ риуы, æрра доныулæн- тау чи рæмудзы, уыцы зæрдæйы æнкъарæнты... Чызг ницы дзырдта, афтæмæй зæхмæ каст, йæ цæсгом артау сыгъд æмæ хъуыста Хъызылбег- мæ. Бæрæг уыд лæппуйы уæззау сагъæстæм чыз- джы зæрдæ ахст сырдау йæхицæн бынат кæй на: уал ардта, уый. Æмæ ма йæ кæлмæрзæны хаутыл йæ пырх кæй калдта... — Нæ дæ бахæрам кæндзынæн куы мын зæ- гъай, нæ фæндаг иу нæу, зæгъгæ, уымæй. Ссар дæ амонд. Æрмæст æй зон, æнусмæ дæ фæлгондз мæ риуы кæй баззайдзæн æмæ йæ ацы æлгъыста- джы дунейæ мæрдты бæстæм сыгъдæгæй мемæ кæй ахæсдзынæн. Чызджы ма уыцы ныхас хъуыд, æмæ пиллон ар- ты ссыгъд, рагæй фæстæмæ йæхимидæг æгомыг сыгъд чи кодта, уыцы сонт зæрдæ. — Æдыхст иу у, дæ зæр^дæмæ мæн тыххæн 28
хъыгдзинад ма хæсс... Цалынмæ цæрон, цалынмæ ма а дунейыл кæса хур, уæдмæ дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн. Зонын æй, зын мын уыдзæн сомбон, фæ- лæ дзы нæ тæрсын. Арты цæхæры смидæг уыдзы- нæн æмæ айнæджы тигъæй мæхи фехсдзынæн, «уыцы зындон» кæй хоныс, уырдæм дæ фæдыл. Уыдзынæн демæ алы ран дæр! Хъызылбеджы цæсгомыл цины стъæлфæнтæ схъа- зыдысты. Йе стыр маст, йæ фыдæбон æрбайрох кодта, афтæмæй загъта: — Дзерассæ, мæ дуне, зын дын куы уа æмæ дæм сомбон фæсмон куы æрцæуа, миййаг. Ахъуыды кæн... — Ахъуыды кодтон... Фæстæмæ мын раздæхæп нæй... — О, дуне... Куыд амондджын дæн, Дзерассæ. Мæ риуы иу зæрдæ ис æмæ йæ кæнын дыууæ дихы, йе ’рдæг ын уадзын ам, дæуæн. Цæй, нал дæ уро- мым. Цæугæ. Хур йæ раст фæндагæй куы фæиртæ- са, дæттæ фæстæрдæм куы раздæхой, уæддæр дæ макуы бауырнæд æз кæй нал æрыздæхдзынæн, уый. Æнхъæлмæ кæс! -— Хорзыл амбæл! Хуыцау æмæ дæ Мадымай- рæм фæндараст фæкæнæнт. Дæхи-иу хъпхъкъæн фыдбылызæй. * * * Ацыд Хъызылбег æмæ уæдæй нырмæ нал зыны йæ уарзон Дзерассæмæ. Чызг тайы, дзыназы лæп- пумæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Хатт йæ сагъæстæй куы схъыг вæййы, уæд аивæй йæхи райсы, хъæуы сæр- мæ къуылдымыл сбады æмæ æрхæндæгæй бирæ фæ- кæсы, Хъызылбег цæрынмæ кæм бæллыд æмæ æдзæ- рæг чи баззад, уыцы уæзæгмæ. ...Ныккалд Хъызылбеджы зæронд хæдзар, йæ дуртæ ма кæмдæрты хъилтæй баззадысты. Ног уи- сæй цы хæдзары къуым бийынмæ хъавыд, уымæн 1 а йæ фæд дæр никуыуал зыны. Алы æмæ алы дам-думтæ хъуыста Дзерассæ, фæлæ йе стыр уарзтыл никуы суæлæхох. Никуы йæ 29
бауырныдта Хъызылбеджы марды хабар, нæ дæр, фæстæмæ кæй нал æрыздæхдзæн, уый. Æнхъæлмæ каст. Ныддаргъ сты æнкъард, æрхæндæг бонтæ, фæлæ... Мад æмæ фыд сæ чызджы фæндон куы базыд- той, уæд æм тых хатыд нал бакодтой. Нырмæйау æй нал тыхсын кодтой усгуртæ дæр. 8 Æрбалæууыд мин фараст сæдæ æвддæсæм аз. Фыд уазал зымæг скодта. Иу бон Ирыстонмæ дæр æрыхъуыст, зæгъгæ, дам, дард Петырбухы паддза- хы раппæрстой æмæ, зæгъ, йæ сæргъ слæууыд рæс- тæгмæ хицауад. Адæм алы ран дæр цин кодтой, кæд ныр фервæзиккам нæ утхæрттæй, зæгъгæ, фæ- лæ цыдысты бонтæ æмæ мæгуыр фæллойгæнат адæмы уавæр ницæмæй хуыздæр кодта. Фæци уалдзæг. Аивгъуыдта сæрд æмæ æрбалæу- уыд æвддæсæм азы амондхæссæг сыгъзæрин фæз- зæг. Ногæй та ар^вы нæрдау айхъуыст, зæгъгæ, хп- цауад сæ къухмæ райстой болылевиктæ. Октябры социалистон революцийы фæйлауæнтæ æрхæццæ сты Ирыстонмæ дæр æмæ фæллойгæнæг адæм рас- тадысты сæ барты сæрыл се ’фхæрджыты ныхмæ. Раст уыцы рæстæджы айхъуыстл зæгъгæ, Уæрæ- сейæ цы большевиктæ æрыздæхт, уыдонимæ ис Хъызылбег дæр. Зилы хъæутыл, æмбырд кæны Гуырдзыстоны меньшевикты ныхмæ партизанон къордтæ. Хабар фехъуысти Дзерассæмæ дæр. Бирæ æнæ- хуыссæг æхсæвтæ æмæ уæззау сагъæсты фæсгæ чызджы зæрдæмæ уалдзыгон хуры тын æрбакаст. Æнхъæлмæ каст йæ цæргæсмæ æмæ йæм иу уал- дзыгон райсом сæуæхсиды тынгимæ йæ дард бал- цæй фæзынди. Цин æмæ хъæлдзæгдзинадæн кæрон нал уыд. Дзерассæ йæ мад æмæ йæ фыдæй дæр нал фефсæр- мы кодта, рауад Хъызылбеджы размæ æмæ йыл ныттыхсти. ^/ыцы æхсæв чызджы фыд æмæ Хъызылбеджы 30
æхсæн фидыды дзырд æрцыдис. Чындзæхсæвæн æмгъуыд скодтой. Хъызылбег цалдæр боны баззад сæ хъæуы, стæй та ногæй хæрзбон загъта йæ дуне- йы рухс Дзерассæйæн æмæ ацыд. Æрмæст ацы хатт фæстæмæ тагъд кæй æрæздæхдзæн, уымæй ныфс бавæрдта чызгæн. 9 Хъæуы разагъддæр фæсивæд Хъызылбеджы амындмæ гæсгæ партизанты къорд аразын райдыд- той. Чи хæцæнгæрзтæ æлхæдта, чи топпы хос æмæ гилдзытæ. Фæлæ фæсивæдмæ бынтон æввахс наз цыди* Хъауырбег. Иæ мад æмæ йæ фыды амарды фæстæ хæдзайраг бынтондæр нал уыд. Райсом-иу сыстад æмæ суанг талынгтæм хъеллау кодта куывд- тæ, чындзæхсæвтæ æмæ хистыты фæдыл. Хатт-иу мæйгæйтты дæр хæдзармæ нæ фæзынди. Кæмдæр, цыдæр базары хъуыддагыл фæхæст, хъæуты зылд, мæгуыр тыхст адæмæй аслам аргъыл фос æлхæдта æмæ сæ дывæр аргъмæ уæй кодта Калачы базары. Йæ лыстæг астæу æмæ йæ даргъ ^бæрзæй нæрсыи райдыдтой, рустæ сырхфарс офæлдæхтой. йæ да- рæс дæр бонæй-бон хуыздæр æмæ аивдæр кодта. Уый хыгъд та бонæй-бон тæригъæдтагдæр æмæ мæгуырдæр кодтой хæдзары къуымтæ. Хæдзары мæт æгасæй дæр æрхауд Магданмæ. Хæдзары цал- дæр æнахъом сабийы æххормаг æмæ гомгæрццæй утхарæй мардысты къонайы хъылма фæздæгджын къуымты. Магдан цалдæр хатты бауайдзæф кодта йæ лæ- гæн, цæмæй йе нахъом сабиты æвæрæз уавæр ис- тæмæй фæрог кæна. Фæлæ марадз зæгъ, дурзæрдæ фыдмæ никæцæй хъардта нæ дæр йæ сабиты тæри- гъæдтаг судзгæ цæсты сыг, нæ дæр йæ усы утхар. Лæг-иу стъалыйау ферттывта чысыл æмæ-иу æм- æхсæвæджы фæтары. Фæстагмæ бынтондæр йæ къух систа йæ бинонтыл. Цалдæр мæйы никуыцæй- уал фæзынд. Иу фæззыгон бон сæ хъæумæ, кæд искæмæ фос 31
уæййаг ис, зæгъгæ, æрхаудта. Цы гæнæн ма йын уыд, «æфсæрмæй» бауад йæ бинонты абæрæг кæ- нынмæ. Сабиты пецы фарсмæ лæугæйæ хæринагыл кæугæ ;куы ауыдта, уæд сыл иу богъ фæкодта: — У, рын уæ фæхæсса, кæд бæстæ уæ сæрыл цы систат! Ныхъхъус ут, быныскъуыд суат, æндæра уын мæнæ ацы кардæй уе ’взæгтæ æрлыг кæндзынæн! Сабитæ сæ кæуын фæуагътой æмæ къуымы тарстæй баныгъуылдысты. — Цæмæн мын æлгъитыс мæ сабиты, æнæуи дæр æфхæрдцух куы нæ сты. Кæрдзыныл кæуынц æмæ мæйгæйтты кæмдæрты хæтыс æмæ сын æфсо- нæн уæд та иу дзулы джиранка фæтчыгъæдæн де- мæ æрбахæсс. Марг бахæрай, дæ гæлдæр сывæр- джын усæй фыддæр куы фæци, уæд æппын дæ са- биты мæт цæуылнæ кæныс. - Фыццаг хатт нæ хъуыста Хъауырбег Магданы уайдзæфтæ, ахуыр сыл уыд æмæ йæм нал хъардтой; нал дæр сæ истæмæ дардта. Уæлдайдæр та ацы хатт йæ «базары» хабар хорз ацыд æмæ йæ нзе фæ-ндыд йæ дзæбæх зæрдæйы уаг фехалын æмæ Магданæн афтæ зæгъы: — Гъе, усай, куынæ ма æрхæццæ дæн æмæ та мæ дæ уайдзæфты бын куы фæкодтай. Фæлтау ма исты фен, фыр æххормагæй мæ ахсæн мæ чъылды- мыл баныхæст,—лæг сбухъхъ кодта æмæ цыма галы сгуы йæ хъæлæсы ныффидар, уыйау-йæ хæкъуырц- цæй нал æнцад. — Цæй хæринаг ма дæ хъæуы, уый арахъхъы гарзау куы æнхъизыс? — нал æм фæлæууыд ус. — Хæдзары исты хæринаг куы уаид, уæд мæнæ ацы тæригъæдтаг сабитæн уæдæй нырмæ сæ уд гæркъа- йы хуынчъы алæст. , — Гъе, уымæн нæ фæцаеуын, гъе, æз дæр ардæм. Дæ хæдзармæ æрцу æмæ дыл мачи баузæлæд, мачи дыл батыхсæд. — Æмæ цæмæн æрцæуай, кæд æмæ æндæр ран дæ рæстæг æрвитыс, уæд? Цин æмæ рæвдаугæ адæймаджы фæкæнынц æмæ дæумæ адæймаджы миниуджытæй ницыуал ис. Дæ фарсы тæнæгæй 32
акæлой. уас, ацы æнахъом æххормаг сабиты хъуло- нæй кæй бахæрыс. — Цæй, цæй, ныхъхъус у! Ницыуал мæ хъæуы, знон кæй бахордтон, уый дæр мæ фарсæй фæци! — фæгæпп ласта Хъауырбег. — Хъæр ма кæн. Уаих фæуай, уæдæ ма кæмæн зæгъон мæ зæрдæйы рыст. Æви дæ ферох дæлфад- ихсыд куыд бадæ мæ ныййарджытæм: «баком мын, æндæра мæхи амардзынæн», зæгъгæ, дæ хурхмæ марæн кæрдтæ куы хастай, уæларвæй мын бонвæ- рон раакъæфинаг куы уыдтæ. Сыгъзæрин мæегуы- гæ мын самаинаг куы уыдтæ, уæд цы фесты дæ ра- здæры лæгъстæтæ? Цæмæн мын бабын кодтай ме ’взонгад? — Уæд мæм дунейыл дæуæй рæсугъддæр ничи каст. Мæхи марынæй дæ тæрсын кодтон, æмæ уый •-.æддæриддæр афтæ фæкæнынц лæппутæ, — йæ былтæ акъуырдта Хъауырбег. — Æцæг, чызгæй рæсугъд уыдтæ, раст у. Фæлæ ма ныр æркæс дæхи- мæ? Пфу, зæрдæ дæ хæццæ кæны. Нал дæ конд ис, нал уынд. Хур боны нартхоры сыфау банцъылд- тæ. — Атъæпп мын уай, ды мæнæн цы царды уавæр- тæ окодтай. Маст æмæ мæ цæсты сыджы ,бын фæ- кодтай. Уæззау уаргъ мын ме ’ккойы сæвæрдтай æмæ фыдуд кæнын. Æрабкæс ма айæппæт æна- хъом сабитæм. — Сабитæ! Æмæ дæ цæмæн хъуыдысты уыцы сабитæ, хæдзар сæ куы байдзаг кодтай, уæд? Лæг дыууæ боны цæры æмæ йын уьгцы гомгуыбынтæ пæ уд ахæрдзысты æмæ кæй хъæуы уыцы цард? Ныццарæх сæ кодтай æмæ сæ хæсс. Æз дын миййаг куынæ загътон, байдзаг кæн къуымтæ æмæ сæ богъ- богъ кæнын кæн. Бакæс ма сæм, бакæс, хуыйы хъыбылтау пецы бын куыд алæстысты! Уæлæмæ сыстут, мард уыл æрцæуа, басыгъдыстут!—Хъауыр- бег йæ къахæй стъæпп кодта сабитæй сæ иуы. Сы- вæллон ныцъæхахст кодта. — Иуфарс, дурзæрдæ, ма мын æхсой мæ саби- гьь — ус йæ сабиты йæ хъæбысы æрбакодта. — 3. Дзигойты Г. 33
Мæнæ ма сæм дæ къух дæр фæкодтай, уæд дыл мæ туджы цъыртт бакалдзынæн! — Дæхæдæг дæр куыдз æмæ дæ лæппынтæ дæр. Тфу! Мæ зæрдæ уæ ницæмæй рухс кæны... Ацу æмæ дæ дарæс раив, иу къæртайы дзаг дыл уæлийæ хо- ры гагатæ рауагътой, дæ дарæсы бызгъуырты ба- мбæхсдзысты, зæхмæ дзы ницы æрхæццæ уыдзæн. — Ды мын цы дарæс æрбахастай, уыдон скæн- дзынæн, фæнык мын фæуа дæ сæр. — Уый æмæ дын Калачы... Уыцы тасгæ-уасга куы рацæйцæуыунц амæй-ай нарæгастæу, гуырви- дыцдæр сылгоймæгтæ сæ духиты тæфкалгæ, уæд зæрдæ басулæ-мулæ вæййы... Лæг ма хуыздæр æмт. рæсугъддæр цæмæ бакæсдзæп... Иф! Иф! Иф! Лæг сæ фæдыл зындонмæ дæр нæ фæзивæг кæндзæн... — Ныууадз -нæ æмæ ньГл дæ хъалбон ма кал. Хъусыс? — йæ цæстытæ туджы разылдысты Магда- нæн. — Афтæ æнхъæл ма у æмæ йæ нæ зонын дæ рæстæг кæимæты æрвитыс, уый. Зæхх хъуамæ ас- къуыид æмæ дзы аирвæзис мæнæ ацы æххормаг сабиты тæригъæдæй. Æдзæсгом адæймаг дæ ды, дæ памыс ауæй кодтай хæтаг сылты къабатыл æмæ æрвитыс дæ рæстæг, мах цард та зындон скодтай æмæ нæ ныууадз. Сабитæн хатт сæ дарæг мæлгæ дæр акæны... — Хорз, уæдæ, фендзыстæм, мæнæй сымахæй чи ныммæлдзæни, уый. Æниу мæлгæ дæр «æ кæнут мæ фыдæнæн, иу дæр уæ мауал баззайа! — Ницы дæ дарæм. Ницы дыи кæнæм, æлгъыст сЪæуай, æмæ нæ ныууадз! Нæ мæгуыр нын æгъгъæд у æмæ ныл дæ хъал бон мауал кал. Бирæ фæзагъд кодтой уыцы æхсæв Магдан æма^ Хъауырбег, стæй расыг лæгыл хуыссæг фæтых æмæ ныффынæй. Райсом раджы фестад, бинонтæй йæ зонгæ дæр ничи бакодта, афтæ ацыд æмз^ уæ~ дæй нырмæ йæ хæдзары тæфтыл нал ацыд. Хъауырбег йæ бинонтыл йæ къух кæй систа æмæ хæдзары æмгæрæтты кæй нæуал ацыд, уый иуæй æхсызгон уыд Магданæн. Фервæзт дурзæрдæ лæджы схуыст, зæрдæкъахæп ныхæстæй. йæ маст 34
чысыл æрынцад æмæ йæ фæци сулæфыны бон. Фæ- лæ уый хыгъд та хæдзары уæз æгасæй дæр æрынца- ди сылгоймаджы уæхсджытыл. Тыхæй фидар уыд Магдан. Лæджы æмсæр сылгоймаг... Кæмæн-иу цухъхъайаг бауафта, кæмæн басылыхъА гъе, чындз- дзон дарæс. Æмæ ма амæлайы къæбæр амал код- 1а йе нахъом сабитæн. Уæдмæ йæ хистæр фырт фиййау цæуынхъом фæцис æмæ-иу сæрды бонты хызта хъæубæсты уæрыччыты. Магдан рæдау, зæрдæхæлар сылгоймаг, алгас хъæубæстæп йæхи блуарзын кодта, æмæ хъæубæс- тæй кæмæн цы йæ бон уыд, уымæй æххуыс кодта Магданы сабитæн. Фæлæ æвæрæз, гæвзыкк уыд цард. Хъæубæстæй бирæтæн сæхицæн дæр уадиссаг бахæринаг ницы уыд æмæ ма Магданы сабитæн та цы сæ бон уыд. Иу хатт бынтон йæ хъуырмæ ссис æвæрæз сыл- гоймаг. Йæ сæрæн ницыуал фæрæз ардта, цы ма бахæрын кæна сабитæн. Тæккæ дыууæ хоры астæу уыд æмæ хъæубæстæ сæхæдæг дæр тынг тыхстыс- ты. Магданы цæсгом никæмæ бахъæцыд. йæхи фæрадав-бадав кодта æмæ .куы ницы фæрæз ссард- 1а, уæд йæхи аппæрста йæ цæгатмæ. Æцæг йæ цæгат дæр тыхст уыдысты, фæлæ кæд сабиты мæ- лын нæ бауадзиккой, кæд сын’исты фæрæз скæник- кой. Ус сыхæгтæн йæ сабиты бафæдзæхста, йæ хы- зын йæ дæларм айста æмæ ацыд. Сабитæ ма райсом фæйнæ картофы бахордтой, фæлæ сын се стонг айсафынæн цас æххуыс фæуы- лаиккой. Сæ бон æххормагæй куынæуал уыд, уæд хуычъыйы сæртæ тонынмæ ацыдысты. Изæры Магдан удаистæй æрхæццæ сæхимæ. Мад æмæ фыд сæхæдæг тыхст уыдысты, фæлæ сæ хъæбулы хъæбултæн дыууæ кæрдзынваг хъæбæр- хоры ссад куыддæрты самал кодтой. Магданæн, цыма дунейы хæрзтæ радтæуыд, фырцинæй йæ мад Æмæ йæ фыдæн арфæ дæр нал ракодта, уайтагъд фæцæуæг. Хæрд, уырдыг нал æвзæрста, афтæмæй талынгтæм сæ хæдзармæ æрхæццæ. Фæлæ куыддæр Дуар бакодта, афтæ йæ зæрдæ дойнаг дурау ауазал 35
Къонайы артдзæсты фарсмæ нымæты бызгъуы- рыл хуыссыдис йæ кæстæр чызг Уаленкæ. Цæсгом æгасæйдæр ныррæсыд. Рустæ сырх-сырхид сфæл- дæхтой, афтæмæй йæ удисæгау ратул-батул ,кæны •нымæтыл. Сæ сыхæгты устытæй дыууæйæ йæ уæл- хъус бадынц æмæ сабийы тæригъæдтаг утæхсæнмæ сæхæдæг дæр ницыуал фæрæз арынц. Иннæ саби- тæ къуымы тарст цъиутау батым|был сгы æма; æдзæмæй кæсынц сæ утхаргæнæг хомæ. Магдан фæлæбурдта йæ рустæм, йæхи баппæрс- та йæ хъæбулмæ æмæ йæ йæ хъæбысы фелвæстп: —Мæ арт бауазал, цы фыд æрцыди мæ хъæбу- лыл?.. Чи мын æй ахсуыста, цы кодта, уæдæ?— фырадæргæй йæхицæн бынат нал ардта ныййарæг мад. — Ницы йын базыдтам... абон сихормæ дзæбæх уыди, мæнæ ам кæрты хъазыдысты... стæй уæртæ фæсхъæуы ’рдæм ацыдысты æмæ нæ зоныи, цы фыдбылыз ыл сæм<бæлд, — тыхстæй дзырдта сы- хæгты ус. — О, стыр хуыцау, Мадымайрæм, мæ уд дæ тæхæнты фæхъхъау æрбауа, ма мæ сæнамонд кæ- нут! — дыууæрдæм рауай-бауай кодта Магдан- — Кæд ыл миййаг фыдбылызы дымгæ æрба- мбæлд, мæ арт бауазал, ададжы фыдбылызы бы- нат у, — тарстæй загъта сыхæгты ус. — Айразмæ уæртæ Габоты чындз дæр уы’м фæтарсти. — Æз дæр афтæ хъуыды кæнын, фыдбыльтзы къух æм бахæццæ, — сразы иннæ ус дæр. — Фæлæ ма кæд исты гæнæн ис, уæд дæснымæ æвæстиатæй пæуын хъæуы. Уæртæ Марданты номдзыд дæоны Нуца, йæ кой дардыл хъуыст у. Кæмдæр, дам, мар- ды дæр йæ дзыхæй сдзурын кæны. Дæсныйы коймæ Магданы зæрдæйы чысыл рух- сы цъыртт фæзынди. Æхсæв бонмæ йæ цæстытыл хуыссæджы цъынд не ’рхæцыд. Тыхст йæ хъæбул, къæдзтæ кодта, цыма йын исчи йæ чысыл тъæнгтæ кардæй къуыхтæ кодта, уыйау. Саби фыр куыдæй ныффæсус, стæй бынтондæр бафæллад æмæ ны- хъуси- 36
Райсом бон дзир-дзур кодта, афтæ фестади Маг- дан, чырынæй фелвæста йæ чындздзон къаба æмæ кæлмæрзæн, хæцъилы сæ атыхта æмæ удаистæй Марданты дæсны Нуцамæ йæхи аппæрста. Аходæнафонæй ахызт. афтæ балæууыд дæсныйы кæрты. Дæсны Нуца, фæтæнтæ арæзт къаннæг ус, цы- ма Магданы æрцыдмæ æнхъæлмæ каст, уыйау ыл цинимæ сæмбæлд. Магдан ын усæн ракодта йе ’рцыды хабар. Нуца байхъуыста Магданмæ æмæ йын афтæ зæгъы: — Дæ чызгыл, мæ къона, фыдбылызы дымгæ сæм^бæлд, йæ уавæр тынг æвзæр у... Магданæн йæ уæрджытæ адон стьь йæ бон ма сдзурын баци: — Æз дæ мад, дæ фыды, уазæг, Нуца, исты хос ма! Мæ сæр дын снывонд кæндзынæн, æрмæст мын мæ хъæбулы фервæзынкæн, — дæсныйы раз йæ зонгуытыл æрхауд Магдан. — Фервæзын æй кæндзынæн, мæ къона, æр- мæст мын зын уыдзæни, ох, зын! Уыцы æлгъыста- джимæ тох кæнын, уый уыдонæй зæгъын... Зын \\ ой, зын у! — ус йæ ком айвæзта, стæй цыдæр æна- хуыр хъулæттæ акодта йæ чысыл гæккуыри цæсты- тæ, йе ставд былтыл йæ сæт æрмызт æмæ цыма кæ- имæдæр утæхсæн кæны, уыйау йæхимид ныуунæр- 1ЪЫ. Уый фæстæ, цыма, йе ’муд æрцыд æмæ Магда- нæн афтæ зæгъы: — Зын уыди, тынг зын. Де ’взæрмæ бæлджытæ уыдон ахæст фæуæнт, — стæй йæ къабайы дзьшпæй чъизи хæцъилы тыхтæй цавæрдæр æрттиваг фæр- дыг систа æмæ йæм ныккасти- — Уыныс, дæлæ дын айнæг дурмæ дæ фыдбылызты ныббастон. Æмæ дæм цæмæй мацыуал бархъомыс дарой, уый тых- хæй æртæ доны сæрты ахиз, æнæдзургæйæ дæттæй авджы мидæг сис, авг куы байдзаг уа, уæд ын йæ сæр дæ рыпчыны къабайы дæлæрмттæй стух æмæ йæ хъис тæбынæй бабæтт. Уый фæстæ авджы дæ хæдзары хчстæр нæлгоймагæн куыроймæ ахæссыи 37
кæн æмæ куыройы цалх кæм зилы, уырдæм æй бап- парын кæн- Магдан дæсныфæрсæггаг йæ чындздзон фæ- лыст ныууагъта æмæ удаистæй æрбахæццæ фæстæ- мæ. Йе ’рбацыдмæ йæ чызг бынтондæр мæлæты къахыл ныллæууыд, цæстæй нал касти, дзыхæй нал дзырдта. Æрмæст ма-иу рæстæгæй-рæстæгмæ уæз- зау сулæфыд. Мад авг аскъæфта, æртæ доны сæрты æнæдзур- гæйæ ахы-зт, алы донæй дæр систа, стæй йæ чыз- джы бызгъуыр къабайы дæлæрмттæ хæсгардæй æрбалыг кодта, авджы сæрыл сæ атыхта, сæхъис тæбынæй йæ æрбабаста, йæ хистæр лæппу Гаври- пы йемæ акодта æмæ атындзыдта куыроймæ. Дзæбæх æрталынг, афтæ бахæццæ сты куыро- йы цурмæ. Чысыл Гаврилæн йæ мад куыд загъта, афтæ куыройы бынмæ балæст- Куыройы дон фыц- цаг тæнæг уыд, фæлæ куыд арфдæр цыд лæппу, афтæ йæ ронбастмæ схæццæ- Лæгæрды лæппу, лæ- гæрды астæумæ доны, йæ ных сарæзта куыройы цалхмæ. Дон æй йæ разæй рахæссы, фæлæ та йæ гых æрбамбырд кæны æмæ та ногæй алæгæрды... Фæцæуы, фæлæсы лæппу, чысыл ма æмæ авг цалх- мæ баппардзæн, йæ къухыл хæрдмæ схæцыд æмæ аныр авджы зилгæ цалхмæ баппарон, зæгъгæ, аф- тæ йæ къæхты быи зæхх цыдæр фæци- Куыройы цалх лæппуйы фæччитæ ацахста, нытъæпп æй кодта æмæ йæ иуырдæм фехста. Уый ауынгæйæ Магдан йæ хъæлæсы дзаг ныхъ- хъæр кодта. Хъæрмæ куыройгæс рауад. Хъуыддаг куы бамбæрста, уæд куырой ныццауæзта. Малы бабырыд æмæ уырдыгæй лæппуйы уадзыгæй ралас- та. Магдан йæ рустæм фæлæбурдта, иу фыдбылыз иннæйы фæдыл- Йæ тæригъæдмæ кæсынæй бæстæ скъуыди. Тых æмæ амæлттæй æрчъицын кодтой Гаврилы. Лæппуйæн йæ фæрсджытæй дыууæ ацъæл- Мад æй йæ хъæбысы систа æмæ йæ ахаста сæадмæ- Йæ бацыдмæ йæ чысыл чызг йæ уд систа.. Дыккаг бон хъæубæстæ æртымбыл сты æмæ 38
Магданы чысыл чызджы баныгæдтой. Гаврил цас- дæр фæсад, стæй куы сдзæбæх, уæд та хъæубæсты родты фæдыл фиййау ацыд. 10 Цыдысты бонтæ- Революцийы фæйлауæнтæ тынгдæр æнхъæвзтой- Хъæубæсты фæсивæдæй æн- цад ничиуал бадти. Сæхи цæттæ кодтой тохмæ. Иу бон та кæцæйдæр фæзынди Хъауырбег. Ныр, раздæрау, схъæластæу нал уыд, æвæццæгæн йæ хъуыддæгтæ рæстмæ нал цыдысты æмæ йæхи æр- лæгъз кодта Магдан æмæ сабитæм- Хъæубæсты фæсивæд иу изæр бадтысты ныха- сы. Хъауырбег сæм уырдæм бацыд, салам сын радта æмæ ныхасы кæрон дурыл æрбадти. Ныхасы адæмæй сæрибары æмæ зæххы койы йедтæмæ ницы фехъуыстаис. Чи хæцæнгæрзты кой кодта, чи цы, чи цы. Бæрæг уыд адæм цыдæр стыр хъуыддагмæ сæхи кæй цæттæ кæнынц- Хъауырбег хъуысг.а ныхæстæм, фæлæ йæм адæ- мы ныхæстæй уыйбæрц ницы хъардта, æгæрстæмæй ма йын хъыг дæр уыд, адæм кæй сызмæлыдысты æмæ йын йæ хъуыддаг кæй хъыгдарынц. Адæмæн се «æуынон уыдысты меньшевиктæ, лгъыстаджы æлдæрттæл хъæууон бонджынтæ. Фæ- лæ уыдон Хъауырбеджы мур дæр ницæмæй хъыг- дардтой. Хъауырбег зылд хъæутыл, æлхæдта аслам аргъæй фос æмæ сæ дывæр пайда кодта Калачы базары. Ныр сызмæст бæстæ æмæ Хъауырбегæн йæ пайдаджын хъуыддæгтæ ныссуйтæ сты- Фос ни- чиуал уæйкæны. Фос уæййаг кæмæ ис, уый та хой- раг домы, меньшевикты æхцатыл ничиуал æууæн- дьг. Æниу æхца афтæ сыгад æмæ дзы фæззыгон бæласы хус сыфтæрæй хъауджыдæр ницыуал пай- да ис. Уый тыххæй йе нæуынон сты, Хъауырбегæч йæ цард афтæ чи сызмæста, уыдон. Раздæр-иу æу- уæнк уыдис, æхца-иу нæ бафыста, афтæмæй дзыр- дæй тардта фос- Фæлæ марадз зæгъ, кæд ма йыл исчи æууæнды. 39
«Адæм фесæфтысты, æууæнк нал ис, — хъуыды кодта Хъауырбег, — æмæ ай æппæт большевикты аххос у, уыдон сызмæстой адæмы». Æнхъæл уыд тагъд бæстæ æрсабыр уыдзæн, фæлæ марадз зæгъ, змæстытæ тынгæй-тынгдæр кæнынц- Æниу Хъа- уырбег нæ зоны æмæ йæ нæ дæр фæндгæ кæны зо- на.йæ^ адæм цæмæн змæлынц, уый. Уымæн йæ хъуыддаг хорз цыд, иуцалдæр азы ма афтæ куы ахастаид, уæд уымæй хъæздыгдæр Ирыстоны ни- чи уыдаид, æниу нырмæ цы æхца æртымбыл кодта, уыдон Калачы хæтаг сылты фæдыл куынæ бахорд- таид, уæд æм ныр дæр цъус фæллой нæ уаид. Ныр бамбæрста хъуыддаг, æмæ ныр та бæстæ схæццæ- Æмæ кæй тыххæй? Сæ хъæуы гæвзыкк æнæфæны- кæй хъалты тыххæй, Хъызылбег æмæ йе ’мбæлтты аххосæй- Куыд æрыхъуыста, афтæмæй адæмы чи змæнты, уыдонæй сæ иу Хъызылбег у. Адæм æм хъусынц, цæуынц йæ фæдыл цæхæр зынгмæ. Æниу чи у Хъызылбег? Йæ цæргæ-цæрæнбонты йæ гуы- Г>ы,н хъæбæрхоры кæрдзынæй дæр куы никуы бай- дзаг кодта, æнæхæдзар, æнæуæзæг. Чысылæй дæр нæ уарзта Хъауырбег Хъызыл- беджы. Канд йæ мад æмæ йæ фыд нæ, фæлæ йын хъæубæстæ дæр иууыл йæ цæстмæ уый дардтой, зæгъгæ, дæ къуыдипп хъал митæ ныууадз æмæ уæртæ Хъызылбеджы бафæзм- Æмæ цæмæй лæг- дæр у Хъызылбег? Мур дæр ницæмæй. Хъауырбег Хъызылбеджы хуызæтты арахъхъы сыкъайы дæр баназдзæн- Иу хæтаг сылы къабайыл æй нæ баив- дзæн- Цыдæр æыæуынон æмæ йып хæрам фестад. Ныр дæр та ныхасы уый кой кæнынц. Æгæрстæ- мæй ма йæхи чысыл сабитæ дæр уистæй бæхтæ аца- рæзтой, æхсаргæрдты бæсты лæдзджытæ сæ къух- ты, афтæмæй хæстæй хъазынц, сæ раздзæуæджы фырбуцæн Хъызылбег хонынц- — Ды цы ми кæныс, Хъауырбег? — Хъа- уырбегмæ баздæхтис хъæуы хистæр урсзачъе Ан- до- ,— Ды куы ницы дзурыс, уæд ма нын рахабар 40
кæн кæцытимæ дæ, большевиктимæ, æви меньше- виктимæ? — Æз сæ иут’имæ дæр нæ дæн æмæ се ’ннæтимæ дæр, — æвæндон дзуапп радта Хъауырбег. — Уæдæ афтæмæй куыд цæрынмæ хъавыс? — Æз дзæбæх цæрын. Никæй дæр хъыгдарын æмæ мæ мачи дæр хъыгдарæд... — Мæнæй ма, æз дын зæгъон бинонты мæт дæ ис, де нахъом сабиты æххормагæй уæзгуытыл ныу- уагътай æмæ кæмдæр бухъ цард кæныс- Уый сæр- мæхæссинаг хъуыддаг нæу, мæ хур. Адæм дæ фи- дис кæнынц, æмæ адæмæн фидиссаг фæуын та мæлæт у. — Мæ цардмæ никæй ницы хъуыддаг ис, Ан- до, — йæхи фæпыхс кодта Хъауырбег- — Алкæмæн дæр йæ цард куыд хуыздæр цæуы, афтæ йæ ара- зы- — Дæ цардмæ мæн ницы хъуыддаг ис, мæ хур, фæлæ мæ дæ сабитæм ис хъуыддаг. Нæ туг, не стæг сты. Æмæ хуыцау бирæ цæрæнбон радтæт Магданæн, уый куы нæ уаид, уæд сæ иу дæр уды- гас нал баззаид- Айразмæ дæ чызг амард. Æмæ цæмæй æнхъæлыс — хуыцауы низæй? Нæ- Æххор- магæй. Кæмдæр хъæстæ кæрдæг бахордта æмæ тъæппытæ фæхауд, ды та дæ зæрдæйы фæндиаг дæ рæстæг æрвитыс- Æмæ дын æгъгъæд у. Хорз фæ- лекка кодтай. Ныр æрлæуу дæ бинонты цур. Мæнæ нæ фæсивæд цы стыр хъуыддаг сфæнд кодтой^ уы- цы хъуыддагæй дæхи ма ’мбæхс, фæлæ æрбалæу сæ фарсмæ æмæ сын ды дæр баххуыс кæн- — Мæн никæимæ ницы хылаг ис- Чи хыл кæпы, уый хыл кæнæд. Лæджы амарыны тыххæй æз мæ къухтæм хæцæнгарз иæ райсдзынæн. — Уадз æй, Андо, нæ хъуыддаджы нын не сбæздзæн. Уый сылты ’хсæн хъæбатыр у, æмæ йæ уыдонимæ уадз, — чидæр фелхыскъ кодта фæси- вæдæй. — Махæн шицы феххуыс уыдзæн, уый бæс ты уæртæ йæ сабитæм куы æркæсид, сæ тæригъæ- дæй бæстæ скъуыйы. Тохæн лæг хъæуы- Æмæ хуы- цау куы зæгъид лæг. Уыцы ныхас æндæр ран нæ ныббарстаид Хъа- 41
уырбег, фæлæ ныр йæ маст аныхъуырдта. Æниу уадз æмæ чи цыфæнды дзурæд. Хъауырбегмæ æн- дæр фæндтæ æмæ æндæр хъуыдытæ ис- Стæй адæм æгæр знæт сты æмæ оæ ныхмæ исты куы зæгъа, уæд ын нæ ныххатыр кæндзысты. Мæстæйдзагæй фæбадт, стæй æрбацыд сæхи- мæ. Магдан æм ницы сдзырдта. Цыдæр æнахуыр цæстæй йыл сæмбæлдысты йæ сабитæ дæр. Уæл- дайдæр та йæ хистæр лæппу Гаврил æнæуынон, хæ- рам цæстæнгасæй ракаст йæ фыдмæ- Нæ, Хъауырбег йæ хъæубæстимæ нал фæцæр- дзæн. Миййаг исты фыдбылыз куы сызмæнтой. уæд ын Калакмæ цæуæн нал ис- Уый дæр фæхæц- цæ кæндзысты семæ. Фæлтау хи айсын хъæуы фыд- былызæй дарддæр. Дардæй сæм кæсдзынæн æмæ чи тыхджындæр кæна, уыдонимæ балæудзынæн. Уыцы райсом та фæтары ис сæ хъæуæй- 1920 азы Хуссар Ирыстоны ссыгъди революци- йы цæхæр арт. Фæллойгæнæг адæм растадысты Гуырдзыстоны меньшевикты ныхмæ æмæ расид- тысты Советон хицауад, Фæлæ растад бацъист æр- цыдис. Меньшевиктæ арт бафтыдтой Хуссар Ирыс- тоны хъæутыл- Адæм лыгъдысты Цæгатмæ- йæ сабитимæ алыгъдис Магдан дæр- Бирæ маст æмæ фыдæбæттæ бавзæрста мад йе нахъом сабитимæ хæхтыл Цæгатмæ хизгæйæ- Иууыл хъи- зæмардæр бонтæ та Цæгаты арвыста. Æрцард, сæ хъæуæй чи алыгъд, уыдонимæ Салыгæрдæны. Даргъ, уæззау фæндагыл ма удмидæг ныххæццæ сты йæ сабитæ. Лигъдæттæ тыхстысты, уæлдайдæр та халерæ- йæ. Æрвыл бон дæр-иу сæдæгай удтæ æнафоны мæ- лæты амæттаг баисты. Халерæйæ амардис Маг- даны хистæр зæнæджы кæстæр. Мад цæссыгкалгæ бавæрдта йæ сабийы... Цыдысты бонтæ... Зымæг фæуынхъус уыд... Сырх Æфсад рахызт æфцæгыл æмæ æнусмæ фæтардта адæмæн æнæуынон меныыевикты хицауады. 42
Æрыздæхт Магдан дæр йæ уæзæгмæ. Райдыдта та ногæй царды фæндтæ кæнын. Иæ сабитæ ныр байрæзтысты... Цумахъом фесты æмæ- иу сæ мады арм фæрог кодтой. Цин кодта ныййа- рæг мад, кæд цардыл фæхæст уаин, зæгъгæ. Фæлæ æнæхъуаджы уыд мады цин- Тыхкуыст æмæ уæззау цардæй рафтыд, смæллæг, æруатон- Сабитæ æвæгæсæг баззадысты. Ус æгас афæдзы дæргъы йæ уат нал систа. Иу бон Магданы æфсымæр Чермен æрцыд, йæ хойы ахæм тыхст уавæры куы федта, уæд хорзау пал уыд. — Мæгуыр цард дæ бадомдта, мæ хо, æмæ ахæм рынчынæй бирæйы фаг нал суыдзынæ, æмæ уал дæ нæхимæ куы аласин, — загъта æфсымæр йæ хойæн. — Нæ, ме ’фсымæр, мæ сабиты иунæгæй нæ ныууадздзынæн, — æнкъардæй загъта Магдан. — Фæлтау мæ мæлæт ам мæ сабиты фарсмæ æрцæ- уæд. — Нæ, мæ хо, нæ, дæуыл исты куы æрцæуа, уæд дæ сабитæ дæр хурмæ баззайдзысты. Аласон уал дæ нæхимæ. Нæхæдæг дæр цыбыркъух стæм, фæ- лæ нæ цуры куы уай, уæд дын кæд исты фæрæзтæ кæниккам. Стæй куы фæсæрæндæп уай, уæд та æр- баздæхдзынæ фæстæмæ... — Æмæ стæй мæ сывæллæттæ та? — тарст- хуызæй афарста Магдан. — Дæ сывæллæтты дæр демæ ракæн, уыдон дæр ма нæ цас батыхсын кæндзысты. — Нæ, Чермен, мæ хæдзары дуæрттæ нæ сыхгæн- дзынæн. Мæ къуымтæ раууатмæ æрцæудзысты... стæй... — Магдан йæ хъуыды æргомæй зæгъын нæ бауæндыд. Бэергæ зыдта, йæ хицæн дæр ^мæ йæ сабитæн дæр пе ’фсымæры хæдзары хуыздæр кæй уыдзæн, уый. Фæлæ тарст, куы ацæуой æмæ йæ хæдзар дзæгъæл куы баззайа, уæд йе сæфт дур- зæрдæ лæг миййаг искуыцæй куы фæзына, куы ныууæй кæпа хæдзар æмæ йæ сабитæ бынтон уæз- гуытыл куы баззайой, уымæй. Фæлæ Магдан кæд йæ ныхас æргом нæ загъта, 43
уæддæр æфсымæр бамбæрста йæ хойы хъуыды æмæ йын афтæ зæгъы: — Уæд та уал сабиты ам уадз, дæ кæстæр хо- йы æрбарвитдзынæн, æмæ цалынмæ ды æнæниз кæ- най, уæдмæ уал сывæллæттæм йæ хъус дардзæн. Магдан бирæ фæхъуыды кодта, æцæг, йæ уа- вæр мæгуырау уыд. Тыхсын кæны хъæубæсты дæр, иуæй йæхæдæг, аннæмæй та йæ сывæллæттæ. Тагъд куы адзæбæх уаид, уæд бæргæ æркæсид йæ сабитæм... Йе ’фсымæры фæндоныл уæлдай ницыуал загъта. Æфсымæр ацыд. Дыккаг бон йæ кæстæр хойы йемæ æрбакодта, æрбаскъæрдта уæрдон æмæ Маг- даны сæхимæ аласта. 11 Иу бон Хъызылбег горæты хæрхæмбæлд фæци Хъауырбегыл æмæ йын бауайдзæф кодта: — Ау, гормон, уым дæ сывæллæттæ тæригъæ- дæй куы мæлынц, уæд æппын дæ риуы зæрдæ нæй? Афтæ æгъатыр куыд разындтæ. А æппын ницы, фæлæ сæ дардæй уæддæр афæрс. — Æмæ ды мæ сывæллæттыл дæхи цы смæтгæ- нæг кодтай? — æфхæрæн ныхас загъта Хъауырбег. — Æз нæ, фæлæ Советон хицауад тыхсы дæ са- битыл æмæ сæм дæ хъус куы нæ æрдарай, уæд дзуапп ратдзынæ закъопьг раз. Хъауырбег йæ пырх хъуамæ акалдтаид Хъы- зылбегыл, раздæр ахæм ныхас нæ ныббарстаид, фæлæ зыдта, рæстæг кæй раивта æмæ ныр Хъызыл- беджы хуызæттæ кæй сты царды хицæуттæ, æмæ йæ маст аныхъуырдта. Хызылбег пæ ныхас дарддæр кодта: — Сывæллæттæн сæ мад рынчын у, йе ’фсы- мæрмæ ис. Сабитæ та йæ хоимæ сты... Æмæ дзæ- гъæлы лекка ныууадз, фæлæ бацу дæ сабитæм æмæ сæ фыдау æррæвдау. Рагæй ферох сты Хъауырбегæп йæ бинонтæ. Æниу ма цæй бинонтæ. Ныр цыппар азы цавæр- дæр хæтаг сылимæ пæхи сбаста æмæ цæры горæ- 44
ты. Ссæдзæм азы революцион хабæрттæ Хъауыр- бег зонгæ дæр нæ бакодта, йæ иу фæрсты афар- дæг сты. Сæхицæй куы рацыд, уæдæй фæстæмæ цард Калачы. Ирыстоны цы хабæрттæ æрцыд, уы- дон кæд хъусгæ кодта, уый йедтæмæ > сын зонгæ ницы бакодта, æниу йæ мидзæрдæйы рад, адæмы чи сызмæста æмæ бæстæ кæй тыххæй схæццæ^ уы- цы болынев’жтыл ссæдзæм азы хъаймæты бон кæй æркодта, уый тыххæй. Ныр кæд бæстæ æрсабыр уаид æмæ та райдаид базар кæнын, зæгъгæ. Фæ- лæ нæ сабыр кодта бæстæ, уый нæ, фæлæ ма Хъа- уырбег ныфс цы меньшевИ’Кты хицауадæй лæ- вæрдта, уый ныппырх, йæ хистæртæ ацъыкк код- той фæсарæнмæ. Мидæггагон хæстæй бæстæ смæгуыр. Горæтмæ хъæутæй ницыуал æфтыд æмæ тынг тыхстысты. Тыхст Хъауырбег дæр, уый размæ азты цы æхца фæтымбыл кодта, уыдон йе нæфсис рæсугъд ус Нимфæ ахордта æмæ бынтон афтид армæй аззад. Ныр искуы исты самал кæнон, зæгъгæ, æрбаф- тыд Цхинвалмæ æмæ йыл уым Хъызылбег сæм- бæлд. Фыццаг ьгн хъыг уыди, йæ сабиты кой йын куы ракодта, уæд, фæлæ куы фехъуыста, зæгъгæ, Магдан уæззау рынчын у, уæд æм диссаджы фæнд фæзындис: рæстæгмæ уал баздæхдзæн йæ сывæл- лæттæм, уæдмæ кæд Магдан дæр исчердæм æр- хауид, уæд йæ рæсугъд Нимфæйы хъæумæ æрба- кæндзæп. Хъæуты æнцоидæр у хæринаг амал кæ- нынæн, стæй бæстæ кæд афтæ мæгуыр нал уаид æмæ та афардæг уыдзæи горæтмæ. Фæлæ йын Хъызылбег цæмæй йæ сусæг фæнд ма базона, уый тыххæй йæхи æрфæлмæн кодта, сразы фæстæмæ йæ сабитæм баздæхыныл. Уыцы боп аздæхт Калакмæ æмæ йæ фæндон радзырдта Нимфæйæн. Æввонгхор сылгоймаг æх- хормæгтæ баййæфта æмæ нæ ницæйаг уд фер- вæзын кæныны охыл сразы Хъауырбеджимæ хъæу мæ нæ, фæлæ арвы кæррнмæ дæр фæцæуыныл. Иу къуырийы фæстæ Хъауырбег фæзынди сæ хъæуы. Хъæубæстæй бирæтæн æхсызгон уыд Магда- 45
ны сабиты сæфт фыд кæй фæзындис, уæддæр аф- тæ дурзæрдæ кæй нæ разынд æмæ сæ тыхсты са- хат йæ хъæбулты цурмæ кæй æрцыди, уый тых- хæй йын ныр уайдзæфтæ нал кодтой. Фæлæ æидæр хъуыдытæ, æндæр фæндтæ уыд Хъауырбегмæ. Цы бон æрбазд&хт, уыцы бон фæс- тæмæ арвыста Магданы кæстæр хойы. Мæ саби- тæн мæхæдæг хицау дæн æмæ мæ никæй æххуыс хъæуы, зæгъгæ. Магдан куы фехъуыста Хъауырбеджы æрыз- дæхты хабар, уæд ын иуæй æхсызгон уыд, йæ хъæ- бултæм æркæсдзæн, зæгъгæ, аннæмæй та йын цы- дæр гуырысходзинад йæ зæрдæ æхсыдта. Æнæ- хъуаджы нæ фæзынд уыцы сæфт лæг, æндæра йæ сабитыл куы тыхстаид, уæд сæ уал азы куьтд никуы абæрæг кодтаид, зæгъгæ. Фæлæ та-иу æй йе ’фсымæр æрсабыр кодта: — Дæхи ма хæр, мæ хо, æвæццæгæн æрфæсмон кодта æмæ æрыздæхт фæстæмæ. Магдан нал æмæ нал дзæбæх кодта, Хъауырбег æнхъæлмæ каст кæд амæлдзæн Магдан æмæ Ним- фæйы кæд æрбакæндзæн, фæлæ йæ фыдæнæн нæ марди Магдан æмæ йæхицæн бынат нал ардта. Иу бон æм бæрæг кæныны æфсон ацыд. Маг- ланæн зæрдæтæ фæлæвæрдта, митæй мæсгуытæ йын фæцамадта, загъта йын, йæ зæрдæ сабитæ æмæ хæдзармæ куыднæ æхсайа, æрмæст йæхи кой куыд бакæна, афтæ. Хъауырбег Магданæн дзурга* иу кодта, хъуыды та—æндæр. «Ацы адæймагæй пай- да нал ис, æниу куы сынæниз уа, уæддæр йемæ цæ- рæг нал дæн, фæлæ Нимфæйы æрбакæнын хъæуы». Ахæм хъуыдыимæ рацыд, фæлæ йæ Нимфæйы кæныны сæр нал бахъуыд, сæхимæ йæ сæййæфта. Иугæр Хъауырбег куынæ æмæ куынæ зыпд, уæд афтæ фепхъæлдта, хинæй йыл рацыд æмæ айтæ- уйтæ нал фæкодта, йæ фæдыл радзæхст ласта. — Ды, æдзæсгом, кæмæй хынджылæг кæныс? — Хъауырбег куыддæр къæсæрæй бахызт, асЬтæ йыл йæхи къуырттон карчы цæф фæкодта. — Афтæ нæ загътай, иу къурийæ фылдæр дæ нæ ныууадздзы- нæн, зæгъгæ, æмæ кæм дæ ныр мæйæ фылдæр? 46
— Æрсабыр у, мæ зæды хай, рох мæ нæ уыдтæ, фæлæ уыцы... — Лæгæн йæ цæст аныдзæвд йæ хис- тæр фырт Гаврилыл æмæ Магданы ном нал загъ- та, — йæ^уд нæма систа æмæ... — Мæрдты*-авд дæлдзæх ныххауæд, уый мæн- мæ нæ хауы... Ды мæ лæг дæ... уый та чи у? Кæд æй фæнды йæ цæргæ бонты дæр ма амæлæд! —- Мæсты ма кæн, алцы дæр уыдзæн, æз æмæ дæу куыд фæнды,_афтæ... Цæй, дзур, куыд уыд дæ балцы хабар? Кæд миййаг нæ бафæлладтæ? — Тынг, мæ зæрдæ, тынг. Мæ уд ма тыххæйты æрбаирвæзт... Фæлæ мæ фæрсгæ мауал кæн, сыдæй фæмæлын... Исты хæринаг мын фен. Ныртæккæ роды фыдæй физонджыты хуызæн адджынæн ни- цы бахæрин, гъе^ та карчы фыд. Нуæзт дæр дæм уыдзæн. Æрмæст, дæ хорзæхæй, ацы хъæууон смаг- гæнаг арахъхъ нæ баназдзынæн... Кæд ликер... гъе, коньяк... Кæннод та шампайнаг... — акъæр-къæр кодта ус. — Роды фыдæй физонджытæ ныртæ-ккæ ше ссардзыстæм, карк чи зоны. — Ау. Калакæй ардæм мæ æрбакодтай æмæ æнæ роды фыд?.. Уый та куыд? Ссар ныртæккæ, æз ницы зонын... — йæ тыбыртæ сцагъта ус... — Науæд ай цæй хæдзар у? Тфу, сæнары тæфæй мæ фындзы хуынчъытæ фæтонынц... акæн мæ арды- гæй сыгъдæг ранмæ... — Сыгъдæгдæр ран нæй, бафæраз рæстæгмæ, куыд бадзырдтам, афтæ... Абон уал карчы фыд бахæрдзыстæм, стæй сом исты хос æрхъуыды кæн- дзыстæм, — ныфсытæ азæрдта Хъауырбег... — Рæстæгмæ фæразын хъæуы. — Хорз, рæстæгмæ, разы дæн, кæд хæрд, нозт фаг уыдзæн, уæд, — сразы æнæрцæф, минасуар- заг, магуса Нимфæ. — Фæлæ ацы хуыйы хъыбыл- тæ та чи сты? Уыйбæрц дзы азгъæлста дæ ус? Атъæпп мын уа, кæд сæ цы кодта. Мæнæ æз, иу дæр дзьг^ нæ рауагътон, фæлæ мæ рæзты рауайæд. Уы- мæй дæр ма сывæллæтты хуьгзæн дæр куы уаик- кой, бакæс ма сын, бакæс, сæ гом гуыбынтæм. 47
Æвæццæгæн сыгъдæг быр уыдзысты. Адон мын мæ иуры ма дар, сыстæй мæ баидзаг кæндзысты. — Иуварс ацыт, быныскъуыд суат, цыма гомыг баис- тут! Фæлæ сабитæй ничи фезмæлыд, тарстæй кас- тысты куы сæ фыдмæ, куы æнахуыр сылгоймагмæ. — Дæумæ куы дзурын, лæппу.— Гаврилы йæ цæс- тытæ ныццавта Хъауырбег. — Уайгæ æмæ дæлæ кæркдонæй карк æрбадав... — Карк гыцци æргæвдын нæ уадзы. К/ьуыртт, дам, ын нывæрæм, — чъызгæйæ бакодта лæппу. — Гыцци цы дзырдта, уый мæнмæ нæ хауы. Гыц- ци нал ис. Уæ гыцци мæнæ, — лæг ацамыдта Ним- фæмæ. — Æмæ абонæй фæстæмæ уый цы зæгъа, уый кæнут. Æмæ йæ зонут, мæнæ <йæ чысыл истæ- мæй фæхъыг кодтат, гъе, та йæ коммæ нæ бакас- тыстут, уæд уын уе рагъæй гæрзытæ рауадздзынæн. Сабитæ фæтарстысты æмæ иумæ бакъорд стьь афтæмæй хъуыетой сæ фыдмæ. — Дæумæ куы дзурын, лæппу, æви къуырма ба- дæ?! — Гаврил -йæ бынатæй иуынæ фезмæлыд, уæд фæбогъ кодта Хъауырбег. — Бакæс ма йæм, бакæс, цыма йæ арв æр- къуырдта, читт куыд нæ кæны? Дæумæ дзуры, дæ фыд, сæтой, фезмæл! — Хъауырбеджы бæсты лæп- пуйæн алывыдтæ акалдта Нимфæ. Лæппу нæмынæй фæтарст æмæ ацыд. Æрба- хаста карчы. Хъауырбег ын йæ къубал акъуырдта æмæ йæ бауæларт кодта. Æхсæвæр сцæттæ. Ус каркыл æрбадт æмæ йæ цæсты фæныкъуылдмæ апырдта. Магданы кæстæр чызг Анастасийæн Ни- фæйы цъæм-цъæммæ йæ чысыл уд фыр æххормагæй сцæйхауд, йæ цæст нал иста, ус карчы хайгай фæд- фæдыл куыд ныхъхъуырдта, уымæй. Афтæ йæм каст^ цыма йын йæ чысыл удыбонтæ уыцы рæсугъд, фæлæ æлгъин ус карчы сгуытимæ фæхæры. Анас- таси æнхъæлмæ касти, касти æмæ ус фæстаг кæр- ди^ куыд аныхъуырдта, афтæ йæ рустыл ставд фæрдгуытæй æруадысты йæ цæстысыгтæ. йæхи 48
ныуурæдта æмæ йæ цæстысыджимæ йæ кæуын* дзæг аныхъуырдта. Ус хæрд фæци, йæ былтæ аоæрфта æмæ сулæ- фыд. Æхсæвы уат бакодтой. Нимфæ сабитæн фæс- дуар нымæты бызгъуыр æрыппæрста, йæхæдæг йæ лæджимæ уатыл фæлмæн хуыссæнтыл атылд. 12 Дыккаг бон æнæхъæн хъæубæстыл айхъуыст Хъауырбеджы ус ракуырды хабар. Адæм арвы цæфау фесты. — Ау, уый та куыд? Нырма Магдан удыгас куы у, уæд куыд сарæзта ахæм худинаджы ми? — дзырдтой иутæ. — Ахæм ма дзы æдзæсгом уа, куы йæ фехъуса Магдан, мæгуырсар, зæрдæскъуыд фæуыдзæн, — мæт кодтой иннæтæ. — Куыд уыдзысты, цы уыдзысты йе намонд сабитæ. Бадомдзæн сæ уыцы дурзæрдæ фыд, — тыхстысты аннæтæ. Хъауырбегæн адæм уайдзæф кодтой. Канд уай- дзæф нæ! Йæ къух ын ничиуал иста, салам ын ни- чиуал лæвæрдта. Хъауырбег йæхи раст кодта: — Магдан рагæй дæр мæ бинойнаг нал у. Ныр та мæлæты къахыл ис. Абонæй сомæй амæлдзæн æмæ мæнæн-та мæ сабитæм кæсын хъæуы. Стæп уый йæ хъæбулты куы уарзтаид, уæд ам сæ цуры æрлæууыдаид æмæ кæд мард, уæддæр йæ хъæбулты цур. Фæлæ сыл йæ къух систа. Айразмæ йæм уыд- тæн æмæ мæнæн дæр афтæ загъта, — афсон кодта Хъауырбег. — Уый йæ сабиты аппæрста, фæлæ мæ- нæн æппаринаг не сты. Раст у, цалдæр азы сæ цуры пæ уыдтæн, фæлæ уый дæр мæ аххос нæ уыди, ад- джын мын нæ уыд уыцы сылгоймаг... лæг æмæ усы ’х’сæн цы вæййы, уый та дыууæ уды йедтæмæ ничи фæзоны. Мæнæн мæ хъæбултæ раджы дæр уæлца- йаг нæ уыдысты æмæ сæ ныр дæр нæ аппардзынæн... 4. Дзигойты Г. 49
Адæм бирæ рæстæджы æмбæхстой Магданæн Хъауырбеджы æдзæсгом ми, ус куы нæ бафæраза ыаст æмæ йæ сабиты тæригъæдæй зæрдæскъуыд куы фæуа, уый тыххæй йын ничи дзырдта хабар. Фæлæ ахæм хабарæн æнæ фæхъæр нæ уыди. /Магданы хъустыл æрцыд Хъауырбеджы æдзæсгом ми. Ус ныккæрзыдта, фæлæбурдта йæ рустæм. Бам- бæрста хинæй йыл кæй рацыд Хъауырбег, фæд- фæливæн ныхæстæ йын кæй фæкодта. Чысыл фæсæрæн. Хъуыды кодта: бынтондæр куы сынæниз уа, уæд йæ хъæбулты йе ’фсымæры хæдзармæ кæй æркæндзæн... Фæлæ æндæр фæндтæ, æндæр хъуыдытæ уыд Магданы æфсымæр Чермен æмæ йæ бинойнагмæ. Уыдон хъуыды кодтой: иугæр Хъауырбег ус ра- куырдта, уæд Магданæн йæ хъæбултæм цæугæйæ нал у. Ус æнæуи дæр маст æмæ фыдæбонæй йæ хъуырмæ уыд æмæ æгайтма фервæзтис уыцы зын- донæй. Уадз æмæ йæ амонд ссарæд. Æниу, кæд Хъауырбег йæ сывæллæттæй Магданæн иокæй рад- тыныл сразы уа, уæддæр усæн сæрниз йедтæмæ ни- цы сты. Сывæллонджын усы кургæ дæр ничи ра- кæндзæн, æмæ усæн та æнæ чындзы ацæугæ нæй. Нырма æвзонг у æмæ тæригъæд у, йе ’фсымæры хæдзары йæ царды бонтæ куы арвита, уæд. Ноджы хъуыды кодтой, зæгъгæ, Магданæн дык- каг мой куы уа, æмæ йæхицæн сывæллæттæ куы фæзына, уæд йæ зæрдæ-, Хъауырбегæй йын цы зæ- •нæг ис, уыдонмæ нал æхсайдзæн æмæ æрсабыр уы- дзæн. Иу бон Чермен æркой кодта Магданæн: — Мæ хо, цы æрцыд, уый æрцыд, æгайтма уыцы дурзæрдæ сæфт лæгæй фервæзтæ... Азтæ дæр цæ- уын’Ц. Æз уый ныхмæ нæ дæн æмæ мæ хæдзары дæ царды бонтæ арвитай. Нæ. Хъыг мæ нæ дарыс. миййаг, фæлæ дæ дæ дарддæры цардыл ахъуыды кæнын æмбæлы. Иу дæхихуызæн мæгуыр лæгыл дæ сæр бафтау. Хъ’ару æмæ дыл кусынæй зæрдæ нæ худы, хæдзац скæндзынæ. Мæнæн дæр мæ бон цы уа, уымæй дын баххуыс кæндзынæн... Ахъуыдьг кæн... 50
Æм.æ хъуыды кодта Магдан. Зыдта цы фыд ыл æрцыд æмæ йæ ис хъæбултæй афтид кæй абадтис, зыдта йе ’фсымæры дæр хорз кæй фæнды. Фæлæ пæ! Магдан йæ хъæбултыл хинæй нæ рацæудзæн. Ахæм рæстæджы Магдан фыр мæстæй цы загъ- таид, уымæн ницы зыдта æмæ æгомыгæй каст йе ’фсымæрмæ. Æрмæст йæ цæссыгтæ суадæттæ код- той йæ фæлурс уадултыл. Иу оабатбон Магданмæ æрцыдис усгур- Лæг йæ мидбылхудгæ бакæстытæ кодта цардæфхæрд мæл- лæг сылгоймагмæ- Магдан хъуыддаг бæстон куы базыдта, уæд æнæдзургæйæ сыстад, рахызтис хæдзарæй, æдзы- нæг алæууыд иу ран: — Уæдæ та мæ цæгаты дæр мæ сæр судзы, нæ? Уæдæ та ам дæр цырын арты хауын? Тæдзынæгæй цыхцыры бын смидæг дæн? — цыма йæ цæстыты раз сæркъултæй февзæрдысты йæ хъæбултæ- — Уæдæ смой кæнон, нæ?! Æмæ стæй мæ хъæ- бултæ та? Нæй, нæй, Чермен! Ды дæр та раст лæг нæ дæ, ме ’фсымæр! Æз уыдонæн афтæ нæ загътон! Æз сын баныфсæвæрдтон «æрцæудзынæн уæм», зæгъ- гæ. Æмæ сæ фæсайон? Фæлывдæй сыл рацæуон? Мад йæ зæрдæйы уидæгтæ стона æмæ зæ зæхмæ аппара? Нæ, уый æгады хъуыддаг у! Уымæн кад- джындæр у дæхи къухæй хи амарын-.. Магдан цалдæр хатты алырдæм акæстытæ кодта, стæй æвиппайды æрттæдæлармæй фæцæуæгис кæ- дæмдæр. Сиахсаг цъæх арахъхъæй йæхи хорз куы федта, уæд йæ зæрдæ фæхъæлдзæгдæр. Ныр йе’’рфгуыты бынты æфсæрмдзæстыгæй нал кæсы. Чермены \æхсджытыл йæ цонг барон уагъд акодта æмæ йæм дзуры: — Мæ каис, цæл хорз кæнæм, цæл, фæлæ дæ хо та кæм ис, дæ хо?.. Пудрæтæ кæны миййаг, хæ- дзары йыл мæ цæст куыкæ уал хæцы? — Тагъд ма кæн, мæ хæстæг, фæзындзæн, æвæц- 51
цæгæн, йæ дарæс ивы, — загъта йын Чермен æмæ’ стæй йæ усмæ дзуры: — Кæм дæ, кæ, уыцы ус? Фæдзур ма Маг- данмæк Чермены ус рауадæмæ агуры Магданы. Зилы сыхы, зилы хæдзари-хæдзар, фæрсы алкæй. Магда- нæн йæ кой, йæ хъæр дæр нæ разынд сыхы. Уалын- мæ хъомгæстæ Черменты стурты æрбаздæхтой æмæ сæм æрбадзырдтой: — Мæнæ уæ фос æмæ сæ бафснайут!.. Чермены ус, цыма фосы размæ рацыд, уыйау сын загъта: — О, æз дæр уыдон агуырдтон- — Æвæццæгæн, Магдан дæр исты агуры, — сдзырдта фиййæуттæй иу. — Дæ нывонд фæуон, æмæ кæм федтай Магда- ны? — афарста ус- — Кæд ма исты зонын, уæд Магданы хуызæн нæ фæрсты дæлæмæ аивгъуыдта- — Зоныс æй бæлвырд, Магдан уыдаид? — Магданы хуызæн уыдис- Æз æй хъуамæ фæрсгæ дæр акодтаин, дыууæ изæры астæу кæдæм цыдис, зæгъгæ. Æмæ йæм куыддæр фæкастæн, афтæ мæм уый дæр иу каст фæкодта, фæлæ лæугæ не ’ркодта- Ноджы дæр атагъд кодта. Цыма йæ нæ фæндыд, исты йæм куы сдзырдтаин, уый æмæ дзы уæд æз дæр фефсæрмы дæн. Ус фиййауы фæстаг ныхæстæ рæстмæ хъусгæ дæр нал фæкодта, афтæмæй Черменмæ атын- дзыдта... /Уайтагъд хабар æгас хъæуыл айхъуст. Фæдис фенкъуыст, фиййау сын цы фæндаг бацамыдта, ууылты Леуахийы ’рдæм- Леуахийы был лæууы Магдан æмæ калы йæ цæссыг- Йæ царды бонтæн фæстаг хæрзбон кæны, фæлæ уæддæр йæ цæстытыл уайынц йæ сабитæ, ныллæг хъæлæсæй сæм дардмæ дзуры: — Æз уæ хъыджы нæ бацæудзынæн. Æз..: æз уын загътон æрцæудзынæн уæм æмæ уæ ныр сайын, нæ?.. Æмæ уæдæ куыд бакæнон, мæ чысыл хуртæ? 0> ме скæнæг дуне... Анастаси, фæстаг хатт ма ра- 52
уай мæ хъæбысмæ, мæ чысыл чызг... — стæй йæ цæсгыгæ фæцъынд кодта, йæ къухтæ дардыл ай- тыгъта æмæ йæхи фехста æрра донмæ. ...Фæдисонтæ донæй райстой Магданы. Ус æр- мьицыдта. Гæзæмæ ракаст йæ цæстæй... йæ алы- варс бирæ адæм: лæгтæ, устытæ. Уый тæригъæдмæ кæсгæйæ сæ чи кæугæ кæны, чи та йæм æдзынæг нымдзаст- Магданæн та ногæй йæ цæстытæ кæрæ- дзийыл андæгъдысты- Доны сыр-сыр ма чысыл йæ хъустыл ауад, стæй уый дæр цадæггай бамыр... Æмæ цы куыст, цы зындзинад не ’взæрста зæр- дæрыст сылгоймаг Магдан, цæмæй йе ’фсымæрты хъыджы дæр ма бацыдаид, цæмæй йыл уыдон дæр ма суæлæхох уыдаиккой, афтæмæй дардмæ æххуыс кодтаид йæ хъæбултæн. Курæггаг къуымбилы мур- тæй-иу сын сбыдта хъарм цъындатæ. Æхца-иу ка- пекгай æрæмбырд кодта, афтæмæй-иу сын балхæд- та уæлæдарæсæй дæр цыдæртæ. 13 Æхсæвæрафон. Хъауырбег æмæ йæ «рæсугъд» Нимфæ хæрд фесты æхсæвæр. Фæстаг хатт ныкъ- къæл-къæл кодта: — О, куы мæ ферох сты дæ лæппынтæ, — æмæ фæхъæр кодта: — Иу уæ æрбацæуæд ардæм!.. Сабитæ скъæты барызтысты: «Кæй та нæ нæм- дзæн?», зæгъгæ. Фæлæ цы сæ бон уыд. Гаврил дуар бакодта, рауад æмæ ныллæг хъæлæсæй загъта: — Цы дæ хъæуы? — Куыд мæ цы хъæуы! Дон нæм ис?! — стæй донхæссæн стыр дурынмæ ацамыдта. — Ныртæккæ тæхгæ æмæ цæсты фæныкъуылдмæ дон... Гаврил донгарз систа æмæ астæумæ миты гом хъахæй фæцæуæгис. Нимфæ та ногæй фæцъæхахст кодта: — Иу та уæ рацæуæд ардæм! Кæй зæгъын æй хъæуы, сабитæ та ноджыдæр барызтысты. Гавруш рахызт- Бæрзæйкъулæй йæм дард æрлæууыд. Æнхъæлмæ йæм кæсы æмæ хъуы- ды кæны: нæмгæ мæ кæны, æви мын исты кусын кæндзæн, зæгъгæ. 53
— Райс мæнæ къустæ æмæ сæ ныхс- Кæсыс, дысон кæм ныфтъæрттат, уыцы къустæм дæр! Гавруш æнæ исты сдзургæйæ райста къустæ æмæ сæ ныхсадта- Стæй сæ куы сæрфта, уæд йæ чысыл къухтæй къустæй иу æрхауд æмæ ныппырх. Ус цъæхснаг уис фелвæста æмæ йыл ралæууыд. Хъауырбег æй цыма нæ уыдта, афтæ йæхи бакод- та. Фæлæ лæппу куы ’рхауд, уæд ын æй йæ къух- тæй тыхæй байста. Гаврушы кæуынмæ скъæтæй иннæ сабиты æмбу дæр æрбайхъуыст- * ** * Æртæ мæйы бæрц Магдапы сабитæ Гаврил, Гав» руш, Барис, æмæ сæ чысыл хо Анастаси ис мадæй цардысты сидзæрæй- Сæ бонтæ æрвыстой цардæф- хæрд, бæрзæйкъултæй. Сæ кæрдзыны къæбæрæн сæ алкæмæн дæр ахуыйæнæн уыдис ставд хъарм цæссыг. Боныцъæхæй ивæрмилтæм бæгънæг, бæгъæв- вадæй цыдысты фиййау- Хурæй хæдон кодтой, зæх- хæй — дзабыр. Сегасæй тæригъæддæр уыдис Анас- таси. Саби-иу кæуынæй куы бафæллад, уæд-иу куы кæм бафынæй, куы та кæм. Иу бон йæ мады æрымысыд, сæ хæдзар æмæ сæ уынджы бирæ куы фæкуыдта, фыркуыдæй улæфын куынæуал фæрæз- та, йæ пæстытæ, Магдан цы фæндагыл ацыд, уыцы фæндагмæ кæсгæйæ, куы ссырх сты. уæд хъæуы сыхæй-сыхмæ «нана, нана» гæнгæ зылдис йæ ма- ды агурæг. Хъæубæстæй йæ чидæриддæр уыдта, уый-иу ыл узæлыдис, тæригъæд ын кодта, хæдзар- мæ йæ хъæбысы дæр хастой, фæлæ уый никæмæ куымдта. Саби иу ран, æмбонды фарсмæ калмы куыд- дæр федта, афтæ ныцъæхахст кодта, ахауд æмæ бауадзыг. Æрæмбырд сты сых. Чидæр æй хæдзар- мæ бахаста. Иу бон та сабитæ хъæугæрон бадынц бæгънæг æмæ бæгъæввадæй æмæ та сæ мады кой кæнынц. Чысыл Анастаси скуыдта «Нана мæ хъæуы» •• йе ’фсымæртæ йæ басабыр кодтой, пыфс ын бавæрд- 54
той тагъд æрцæудзæн нана, зæгъгæ. Уалынмæ хъæуы сæрæй иу ус æрцæйцыд, йæ цонгыл йæ кæл- мæрзæн, йæ къухы цахæмдæр хызын. Сабитæ пæ куьг ауыдтой, уæд сцин кодтой фæйнæрдыгæн: «Нана æрцæуы, нана æрцæуы...» Афтæмæй кæрæ- дзийы фæдыл згъорын райдыдтой. Кæсынц æмæ сæм ус куы ницы сдзырдта, уæд сабитæ дурдзав- дæй аззадысты Фæлæ йæм уæддæр чысыл Анаста- си йæхи баппæрста, нæ къабайы фæччийыл ын ныххæцыд æмæ йæм дзуры: «Нана дæ?» Бæлццон сылгоймаг фергъуыйау. Æрбадтис сæ фарсмæ. Систа Анастасийы йæхимæ. Р1æ хъæ- бысмæ æрбалхъывта иннæ сабиты дæр æмæ сæ фæрсы: — Кæй сывæллæттæ стут? Сабитæ кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, стæй сæ хистæр афтæ: — Магданы сывæллæттæ. Ус сыл тынгдæр ныттыхстис, сæ рустæн сын ныпъатæ кодта: — Зонын уæ, зонын ныр, кæй хъæбултæ стут, уый- Уас тугхъæлæсæй баззайæд уæ дурзæрдæ фыд. Сабитæ йæм фæуæндон сты. Сæхи йæм ноджы- дæр æппарынц- Кæрæдзийы дзыхæй ныхас исынц: — Ды нæ федтай нанайы? — Дард у ардæм? — Цы дын загъта, кæд æрцæудзæн? Усæн сабиты тæригъæдæй йæ зæрдæ фæцæГг тыдта- Исдугмæ ныггомыгау, стæй сын загъта: — Уæ мад тагъд æрбацæудзæн, тагъд, мæ хъæ- бултæ. Æз æй федтон æмæ мын загъта: тæрсгæ, дам, ма кæнут. Æрхæсдзæп уып ног дзаумæттæ, гуылтæ... — Æцæг æрцæудзæн нана? Æцæг æй фед- тай? — сабитæ сдзырдтой æмхуызон. — О, о, уæ сæрыл хаст фæуон, ;æцæг æй фед- тон, æцæг уæм æрцæудзæн- — Æмæ нын нæ дыккаг мад афтæ куы дзурьт. «Амардис, дам. Дон, дам, æй фæласта». Куы та яын зæгъы: «бирæгътæ, дам, æй бахордтой-.» — Уый уын мæнг ныхæстæ кæны, мæ хъæбул- 55
тæ, сайгæ уæ кæны. Æнкъард ма кæнут, тагъд уæм æрцæудзæн. Уалынмæ сæм Нимфæйы хъæлæс æрбайхъуыстис: — Гаврил, Гавруш, Барис... кæм стут, кæм, иу чырыны уæнывæра уæныййарæг æмæ уæ ингæнмæ бирæ фæдзыназа!- Ахæм ныхæстæ кæнгæ, сатæг-сау калм куыд æрбацæйлæсы, афтæ, йæ къухы уис æмæ сæм ссæуы. Сабитæ барызтысты- Æнахуыр сылгойма- джы фæччиты бын лæсынц. Лæгъзтæ йын кæнынц: — Ма нæ бауадз нæмын. Акæн нæ демæ- Уæдмæ сыл Нимфæ уисæй балæууыд. Сæр, къах, гуыр цавта æмхуызон. Бæлццон сылгоймаг фыды усы къухтæй сабитæй куы иуы байсы, куы та иннæйы... 14 Нимфæ Хъауырбеджы хæдзармæ йæ къах куы æрбавæрдта, уæдæй фæстæмæ хæдзары къуымтæ бынтон сафтид сты- Магданæн йæ рынчынæй йæ цæст февналын цы муртæм нæ бауарзта, йæ саби- тæн кæй æвæрдта, уыцы муртæ иу мæймæ фæтары сты, иууыл уынгæджы бон та чысыл сабитыл æр- кодта. Сабитæ угхайраджы бонтæ æрвыстой сæ дык- каг мады къухы- Æгъатыр, фыдцъылыс сылгоймаг йæ удхæссæг федта сабитæй. Нæ сыл ауæрста- Дон хæссынæй, суг оæттынæй, къуымтæ æфснайы- нæй — алцы дæр сабитæн кæнын кодта. Р1æхæдæг уазал доны дæр йæ къух никуы атылдта. Райсом- лу йæхи сыфсæста, уатыл-иу бафæлдæхт æмæ уырдыгæй бардзырдтæ лæвæрдта- Карз æмæ æгъа- тыр уыд Нифмæ. Чысыл ницæй тыххæй дæр сы- вæллæттыл нæмынæй нæ ауæрста. Хæдзармæ цы мур, цы згъæл хаудта, уый йæ лæджимæ хордта- Сывæллæтты хъуырмæ ницыуал цыд æмæ сæ уд æрдуйæ нарæгдæр ссис. Хуыз сæ нал уыд, се стджытæ хъилæй базэадысты. Смæл- лæг, сфыдхуыз сты- Бирæ маст, бирæ цæстысыг фæкалдтой сывæл* 56
лæттæ сæ мады мысгæйæ. Хъауырбег сын бауыр- нын кодта, уæ мад амардис, зæгъгæ- Иу бон чысыл Анастаси донгарзы дон æрбацæй- хаста. Æрдæгвæндагмæ æрбахæццæ, афтæ йе ’дых цæнгтæ донгарз нал баурæдтой- Донгарз ахауд æмæ ацъæл. Чызг кæугæ æрбахæццæ хæ- дзармæ. Нифмæйæн сихоры дзаджджын минасы фæстæ йæ зæрдæ уазал дон агуырдта æмæ чысыл Анастасийы аскъæрдта донмæ- Ныр чызг куы загъ- та донгарз асастис, зæгъгæ, уæд æм рагæпп кодта, ацахста йæ æмæ йæ сау над фæкодта. Раст уыцы рæстæджы Хъызылбег уынджы сцæйцыд, Анастасийы цъæхахстмæ хæдзары сми- дæг- Нифмæйы къухтæй байста чызджы: — У, æнæхаир фæуай, сылгоймаг куы дæ, мад, уæд куыд марыс кæйдæр сывæллоны? — Мæ бар ыл цæуы æмæ йæ нæмын, дæу дзы чи фæрсы? — йæхи фæбирæгъ кодга Нифмæ. — Ацы сабитæ дæу тыххæй уæзгуытыл базза- дысты æмæ ма дæ мæнæ искуы сæ ахсойгæ федтон, уæд тæрхондоны дæ хъуыддаг амидæг уыдзæн. — Тфу, тæрхондон, фæтæрсын мæ кодтой. Мæ- нæн юстицийы министрæй суангдæр тæрхондоны курьеры онг зонгæ сты, — йæ былтæ асчъилтæ код- та Нимфæ. — Дæуæн зонгæ чи уыд, уыдон кусæг лæджьг дæрзæг къухтæ бырондонмæ аппæрстой- Фæци уæ рæстæг, ныр мæнæ ацы мæгуыртæ сты хицау æмæ дыл тæрхон уыдон кæндзысты, — карзæй загъта Хъызылбег æмæ фæцæуæг. Нимфæ йæ бынаты сагъдæй баззад. Схъыг, сфæлмæцыд, Калачы йæ раздæры хъæлдзæг, па- рахат цард фæци, мысы сæ.- æхца, хæрдыл та чи мæт кодта, æхсæвыгон ресторантæ... стæй уый фæс- тæ фæлмæн дилижанстыл горæты уынгты чыр- чыргæнгæ тезгъо... пъатæ... хъæбыстæ... кæмæн — хæйрæг сæ зонæг... цал уыдысты йæ хæзгултæ. чп сæ фæнымайдзæн. Лæппу-лæг æви зæронд лæг, уæлдай йын нæ уыд, æхца чи фыста æмæ ресто- ранмæ чи хуыдта — «нæ» никæмæн дзырдта. Æниу бирæ хæттыты æхца дæр нæ бафыстой. Фæлæ 57
ахæмты кой чи кæны, иуæй-иу цы фæцух, уый-иу нннæты дзыппы хардзæй баххæст кодта. Ех, уæвджийæ дæр, куыд зын у цард мысьгн! Хъуыды ма кæны, фыццаг хатт Хъауырбегыл куы фембæлд, уыцы æхсæв- Рестораны кæройнаг фын- гыл бадт йæхи хуызæн хæлд сылгоймагимæ- Сæ «сæрты хицæуттæн» нозтæй æгæр антыст æмæ фынгыл ныддыдæгътæ сты. Нимфæ йæ удхæс- сæг уыдта уыцы нæлгоймæгтæй, сылгоймæгтæй-иу раздæр чи фæрась!г æмæ йæ сæр уромын чи нæуал фæрæзта. Нимфæ уарзы мытылыхъхъ нæлгоймæг- ты, сылгоймаг йæ тæккæ дзæбæх зæрдæмæ куы ба- хæццæ вæййы æмæ йæ афтæмæй йæ хъæбысы ка- ретæмæ цы нæлгоймаг бахæссы æмæ йæ судзгæ пъатæй чи басудзы. Æмæ ацы ’хсæв йæ кавалеры дæмхудтæй нæ рухс кодта йæ зæрдæ. Исдуг йæ фын- гæй æндæрты цурмæ ацæуыныл ахъуыды кодта. Рестораны расыг æмæ хъæлдзæг фынгтыл йæ цæст рахæсс-бахæсс кодта- Тамакойæ бæзджын фæздæ- джы æхсæнты йæ цæстытæ разил-базил кодтой рес- тораны фынгты фарсмæ бадджытыл- Цалдæрмæ дзы йæ цæст фæныкъуылдта, йæ мидбылты дæр сæм бахудт. Иу фынгæй йын цавæрдæр рихи йæ сæрæй ацамыдта, ома нæ цурмæ хæстæг æрбад, зæгъгæ- Лæг цыдæр гуымир æмæ хæмхудджын фæ- каст Нимфæмæ. Нимфæ ахæмтимæ зæрдиагæй нæ фæцæуы, фæлæ фыррасыгæй æрдæгмард лæгæн йæ къæхтыл цæуынхъом чи у, уый хуыздæр у. Сыс- тынмæ хъавыд... Уалынджы дуар æрбайгом æмæ æрбахызт бæрзонд, сатæг-сау къуыбыррихи лæппу- лæг- Йæ цæстытæ зынджытау æрттывтой, ног хуыд сгæллад цухъхъа рæсугъд фидыдта лæджы аив уæнгтыл- Уый уыд Хъауырбег. Иудзырдæй, Нимфæйы бæллиц лæппу-лæг. Лхæмты йæхæдæг агуры... Æрмæст дзыппытæ... æниу кæд уырдæм æрбацыд, уæд йæ дзыппытæ дæр гфтид нæ уыдзысты. Цæй, цы уа, уый уæд. Ацы æх- сæв ахæмы риуыл бафынæй у, уый йæхæдæг дзæ- нæтæй хъауджыдæр нæу. Хъауырбег аракæс-бакæс кодта рестораны къуымты. Нимфæйæ цыппар фынджы æттæдæр 58
афтид фынг. Лæг уырдæм бацыд æмæ парахатæй æрбадти. Исдуг йæ цæст ахаста йæ алыварс бад- джытыл, æвæццæгæн, йе ’мбæлттæй кæйдæр агуырдта. Фæстагмæ фæкомкоммæ Нимфæмæ. Нимфæ йæм йæ мидбылты фæлмæн бахудт. Лæг ын йæ сæрæй акуывта æмæ йын цæстæй бамбарын кодта мæ цурмæ рацу, зæгъгæ. Нимфæ уæлдай ра- хъуыды-бахъуыды нал фæкодта, фестад æмæ йæ цуры сбадт- Базонгæ сты.- Нимфæ куыд æнхъæл уыд, лæг уымæй нæртондæр æмæ парахатдæрзæрдæ разынд. Йæхиуыл нал ауæрста, уадидæгæн фынгыл фев- зæрдысты хæрд, нозт. Минас кодтой, уæдæ цы? Нимфæ схъæлдзæг, цыдæр худæг ыл бахæцыд, ка- фыд, зарыд... Уый фæстæ цы æрцыд, уый нал хъуы- ды кæны... Райсом цавæрдæр æнахуыр хæдзары райхъал, йæ фарсмæ, йæ дарæс дæр нæ раласта, афтæмæп фæлдæхтæй лæууыд Хъауырбег- Уыцы æхсæвæй фæстæмæ фæзонгæ сты. Хъа- уырбег базары хъуыддагыл лæуд уыд, æнæ ’хца никуы фæци æмæ-иу Калачы куы фæзынд, уæд-иу йæ пайда Нимфæимæ рестораны ныууагъта. Æнæфсис, кæрæф сылгоймаг йæ æрмтты æр- байста Хъауырбеджы. Слымæнтæ сты- Ус æмæ лæг систы. Йæ цард æвзæр нæ цыд Нимфæйæн, фæлæ бæс- тæ сызмæст. Йе ’взонг цардыл дымгæ æрбадымдта æмæ йæ уынджы бырæттау йæ разæй асæрфта. Смæгуыр. Хъауырбегмæ дæр уыйбæрц пайда пицыуал хауд. Ног хицауад ацагъта Хъауырбе- джы къабæзтæ- Æргомæй спекуляци кæнынæн ын фадат нал уыд, аннæмæй та адæм сæхæдæг дæр смæгуыр сты мидхæсты азты æмæ Хъауырбеджы хъуыддаг бынтондæр ныссуйтæ- Иу цалдæр хатты афæлвæрдта лæг Калачы исты куыстыл ныллæу- уыныл, фæлæ магуса лæг, йæ чысылæй фæстæма* саукуыст никуы бакодта, ахуыр ыл нæ уыд, æмæ йæ нæ дæр йæ сæрмæ бахаста æмæ бон изæрмæ хъеллау кодта иу ранæй иннæ ранмæ. Нæ уыд сау куыстыл ахуыр къуымыхзонд, урс- 59
къух Нимфæ дæр. Цы профессийыл ахуыр уыд, уый йын раздæрау фадат нал лæвæрдта чъизи мн- тæ кæнынæн. Афтæмæй бынтон гæвзыккмæ æрцы- дысты- Хъауырбег йæ сæрæн куы ницыуал хос зыдта, уæд йæхи райста Цхинвалмæ. Сæхимæ ссæуинаг нæ уыд, фæлæ йæ Хъызылбег куы федта æмæ йын дæ ус мæлæтдзаг рынчын у, зæгъгæ, куы загъта„ уæд сразы. Æрбацыд Нифмæ дæр. Æрбацыд, фæлæ йæ иу къах хæдзары ис, иннæ та — Калачы- Нырма уал йæ рæстæг арвитдзæн, стæй бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы- Æниу æй, цыма, Сыбырмæ ахастой, с*фтæ йæхи хаты ацы фæстæзад, талынг хъæуы. йæ зæрдæйы парахат фæндтæ æмæ мондæгтæн къуын- дæг у ам, хъæуьь йæ лæджы хæдзар сабитæй йе- дзаг. Сæ иуæй се ’ниæ тæригъæдтагдæр, сæ уын- дæй зæрдæ хæццæ кæны. Иунæг бон дæр иæ фæ- лæууид ацы хæдзары, фæлæ мæ куыдз фæлдыст æххормагдзинадæн, уый йæ уромы. Быхсы Нимфæ- Æнхъæлмæ кæсы хуыздæр рæс- тæджытæм æмæ фæразы. Йæ лæг Хъауырбегæй дæр йæ зæрдæ раздæрау райгонд нал у. Нимфæ- йæн ахæм гæвзыччытæ йæ удхæссæг сты. Æттаг бакаст, аив уæнгты конд цы давы, кæд æмæ йæм бахæринаг ницы ис, уæд- Нимфæ хорз лæг гуыбы- ны хæлцæй зоны- Нытту кодта искæй аив гуыры кондыл- йæ уд исæд, тагъд æй æндæрæй баивдзæн- Фæлæ уæддæр абоны лæг, цавæрдæр Хъызыл- бег æй хонынц. Большевиктæн, дам, сæ тæккæ хъæ- батырдæртæй у, адæмы сæрыл йæхи нывонд кæны. Хъæуы мæгуырты комитеты сæрдарæй йæ рав~ зæрстой. Æрæджы, дам, ус дæр æрхаста. Диссаг, йæ уарзон Дзерассæ, дам, æм дæс азы фенхъæлмæ каст, мæлæты рæсугъд æй хонынц, айразмæ йæ Нимфæ цалдæр хатты ауыдта- Æцæг рæсугъд у, фæлæ уæддæр Нимфæйы нæ аййафдзæн. Дæс азьг /енхъæлмæ каст, уа^вгæй куыд æдылы у. Уый æмæ дын Нимфæ, ницæй тыххæй фенхъæлмæ кастаид дæс азы нæ, дæс боны дæр. Цард дыууæ боны йед- тæмаё нæу æмæ дзы хъуамæ ратонай, гæнæн цæ- 60
мæн уа æмæ къухы цы æфта, уый- Уæлдайдæр та сылгоймаг- Уалдзыгон дидинæгæй хъауджыдæр нæу. Дидин ракалы, æмæ йыл адæм æрратæ кæ- нынц, стæй йæ дидинæг куы азгъæлы, уæд æй фе- рох кæнынц. Æвзæр нæ фæцард Нимфæ. Мысы йæ раздæры цард... Фæлæ нырма дæр йæ тæккæ дидин калыныл у, бирæ нæлгоймæгты нырма дæр былæй аппарид* фæлæ ацы æгуыдзæг хъæуы уый фадат нæй. Нæл- гоймæгтæй йæм æввахс ничи цæуы. Æниу кæд би- рæты зæрдæмæ цæуы, уæддæр æргом ничи ницы дзуры. Хъауырбег хатт дыгай-æртыгай бонты кæм- дæр фæтары вæййы, къæбæры фæдыл разил-базил кæны. Фæлæ хатт афтид армæй æрмæрдтаг, вæййы. Нæ! Нимфæйы хъæуы ницы хъуыддаг ис- Иу чысыл ма æмæ ацъыкк кæндзæн, фæлæ афтид ар- мæй йæ ныфс нæ хæссы- Хæдзары къуымты цы ссардта, уыдон ахордта æмæ дзы ныр мыст хоры гага нал ссардзæн. Уæййаг дæр дзы ницыуал ис, кæд ма уыцы æнаккаджы гомгуыбын сывæллæттæ æмæ уыдонæн та ауæйгæнæн нæй- Æрмæст ма баз- зад хæдзар. Хæдзар? Уый диссаджы фæнд куы у. Хæдзар ауæй кæнын кæндзæн, фæстæмæ ацъыкк кæндзæн Калакмæ æмæ уал ын иу дыууæ мæйы фаг кæд уаиккой. Стæй хæрд куы фæуой æхцатæ, уæд Хъа- уырбеджы дуары æттийæ фæкæндзæн æмæ йын къæбæр чи хæрын кæна, иу ахæмыл йæ сæр баф- таудзæн. Уый фæстæ бон цæуы æмæ фарн йемæ лгæссы- Ахæм хъуыдытимæ баизæр Нимфæйыл- 13 Тыхстысты Магданы сабитæ- Хурæй хæдон код- той, зæххæй та дзабыр. Иу бон Гаврил родты æртардта (Хъауырбег æй родгæс скодта. Развæл- гъау кæмæйдæрты Гаврилы куыстмыздмæ æртæ мæрты хор райста). Сæхимæ куы фæцæйцыд, уæд 61
ыл уынджы амбæлди Дзерассæ- Лæппуйы къæхтьг тугтæ куы федта, уæд æй æрурæдта æмæ йæ сæхи- мæ акодта. Уым ын кæрдзын бахæрын кодта, Хъызылбеджы æфсæддон цырыхъхъытæ йын радта стæй йын афтæ зæгъы: — Уæ тæригъæд уын фæхæссæд уæ мады фæ- рынчынгæнæг, æндæра афтæ тæригъæдæй нæ мæ- ликкат, фæлæ ма иу чысыл бабыхсут, мæ хуртæ, кæд уæдмæ уæ мад сынæниз уаид. —Æмæ гыцци куы амард... — лæппу йæ был æрæппæрста æмæ йæ цæстытæ доны разылдысты- — Дæ гыцци мард нæу, мæ къона, рынчын у, йе ’фсымæрмæ ис- Фехъуыстон, чысыл, дам, фенæ- низдæр, айразмæ мын æй Хъызылбег дзырдта, дæ мады ’фсымæр ыл амбæлд горæты... — Уæдæ гыцци удыгас у? — фестъæлфыд лæп- пу æмæ йæ умæл цæстытæ зынджы стъæлфæнтæ фестадысты- — Удыгас, мæ къона, уый уæ уæ фыд сайгæ фæ- кодта. Гаврилæн йæ бон сдзурын ницыуал бацис. Фыр- цинæй йæ Дзерассæйæн раарфæ кæнын дæр фе- рох æмæ уыцы иу лыгъд ракодта сæхимæ- Дзерассæ лæппуйы фæдыл кæсгæйæ баззад. Ныр дыууæ азы бæрц иумæ цæрынц Хъызылбег æмæ Дзерассæ. Йе стыр уарзт уадтымыгъты ’хсæнты сыгъдæ- гæй рахаста Дзерассæ- Уырныдта йæ йæ цæргæс æм кæй æртæхдзæн æмæ ныр стыр уарзондзинады тæгтæй æнусмæ йæ цард сбаста Хъызылбегимæ. Стыр фæлтæрæнты ’хсæн айгæрста фæндаг Хъы- зылбег дæр йæ амондмæ- Ныссаста зæронд æл- гъыстаджы дунейы æмæ ног царды рохтæ нæ къухмæ райста. Хъæубæстæн уарзон сты Хъызылбег æмæ Дзе- рассæ. Хъызылбег у сæ хъæуы мæгуырты комите- ты сæрдар, мæгуырты хъахъхъæнæг. Мидхæсты уадтымыгътæ куы фесты æмæ сæ хъæумæ куы æрыздæхт, уæд ын адæм баххуыс код- той.. Кæддæр ын æлдар цы уисæй хæдзары къултæ 62
ныппырх кодта, æлдары цæй тыххæй амардта æмæ йæ цард афтæ хъеллауаг цæй тыххæй ’ссис, уыцы хæдзары бынаты ныр æрæвæрдта хъæдын хæдзар. Бынтон афтид армæй æрыздæхтис фæстæмæ Хъы- зылбег, фæлæ йын хъæубæстæй чи фæйнæджытæ радта, чи рагъхъæдтæ, чи хæдзары æмбæрзæн... Хъæубæстæ сæхæдæг фæтымбыл сты æмæ йын дыууæ мæймæ ног хæдзар сарæзтой. Хæдзар арæзт куы фæци, уый фæстæ Хъызылбег Дзерассæйы æр- хаста æмæ уæдæй нырмæ цæрынц амондджынæй- Афæдзы бонмæ сын райгуырдис лæппу дæр. Ралæууыд ног дуг. Хъызылбег йæ алыварс æрæмбырд кодта сæ хъæуы разагъддæр фæсивæды, мæгуырты æмæ астæуккаг цæрджыты æмæ уæчск- уæзæй бавнæлдта ног цард аразынмæ. * * * Хæдзары къуымтæ лæууынц саудалынгæй. Би- нонтæй хъыпп-сыпп ничи кæны. Хæдзары рæбинаг къуымæй, цыма исчи галы хурхы хъама нытъыста, уыйау хуыррытт кæны Нимфæ. Фынæй у Хъауыр- бег дæр. Æрмæст нæ фынæй кæнынц сабитæ. Фæс- луар бызгъуыр нымæты стымбылтæ сты æмæ, съ ныхас куыд нæ хъуыса, афтæ сусæгæй тæрхон кæ- нынц: — Гыцци, мæхи гыцци, удыгас у... Мæн гыцци- мæ фæнды, акæн мæ, о, Гаврил, — лæгъстæ кæны чысыл Анастаси Гаврилæн. — С-с-с, хъæрæй ма дзур. Акæндзынæн дæ... Æрмæст бафынæй кæн... — дзырдта йын Гаврил. — Нæ бафынæй уыдзынæн... Куы бафынæй уон, уæд сымах ахъуыздзыстут мæ сусæгæй... — Нæ, мæ чысыл хо, нæ. Нæ дæ ныууадздзыс- тæм... Бафынæй кæн, райсом раджы хъуамæ ацæ- уæм, куыд нич’и нæ базона, афтæ... — Гаврил, æмæ фæндаг куы нæ зонæм? — ба- мæт кодта Гавруш. — Уæд та фæдзæгъæл стæм- — Фæрсгæ-фæрсгæ цæудзыстæм... Цæй, бафы- нæй ут ныр. 63
Сæ мады феныны цинæй сæ хуыссæг фæлыгъди сабитæн. Ныддаргъ æхсæв, æнæхъæн æнусы бæрц сси- Фæстагмæ хуыссæг фæтых сабиты фæллад, æххор- маг уæнгтыл æмæ кæрæдзи хъæбысты бафынæй сты- Ныууасыд уасæг. Уасæджы хъæрмæ фестъæл- фыд Гаврил- йæ цæстытæ аууæрста, фæкомкоммæ рудзынгмæ, æттийæ нырма уыд талынг. Лæппу нал бафынæй- Аивæй йæ дарæс скодта, стæй райхъал кодта иннæты дæр. Цалынмæ сабитæ сæ дарæс кодтой, уæдмæ æр- барухс. Гаврил сындæггай байгом кодта дуар, йæ къахкъухтыл æттæмæ рахызт, иннæтæ дæр йæ фæ- дыл- Дуар сындæггай рахгæдтой æмæ хъæууынгты фæндаджы ’рдæм атындзыдтой. Дзæбæх æрбабон- Арв цыдæр хъуынтъыз æмæ тарæрфыгæй лæууыди. Сабитæ, кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ, æрхæццæ сты фæндагмæ æмæ фæндаг-фæндаг цæгатырдæм сæ ных сарæзтой. Миййаг сæ фыд куы райхъал уа, сæ фæнд сын куы базона æмæ сæ фæстийæ куы расура, уымæй тæрсгæйæ, тындзыдтой, цалынмæ хур не скаст, уæд- мæ Рагъы къуылдымæй куыд фæдæлæмæ уой, аф- тæ- Чысыл Анастаси сегасæй æвзонгдæр æмæ æдыхдæр уыди. Цыма бйрæгъы хъæлæсæй раир- вæзт, уыйау тындзыдта, хатт-иу йæ къахы куы сындз фæныхст, куы та-иу æй дурыл скъуырдта. Къахы ныхы туг калди, рысти зæвæт, фæлæ йæ уы- дон мæт нал уыд. Тындзыдта, афтæ бирæ цы гыц- цийы уарзта, уый фенынмæ- Гаврил дыууæ азы размæ Магданимæ уыд йæ мады æфсымæртæм æмæ аивтæй зыдта фæндаг. Фæлæ Рагъы къуылдымæй куы фæдæлæмæ сты, уæд фæндаг æртæ хицæн аци. Гаврилæй ферох, кæ- цы фæндагыл æй ацæуын хъæуы, уый- Æрбадтыс- ты фæндаджы хъæбæрыл, кæд исчи фæзынид æмæ еын, кæцы фæндагыл цæуын хъæуы, уый бацамо- нид. 64
Æнхъæлмæ кæсынц. Ничи зыны. Чысыл Анас- таси дысон бонмæ гыццийы феныны цинæй хуыс- сæг нæ федта, райсом та æгæр раджы фестад, но- джы бафæллад лидзынæй æмæ тæккæ фæндаджы хъæбæрыл афынæй- Аходæнафонæй ахызт. Арв бьштон ныттар. Иу- гай æртæхтæ хауын байдыдта- — Гаврил, къæвда уары... — батыхст Гавруш. — Анастасийы райхъал кæнон, суазал уыдзæн,— загъта Гаврил æмæ райхъал кодта сæ чысыл хо Анастасийы- Анастаси йæ цæстытæ аууæрста æмæ æрдæг- фынæй хъæлæсæй афтæ бакодта: — Барис, æрхæццæ стæм... —Нæма, Анастаси, тагъд ныххæццæ уыдзыстæм. Дæлийæ цавæрдæр барæг фæзынди. Сабиты фæндаджы хъæбæрыл лæугæ куы фед- та, уæд сæм æрбацыд æмæ сæм уæлбæхæй дзуры: —■ Цы ми кæнут, цы, ам? — Гыццимæ цæуæм... — фæцырд Гаврил. — Æмæ кæм ис уæ гыцци? — Йæ хæдзары... Лæг ницы бамбæрста хъуыддагæн æмæ сæ но- джы бæстоыдæр афарста: — Кæй лæппутæ стут? — Нæ фыд Хъауырбег хуыйны, нæ мад та -— Гыцци.* Лæг, Хъауырбеджы кой фехъусгæйæ, сагъæстыл фæцис. Зыдта йæ, цыппар азы размæ Хъауырбег уыдон хъæуы уыд, дзырдæй йын йæ гал аскъæрд- та, мæйы фæстæ дын де ’хца æрбахæсдзынæн, зæгъгæ- Лæг ыл баууæндыд. Хъауырбег галы ас- къæрдта, рацыд мæй, дыккаг, æртыккаг--. Хъауыр- бег никуыцæй фæзынд. Лæг æм хæдзармæ ссыд. Фæлæ йæ уым не сыййæфта. Уæдмæ райдыдта растад, адæм цæгатмæ фæлыгъдысты æмæ уæдæй нырмæ никуыуал федта Хъауырбеджы. Лæг зыдта Хъауырбеджы ус Магданы дæр, зыдта йын йе ’фсымæр Чермены дæр. Ныр куы фехъуыста Хъауырбеджы кой, уæд йæ зæрдæйы маст сноги æмæ карзæй афарста сабиты. 5. Дзигойты Г. 65
— Æмæ кæм ис уæ сæфт фыд? — Хæдзары, — чъызгæйæ зэгъта Гаврил. — Хæдзары? — цыма нæ бамбæрста лæг- — Æмæ цы ми кæны? — Иу усимæ æрцыд... — Усимæ? — лæг та нæ бамбæрста хъуыддаг. — О. Махæн афтæ, гыцци, дам, амард. Гыццн та рынчыи у, Черментæм ис æмæ мах дæр уырдæм цæуæм. Ралыгъдыстæм... О, фæлæ, хорз лæг... ба- байæн мацы зæгъ-.. Куы базона, гыццимæ алыгъ- дыстæм, уый, уæд нæ фæдыл рацæудзæн æмæ нæ фæнæмдзæн. Лæг бамбæрста хъуыддаг, сабитæ сæ дурзæрдæ фыдæй кæй ралыгъдысты.- Фæтæригъæд сын код- та æмæ сын фæлмæн хъæлæсæй афтæ: — Нæмы уæ уæ фыд? — Нæмы... йæ ус дæр... — кæуынхъæлæсæй ба- кодта Анастаси. — Хорз, мæ чысыл хуртæ... Æз уын уæ маст райсдзынæн... Фæлæ сымах цæмæн лæуут ам? — Гыццимæ цæуæм... Фæндаг нæ зонæм... — О, цард уын феста уæ фыд... Ай мæиæ къæвда уарынхъус куы у... Кæдæм фæхæццæ уы- дзыстут... — Тагъд цæудзыстæм æмæ... — Гъемæ, уæдæ, мæнæ ацы фæндагыл ныллæу- ут, иу хъæумæ бахæццæ уыдзыстут, æмæ уым ба- фæрсдзыстут Теботы хъæу кæм ис, зæгъгæ, æмæ уын æй бацамондзысты- — Бузныг... — Лидзгæ кæнут ныр. Фæлæуут ма, æххормаг уын кæд нæу миййаг? — Тынг... — къулбæрзæйæ загъта Анастаси. Лæг йæ хызынмæ нывнæлдта, нартхоры кæр- дзын дзы систа, йæ астачуыл æй фæдих кодта æмæ йын йе ’рдæг сабитæн радта. Га(врил æнæзоигæ лæгæн раарфæ кодта æмæ араст сты сæ фæндагыл. Лæг сæ фæдыл иудзæвгар фæкаст, стæй йæ сæр мæсты тылд бакодта æмæ йæ бæх фæзылдта, Хъауырбег цы хъæуы цард, уыцы ’рдæм. 66
Сабитæ иудзæвгар рауадысты, афтæ къæвда фæтынгдæр- Æнæзонгæ лæг сын цы нартхоры кæр- дзыны æрдæг радта, уый ахордтой. Чысыл фæ- хъуырттхъом сты æмæ сæ цыд дæр фæрогдæр. Арв ныннæрыд. К/ьæвда ныссæх-сæх кодта... Чьт- сыл Анастаси баргъæвст- Гаврил йæ бырæгътæ уæ- лæфтау фелвæста æмæ дзы Анастасийы уæхсджы- тæ æрбатыхта. Бафæлладысты. Бынтон пыххуылыдз сты, аф- тæмæй тых æмæ фыдтæй бахæццæ сты хъæугæрон- мæ. Хъæугæрон бæласы бынмæ сæхи байстой- Къæвда нал æмæ нал æнцад. Арв æмæ зæхх кæрæ- дзи хостой- Уæдмæ фæзынд дæллагон дымгæ, сау хуылыдз мигъты йæ разæй быдырты ’рдæм ахаста æмæ къæвда банцад. Сабитæ рахызтысты бæласы бынæй æмæ астæу- мæ цъыфы алæгæрстой хъæуы уынгты. Иу ранæй рагæпп ласта куыдз, æмæ йæхи рас- къæрдта Гаврилтыл. Анастаси фæтарст.^ Ныцъæхахст кодта. Гаврилы фæтджитыл ныззезелæг. Куыдз йæ уæлныхты систа сабиты. Сæ цъæхахстмæ кæцæйдæр фæзынд иу ацæргæ лæг æмæ баиргъæвта куыдзы. Лæг куы базыдта, сабитæ кæдæм цæуынц, уый, уæд сæ хъæугæронмæ ахизын кодта æмæ сын ба- цамыдта фæндаг. Даргъ, зын фæндагыл бафæлладысты, баста* дысты сабитæ. Изæрмилтæ кодта, афтæ фæрсгæ- фæрсгæ æрхæццæ сты Теботы хъæумæ, сæ гыц- цимæ- Мад йæ хъæбулты къæсæрæй æрбахизгæ куы ауыдта цъыфæйдзæгтæй, фæлмæцыдæй, уæд нæ хуыссæн уатæй фестад æмæ сæ ныхъхъæбыс кодта. — О, цард уын фестон, мæ хъæбултæ, мæ зæр- лæйы уидæгтæ... Кæцæй фестут?.. Цы фыд ныл æр- цыдис?.. — йæ цæстысыгтæ калгæ фарста мад йæ ^ъæбулты... Магдан йæ сабиты йæ риумæ нылхъывта, сног сты йæ дудгæбæттæ æмæ нал æмæ нал æнцади йæ 67
хæкъуырццæй. Сабитæ дæр йæ алыварс бабукъ сты æмæ уыдон дæр сæ мады кæуынмæ сæ цæсты- сыг нал урæдтой. Чермен басабыр кодта.йе ’намонд хойы æмæ йæ чысыл хæрæфыртты- Магданы æфсымæр йæхицæй нал рауагъта са- биты. 16 Райсом Хъауырбег куы райхъал æмæ сабиты фæсдуар сæ хуыссæны куынæуал федта, уæд фыц- •цаг афтæ фенхъæлдта сæхи хъуыдыйы дуармæ аиы- дысты æмæ сæм йæ хъус не ’рдардта. Фæлæ сабитæ куы нæ æмæ куы нæ зындысты, уæд фестад йæ хуыссæнæй, дуармæ рауад, аца- гуырдта сæ, фæлæ сабитæн сæ кой, сæ хъæр ни- куыцæй уал зынд. Хъæубæстæ сæ родты хизынмæ рауагътой- Агу- рынц фиййауы- Гаврил йе ’фсымæртæ æмæ йæ хо- имæ цыдæр фæци, уый куы базыдтой, уæд алчи йæ роды йæхæдæг аскъæрдта хизынмæ. Аходæнафон йæ фынæйæ райхъал Нимфæ, дон мын авæр, зæгъгæ, ахъæр кодта æттæмæ. Хъæрмæ куы ничи фæзынд, уæд æлгъитгæ растад йæ хуыс- сæнæй æмæ æттæмæ ракаст- — Цы фесты, цы, уыцы сæтолтæ, иу дæр сæ мауал баззайа. «О» сæ куы ничи зæгъы, уæд кæм сты, сыскъуыдысты? — йæ лæгыл спыхс кодта ус. — Ам никуы зынынц... Æвæццæгæн, сæ хистæр лæппу хъæдмæ суг хæссынмæ сæумæраджы акодта. — Оæ мард мæм æрыхъуысæнт... Хæсгæ фæ- уæнт... — ус æлгъитгæ баздæхтис фæстæмæ. Аходæнафонæй ахызт. Хъауырбег кæдæмдæр балцы йæхи срæвдз кодта. Æттæмæ рахизон куыд загъта, афтæ кæрты дуар æрбахостæуыд: — Гъей, хæдзаронтæ! Æттæмæ уæ исчи ракæсæд. Хъæрмæ рахызт Хъауырбег. Кæрты бæхыл бад- гæ ауыдта Малхазы. Лæг йæ хуыз аныхъуырдта- — Ай æмæ Хъауырбег нæ дæ? — æрбадзырдта йæм Малхаз- — Æттæмæ ма рахиз, демæ мæ хъуыддаг ис. 68
Хъауырбег дурдзавдау лæууыд. Малхазы ны- хасмæ, цыма, йæ бæттæнтæй феуæгъд, сындæг къахдзæфтæй рацыд Малхазы размæ- Бæргæ маргъ куы фестадаид æмæ куы атахтаид, фæлæ йын уый гæнæп нал уыд æмæ, йæ мидбылты тыххудт гæчгæ, нымдзаст Малхазмæ. — Дæ хорзæхæй, ай Малхаз нæ дæ? — цыма пæ нал базыдта, уый фарст æй акодта. — О, мæнæ ма кæй уынын, мæнæ! Хуыцауы тыххæй, дæ бæхæй рахиз æмæ мидæмæ рацу. — Мидæмæ мæ не ’вдæлы, ХъауЫрбег. Мæ галы аргъмæ æрбацыдтæн, æмæ мын сæ куы радавис,-- цæхгæр загъта Малхаз. — Ныр сæ уал азы кæй хæрыс, уый дын фаг,у æмæ ныр мæхиуæттæ- — Цæмæн афтæ зæгъыс, цæмæн, Малхаз. Дзырд дзырд у- Дæ галы аргъ дын мæйы фæстæ хъуамæ æрбахастаин æмæ фæрынчын дæн, цыппар хъæбулы мын ис æмæ мын уыдон амæлæнт, кæд раст нæ зæгъын- Малхазæн йæ цæстытыл ауад, чысыл раздæр фæндаджы былыл цы тæригъæдтаг сабиты федта, уыдон, æмæ пыр фыд йæ хъæбултæй куы расомы кодта, уæд ноджы йæ маст рафыхт- — Дæ сывæллæттæй ма сомы кæн, æнæуи дæр сæ тæригъæдæй бæстæ скъуыдтæ кæны, фæлæ мын мæхиуæттæ рахæсс. — О, æмæ дын уый зæгъын, уæд мæ хуыцау æркъуырæд, кæд мæнг зæгъын, фæрынчын дæн, стæй змæстытæ, ардæм нал æрбахаудтæн æмæ ба- хардз сты... — Ныртæккæ мæхиуæттæ, фæлитой, кæм дын бахардз сты æмæ сæ цы хæтаг сылты фæдыл ба- хордтой, уый мæ хъуыддаг нæу. Хъусыс! — Иу мæйы бæрц мын æмгъуыд радт, ссардзы- нæн сæ... — Нæ, ныр дæ цалдæр азы агурын, æмæ мæ пыр нал фæсайдзынæ- Æдзæсгом лæг дæ ды. Ра- хæсс мын ме ’хца! — цæхгæр загъта Малхаз. — Цæй ныр мæ цы дæ уæлныхты систай? — йæхи фæпыхс кодта Хъауырбег. — Боны фæстаг- мæ, æз дæу нæ зонын, ды мæн. Никуы дæ федтон, 69
иицы дæ райстон. Мæ къухфыст дæм ис? Нæй. Тæрхондонмæ ратдзынæ хъуыддаг æмæ дзы цы рамбулдзынæ? Мур дæр ницы. — Куыд? — Малхазæн йæ маст адымст æмæ йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. — Уæдæ ноджы афтæ зæгъыс, хæрæджы æфтыдтаг! Хæтаг сылты фæдыл дæ намыс бахордтай æмæ ацы ран дæр æдзæсгом ми сфæнд кодтайл уæдæ, и? Æз дын сæ ныртæккæ! — лæг ехс фæхъил кодта æмæ Хъауыр- беджы бæрзæйæн къæрцц- Хъауырбег дæр йæхи нал баурæдта. Ацахста Малхазы- Малхаз бæхæй æргæпп ласта. Кæрæдзийыл сæхи ныццавтой- Тым- был къухæй гуымс райдыдтой. — Æдзæсгом цыдæр, æз ма дын дæ сабиты Д1аст дæр дæ сæрæй хъуамæ сисон! — Малхаз йæ быны æркодта Хъауырбеджы æмæ йыл нæмынæй нал ауæрды. Хъæрмæ фæфæдис сты хъæубæстæ, хылгæн- джыты баиргъæвтой. Малхаз хъæубæстæй хатыр ракуырдта, сæ куыс- тытæй сæ кæй фæиппæрд кодта, уый тыххæй, стæй сбадт йæ бæхыл. — Фæлæу, æдзæсгом, æз æмæ ма ды фембæл- дзыстæм... тæрхондоны! — бартхъирæн ма кодта Хъауырбегмæ æмæ фæцагайдта йæ бæхы- Уыцы нады фæстæ Хъауырбегæн æхсæв йæ хуыссæг фесæфт. Малхаз æй æвыдæй кæй нæ ныу- уадздзæни, уый йын йе онджы тас уагъта. Хъуыд- даг тæрхондонмæ куы ахауа, уæд, Хъауырбег куыд æрыхъуыста, афтæмæй ног хицауады тæрхоны лæг- тæ алцы дæр булкъау къахынц. Миййаг куы ба зоной Хъауырбег революцийы размæ базаргæнæг кæй уыди, адæмы кæй сайдта, уæд ын нæ ныббар- дзысты-.. Лидзын хъæуы, фæлæ кæдæм? — йæ дзыпп афтид- Ацы æнæхайыры сылгоймаг Нимфæ- йæ та иууыл уынгæджы фæци- Пъæззыйау Хъа- уырбеджы бæрзæйыл сбадт æмæ æттæмæ рахизын нал комы. Куы æрбацыд, уæдæй фæстæмæ æнæуп дæр гæвзыкк, афтид къуымтыл бынтон быныстæрд сæвæрдта, бафсис та йын бынтон ницæмæй ис. Га- лы мард ын йæ разы куы æрæвæрай — кæрдих 70
дзы нал фæуадздзæн. Æнæбын къæртайæ уæлдай нæу, цас фылдæр хæры, уыйас зыддæр кæны. Нæ, исты амалæй дзы фервæзын хъæуы, цалынмæ Хъа- уырбегæн йæхи сæр дæр нæ бахордта, уæдмæ. Стæй Хъауырбег искæимæ баст уа æмæ йын лæггад кæ- на, ууыл ахуыр нæу. Нæ, Хъауырбегæн хъуамæ ис- чи йæхæдæг лæггад кæна. Нимфæ та къулбадæг сабиау лæджы æфцæгыл æрцауындзæг æмæ йæ атæлфын никуыдæм уадзы. Нæ, фервæзын дзы хъæуы исчердæм- Фæлæ куыд? Асайын æй хъæуы фæстæмæ- Хъауырбегæн йæ сæрибардзинад æппæ- тæй дæр зынаргъдæр у. Йæхи уд, йæхи царды йед- тæмæ йæ никæй царды мæт ис. Ус, сывæллæттæ — - нытту сыл кодта. Сæрниз йедтæмæ ницы сты. Стæй усимæ иу афæдзæй ’фылдæр цæрæн нæй. Дæ дараёс куыд тагъддæр ивай, афтæ лæг лæппудæр зыны. Ус курын дæр афтæ у... Нæ, Хъауырбег æндæр ус хъуамæ ракура. На- уæд æй кургæ дæр цæмæн кæны... Фервæзын хъæуы Нимфæйæ, цас тагъддæр, уый- бæрц хуыздæр. Искуы мидæгмоймæ бацæудзæн-.. Æмæ та стæй æндæр... Нырмæ Хъауырбег йæ^æ- дæг хардз кодта йе ’хца сылгоймæгты фæдыл, ныр та йын сылгоймæгтæ йæхи хъуамæ дарой- Кæд лæг дары сылгоймаджы, уæд сылгоймаг цæмæннæ хъуа- мæ дара нæлгоймаджы. Ныр æм зонд æрцыд. Мæ- сты кодта, нырмæ куыннæ æрцыд йæ сæрмæ ахæм диссаджы хъуыды. Сылгоймагау рæсугъд у. Йæ уындæй бирæ сылгоймæгтæ æрратæ кæнынц- Аскъуыддзаг кодта ног сылгоймаджимæ йæ- хи сбæттын- Агуырдта исты æфсонæй Нимфæйæ фервæзыны мадзал, фæлæ йæ уый сæр нæ бахъуы- ди- Иу бон Нимфæ æркой кодта Хъауырбегæн. — Мæнæн ацы æлгъыстаджы хъæуы цæрын мæ бон нал у, фæлæ афардæг уæм. — Бæргæ афардæг уаиккам, фæлæ цæмæй? Афтид .армæй никуыдæм афардæг уыдзынæ... — загъта йын Хъауырбег. — Мæнмæ иу фæндон ис- — Цы? 71
— Мæнæ ацы хæдзар ауæй кæнæм... Нæ фаг уал уыдзысты... Стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы- Хæдзар ауæй кæныны хъуыды йæ сæрмæ ни- куы æрцыд Хъауырбегæн- Уый хорз, ауæй кæн- дзынæн хæдзар, Нимфæйы бынатмæ ныххæццæ кæндзынæн. Æниу æй кæнгæ дæр кæдæм кæны, æхца йæхи ’рдыгæи куы фæуа, уæд йæхæдæг ис- куыдæм ацъыкк кæндзæн- Фæлæ Нимфæ æнæхиндæр нæ уыд Хъауырбе- гæй- Уымæ дæр уыд ахæм фæнд, æхца æлхæнæгæй йæхæдæг райсдзæн- Калакмæ Хъауырбегимæ ацæ- дзæн æмæ йæ уырдыгæй фæстæмæ раскъæрдзæн. Лæг æмæ ус сфæнд кодтой сæ хæдзар ауæй кæ- нын. Фæлæ хæдзар æлхæнæг куы нæ зынди, уæд Хъауырбег тыхсын райдыдта. Йæ хъустыл æрцыд, зæгъгæ, Магдан сдзæбæх æмæ йæ сабитимæ æрба- цæуинаг у. Ус куы фæзына, уæд ын йæ хъуыддæг- тæ схæццæ кæндзæн. Фæтагъддæр хъуыд хæдзар ауæй кæныны хъуыддагыл- Иу изæр бацыд сæ хъæуы бонджын Миттамæ æмæ йын æркой кодта: — Митта, бахатыр кæн, фæлæ дæ иу хабар ку- рын. Не ’фсип рынчынтæ кæньь йæ бон нæу ам, хъæуы... Калакмæ йæ зæрды ацæуын ис... Гъемæ, зæгъын, хæдзар уæй кæнын мæ зæрды ис, æмæ йæ куы балхæнис... Митта зыд, кæрæф лæг, йæ цæхæрадон тæккæ Хъауырбеджы хæдзарыл ныхæст, рагæй хъавыд ис- ты æфсæнттæй уый Хъауырбеджы зæххы гæбаз йæхирдæм фæбырын кæпыныл, фæлæ йæ къу- хы не ’фтыди. Митта æнæ радзур-бадзур разы уыд Хъауырбеджы хæдзар балхæныныл- Æрмæст æй иу хъуыддаг къуылымпы кодта. Фæстаг рæстæджы- ты цыдæр дамтæ хъуысы, уæлдай фæллой кæмæ ис, уыдон, дам, ног хицауад исынвæнд кæны. Æцæг нырма ницы бæрæг ис, фæлæ цы нæ вæййы- — Дæ хæдзар æмæ дæ зæххы фадыг балхæны- ны ныхмæ ницы зæгъæг дæн. Фæлæ уыныс... Ног хрцауад, ног æгъдæуттæ-.. — йæ ныхас айвæзта Митта. 72
— Ног хицауад нырма никæй хъыгдары- стæй чи зоны бирæ дæр нал ахæсса... рагацау цы тых- сыс... — ныфсытæ а1вæрдта Хъауырбег. — Бæргæ, уый афтæ куы уаид, — ныуулæфыд Митта: — Дæуæй мæн къаддæр нæ фæнды уьшы хъуыд- даг, Митта. Мæхицæн цыдæр амæлттæ кодтон.Æх- ца дæр мæм хорз æфтыд, нæ йæ сусæг кæнын. Æмæ та кæд æрцæуиккой уыцы рæстæджытæ... Ныр уал мын мæ къух сараз- Митта хин лæг уыди, зыдта Хъауырбег тынг кæй тыхсы, æмæ йын цы зæгъа, ууыл кæй сразы уыдзæн- Бафарста йæ: — Цас æй кæныс? Хъауырбег аргъ загъта. Митта уыцы аргъыл не сразы. Бирæ фæрадзур-бадзуры фæстæ кæрæдзимæ сæ къухтæ радтой. 17 Магдан кæд бынтон не сынæниз, уæддæр йæ уа- тæй сыстад. Хъауырбеджы æнаккагдзинад ын бын- тон æнцой нæ лæвæрдта- Æхсæвæй-бонæй йæ зæр- дæ дзырдта йæ хæдзары къуымтимæ- Иубон йе ’фсымæрæн галтæ сифтындзын кодта, йæ сабиты уæрдоныл сæвæрдта æмæ æрцыд йæ хъæбулты уæзæгмæ. Изæрмилтæ кодта, афтæ уæр^ дон æрлæууыдис хæдзары кæрты. Хъауырбег æмæ Нимфæ уыцы бон Миттайæ се ’хца райстой æмæ сæхи цæттæ кодтой дыккаг бон Калакмæ ацæуынмæ. Фæлæ сæм хьа^г’ьа рг.уад- Хъауырбег Миттайæ æхца р’айста, Нимфа* домдта, цæмæй æхца уымæ уой, Хъауырбег нæ разы кодта усмæ æхца радтыныл. — Æхца мæнмæ æри, æз сылгоймаг дæн, мæн- мæ æфснайддæр уыдзысты... Ды сæ акъаппа-къуц- па кæндзынæ, — дзырдта йæ лæгæн. — Æз лæг дæн, æхца дæумæ нæ хауынц, — нæ разы кодта Хъауырбег- — Уæд та дын сæ исчи фел- вæста- 73
— Сæрхъæн, дæхуызæн мæ æнхъæлыс? Æз цас æхца федтон æмæ бахардз кодтон, уыдон де ’муæз æрласдзысты. Мæнæ мыл йеныр тæригъæдтаджы бон æркодта, уый йедтæмæ... Æри< сæ, дын, зæгъын. ма мæ дзурын кæн, мæ сæр фæрысти-.. — Нæ дæм сæ ратдзынæн, дæ астæуыл куы афæдай, уæддæр! — Ратдзынæ сæ, дыууæ ныхасы йедтæмæ мæ ня? хъæуы æмæ дæ кой нал уыдзæн. Ма дæ ферох уæд, æнудæсæм азы полицæйæн цы большевикты æр- цахсын кодтай, уыцы хабар-. Стæй меньшевикты хицауадмæ дзырдхæссæг кæй уыдтæ æмæ цытæ фæ- кодтай, уый дæр сын сæ зæрдыл æрлæууын кæн- дзынæн. Фæлæ дын хорзæй дзурын, æри æхца-.. Хъауырбеджы цæсгом афæлурс. Уыцы æнаккаг сылгоймаг бирæ талынг хъуыддæгтæ зоны Хъауыр- бегæй æмæ йæ дзых куынæ баурома, уæд лæг фе- сæфт. Бафæндыд æй Нимфæйы бахурх кæнын. Фæ~ лæ ацы ран нæ, нырма уал аирвæза ардыгæй, стæй йын исты хос кæндзæни- Æрсабыр уал хъуыд Ним- фæйы. — Цæй, цæй, уымæй мæ ма тæрсын кæн, исты ссыбыртт кæндзынæ æмæ дæ мæ фæдыл аласдзы- иæн- Мæнæй дæр нæ ферох Калачы" пъæлицæйы хистæрæй лæвар цæй тыххæй райстай, уый. Депо- йы кусджыты сусæг æмбырд ды -нæ ныппырх кæ- нып кодтай? Уымæй мæ нæ фæтæрсын кæндзынæ, фæлæ ныхъхъус у, кæд ма’дæ мемæ цæрын фæнды, уæд. — Уыцы æмбырдмæ дæр мæ ды арвыстай, сæр- хъæп, æндæра мæн политикæимæ ницы хъуыддаг уыд. Мæнæн мæ куыст ресторантæ, хъæлдзæг цард-.. æхца чи фыста... уæлдай мын сæ нæ уыд.- Æри æхцатæ, хуыздæр дын уыдзæн, — ус йæхи ныццавта Хъауырбегыл æмæ йын тыхæй исы йе ’хца. — Фесæф, къахбай цыдæр! — иуфарс æй ас- хуыста Хъауырбег. — Цы, дам, æз дæн къахбай? Ницæйаг чъизи зæрдæ! Æмæ ды канд къахбай нæ, фæлæ ма лæг- марæг дæр куы дæ- Фæлитой, тæппуд! 74
Хъауырбег æмæ Нимфæ схъуырдухæн сты... Раст уыцы рæстæджы æрбахъæрчындæуыд... —Гъей, хæдзары уæ чи ис, æттæмæ ракæсæнт!— уый уыд Магданы æфсымæры хъæлæс. Хъауырбег æмæ Нимфæ фергъуыйау сты- Сæ хыл фæуагътой. Хъауырбег рудзынгæй ракаст. Æт- тийæ Магданы æфсымæры æмæ уæрдоныл сабиты сæ мадимæ куы ауыдта, уæд йæ хуыз аныхъуырдта- — Фесæфтыстæм, уыцы æнаккаг сылгоймаг йæ лæппынтимæ æрбацыд. — Æмæ ма цæмæ æрбамæрдтаг? — йæ хыл кæ- нын фæуагъта Нимфæ. —Хъус ма, мацы сæм сдзур. Уадз æрбацæуæнт. Талынг у ныр... Æхца нæхимæ сты æмæ афардæг уыдзыстæм. Нимфæйы фæнд йæ зæрдæмæ фæцыд, кæд сæфт сылгоймаг у Ни;мфæ, уæддæр æм æрхъуыды ис. Ра- хызт æттæмæ. —Мæнæ дын дæ бинонты æрбаластон, «мæ буц» сиа’хс, æмæ дæм цы фæнд ис, уадзыс сæ мидæмæ æви ахсæв уæ хъæубæстæй æндæр искæмæ бацæ- уæм? — хиуылхæцгæ загъта Чермен- Хъауырбег Черменыл йæ пырх акалинаг уыд, фæлæ йын йæ фарсыл сау фистонджын хъама куы ауыдта, уæд йæ ныхас фæфæлмæндæр кодта: — Сывæллæттæ мæ туг, ме стæгæй сты, æмæ уы- дон рацæуæнт, ды дæр æмæ дæ хо дæр ахсæв искæ- мæ бафысым кæнут. Райсом ацæудзынæн ардыгæй æмæ æрбацæуæд мæпæ йæ сывæллæтты цурмæ... — Куыд æрбацæуа? Кæмæй зæгъыс уый, æнак- каг æмæ дæ хæдзар мæнæп нæ рауæй кодтай, куыд ма йæм кæныс дæ усы? — кауы фæсте райхъуыст Миттайы мæстджын хъæр- Хъауырбегыл цыма топпы нæмыг сæмбæлд, уый схъиуд фæкодта. Кæцæй фæци уыцы зæронд би- рæгъ та? Уый афтæ фæнд кодта æмæхсæвæджы кæй адзæхст кæндзæн, стæй уадз Магдан æмæ йæ хъæбултæ хыл кæной Миттаимæ- — Чи ауæй кодта мæ хъæбулты хæдзар? — ныр- ма сабыр йæхи дардта Магдан, ныр рагæпп ласта уæрдонæй, тыргъы фæрæт фелвæста, йæ сабитыл фæхæцыд æмæ сæ хæдзары смидæг кодта. — Хуыз- 75
дæр уæ чи у, уый мын мæ сабнты сæ мæгуыр хæ- дзары къуымæй æттæмæ расурæд уæдæ! — Магдан йæ сывæллæттимæ æд фæрæт уаты смидæг. Нимфæ рудзынггæрон лæууыд æмæ йæ хъус æттæмæ дардта- Магданы æд фæрæт мидæмæ æр- бахизгæ куы ауыдта, уæд ныцъæхахст кодта- — Ма ныццæв! Æз ницы аххосдЖ’ын дæн, хæ~ дзар уыцы сæфт ауæй кодта, æхца дæр йæхимæ сты... — зыр-зыр кодта Нимфæ. — Фесæф ардыгæй, къахбай цыдæр, цалыкмæ дын дæ сæр фæрæтæй нæ афастон! — бартхъирæн кодта Магдан Нимфæмæ. — Ма мæ амар, цæуын, æз ницы гæнæг дæн, — Магданы иувæрсты æттæмæ расæррæтт кодта Нимфæ. Æттийæ бæстæ хъæрахст сси. Митта тæккæ кæрты æрцахста Хъауырбеджы æмæ кæрадои рай- ваз-байваз кæнынц. — Æри мын фæстæмæ ме ’хца, æдзæсгом, ным- мардзынæн дæ! — хъæр кодта Митта. — Суадз мæ, æз дæу нæ зонын, нæ дæр дæ æхца райстон! — йæхи тыдта Хъауырбег- Уый размæ Хъауырбег Миттайы бафæдзæхста, зæгъгæ, йын йæ хæдзар кæй ауæй кодта, уыцы хабар нырма куыд никæмæн зæгъа, афтæ- Митта нæ баууæндыд Хъа- уырбегыл æмæ йын гæххæттныффыссын кодта. Хъа- уырбег цыдæр хæххытæ ны^кодта^гæххæттыл- Мит- та кæсын нæ зыдта, гæххæтт сæхи хъæуы чи ба- фарстаид, ахæмтæ уыд, фæлæ сыл иæ баууæндыд. Фæнд кодта дыккаг бон æндæр хъæуы искæмæн гæххæтт бакæсып кæнын. Уый æнхъæл пæ уыди æмæ уыцы æхсæв Хъауырбег сусæгæй алидзыны фæнд кодта. Ныр фелвæста йæ гæххæтт. —Ницы мæ айстай, зæгъыс, уæдæ мæиæ уый цы у, хорз адæм, исчи ма уæ йæ бакæсæд! Хъæлæбамæ æртымбыл сты хъæубæстæ- Хъы- зылбег райста гæххæтт æмæ йæм æркæстытæ кодта. — Зæгъ, зæгъ, Хъызылбег, цы фыст дзы ис! — Цы фыст дзы ис, Митга, цы, ницы. Ай мæнæ фæдфæливæны тыххæй зул-мул/хæххытæ фæкод- та, — бамбарын кодта Хъызылбег. 76
— А, уæдæ фæливгæ акодта, нæ?! — ссонт Митта. — Уый ды дæхæдæг цыдæр хæххытæ фæкодтай, зæронд хæрæг, æмæ мыл хахуыр кæныс! — йæхи раст кЬдта Хъауырбег. — Æрбакæсут ма йæм, æр- бакгесут, хорз адæм, мæнæ куыд æдзæсгом разын- ди! Раст уыцы рæстæджы хылгæнджыты астæу смидæг Миттайы хистæр фырт. — Кæмæй хынджылæг кæныс, ды, куыдзы хъæв- дын? — лæппу ацахста Хъауырбеджы. — Айраз- мæ Малхазы куыд фæсайдтай, ныр дæр афтæ дæ зæрды уыд? Æз дын дæ къ’æбуты ’рдыгæй фелвас- дзынæн дæ цæстытæ. Лæппу æмæ Хъауырбег фæхъуырæй-хъуырмæ сты. Адæм сын сæ баиргъæвынæн ницыуал амал ардтой- Нимфæ фæтарст æмæ йæ зæрдæ бахъарм. Миттайы лæппу йæ быны æркодта Хъауырбе- джы æмæ йын æхцаты йæ ронæй сласта. Иу ахъаз- заг цæф ма йæ фæкодта, стæй сæ иргъæвджытæ баиргъæвтой- — Ай бæсты куы амæлис, Хъауырбег, уæд хуыз- дæр уаид, — Хъауырбегыл схæцгæйæ загъта Хъы- зылбег. — Дæ сабитæн иу мисхалы бæрц хорзæй никуы ницы фæдæ, ныр та сæ адæмы уæзгуытыл ныууадзыны фæнд скодтай. —Гъе? уæууæй, гъе, куыд ницæйаг æмæ æдзæс- гом разындтæ. Дæ конд конд, дæ хуыз—хуыз. Худ куы дарыс, уæд дæ сæрмæ та цытæ хæссыс, — ныккæрзыдта хъæуы хистæр зæронд лæг. — Мæрд- ты рухсаг уой дæ мад æмæ дæ фыд, адæмы уарзо- нæй куы фæцардысты, уæд ды кæмæй фæдæ, сыст æмæ фесæф ацы уæзæгæй. Хъоды дыл кæнынц хъæубæстæ, се ’хсæн дын цæргæйæ нал у. Абонæн фæстæмæ дын ничи дæр дæ къух райсдзæн, иичи дæр дын салам ратдзæн. Цæугæ, ныууадз дæ саби- ты, уыдонæн фыд нæй, никуы дæр сын уыди’. Дæ са- битæ не сты, Магданы сабитæ сты æмæ мах, хъæу- бæстæ уыдон сидзæр нæ ныууадздзыстæм. Сæргуыбырæй хъуыста Хъауырбег- Бæргæ йæ зæрдæ мидæгæй тъæпп хаудта, фæлæ цы йæ бон 77
уыд. Исты загътаид æмæ йын фыддæр уыдаид, фæйнæрдыгæй йæ фæцæйхордтой адæмы æнæуы- нон цæстытæ- Хæдзармæ бацыд, йæ дзаумæттæ райста æмæ æнæдзургæйæ ахызти адæмы иуфæрс- ты. Нимфæйы æрчъицын кодтой. Хъауырбег фæ- цæуы, зæгъгæ, куы базыдта, уæд афтæ фенхъæлд- та Хъауырбег æхцаты фæхæссы, нæ базыдта кæй сæ байстой, уый. Æуыцы иу тæррæтт фæкодта. хæ- дзармæ бауад, йæ дзаумæттæ тагъд-тагъд чемода- ны авæрдта æмæ Хъауырбеджы расырдта фæстийæ. 18 Цыдысты бонтæ. Магдан бынтондæр сдзæбæх æмæ та зилын райдыдта йæ хæдзары афтид къуым- ты. Куы фæрынчын æмæ йе ’фсымæрмæ куы ацыд, уæд ма йæ хæдзары цы чысыл муртæ ныууагъта. уыдонæй ныр ницыуал æрбаййæфта. Хъæубæстæ йын чысыл цæмæйдæрты баххуыс кодтой, йæ хъус æм дардта йе ’фсымæр дæр. Фæлæ уæддæр хæдзарыдзаг сывæллæтты хæрын хъуыд- Хæдзар та бынтон ныккæлыны æввонг ныцци- Йæ хъуари бамбыд, æмæ-иу къæвда боны дуармæ куыд уарыд, афтæ мидæгæй дæр. Уазал бонты-иу дымгæ къуыззитт кодта хæдзары зыхъхъыртæй. Фæлæ зæронд тулдз бæласау йæхи ныффидар кодта Магдан- Сабитæ дæр чысыл байрæзтысты æмæ æххуыс кодтой сæ мадæн. Фæззыгон бонтæ къæвдаджын ахастой. Иу бон Магдан йæ цæгатæй цы карк æрбахаста, уый æр- цахста æмæ йæ хистæр лæппу Гаврилæн афтæ зæ- гъы: — Дæ сæрыл хаст фæуон, Гаврил, ацы карчы базармæ ахæсс, ауæй йæ кæн æмæ дзы цæхх æмæ фæтæген балхæн. Гаврил йæ мады ныхасыл разыйы тылд йæ сæр бакодта, стæй йæ къæхтæм æркаст... — Æмæ бæгъæввадæй куыд ацæуон, гыцци? 78
— Цы дын мæ бон у, мæ хъæбул... Цæй, ницы кæны, лæппу дæ æмæ дын ницы уыдзæн. — Æмæ карчы та цасыл ауæй кæнон? — Авд абазийыл- — Æмæ уыцы æхцайæ фæтæген æмæ спичкæтæ цас хъуамæ балхæнон? — Цыппар джиранкайы цæхх, дыууæ литры фæ- тæген, фондз спичкæйы къоппы, сапон дæр дæ ма ферох уæд. Фæныкдоны мæ къухты царм Схауд. Гаврил рараст Чъребамæ. Уыд фæззыгон хъуыптъыз бон. Лæппу быдырмæ куы рахæццæ, уæд быдыры цъиутæ тыгуыртæй зæххыл лæууыдыс- ты. Лæппу цъиутыл йæ лæдзæг фехста. Цъиутæ атахтысты. Æрмæст дзы иуæн йæ бон стæхын нал баци- Гаврил æм цингæнгæ балыгъд, куыддæр æй рацахсон загъта, афтæ цъиу стахт, фæлæ чысыл дæлдæр фæстæмæ зæхмæ æрхауди- Лæппу йæ ба- сырдта. Цъиу та атахт.. Лæппу фæрасур-басур код- та цъиуы, фæлæ йын йе ’рцахсын куынæ бантысъ уæд æй ныууагъта. Гаврил цъиуы фæдыл æгæр афæстиат æмæ байрæджы кодта. Æмбисбон ссис, афтæ лæппу базармæ æрхаста йæ карчы. Иу ранæй йæ иннæ ранмæ хæссы, фæлæ карк чи ’лхæдта, уыдон райсомæй бабазар кодгой. Чи ма ’лхæдта, уыдон дæр ын иу сомæй фылдæр нал лæвæрдтой. Гаврил-иу сын бæргæ дзырлта, зæгъгæ, мын гыцци загъта, цæмæй йæ авд абазийæ къаддæрыл ма радтон- Фæлæ ма йæм чи хъуыста- Иу сом дæр ма йыи тыххæй райста. Фервæзти йæ мæтæй. Иæ хызыны нывæрдта цыппар цж ^рапкайы цæхх, сапæттæ, спичкæтæ, балхæдта дыууæ литры фæтæген- Лæппу иу ран урс дзул уæйгæнгæ федта, йæ зæрдæ нал фæлæууыд æмæ загъта: — Цæй, æххæст ма æрдæг джиранка дзул дæр алхæнон, кæннæуæд æххормагæй кæйонг хь>амæ фæхæццæ уон. йæ хызын зæххыл авæрдта æмæ ду- каиийы кæрдзын исынмæ рады æрлæууыд. йе ’хцайы капеччытæй ма йæм цы аззад, уыдон баст уыдысты зæронд къухмæрзæны, лæппу иллынмæ 79
къухмæрзæн хæлдта æмæ кæрдзын иста, уæдмæ йын йæ хызын чидæр фелвæста... Бæргæ ма сæ агуырдта, фæлæ нал æмæ нал бафтыдысты йæ къухы. Лæппу кæуынмæ фæкъæртт Йæ тæригъæдмæ кæсынæй иу гуырдзиаг лæг йæхи нал баурæдта, æрбауад æм æмæ йæ фæрсы: — Цæуыл кæуыс, мæ къона? Гаврил ын йæ ныхас нæ бамбæрста æмæ йын дзуапп радта: — Магданы лæппу дæн- Нæ йæ бамбæрста зæронд лæг дæр, æввахсдæр æм балæууыд, йæ уæхскыл ын йæ къух узæлгæ æрæвæрдта, æмæ йæ дарддæр фæрсы: — Кæй лæппу дæ, йе, кæцон дæ, зæгъыс? Гаврил æм скаст æмæ йын кæуынхъæлæсæй дзуры: — Цыппар джиранкайы цæхх, дыууæ сапоны, фондз спичкæйы къоппы, дыууæ литры фæтæген... Лæг та йын йæ ныхæстæй ницы бамбæрста, æр- мæст ын йæ бæгъæввад къæхтæм лыстæг æркаст æмæ Гаврилы сæхимæ акодта, цæмæй йын дзабыр- тæ æрбахæсса. Уалынмæ кæртæй рахызт иу нарст- гомау_ас сылгоймаг. Йæ сыхаг зæронд лæджы лæп- пуимæ ныхас кæнгæ куы федта, уæд æй афарста: — Никъо, уыцы лæппумæ рæвдуæттæ уæййаг ис, миййаг? — Цæй рæвдуæттæ, Даро, бакæс ма, уазалæй куыд ныцъцъæх. — Æмæ чи у ахæм æнæхицау? — Нæ зонын, дæллаг уынгæй кæугæ рацыд, цæ- уыл кæуы, уыи нæ хатын. Мæн та уыл ие ’мбары æмæ йæ тæригъæдæй мæ бон нал у- Хъуамæ йын истытæ радтон, æндæра уæлмит, уæлих ныссæлдзæн. — Стыр удыбæстæ йын скæндзынæ, Никъо- Фæ- лæу, чи зоны махмæ дæр истытæ разына-. Фæлæ цалынмæ уыдон бызгъуыртæ агуырдтой, уæдмæ Гаврил æндæрырдæм йæ хызын агурæг ацы- дис. 1 — Акæс, дæ хорзæхæй... Уастæн дур феста мæ сæр, йæ цонгыл ын цæуылнæ ныххæцыдтæн æмæ 80
йæ хæдзармæ цæуылнæ æрбакодтон, хъæбулты хи- цау, ныййарæг мад куы дæн, куыд мын аирвæзт, куыд? Бæгъæввад, бæгънæг æмæ æххормагæй кæй- онг хъугцæ фæхæццæ уа,—маст кодта ус. Бирæ фæцагуырдта Гаврил йæ хызыны, фæлæ куы никуы уал разынд, уæд цы урс кæрдзыны карст балхæдта, уымæ æркаст. Кæрдзыныл йæ цæссыг- тæ æркалдысты, акомдзаг дзы кодта, фæлæ йæ хъуыры нæ ныххызт æмæ йæ йе тары нывæрдта- Хур акъул ис. Уазал кæныы райдыдга. Фæлæ Гаврил хæдзармæ цæуынвæнд нæ кодта. Иу раи телы хъæдыл банцой кодта, уазалæй ныцъцъæх ис, афтæмæй хъуыды кодта: — Уæдæ ма цы саразон? Гыццийæн ма мæхи куыд хъуамæ фенып кæнон. Нæ, фæлтау мæ сæр искуыдæм фесафоы-.. Фæлæ мæ гыцци куы агура, йæхи дæр амардзæн--. Нæ, цæуын хъæуы нæхимæ- Лæппу æрхæндæгæй цæуы сæхимæ. Сагъæсты аныгъуылд æмæ нал дæр уазал хаты, нал дæр æх- хормаг- Хъуынтъыз арвæй миты тъыфылтæ хауын райдыдтой. Æрдæгвæндагæй уæлæмæ мит æрхæ- цыд. Митыл лæппуйы бæгъæввад къахдзæфтæ ба- бызы фæдау зынынц... Нал у йæ бон- Иу ран дурыл æрбадт. К-уы йæ иу къах сисы йæ хъæбысмæ, куы га иннæ- Фу сыл кæны, афтæмæй сæ хъарм кæны- Кæуынæй йæ цæстытæ ныррæсыдысты... йлз хуыз фæцыд. Изæр кæны- Лæппу дурыл бандзыг- Къухы æнгуылдзтæ нал тасынц, къæхтæ ницыуал æмба- рынц. Йæ амондæн лæппуйы дурыл бадгæ сæййæфта Хъызылбег. Гаврилы куы ауыдта, уæд бæхæй æр- гæпп кодта æмæ йæ йæ хъæбысы фелвæста. Систа йæ бæхмæ, йæ цухъхъайы фæччиты бын æк æрба- тыхта æмæ фæцагайдта хъæумæ- ...Зымæг æрбалæууыд. Гаврил, Гавруш æмæ Ба- рис лæг дзоныгътыл суг ласын райдыдтой, стæй иу- гай ныхæстæ дæр базыдтой гуырдзиагау. Иу æм- бисæхсæв сыстадысты æмæ мæйрухсы сæ дзоныгъ- тæ митвæндагыл арæхыс стьь Магдан дæр иудзæв- гар семæ рауад. Хæрдæй сæ схизын кодта, стæй йæ- хиуыл дзуæрттæ бафтыдта: 6. Дзигойты Г. 81
— О, Мадымайрæм, лæгты дзуар, фæндараст сæ фæкæн- Лæппутæ æгæр раджы цыд фестьь Бон нæма æрбацъæх, афтæ æрхæццæ сты Чъребамæ. ...Горæты змæлæг нæма ис. Æгæрстæмæй дуа- ры хъинцъ дæр никуыцæй-ма хъуысы. Æрмæст кæмдæрты кусæндæтты рагагъоммæ схъарм кæны- ны тыххæй арт бандзæрстæуыд æмæ стыр агъуыс- тыты сæрмæ уазал уæлдæфы сау фæздæг хæрдмæ здухгæ уади. Иу ран лæугæйæ ирдгæмæ тыхсын райдыдтой лæппутæ. Уæлдайдæр кæстæр æфсымæр Ьарис, ирдгæйы йæ къухтæ нал тасынц, къæхтæ ницыуал æмбарынц, Æфсæртæ кæрæдзийыл сæхи хойынц. Уæдмæ сбон æмæ сæ сугтæ ауæй кодтой. Кæр- дзын балхæдтой, ноджы æндæр цыдæртæ æмæ сæ Гаврилы дзоныгъыл голладжы сæвæрдтой. Ацы хатт сыл нæ дæр хъæубæстæй, нæ дæр æввахс зон- гæтæй исчи амбæлдис- Сæ дзоныгътæ сæ фæдыл ласынц, афтæмæй цæуынц. Арв мигъты æмбæхсын райдыдта. Мит фæлдзæ- гъдæн кæньь къахы цæстытæ, æхгæны развæндаг. Лæппутæ тындзынц, фæлæ сын уæлдай къахдзæф нал æнтысьь Дымгæ тынгæй-тынгдæр къуыззитт кæны. Зæрдæхалæн ниуд ныккæньь Барис тыхсьь Йæ дзоныгъ ын Гаврил райста æмæ йын æй йæхио- ныл сæвæрдта. Иу цъус ма ауадысты, стæй Барис æрхаудта. йæ дзыхы дзаг ма иу хъæр фæкодта: «Мæлын!» Гаврил æмæ йæ Гавруш систой. Гаврил йæ цыбыр зæронд кæрцы риутæ байгом кодта æмæ Барисы салд къухты йе тары батъыста. Йе ’фсымæ- ры къухты чысыл куы схъарм кодта, уæд Гаврушы дзоныгъ дæр сæвæрдта йæхи дзоныгъыл, стæй Гав~ руш æмæ Барисы кæрæдзийы къухтыл ныххæцын кодта æмæ сын загъта: — Цæут мæ фæстæ. Лæугæ ма æркæнут. Иудзæвгар ма ацыдысты, стæй Барис митыл æр- хауд. Гавруш ма архайдта йæ сисыныл, фæлæ йæ нал сфæрæзта æмæ йæхæдæг дæр Барисыл а*р- фæлдæхт- Гаврушæн дæр йæ бон ницыуал уыдис æмæ ма йæ дзыхыдзаг ныхъæр кодта: 82
— Гаврил, баххуыс нын кæн! Гаврил йæ дзоныгъты фæуагъта æмæ йе :фсы- .мæртæм æруади. Афæлвæрдта, фæлæ йе ’фсымæртæй Аæ бон пæ- уын куы« никæмæн уал уыдис, уæд уал фыццаг Ба- рксы дæларм бацыд, дзоныгъты онг æй схаста, стæй фæстæмæ раздæхт æмæ йе ’ккой скодта Гав- рушы дæр. Афтæ радгай йе ’ккой хаста Гаврил пе ’фсьшæр- ты. Фæлæ цас йæ бон бауыдаид Гаврилæн дæр- Ныффæллад, нал у йæ бон. Æрлæууыд æмæ са- гъæстыл фæцис- Цы бачындæуа? Мит фæлдзæгъ- дæн хæссы, къахы цæстытæ. Размæ акъахдзæфгæ- нæн нал ис. Фæд бамбæрзта æмæ фæндаг нал зы- ны. Иу ран, лæнчы, пæлæхсар тæрс къутæр- Къутæ- рæн йæ сыфтæр нæ азгъæлд- Гаврил тæккæ фæнда- джы астæу сцагъд кодта дзоныгъты- Кæд сæ исчи агура, уæд сæ дзоныгътæм гæсгæ куыд ссара. Йæ- хæдæг йе ’фсымæрты иугай бахаста тазрс къутæры бынмæ- Лæппутæ кæрæдзийыл карчы цъиутау ба- тыгуыр сты. 20 Сихоры ’рдæм мит уарын куы райдыдта, уæд скатай Магдан- Цалдæр хатты рацыд ракæсæны къуылдымы оиг, фæлæ йæ хъæбултыл йæ цæст ни- куы схæцыд. Уалынджы цæгаты ’рдыгæй уадты- мыгъ сыстад, йæхи расæрфта хъæуыл æмæ бæсгæ урс рыджы бын айсæфт. — Сæфдзысты, сæфдзысты мæ хъæбултæ, мæ бындур ныззылд, — йæ рустæм фæлæбурдта ус æмæ хъæубæстæм ныхъхъæр кодга фæдпсы. Адæм фæфæдис сты- Хъæубæсты равзаргæдæр фæсивæд ракæсæны къуылдымæй фæаууон сты- Сæ фæдыл удаистæй цæуы Магдан. — Уаих фæуай, Магдан, — уайдзæф кодта Хъы- зылбег Магданæн, — лæппутæ уæдæй нырмæ ни- куы сты æмæ нын цæмæннæ фехъусын кодтай. — Цы саразон, Хъызылбег, æрвылхатт уæ хъыгдарын æмæ мæ цæсгом никæмæ уал бахъæ- 83
цыд, — уынгæг хъæлæсæй дзырдта Магдан- — Мæ арт бауазал, сæфдзысты мæ зæрдæйы уидæгтæ. Дымгæ ноджы фæтынгдæр. Фæдисонтæ лæгæр- дынц- Дзæвгар рауадысты. Иу ран Хъызылбег ми- ты бын цæуылдæр йæ къах скъуырдта, асгæрста 'Сæ, дзоныгътæ... — Мæнæ сæ дзоныгътæ, — фæхъæр кодта Хъы- зылбег. — Æвæццæгæн ам искуы уыдзысты. Фæдисонтæ фæпырх сты æмæ тæрс къутæры аууон ссардтой лæппуты. Лæппутæ баргъæвстыс- ты. Магдан сыл йæхи баппæрста æмæ сæ йæ хъæ- бысы ныккодта... ...Фæрынчын сты лæшпутæ. Иу мæйы бæрц сæ уат нал систой. Гаврил æмæ Гавруш сдзæбæх сты, фæлæ Барис уæддæр йæ сæрæн пал кодта. Уыцы азы зымæг тынг хъызт ахаста. Залты мит ныууарыд æмæ къæсæрæй^къæсæрмæ акæсæн- тæ нал уыд. Иу зымæгон æхсæв райсомы ’рдæм, Магдан æмæ йæ сабитæ тарф фынæй куы уыдысты, уæд æмбыд, кæлæццаг хæдзар миты уæз нæ баурæдта æмæ ныкъкъæрцц ласта. Ус йæ сабитимæ хуыссыди хэе- дзары рæбинаг къуымы. Сæ сæрмæ аххæрæг фæ- сЬидар æмæ йæ быны лыстæнтыл цы чæгуыр мад æмæ сабитæ хуыссыд, уыдонæн уыйбæрц нрцы базиан кодта. Магдан фынæйæ исдуг нæ рахатыдта, цы фыд- былыз ыл сæмбæлд, уыйг, стæй куы базыдта æна- монды хабар, уæд йæ рустæм фæлæбурдта. Асгæрс- та лыстæны йæ сабиты. Сабитæ ныцъцъæхахст кодтой, афтæмæй сæ мяды хъуырыл æрцауындзæг сты. Дымгæ нынниудта æмæ рыг мит æрбакалдта бинонтыл. Райсом бон цъæхтæ кодта, афтæ хьæубæстæй чидæр æттæмæ рауад. Магданы хæдзар.мæ куы фæкомкоммæ, уæд пыхъхъæр кодта. Хъæу^ фæфæдис сты. Миты бынæй скъахтон Магдан аемæ йæ сабиты. Уыцы бон Хъызылбег сæхимæ акодта Магданы æд сывæллæттæ... 84
...Фæцис карз зым-æг. Æрбалæууыд уалдзæг. Мит батад. Бæстæ цъæх хъулон адардта. Иу бон Хъызылбег æрымбырд кодта хъæуы фæокомцæдисонты æмæ сын афтæ зæгъы: -- Æмбæлттæ, сымахæй алчи дæр зоны, Магдан йæ сабитимæ цы уавæры бахауд» уый. Мæгуырты комитет ын хойрагæй баххуыс кодта. Фæлæ саби- тæ уæзæгыл сты æмæ сын балæууæндон саразын хъæуы. Дыккаг бон хъæуы равзаргæдæр фæсивæд гал- тыл ацыдысты хъæдмæ. Хъæдтæ æрластой. Афас- той сæ хырхæй æмæ хæдзар аразынмæ бавнæлд- той. Иу мæй æмæ æрдæджы фæстæ Магдан йæ са- битимæ балыгъд ног арæзт, хъæубæсты иууыл рæ- сугъддæр æмæ райдзастдæр хæдзармæ. Хъæубæсты стыр хæрзиуæг царды ныфс радта Магдан æмæ йæ сабитæн. Сылгоймагæн фырцинæй йæ цæстысыг уади. йæ хъæбултæн æдас цæрæн- уат фæзынди æмæ æрвыл æхсæв гæрсгæ-ризгæйæ нал мæт кæндзæн хæдзар ныккæлыныл. Ныр кæд йæ хъæбултæн исты амæлттæ кæнид. Царды цин, царды ныфс бацыд куыстдомд, æфхæрд сылгойма- джы уæнгты æмæ йæ фæндыд цæрын, цæрын, цæ- рын йæ хъæбулты цардамондæн. Уæвгæйæ, куыд хорз сты адæм. Дæ тыхсты рæс- тæджы æппынæдзух дæ уæлхъус чи æрбалæууы. Ныр ^кæд слæгтæ уаиккой йæ хъæбултæ æмæ ба- фидиккой сæ хъæубæсты лæггад. Хъызылбег æмæ иннæты хорздзинæдтæ. Уыцы аз Магданы сабитæ фыццаг хатт бакод- ’юй скъолайы дуар. Бацыдысты скъоламæ. Кæм ма уыди кæрон Магданы цинæн. 21 Цыд рæстæг. Советон хюцауад бонæй-бонмæ арфдæр уидæгтæ уагъта хъæуты. Зæронд æлгьыс- таджы дугæй ма цы баззайæццæгтæ баззад, уы- дон ног дуджы фæйлауæнтæ сæ быны ссæстой. Ок- 85
тябры социалистон революцийы цæхæртæ барухс кодтой фыдæлты талынг кæмтты. Алы ран дæр бай- юм скъолатæ, цадæггай рухсад æфсæрын райдыд- та хъæутæм. Фæлæ мæгуыр зæхкусæджы æнусон æмбæлццон— мæгуырдзинад нырма æххæстæй нæ фесæфтн. Уый тыххæй хъуыд хъæууонхæдзарады бындурон ивын- дзинæдтæ саразын, капитализмы фæстаг кълас, кулæкты скуынæг кæнын æмæ фæллойгæнæг зæх- кусджыты коллективон хæдзарады фæндагыл акæнын. 1929 азы Уæлвæзы хъæуы мæгуыртæ сфæнд кодтой колхоз саразын. Кулæктæ, сæ сæргъ Митта, афтæмæй ныллæууыдысты колхоз сара^.ыны кых- мæ. Алы æмæ алы дам-думтæ уагътой мæгуирты ’хсæн, тæрсын сæ кодтой цавæрдæр оæаæ л-етры хъæццулæй. Партионтæ æмæ фæскомцæдисонтæ -ергом код- той кулæкты сау фæндтæ. Тæосаг æмæ хинæйдзаг уыдысты кулæктæ, сæ бон æргомæй архайын кæм нæ уыди, уым та ар- хайдтой сусæгæй. Уæлвæзы хъæуы цæрджытæ фес- ты дыууæ дихы. иуы ’рдыгæй -мæгуыртæ—сæ разæй Хъызылбег, иннæ ’рдыгæй бонджынтæ — сæ сæргъ Митта æмæ йæ фырттæ. Уыд 1929 азы тъæнджы мæйы бонтæй иу. Хъæ- уы бæрæг астæу скъолайы агъуыстмæ æртымбыл сты хъæубæстæ. Уаты къухбакæнæн нæ уыди адæ- мæй. Разæй, фынджы фарсмæ бадтысты Хъызылбег æмæ районæй æрвыст лæг. Æмбырды сæрдар Хъызылбег басабыр кодта адæмы æмæ ныхасы бар радта хицауады æрвыст лæгæн. Хицауады æрвыст, æвзонг лæппулæг Михаил йæ -бынатæй сыстад, йæ цæст ахаста а^емьп æмæ райдыдта дзурын: — Хорз адæм! Октябры социалистон революци фæуæлахиз, фæллойгæнæг адæм аппæрсго"! се нæ- уынон хъæздыджыты æмæ паддзахы фæсдзæуинты хицауады. Ныссастой, мæгуыр ф:Рллойгазналг алæм æнустæй фæстæмæ цы цагъарадон рæхыстæй баст 86
уыдысты, уыцы уæззау рæхысты æмæ бавнæлдтой ног цард аразынмæ. Фæци тыхтона æмæ æнусты талынгдзинады рæстæг. — Æм^бæлттæ, Советон хицауад, ^мæгуырты хи- цауад фæуæлахиз. Фабриктæ, заводтæ æмæ зæхх фæллойгæнджыты сты. Фæлæ ма нырма кæмдæо- ты, хъæуты мидæг баззадысты, адæмы туг æхсны- фæй чи нуæзта, мæгуырты уæззау куыст æмæ хи- ды æртахæй бухъ цард чи’ кодта, уыцы къласон знæгтæ, кулæктæ. Уыцы знæгты скуынæг кæныны тыххæй та мæгуыр зæхкусджыты сæ тыхтæ баиу кæнын хъæуы. Хъуамæ саразой иу цæдис, иу кол- лективон цард Цæмæй уæ хъæуы мæгуыртæй ал- кæй цард дæр æмхуызон рæсугъд æмæ амондджын уа, уый тыххæй алчи дæр иунæгæн «<уы куса, уæд йæ бон ницы бауыдзæн. Къухы æнгуылдзтæй алчи дæр иугай æдых у, фæлæ иумæ куы æрæмбырд вæййынц, уæд къæдзæх дæр афæлдахынц. Гъемæ, уаедæ, уæ мæгуырдзинадæй фервæздзыстут, æр- мæстдæр уæ тых, уæ зонд æмæ уæ хъару иумæ куы баиу кæнат, иумиаг царды фæндагыл куы ныллæууат.. уæд. Адæмæн сæ фылдæр æдзынæгæй хъуыстон ньг хасгæнæгмæ, иннæтыл цыма тæфсæг бахæцыд, уьг йау сæхицæн бынат нал ардтой, хъæуы астæуккаг цæрджытæ та сæ хъус дардтой, чи фæуг\л««хиздæр уыдзæн. уыдонмæ. Ныхасгæнæг дзырдта иумиаг цардыл, адæмы рæсугъд фидæкыл, фæллойгæнæг адæмы рухс ■амонд саразыны хъуыддагыл. Ныхас куы фæци æмæ æмбырды сæрдар куы фехъусын кодта, раньг хасгæнæджы бафæрсьш кæй фæнды, зæгъгæ, уæд Митта йæ бынатæй фестад æмæ мæстджыпæй афарста: — Ныхасгæнæг радзырдта, зæгьгæ, нæ цард, дам, сиу кæнæм. Хорз, афтæ фæуæл, колхоз кæд аразæм, уæд æп саразæм. О, фæлæ мæ бафæрсын фæнды, куыд æй саразæм? Иутæн сæ зæхх дæр æмæ сæ кусæнгæрзтæ дæр сиумиаг кæнæм. Æз ра- :-;ы дæн уыцы хъуыддагыл, уадз, тауинаг, кусæн- гарз æмæ зæхх кæмæ ис, уыдон æрбаиу уæнт æмæ 87
кусæнт иумæ. Фæлæ йæ фырмæгуырæй йæ хъис кæмæн кæлы, кусæг дæр кæмæй нæ рацæудзæн æмæ иумиаг хъуыддагмæ дæр чи ,ницы ратдзæн, уыдсн та цæмæй аразынц колхоз? Дзырдæн, æз Магданæй зæгъын, йæхицæн бахæринаг ницы ис, адæмы курæггаг къæбæртæй цæры, æмæ ахæмты нæ иумиаг цардмæ куы ’рбауадзæм æмæ нын нæ муртæ куы ахæрой, уæд уый куыд уыдзæнис? Нæ, æз ахæм иуми-аг цардыл разы иæ дæн. Ницы дзы рауайдзæн æмæ адæмы сæхи бар ныууадзут, — фæци йæ ныхас Митта .æмæ тæвдæй фæбадæг. —Ныхасгæнæг фарст радта æмæ канд фарст нæ, йæ хъуыды дæр загъта, — йæ бынатæй сыстад хииауады æрвыст лæг, — æмæ йын дзуапп дæдтын: Фыццаджыдæр, колхоз, мулк, фæллой кæмæ ис, уы- донæн нæ аразæм, фæлæ цы мæгуыр сылгоймаджы кой скодтай, уыцы Магдан æмæ уæ хъæуы иннæ мæгуырты тыххæй, уыцы усы сидзæрты тыххæй. Зæхх паддзахады у, æмæ йæ радта мæгуыртæн æнусмæ пайда кæнынæн. Ды та, куыд фехъуыс- тон, афтæмæй дæхи хуызæн бонджынты цæдис аразынмæ хъавыс. — Æз ницы аразьш, нæ дæр мæ уæ иæздс хъæ- уы, нæ дæр уæхæдæг, нырмæ дæр... — цыдæр зæ- гъиыаг ма уыд Митта, фæлæ йе ’взагыл фæхæцыд. — Дæ хуызæттæн бынат нæй колхозы, Митта. Колхоз мæгуырты колхоз у, — йæ бынатæй ныхас баппæрста чидæр. — Гъе, æмæ уæдæ, æй кæнут. Æмæ фендзыс- тæм, Магданы гомгуыбынтимæ цы колхоз сараз- дзыстут, уый. — Сараздзыстæм, Митта. Ды Магданы сабитæ æмæ нæ хъæуы мæгуырты тугвæллойæ бухъ нард кæныс. Æмæ ныр дæ бирæ фосы дзугтæ æмæ угæр- дæнты чи кусы, уыдон уыдзысты, — йæхи нал бау- рæдта Хъызылбег.—Магданы мæгуыр сабиты кой та кæнгæ ма кæн, зонæм æй сæ дурзæрдæ фыдæй са- битæп сæ зæронд хæдзар дæр куыд фæцæйæлхæд- тай. Цæмæй Магданы сабитæ уæзæгыл баззайой, се ’дыхстæй дæм бацæуой, æмæ сæ дæхицæн æх- хуырстытæ скæнай. Нæ, Митта, Магдан æмæ ма 88
ноджы æндæр ахæм сабиты тыххæй сæ туг ны-к- калдтой мингай фæллойгæнæг адæм. Æрхастой сын сæрабардзинад æмæ ныр мæгуырты хицауад у. Дæу æмæ дæ хуызæттæн фæци сæ рæстæг. Адæм схæццæ сты. Кулæктæ фæтæргай сты æмæ ацыдысты æмбырдæй. Магдан фæстийæ ныгъуылдæй бадти. Цыдæр æнæуы’нон ын фестади Митта, йæ тыхсты рæстæ- джы йæм цал хатты баулæфыд, фæлæ йын йæ къух никуы сарæзта, йе нæуынон фестад. Фæлæ уый хыгъд цин кодта уазæг æмæ Хъызылбеджы ныхæстыл. Ныййарæг мадызæнæджы цæстæй сæм ракасти. Ног цард Магдан æмæ йæ сабитæн у. Æмæ йæхи дæр рауæлдай кæндзæн æмæ бацæу- дзæн колхозмæ. Æцæг æм нæ кусæнгарз ис, нæ та- уинаг. Фæлæ йæм ис дыууæ кусаг къухы. Уæдмæ кæд йæ хъæбултæ дæр колхозы кусынхъом фæуик- кой. Уыцы æхсæв Уæлвæзы хъæуы мæгуыртæ ас- къуыддзаг кодтой колхоз саразын. Правленийы сæрдарæй равзæрстой Хъызылбеджы. Правленийы окондмæ бакодтой Магданы дæр. 22 Зын æмæ уæззау уыди Уæлвæзы хъæуы мæгуыр- тæн фыццаг дыууæ азы. Нæ фаг кодта кусæнгапз, тауинаг. Кулæктæ æргомæй нал уæндыдысты. фæ- лæ сусæгæй зиан кодтой колхозæн. Фыццаг аз кол- хоз йæ тыллæг «уы банай кодта, æмæ адæмæн сæ фæллойбонтæм хор радтинаг куы уыди, уæд, уый размæ æхсæв хордоныл чидæр арт банд^æрста. Уыцы сæрды сын æфцæгыл сæ артелы фчпйæуттæй дæр дыууæйы амардæуыд. Æмæ канд ууыл нæ ныл- лæууыдысты. Хæлдтой кусæнгæрзтæ, кодтой алы æмæ алы дам-думтæ. Иууыл тынгдæр та æрра кодтой, Магданы кол- хозы правленийы окондмæ кæй бакодтой, æмæ сыл- гоймаг нæлгоймæгтæн зондамонæг кæй ссис, ууыл. Зондджын, хъаруйæ æххæст, сæрæн сылгоймаг, хæдзардзин æфсинау, æрбалæууыд Хъызылбеджы фарсмæ æмæ йæ къухмæ барджынæй райста царды рохтæ. 89
Бирæ маст, бирæ тухи æмæ фыдæбон кодта Магдан. Иæ удхæссæг уыдысты кулæктæ æмæ адæймаджы намыс худинаггæнджытæ æмæ ныр сæ ныхмæ растадт Нæ сын хатыр кодта, никæмæн сæ барста. Магдан иууыл карзæй рацыд фыдæлтæй фæс- тæмæ ирон сылгоймаджы æгадгæнæг æгъдæутты .ныхмæ, æзæндонæй чызджы моймæ дæдтын, чызг скъæфын æмæ æндæр ахæмты ныхмæ. Кулæктæ æмæ зæронд цардыл хæст чи уыди, уыдон дам ауагътой Хъызылбег æмæ Магданыл. Цы нæ фыд æмæ хахуыртæ æрымысыдысты. Уыцы дамтæм уадиссаг ничи байхъуыста. Адæм зыдтой сыгъдæгзæрдæ Магдан æмæ Хъызылбеджы æмæ дамтыл ничи баууæндыд. Иу бон изæрæй районы фосдарды кусджыты æмбырдæй æрбацæйздæхтысты Хъызылбег æмæ Магдан. Æрдæгвæндагмæ æрбахæццæ сты, афтæ æрталынг. Магдан æмæ Хъызылбег, ныхасгæнгæ, цыбыр кодтой сæ фæидаг. — Абон нæ раппæлыдысты, Магдан, уæлдайдæр та дæ куыстæй. Æцæг нæм раппæлинаг хъуыддæг- тæ бирæ ис, фæлæ м-æнмæ гæсгæ нырма уадисса- гæй ницы сарæзтам, — дзырдта Хъызылбег. — Куы зонис, Магдан, лæджы бирæ хатт стыр диссæг- тæ æрфæнды саразын. Хатт бацъынд кæнын мæ цæстытæ, æмæ мæ цæст-ытыл фæуайы æнæкæрон фосы дзугтæ, хъуццыты рæгъæуттæ, зад3 бæркад- джын быдыртæ, нæ колхозы стыр фæрныгад. Ба- уырнæд дæ, Магдан, мæхицæн бынат нал фæарын. — Уымæй раст зæгъыс, Хъызылбег. Бирæ цы- дæртæ нæ къухы бафтыд, фæлæ мæнмæ гæсгæ дæр уыдон фаг не сты. Нырма ныллæг у æхсыр райсы- иы хъуыддаг. Æхсырахсæнтæ къуындæг. Адæмæй кæд бирæтæ колхозы куыстмæ цæуы, уæддæр фыл- дæр йæхи хæдзар, йæхи куыстыл фæхъуыды кæ- ны. — Ай-ай, уый афтæ у, Магдан, фæлæ адæм нырма хæрз æрæджы бацыдысты колхозмæ, иумиаг цард кæд сæ зæрдæмæ цæуы, разы йыл стьь уæд- 90
дæр ыл нæма фæцайдагъ сты æмæ цалынмæ иу- миаг царды æгъдæуттæ алкæмæн дæр йæхи сæрма- гонд царды æгъдæуттæ суой, йæ туг æмæ йе стæ- джы нæ ахъарой, уæдмæ алчи- дæр йæхи ’рдæм фылдæр хъуыды кæндзæн, уый тыххæй та ахæм цард, ахæм колхоз саразын хъæуы, цæмæй алкæй дæр бауырна, æхсæнадон хъуыддаг, иумиаг цард рæсугъддæр æмæ пайдадæр кæй у, уый. Куы сын бауырнын кæнæм, уæд адæм сæхæдæг фæгæрз уы- дзысты иумиаг хъуыддагыл, амонын сын нал хъæу- дзæн, — дзырдта Хъызылбег. — Уый афтæ уыдзæн, — йæ сæр разыйы тылд бакодта Магдан, — фæлæ нæм кусæнгарз фаг нæ- ма ис, гутон æмæ дзывыртæй цы æнтысы... — Кусæнгарз дæр уыдзæн. Абон мын райкомы секретарь ныфс бавæрдта ацы аз нын трактор кæй ратдзысты, æмæ уæд нæ куыст фæрæвдздæр уы- дзæн. Æрмæст нæ иу лæппуйы ахуырмæ арвитьш хъæуы æмæ чи> уыдзæнис ахæм? — Тракторскъæрæг нæхицæй куы уа, уæд хуыз- дæр у... Фæлæ нæ зонын, кæмæй загъдæуа... — Æз афтæ хъуыды кæнын æм.æ Гаврилы куы арвитиккам, ацы аз цыппæрæм кълас фæуд кæны. Æнцонæй йын бантысид тракторы хъуыддаг сахуыр кæнын. Магдан исдуг нæ бамбæрста Хъызылбеджы хъуыды æмæ афарста: — Кæцы Гаврилæй зæгъыс? — Дæ лæппуйæ... Раст, цыма арвы дуар фегом æмæ уырдыгæн дунейы амонд Магданыл ракалд. уыйау фæци ус. Иæ лæппу Гаврил... Ау, æмæ афтæ тагъд апрæзти, ау, исты йæ бон бауыдзæн? Фæстаг рæстæджы Маг- дан куы колхозы фермæйы вæййы, куы та быдыры, лæ хæдзары хъуыддæгтæм æй уыйбæрц нал æвдæ- лы. Бирæ бонты райсом ацæуы æмæ изæрмæ хæ- дзармæ нал æрцæуы. Йæ хæдзары митæ Гаврил æмæ йæ чызг Анастасийыл æрынцадысты. Зæрдæргъæвд сты йæ сывæллæттæ ахуырмæ. Сабыр, æгъдауджын, коммæгæс. Мад цы фæцух ис 91
уды хайы рæвдыдæй, уыцы хæрзиуæг йæ хъæбулты амонды ссардта. Кæддæр-иу зымæгон уазал æхсæвты, йæ хъæ- булты лыстæны нуæрдгæ, тæхуды кодта, йæ саби- ты сомбоны амондмæ, фæлæ уый æнхъæл та кæд уыди æмæ йæ рæсугъд бæллиц æцæгæй сæххæст уыдзæн. Йæ сабитæ сæ гуыбын кæрдзынæй бафсал- дзысты, скъоламæ цæудзысты, адæмы фæрцы ахæм рæсугьд æмæ райдзаст хæдзары цæрдзысты. Ныр ын Хъызылбег куы загъта йæ хистæр лæппу Гав- ришы тракторы хъуыддагыл сахуыр кæнынмæ ар- витæм, уæд Магданæн йæ цины цæстысыгтæ йæ уадултыл æрлæстысты. Хъызылбег æй куыд «æ ба- фиппайдтаид. афтæ йæ кæлмæрзæны къабузæй йæ цæссыг асæрфта æмæ афтæ бакодта: — Хуыцау дын бирæ цæрæнбон радтæд, .Хъы- ^ылбег, мæ хъæбулыл кæй тыхсыс, фæлæ цы ба- кæндзæн Гагарил... Нырма сонт у... стæй æндæр искæй арвитæм, нæ хъæуы æйттмардзæ фæсивæд Сирæ ис. — Фæсивæд нæм ис, фæлæ мæн Гаврилы фæн- ды. Уымæн æмæ зæрдæргъæвд лæппу у. Æгъдау- джын, æнæзивæг. Тракторы хъуыддаг тагьд чи ба- зондзæн, ахæм. Кæннод хуымгæнæнтæ тагъд рай- дайдзысты æмæ хъуыддаджы тагъд чи сбæзза, ахæм мæм Гаврилы хуызæн ничи кæсы. Стæй йæ ды куыд саби æнхъæл дæ, ахæм дæр нал у. Усгур у ныр. Нæ хъæуы чызджытæ йæм сæ цæсты зулæп кæсын райдыдтой. — Цытæ мын дзурыс, Хъызылбег, уанцон нæу... Ныхасгæнгæ куыддæр комы фæзилæнмæ ба- хæццæ сты, афтæ фæцыди топпы хъæр. Æхсæвы тары цыдæр ферттывта. Хъызылбег исдуг йæ бы- наты ныззылд, стæй фæбогъ кодта æмæ зæххыл æрфæлдæхт. — Мæ арт бауазал! — йæ хъæлæсы дзаг ныхъ- хъæр ласта Магдан æмæ Хъызылбегыл йæхи бап- пæрста. Æмбæхст ранæй æргæппытæ ’кодтой дыууæ æн- дæрджы æмæ сæхи ныццавтой Магданыл. 92
— Ух, æнаккаг сылгоймаг, дæуæн цынæ ’мбæлы, ахæм митæ бакæнын хъæуы! — фыдгæнджытæй сæ иу ацахста Магданы. Магдан сæ хъæлæсæй базыдта Миттайы фырт- ты. Фарон сын сæ фыды фæллæйттæ куы байстой, уæд хъæдмæ абырæг алыгъдысты, уырдыгæй æрт- хъирæн кодтой Хъызылбегмæ æмæ ныр сæ сау фæнд бакодтой. Фыдгæнджытæ къаддæр хæрам нæ уыдысты Магданмæ дæр. Фæлæ сфæнд кодтой, цалынмæ йæ нæ амарой, уæдмæ йын фыдмитæ бакæнын. Хъаруйæ лæджы æмсæр сылгоймаг уыд Маг- дан æмæ сæ ныхмæ æрлæууыди. — Тугхор сырдтæ, адæмы тæригъæдæй уæ ту- джы фæмæцат... æз уын уæ чъизи фæндтæ уæ хъуыры фæбадын кæндзынæн! — хъæр кодта Маг- дан æмæ йæ тых, йæ бонæй ныдздзæхст ласта фыд- гæнджытæй сæ иуы. Фыдгæнæг фæцудыдта æмæ ахауд. Иннæ фыдгæнæгæн фæхæст ис йæ хурхыл æмæ йæ къухы æнгуылдзтæ йе зиаджы сулæфæнты баныхстысты. Уæдмæ сыстад иннæ фыдгæнæг, фæ- сонты ’рдыгæй ныццавта Магданы. Магданы цæс- тытæ атарытæ сты æмæ ницыуал бамбæрста. Хъызылбег иу рæстæджы йе ’муд æрцыд. Йæ рахиз бæхбæттæнæй туг фæцыд æмæ йæ риутæ умæл дардтой, йæ хъустыл ауад, Магдан æвзæргæн- джытимæ куыд тох кæны, уый. Йæ хæлафы рахиз дзыппæй тыххæйты дамбаца систа æмæ йæ иу фарсыл абырыд æвзæргæнджыты ’рдæм. Хохы тигъæй сзынд мæй æмæ бæрæгæй зын- дысты, лæгмартæ Магданы куыд нæмынц, уый. Æв- вахс сæм бабырыд. Ныхъхъавыд, фæцыд дамбацайы гæрах. Лæг- марджытæй сæ иу фæцудыдта æмæ зæххыл æр- фæлдæхт. Иннæ феуæгъд кодта Магданы æмæ йæ хæцæнгарзмæ фæлæбурдта. Фæцыд дыккаг гæрах... æвзæргæнæг та фæцудыдта, йæ мидбынаты ныз- зылд, размæ нæ, фæлæ йæхи фæофæд аппæрста. Уый фæстæ Хъызылбег бауадзыг... ...Йæх’и æрæмбæрста рынчындоны. 93
Куыд ын радзырдтой, афтæмæй топпы гæрæх- тæм сыхаг хъæуæй фæфæдис сты. Фыдгæнджытæй сæ иу уыд мард, иннæйы дыккаг бон райсомæй милици хъæды цæфæй æрцахста. Магдан сæ ных- мæ кæй ныллæууыд æмæ сын сæ чъизи’ фæнд ба~ кæнынæн бар кæй пæ радта, уый тыххæй йæ тынг фæнадтой, стæй йæ фæцæйластой, удыгасæй йæ хъуамæ аппæрстаиккой былæй, -фæлæ сын нæ бан- тыст, уæдмæ сын Хъызылбеджы дамбацайы нæмыг сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодта. Магдан дæр уыд рынчындоны. Уый уайтагъд сдзæбæх æмæ фæстæмæ сæхимæ аздæхт. Хъызылбег мæй æмæ æрдæджы бæрц фæхуыс- сыд рынчындоны, бирæ туг фесæфта. Лæгмарты нæмыг ын йæ бæхбæттæны стæг ныппырх кодта æмæ йæ стыр тох бахъуыд мæлæты ныхмæ, фæуæ- лахиз, сдзæбæх. Иу сæрдыгон бон æрбаздæхт фæс- тæмæ. 23 Колхозы правленийы уынаффæмæ гæсгæ Гав- рил ацыд трактористты курсытæм.., Дыккаг аз уал- дзæджы колхоз хуымкæнынмæ цы бон рацæуынмæ хъавыд, уыцы райсом тракторыл МТС-æй рацыди сæхимæ. Уыд уалдзыгон райдзаст райсом. Дæлийæ æр- байхъуысти тракторы ^ъæлæба. Хъæубæстæ сты- рæй-чысылæй рафæдис сты. Семæ уыд Магдан дæр. Адæм цин кодтой тракторыл, чысыл сабитæ раз- гъор-базгъор кодтой йæ алы фæрсты. Хъызылбег сарæзта митинг. Трактормæ схызт æмæ, адæмыл йæ цæст ахæсгæйæ, райдыдта дзу- рын: —Æмбæлттæ, колхозонтæ, абон нæ колхозмæ æрбацыд аргъæутты æфсæн уæйыг, Кæрон æрцыд зæхкусæджы æнус-æнусты утхарæймарæг дзывы- рæн. Коммунистон парти æмæ Советон хицауады руаджы бонæй-бонмæ ивы кусæг лæджы цард. Цæй æмæ фæндараст зæгъæм не ’фсæн уæйыгæн! Адæм нымдзæгъд кодтой, раныхас ма кодтой 94
цалдæр колхозоны, уый фæстæ Гаврил скусын код- та йæ трактор. Трактор, бæзджын фæздæг йæ хъæ- лæсæй рауадзгæйæ, фезмæлыд йæ бынатæй, аф- сæрста стыр фæтæны. Хуымы тæккæ кæрон йе ’фсæн гутæттæ иыссагъта æмæ йæ фæдыл, сау мæ- ры фæтæн уаццаг уадзгæйæ, абырста размæ. Уы- цы бон стыр ципы бæрæгбон уыд Уæлвæзы хъæуы. Бонтæ цыдысты æмæ æгас комбæстыл айхъуыст Гаврилы хъазуатон куысты кой. Æвзонг трактористы æхсидгæ зæрдæ тынгæй- тынгдæр тырныдта куысты уæлахиздзинæдтæ къухты бафтынмæ. Афтæмæй æрмæст сæ колхозæн нæ, фæлæ æгас районæн ссис тæхудиаджы хъæ- бул. Гаврилы диссаджы куыстмæ кæсгæйæ, Уæлвæзы хъæуы колхозон фæскомцæдисонтæм дæр сæвзæр- дис стыр фæнд. Хъуамæ сæ трактористы райсой фæс/комцæдисы рæнхъытæм. йе, уыцы хъуыддагыл хъуыды кодта Гаврил йæхæдæг дæр, цæмæй фæскомцæдисы рæнхъытæм бацыдаид, уый тыххæй алы бон дæр йæ куысты пълантæ æххæст кодта цæсгомджынæй. Æмæ мæнæ иубон Уæлвæзы хъæуы фæскомцæ- дисонтæ сæ рæнхъытæм æмхъæлæсæй райстой раз- загон тракторист Гаврилы. Ныр Гаврилы цинæн кæрон нал ис. Æмбырды фæстæ йыл цыма маргъау базад базыртæ æмæ къахæй нæ, фæлæ кодта тæхгæ. уыйау уад сæхимæ. Йæ циндзииад хъуамæ тагъддæр радзура йæ мад, йæ чысыл æфсымæртæ æмæ йæ хойæн. Сæ къæсæ- рæй куыддæр бахызт, афтæ æрбадзырдта: — Нана, зоныс, мæн фæскомцæдисы рæнхъы- тæм райстой? Магдан Гаврилы ныхъхъæбыс кодта, йæ рус- тæн ын аджджын пъатæ ныккодта. Кæд фæскомцæ- дисы нысаниуæг Гавруш, Барис æмæ Анастаси нæ- ма зыдтой, уæддæр сæ мад æмæ сæ хистæр æфсы- мæры циндзинадыл уыдон дæр ныццин кодтой. — Æмæ, нана, мæн нæ айсдзысты фæскомцæ- дисы рæнхъытæм? — афарста. Гавруш. — Ды нырма къаннæг дæ, мæ зæрдиаг. 95
— Мæн та> мæн? — зæгъы Барис. — Нæ! Ды ноджы къаннæгдæр куы дæ, мæ чы- сыл хур... — Æмæ нæ уæдæ кæд хъуамæ айсой? — Мæнæ Гаврилы бафæрсут. Ныр уый фæском- н.æдисои у... Дыууæ æфсымæры Гаврилмæ фæзылдысты: — Зæгъ ма сын, æмæ мах дæр айсой фæском- цæдисмæ. — Нырма нæй гæнæн. — Уæдæ кæд? — Кæд, кæ, ноджыдæр куы байрæзат, нæ кол- хозы цæсгомджын куыст кæнын куы райдайат, на- пайау уæ нæ колхозонты зæрдæ дæр куы рухс кæ- на, уæд5 — сабитæ ныхъхъус сты. Æрмæст Гаврил- мæ хæлæггæнæджы каст кодтой. Дыккаг бон та сæумæцъæхæй Гаврил ногæй афбадтис йæ тракторыл. Домбай æфсæн уæйыг та фæлдахы зæхх. Лæппуйы даргъгомау фындзы хъæлыл хиды æртæхтыл хъазы хуры тын. Гаври- лæн бон цынæ бантысы, уый æхсæв æххæст кæны. Изæрæй райсоммæ дæр сау адарынц колхозон бы- дыртæ. Иу бон Гаврилмæ быдырмæ бацыдысты сæ хъæуы фæсивæд. Фæндыд, сæ трактор куыд хуым кæны, уый бæстоп базоныны тыххæй æрлæууыдыс- ты хуымы кæрон. Гаврил йе ’фсæн уæйыгыл æрбахæццæ сæ цурмæ. Радтой кæрæдзипæн салам. Гаврил фæурæдта йæ трактор æмæ сæм дзуры: —Цы хур, цы къæвда уæ æрхаста? — Фæнды ’пæ дæ куыстимæ базонгæ уæвын, — загътой йын фæсивæдæй чидæртæ. — Æмæ сымах дæр, чызджытæ, цæмæй тракто- ристтæ суат, уый уæ фæнды? Чызджытæй сæ иу, Маня, зæгъгæ, сыджыты къуыбар фелвæста æмæ йæ Гаврилыл барон æхст бакодта: — Æмæ мах дæуæй цæмæй æдыхдæр стæм’.. Ай-ай дæр, фæнды нæ... Æрмæст хъуыддаг дæуыл баст у. Ды нæ хъуамæ сахуыр кæнай. 96
— Æз? — О, ды! — Хынджылæг кæнут... — Нæ, нæ хынджылæг кæнæм, æцæг дзурæм, — сдзырдтой фæйнæрдыгæй. — Уæддæр куыд хуым кæныс æнæ гутондзр, æнæ гал æмæ æнæ къамбец? Намæ ацы стыр, хохы фарсы йас гутæтты куыд ласы дæ трактор? — хъаз- гæйæ та йæ фæрсы Маня. — Æмæ уæдæ куыд æнхъæлут, цæрæнбонты гал æмæ къамбецтæй хуым кæндзыстæм? Мæнæ иугай мæ цуры æрбадут æмæ уын фенын кæнон, куыд кусын, уый. Æндæр хатт та уын бацамондзы- нæн тракторы хæйтты. Маня йæ мидбыл æфсæрмы худт бакодта. Цы- ма тракторæн тæритъæд, йе та дзы æфсæрмы код- ча, уыйау æм хъавгæ схызт, Гаврилы фарсмæ æр- бадтис æмæ йын дзуры: — Дæ хорзæхæй, мæн уал сахуыркæн. — Диссаджы чызг нæ дæ! Дæу фæнды, цæмæй иу, кæнæ дыууæ æрзылдæн тракторыл кусын са- хуыр уай. — Æмæ дæм алы бон дæр цæудзынæн. Кусдзы- нæн демæ, æрмæст мæ сахуыр кæн, — æмæ ныр худгæ нал, фæлæ цыдæр æфсæрмдзæстæй бакаст Гаврилы хурсыгъд цæсгоммæ. Га-врил ницы сдзырдта, трактор сабыргай ра- зылдта æмæ та арасти сау зæхх гæрзытæ кæнгæ. Фæсивæд сæм фæстийæ сæ къухтæ стылдтой. — Фæндараст фæут, фæндараст. Чидæр сæ базарыд: «Ой, уæрæйдæ, уой, Уæ трактор—зиу. Ой, уæрæйдæ, уой, Уæ цард нын уа иу(..» «...Æмæ дæм алы бон дæр цæудзынæн...» ахæм дзырд радта Гаврилæн зæрдæргъæвд къæйных чызг Маня. Уыцы бонæй фæстæмæ Маня æрвыл бон дæр цыд Гаврилмæ. Уæртæ, йе, ныр дæр та тракто- 7. Дзигойты Г. 97
ры рулыл хæцы, скъæры хъомысджын æфсæн уæ- йыджы. Иæ быны æмризæджы ризы зæхх, пырх кæны æнусон ауæдзтæ. Фæлдахы сау мæр... Иу бон та Маня Гаврилæн сихорхæссæг йæхи скодта. Хъарм уæливыхтæ æрывæрдта хуымы кæ- рон. Цалдæр минуты фæстæ Гаврил йæ трактор æрурæдта Маняйы цур. — Маня, сихорхæссæг дæр мын сдæ? — Æмæ цы диссаг у? — Нæ, диссаг нæу. Фæлæ мын æнæуи дæр цъус æххуыс кæныс, миййаг! — Гыцци мыл суадоны цур амбæлд æмæ мын загъта, цæмæй дын йæ бæсты сихор рахастаин æз. Йа^хæдæг та фермæмæ атындзыдта. Æххæст, дам, хъуццыты дæр радуцон... Чызгæн йæ цæсгом фæсырх. — Уæдæ æххæст дæ хорз хорз у æмæ ма мын мæ къухтыл дон дæр æркæн. — Ныртæккæ. Гаврил йæ къухтæ ахсадта. Уазал дон ма йæ хидæйдзаг цæсгомыл дæр скалдта, стæй Манямæ фемдзаст æмæ йын цæстæнгасæй «бузныг» загъта. — Цæй, цæмæй уыцы «бузныг» æргомæи зæ- гъай, уый та дын уый тыххæй... — æмæ йын дурыиы дзаг дон йæ бæрзæйыл ауагъта... Колхозы правленийы фæндонмæ гæсгæ Маня фидар æрцыд Гавришæн æххуысгæнæгæй. Бонæй- бонмæ лæппу æмæ чызджы уарзондзинады цæхæр цырынæй-цырыидæр кодта æмæ пиллон артау ссыгъдис. Лæппу æмæ чызг сæ кæрæдзийæн сæ уарзсндзинад раргом кодтой. Магдан уый куы базыдта, зæгъгæ, Гаврил æмæ Маня кæрæдзийы бауарзтой, уæд æй йе ’ппæт зындзинæдтæ дæр ферох сты. Маняйы <н хьæбу- лау ба>арзта. Хъæубæстæй алкæмæн дæр æхсыз- гон уыд хабар. Фæлæ уыцы хъуыддагмæ Маняйы ныййарджытæ кастысты бынтон æндæргъуызон цæстæнгасæй. Кæд æмæ Гаврил чысылæй фæстæ- мæ сæ къухы схъомыл, сæ зæрдæ йыл дардтойг уарзтой йæ сæхи хъæбулы бæрц, уæддæр сæ хурх- мæ ныр марæн кæрдтæ хастой. 98
— Гаврилы кæд нæ хъæбултæй фылдæр уарзæм, нæ къухы схъомыл, уæддæр мах нæ чызджы уы- мæн нæ ратдзыстæм. Мах иæ сæрмæ нæ баха-^с- дзыстæм Хъауырбеджы хуызæн æдзæсгом адæй- магимæ хæстæгдзинад саразын. Маняйы ныййарджыты дзуапп Гаврилы зæрдæ кардæй кæрдæгау акарста. Ахæм уайдзæф райсы- пы бæсты йæм хуыздæр каст мæлæт... — Мæ фыд, Хъауырбег мæ ам дæр ныгæны... Ам дæр та мæ æнæтуг æргæвст акодта...- Уыцы бонæй фæстæмæ лæппу йæ зæрдæмæ ны- хъуыста. Нырмæйау йе уæнгтæ йæ коммæ иал кас- тысты. Чызджы ныййарджыты æфхæрд æй утха- рæй мардта. Сыгъд уарзондзинады цæхæры, фæ- лæ, нырмæйау, Манямæ хæстæг нал цыди. Га^врилы уарзондзинады пиллон арты гыгъд Маня дæр. Чызг смæллæг, сфыдхуыз. Никуы- уал ацыд Гаврилимæ быдырмæ дæр. Иу бон изæрæй Гаврил быдырæй æрбацæйцыд. Хъæугæрон хæрхæмбæлд фæци Маняйыл. Маня дон ’фæцæйхаста. Гаврилы ауынгæйæ хорзау нал фæци, йæ сæр уырдыгмæ æруагъта æм:е Гаарилы иуфæрсты хъуамæ ахызтаид, фæлæ йæ лæппу фæ- ^рæдта. — Маня, ау, куыд тагъд мыл дæ зæрдæ сивтай? Цыма стыр азымджын дæн дæ разы, уыйау мæ тæрсын куы райдыдтай... Фæлæу ма... Чызг йæ бынаты цавддурау баззад. — Ныххатыр мын кæн... фæрæдыдтæн, нæ зыд- тон, дæ ныййарджытау, ды дæр мæ дурзæрдæ фы- ды тыххæй мæныл æлгъ кæй кæныс... — Афтæ хъуыды кæныс? — йæ цæсгом пиллон арты ссыгъдпс чызгæн. ■— О, æмæ уый афтæ куы нæ уаид, уæд мæ даг- хи не ’мбæхсис... — Рæдийыс. . — Байхъус ма... — Нæ, нæ дæм хъусын, фæлтау мæм дæхæдæг байхъус... Раст у, мæ ныййарджыты нæ фæнды.. Æфсæнттæ арынц... Фæлæ мын мæ зæрдæйы фæн- дон аивын сæ бон нæ бауыдзæн. Ныр Советон хи- 90
науад у æмæ чызг йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ цæуы моймæ. Стæй... стæй... дæ фыд ам ницы давы... Мæн дæ фыд нæ хъæуы, фæлæ ды... Еныр мæ мацæмæйуал фæрс, — чызг цæхгæр фæзылд æмæ атындзыдта. Ногæй та хуры тын ракастис Гаврилыл. Исдуг йæ бынаты сагъдæй баззад. Хъуамæ фæстийæ асырдтаид Маняйы, фæлæ уæдмæ чызг сæхимæ бахæццæ. Чызг æмæ лæппу сæ ныхас баиу кодтой, чыз- джы ныййарджыты æвастæй сæ къухтæ ЗАГС-ы æрфыстой» фæлæ нырма хъуыддаг басусæг кодтой, цалынмæ ахуыр нæ фæуой, уæдмæ. Сæ дыууæ дæр каст фесты астæуккаг скъола æмæ иумæ афардæг сты дарддæр ахуырмæ. 24 Хъауырбег Уæлвæзы хъæуæй æмæхсæвæджы куы фæлыгъд, уæдæй нырмæ рацыдис дзæвгар рæстæг. Уыцы æхсæв фæндагыл ныууагъта Нимфæйы. Нимфæ æнхъæл уыдис, зæгъгæ, Хъауырбег Митт^- йæ цы æхца райста, уыдон йæхимæ сты æмæ йын дзы барæй нæ дæдты. Иу æртæ километры куы рауадис Хъауырбег, уæд æй æрбаййæфта Нимфæ æмæ домбайау йæхи ныццавта Хъауырбегыл. Фæхъуырæй-хъуырмæ сты. Нймфæ йæ цыргъ ыыхтæ ныссагъта лæджы цæсгомы æмæ йын йæ цæсгомы царм æрыстыгъта. Нал баурæдта йæ маст Хъауырбег. Æнæуи дæр ке ’фхæрдыл йæ зæрдæ тъæппытæ хаудта. Ныр йæ цæсгомыл туг куы федта, уæд йæ маст бынтондæп рафыхт. Йæ къух дард фæхаста æмæ йæ тых, йæ бонæй ныдздзæхст ласта усы. Ус афæлдæхт. Хъа- уырбег æй сау над фæкодта, ныууагъта йæ тæккæ фæндаджы хъæ-бæрыл æмæ йæхæдæг адзæхст лас- та. , Уæдæй фæстæмæ Нимфæ цы баци, уымæн Хъа- уырбег ницыуал базыдта. Нимфæ куы æрчъицыд- 100
та, уæд хъæрзгæ-хъæрзгæ фæндаг-фæндаг ныл- лæууыд æмæ райсом бон цъæх кодта, афтæ æрхæц- цæ горæтмæ. Куыддæрты йын бантыст фæстæмæ Калакмæ ныххæццæ уæвын. Хъауырбег Калакмæ нал аздæхт. Фыццаг бон- ты йæ хъуыддæгтæ рæстмæ нæ цыдысты. Ныр сæ- рибар уыд, ничиуал æй хъыгдардта, Нимфæ йæ тыхсын кодта, æмæ уымæй дæр фервæзт. Рацыд иу мæй, дыккаг æмæ та ногæй «йæ амонд» агурыныл ныллæууыд. Цавæрдæр Еличкæ- йыл та йæ цæст æрхæцыд. Усы дуарахæст бакод- та: — Царды æппæт дæр бавзæрстон. Сонтæй мыл рæдыд æрцыд. Ныр нал æруадздзынæн уыцы рæ- дыд, æрмæстдæр ды уыдтæ мæ амонд æмæ дыл куыд æрæгмæ фембæлдтæн, куыд... Баууæнд мыл, мæ зæды хайл амæлæты бонмæ мын дæуæй нал ис фæхицæн. Дзул дын тулдзынæн мыды, æхсины цард кæндзынæ. Бар мын радт æмæ дæм æрмæст- дæр кæсгæ уæддæр кæнон. О, мæ зæды хай, мæ ду- нейы рухс... Еличкæйы зæрдæ дæр та, цырагъау, ссыгъд. Бахудтис йæ мидбылты: — Разы дын дæн. Иунæг хуыцау мæ дæуæп радта. æвæццæгæн... Къуырийы бонмæ та Хъауырбег кæйдæр фæс- дуар сиахсы лæуд æркодта. Йæ бухар цъæх худ та йæ сæры фарсыл зулмæ æрсагъта. Къухæмдзæгъд æмæ та фæндыры зæлтæ дардмæ айхъуыстысты. Чындзхонты зарæг, æйтты рæгъытæ та кæрæдзи- йы фæдыл æнæаскъуыйгæйæ цыдысты. Ахицæн та Хъауырбеджы æртыккаг чындзæх- сæв дæр. Уазджытæ, чындзæхсæвы адæм фæцы- дысты. Хъауырбег æмæ Еличкæ гсрæты иунæг ки- но, иунæг театыр дæр нæ уадзынц. Сæ цард æр- витынц хъæлдзæгæй. Афæдзы бонмæ та Хъауыр- бег бацис чызджы хицау. Фыццаг хъæбул, дам, зæрдæйæн адджын у. Хъауырбег куывд сарæзта. Цыдысты бонтæ, мæйтæ, азтæ. Хъауырбег æмæ Еличкæйæн райгуырдис ноджыдæр дыууæ сывæл- 101
лоны. Ныр баисты дыууæ чызджы æмæ иу лæппу- йы хицау. Дыууæ чызджы æмæ иу лæппу кæмæн вæййы, уыдон сæхи амондджын ныййарджытæ фæхонынц. Фæлæ та дын Хъауырбеджы «уарзондзинад», уал дзыгон митау, тайын райдыдта. Суæлæхох Еличкæ- йыл, сабитæ йенæуынон фестадысты. Хæдзармæ нал цыд. Ахицæн æртыккаг хатт йæ бинонтæй... Иу ныхасæй, булæмæргъ та фестад æмæ та йæ «уарзондзинады» зарæг ныцæлхъ кодта Варичкæ- йæн. Минæвæрттæ, йе, хатджыты сæр æй нæ ба- хъуыдис. Мæйы фæстæ та Хъауырбег ногæй цыппæ- рæм хатт ус æрдавта. Фыццаг бонты ацин кодтой кæрæдзийыл. Дзул та мыды тылдтой æмæ йæ кæрæдзийы дзыхы тъыс- той. Фæлæ та йæ уарзондзинады къæм ныххауди... Хъауырбег зæры бонты бахаудис къæпхæны. Ус æмæ лæг кæрæдзийæ тæрсынц, æнæууæнчы цæс- тæй кæсынц. Сæ иу иннæмæ æнхъæлмæ кæсы, хуы- цаумæ кувы, цæмæй тагъддæр амæпа. Сусæгæй æвæрæнтæ кæнынц. Ныр Варичкæ тых кæны Хъа уырбегыл. Йæ ныхтæ дзы ныссагъта æмæ йæ стæл- фын нал уадзы. Æгæрстæмæй йæ æнæисты аххосæй милицийы дæр бамидæг кæны. Кард æмæ фыд систы Хъауырбег æмæ Варич- кæ. Нал кæрæдзийæ хицæн кæнынц, нал иу æвзаг арынц. Ус бирæ хæттыты лæджы хæдзармæ дæр нал æрбауадзы. Æнæхæдзар, æнæкъуым лæгæн фæцæуæн дæр никуыдæмуал уыд. Сбæгънæг, омæ- гуыр. «Тулгæ дурыл, дам, хъуына дæр нæ хæцы», фæзæгъынц, Хъауырбег дæр гом-гæрццæй баззад. йæ раздæры тых æмæ хъару асаст. Фæгуыбыр. цы мур, цы згъæл æм хауд, уыдон нуазын райдыд- та. Куыстытæ бирæ уыд горæты, фæлæ бæрæг бæл- вырд куыстыл нæ ныллæууыд, æрмæст-иу куы цы куыст акодта, куы цы. Цы æхца-иу райс^а, уыдо- нæн-иу се ’рдæг хæрæндоны ныууагъта, иннæты та и’у Варичкæмæ æрбахаста. Иу бон æд хырх горæты уынгты рацæйцыд Хъа- 102
уырбег. Агуырдта, сугтæ кæмæн алыг кодтаид, ахæм. Фæлæ суг лыгкæнинаг куы никуы ссардта уæд уæнтæхъилæй рацæйцыдис фæстæмæ. Иу ран хæрæндоны цур æрлæууыд, йæ ахуыр афтæ уыд, æмæ йæ къæхтæ сæхæдæг æрлæууы- дысты. Бахъæвдтытæ кодта мидæмæ, фæлæ дзып- пы иунæг суари дæр нæй. Хæсæй та Хъауырбегыл ничиуал æууæнды. Ничиуал дæр æй, раздæр-иу кæимæ нуæзта, уыдонæй исчи хоны. Зæрдæсастæй азылд уынджы. Иу ран, газегы витринæйы цур адæм тыгуырæй лæууыдысты. Хъа- уырбег рагæй ницæмæуал цыбæл кодта, фæлæ, æвæццæгæн, газеты цыдæр стыр диссæгтæ ис, æн- дæра уыйбæрц адæм цæмаен æртымбыл уыдаик- кой, æмæ афтæ хæлæфæй цæмæн кæодзысты газет, зæгъгæ. йæхи сæ цурмæ баласта, !витриыæйы цур чи лæууыд, уыдонæй сæ иуы афарста: — Лæппу, бахатыр кæн, цы фыссынц га- зеты? — Цы фыссынц, мæ фыды хай, бакæс ма уæр- тæ уыцы сылгоймагмæ. Ирон сылгоймæгты ном куыд скадджын кодта... — сæрыстырæй дзуапп радта æнæзонгæ лæппу-лæг. — Сылгоймагæн, дам, йæ зонд цыбыр, йæ дзыкку даргъ, мæнгæй куы нæ дзырдтой нæ фы- дæлтæ. Уæд ныр кæм басгуыхт, и? Лæппу-лæгæн йæ цæсгом фæтар æмæ Хъауыр- бегæн афтæ зæгъы: — Уыцы дæлдзиныг ном сылгоймагыл чи сæ- вæрдта, уымæн йæхицæн уыд йæ зонд цьгбыр æмæ къуымых, мæ фыды хай. Бакæс ма, уæртæ куыд басгуыхт. — О, æмæ уæддæр цы сарæзта уагæр? — ди- сæй афарста Хъауырбег. — Цы сарæзта, зæгъыс? Цы куы зæгъай, уæд фосдарды куысты басгуыхт æмæ йæ адæм Сæйраг Советмæ сæ минæварæй равзæрстой. Ныр хицауа- ды стырдæр лæгтимæ уынаффæтæ хæсдзæн йæ адæмы цард фæрæсугъддæр кæныны сæраппонд. 103
Уæллæй, ахæм сылгоймæгтæ кад æмæ намысы ак- каг сты... Хъауырбег бацыбæл кодта æмæ газеты витри- нæмæ хæстæгдæр бацыд. Газеты фарсæй йæм кæ- сы, йæ цардæй амондджын чи у, ахæм сæрыстыр, стыр хъару æмæ тыхы хицау сылгоймаг. Р1æ цæс- гомыл бæрæгæй зынд цард сонты бонты йæ дæр- зæг армы фæд кæй ныууагъта усы цæсгомыл, фæ- лæ йын фæстагмæ рæстæг йæ фæллад, фæлмæцыд цæсгомæй кæй асæрфта маст æмæ æрхæндæгдзи- над. Цас цин æмæ æхсызгондзинад уыд сылгойма- джы цæстыты. Хъауырбег куыддæр сылгоймаджы къаммæ фæ- комкоммæ, афтæ йæ цæстытыл мигъы фæлм абадт. Зæрдæ ныссæххæтт кодта æмæ йæ мидбы- наты андзыгау... Газегы фарсæй сæрыстырæй каст Магдан, Хъа- уырбег афтæ бирæ мæстытæ цы сылгоймагæы фæ- кодта. Хæдзарыдзаг сабитимæ кæлæццаг хæдзары къæсы кæй ныууагъта, æгæрстæмæй сылгоймаг уатон рынчын куы уыдис, афтæмæй йын йæ кæ- лæццаг хæдзары къуым дæр уæй кæнынмæ кæмæн æрхъавыдис, уыцы сылгоймаг. «Сæйраг Советмæ депутат, хицауады стырдæр лæгтимæ адæмы цардыл уынаффæгæнæг!» — йæ сæры магъзы схæлбурцъ кодтой æнæзонгæ лæппу- лæджы ныхæстæ. Нал баци йæ бон газетмæ кæсын, лæгæн йæ къæхтæ йæ .быны фæдыдæгъ^æ сты æмæ газеты ^итринæйæ иуварс ацыд. Цæуы уынджы Хъауырбег, дæрдджын палтойы, æфцæггот хæрдмæ йаэ хъустыл сæппæрста, кæддæр йæ сæры фарсыл зулмæ цы бухайраг худ дардта, уыцы ихсыд худ ныр ныхыл арфдæр æрсагъта, хырх йæ дæлармы, къухтæ палтойы дзыппыты, афтæмæй цæуы уынджы... Цæуы, фæлæ кæдæм? Абон куыстыл нæ фæхæст, Варичкæмæ та æнæ ’хца баздæхæн нæй. Зоны дуæрттæ йыл сæхгæндзæн. Къæвда уары... Уары, фæлæ йын Хъауырбег н’ицы хаты. Тæхуды, ныр хъарм уат, хъарм хæринаг. Æмæ 104
йæм хæрын та куыд тынг цæуы, знонæй нырмæ хор-доны хъæстæ нæу. Мысы, мысы йæ лæппуйы бонтæ... Магданы... Æцæг йæ сабиты рæстмæ хъуыды дæр нал кæны, æгæрыстæмæй сын сæ нæмттæ дæр нал зоны. Цы- дæр фæсмон æм æрцыд. Магдан’... Ау, иннæ усты- тæ парахатдæрзæрдæ куы уыдысты... Хъауырбе- джы уарзопдзинадæй æрратæ куы кодтой, æниу æй цымæ искуы исчи уарзта? Намæ йæхæдæг искæй уарзта? Никæд. Ничи дæр ын йæхи уарзта, уарз- той йæ, æхца-иу æм фаг куы уыдис, уæд. Стæй-иу æй уый фæстæ æрдумæ дæр ничиуал дардта. Æниу йæхæдæг уыд аххосджын. Тулгæ дурау тулгæ цыд, дзæгъындзæгау рагæпп-багæпп фæкодта, нæ бын скодта, нæ бинонтæ. Ныр зæры бонты æттæ баззац. Фæлæ уæддæр Магдан ахæм хъару æмæ зонды хицау разындзæн, уый æнхъæл та кæм уыди. Æниу Советон хицауад куы нæ æрцыдаид, уæд ма афон- мæ дæр Магдан æмæ йæ сывæллæттæ адæмы уæз- гуытыл тæригъæдтагæй æрвыстаиккой сæ бонтæ. Диссаг у, æвæдза, цард, Хъауырбеджы хуызæтты куыд ныцъьгкк кодта æмæсæ иуварс бырæтты куыд аныгæдта, Магдан æмæ иннæ мæгуырты та уæ- ларвмæ систа. Ай-ай, раивта рæстæг. Цæуы æмæ хъуыдытæ кæны, абон цы бахæрдзæы æмæ кæм уыдзæни, ууыл. Варичкæйæн йæ лæг амард æмæ йæм Хъауырбег мидæгмоймæ бацыд, æнхъæл уыди искæй цæттæ бынтыл æрбаддзæн, фæлæ йæ сæр цъыссымы бахауд. Бæргæ та фæуа- дзид Варичкæйы дæр, фæлæ кæдæм фæцæуа? Ба- лæууæндон ын куы никуы ис. Уымæй дæр йæ раз- дæры тых æмæ хъару асастысты. Бæргæ ма йæ Магдан йæ хæдзармæ куы бауа- дзид, фæлæ ма кæм? Ницыуал ис уый æмæ Магда- ны ’хсæн иумиагæй. Зæронд, æмбыд хæдзары къул- тæ сын ныууагъта, иу зымæджы, дам, сыл ньиккалд æмæ сын уæд хъæубæстæ ног хæдзар сарæзтой. Хъуыдытæгæнгæ æрбахæццæ ис хæдзармæ, кæр- ты дуар бахоста, æрвылхаттау дзуаппдæттæг нæй. Æрæджиау Варичкæ дуар базыхъхъыр кодта. 105
Хъауырбег ын йæ мæстæйдзаг цæстытæм фæ- комкоммæ. — Куыд раджы æрбамæрдтаг дæ абон? Æви та куыстæй дæх’и’ расайдтай? — йæ цæстытæ схъулæт- тæ кодта ус. — Ницы расайдтон... — чысыл сабиау хатырку- рæгау загъта лæг. — Цас бакуыстай?.. — Ницы... куыстыл нæ фæхæст дæн æмæ... — Уæдæ та мæм афтидæй æрбамæрдтаг дæ? Нæ, мæ зæрдæ, нæ! Мæ хæдзар æввонгхорты бынат нæу. Цæугæ! — фæбогъ (кодта ус æмæ фæстæмæ дуар рахгæдта. Хъауырбегæн йæ къæхтæ фæцудыдтой æмæ къæсæргæрон йæхи æруагъта. 25 Гаврил æмæ Маня иттæг хорз иысæнттимæ каст фесты Ростовы инженерты институт, æрыздæхтыс- ты фæстæмæ æмæ горæты заводтæй сæ иуы инже- нертæй райдыдтой кусын. Гаврил æмæ Маня сæ цард баиу кодтой, горæ- ты сын фатер радтой æмæ амондджынæй цардыс- ты. Магданы иннæ сабитæ дæр астæуккаг скъола каст фесты, Гавруш службæ кодта æфсады рæн- хъыты, Анастаси та ахуырмæ ацыд медицинон институтмæ. Барис астæуккаг ахуыр райста æмæ уый дæр цæуинаг уыд ахуырмæ. Амондджып уыд зæры бонты йæ хъæбулты ци- нæй Магдан. Арæх æруайы горæтмæ йæ лæппу æмæ йæ чындз Маняйы фенынмæ. * * * Иу бон та Хъауырбег æмæ Варичкæйæн хыл ацайдагъ. Чи сæ цæуыл фæхæст вæййы, уый фел- васы æмæ йæ иннæуыл ныздухы. Ныппырх кодтой хæдзары къуымтæ, сæ хъæр æмæ хъæлæбамæ сы- хæгтæ фæфæдис сты. Фæлæ цалынмæ æмбырд 106
кодтой, уæдмæ Хъауырбег афæлдæхт. Сæвдылдис туджы. Сыхæгтæ йæ байстой мæлæтæй. — Сымах нæ сыхмæ цы бон æрцыдыстут, уыцы бон уæ фæндаг куы басыгъдаид. Нал уæ фæразæм. Æмхуызон сыл хъуамæ бахъаст кæнæм. Кæнæ адон хъуамæ сыстой ардыгæй, кæннæуæд та мах, — мæс- тыйæ дзырдтой сыхæгтæ. Хъауырбег рынчындоны фæхуыссыдис цасдæр. • Уый фæстæ куы рацыд, уæд хъуыды кæны: «Кæдæм ^ма ацæуон? Чи ма мæ бавæрдзæн? Цы ма саразон зæры бонты. Уыцы калмы цурмæ нал бацæудзынæн...» Афтæмæй та цалдæр боны фæстæ Хъауырбег йæ дæларм хырх . бакодта æмæ фæцæуы уынджы. Лгуры куыст, суг лыгкæнинаг. Фæлæ куынæ фæ- хæст куыстыл, уæд ацыд вокзалмæ æмæ поездæй цы бæлццæттæ æрхызт, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсы, цæмæй йын исчи йæ хæссинæгтæ ахæссын кæна- Вагонæй æрхизгæйæ, станцы раз иуырдыгæй æр- лæууыд, нырма æвзонг чи уыд, ахæм лæппу афи- церы дарæсы. йемæ рæсугъд сылгоймаг, йæ биной- наг. Чемодантæм Хъауырбег бакæстытæ кодта æмæ сын загъта: — Фæнды уæ æмæ уын сæ ахæссон? Уыдон ын фæтæригъæд кодтой, афтæмæй йын загътой: — Зæронд лæг, æмæ дæ бон бауыдзæн сæ ахæс- •сын? Фæлтау машинæ аххуырсдзыстæм. — Нæ, нæ, афæраздзынæн сæ... Бæлццæттæ радтой сæ чемодантæ Хъауырбег- мæ- Цæуы сæ фæдыл сабыргай лæг. Уыдон куыд- дæр дыккаг уынджы фæзылдысты, афтæ Хъауырбег чемодантæ зæххыл æрæвæрдта. Бæлццæттæ йæм фæстæмæ фæкастысты æмæ йын загътой: — Чысыл ма нæ хъæуы, хæрз чысыл... — Зонын æй, фæлæ мæ бон нал у- Уæлдай къах- дзæф нал акæндзынæн. — Нæ фыды хай, куы дын загътам, дæ бон нæ бауыдзæи. Ныр дæхицæн дæр æмæ махæи дæр сфыдæбон кодтай. — Цы саразон, мæ астæуы цыдæр низ ныллæу- 107
уыдис æмæ мæ уæлдай къахдзæф нал уадзы. Бæлццæттæ ма йын загътой: — Мæнæ, тæккæ фæзилæны цæры, кæмæ цæуæм, уый. Чи зоны æмæ йæ зоныс Хъауырбеджы фырт Гаврилы, номдзыд инженер у. Хъауырбеджы цæстытыл туджы фæлм абадтис, бæстæ йыл атар, афтæмæй загъта: — Нæ, нæ йæ зонын, фьшнаг хатт æй хъусын, фæлæ йæ ды цæмæй зоныс? — Æз йе ’фсымæр дæн..., Уый уыд Хъауырбеджы лæппу Барис- Лæг базыдта йæ фырты. Кæд æй нал хъуыды кодта, уæддæр Гаврилы ’фсымæр йæхи кæй ра- хуыдта, уымæй йæ фæхатыдта æмæ тæккæ фæнда- джы астæу æдзæмæй баззад. Лæппу æмæ ус хорзау нал фесты. Хъауырбегæн бафыстой, цы æмбæлдис, уымæй фылдæр æмæ сæ чемоданта^ сæхæдæг ахастой. Адард сты бæлццæттæ, фæлæ ма Хъауырбег уæддæр лæууыд æмæ цыдæр тæригъæдтаджы касг кодта йæ æнæзонгæ фырт æмæ чындзы фæстæ... Барис ын цы æхцатæ радта, уыдоныл йæ къухы ар- мы хæцыд æмæ цыма æхцаты бæсты судзгæ зын- джытæ дардта йæ армы, уыйау æй сыгътой. Уый фæстæ æхцаты йæ армы тъæпæны фидар æрбал- хъывта æмæ сæнуæйгæнæн дуканимæ йæ фæндаг скодта... ДЫ ККАГ X А Й 1 Уалдзыгон мæйрухс æхсæв. Цæлхыдзаг мæн стылдис арвы астæумæ æмæ йæ фæлмæн тынтæ па- рахатæй айтыдта зæххыл. Бæстæ уыд сабыр, æнæ- унæр. Фынæй кодта хъæу. Æрмæст ма хъæуы бæрæг аста^у Уасилы хæдзары кæрты æнгуз бæласы бын фæйнæджы лыггагæй арæзт бандоныл бадтысты 108
дыууæ æвзонг уды, Заретæ æмæ Барис. Сæ дыууæ дæр зæрдиаг ныхас кодтой. —Хъуыды ма кæныс ,3аретæ, ацы æнгуз куы ныс- сагътам, уый? — дзырдта ныллæг хъæлæсæй лæп- пу. — О, хъуыды ма йæ кæпын, — дзуапп радта чызг, — уæвгæй куыд раджы уыдис, уый- Уæдæн нырмæ рацыдис фынддæс азы бæрц æмæ мæнмæ та афтæ кæсы, цыма уый нырмг хæрз æрæджы уыдис. — Нæ дæ бауырндзæн, Заретæ, ацы æнгуз бæ- лас мæн тынгдæр кæй схæлар кодта демæ. Хъусыс, йæ сыфтæртæ куыд сыбар-сыбур кæнынц. Ам куы фæбадын, уæд мæм афтæ фæзыны, цыма фæныхас кæныс мемæ. Цыма ды мæ хъуыдыты иууылдæр æмбарыс... Цыдæр’ аджджын æмæ мын æхсызгон вæййы уыцы сыфтæрты сыбар-сыбур. — Мæнмæ дæр афтæ фæзыны, — ныллæг хъæ- лæсæй загъта чызг. Сæ дыууæ дæр ныхъхъус сты æмæ аныгъуыл- дысты сæ сабион бонты мысипæгты... Раджы уыди уый. Уæд ма лæппу æмæ чызгыл цьтдис фæйнæ фондз азы. ...Иу фæззыгон бон хъæуы сæрты рацæйтахтис халон. Халоп хъæуы астæумæ куы æрбахæццæ, уæд йæхи рауагъта æнгуз бæласмæ æмæ бæласы цъуп- пыл абадтис- Стæй къабузыл цыппар хайыл фæхп- цæнгонд хус цъенгойы астæуæй сатæг æнгуз фел- вæста, стахт æмæ фæцæйтындзыдта хъæды ’рдæм. Хъæуы кæронмæ нæма рахæццæ, афтæ хъæды ’рдыгæй, цыма йæ размæ фæдисы ратыпдзыдта, уыйау æрхæццæ æндæр халон, йæхи пыццавта пе ’мбалыл æмæ йын хъуамæ байстаид йе ’нгуз. Фæлæ халон йе ’нгуз куы нæ л’æвæрдта, уæд ыл тыхгæ- нæг» йæхи ныццавта. Халопæн йæ «хъуахъхъ» фæ- цыд æмæ дьгн йæ дзыхæй феуæгъд æнгуз. Сæ дыууæ дæр ма æнгузы фæдьтл сæхи раскъæрдтой, фæлæ уæдмæ æнгуз æмбонды астæу сьтндз къутæры ных- хауд. Халæттæ ныууагътой æнгуз æмæ дарддæр атахтысты. Фæззыгон бонтæ кæрæдзи ивтой Зымæг куыд æввахсдæр кодта, афтæ сыфтæртæ цадæггай згъæл- 109
дысты. Уыдон бын æрыййæфта карз зымæг æ,нгу- зы... Бафтыд уалдзæджы къухы дзæбæхæй. Хур куыд тынгдæр æндæвта, афтæ æнгуз дæр нæрсыди æмæ йæ тæккæ астæуыл афаст, билцъ рауагъта- Иу бон чысыл Барис æмæ Заретæ æмбондгæ- рæтты тыдтой дидин^жытæ, ссардтой æнгузы. Ба- рис бацин кодта: — Заретæ, æркæс ма, æркæс, мæнæ цы ссард- тон. Æнгуз! Заретæ нымдзаст æнгузмæ æмæ дисгæпгæйæ загъта: — Æвæццæгæн æй, Барис, мыст æрбахаста ар- дæм. Гыцци мын афтæ загъта, мыст, дам, йæхицæн зымæгмæ бирæ цыдæртæ фембырд кæны. Лæппу йæ армы дзыхъхъы дардта æнгузы æмæ йæм дисгæнгæ кастис. — Æркæс ма, æркæс, цыма фынæйæ фехъал, уыйау йæ цæст куыд разыхъхъыр кодта- — Æцæг, цыма худгæ кæны. — Цæй æмæ йæ бахæрæм. — Хæргæ нæ, баныгæнæм æй. — Кæм? — Сыджыты бын. — Æмæ стæй? — Стæй сбæлас уыдзæн. — Уанцон нæу- Куыд хъуамæ сбæлас уа? — Фарон не ’нгузтæ куы цагътам, уæд нын ба- ба дзырдта: «Ацы бæлæсты, мæ чызг, æз æнгуыз- тæй ныссагътон. Кæсыс, схæцыдысты æмæ ныр сæ- хиуыл æнгузтæ зайы. Мах дæр æй пыссадзæм, хорз? — Хорз, уæдæ йæ мауал асæттæм. Æнæгдæр тæригъæд^у. Кæсыс, мæнæ куыд рабилцъ кодта. — Æз æм мæхæдæг зилдзынæн- Дон дæр-иу ыл арæх кæндзынæн æмæ нын сыстыр уыдзæн. — Ныссадзæм æй, фæлæ кæм? — - Куыд кæм? Нæ кæрты. Сабитæ æнгуз ахастой æмæ йæ Заретæты хæ- дзары раз фæлмæн сыджыты бын баныгæдтой. Ба- рис ын йæ алы фарс лыстæг уистæй кау дæр сбыд- та. ,Уыцы бонæй фæстæмæ дыууæ сабийæн æдзу- хæй дæр сæ кой, сæ мæт уыдис се ’нгуз. Æрвыл бон 110
дæр æй бæрæг «одтой. Арæх-иу æм хастой дон. Иæ алы фарс ын сыджыт хæмпус кодтой. Иæ цурæй нал цыдысты. Æгæрстæмæй сæ хъазæн бынат дæр æнгузы цурмæ рахастой. Æнгуз хъарм, умæл сыджыты бынæй иу бон зы- на-нæзына йæ сæр сдардта. Кæм ма уыдис кæрон сабиты цинæн- Цыд рæстæг. Дыууæ азы фæстæ лæппу æмæ чызг скъоламæ цæуынхъом фесты. Иу бон бацыды- сты ахуырмæ æмæ сбадтысты иу партæйыл. Фæлæ сæ уæддæр се ’нгуз нæ рох кодта. Æрвылхатт дæр- иу æм уроктæй сæрибар рæстæджы зылдысты. Æн- гуз дæр рæзтис. Сыфтæр æфтауын райдыдта- Заретæ æмæ Барисы талайы хабар иууылдæр базыдтой сæ хъæуы сабитæ. Æмæ-иу уыдон дæр сæхи таламæ зилæг скодтой- Лæппу æмæ чызг фæндзæм кълас фесты. Уæд- мæ тала дзæбæх сырæзт. Иу бон скъолайæ куы æрбацыдысты, уæд фед- той сæ талайы къалиутæй сын иу чидæр кæй асас- та. Лæппу æмæ чызг фæмаст кодтой, стæй бабас- той се ’нгузы къалиуы. Агуырдтой, талайы къалиу чи асаста, уый, фæлæ йыл нæ хæст кодтой. Фæстæдæр Заретæ базыдта, фыдгæнæг сæ сыхæгты чызг, йе ’мбал Фаризæт кæй уыдис, уый. Æнæцæстуарзон, саузæрдæ уыдис Фа- ризæт. Ахуырмæ эивæпгæнаг. Æ;мбæлтты хъауджы- дæр зыгъуыммæ зонды хицау. Зарета-иу хорз ны- сан куы райста æмæ-иу дзы ахуыргæнæг куы рап- пæлыдис, уæд-иу уый Фаризæтмæ та каст хъыг. Иу хатт пионерты æмбырды тæрхон кодтой, æв- зæр ч’и ахуыр кæны, уыцы æ.мбæлттыл. Заретæ сы- стад æмæ бауайдзæф кпдта йе ’мбал Фаризæтæн, пионеры ном кæи худинаг ;кæны, уый тыххæй. Загъ- та йын, фылдæр дзæгъæлы кæй сафы йæ рæстæг, йæ уроктæ нæ, фæлæ ма йæ ныййарджытæн дæр кæй ницы æххуыс кæны. Уыцы æмбырдæй фæстæмæ бынтон йæ удхæссæг фсстадис Заретæ Фаризæтæн. Сусæгæй йæ фыд- гой йедтæмæ ницыуал кодта, æмæ æргомæй та йæ- хи афтæ æвдыста, цыма йын Заретæйæ хæлар дæр 111
æмбал ничи ис. Заретæйæн фылдæр кæй æнтыст æмæ, куыд скъолайы, афтæ хъæубæсты дæр йæ хор- зы кой кæй кодтой, уый стыр хъыг уыдис Фаризæ- тæн. Фыццаг йæ хæрамдзинад æргомæй равдисын нæ уæндыдис. Уымæн æмæ тарст, Заретæ йын кæй нæ ныббарзæн, уымæй. Фæлæ азтæ куыд цыдыс- ты, æмæ сæ ахуыр йæ кæронмæ куыд æввахсдæр кодта, афтæ Фаризæтæн Заретæйæ æнæуынондæр ничиуал уыд. Уæлдайдæр та Заретæ æмæ Барис афтæ тынг хæлар исæй уыдысты, æмæ æнæ сæ-иу иннæ къахдзæф дæр кæй никуыдæм кодта, уый тых- хæй. Фаризæты зæрдæмæ тынг цыдис Барис. Се скъолайы лæппутæй йæм уымæй сæрæндæр æмæ хъаруджындæр ничи каст. Фæлæ йе ’нæуынон За- ретæ нæ хицæн кодта лæппуйæ. Цалдæр хатты афæлвæрдта Фаризæт чызг æмæ лæппуйы фæхицæн кæныныл, фæлæ уый йæ къухты куынæ бафтыд, уæд йæ маст бамбæхста йæ зæрдæйы. Азтæ кæрæДзи фæдыл згъордтой. Заретæ æмæ Барис иттæг хорз нысæнттимæ каст фесты астæук- каг скъола. Уыцы аз иумæ хъуамæ ацыдаиккой ахуырмæ, фæлæ æнæнхъæлæджы амардис Заретæ- йы фыд Уасил æмæ чызгæн ахуырмæ ацæуынæн фа- дат нал фæцис. Нал ацыд лæппу дæр. Цыдæр æф- еæнттæ ссардта, æниу Заретæ хорз æмбæрста, лæп- пу уый тыххæй ахуырмæ кæй пæ ацыд, уый. Æв- дæм къласы ма ахуыр, кодтой, афтæ бадзырдтоп астæуккаг скъола каст куы фæуой, уæд иумæ кæй ацæудзысты дарддæр ахуыр кæнынмæ. Æмæ æнæ сæ иу иннæ йæ дзырд нæ басаста- Лæппу æмæ чызгæн стыр хæлардзинад уыд се ’хсæн. Уыцы хæлардзинад фыццаг уыд сабион. Фæ- лæ сыл азтæ куыд фылдæр цыдис, афтæ уыцы хæ- лардзинады æнкъарæнтæ ноджы арфæй-арфдæр, вазыгджынæй-вазыгджындæр кодтой æмæ сæ кæ- рæдзийыл бастсй фидар рæхыстæй. Бауарзтой кæ- рæдзи. Кæд-иу æргомæй сæ зæрдæйы фæндон ни- куы раргом кодтой, уæддæр кæрæдзийы æмбæр- стой. ...Тынг гæвзыкк цард кодтой Магданы сабитæ, 112
Хъауырбег сæ куы ныууагъта, уæд. Сабитæ-иу фыл- дæр бонты æххормаг уыдысты. Раст уыцы рæстæ- джы схæлар сты Заретæ æмæ Барнс. Чызг йæ мад ямæ йæ фыдæй хъуыста Магданы сабиты æвæ- рæз царды кой æмæ-иу сын, сæ бон цы уыд, уымæй æххуыс кодтой. Заретæ уæлдай тынгдæр тыхст Барисыл. Уыимæ иу азы гуырдтæ уыдысты. Сæ сыхы æндæр сабиты хъауджыдæр цыдæр аджджын æмæ.хæлар фесты сæ кæрæдзийæн. Иу хатт хъæуы фыдуаг лæппутæй сæ иу Зэретæйы къæцæлын чындз байста æмæ йæ цæугæдоны балпæрста. Дон йæ улæнтыл аскъæфта къæцæлын чындзы. Чызг йæ фæдыл кæугæ згъорд- та доиы былгæрæтты. Уалынджы кæцæйдæр фæ- зынд Барис. Даргъ къæдз лæдзæг йæ къухы, афтæ- мæй дон-дон къæцæлын чындзы фæстæ азгъордта, иу ран æй лæдзæгæй ацахста æмæ йæ донæй ра- ласта- Уый фæстæ æрцахста фыдуаг лæппуйы æмæ йæ ахъаззаг снадта. Уæдæй фæстæмæ ноджы тынг- дæр схæлар сты Барис æмæ Заретæ. Чызгмæ афтæ каст, цыма йын Барисæй тынгдæр сæрылхæцæг ни- чи ис æмæ йæ ’фхæрын никуы никæмæп бауадз- дзæн. Азтæ куыд цыдысты, афтæ сæ хæлардзинад но- джы арфæй-арфдæр кодта. Æмæ исуыдфæстагмæ уыцы хæлардзинад стыр уарзтмæ ахызт. Нырма цалынмæ уæлдæр ахуыр фæуыдаиккой, уæдмæ сæ фæндгæ дæр нæ кодта сæ зæрдæйы ахс- джиаг фæпдиæгтæ кæрæдзийæп æргомæп радзурып- Астæуккаг скъола каст куы фесты, уæдæн ра- цыд дыууæ азы. Сæ дыууæ дæр намысджыпæй ку- сынц колхозы. Ныр ацы аз хъуамæ ацæуон уæл- дæр ахуырмæ. Бпрæ рæсугъд фæндтæ æмæ бæллицтæ уыд лæппу етæ чызджы æхоидгæ зæрдæйы. Разæй сын уыд царды райдзаст фæидаг æмæ сæ уый нæхимæ сайдта. Фадат-иу сын куы фæцис, уæд-иу æрвыл æхсæв дæр^ суанг фæсахсæвæртæм сæ зæрдæбык иыхæстæй никуы банцадысты. Æмæ та пыр дæр бадынц, иу хатт, чысылæн цы 84 Дзигойты Г. 113
æнгуз бæлас ныссагътой, уый бын æмæ сæ сомбо- ныл нывæндынц сæ рæсугъд хъуыдытæ- Бады Заретæ Барисы фарсмæ, йæ дзыккуимæ хьазæгау кæны, афтæмæй кæсы, дард арвы хъæбы- сы мæйы рухсмæ фæлурс æрттывд цы стъалытæ кæнынц, уыдонмæ. Ницы дзуры, фæлæ йын Барис хаты йæ хъуыдытæ. Иурæстæджы цыма лæппуйыл пиллон арт сир- вæзт, уыйау ссыгъд сæрæй къæхты бынмæ, цалдæр азы йæ риу ;цы уарзондэинады зынгæй сыгъдн, ууыл цыма изæры ирдгæ ’ æрбаулæфыдис, уыйау ныггуыпп кодта æмæ лæппу йæхи нал баурæдта- — Заретæ... — Цы кæныс, Барис? — Заретæ... — лæппу та ферхæцыд- Чызгæн йæ цæстæнгас арвы хъæбысæй феуæгъд æмæ фæрсæ- джы каст бакодта лæппумæ. — Барис, цы кæныс? — дыккаг хатт æй ба- фарста. — Ницы... афтæ-.. — Уæддæр?.. — Заретæ... Хъус ма, — æрæджиау райдыдта лæппу, — афтæ мæм кæсы, а-дунейыл дæуæй рæ- сугъддæр æмæ дæуæй хуыздæр ничи ис-.. Дæу тых- хæй æз... — Цурон ныхæстæ цæмæи хъæуынц, Барис? — нæ бамбæрста чызг лæппуйы. — Цурон ныхас кæй нæ уарзын, уый дæхæдæг зоныс-.. Æз æцæг зæгъын... Зынаргъ мын дæ, Заре- тæ... Уарзын дæ, тынт, тынг. Æнæ дæу мæхи æнкъа- рып æнæбазыр цæргæсы хуызæн... Зонын æй, чизо- ны мыл дæ зæрдæ бахуда... Заретæ, нæ чысылæй фæстæмæ иумæ хъомыл кæнæм... зонæм нæ кæрæ- дзи, мисхалы бæрц дæр нЫн сусæггаг ницы ис, фæлæ нырмæ нæ кæрæдзийæн нæ зæрдæйы фæндиæгтæ аргомæй никуыма загътам. Æмæ дæ курын, з.ггъ мын дæ фæндон... Уарзыс мæ æцæг уарзтæп, чызг лæппуйы куыд фæуарзы, ахæм уарзтæй, æви?.. — Цæмæн хъæуынц уыцы ’ныхæстæ, Барис? Дæ- хи, загъдау, кæрæдзийы зæрдæтæ хорз куы æмба- рæм... уæд ма... 114
— Нæ, уæддæр... дæ фæндон мын æргом никуы загътай... Ныххатыр кæн, афтæ æргом дæм кæй ба- уæндыдтæн, уымæй. Цы бакæнон, ме стыр уарзон- дзинад бауромын нал бацис мæ бон... Заретæ... Чызг ныхъхъус. Цыдæр æнахуыр рызт скодтой йе уæнгтæ. Сæр йæ р’иуыл æруагъта æмæ æдзынæ- гæй бадтис, стæй æрæджиау афтæ бакодта: — Зынаргъ мын дæ ды дæр, Барис, нырмæ дæ уарзтон... Куыд дын æй зæгъон, саби йе ’мбалы куыд фæуарзы, афтæ... Ныр... нæ зонын, исчи афтæ куы зæгъид, Барис къуырийы бæрц кæдæмлæр ацыд, уæд æгъуыссæг фæуаин, — чызг ноджыдæр сæфсæрм, афтæмæй йын загъта, — уарзын дæ... Уыныс мæнæ не ’нгуз, нæ хæлар... Ацы æнгуз нæ чысылæй фæстæмæ кæрæдзийыл сбаста... Байхъус ма йæм, куыд сыбар-сыбур кæнынц йæ сыфтæртæ. Уый не стыр уарзтыл у йæ ныхас, уый мах уарзон- дзинады тыххæй æрбахъæбыс кæны рог уæлдæф... Бафæрс æй, уый дын æппæт дæр радзурдзæн... — Заретæ... Мæ дуне, куыд амондджын дæн... — Æз дæр, Барис, уыцы амондæй æнæхай >нæ уыдзынæн... Суангдæр фæсахсæвæртæм нæ банцадысты сæ зæрдиаг ныхæстæй. Сæ сомбоны цардыл нывæзтой сæ рæсугъд фæндтæ. Дзырд радтой сæ кæрæдзл- йæн, уыцы аз иумæ ахуырмæ кæй ацæудзысты æмæ сæ ахуыр куы фæуой, уæ^ сæ цард кæй баиу кæндзысты, уый тыххæй. Фæлæ та сын уыцы аз дæр сæ фæндон сæххæст кæнын нæ бантыст. ...Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Бæстæ æмризæджы рызт. Чызг æмæ лæппуйæн ахуырмæ ацæуыны фадат нал фæцис. Æвзонгæй сæ хъуыры фæбадтысты сæ фæндтæ... 2 Æнкъард æмæ æрхæндæг боитæ уæззаугай из- той кæрæдзи. Немыцаг фашистон абырджытæ арт бандзæрстой нæ бæстæйы ныгуылæн районтыл. 115
Сыгъдысты хъæутæ, сыгъдысты горæттæ. Адæм систы джебогъ æмæ сармадзанты фыдызгъæл. Сырх æфсæдтæ удуæлдай тохы дæрæи кодтой фа- шистон лæгмарджыты. Советон адæм æндон сисау æрлæууыдысты знæгты раз. Куыд фронты, афтæ фæсчъылдымы дæр æппæт тыхтæй æрывнæлдтон æгъатыр знаджы кæронмæ ныддæрæн кæнынмæ. Æрвыл бон дæр къаддæрæй-къаддæр кодтоп хъæуты нæлгоймæгты пымæц. Фронтмæ-иу чи ацыд, уыдон бынаты-иу слæууыдысты сæ устытæ, сæ мæд- 1æ, сæ хотæ æмæ сæ сабитæ. Стыр тых, стыр хъаруйæ куыстой колхозы зæ- рæдтæ, сылгоймæгтæ, уыдон ’хсæн Барис æмæ За- ретæ дæр. Æрбалæууыд фыццæгæм сентябрь, сæ ахуыры райдианы бон. Фæлæ сæ дыууæ дæр уыцы бон æфс- найдтой колхозы быдырты тыллæг. Нырмæйау сæ хъуыдытæ. сæ бæллицтæ ахуырмæ ацæуыиыл æмæ сæ сомбоны рæсугъд цардыл нал уыдысты. Ферох сæ кодтой рæстæгмæ. Ныр æрмæстдæр сæ иуиæг бæллиц уыд фыдызнаджы тагъддæр ныддæрæн кæ- пын. Фесты фæззыгон куыстытæ. Иу бон Барисма^ дæр фæсидтысты æфсадмæ. Æфсадмæ цы бон цы- дис, уыцы æхсæв та ногæй фембæлдысты се ’нгуз бæласы бын... Мæй цыма аххосджын уыд, Заретæ æмæ Барис кæй хицæн кæнынц, уый тыххæй, уыйау сабыргай фæцæйхъуызыди тæнæг мигъты ’хсæнты. Æнгуз бæлас дæр цадæггай нæ бур дарæс ласта æмæ зымæджы тарф фынæймæ йæхи цæттæ кодта. Згъæлдысты нугай-дыгай æнгузы сыфтæртæ. Уыдон-пу куы Заретæйы уæхсджытыл æрбадтысты, куы та Барисы... Бадтысты дыууæ уарзæгой уды, бадтысты, фæ- лæ сæ ныхас никæмæй хъуыст... Æнæдзургæйæ дæр æмбæрстой сæ кæрæдзийы хъуыдытæ, сæ кæ- рæдзийы зæрдæйы фæндиæгтæ. Зын уыд сæ дыу уæйæн дæр кæрæдзийæ фæхицæп. Æрæджиау Ба- рис афтæ бакодта: — Цæп, Заретæ, фæстаг хæрзбон зæгъæм нæ 116
кæрæдзийæн. Демæ мин-мин æнусы куы фæбадон, уæддæр никуы схъыг уыдзынæн. Уæддæр зæрдæйы фæндтæ дзырд никуы фæуыдзынæн дæуæн. Фæлæ ныртæккæ æндæр гæнæн нæй... Райсом мæ раджы нæуын хъæуы... Æмæ мæм нæхимæ гыцци дæр æн- хъæлмæ кæсы... Заретæ, æз цæуын, фæлæ дын ам уадзын мæ зæрдæ. Æнхъæлмæ-иу мæм кæс, æнæ- мæнг æрыздæхдзыпæн... Æмæ уæд ацæудзыстæм ахуырмæ. Ацæудзыстæм... æнæмæнг ацæудзыс- тæм... — Ахуырмæ ацæуыпы мæт дæр мæ нал ис, æр- мæст мын сæрæгасæй æрыздæх... Курын дæ, мæхи Барис, цынæ вæййы, дæхи-иу хъахъхъæн... — æн- къардæй загъта Заретæ. — Дæ зæрдæ мæм ма æхсайæд, æрмæст дæ æз дæр курын, цæмæй мæм арæхдæр фыссай фыстæ- джытæ. -- Фысдзынæн... æнæмæиг фысдзынæн, мæхи Барис... Дæ гыццийы мæт дæр-иу ма кæн... мæ хъус æм дардзынæн. Уыцы æхсæв фыццаг хатт Барис Заретæйы ахъæбыс кодта æмæ йын адджын пъа ньгккодта. Стыр зынтæй фæхицæн сты дыууæ уарзон уды. Ард бахордтой се ’нгуз бæласы бын, амæлæты бонмæ уыдон кæй ничи фæхицæн кæндзæн сæ кæ- рæдзийæ, уый тыххæй. — Цæй, мæ дунейы рухс, хорзæп баззай. Æз цæуын. — Фæндараст, мæ цæргæс... уæлахизæй мæм æрыздæх фæстæмæ... фæндараст. — Чызг ацауын- дзæг лæппуйы æфцæгыл æмæ йæ хæкъуырцц рап- хъуыст... Р1æ хъарм цæссыгтæ лæппуйы риуыл æр- гæр-гæр кодтой... — Кæугæ ма кæн, мæ дунейы рухс, зын мын уыдзæн, кæугæйæ дын хæрзбон куы зæгъон, уæд .. Ныхъхъус сты сæ дыууæ дæр æмæ æдзæмæй /1æууыдысты... Æрбадымдта дæллагон дымгæ... Бæласы сыф- тæртæ згъæлдысты æмæ згъæлдысты, уыдон, чызг æмæ лæппуйы куыд нæ бахъыгдардтаиккой, афтæ- иу хъавгæ æрфæлдæхтысты умæл зæххыл. 117
Мигъты аууæтты фæдисы тындзыд кодта мæйы фæлурс сыкъа. Йæ фæстæ хæхты ’рдыгæй ралæсы- дысты сау бæзджын мигътæ æмæ бамбæрзтой фæ- лурс мæйы. 3 Карз уазал зымæг йæ барты бацыдис. Уадты- мыгъ сыстад æмæ быдыртæ митын хъæццулы бын фесты... Фронты раззаг хахх... Бадынц салд акъоп- пыты нæ хæстонтæ æмæ æнхъæлмæ кæсынц знæг- ты æрбалæбурдмæ. Фæлæ уыдон нырма сабыр сты. Знон дæр ма æххормаг сырды лæбурд кодтой. Абон та райсомæй бынтон ныхъхъус сты. Бады акъопы Барис, хæцæнгарз йæ къухты, аф- тæмæй æмæ йæ цæст нал исы миты рыджы бын фæуæг быдыртæй. Знон уыцы быдыры æвирхъау тохтæ цыд. Иу боны мидæг фараст хатты рацыдыс- ты знæгтæ атакæйы, Барис цы полчы уыдис, уый ныхмæ, фæлæ сын не ’фсæдты акъопыты æрбатонын нæ бантыст. Хæст афтæ уæззау æмæ æвирхъау уыдис æмæ æнæхъæн быдыртæ тугхъулон адардтой. Æнæнымæц мæрдтæ баззадис тохы быдыры. Ныр сыл дысон бонмæ фæуарыд, райсом уадтымыгъ сыстад æмæ мæрдты дымгæ миты хъæпæнты бын ныккодта. Бады Барис æмæ хъуыдытæ кæны... йæ бæллиц- тæ йæ ахастой уазал салд акъоптæй сæхимæ—йæ иыййарæг гыцци æмæ йæ дунейы рухс Заретæйы цурмæ. Цымæ афонмæ цы ми кæнынц? Чизоны сæ алчи дæр пецы фарсмæ хъарм уаты бады æмæ дымгæ- йы æхситтмæ арф хъуыдыты ныгъуылы. Æхсайдзæ- нис сæ зæрдæ... Æниу йæ мад куы зон’ид йæ хъæ- бул ам салд акъопы кæй бады æмæ æрвыл уысм дæр йæ .удхæссæгмæ кæй æнхъæлмæ кæсы, уæд фæлæбурид йæ рустæм. Фæлæ нæ, мæлæтæй мий- йаг нæ тæрсы... Хъуамæ фæуæлахиз уа удхæссæ- гыл æмæ бахиза йæ гыццийы æмæ йæ царды рæ- сугъд стъалы Заретæйы сомбон. Уый тыххæй ис ам, уый тыххæй æгъатыр у йæ зæрдæ. 118
Ныр иу мæйæ фылдæр ис фронты раззаг хах- хыл. Карз æмæ æвирхъау у хæсты быдыр. Фыццаг тохы тынг фæтарсти мæлæтæй. Немыцаг танк ком- коммæ куы æрбацæйлæсти, Барис цы акъопы бад- тис, уыцырдæм, уæд фæтарст. Хъуамæ аппæрста- ’ид йæ хæцæнгарз æмæ ралыгъдаид тохы быдырæй. Фæлæ раст уыцы рæстæджы йæ цæстытыл ауадыс- ты йæ мад æмæ Заретæ, æмæ йыл цыма æмдзыхæй ныхъхъæр кодтой: — Æрлæу! Ма дæ ферох уæд, дæ фæстæ мах кæй лæууæм, уый! Æрлæу, худинагдзинад ма райс дæ райгуырæн бæстæйæ! Лæппуйæн фырадæргæй йæ сур хид акалд. Фел- вæста гранатты барт æмæ йæ йæ тæккæ цурмæ æрбахæстæгуæвæг танкы раззаг цæлхыты бынмæ ныззыввытт кодта, йæхæдæг уысммæ æрæмбæхсг акъопы. Фехъуыст æвирхъау нæрд. Танк ма цал- дæр метры размæ ауадис, стæй йæ бынаты дзыхъ- лæуд фæкодта æмæ скалдис йæ фæздæг. Барис иудзæвгар йæ бынаты æдзæмæй баззад, стæй йæ сæрыл схæцыд æмæ аивæй акаст танкмæ. Сыгъдис танк. Лæппуйы зæрдæ цыдæр æхсызгон хъыдзы скодта. Фыццаг хатт федта, афтæ тынг кæ- мæй фæтарст, уыцы æфсæйнаг удхæссæг куыд сыгъдис, уый, æмæ йæ тас æрбайсæфт. Касти лæп- пу танкмæ æмæ фырцинæй ради. Уалынджы судзгæ танчы сæр байгом æмæ сгæппытæ кодтой фашис- тон танкскъæрджытæ. Барис сæм йæ хæдæхс фæдардта, скуыста хæдæхс æмæ фашисттæ иугай æрфæлдæхтысты танкыл... Уæдæй фæстæмæ мæйæ фылдæр рацыд. Барис æдзухæй дæр ис тохы быдыры. Æрвыл бон дæр мæ- лæтимæ хъулæй хъазæгау хъазы. Фыццагау иып нал хъуыды кæны мæлæтыл, йæ тас цыдæр æрба- ци. Хæст куы ныссабыр гаæййы/уæд йæ зæрдыл æрбалæууынц йæ ныййарæг мад æмæ йæ уарзон Заретæ. Фæбæллы æрмæстдæр: хæст тагъддæр куы фæуид æмæ сæм куы æрыздæхид. Бады ныр дæп салд акъопы æмæ пæ йæ сагъа’стæ ахастоп сæхч- 119
мæ, йæ мад æмæ Заретæйы цурмæ, се ’ягуз бæла- сы бын бандонмæ. Тымыгъ нæ сабыр кæны.' Къуыс-къуыс кæны быдырты æмæ цыма фыдызнаджы фыдæнæн афтæ кæны, уыйау ын йæ развæндаг æхгæны. ’ 4 Изæрмилты фермæйæ æрбацыдис Магдан. Рухс сеыгъта, стæй уаты къуымты йæ цæст ахаста. Хæ- дзар æм цыдæр афтид æмæ æдзæрæггъуыз фæкас- тй’ æмæ йæ зæрдæ суынгæг. Пецы сæрыл уыд,'абон, ., райсомæй цы хæринаг сарæзта, уый. Аджы сæрыл схæцыд, 1ньпккаст хæринагмæ æмæ аджы сæр фæс- тæмæ æрæхгæдта. Абондæргъы æххормаг у, фæлæ зæрдæ хæринаг нæ агуры. Иу хатт ма ноджы дæр къуымты йæ цæст ахаста, стæй рухс ахуыссын код- та æмæ фæлладæй хуыссæнты сæр бафæлдæхт. Ба- цъынд кодта цæстытæ. Хуыссæг æввахс нæ цæуьг... Ацы уæзæгмæ чындзы номыл куы æрцыд, уæ- дæй фæстæмæ цас маст æмæ фыдæбон федта Маг- дан. Хъуыды ма кæны йæ дурзæрдæ лæг Хъауырбег æй æнахъом сабитимæ афтид хæдзары къуымты куы ныууагъта, уæд цас утхæрттæ федта. •Уый фæстæ ралæууыд ног рæстæг æмæ Магдаиыл йæ сабитимæ ракастис хуры цæст. Адæм хорз сты, сæ цæрæнбон бирæ, йæ фарсмæ æрбалæууыдысты æмæ йын баххуыс кодтой. Царды стыр æмæ рæ- сугъд фæндагыл ныллæууыдысты йæ хъæбулта\ Йæ хистæр лæппу Гаврил инженер раЦыд, горæты заводы куыста, Гавруш æфсæддон командир^ Барис астæуккаг ахуыр раиста, йæ чызг Анастаси дар ме- дицинон институты фыццаг курсы ахуыр кодта. Куыд ради^ куыд цин кодта ныййарæг мад пæ са- биты амондыл. Ф^лæ æгъатыр хæст, цæргæс цъи- " уы лæппынты куыд ауидзы, афтæ сæ ауыгъга æмæ сæ удхæссæджы хъæлæСы смидæг кодга. Ба.:зая хæдзары къуымты зыбыты " иунæгæй Магдаи; Æгъуыссæг æмæ зæрдæдзурынты фæцис. Йæ хз^с- тæр фырт Гаврилæй арæх райсы фыстæджытæ. 120
Мæйы размæ фæцæф æмæ хуыссы рынчындоны^ « куыд у, цы у, иунæг хуыцау йæ зонæг. Барис æмæ^ > Анастаси дæр фыссынц фыстæджытæ, фæлæ Гав- рушæй цалдæр мæйы бынтондæр бæрæг хабар ни- цы хъуысы. НырЫ хуызæн тынг маст æмæ зæрдæхсайындзи- над никуы æууылдтой Магданы зæрдæ. Райсом тæрсгæ-ризгæ сысты, из§ер дæр афтæ. Тæрсы æнамонды фыд уацæй... Тæхуды æмæ ма ацы хатг æнæнизæй куы æрыздæхиккой йæ хъæбултæ. Тæ- худы, йæхи къухæй конд хойраджы хъæстæ ма куы фæуиккой. Йæ чындз Маня горæты цæры. Æфсæддон за- воды кусы. Магдан.æм цалдæр хатты уыд, дзырдта йын, цæмæй хъæумæ раивтаид. • Маняйæн йæхи дæр фæндыд, фæлæ йæ куыстæй ницы хуызы ссæ- рибар кодтой. Магданæн ма йæ иунæг ныфс уыди Заретæ- Мад зыдта йæ фырт Барис æмæ Заретæ рагæй кæ- рæдзи кæй уарзынц. Тынг йæ зæрдæмæ цæуы чызг Магданæн. йæ хъæбулæн уымæй хуыздæр амондмæ нæ бæллы. Хаты, Барисы ацыды фæстæ æдзух æн- *къард æмæ сагъæсгъуыз кæй вæййы, уый. Заретæ Магданыл куы амбæлы, уæд йæ цæсгом сырх хъу- лон авæййы. Магдан хаты æфсæрмы дзы кæй кæны чызг æмæ Магданæн уый æхсызгон вæййы. Гавруш æмæ йæ бинонтæй ницы бæрæг хъуысы. Уый арæнхъахъхъæнæг уыд, хистæр лейтенант. Хæсты размæ йæ дашæ дыууæ хатты æрцыд Маг- • данмæ. Диссаджы рæсугъд æмæ æмбаргæ адæй- маг у Гаврушы бинойнаг Наталя Ткаченко, укра- инаг чызг. Иæ зæрдæмæ йæ тынг айста Магдан. Хæст куы райдыдта, уый размæ дзы фыстæг райс- той, лæппу йын райгуырд. Уыцы мæйы кæрон æр- •цæуинаг уыд йæ ныййарæгмæ, фæлæ хæст райдыд- та æмæ ницы дæр Наталяйæ бæрæг хъуысы, ницы дæр Гаврушæй. Цы фæуыдаиккой, цæмæн ныхъхъус сты? Ау, иу гæххæтты гæбаз куыд нæ æрвитынц? О, Мадымай- рæм, мæ хъæбулты мын фыдбылызæй бахиз... — са- 121
гъæс кодта Магдан хуыссæнты сæрыл галынджы уæлгоммæ фæлдæхтæй. Æрдæгæхсæвмæ æввахс арæдзæ-мæдзæ кодта æмæ афынæй. * * * Иу бон Хъызылбег æфсæддон комиссариатæй гæххæтт райста. Колхозы хъуыддæгтæ йæ хæдивæг Магданы бæрны ныууагъта æмæ уый дæр афардæг- ’ис фронтмæ. Къуырийы фæстæ районæй æрбацыдис партийы райкомы секретарь Агуыбечыр. Сарæзтой иумиаг æмбырд. Агуыбечыр æмбырд куы байгом кодта, уæд адæм ньихъхъус сты æмæ йæм æдзынæгæй хъуыстой. — Æмбæлттæ, — дзырдта Агуыбечыр, — уæз- зау, тынг уæззау уавæры стæм ныртæккæ. Немы- ц_аг фашистон сырдтæ, се стыр зиæнтты ницæмæ даргæйæ, бырсынц размæ. Не ’фсад ын кæньт ахъаззаг цæфтæ. Туг кæлы æвæджиау хæсты бы- дыры. Судзынц хъæутæ æмæ горæттæ. Цагъды кæнынц æнæхæцæг адæймæгтæ... Фæлæ йæ зонут, знаджы æнтыстытге рæстæгмæ сты, Тагъд нæ дом- ■бай Сырх Æфсад æруромдзæн фыдгулты æмæ до- донаг фæуыдзысты сæ сæртæ. Æмбæлттæ, уæ зæрдыл æй дарут, нæ бæстæпы хопраджы ахъаззагдзер районгæ рæстæгмæ знаджы къухты кæй бахаудтой, уый тыххæй махыл стыр уæз æрынцад. Нæ уарзон Сырх Æфсады, не ’фсы- мæрты æмæ нæ фыдты, фыдгул знагæн аккаг пы\- къуырд чи дæдты, уыдоы хъæуы хæлцадон про- дукттæ æмæ уæлæдарæсæй сфæлындзын. Стыр, тынг стыр хæс райстат сымах уæхимæ, зынаргъ æмбæлттæ. Цæсгомджынæй сæххæст код- тат паддзахадон нывæзтытæ æмæ ма нывæзты уæл- дай ноджыдæр фæфылдæр кодтат продуктты" æр-- конд æмæ Сырх Æфсадæн æххуыс. Уæ артелы сæрдар Хъызылбег арæхстджын æмæ зæндджын разамонæг уыд. Уæ колхоз куы сырæзт, уæдæй иырмæ намысджынæй фæкуыста. Фæлæ Хъызылбегмæ дæр райгуырæн бæстæ фæ- 122
сидт. Æмæ йæ арвыстам нæ адæмы бахъахъхъæ- ныны тыххæй хæсты быдырмæ. Ныр нæ Хъызыл- беджы бынатмæ ног сæрдар равзарын хъæуы. Хорз ахъуыды кæнут, æмæ ацы зын рæстæджы колхозы фæцудын чи нæ бауадза, ахæм равзарут. Æмбырды уæвджытæй хъыпп-сыпп н’ичи скодта. Æдзæмæй бадтысты, зыдтой Хъызылбеджы хуызæн арæхстджын сæрдар сæ хъæуы нæлгоймæгтæй кæй ничиуал ис, иууылдæр фронты кæй сты. Зæрæдтæ æмæ сылгоймæгтæй та Хъызылбеджы хуызæн кæй ничи сырæхсдзæн. Æрæджиау зæронд Уанкъа сыстад, ныхасы бар ракуырдта, стæй Агуыбечыры ’рдæм аздæхта йе ’ргом æмæ райдыдта дзурын: — Æмбарæм æй; мæ хур, Агуыбечыр, ныртæккæ цы зын уавæры стæм, уый. Нæ хъæуы раззагдæр фæсивæд хæсты быдыры сты æмæ ахæм тыхст рæс- тæджы та колхозæн æйттмардзæ сæрбос хъæуы, уый тыххæй зын у, лæг кæмæй зæгъа. Æниу нæл- гоймæгтæй ницы засгъын, æрмæстдæр мæ ныфс сылгоймæгтæ сты. Сылгоймæгтæй та, мæ хур акæ- най, ныртæккæ Магданы хуызæн ничи сарæхсдзæн. Цыппар хъæбулы йын ис æмæ йын цыппар дæр хæсты быдыры сты. Куыстыл та æнувыд æмæ иу- зæрдион у. Амонын ын ницы хъæуы. Правленийы онгæй дæр бирæ хæттыты æвзæрст æрцыд. Айраз- мæ йæ Сæйраг Советы депутатæй дæр равзæрстам. Æууæнкджын адæймаг у. Уарзы йæ хъæубæсты, æнæхин, æнæзæрдæхудтæй кусы не ’хсæн. Сæрдары хæдивæг у ныртæккæ æмæ уадз нæ колхозы хъуыд- дæгтæ йæхимæ айсæд. Уый хуызæн кандидатурæ сæрдары бынатмæ ныртæккæ ничи ис. Кæд тыхса— баххуыс ып кæндзыстæм. Кæд уæдмæ хæсты быды- рæй нæ фæшвæдæй исчитæ дæр фæзынид. — Раст зæгъыс, Уанкъа. Мах дæр разы стæм Магданы кандидатурæйыл, — рапхъуыст фæстаг бандонæй кæйдæр хъæлæс. — Магданы хуызæн ничи бакусдзæн... — Зонæм æй, хорз сырæхсдзæн... — Нæхæдæг дæр ын баххуыс кæндзыстæм, — хъуыстис фæйнæрдыгæй. 123
Уæдæй нырмæ Магдан æдзынæгæй’ хъуыста Агуыбечырмæ. Фæлæ йæ ныр сæрдарæй равзарын куы сфæнд кодтой, уæд йæ зæрдæ ахст сырдау йæхи иыххоста къултыл. Æмбæрста, йæ хъæубæсты зæр- диагæй кæй фæнды, уый, кæй йыл æууæндынц æмæ йын стыр кад кæй кæнынц. Фæлæ тарст, Хъы- зылбеджы фæстæ куынæ сырæхса æмæ ахæм уæз- зау рæстæджы колхоз куы фæцуда. Ныхасы бар ракуырдта. — Мæ зынаргъ хъæубæстæ. Стыр бузныг уæ дæн, кæй мыл æууæндут æмæ мын ахæм кад кæй кæнут. Фæлæ уæ курын, бамбарут мæ раст, æз — æдых сылгоймаг, цы’хъуамæ бакæнсн. Тæрсын, нæ хъæубæсты стыр æууæнк миййаг куы фæсайон... Нæ, фæлтау æндæр иокæй... — Тæрсгæ ма кæн, Магдан, — загъта Агуыбе- чыр, — рохуаты дæ нæ ныууадздзыстæм. Райко- мы ’рдыгæй дæр дын баххуыс кæндзыстæм... Æмбырд фæци æрæгмæ. Адæм ацыдысты. Æр-« мæст ма Агуыбечыр баурæдта Магданы æмæ прав- ленийы уæнгты. Семæ б’ирæ фæныхас кодта кол- хозы дарддæры куысты тыххæй. Йæ ныхасы сæй- раг хъуыды уыдис Магданæн практикон æгъдауæй баххуыс кæнын. — Сымахмæ тынг хорз адæм ис? Магдан, — дзуры дарддæр уый, — куыстмæ æнæзивæг, амонын сын ницы хъæуы. Æрмæст дæ зæрдыл дарг фыцца- джыдæр, фыдгул знагыл фæуæлахизы хъуыддаг махыл баст кæй у, уый. Знаджы ныддæрæн кæны- ны хъу’ыддаг скъуыддзаг цæуы канд тохы быдыры нæ, фæлæ ма фæсчъылдымы дæр. Фронт æмæ фæсчъылдым иу сты. Фæтагъддæр кæнут уæ парг- хæртты рувыныл. Абон уæ быдырты æрбацыдтзен. Федтон партхæртты. Хорз бынæвæрд сын ис. Æр- мæст кæмдæрты нырма рувинаг сты. Стæй, дыкка- джы та, ахъуыды кæн уæ фермæйы фосæн зымæг- мæ фаг холлаг бацæттæ кæныны хъуыддагыл. Знаг æрхæццæ ис Цæгат Кавказмæ. Фосы дзугтæн Хъыз- лармæ асКъæрыны фадат нал ис æмæ нæ стыо хъару равдисын бахъæудзæн, цæмæй зымæджы лæ фос æнæзианæй бавæрæм. Парт’ионты æмæ фæс- 124
комцæдисонты дæхимæ æрбаввахсдæр кæн. Æнæ уыдон æххуысæй зын уыдзæн зындзинæдты ба- сæттын. О, хæдæгай, Заретæ, уæ фæслшмцæдисон орга- низацийы секретарь, куыд уæм кæсы? Фермæйы хицау æй куы скæниккат, нырма æвзонг чызг у, фæлæ мæм афтæ зыны æмæ сарæхсдзæн. — Заретæ хорз чызг у, — куыддæр фефсæрмы Магдан, æхсызгон ын уыд Агуыбечыр Заретæйæ кæй раппæлыд, уый. Æниу Заретæйыл йæ зæрдæ дардта. Хæсты уæззау бонты, колхозы фæсивæды раздзог уээзгæйæ, æвзонг фæлтæримæ слæууыл колхозы зындæр æмæ ахсдж’иагдæр куыстыты сæргъ. Кæм сæ нæ1 фендæуыдаид, фермæйы, бы- дырты. Магдан ради Заретæйы æнувыддзинад, уыч фердæхт æмæ сæрæндзинадыл. Арæх-иу йæ мид- зæрдæйы хъуыды кодта хæсты фæудыл, йæ фырт Барис æрыздæхдзæн æмæ Заретæ йæ чындз куыд бауыдзæн. Нырма Заретæ æмæ Магданы æхсæн æргом ныхас пе ’рцыди, фæлæ йæм Магдан уæд- дæр чындзы зæрдæ дардта. Дзæбæх æрталынг, хъуыддæгтæ бæстон бал- хынцъ куы ’рцыдысты, уæд Агуыбечыр сбадт йæ бæхыл æмæ афардæг. Магдан ма йæ урæдта, фæлæ йын нæ иыллæууыд. Зын уыд фыццаг бонты Магданæн. Фæлæ йæм куысты практикæ кæй уыд, уый тыххæй тынг нæ фæтыхст. Цадæггай куыстыл ноджыдæр фæцахуыр. æмæ йæ хъуыддаг фæрæвдздæр. Райсом-иу йæ хæ- дзары дуæрттæ сæхгæдта, æмæ-иу суанг талынг- тæм фæстæмæ нал æрбаздæхт. Сæрды, тæккæ куыст афон, алы мин\т, алы сахатæн дæр стыр нысани- уæг уыд. Колхоз фæци нартхæртты рывд æмæ бав- нæлдта хос кæрдынмæ. Нæ фаг кодтой цæвæдж- джынтæ. Сылгоймæгтæй бирæтæ, Магдап дæр се- мæ, афтæмæй райстой цæвджытæ æмæ карстоп хос. Хос карст фæуынхъус уыдысты, афтæ быдыр- ты сцæттæ тыллæг. Хъæбæрхортæн сæ сæртæ æр- къæдз сты æмæ æнхъæлмæ кастысты цæвæджы 125
коммæ. Æвæстиатæй бавналын хъуыд тыллæг æфс- •найынмæ. Иу райсом хъæуы дæлбын фæтæн хуымы кæ- рон æрлæууыдысты цæвæджджынтæ æмæ айхъуыст аæвджыты æхсидт. Колхозонтæ стырæй-чысылæй æрлæууыдысты сæ тыллæг æфснайыныл. 5 Правленийы дуар цæрдæг æрбайгом æмæ Заре- тæ цингæнгæ смидæг уаты. — Фыстæг, — фырцинæй йæ цæссыгтæ кæлгæ загъта чызг, — Барисæй... Постхæссæгæй йæ райс- тон. Магдан фыстæджы коймæ йæ сæрыл хæрдмæ схæцыд æмæ фæкомкоммæ Заретæмæ. Заретæйы цæсгомыл æнæкæрон цины улæитæ ленк кодтой. Магданимæ сæ цæстæнгæстæ кæрæдзийыл амбæл- дысты. Чызг фефсæрмы æмæ сатæг-сау цæсты хау- ты бын йæ цæстытæ амбæхста. Магдан бамбæрста, Барисы фыстæг чызгæн къаддæр цин кæй не ’рхас- та, уый. — Æмæ дæм цы фыссы, дæ нывонд фæуон? — æрæджиау афарста Магдан Заретæйы. — Дзæбæх фыссы... Тох, дам, кæнын... Орден райста, æрмæст, дам, мæ зæрдæ гыццимæ æхсайы, — чъызгæйæ загъта чызг. — Æндæр ма?.. — Æндæр н’иды, — фефсæрм чызг æмæ йæ цæс- тытæ иуварс азылдта. Магдан бамбæрста, лæппу лызгмæ йæ уарзондзинады фæдыл кæй фыста, уый тыххæй афтæ тынг кæй фефсæрмы Заретæ æмæ йæ дарддæр нал бафарста. Уыцы бон Барис æмæ Гаврилæй фыстæджытæ райста Магдан йæхæдæг дæр. Гаврил хъусын кодта йæ цæфтæ кæй сдзæбæх еты æмæ тагъд къамисы кæй ацæудзæн. Ныфсытæ æвæрдта йæ мадæн, чи зоны йæ иу цалдæр боны -еæхимæ ауадзой, уæд æй тагъд кæй фендзæни, тыхст, йе ’фсымæртæй фыстæджытæ кæй нæ иста, уый’тыххæй. Уæлдайдæр та Гаврушæй хæсты рай- дианæй фæстæмæ бæрæг ныхас нæ хъуысти. 126
Барис æмæ Гаврилы фыстæджыты хабар æгдс хъæуыл айхъуыст.. Хъæубæстæ арфæтæ кодтой Магданæн. Æрмæст нæ бац’ин кодта иу адæймаг — Фари- зæт. Заретæ чызджытæн Барисы фыстæджы хабар куы радзырдта, уæд Фаризæт фырмæстæй артау ссыгъди. Цæмæн уарзы Барис Заретæйы? Нæ, хъуамæ Заретæйæн исты маст скæна. Æхсæв сбадт æмæ Барисмæ фыстæг ныффыста: «Дæ бон хорз, зынаргъ Барис. Фыссы дæм дæ хорз хæлар... Æмæ дын хъусын кæнын, дæ зæрдæ- йæн маст чи окæна, ахæм хабар. Фæлæ цы гæнæн ис, лæг иу хатт фæмаст кæндзæн æмæ йæ уый фæс- тæ ферох уыдзæн. Æз, куыд дæ хорз хæлар, афтæ мæхицæн хæсыл нымайын, цæмæй дæуæн фехъусын кæнон хъуыддаг. Мæ намыс мын бар нæ дæдты, уымæн æмæ мыл сомбон куы .фембæлай, уæд мын бауайдзæф кæндзынæ. Ныр мæм хъус: Сонтæп фæстæмæ дæхи цы Заретæйы тыххæй нывонд код- тай, уый дыл фæлывдæй рацыд. Ды куыддæр хæст- мæ ацыдтæ, афтæ нæм агрономæй æрырвыстой дæ хорз хæлар, иуцæстон Васяйы. Кæцы Васяйæ дын зæгъын, уый зоныс? Дæллагхъæуккаг. Гъе æмæ уыцы адæймаг, иугæр уый куы базыдта, ды фронты дæ, уæд Заретæйы алыварс цъилау зилын райдыд- та. А Заретæ дæр йæ намыс бахордта æмæ лæппу- йы æфцæгыл æрцауындзæг. Хорз, Заретæ сæрра, æниу уый раджы дæр æрра уыдис, фæлæ уый та куыд систа йæ цæсгомыл йæ къух? Куыд нæ феф- сæрм дæуæй дæр æмæ дæ ныййарджытæй дæр. Хæ- лæрттæ куы уыдыстут... Æмæ ма уый дæр афтæ фæуæд, фæлæ æрвыл æхсæв сæ кæрты цы æнгуз бæлас ис, иу хатт ды æмæ уыцы æдзæсгом Заретæ кæй ныссагътат, уый бын æрдæгæхсæвмæ сæ зæр- диаг ныхæстæй нал фенцайынц. Ацы хъуыддаг зо- нынц иууылдæр. Цъиутау æй уасынц. Фæлæ цæуæн хабар фехъусын кæнынмæ йæ ныфс ничи хæсеы. _Тохы быдыры дæ æмæ дын маст чи кæны... Фæлæ цы гæнæи ис, ды уым знаджы ныхмæ хæцай æмæ дын уый та ам дæ намыс худинаг кæна, уый мæ 127
сæрмæ не схастон æмæ дын хъусын кæнын хабар. Æцæг дэе стыр зæрдиагæй курын, маст-иу ма кæн. Фæуыдзæн хæст, æрыздæхдзынæ фæстæмг æмæ чызджытæй фылдæр та цы ис? Заретæйы та рох фæкæн. Стон дæ риуæй Заретæйы уарзондзинад æмæ йæ аппар. Æнæнизæй нæм æрыздæх стыр то- лæп фæстæмæ. Дæ хорздзинадмæ бæллæг хæлар. Ноджы ма дæ курын, Заретæмæ фыстæг макуы- уал æрæрвит. Дæ фыстæджыты дын арты басудзы... *Нæ йæ фæнды Вася сæ зона. Дæумæ та æндæр ны- хæстæ фæфыссы. Æниу адæймаг йæ цæсгомыл йæ къух куы сиса, уæд ын бирæ цыдæр’гæ æнтысы». Фаризæт баныхæста конверт æмæ йæ дыккаг бон фронтмæ Барисмæ арвыста. Заретæ Барисы фыстæг куы райста, уæд ын рæстæгыл дзуапп радтын нæ бантыст. Куы-и> а*ч фæскомцæдисонты æмбырдæй нæ равдæлд, куы та быдыры куыстæп. Фæлæ иу бон куыстæй куы ’рба- цыд, уæд йæхи февдæлои кодта æмæ фыстæг ныф- фыста Барисмæ. Фыста йæм: «Мæ дунейы рухс, Ба- гис, ныххатыр мын кæн дæ фыстæгæн дын рæстæгыл дзуапп кæй нæ радтон. Ды фронтмæ куы ацыдтæ, уæдæй фæстæмæ иыманып бопты, фæлæ мыл афтæ тынг ныддаргъ сты æмæ ыал зыны сæ кæрон. Æх- сæв бафыпæп вæйпып демæ пыхас кæнгæйæ æмæ рапсом райхъал вæййын дæуыл хъуыдыгæнгæйæ. Тæхуды, мæ цæргæс, пскуы куы фæуиккоп ацы зæрдæхсайгæ æрхæндæг бонтæ æмæ мæм тагъд- дæр куы æрыздæхис фæстæмæ. Дæ ацыдæй фæстæ- мæ мæхицæн бынтон нал арын бынат. Мæ хъуыды- тæ сты пууыл демæ. Æрмæст ма мæ зæрдæ фæрог вæййы, ’не ’игузмæ куы фæкомкоммæ вæййын, уæц. Æрвыл æхсæв дæр сбадыи йæ быны æмæ фæныхас кæиын пемæ. Тæхуды, дæ цуры куы фестин æмæ дып мæ зæрдæйы стыр фæндиæгтæ куы фæдзурин. Кусæм колхозы... Кусæг тых пал фаг кæны æмæ иæ алчи дэер æххæст кæиы æртæ лæджы бæрц. Рæстæг карз æмæ уæззау у, æмæ дзы æидæр гæнæп нæй. 128
Цæв æгъатырæй знæгты... Æмæ нæм уæлахизæй æрыздæх тагвддæр. Махмæ дæ зæрдæ <ма ’хсайæд. Дзæбæх стæм. Дæхи Заретæ». 6 Ныссабыр хæсты быдыр. Хæстонтæ улæфынц уæззау тохы фæстæ. Дыууæ боны дæргъы фыдгул- тæ, удуæлдайæ, архайынц не ’фсады хъахъхъæны- пад æрбатоныныл^ фæлæ уый сæ къухы не’ фты. Изæрырдæм тох куы ныссабыр, уæд акъоппы- тыл разылдис æфсæддон постхæссæг æмæ салдæт- тæн байуæрста фыстæджытæ. Фыстæг уыдис Ба- рисмæ дæр. Барис цингæнгæ раскъæфта постхæссæджы къухæй фыстæг æмæ йæм зæрдиагæй æркасти. Фыс- тæг Заретæйæ райсыны æнхъæл уыд. Фæлæ æнæ- зонгæ къухфыст куы разынд, уæд йе стыр цин уысммæ фæтары... Уый уыд Фаризæты фыстæг. Лæппу фыстæг кæронмæ куы бакаст, уæд ын цы- ма исчи йæ зæрдæйы карды бырынкъæй барæ- хуыста, уыйау, йе уæнгтæ ныддыз-дыз кодтой сæ рæй къæхты бынмæ... Цæстытæ атарытæ сты... Но- гæй та йæ бакаст æмæ уæнгтæсастæй акъопы бы- лыл йæхи æруагъта. Нæ, никуы бауырндзæн Бари- сы, Заретæ йын йæ сыгъдæг уарзондзинадыл цъыф къахæй ныллæууыд, уыцы хабар. Нæ, Барис йæхи- уыл дæр афтæ не ’ууæнды, Заретæйыл’куыд æууæьг ды. Фæлæ кæй цæмæн бахъуыд, чи йæм уыд афтæ тынг мæсты æмæ йын арцы бырынкъæй йæ зæрда фæрæхуыста? Уый хахуыр фыстæг у, æнæмæнгдæр чидæр марг байтауын хъавы Заретæ æмæ Барисы æхсæн... О, фæлæ уæд та?.. Чи зоны Заретæ сæр- ра... Цынæ вæй-йы, кæд ыл миййаг рæдыд æрцьт- ди... Фыстæг дæр дзы куынæуал райста ныр мæйы бæрц. Цыдæр дызæрдыгдзинады ныххауд лæппу, алы æмæ йæ алыгъуызон уæззау сагъæстæ сæ быны скодтой. Иу дзырдæй, не ’ууæндыд фыстæгыл, сфæнд кодта, Заретæйæн йæхицæй бæрæг ныхас 9. Дзигойты Г. 129
цæмæй фехъуса, уый тыххæй чызгмæ фыстæг ныф- фыссын... Йæ ныфс дæр æм нæ хаста, уæд та ха- хуыр фыстæг æцæг разынд, уæд ма йыл куыд кæс- дзæни арвы рухс. Уæззау сагъæсты йыл куыд сбон ис, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Райсом боныцъæхæй арвыл фæзындысты æнæнымæц знаджы хæдтæхджытæ æмæ бомбæтæ згъалын райдыдтой мах акъоппытыл. Хæдтæхджы- тæ сæ бомбæтæ куы æркалдтой, уæд ныннæрыдыс- ты знаджы сармадзантæ æмæ бахтæ хъай.мæт фес- тади. Æнæхъæн сахатæй фылдæр нæ сабыр кодта æхст. Уый фæстæ æхст банцад æмæ атакæйы рацы- дысты знаджы тапкæтæ. Нæ хъахъхъæнынады раз- заг хайыл чи лæууыд, уыдон сæхи æрцæттæ кодтой знагæп ныхкъуырд радтынмæ. Танкæтæ хæстæгæй-хæстæгдæр кодтой. Барис æрцæттæ кодта знаджы танкæты ныхмæ хæцæн- гарз. Танк комкоммæ æрбацæуы уый акъопы ’рдæм. Ныхъавыд æм. Фæцыд гæрах æмæ немыцаг танк йæ бынаты ныззылди, стæй йыл арт сирвæзт. Йæ пиллон скалд дыккаг танкæн дæр. Æхста Ба- рис, æхста, куы-иу иу равмæ, куы иннæ ранмæ æмæ та-иу сæ мидбынаты дзыхълæуд фæкодтой æф- сæйнаг машинæтæ. Знаджы атакæ фæстæмæ æппæрст æрцыдис, фæлæ чысыл фæстæдæр ногæй рабырстой. Цас ма фæхæцыдис уыцы боя, уый нал хъуыды кæны Барис. Æрмæст иу рæстæджы акъопы тæккæ бы- лыл фехæлди сармадзаны нæмыг. Барис банхъæлд- та, цыма зæххæй срæхпцæн, стæй цы æрцыди дард- дæр, уымæн ницыуал бамбæрста. Куы æрчъицыдта, уæд бæстæ уыд талыиг. Топ- пы унæр никуыцæйуал хъуыст. Æрмæст ма-иу кæмдæр ракетæ барухс кодта арвы тар, фæ- лæ та-иу уадйдæгæи ракетæйы рухс ахуыссып; о\мæ та-иу бæстæ саудалынг баци. Барис исдуг нæ рахатыд, цы фыд ыл æрцыди, уый. йæ иу фарсыл рабадт. Сыстынмæ хъавыд, фæлæ йæ рахиз .къах йæ быны фæдыдагъ æмæ та ногæй йæ цæстытæ атарытæ сты. Дзæ^згар ма фæлæууыд уадзыгæй. Арвæп иугай 130
æртæхтæ хауын байдыдта. Барис та æрчъицыдта. рыст йæ сæр. Гуыз-гуыз кодтой йæ хъустæ. йæ ком ныссур^ къахы рьгст æй иууыл утхарæй мары. «Куыд ныссабырис бæстæ. Хъыпп-сыпп куы ни- куыцæйуал хъуысы? — хъуыды кодта Барис. — На- уæд ме ’мбæлттæй та мæ цуры куыд ничи зыны, æви сæ удыгас ничиуал баззад,—йæхиуыл рахæцыд æмæ ныллæг хъæлæсæй фæсидт æххуысмæ. Дзуапп ын куы ничи радта^ уæд йæ зæрдæ ауазал риуы, куыд? Фæцагъды сты, æви?..» йæ тыхтæ æрбатымбыл кодта æмæ йæ иу фар- сыл абырыд акопæй. Талынджы йæ къухтæ цæ- уылдæр фæхæст сты, æнгуылдзтæй йæ æрысгæрста. Бауыгъта йæ, лæг уыд мард... абырыд дарддæр... Ногæй та мард салдат... Бамбæрста Барис стыр фыдбылыз кæй æрцыди, æвæццæгæн, не ’фсад фæстæмæ алæууыд. Немыц сæхи цæфты ахастой, мæрдты та ныгæнгæ бакод- той, уырыссаг мард салдæтты та æнæныгæдæй ныууагътой. Чердæм? Размæ æви фæстæмæ? Кæд Сырх Æф- сад фæстæмæ алæууыд, уæд ын мæлæтæй фервæ- зæы нал ис, кæд не ’фсад размæ абырстт, уæд та йæ æнхъæлмæ кæсьш хъæуы райсоммæ. Райсом æх- хуыс фæзындзæн. Цы бачындæуа? Æнæнхъæлæ- джы йæ хъустыл цæйдæр унæр ауад. Айхъуыста. Чидæр мæрдон унæргъд кæны. Барис абырыд, уиæр чердыгæй цыд, уыцы ’рдæм. Цæф разынд уырыссаг салдат. Барис ын йæ хъуыры æгънæджыглз суагъ- та. Салдаты фарсыл баст флягæ сыхæлдта æмæ йæ цæфы дзыхыл сдардта. Цæф салдат зыдæй авдæ- лон кодта флягæйы дон, фæстæмæ йæхи æруа1ъта æмæ рлйхъуыст йæ мæрдон хъæлæс: — Бузныг, æфсымæр... Барис базыдта, цæф йе ’мбæлттæй кæй у, уый æмæ йæ афарста: — Цы фесты -нæхионтæ!.. — Цы сЬесты... Фæстаг нæмыджы онг фæхæцы- дыстæм... Ничиуал нæ баззад, æрмæст ма фон- дзæй... Немыц æрбалæбурдтой... Æвæцца-гæк амар- дысты не ’мбæлттæ дæр... Æххуыс ныч куыд шæ 131
æрбарвыстой нæхиуæттæ та... Ух, фашисгон куый- тæ, уæ амонд уыд æмæ нæм нæмыг нал баззад...— цæф ныуунæргъыдта. — Бонмæ бирæ нал ис... фæ- лæ ма кæд чысыл дæ сæрæн дæ, уæд исты хос æр- хьуыды кæн. Уæртæ уым æввахс хъæд... Уырдæ_м уал дæхи айс, стæй бæрæг уыдзæн... Цæугæ... Мæн уадз. — Нæ, æфсьгмæр, ам дæ нæ ныууадздзынæн, — фидарæй загъта Барис. — Æз ницыуал аккаг дæн. Мæ къах ахауд. Иннæ къах дæр цъæл у. Мæ астæу дæр бандзыг... Зæрдæ цадæггай æвдæлон кæны туджы... Мæ тых асаст... Цæугæ... — Нæ, ахæсдзынæн дæ. — Дæхæдæг дæр хæссинаг куы дæ, æфсымæр, уæд ма мæн та чердæм хæссыс. Фæндараст у. Мæ- нæ ам... Мæ хæдоны рахис дзыппы мæ докумонттæ. Мæ бинонты адрес. Кæд аирвæзай, ныффысс-иу сæм... Уым... Мæ ус... Мæ чысыл чызг — Ленкæ.- Æртæ азы дæр ыл нæма цæуы. Ой, тæхуды иу хатт ма сæ уæддæр куы федтаин. Хæрзбон... Цæф ныхъхъус. Нал змæлы. Барис æй æрыс- гæрста. Салдат йæ уд систа. Цы гæнæн ма уыд. Барис ын йæ риуы дзыппæй йæ докумечттæ систа æмæ йæ иу фарсыл тыххæйты абырыд хъæды ’рдæм... Арвы кæрæттæ фæлурс кæнын райдыдтой. Ба- рис тагьд кæны. Бафæллад, цæф къах ныррæсьщ æмæ хуылыдз къодахæй уæззаудæр ныцци. Тых æмæ йын амæлттæй бантыст хъæды дзьт.æ ба- ирвæзын. Миййаг æй хъæдгæрон куы ссарой, — ахъуыды кодта æмæ алæсти хъæды хуылфы ’рдæм. Хур йæ был сдардта æмæ бæлæсты цъуппытыл сныдзаэвдысты йæ тынтæ. Хъæд уыд æгуыппæг, æрмæст-иу рæстæгæй-рæстæгмæ куы иу ранæй, куы ипиæ ранæй бауасыдысты цънутæ. Хап-иу ка^цæйдæр фæцыд хус сыфтæрты сыбар-сыбур. Фæ- хъус-иу сты мæргътæ, фæсабыр-иу сыфтæрты сы- 132
бар-сыбур æмæ-иу уæд хъæды цыдæртæссаг æгуып- пæгдзинад æрбадти. Барис ,ма иудзæвгар йæ фарсыл бабырыди хъæ- ды хуылфы, иу ран сармадзаны нæмыг йа* тæк- кæ астæуыл æрфаста нæзы бæласы, йæ иу фарс зæххыл дæргъæй-дæргъмæ æрфæлдæхт. Барис ба- бырыд бæласы цонджы бьш, æдасдæры тыххæй нæзыйы къалиутæй йæхи) æрбамбæрзта, стæй йæ хæлафы къах суангдæр фæкъæдзгæнæнмæ сфаста, къах ныррæсыд. Фатхъулæй чысыл уæлдæр къахы стæг уыди’ саст. Саст кæм уыд, уым тарбын дард- та. Барис бæласы схъистæй дыууæ лыггаджы ра- хицæн кодта, цæфы фæйнæ фарсы сæ бакодта, стæй раласта йæ хæдон. Уаццæгтæ дзы рауагъта æма- нæзыйы фæрсджыты хæдоны уаццæгтæй фидар стыхта. Къахы цъæл стæг куынæуал змæлыди, уæд йæ риссынæй дæр чысыл фæлæууыд. Барис дæлгоммæ æрхуыссыд æмæ йæ хъус дары хъæдæй хус сыфтæрты къæрццытæм. Чи зоны ма йе ’мбæлт- тæй, уыйау, хъæдмæ æрбаирвæзын искæмæн бан- тыст... Исдуг ахъавыд бæласы калды бынæй рабы- рын. Фæлæ та уалынджы æрбайхъуыст сармадзан- 1Ы унæр. Барис рахатыдта дæс—фынддæс киломе- трьг æттæдæр не ’фсады фæсчъылдымы ’рдыгæч кæй цæуы уыцы æхст. Цы базонын ма йын хъуыд, немыцæгтæ кæй атыдтой не ’фсады хъахъхъæны- над æмæ дзæвгар кæй аразмæ сты. «Нæ, бырын хъæуы, цы амал ис, уымæй, цалын- мæ махуæттæ æгæр нæ адард сты, — аскъуыддзаг кодта йæхимидæг, æмæ æмбæхст ранæй рабырон куыд загъта, афтæ йæ хъустыл ауад хус сыфтæр- ты къæрццытæ æмæ æнæзонгæ хъæлæс. Айхъуыс- та. Хæстæгæй-хæстæгдæр кæны унæр. Æрбайхъуыст æм немыцæгты ныхас. Аивæй акаст. Иу фæндзап метры æттæдæр йæ тæккæ комкоммæ æрбацæуынц дыууæ нем^щаджы, сæ къухты автоматтæ æркъæп- æввонгæй. «Ныртæккæ йæ ссардзысты», — йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта Барисæн. Иæ кард ас- гæрста, нæ, йæхи удыгасæй нæ ратдзæн. Æрбахæц- цæ кæнынц фашисттæ... Барис сын дзæбæх уыны сс ’лгъаг цæсгæмттæ... Дæс метры бæрц æрбаввахс 133
сты, стæй иу ран æрлæууыдысты æмæ автоматтæй нызгъæлстой (бæласы калдмæ. Барис йæ оæр фæ- цавта бæласы хъæды фасты аууон. йæ тæккæ сæр- ты ныззуыгъ-зуыгъ кодтой нæмгуытæ, стæй банца- дысты... Фашисттæ æрлæууыдысты, цæуылдæр ауы- наффæ кодтой æмæ дарддæр ацыдысты. Æнхъæлмæ кæсын хъуыд талынгмæ, æндæра ^æссаг уыд, немыцæгты къухы куы бахауа, уымæй. Æдзынæгæй лæууы. Бацъынд кодта йæ цæсты- тæ. Фæллад, фæлмæцыд уæнгтыл хуыссæг фæтых æмæ куыд афынæй, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Хур ма бæрзонд уыд арвыл, афтæ райхъал. Хъæд уыд м’æрдон, сабыр... Сармадзанты унæр дæр адард. Хъавгæ рахылд æмбæхст ранæй æмæ сабыр- гай абырыд цæгаты ’рдæм. Æрталынг. Уæззаугай хъæды быры Барис, тын- дзы, бафæллад, йæ армы тъæпæнтæ ныллыгтæ сты, сæ туг кæлы, «ъахы рыст ноджы тынгдæр кæны. Хъустæ та гуыз-гуыз кæнынц, йæ ком ныссур... Йæ тых сæттын райдыдта. Тындзы, фæлæ хъæдæн йæ кæрон никуы зыны. Иу ран, хъæды астæу, мусонг. Мусонджы хала- гъуд. Чи дзы ис, хиуæттæ æви’ знæгтæ? Фæстæты кардæлвæстæй хъттæ бабырыд халагъудмæ. Байхъуыста. Унæр дзы нæ хъуысы. Чысыл ма, но- джыдæр... йæ тых сæтты... Цæстытæ тарыта* кæ- нын райдыдтой. Халагъуды фæмидæг, стæй йыл бæстæ разылд æмæ бауадзыг. Ныр дыууæ ^боны йæхицæн бынат нал ары зæ- ронд хъæдгæс. Æндæрæбон не ’фсæдтæ ацвдысты хъæуæй. Йæ уæлвæд, æххормаг бирæгътау, хъæуы фæмидæг сты фашисттæ. Хъæуы уыигтæ цъæчахст фестадысты. Лæбурдтой хæдзæрттæм, агуырдтой сырхæфсæддонты, Скалдтой ныккæндтæ... джигул кодтой уæлхæдзæртты. Фæзындысты зæронд хт-æд- гæсмæ дæр. Ныппырх ын кодтой йæ хæдзар, фæ- надтой йæ топпы хъæдæй, стæй рацыдысты, уыцы æхсæв баззадысты хъæуы. Цалдæр хæдзары ба- 134
сыгътой. Хъæуы бæстастæу колхозы правленийы кæрты æрцауыгьтой дыууæ цæф сырхæф- сæддоны æмæ фондз хъæууоны. Уыдоня?й сæ иу уыд хъæдгæсы лæппуйы чызг Маринкæ. Абон рай- сомæй фашисттæ ацыдьгсты хъæуæй. Хъæууонтæ æристой ауындзæнæй мæрдты æм.æ сæ баныгæд- той. Кæрты æрттæдæлармæй рацу-бацу кæны зæронд хъæдгæс. Маст тоны риуы. Зоны фашисттæ еæ фыццаг фæлæбурдæй туджы зæй кæй рауагътой хъæубæстыл æмæ цы уыдзæн дарддæр, бирæгъты иннæ бал куы фæлæбура, уæд? Нæ, афтæ æнхъæл- мæкæсæн нал ис. Тох хъæуы знæгтимæ. Цыппар- ссæдзазы цæры зæронд хъæдгæс а-дунейыл. Бирæ хæстытæ федта, фæлæ ныры хуызæн æгъагыр сырдтыл никуы фембæлд. Æмæ куыд бирæ уарзта йæ хъæбулы хъæбул Маринкæйы. Цал æмæ йæ цал хатты акодта йемæ хъæдмæ. Уым-иу йемæ баззад халагъуды. Гыццыл чызг фыццаг æхсæв тарсти, стæй фæцахуыр хъæцы. Уый фæстæ Маринкæ скъоламæ куы бацыд, уæд та-иу ам сæрды улæфты рæстæджы фæзынди. Зæронд хъæдгæсы маст фæйлауæнтæ кæны ри- уы. Куыд кæсы, афтæмæй хæст афтæ тагъд нæ фæ- уыдзæн. Уыцы бон зæронд хъæдгæс рæстæгмæ йæ маст аныхъуырдта. Æниу цæстысыг калынæн рæстæг нæ уыди. Хъуыд маст райсын. Хъæугæрон хъамылты йын æмбæхст уыдысты хæцæнгæрзтæ. Не ’фсад фæстæмæ куы лæууыд, >æд тæккæ хъæуы рæбын хидыл бомбæ æрхауди. Хидыл фæцæйцыд сырхæфсæддонты машинæ. Ма- шинæ фæцæйласта хæцæнгæрзтæ æмæ донмæ ас- хъиудта. Знаг уыд тынг хæстæг. Не ’фсæддонтæн донæй хæцæнгæрзтæ раласын нал бантыст. Сырх- æфсæддонтæ хъæуæй куы ацыдысты, уæд хъæдгæс ныццыд цæугæдонмæ. Хиды бын зæронд бæлæгъыл сбадт æмæ баленк кодта, машинæ доны кæм ных- хаудта, уырдæм. Доны бынæй сласта хæцæнгæрзты асыччытæ æмæ сæ дон-дон аласта. Иу ран сæ хъа- мылты бамбæхста. Дыккаг хатт дæр афтæ бакод- 135
та, фæлæ æртыккаг хатт куы фæцæйцыд, уæд æй немыц æрбаййæфтой, фадат ын нал уыди æмæ сæ ныууагъта. Талынгкæнын райдыдта, зæронд хъæдгæс аи- вæй ныццыд фæстæмæ донмæ. Сбадт та йæ бæлæ- гъыл. Суанг фæсахсæв’Эертæм ын ласт фесты асыч- чытæ, стæй бæлæгъ аив ран донбыл æрбаста, ацыд хъæдмæ. Уым æмбæхст уыд йæ зæронд бæх. Æр- ласта æм.æ йæ сифтыгъта уæрдоныл, ацыд хъамыл- тæм. Уæрдоныл сæвæрдта асыччыты æмæ фæсфæд- ты бæх фæцагайдта хъæды ’рдæм. Æрдæгæхсæ- вæй ахызт, афтæ схæццæ халагъудмæ. Халагъудмæ ’куы бахызт, уæд йæ къах цæуыл- дæр скъуырдта, фæтарст, зæронд. Рухс ссыгъта, æркаст æмæ сырхæфсæддон. Æрысгæрста йæ. Сал- дат нырма уыд удмидæг. Халагъудæй чысыл фалдæр уыд къаннæг цæугæдон. Уырдыгæй дон æрбаекъæфта. Сдардта йæ цæф салдаты дзыхыл. Æрæхсадта йын дзы йæ цæсгом дæр. Тых æмæ амæлттæй æрчъицыи кодта салдаты. Уый фæстæ йæ æрфарста. Барис радзырдта, цы бæллæх ыл сæмбæлд æмæ куыдæй æрбахаудта халагъудмæ, уый. Зæронд хъæдгæс хъуыста Барисмæ, стæй уæз- зау ныуунæргъыдта æмæ бæхуæрдонæй асыччытæ æвдæлон кæныныл схæцыд. 8 «Æппæт дæр фронтæн! Æппæт дæр знагыл кæ- ронмæ фæуæлахизы тыххæй!» Ацы зæрдæмæхъарæг ныхæстæ ставд хъæрныв- тæй фыст сты Уæдвæзы хъæуы колхозы канторæйы раз бæрзондгомау дыууæ тулдз цæджындзы ’хсæп сырх хъуымацыл. Æмæ растдæр ахæм зæрдæйы æнкъарæнтимæ ацы хъæуы колхозонтæ боны цъæхæй изæрмилтæм удуæлдай куыст кæнынц сæ хъæздыг зæххы фад- гуыты. Йæ цæрæнбонты лæджы куыст цы сылгой- мæгтæ нæ бакодтой, уыдон дæр абон хæйрæг фес- тадысты. Скъæрынц машинæтæ, трактортæ. Ных- хæцыдысты гутоныл æмæ фæлдахынц сау мæр. 136
Тауынц, рувынц, кæрдынц цæвæгæй. Мустæм ла- сынц мæкъуылтæ, амайынц нъынатæ. Най кæнынц чъеурийæ, æфснайынц хор, холлаг. Райстой фæрæт- тæ æмæ аразынц колхозæн фермæйы скъæттæ, кæркдонтæ, холлагдæттæ. Дардæй бакæсгæйæ нæ базондзынæ, уыцы æп- пæт куыстытæн сылгоймаг кæй разамынд кæны, сылгоймæгтæ сæ кæй æххæст кæнынц, уый. Дæхи- уыл не ’ууæнддзынæ Уæлвæзы хъæуы куыст бынлу- ронæй хæстон домындзинæдтæм гæсгæ рацарæзт кæй æрЦыдис. Уым кæй кусынц æрмæстдæр зæрæд- тæ, æнахъом сабитæ. Уым бындуронæй цардимæ хъæбысæй кæй хæцынц сылгоймазгтæ. Дæ цæстытыл ныххæцдзынæ, рыстзæрдæ сыл- гоймаг, колхозы разамонæг Магдан æппæт куыс- тыты дæр цæвиттойнаг кæй у. Йæ цæвæджы æх- оидт æндæр щæвджыты ’хсæн тынпдæр кæй хъуысы. Мæнæ, гъе» иу сæумæрайсом дæр та æгас колхо- зонтæ, куыд иу, афтæ рафсад кодтой тыллæг æфс- найынмæ. Магдан бригадиргимæ йæхæдæг бæрæг кæны колхозы куысты чи цахæм хайад исы, йæ нор- мæтæ куыд æххæст кæны. Ацы бонты сæ куыстмæ бафæстиат кодтой Маруся, Уакка æмæ Асиат. Маг- дан уыдонмæ ахæм цæстæй бакаст æмæ дæлдзæх- куы ныххаудаиккой, уый сæ бафæндыд. Уый сæм дзыхæй не сдзырдта, фæлæ сын йæ тар æрфгуытæй бамбарын кодта: йæ райгуырæн бæстæ арты кæмæн судзы, йæ уарзон хъæбултæ, йæ уарзон лæг æмæ йе ’фсымæртæ хæсты быдыры туджы зæйтыбын кæ- мæн кæнынц, уыдон сихорафонмæ хъуамæ фынæй кæной? Ахæм хуызы сæххæст кæнынмæ хъавут хи- мæрайсгæ хæстæ?!. Ома æппæт дæр фронтæн! Æп- пæт дæр знагыл кæроимæ фæуæлахизы хъуыдда- гæн! Ныр Магдан колхозы алы куысты дæр йæхæдæг цæвиттойнаг кæй у, уый фæрцы дзы артелы уæнг- тæ сегас дæр уæлдай æфсæрмы кæнынц. Магданæн уымæйразмæ дæр, æмæ уæлдайдæр та хæсты рæ- стæджы, удхæссæг уыдис, царды сæрыл тох чи нæ кодта, кусгæ бон аууæттæ чи агуырдта, куывд, чын- 137
дзæхсæвы рæстæджы та фынджы астæумæ чи лæс- тис. ... Æмбисбонмæ колхоз систа йæ найты. Раст- дæр цæппузыры хуызæн мæнæу фæхицæн ис зы- гуымæй. Магдан бардзырд радта, цæмæй голджы- тæ æрцæттæ кæной æмæ сæ фыццаг найтæй ахицæн кæной хорцæттæ, паддзахадон хæслæвæрд. Мæнæ- уæй байдзаг кодтой голджытæ æмæ сæумæрайсом Магдан æд уæрдæттæ сырх тырысатимæ балæууыд районы хорисæн пункты. Æппæты фыццаг æгас районы Магдан уæлдайджынтæй ахицæн кодта пад- дзахадон хæслæвæрд. Районмæ цæугæйæ дæр йæ уд ныффæдзæхста, цæмæй иунæг æфсир дæр зæххыл ма баззайа. Цæ- мæй иунæг нæмыг дæр зыгуымы ма аирвæза. Аф- тæмæй Магдан дæр, Хъзылбегау, колхоз, колхо- зонтæ æмæ хицауады хъуыддагæн ноджыдæр ссис æнувыд кусæг. Уыдис йæ дзырдæн хицау, принци- пиалон. Ныхас-иу куы загъта, уæд-иу уыцы ныхае уыд хохæй фидардæр. Йæ ныхасыл-иу колхозонтæ дæр уæлдай ницы загътой: «Магдан загъта», «Ма- гданы фæнды», «Магдан дзы ратшæлыд», «Магдан- æй бафхæрдта» æмæ афтæмæй куыстуарзаг сыл- гоймаг йæ цæсгомджын ахастæй йæхицæн дæр æмæ колхозæн дæр скодта ном. Магдан æрмæст зæххы куыстмæ нæ, фæлæ фос- дарды хъуыддагмæ дæр радта уæлдай хъусдард. Хæсты азты колхозы фосæн нал уыдис Хъызлар- ■мæ аскъæрæн. Фос зы-мæг дæр æмæ сæрд дæр хъуа- мæ колхозæн йæхи хцзæнуæтты æмæ йæхи холла- гæй хаст цыдаиккой. Афтæмæй Магдан йæ кол- хозонтимæ æппæт дæр арæзта, цæмæй сæ фосæн фаг холлаг цæттæ цыдаид. Æрмæст колхозы угæрдæн- тæ нæ» фæлæ-иу хъæды иунæг кæрдæджы мур дæр никуы ныууагъта. Æркарста-иу сæ æмæ-иу сæ ба- фснайдта колхозы скъæты цур. Иу ахæмы Магдан хъæдмæ хос кæрдынмæ ацыдис дыууæ зæронд лæг æмæ цыппар сылгойма- гимæ. Хъæды уæд, сæ цæсгомыл сæ къух чи систа, фронтæй чи ралыгъд æмæ сæ райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй чи разылд, ахæм æлгъаг адæймæгтæй 138
уыдоныл сæмбæлдис цалдæр. Цъаммæрттæ хъæд- даг сырдау сæхи ныццавтой фæллад æмæ фæлмæ- цыд сылгоймæгтыл. Хъавыдысты сæ фæхынджы- лæг кæнынмæ. Тæрсын сæ кодтой сæ автоматтæй... Нал уыд гæнæн æмæ сæ Магдан йе ’мбæлттимæ сæ- хиуыл æрæууæндын кодтой. Дыууæ зæронд лæджы тынг тыхстысты. Сæ зæрдæ мастæй тыдта, фæлæ сæ чындзытæн баххуыс кæнын уыдон бон дæр нæ уыд... Фыдгæнджытæй сæ иу куыддæр Магданы æр- бахъæбыс кæнынмæ хъавыд, афтæ йын уый йæ ав- томат срæдывта æмæ йын дзы йæ сæр дыууæ дихы фæкодта. Стæй йæ иннæ знæгтæм фæзылдта æмæ дзы æртæйы æрхуыссын кодта. Иннæ дыууæ сæ къухтыл схæцыдысты. Сæхи бакодтой сылгоймæг- тæ æмæ дыууæ зæронд лæджы дæлбар. Фыдгæн- джытæн сæ къæхтæ æмæ сæ къухтæ сбастой æмæ уыцы бон хосы бæсты сæ уæрдоныл æрластой рай- гуырæн бæстæйыл гадзрахатæй рацæуджыты. Мæрдты тæ тархъæды кæлдымты бын фæкодтой. Уæлвæзы хъæуы колхозонтæ сæ дарддæры куыс- ты дæр тæппуд нæ разындысты. Уыдон куыд быды- ры, афтæ хъæды дæр кодтой сæ куыст. Æрцæттæ кодтой æхсæнадон фосæн фаг холлаг. Уæлдайджын- тæй ахицæн кодтой паддзахадæн æппæт хæслæ- вæрдтæ. Иу бон та .Магданмæ райкоммæ фæсидтысты æмæ йын загътой, зæгъгæ, нæ райгуырæн бæстæйы фæллойгæнджытæ фæрæзтæ æмбырд кæнынц, цæ- мæй иугай æмæ дыгай адæймæгтæй нæ. фæлæ æнæ- хъæн хъæутæ æмæ колхозтæй саразой сæхи но- мыл танкæты æмæ хæдтæхджыты колоннæтæ. Магдан дзырд радта, куыд уый колхозонты номыл дæр арæзт æрцæудзæн иу танк. Æрмæст ма райкомы секретармæ бахатыд, цæмæй уыцы танк куы сырæза, уæд æй радтой тохы быдыры йæ хъæ- бултæй, йе та йæ колхозонтæй искæмæ. Цæмæй хæстьг цæхæры бæрæгæй зына сæ колхозы номыл размæбырсæг танк. Стæй йæхимиДæг ахъуыды код- та: «Йæ мад амæла Барисæн, уый машинæтима^ архайын ам дæр бирæ уарзта... Тæхуды, уыцы 139
танкыл куы сбадид æмæ дзы знагæй нæ маст куы райсид». Мацдан ма партийы райкомы дзырд радта, куыд йæ колхозонтæ хæстонтæн цы цъындатæ, æрмкъухтæ, хъарм бигæ хæдæттæ æмæ æндæртæ цæттæ кæнынц, уыдон дæр дыууæ—æртæ бонмæ æрласдзæн районмæ. Магдан ахæм хуызы йæ хъуыддæгтæ сарæзта районы æмæ уый фæстæ ратындзыдта" сæхимæ. Фыццаг уал бацыд сæ канторæмæ. Колхозы хъуыд- дæгтыл ма йæ цæст ахаста, стæй атагъд кодта хæ- дзармæ, цæмæй йæ хæдзары куыстытæ дæр бакод- таид. ...Кæсы æмæ йæ зæрдæ ныосæххæтт кодта. Уыны, хъæубæстæ, бындзытау, кæй фæтыгуыр вæй- иынц æмæ цæуылдæр кæй фæуынаффæ кæнынц. Æрхъавынц æнамонддзинады хабар схъæр кæнын- мæ, фæлæ сæ цæстыты раз февзæрынц Магданы стыр фыдæбæттæ. Сæ цæстыты раз февзæрынц. йе ’ртæ хъæбульг хъæпæны бын куыд фесты æмæ сæ æрдæгмардæй куыд æрхастой, уый. Æмæ ныр уы- дон фæстæ йæ ныфс чи хæссы уымæн йе ’ртæ хъæ- булæй дыууæйæ сау хабар радзурын... Магдан, алыгъуызон хъуыдыты ацæугæйæ, хæ- дзармæ фездæхон куыддæр загъта, афтæ фаллаг сыхмаз фæкомкоммæ æмæ йæм уæлæ æгас хъæу лæгæвзæрстæй æрбафсад кæнынц. йæ уæрджытæ йæ быны барызтысты, йæ зæрдæ «ыггуыпп-гуыпп кодта... «Цы хабар у, кæдæм фенкъуыстысты нæ хъæу лæгæвзæрстæй? Намæ сæ куыд равдæлд кусгæ бон, хур нырма уæлаиу куы у, уæд сæ куыст ныууа- дзын?..» Хæдзармæ бауад æмæ йæ тагъдгомау аф- снайдта. — Æвæццæгæн та мæ хъæбултæй ныдæр хорз- дзинад фехъуыстой....—уый фæстæ сæ размæ ра- цыд хъæлдзæгæй æмæ дзуры: — Фарн уæм бадзурæд, фæлæ æввахсдæр ра- цæут, дард цы слæууыдыстут? Лæг цы хæдзары нæ вæййыл уымæ афтæ иуварс фæлæууынц? Хъæуы зæронддæр лæг, рагæй фæстæмæ Маг- 140
дан æмæ йæ хъæбулты схъомыл кæныныл йæ уд нывондæн чи лæвæрдта, уыцы урссæр Уанкъа Маг- даны раз æрлæууыд. йемæ æрбацæуджытæ дæр уынджы уæлдай къахдзæф нал акодтой. Алчи дзы зæхмæ нымдзаст æмæ æнхъæлмæ кæсы хистæрмæ. Стыр æнамонддзинад æрцыд сидзæрты хæдза- рыл. Хур дæр йæхи амбæхста мигъты ’хсæн. Уын- джы, рæгъæд балы цъуппæй йæ зард æрдæгыл аскъуыдта булæмæргъ. Йæ базыртæ æруагъта æмæ уый дæр æдзынæгæй кæсы адæммæ. Æнусон суа- дон дæр йæ хъæл-хъæлгæнаг цыд фæсындæг кодтл. Ныббогъ кæнынмæ хъавынц хæдзары къултæ... Уанкъа йæхи фæфидар кодта. йæ худ систа. Магданы, хъæбулау,чæрбахъæбыс кодта æмæ ныл- лæг хъæлæсæй дзуры: — Адæмы тæригьæд фæхæссæд тугцъир Гитлер. Уый бабын кодта нæ бæстæйы равзаргæ фæсивæ- дæй бирæты. Ныр уый бабын кодта мах дæр,— æма- стæй ныккуыдта. Магдан Уанкъайы дзыхмæ æдзынæгæй кæсгæйæ, къахæй-къухмæ ныддыз-дыз кодта. Батар ыл бæс- тæ... «Мæ бындур ныззылд!..»—азæлыд усы зæрдæ- халæн æрдиаг æмæ фæцудыдта. Уанкъа та Магда- ныл ныттыхстис æмæ та уый дæр ноджы ныккуыд- та. — Фесæфтыстæм, ме ’мхæрæфырт, фесæфтыстæм!.. Ныккуыдтой иннæтæ дæр. Магдан хъæлæсы дзаг йæ тых, йæ бонæй ныббогъ кæны... •* # # Ацы æнамонд хабары хæдфæстæ Магданы но- мыл иогæй æрцыдис фыстæг, цыран дзырдæуыд: «Дæ уарзон фырттæ Гавруш æмæ Барис «Н» æф- сæддон хайы службæ кæнгæйæ сæ хæстон хæслæ вæрд æххæст кæныны рæстæджы знаджы ныхмæ то- хы хъæбатырæй фæмардысты, сæ мæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыдысты ордентæй. Æнусон кад, немыцаг фашистон знæгтимæ тохы кæ райгуырæн бæстæ æмæ нæ адæмы сæрыл сæ сæртæ ныводæн æрхæссæг Гавруш, Барис æмæ урл- донимæ уыцы тохы чи фæмард, уыцы хъайтартæн!... 141
Дæуæн та, нæ иумиаг ^ кадджыи мад, мах ба- фæнддзæн уыдон фæстæ æнæниздзинад æмæ бирæ азты хъæлдзæг цард. Ныфс дæ уæд, дæ уарзон хъæбулты хæцæнгæрз- тæ кæй систой сæ хæстон æмбæлттæ æмæ уыдон дарддæр кæй тох кæнынц знаджы кæронмæ ныддæр кæныныл». Ф :•: ^: Барисы амарды хабар иууыл зындæр бауромæн уыд Заретæйæн. Куыддæр быдырæй æрбачæццæ, афтæ Магданты ’рдыгæй йæ хъустыл кæуын ссыд, йæхи раппæрста, цæсты фæныкъуылдмæ смидæг кæрты. Уым базыдта æнамонды хабар. Зæрдæ адæнгæл риуы, кæрты ма уæрдоныл банцой кæнын йæ бон бацн æмæ сагъдæй баззад. Кæрт адæмæй байдзаг. Чидæртæ ма йæм цыдæртæ дзырдтой, фæ- лæ сын ницы хъуыста сæ ныхæстæй. Афтæ иудзæв- гар фæлæууыд, стæй згъорæгау ракодта сæхимæ. йæ уаты сынтæджы сæрыл ныххауд æмæ нал æмæ нал æнцад йæ хæкъуырццæй. Фæсахсæвæртæм æввахс йæ мад æрбацыд Маг- дантæй. Йæ чызджы афтæмæй куы æрбаййæсЬта, уæд фæлæбурдта йæ рустæм... Уыпы æхсæв мад бæстонæй базыдта, йæ чызг æмæ Барисьг ’хсæн стыр уарзондзинад кæй уыд, уый. 9 Арф ныккæнды хъæдгæс æмбæхстæй дардта Барисы. Хъæдæй йæ куы æрласта, уæд ы-п йæ къахьт цъæл стджыты кæрæдзийыл сæвæрдта æмæ йын æй гипсы бæсты цæйдæр змæстæй бабаста. Уæдæп нырмæ рацыдис æртæ мæйы. Барисы къахы цъæл бахсыст. Лæдзæджы æнцæйтты йыл слæууы. Фæлæ дардмæ цæуын йæ бон нæма у. Бады ныккæнды æмæ йæм уырдæм æрвыл æхЛев дæр фæзыны хъæд- гæс. Æрхæссы йын дон æмæ хæринаг. Радзуры йын, хъæуы цы хабæрттæ цæуы,. уыдæттæ. Хъæд- гæсы ныхæстæм гæсгæ хъæуы æрбынат кодтой фашисттæ, туг æмæ цæсты сыг зæй рауагътой. Ма- рыцц, судзынц, ницæуыл ауæрдынц. Хъæуы иу- фæрсты цæуы сосæ фæндаг. Фæндагыл æнæсцухæй 142
цæуынц æмæ цæуынц цæгаты ’рдæм знæгты маши- иæтæ. Ласынц хæцæнгарз æмæ хæлц. Цалдæр хат- ты уыцы машинæты размæ хъæды чидæр бабадтис æмæ дзы дзæвгар ныппырхчындæуыд. Хъæдгæсы ныхæстæй бæрæг уыд, фронты хахх кæй адард ис, >ый æмæ йын лæдзæджы æнцæйтты зын кæй уы- дзæн йе ’мбæлттыл сæмбæлын, фронты сæрты ахизын. Хъæдæп йæ хъæдгæс куы æрласта æмæ йæхи куы æрæмбæрста, уæдæй фæстæмæ уæззау сагъæс- ты пыххауд Барис. Иуæй кæй фæцæф æмæ йе ’фсæддон хайæ кæй фæхицæн, ууыл тыхсти, аннæ- мæй та йæ хахуыр фыстæг утхарæй мардта. Фæнд кодта хабар бæстон-бæрæгæй базоныны тыххæй сæхимæ фыстæг ныффыссын. фæлæ уыцы хахуыр фыстæг куы райста, уымæн йæ дыккаг бон фæцæф æмæ йын фыстæг арвитыны амал нал фæцис. Бон изæрмæ-иу талынг ныккæнды иунæгæй хъуыды кодта йæ дарддæры хъысмæтыл. Фронты сæрты ахизын ын нал бантысдзæн, фæлæ æндæр исты фæнд æрхъуыды хъуыд. Уый куыд хъуыды кодта, лфтæмæй ма знаджы фæсчъылдымы исчитæ баз- задаид. Уыдонимæ йæхи сбæтдзæн ам, фæсчъыл- дымы дæрæн кæндзæп знаджы. Иу æхсæв та йæм хъæдгæс куы фæзынди, уæд ын йæ фæнд радзырдта. Хъæдгæс ын загъта, хъæды партизанты къорд кæй фæзынди уый. æмæ куыддæр сдзæбæх уа, афтæ йæ уылонмæ кæй фæхæццæ кæн- лзæн. Рацыдис ноджыдæр иу мæйы бæрц. Барис æдæрсгæ цæуын райдыдта. Хъæдгæс бамбарын кодта Барисæн, зæгъгæ, цавæрдæр дзырдхæссæ- джы цыдæр дызæрдыджы разил-базил гæнгæ фед- та йæ хæдзары алы фæрсты. Æмæ тас у, куы фæ- зыной фашисттæ. Уым баззайыны амал нал уыд. ...Уыд фæззыгон талынг æхсæв. Хъæу ныссабыр. Фæсахсæвæртæй ахызт, афтæ хъæдгæс æмæ Барис аивæп дуар бакодтой æмæ рахызтысты кæртмæ. Хæдзары фæстæты дыргъдоныл ахызтысты æмæ фæсфæд рæтты сæ ных сарæзтой хъæдмæ. 143
* * * Тар хъæды къохы æрбынат кодтой партизантæ, æмæ знæгты фæсчъылдым æвæджиау тох райтынг кодтой фыдгулты ныхмæ. Знаг лæбурдта размæ. Æрвыл бон дæр фронтмæ æрвыста ног æмæ ног хæстон тыхтæ. Партизантæ цалдæр хатты бабад- тысты сæ размæ æмæ-иу сын стыр зиæнттæ бакод- той. Бонæй-бонмæ рæзтис партизанты къорд æмæ куыдфæстагмæ ссис, знæгты стыр тасы чи уагъта, ахæм хъомысджын тых. Фашисттæ зылдысты партизанты фæдыл, фæлæ сæ къухты ницы æфтыд. Адæм хъахъхъæдтой сæ сæрылхæцджыты, æххуыс сын кодтой хæринагæй, уæлæдарæсæй. Партизантæн сæхицæн дæр алы хъæуты уыд æууæнкджын адæм. Уыдон сын хъусын кодтой знæгты хæстон тыхты тыххæй. Барис партизанты къордмæ куы бахауд, уæд фыццаг бонты никуыдæм цыд. Фæлæ уæдмæ йæ къах бынтондæр сдзæбæх æмæ цæуын райдыдта разведкæимæ. Иу бон сын сæ разведкæ фехъусын кодта, зæгъ- гæ, æфсæнвæндаджы станцæй ахсæв фронтмæ араст уыдзæн æфсæддон хæцæнгæрзты эшалон. Партизанты командир, бæрзонд, бæзæрхыг лæппу лæг бардзырд радта хæстонтæн, цæмæй æвæс- тиатæй сæхи бацæттæ кодтаиккой. Чысыл фæстæдæр дыууадæс хæстоны фæхицæп сты къордæй æмæ æрбайсæфтысты хъæды тары. Барис уыд разбадджытимæ. Ныр фæндзæм хатт цæуы ахæм диверсион хæс æххæст кæнынмæ. Дыу- уæ азы ис хæсты цæхæры, æндонау бахсыст тохтьк тас нал зоыы. Фыдгул знагмæ хæрамдзинад æй разæнгард кæны цыфæнды зын æмæ тæссаг хъуыд- дагьтл фæуæлахизмæ. Ахæм тæссаг фæндагыл куы фæцæйцæуы, уæд, фыццаджыдæр, йæ цæстытыл ауайынц йæ мад Магдан, йæ кæстæр хо Анастаси, йе ’фсымæртæ Гаврил æмæ Гавруш. Цалынмæ ма хæцæг æфсадимæ уыд, уæдмæ-иу арæх иста Анас- тари æмæ Гаврилæй фыстæджытæ. Фæлæ хæсты райдианæй фæстæмæ Гаврушæй ницы бæрæг хъусы. 144
Æрвылхатт-иу йæ зæрдьгл æрбалæууыд Заретæ, йæхи нымæр-иу ын ныфсытæ авæрдта: «Бафæраз ма, мæ дунейы рухс, тагъд фæуыдзæн хæст, æрæ- здæхдзынæн æмæ иумæ ацæудзыстæм ахуырмæ». Фæлæ ныр ныддур йæ зæрдæ. Уыцы хахуыр фыстæгыл кæд уыйбæрц нæ баууæндыд, уæддæр ын йæ зæрдæйы цыдæр дызæрдыгдзинады фæд ныууагъта. Цæуынц кæрæдзийы фæдыл тар хъæды иу къах- вæндагыл. Æрхызтысты хъæдæй æмæ сæ ных са- рæзтой æфсæнвæндаджы хиды ’рдæм. Иу ран æр- лæууыдысты, атæрхон кодтой. Уалынджы йе’мбæлт- тæй фæхицæн Барис. Талынджы б.ахъуызыд хъахъ- хъæнæгмæ. Хъахъхъæнæг æрбахæстæг. йæ улæфт баурæдта Барис... Хъахъхъæнæг куыддæр иуы- рдæм фæзылдл афтæ аирзæй фестад, немыцаджы дзых æрцахста æмæ йын йæ фæсонты кард ныс- сагъта... Æвиппайды хиды бын минæтæ æвæрыныл фесты. Рельсытæ сæхимидæг цыдæр зæлланг райдыд- той. Дæлийæ æрбайхъуыстис тæфласы нæтын. Бæрæг уыд уæззау уæргътæ каэй ласы... Тагъд æрбахæстæг уыдзæн, партизантæ цырд архайынц. Иу километры дæрддзæгмæ æрбахæстæг. Æгомыг уаст ныккодта... Минæтæ æвæрд фесты хиды бын. Стæй хидæй фæхицæн сты сау æндæрджытæ æмае æхсæвы тары айсæфтысты. Иудзæвгар ауадысты партизантæ æмæ чысыл обауы фæстæ æрæмбæхстысты. Раст уыцы рæстæ- джы уæззау цæлхыты гыбар-гьгбур ссыди хидыл æмæ йæ уæлвæд фехъуыст æвæджиау нæрд. Хид стыдта. Тæфласы рельсытæй иуфарсырдæм ап- пæрста, афæлдæхт, йæ фæдыл ахаста вагæтты, Ва- гæттæй иу цалдæры разьшд хæлæн æрмæг, срæ- мыгътой æмæ эшелонæй кæрæдзийыл ницыуал фæхæцыд. Партизаытæ æдасæй æрбафардæг сты фæстæмæ. Иу бон зæронд хъæдгæс фæхабар кодта, зæгъ- гæ, хъæумæ æрбацыд немыцæгты æфхæрæг къорд. Фашисттæ æртымбыл кодтой хъæууонты, рæнхъ сæ слæууын кодтой æмæ алы дæсæм адæймаджы фехс- 10. Дзигойты Г. 145
той. Фашисттæ агурынц партизанты, фæрсьгнц, нæмынц ехсытæй цæрджыты. Домынц, цæмæй сын бацамоной партизанты бынат. Фæлæ хъæууонтæй куы ницы базонын сæ бон бацис, уæд сæ колхозы раздæры стыр мæнгагьуысты хъомтау баокъæрдтой. Сæхгæдтой сыл дуæрттæ æмæ сæм æртхъирæн кæ- нынц, удыгасæй сæ мæнгагъуысты кæй басудздзыс- ты, уымæй. Хъуыддаг уыд тæссаг æмæ æнхъæлмæкæсæн нал уыд. Партизанты командир бардзырд радта, цæмæй хæстонтæ æвæстиатæй сæхи тохмæ бацæттæ кодтаиккой. Хур аныгуылд, афтæ къорд араст ис хъæумæ. Немыцаг фашистон сырдтæ хæсты фыццаг бон- ты æнхъæл уыдысты, ома иу цæфæй ныддæрæн кæндзыстæм советон æфсæдты æмæ суанг Уралы онг бацахсдзысты Уырысы зæхх. Фæлæ знаджы йæ фæндтæ фæсайдтой. Советон адæм сыстадысты ты- хæйисджытьг ныхмæ æмæ знагæн йæ фæндты йæ хъуыры фæбадын кодтой. Хæсты фыццаг бонты Советон Æфсады бахъуыд бæстæйы ныгуылæн районты рæстæгмæ ныууадзын. Фæлæ уьгцы территори дæр знагæн æдас нæ уьг- дис. Алы ранæй дæр йæ мæлæт, аууонау, зылди йæ фæдыл. Знаг рæстæгмæ цы территори бацахста, уьгм фæзындысты партизанон къордтæ æмæ знагæн йæ фæсчъылдым кодтой ахъаззаг цæфтæ. Уый тæххæй немыцаг командæкæнынад бар- дзьгрд радта партизанты къордты кæмдæриддæр скуынæг кæныны тыххæй. Рахицæн æрцьгд сæрма- гонд æфхæрæг къордтæ партизанты ныхмæ. Ахæм æфхæрæг къорд æрвыст æрцыд Велйколуцкы рай- онмæ дæр.Æфхæрæг къорд æрбынат кодта Липæты хъæуьт. Карз æмæ æгъатыр уыдысты фашистон æфхæрæг къордтæ. Сыгътой æгас хъæуты, мардтой æнæаххос цæрджыты. Æрдæгæхсæвмæ æввахс партиванты къорд æр- хæццæ хъæугæронмæ. Разсгарджытæ аивæй ба- хъуызыдысты æмæ амардтой немыцаг хъахъхъæн- джыты. Стæй æрхъула кодтой, знæгтæ кæм æрбы- 146
лат кодтой, уыцы хæдзарыл æмæ йыл гранаттæ баппæрстой. Немыцæгтæй бирæ фæцагъд, фæлæ иннæтæ æд хæцæнгæрзтæ рагæппытæ кодтой. Хæст бацайдагъ. Партизантæ скуынæг кодтой знæгты. Амард сæхи æмбæлттæй дæр, И(у цалдæр та дзы цæфтæ фæцис. Бонмæ бирæ нал уыд, афтæ тох ныссабыр. Парти- зантæ ссæрибар кодтой, фашисттæ удыгасæй ба- судзынмæ кæй хъавыдысты, уыцы æнæаххос хъæу- уонты. Хъæууонтæй хæцæнгарз хæссынхъом чи- дæриддæр уыд, уыдон иууылдæр ацыдысты парти- ^аштимæ. 10 Иу хатт разведкæйæ æрбацæйздæхт Барис йе ’мбæлттимæ. Фæндагыл æнæнхъæлæджы хæрх- æмбæлд фесты знæгтыл. Уыд талынг. Хæст сын ба- цайдагъ. Бирæ сæ нал хъуыд знæгты æхсæнты сæхицæн фæндаг айгæрдынмæ, афтæ Барисы цонг ныддыз-дыз кодта. Бамбæрста йæ цонг кæй фæ- цæф æмæ" æнгуылдзтæн автоматы къæпсыр æрба- лхъивын йæ бон кæй нал у, уый. Йæ фарсылдарæн кардмæ фæлæбурдта, фæлæ йæ уæдмæ фашистон салдат фæстæты цæмæйдæр ныххафта æмæ уæд ницыуал базыдта. Барисы æмбæлттæй уыцы тохы дыууæ фæмард, дыууæйæн та аирвæзын бантыст. Барис йæхæдæг цæфæй бахауд знæгтæм уацары. Ныккæнды уазал умæл сыджытыл дæлгоммæ хаудæй лæууы Барис. Нырма не ’рчъицыдта. Чы- сыл раздæр ыл фарста кодта немыцаг афицер. Фæ- лæ сын куы ницы загъта, уæд æй æгъатыр над фæ^ кодтой. Барис бауадзыг æмæ йæ æрдæгмардæй ныккæнды баппæрстой. Уæдæй нырмæ дыууæ саха- ты бæрц рацыд, фæлæ йе ’муд нæма æрцыд. Фæзынд немыцаг салдат, ведрайы дзаг дон æрбахаста æмæ йæ Барисы сæрыл ауагъта. Барис нæ фезмæлыд. Немыцаг къахæй стъæппытæ кодта Барисы, фæлæ та æнæхъуаджы. Салдат ацыд æмæ афицерæн фехъусын кодта хабар. 147
Бæрзонд бурдзалыг афицер йæхи -æрцæттæ кодта фарстмæ, фæлæ хабар куы фехъуыста, уæд хорзау нал фæцис. Ныр дыууæ мæйы бæрц зилы партизанты фæдыл, фæлæ йæ къухы ницы æфты. Æнæнхъæлæджы куы иу ран, куы иннæ ран, бын- тон æнхъæл кæм нæ вæййы, уым фæзынынц пар- тизантæ, стыр зиæнттæ ракæнынц æмæ та фæтары вæййынц. Уæлдæркомандæкæнынад ын бахæс код- та цыфæнды амалæй дæр партизанты скуынæг кæ- нын. Ныфс ын бавæрдтой йæ чин фæбæрзонддæр кæнынæй æмæ хорзæх райсынæй, кæд æмæ мæйы æмгъуыдмæ партизанты скуынæг кæна, уæд. Фæлæ ныр дыккаг мæй дæр аивгъуыдта æмæ нырма йæ къухы ницы бафтыд. Йæ хицæуттæй хорзæх нæ, фæлæ æрæджы æф- хæрд райста. Ноджы йæм бартхъирæн кодтой, рæх- джы бардзырд куы нæ сæххæст кæна, уæд æй фрон- ты раззаг хахмæ кæй арвитдзысты. Йæ нæуынон фестадысты партизантæ. йæ къухты куы бахауик- кой, уæд сæ маргæ нæ, фæлæ арты басудзид. Æииу фронты тох кæнын уымæ æнцондæр кæ- сы, лæг уыны йæ ныхмæлæууæджы, фæлæ ам бæ- рæг нæу фронт æмæ фæсчъылдым кæцыран сты. Бынтон æнхъæл чердыгæй нæ вæййы, уыцы ’рды- гæй йæм фæзыны фыдбылыз. Дыууæ боны размæ æфсæнвæндаджы станцæй арасти фронтмæ æф- сæддон эшелон Гитлеры равзаргæдæр æфс.æддон хæйттæй. Семæ уыд сæрмагонд æфсæддон хай, эшелон чи хъахъхъæдта. Поезд цалдæр минуты йедтæмæ станцы лæугæ дæр не ’ркодта, фæлæ ма; радз зæгъ, станцæй иудзæвгар рауад æмæ минæтыл ныппырхис. Вагæттæ афæлдæхтысты, салдæттæй дзæвгар фæмард, чи ма дзы баззад, уыдон та фронтмæ арвитыны бæсты фæсчъылдыммæ, рын- чындонмæ ласинаг фесты. Нæ, хъуамæ сдзурын кæна уыцы уацайраджы. Ууыл баст у йæ дарддæры хъысмæт, йæ карьерæ. Дæгъæл ссардта, фæлæ гуыдыр бакæнын хъæуы. Ныр салдат куы фехъусын кодта, уацайраг над змæлы, зæгъгæ, уæд йæ хуыз аныхъхъуырдта. Куы амæла, уæд йæ къухты ницыуал бафтдзæн. 148
Нæ, нæ, хъуамæ ма амæла, цалынмæ нæ загъта, партизантæ кæм сты, уый. Йæ бынатæй цæрдæг фестад, фæсидт дохтырмæ æмæ иумæ ацыдысы ныккæндмæ. Дохтыр Барисы пульс басгæрста, пульс нырма кусы. Судзин ын сарæзта æмæ бафæдзæхста афицеры, нырма йæ куыд нæ бахъыгдарой, афтæ. Фашисттæ рацыдысты æмæ сæ фæдыл фидар рахгæдтай дуар. Уацайрагæн кæд алидзынæй тас нæ уыди, уæддæр дуаргæрон æдасдæры тыххæй хъахъхъæнæг баурæдтой. Уазал ныккæнды æрчъицыдта Барис. Йæ буар артау сыгъд. Йе уæнгтæ афтæ тынг рыстысты æмæ йæм исдуг афтæ фæкаст, цыма йæ чидæр куыройы фыдты ’хсæн ныппæрста æмæ йæ цъæлтæ кæны. Фыццаг нæ бамбæрста, цы фыд ыл æрцыдис, уый. Ныккæнды йæ цæст дыууæрдæм арахæсс-бахæсс кодта, фæлæ талынджы ницы федта. Æрæджиау æрхъуыды кодта, цы йыл æрцыд, уый. Ацархайдта уæлæмæ сыстыныл, фæлæ йæ бон нæ бацис. Бамбæрста Барис удыгасæй йын аирвæзæн кæй нæ уал ис. Райсом та йæ ногæй кæй фæрсдзыс- ты, фыдудæй та йæ кæй мардзысты, стæй йæ кæй фехсдзысты. Ногæй та йæ цæстытыл ауадысты йæ мад Магдан, йæ хо Анастаси, йе ’фсымæртæ Гав- рил æмæ Гавруш. Мæлæтæй миийаг нæ тæрсы, фæ- лæ йæ бафæндыд йæ мæлæты размæ ма сæ искæй куы фенид. Æниу Заретæ, афтæ бирæ кæй уарзта æмæ сæ уарзондзинад кæйдæр æвзагæй гуырысхойаг кæй ссис. Уæд та ма йын рæстдзинад базонын куы бан- тыстаид, уæд ын æнцондæр уыдаид амæлын. Науæд йæ тохы æмбæлттæ. Куыд сæм батæху- ды кодта, удыгас чи баззайдзæн æмæ уæлахизы бон йæ цæстæй чи фендзæн. Куыд тынг бæллыд Ба- рис хæсты фæудмæ æмæ Заретæимæ иумæ ахуыр- мæ ацæуынмæ. Фæрсдзысты та йæ райсом. Дуармæ дыууæрдæм рацу-бацу кæны фашистон салдат, йæ къæхты уæз- зау унæр хъуысы Барисмæ æмæ йын цыма уыцы 149
уæззау дзабырты гуыпп-гуыпп дзæбугæй хойæгау йæ къæбут кæны, уыйау ын у зын. Райсом Барисы акодтой фарста кæнынмæ. Бур- дзалыг афицеры цæсгом зноны хуызæн æлгъаг нал у. Цыдæр сабыр æмæ тæригъæдгæнæг хуыз æвди- сы. йæ хъæлæс дæр фæлмæн. Барисы куы бакод- той, уæд ын бандонмæ ацамыдта. — Сбад... Барис не сбадт. — Сбад, —дыккаг хатт загъта афицер. Барис та йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Афицер цæстæй ацамыдта салдатæн. Салдат бандон фел- вæста æмæ йæ Барисы бын авæрдта. — Бадгæ скæн. Демæ мæ стыр ныхас ис, æмæ уыйбæрц лæууын дæ бон нæ бауыдзæн. Æцæг дæ знон тынг бафхæрдтам, фæлæ мах аххос нæ уы- дис, дæхи æгæр ныммадзура кодтаи. Æмæ дæхæ- дæг зоныс... — Мæн сымахимæ ницы дзуринаг ис, — са- бырæй загъта Барис. — Ницы мæ фехъусдзыстут. Зонын, ардыгæй мын удыгасæй ацæуæн кæй нæ ис, æмæ мауал фыдудæй марут уæхи дæр æмæ мæн дæр. — 0, уанцон нæу. Мæлæт æнцон зæгъæн у. Фæ- лæ лæг райгуыры иу хатт. Дыккаг хатт æм ахæм стыр хорздзинад нал æрхауы. Æмæ йыл дзæбæх ахъуыды кæн. — Ахъуыды кодтон, господин афицер. Иу хатт райгуырдтæн æмæ иу хатт мæлгæ дæр акæндзынæн, гадзрахатæй рацæуон æмæ дыккаг хатт амæлон, уый мæ нæ фæнды. Фæлæ уæ хъуыддаг кæнут. — Тагъд ма кæн, алцæмæн дæр кæрон уыдзæн. Акæс ма, цы диссаджы райсом у. æмæ йæ сом мий- йаг куынæуал фенай, æвзонг куы дæ, нырма дын цард разæй куы ис... — Фæсмон нæ кæндзынæн. Æгады цардæй мæ- лæт хуыздæр. Афицеры цæсгом гæзæмæ фæтар, йæ къухты æнгуылдзтæ кæрæдзи мидæг акодта æмæ райдыдта: Цæй, уæдæ, хæстæгдæр — хъуыддагмæ! Чи дæ? Дæ ном, дæ мыггаг!.. 150
— Салдат. — Зонын, фæлæ кæцы хайæ? Кæм сты де ^мбæлттæ, сæ бынат, сæ нымæц? Кæм æмбæхсынц партизантæ? — Ницы мæ фехъусдзыстут. — Æмбарын дæ, фæлæ æндæр гæнæн. нæй. Æниу сæ мах æнæ дæу дæр зонæм, де ’мбæлттæй бирæтæ нæ къухты сты, уыдон æппæт дæр загътой. Дæуæй зондджындæр разындысты, уымæн æмæ сæ фæнды цæрын æмæ сын мах дæр лæвар кæнæм цард. Фæлæ мæ фæнды демæ ноджыдæр баныхас кæнын. Зæгъ партизанты æмбæхсæн бынат... — Хъæды? — цыбыр дзуапп радта Барис. — Кæцыран? Хъæд æнæкæрон у! — Ау æмæ уын сæ кæд ме ’мбæлттæ загътой, уæд ма мæн та цæмæн фæрсыс? — Базонын нæ фæнды раст дзырдтой, æви нæ. — Кæд дын исты загътой, уæд, æвæццæгæн, раст дзырдтой. Дьиккаг хатт ма сæ ноджыдæр ба- фæрс. — Цæй ныууадзæм дзæгъæл ныхæстæ, — фæ- карздæр афицер. — Зæгъ мын æмæ дын дзырд дæттын: стыр хæрзиуджытæ райсдзынæ... — Мæн мæ райгуырæн бæстæйæ стырдæр хæрзиуæг ницы хъæуы. Æмæ фесæфут ардыгæй! Цæмæн нæм æрбалæбурдтат?! Ны уæ хъæуы ма- хæй?!. — Хъуыдис афтæ, немыц тыхджын у. Герма- нæн зæхх цъус ис, Уæрæсейы та бирæ æмæ мах дæр цæрын хъæуы, ныртæккæ дæу куыд хъæуы, афтæ. Зæгъ кæм сты партизантæ! — Загътон уын мæ фæстаг ныхас, ницы мæ фехъусдзыстут... Бирæ фæрафæрс-бафæрс кодта афицер Барисы, фæлæ Барис куы ницы загъта, уæд та йæ ахъаззаг фæнадтой æмæ та йæ уадзыгæй ныккæнды бап- пæрстой. Æртæ боны фыдудæй мардтой Барисы, фæлæ сæ къухты куы ницы бафтыд фашисттæн, уæд ын æрцауындзыны фæнд скодтон. Дыккаг бон райсомæй хъæуы астæу ауындзæны 151
цурмæ бынæттон цæрджыты æрымбырд кодтой. Хъуамæ уыдон цур æрцауындзой Барисы. Афицер бæрзонд лæууыд æмæ æнхъæлмæ каст кæд æрбакæндзысты уацайраджы. Уалынджы салдат удаистæй æрбахæццæ æмæ фе- хъусын кодта, уацайраг ныккæнды кæй нæ уал ис^ уый. Афицер цæф арсау ныббогъ кодта æмæ атын- дзыдта ныккæндмæ. Ныккæнд уыд афтид, æттийæ æхсæв цы хъахъхъæнæг лæууыд, уый Барисы бæс- ты мардæй лæууыд умæл сыджытыл. Йæ фæсонтæ уыдысты кардæй цæф æмæ æттæмæ йæ туг схъардта. Хабар афтæ рауад æмæ æхсæвы партизанты разведкæ немыцæгты дарæсы баирвæзтысты хъæу- мæ. Ныккæнд цьг салдат хъахъхъæдта, уымæ цыдæр гæххæтт радтой, ома ахст уацайраджы фехсынмæ æрвыст сты æмæ ныккæнды дуæрттæ куыд бакæна. Салдат талынджы рæстмæ нæ рахатыдта партизан- ты. Дуар бакодта. Раст уьгцы рæстæджы кард йæ фæсонты ныссагъд. Партизантæ ныккæндæй ахас- той Барисы æмæ æхсæвы тары аивæй ахъуызыдыс- ты хъæуæй. 11 Иу мин фараст.сæдæ цыппор цыппæрæм азы уалдзæджы Гаврил æрыздæхтис æфсадæй. йæ ра- хиз цонг ын знаджы нæмыг бахъыгдардта æмæ хæцæг æфсады рæнхъыты кæй нал бæззыд, уымæ гæсгæ йæ æфсадæй бынтондæр ссæрибар кодтой æмæ йæ рауагътой йæ райгуырæн уæзæгмæ. Стыр цин фæкодта Магдан йæ зæнæджы хис- тæр Гаврилы æрыздæхтыл. Хъæубæстæ æрæмбырд сты æмæ уыдон дæр Магданимæ цин кодтой Гав- рилыл. Гаврнл иу мæйы бæрц баулæфыд йæ мады цур, стæй ацыд горæтмæ. Немыцаг фашистон абыр- джытæн Советон Æфсад кæд æмæ ахъаззаг цæфтæ фæкодтой, уæддæр нырма знаг тæссаг æмæ æгъатыр уыд. Уымæ гæсгæ Гаврилы улæфынмæ не ’вдæлдис, йæ улæфты æмгъуыды фæудмæ дæр нал фæлæууыд 152
æмæ йæ хæсты фыццаг бонты цы заводæй акодтой, уым фæстæмæ райдыдта кусын. Завод, раздæрау, хъæууонхæдзарадон машинæ- тæ нал уагъта, фæлæ фронтæн цæттæ кодта хæ- цæнгæрзтæ. Маня йæ лæджы æрцыдмæ ног професси райс- та заводы æмæ къухдариуæг лæвæрдта цехæн. Тынг смæллæг, йæ цæстытæ мидæмæ бахаудтой, кæм- дæрты йæ сæры хилты урсытæ дæр фæзынди. Æдзух фæллад, фæлмæцыд æмæ æнæхуыссæг æх- сæвтæ æрвыста Маня хæсты уæззау бонты. Алцы- дæр фронтæн! Алцы дæр знæгтыл фæуæлахизы хъуыддагæн! Ахæм лозунгимæ дыгай сменæты куыстой. заводы кусджытæ. Гаврилы æрцыды хабарæй Маня йæ фыдæбæттæ ферох кодта æмæ ноджы стырдæр хъаруйæ райдыд- та кусын. Гаврил тынг фæхъынцъым кодта йæ кæстæр æф- сымæртæ Гавруш æмæ Барисы æвирхъау хабарыл. Сæ дурзæрдæ фыд сæ дзæгъæлы уæзгуытыл куьг ныууагъта, уæдæй фæстæмæ Гаврил сабитæн уыд æфсымæры бæсты дæр æмæ фыды бæсты дæр. Би- рæ хæттыты-иу сын сæ мад се ’ххормаг басæттынæн æнæбары кæрдзыны къæбæртæ куы авæрдта, уæд-» иу Гаврил йæ кæрдзыны хай æххæстæй никуы ба- хордта, йæ астæуыл-иу æй асаста æмæ-иу æй куы Барисæн радта, куы та æфсымæрты кæстæр хо Анастасийæн. Бирæ хæттыты-иу ныффæллад, йæ бон-иу уæлæмæ сыстын нал уыд, фæлæ-иу уæддæр- йæ кæстæртæн цума никуы загъта, миййаг куы ба- фæллайой, кæнæ куы фæрынчын уой, зæгъгæ, уы- дон бæсты дæр хæдзары куыстытæ йæхимæ райста. Æмæ куыд цин кодта Гаврил йе ’фсымæртæ куы ба- хъомыл сты, Гавруш лейтенанты чины хæсты раз- мæ æд ус æфсадæй куы æрæздæхт, Анастаси меди- цинон институтмæ фæлварæнтæ куы радта, Барис та астæуккаг скъола куы фæци æмæ уый дæр ахуырмæ ацæуинаг куы уыди, уæд. Ради, цин код- та йе ’фсымæрты æмæ йæ хойы амондыл Гав- рил. Æмæ ныр адæймаджы къухы æнгуылдзтæ куы ралыг кæнай, æмæ армы тъæпæн дæвдæгæй 155,
иуыд аззайа, уыйау банкъардта йæхи. Зыдта йе ’фсымæрты æвирхъау хабар бынтон кæй асаста сæ мад Магданы хъару æмæ мад нырма кæд йæхи фи- дар дары, нырма йæ кæд йе стыр мастыл фæмаст кæнынмæ не ’вдæлы, уæддæр сом кæй фæуыдзæн хæст æмæ йæ ныййарæг мадыл кæй æртæфсдзæнис йæ судзгæ маст. Бирæйы фаг нал суыдзæни йæ гыц- ци æмæ йæ уый ноджы фыддæр утхарæй мардта. * $ $ Иу бон Гаврил уыд базары. Базары адæм дыу- уæрдæм хæлбурцъ кодтой. Чи цы уæй кодта, чи та цы. Иу ран æфсæддон дæрдджын цинелтæ, цырыхъ- хъытæ æмæ хæдæттæй æйттæй базар кодтой. Гаврил дзы иу уæйгæнæгмæ фæкомкоммæ. Чи зоны йæм ин- нæты æхсæн йæ хъус не ’рдардтаид, фæлæ уæйгæ- нæг йæ базайраджы афтæ хъæрæй хъардта æлхæн- джытæн æмæ йæ хъæлæс базары иу кæронæй ин- нæмæ хъуысти. — Æмбæлттæ, ме ’мирон зæххонтæ! Балхæнут, балхæнут, тохы цæхæрæй чи æрыздæхт æмæ йæ ри- уæй знаджы чи дæрæн кодта, уыцы салдаты базай- рæгтæ. Ног хæдæттæ, дзыхъхъыннрг хæлæфтæ! Бал- хæнут, балхæнут!.. Гаврил æм куыдхæстæгдæр цыд, афтæ йæм ба- заргæнæджы хъæлæс цыдæр зонгæйы хуызæн кæ- сын райдыдта. Хæстæг æм бацыд æмæ йæм æдзы- нæгæй ньиккасти. Уадидæгæн йæ зæрдæ ныссæххæтг кодта. Уый уыд йæ дурзæрдæ фыд Хъауырбег. Ис- дуг ныхас нал сфæрæзта, стæй йæ афарста: — Цас кæныс мæнæ ацы хæдон? — Зынаргъ нæу, ме ’фсымæры къуындзих, æр- кæс ма, дзыхъхъынног у. Ацы хæдон мыл куы уыд, уæд фондз фрицы джебогъы бырынкъыл систон, мæнæ афтæ... мæ быны-иу къуыдыртæ кодтой. Ацы хæдон хорзæхджын у, æркæс ма, мæнæ мæ хорзæхтæ кæм сагъд уыдысты, уыцы бынæт- тæм, — къæр-къæраг фестади Хъауырбег. — Гъемæ сæ исгæ та кæцы фронты ракодтай, хорз лæг, уыцы хорзæхты? — хиуылхæцгæ йæ афарста Гаврил. 154
Хъауырбег зулмæ скаст Гаврилмæ, хъуамæ йын алывыд акалдтаид, фæлæ куыддæр Гаврилы цæстытæм фæкомкоммæ, афтæ цыма йе ’взагыл фæхæцыд, уыйау йæ цæсгом анцъылдтытæ. — Гъе, уæууæй, гъе, цæмæты æрхаудтай, Хъа- уырбег. Куы йæ зонын топпы хъæр дæр куы нæ фе- хъуыстай, уæд цы худинаг кæныс, йæ тугæй дæуæн цард чи хъахъхъæны, уыцы хъæбатыр хæстонты, йе та дæ хъæбулты ном? Лæг ницы сдзырдта, йæ дзаумæттæ атымбыл кодта, цæхгæр фæзылд æмæ адæмы бардзы æхсæн фæтары. ГаврилæЪ карды рæхуыстау уыд, йæ фыдыл кæй фембæлд, уыцы хабар. Рагæй ферох йæ зæрдæйæ, фæлæ та ныр йæ иу хатты стыр мæстытæ сног сты. Сабыргай разылд æмæ сындæг къахдзæфтæй рацы- ди сæхимæ. 12 Хъауырбег уый æнхъæл нæ уыди æмæ йæ фыр- тыл хæрхæмбæлд фæуыдаид базары. Кæсыс, знон йæ ус картофтæй цы дзаумæттæ баивта, уыдон ба- зары амидæг кодта. Афтæмæй æнæнхъæлæджы фембæлднс Гаврилыл. Гаврилы (куы федта, уый фæстæ нал ныллæу- уыд базары Хъауырбег. Цыдæр ыл æрцыд. Тас! Æмæ ’цæмæй фæтарст йæ фыртæй? Ау, æвзæрæй йын куы ницы загъта, уæд æм афтæ цæмæн кæсы, •цыма зæхх йæ быны фæлæбыры æмæ жæдæмдæр æбæрæг ранмæ сæроæфæны былæй фæхауы. Зæр- дæ риуы нал ары æнцойад. Хæдзармæ бацыд, дзаумæтты къуымпиæ бахста, иæ ус Варичкæ йæм цыдæртæ дзырдта, фæлæ йын йæ ныхæстæй ницы фехъуыста, иннæ уатмæ бацыд æмæ фæлладæй йæхи хуыссæнтыл æруатъта. Цардæй ахъазынмæ хъавыди Хъауырбег, фæлæ дзы цард -йæхæдæг хъулау схъазыд. Уæззау сагъæсты аныгъуылд Хъауырбег. Цы- дæр ын йæ зæрдæ æууылдта, фæлæ цы? Фæсмон? 155
13 О, рæстæг, рæстæг, уæззау рæстæг, куы ныд- даргъ дæ, уæвгæй! Ныййарджыты цæстыты рухс ба- тадис. Уарзон чызджыты æнхъæлмæ кæсынæй чба- зæронд «одт.ай... Магданы хъæбултæй фронты лæгдзинад чи нæ равдыста, æмæ æвдисы, ахæм иу дæр нæ уыд æмæ нæй. Куыд Гаврил, Гавруш æмæ Барис, аф- тæ сæ иунæг хо Анастаои дæр ,йæ риуæй хъахъ- хъæны Фыдыбæстæ. Кæд мединститут æххæстæй каст нæма фæцис, уæддæр йе ’взыгъддзинадмæ гæсгæ ’кусы æфсæддон дохтырæй. Сæрбахъуыды рæстæджы та æрмæст цæфтимæ нæ архайы, фæлæ сисы хæцæнгарз æмæ лæгæй-лæгмæ тох кæны туг- дзых знæгтимæ. Æмæ кæм нæ февзæры Анастаси’ стыр туг кæм ныккæлы, уым мæлæг хæстонты ’хсæн ирон чызг дæр фæкæны утæхсæн. Уый медикон хотимæ феогары цæфты >æмæ сын æххуыс кæны. Æрвиты сæ госпиталтæм æмæ æндæр дзæбæхгæ- нæн бынæттæм. Иу бон га не ’фсæддонтæ знаджы ныхмæ æр- лæууыдысты. Удуæлдай тохты фæстæ фыдгулты стыр тыхтæ фæстяемæ аппæрст æрцыдысты æмæ не ’фсæдтæ размæ абырстой. Анастаси та йæ дыс- тæ басчъил «одта, цæнгты та фæкъæдзгæнæнтæм туджы сæвдылдта, афтæмæй бæтты, æххуыс кæны хæстонтæн. Мæнæ, йе, йæ разы иу сырхæфсæддон, йæ рахиз къух йæ риуыл (æвæрдæй баззадис, аф- тæмæй тугамæхстæй уæлтоммæ хаудæй лæууьь. Анастаси йæм фемдзаст. Æрысгæрста ма йæ, фæ- лæ... Чызг æм кæсы æмæ йæхимидæг зæгъы: «Ныр* ма æвзонг у, æцæгдæр домбай туырд чи уыд, ’ ахæм... О, адæмы сфæлдисæг, ды куыд тæри- гъæдджын дæ?.. Сырд сырды тугæй дардмæ куы лидзы, тæригъæд ын куы кæны... Æмбоионд би- рæгъ нуы у, æмæ уый дæр ие ’мбæлтты куынæ ’ргæвды, уæд адæм адæм куы сты... Иу арвы бын, иу зæхх, ’иу уæлдæфы осуы ’цæрынц... Уый фæстæ йын йæ цанг йæ риуæй райста, йæ дзыпмæ йын нывнæлдта æмæ дзы систа йæ парт- 156
билет. Билетæн йæ тæккæ астæу ахызт знаджы 11ЭЭМЫГ... — Мæгуыр дæ бон, мæлæты сахаты дæр ма чи хъахъхъæдта йæ партбилет... йæ цæсгом... Рахиз дзыппæй та систа фыстæджытæ æмæ къам. Фыстæджытæм нæ, фæлæ къаммæ кæсы Æмæ уыны мард сырхæфсæддоны йæ мад, йæ фыд, йæ ус æмæ йæ дыууæ сывæллонимæ (къамы чъыл- дымыл уыд фыст «счастливая семья Кузнецовых»). ...Уьщы бан хъуыддæгтæ аяицæн сты. Анаста- си æфсæддопы документтæ рахаста. Кæсы, фæстаг хатт æм цы фыстæг ныффыстæуыдис, уый: «Зы- наргъ Иван Паулейы фырт! Райстам дын дæ фыс- тæг... О, райстам æй, фæлæ ма дæм фысгæ цы ныккæнæм, уымæн ницыуал зонæм. Æрмæст дæ бинонтæ: мад, фыд, ус æмæ дæ дыууæ сывæллоны нæ, фæлæ нæ хъæуы змæлæг нал ис. Дур нæм ду- рыл нал баззад... Маст кæндзынæ, фæлæ уæддæр дæхи баурам...» Анастаси ма иу каст нывтæм æркодта, стæй йæ цæссыгтæ æркалдта... ...Æмбисæхсæв та фронты раззаг хахмæ Ана- стасийы бахъуыдис цæуын. Уым мах æфсæддон- тæй баззад тохы быдыры. Хъуыд сын медицинон æххуыс. Афтæмæй та смидæг туджы малы. Бæт- ты, æххуыс та кæны мæлæг сырхæфсæддонтæн. Æрвиты та сæ фæсчъылдыммæ. Мæнæ ма иу чидæр, Анастасийы ныхас фехъусгæйæ, йæ фæстаг тыхтæ уæддæр æрбамбырд кодта, фæлæ йæ бон ницыуал у. Фæнды йæ Анастасимæ иу дзырд скæнын, фæн- ды йæ зæгъын: «Ме-’мбал цæф æфсæддонтæн кæй æххуыс кæныс, уый тыххæй бузныг. Фæлæ нæ ха- тыс, цалдæр къахдзæфы дарддæр дæ дарæг, дæ цард æмæ дæ бон кæй тыххæй нывонд кодтай, уый дын кæй мæлы, æххуысмæ дæм кæй сиды ,æмæ йæ ды кæй нæ хатыс...» Хид фæллад æмæ фæлмæст цæсгомыл лæсæп кæны, афтæмæй Анастаси архайы... æрбалæууыд æндæр цæф хæстоны фарсмæ дæр. О, æндæр цæф лæстон, йæ цæрæнбонты кæй нæ «федта», ахæм... кæ- сы, кæсы йæм æмæ йыл бæстæ баталынг... Йæ 157
тугтæ йын асæрфта. Иу хатт ма йæм лыстæг æр- каст æмæ йыл стæй æрхауд... Афтæмæй Анастаси йæхи къухæй баныгæдта, йæ цæугæ мæсыг кæй хуыдта, цæрынæй кæимæ нæ бафсæст, уьщы Владимиры æцæгæлон бæстæйы. Йæхи къухæй ныффыста æмæ фехъусын кодта лæппуйы яыййарджытæм, йæ мад Магданæн дæр. Магданы хъæдгом зæрдæ та ногæй дудын -рай- дыдта. Зæрдæхалæн хъарджытæм та фехъуыстой Уæлвæзы хъæуы цæрджытæ. Æнамонддзинад æнамонддзинады фæстæ зил- дух кота æфхæрд сылгоймаджы хæдзары сæрмæ. Æнамонддзинад дзы йæ ныхтæ ныссагъта æмæ йын сæрибарæй сулæфыны бар нал дæдты. Æвна- лы йын йæ сулæфæнтæм æмæ й.æ хуыдыг кæны. Ацы хатт бынтондæр бафæстиат кодта Анас- таси фыстæг рарвитыныл. Ногæй та æхсайы мадьг зæрдæ. Ногæй та баризынц цардæфхæрд уæнгтæ. Фæлæ æппæт мæстытæ æмæ сагъæстæ йæ колхо- зонтæн нæ хъæр кæны. Сæумæцъæхæй вæййы колхозы ’куысты уæлхъус. Рæвдз кæны артелът уæнгтьь цæмæй уыдонæй алчи дæр хурыскастмæ уа быдыры, фермæйы æмæ æндæр куыстыты. Æр- мæст колхозы сæрдар Магдан нæ, фæлæ артелы æппæт уæнгтæ дæр уромынц алы зындзинæдтæ æмæ мæстытæ. Уынынц бонæй-бонмæ сæм æввахс- дæр кæй кæны циндзинад. Уынынц сырд цы лæ- гæтæй ралæст, уыцы лæгæты алыварс цъæх арт пиллонæй кæй судзы. Зонынц хæсты нæ адæм уæ- лахизæй кæй баззайдзысты. йе, ахæм хъуыдытимæ колхозы ахъаззагдæр тых, сылгоймæгтæ æмæ зæр’æдтæ сæ тыхыл нал ауæрдынц. Анастаси дæр Берлины сисыны хъуыддаджы йæ уд рауæлдай кодта. Фæстаг бонтæ, фæстаг са- хаттæ... Стыр мæстыты фæстæ зæрдæмæ циндзинад йæ риу байгом кодта æмæ йæ хъавы ныхъхъæбыс- кæнынмæ. Фæлæ та амонд йæхимидæг хинæйдзаг худт бакодта... Знаджы бомбæтæй сæ иу уæлахи- зы къæсæрыл Анастасийы дæр чердæм фехста, уый рахатæн нал уыдис. 158
О, рæстæг, рæстæг, туг æмæ цъæх арты рæс- тæг... тæригъæдджын рæстæг... Куыд батагъд код- тай цардæфхæрд сылгоймаг Магданы зæнæгыл!? Æртæ домбай хъæбулы, йæ чындз æмæ сæ саби, йæ уарзон сиахс... Æхоæз адæймаджы иу æнамонд хæдзарæй... Æхсæз адæймаджы æхсæз цъиуы лæппыны куынæ сты миййаг... Магдан йæ цард- цæрæнбонты бирæ бинонтæ, дзаг хæдзармæ куы бæллыдис, уæд ын сæ, æртхутæгау, цы ныффалгæ- рон кодтай?.. О, рæстæг, рæстæг... Тæригъæдджын бонтæ... Кæсут, Магдан цыма хæлæф фæкодта, уыйау сæ хъæуы уæлмæрды астæу æхсæз цырты куы ныс- сагъта... * * * 1945 аз. 9 май. Фæцис хæст. Адæмы цинæн нал ис кæрон. Сулæфыд æрдз. Хъæлдзæг, уæлахиздзи- нады улæнтæ хæссы рог уæлдæф. Хъæуæй-хъæумæ, сыхæй-сыхмæ, хæдзарæй-хæдзармæ фæйлауæнтæ кæнынц цины улæнтæ. «Фæцис хæст! Уæлахиздзинад мах у!» Ацы уар- зон ныхæстæ Райгуырæн бæстæйы цы къуымы, цы хæдзары нæ азæлынц, ахæм къуым, ахæм хæдзар иу ран дæр нæ баззад. — О, адæм, адæм, уæ циндзинад уын цæуыл абарстæуа? Денджызыл? Нæ, æмæ уый денджызæн тых- джындæр куы у! Денджызы улæн цы у адæмы ци- ны улæнты цур? Хурыл? Мæй æмæ стъалытыл? Нæ, уыдонæй дæр адæмы циндзинад бæрзонддæр æмæ стырдæр куы у!.. Фæцис хæст! Уæлахиздзинад мах у!.. Ацы дзырдты чысыл мæргътæ дæр цъыбар- цъыбургæнгæ цинимæ куы зарынц, афтæмæй уæл- дæфы куы исынц бæрзрнддæр сæхи, сæ циндзинад куы хæссынц æнусон цъитиджын урссæр хæхтæм! Заргæ фенкъуыстысты стыр фурдтæ. Худынц хæхтæ, кæмттæ, хъæдтæ... Райынц райдзаст колхозон быдыртæ! Худынц денджызтæ. Худы хур, мæй æмæ стъалытæ! 159
Авд хойы уæларвон тыгъдæджьг асимынц ка- фзен фæзы кæрæтты. Фæцис хæст! Заретæ æмæ Барисы æнгуз бæ- лас дæр фырцинæй базмæлыд. Йæ цæнгтыл бæр- зонддæр схæцыд æмæ дардмæ фæлгæсы. Æнхъæл- мæ кæсы, йæ чысыл къухтæй йæ чи ныццарæзта, æхсæруисы къалиутæй йын æмбонд чи сбыдта, фæстаг хатт ма йæ (быны уарзон Заретæимæ адж- джын ныхæстæ чи кодта, уыцы æгъуыстаджы Ба- рисы æрыздæхынмæ. Фæлæ уый никуы зыны. Фæцис хæст, адæм стыр тохæй здæхынц сæ хæ- дзæрттæм, фæлæ та уæддæр никуыцæй зынынц Магданы хъæбултæ. Нæ дæр Гавруш, нæ дæр Ба- рис, нæ дæр Анастаси æмæ нæ дæр сæ уарзон сиахс Владимир. Анастасийæ ма æртæ мæйы размæ фыс- тæг райста, фæлæ йæ фыстæгимæ иумæ цыди сау гæххæтт дæр... Хæст фæцис! Фæлæ нæма -банцад Магданы зæрдæ йæ риссынæй. Æрмæст ма уæддæр айнæг хохау ныффидар кодта йæхи. Нырма йæ адæмы иумиаг хъуыддагæй йæхи мастмæ не ’вдæлы. Уро- мы йе стыр фыдохты. Хæст фæцис æмæ æрыздæхтысты сæ хъæубæс- ты равзаргæ фæсивæдæй бирæтæ. Æрыздæхт Хъызылбег дæр... Ныр Магданы рыст зæрдæ чы- сыл фæрогдæр. Колхозы хъуыддæгтæ радта уымæ. Ныр æй æвдæлдзæн, цасдæр рæстæджы йын йæ зæрдæ сау за’лиаг калмау цы маст æууылдта, уы- мæн кæрон скæнынмæ. ...Мад-иу зæронд тулдзау фыццаг йæхи фидар дардта, фæлæ ныр нал уромы йæхи... Нырризы къахæй-къухмæ. йæ тæригъæдæй зæхх скъуыдтæ кæны... Фæхъомыл кодта хъæбулты æмæ ма йын дзы хæстæй æрыздæхт æрмæстдæр иу. Иннæты сау мæлæт ингæнмæ фæхаста. Йе рагъæй нал хауынц йæ саутæ. Æттæмæ арæх нал цæуы. Стæм хатт ма уынджы куы фæзыны, уæд дзы хъæубæс- тæ кæнынц æфсæрмы. Алчи дæр æм æрлæууы æмæ йын йæ сæрæй ныллæг акувы. Йæ тæригъæдæй уыдон зæрдæ дæр баризы. Афтæмæй Магданы м’аст ссис æгас хъæубæстæн иумиаг. 160
Баззад саударæг ныййарæг йæ хæдзары аф- тид къуымты. Йæ хъæбултæ цъиуы лæппынтау апæррæстытæ кодтой сæ ахстонæй æмæ дзы иу- нæг йедтæмæ фæстæмæ ничиуал æрыздæхт. Уый дæр ис горæты æмæ кæд арæх абæрæг кæны йæ ныйнарæджы, уæддæр мады рыст зæрдæ æрынцой нæ ары. Гаврил æй кæны горæтмæ, фæлæ йын нæ комы, «Мæ хъæбултæ, сонтæй уæ къах цы уынджы æрæвæрдтат, уыцы уынджы хъуамæ æрцæуа мæ мæлæт». Мад ахæм дзуапп ралды Гаврилæн. Фæцис хæст!.. Фæлæ Магданау Заретæйæыдæр уыцы æвирхъау хæсты кæрон нæма аокъуыд, ба- тад, бафæллад æнхъæлмæ кæсынæй. Зынгхуыст фæцис Барис, фæлæ Заретæйы стыр маст нæ ас-4 къуыд, æмæ йын никæд дæр аскъуыйдзæн.^Барисы æнамонд хабар куы æрыхъуыст, уый фæстæ йæм Фаризæт æрбацыд æмæ йын радзырдта Барисмæ 1!ы хахуыр фыстæг ныффыста, уый тыххæй. Чызг фыр фæсмонæй йæхи хордта, ахæм æнаккаг ми- кæй бакодта, уый тыххæй, æмæ хатыр куырдта Заретæйæ. Ацы хабар иууыл зындæр уыд Заретæ- йæн, Барис дзы кæйдæр хахуыр æвзаджы аххосæй мæрдтæм зæрдæхсайгæ кæй ацыд, уый тыххæй. Заретæ сусæгæй-æргомæй фæрсы, тохы быды- рæй чидæриддæр æрыздæхт, уыдон. Фæлæ Бари- сæй бæстон бæрæг ныхас ничи зæгъы. Иу дæр ын ахæм ныфс нæ бавæры, зæгъгæ, «удыгас у», «фед- тон æй», «æрцæудзæн дæм» æмæ та уæд æрхæн- дæг зæрдæимæ бафардæг вæййы сæхимæ... ...Уыцы æхсæв суангдæр бонмæ Заретæ фæбад- тис се ’нгуз бæласы бын. Афтæ йæм каст, цыма æнгуз дæр сидзæрæй баззад. Нырмæйау нал сы- бар-сыбур кæнынц йæ сыфтæртæ. —Нæ, мæ дуне, нæ! Дæ фæстæ мæнæп дæр цард ад нал скæндзæн. Кæд хур йæ фæндагæй фæцуда, уæд мæн дæр исчи фæхицæн кæндзæн дæу æмæ дæ мадæй. Ныхъхъæбыс кодта чызг бæласы зæнджы æмæ йæ мидбынат æдзæмæй баззад, раст цыма бæласы зæнджы бæсты Барисыл ныттыхст æмæ йæ куы 11. Дзигойты Г. 161
суадза, уæд та йæ ногæй фесафдзæн, уыйау æй нал æмæ нал уадзы. Хъуыдытæ йæ ахастой се ’взон- джы бонтæм... йæ цæстытыл уад: мæнæ хъæугæрон Барисимæ дидинджытæ тонынц. Ссардтой æнгуз, ныссагъ- той йæ... Уый фæстæ æнгуз тау суагъта. Барис æмæ йæм Заретæ зилынц... Æнгуз сбæлас... Æр- зади йыл цалдæр æпгузы. Хъуыды ма кæны Барисимæ астæуккаг скъо- ла каст куы фесты, сæ уарзондзинад пиллон ар- тау риуы куы ссыгъди, Барис ын йæ уарзондзинад куы раргом кодта... стæй ацы æнгуз бæласы бып кæрæдзийæн хæрзбон куыд загътой... æмæ лæппу- йы дыккаг бон хæстмæ куыд фæндараст юдтон Магданимæ. Дæлæ хъæурæбын стыр фæндаджы быльи æр- лæууыдысты. Магдан исдуг йæхи фидар дардта, стæй йæ рустыл æртылдысты цæсты сыгтæ. — Фæндараст, мæ зæрдæйы уидаг, дунейы фар- ны бафæндæд, цæмæй мæм фæстæмæ сæрæгасæй æрыздæхай. Фæндараст у, де ’фсымæртæ æмæ дæ хо сау мæлæтимæ лæгæй-лæгмæ хъазуаты кæм ба- цыдысты, уырдæм. Ныфс мæ ис кæй нæ фæхуди- наг кæндзынæ дæ мад, дæ фыдыбæстæйы... Бæр- гæ мын зын у, мæхæдæг дæ тæссаг фæндагыл æр- виты-н. Æмæ дæ фæдзæхсын, ма фæцуд уыцы фæндагæй, ма фæтæрс зындзинадæй, кад æмæ на- мысимæ фæцу кæронмæ æмæ мæм фæстæмæ уæла- хизæй æрыздæх, — Магдан йæ кæлмæрзæны къа- бузæй зулмæ асæрфта йæ цæсты сыгтæ. — Фидар фæлæу, мæхи гыцци, ныфс дæ уæд дæ сæр дын кæй нæ фæхудинаг кæндзынæн... Æн- хъæлмæ мæм кæсут. Уый фæстæ ахъæбыс кодта йæ мады, хæрзбон загъта Заретæйæн æмæ ацыди. Магдан æмæ Заретæ лæууыдысты фæндаджы былыл æмæ цалынмæ Барис нæ фæаууон, уæдмæ йæ фæдыл кастысты. Уыцы хабар йæ зæрдыл æрбалæууыд Заретæ- йæн, афтæ йæм ’фæзынд, цыма, нырма дæр лæууы фæндаджы былыл æмæ кæсы Барисы фæдыл. Дæ- 162
лæ, цыма, фæцæуы Барис, фæцæуы... фæлæ нæ хæццæ кæны... Къæвдайы æртæхтæ хауынц, сыфтæрты сыбар- сыбур райхъуыст... Дымгæ æрбадымдта æмæ æр- тæхтæ æрызгъæлдысты Заретæйы гом цæнгтыл. # * * Тохы быдырæй уæлахиздзинадимæ æрыздæх- тис Хъызылбег дæр. йæ рахиз къахæй чысыл къуылых цæуы, фæлæ йæ уыйбæрц хъыг нал дары. Хъызылбег куыд мидхæсты азты, колхозон цар- ды, афтæ ноджы лæгдзинаддæр равдыста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дуджы. Йæ фæтæн риу æх- гæд у парти æмæ хицауады ордентæ æмæ медал- тæй. Уыдоны ’хсæн цæхæртæ калы фондзтигъон сыгъзæрин стъалы. Кæд йæхи хъæбултæ дæр тохы быдыры дыууæ- йæ баззадысты, уæддæр Магданы хъæбултыл уæл- дай маст фæкодта. Хъызылбеджы æрцыд Магданæн æхсызгон уы- дис. Хъæу сæхæдæг дæр æфхæрд усы уавæрты ба- цыдысты æмæ Хъызылбеджы сæвзæрстой сæ кол- хозæн сæрдарæй. Магдан ма уæддæр куыста фер- мæйы. Зын æм каст уыцы стыр масты фæстæ иуран бадын æмæ йæ сабитæ цы къуым, цы уынджы схъо- мыл сты, уыдонмæ æрхæндæгæй дзыназын. Хъызылбег ногæй æрывнæлдта колхозы куыст- мæ., Ногæй та ныллæууыд йæ раздæры фæндагыл царды ног фæндтимæ. 14 • Иу бон фермæйæ иумæ рацæйцыдысты Магдан æмæ Заретæ. Сæ дыууæ дæр ницы дзырдтой, фæлæ æмбæрстой кæрæдзийы зæрдæйы рис. Барисы сау хабар куы æрыхъуыст, уæдæй фæстæмæ Магдак æмæ Заретæ тынгдæр кæрæдзимæ æрбахæстæг сты. Иу маст, иу сагъæс сæ ноджы дæр кæрæдзийыл сбаста. Магдан хи хъæбулы цæстæй касти Заретæ- мæ. Æмбæрста чызджы æрхæндæг зæрдæ. Куыд тынг-иу цин кодта æмæ-иу цас ныфсытæ авæрдта 163
йæхицæн Заретæйæ. Фæлæ уыцы ныфсытæ бынтои дзæгъæлы фесты. Нал æрыздæхт Барис... Зын уыд Заретæйæн дæр Магданы судзаггаг маст. Архайдта Магданы рыстзæрдæ истæмæй фæ- рог кæныныл. Ныр^дæр та йын хъуамæ исты зæр- дæфидаргæнæг ныхас загътаид, фæлæ дзы иуæй æфсæрмы кодта, аннæмæй та тарсти Магданы йæ хъуыдытæй куы фæиппæрд кæна, уымæй. «Дæхи мауал хæр уæззау сагъæсты, не ’фсин, — сцæй дзы ирвæзт, фæлæ йе ’взагыл фæхæцыд.—Цæй æфсин? Се ’хсæн фидыды ныхас дæр куы нæ æр- цыд, уæд?» — фæлæ йын цыма Магдан йæ хъуыды- тæ бамбæрста, уыйау уæззаугай загъта: — Цы бакæнæм, мæ хъæбул, æндæр амонд нæ нæ фæци. Бæргæ, мæ уд дæр дын уый куы фестада- ид æмæ мæ хæдзары къæсæрæй чындзы номыл куы æрбахызтаис. Уастæн æлгъыст фæуæд хæст рауа- дзæг... Нæ дыууæйы дæр цардхæлд чи фæкодта... Заретæ дзуапп нæ радта, æнæдзургæйæ цыд Магданы фæрсты. Æмбæрста Магданæн куыд зын уыдысты уыцы ныхæстæ, æмбæрста, Магданы зæр- дæ канд Барисы тыххæй кæй нæ хæлы, уый. йæ хъæбултæ Барис, Гавруш æмæ Анастаси. Æртæ фыды йыл æрцыдис, уыдонимæ йæ уарзон сиахс, йæ чындз, сæ саби... Сæ иуæй се ’ниæ зындæр. Сæ иу- , æй се ’ннæ уæззаудæр. Фæлæ уæддæр диссаг у ма- ды зæрдæ. Куыд уромы æппæт уыцы маст. Бирæ зæрдæбын ныфсытæ авæринаг уыд Заре- тæ Магданæн, фæлæ йæ кæуындзæг йæ хъуырмæ схæццæ æмæ йæ бон дзурын нал баци. Дзæбæх æрталынг, афтæ æрбахæццæсты хъæу- мæ. — Цом махмæ, ахсæв мемæ баззай, дæ сæрыл мæ хуыцау æрхæсса. Æхсæв йунæгæй сагъæсты амæттаг фæвæййын æмæ мæ цуры абад... Суанг" фæсахсæвæртæм фæбадтысты Магдан æмæ Заретæ. Магдан æрымысыди йæ чызджы бон- тæ, йæ фыдæбæттæ. — Зын æмæ уæззау уыдысты, мæ чызг, ме ’взон- джы бонтæ. Куы сæ æрымысын, мæ зæрдæ нык^ кæрзы. Хæрз чысылтæ уыдысты мæ сабитæ, афтæ 164
сæ сæ дурзæрдæ фыд дзæгъæл ныууагъта. Мæ уд йæ нывонд нæ хицауадæн, нæ хъæубæотæн, уыдон фæрцы сæ къахыл слæууыдысты... Рацыдысты адæ- мы рæгъы... Ныр сæ афтид аззадтæн. Зонын æй, стыр хъуыддаджы сæрыл сæхи нывондæн æрхас- той... Æмæ канд мæ хъæбултæ зынгхуыст нæ фес- ты... Дæлæ Хъараманы фырттæ цыппарæй нал æрыздæхтысты... Æмæ бæргæ хауы фæрчытæ зæр- дæ... Фæлæ цы бакæнон... уæддæр цæрын хъæуы. Иунæг Гаврил æмæ ма Маняйыл лæууы мæ зæрдæ. уыдон ныфсæй ма цæуын мæ къæхтыл. Ды, дæ нывонд фæуон, æфсæрмы ма кæн, æрба- уай-иу мæм... Куы дæ фенын, уæд цыма мæ зынг- хуыст хъæбул мæ цуры æрбалæууы... Æниу, буз- ныг дæ лæггадæй. Бирæ хорздзинæдтæ дæ зонын, тынг адджын мын дæ, æмæ цалынмæ удыгас уон, уæдмæ мæ зæрдæйæ не схицæн уыдзынæ... — Ныббар мын, — Магдан ныхас куы фæци, уæд къæхты бынæй ныуулæфыдис Заретæ, — ацы æнамонды хабар куы æрыхъуыст, уæдæй фæстæмæ æхсæвы нал иртасын бонæй. Цыдæр сагъæстæ мыи æнцойад нал дæттынц. Æхсæв фыны æдзухæй даер Барисы фæуынын, цыма æрыздæхы хæстæй. Дысон дæр та йæ федтон... Зоныс, цыма, дæлæ фæндаджы былыл лæууыдтæн... Уалынджы иу æнахуыр бæлц- цон. раст хохы йас, æрбазынд. Куыдхæстæгдæр цыд, афтæ йæ ас къаннæгæй-къаннæгдæр кодта. Куы мæм æрбахæццæ, уæд фестад Барис. Æз æм* мæхи баппæрстон. Уый мæм фыццаг зулцхгстæй æрбакаст, стæй йæ тар цæсгом хуры тынау рухс кæнын байдыдта, æмæ мын афтæ: — Æнæхъуаджы м,æм дæ зæрдæ æхсайдта, уы- ныс æрыздæхтæн... Мæ зæрдæ тынг æхсайдта гыц- ци æмæ дæумæ... Уалынджы фехъал дæн... — Уыцы амонд та нæм кæцæй кæсы, дæ нывонд фæуон. Цæй, уæхимæ дæр ма цы цæуыс, ахсæв ам баззай. Заретæ уæттæ æркодта, æрхуыссыдысты. Нæ фынæй кодта чызг. Фыццаг хатт баззадис æхсæ- виуаты, афтæ тынг цы хæдзары къуымтæм фæбæл- 165
лыд æмæ йын афтæ зынаргъ цы бинонтæ фесты, уы- дон хæдзары. Мæнæ ацы уаты-иу æхсæв сынтæгыл æнæхуыс- сæг æхсæвтæ æрвыста Барис, ам-иу ныхас кодта йæ сæнтты Заретæимæ. Улæфыд ацы уаты уæлдæ- фæй, куыд тæхудиаг сты ацы хæдзары дзаумæттæ. Ныр уыдон дæр ныхъхъус сты æмæ æмырæй лæу- уынц. Цымæ-иу цæуыл хъуыды кодта æхсæв Барис иу- нæгæй ацы уаты? Чысылæй-иу мæнæ ацы ран, фыиджы фарсмæ бадгæйæ сæ уроктæ арæх цæттæ кодтой Заретæ æмæ Барис. Уый фæстæ арæхнал цыд ардæм, æцæг- иу æй Анастаси йемæ æрбахуыдта. Куыд диссаджы зæрдæхæлар уыд Анастаси, Заретæимæ кæрæдзийы цæрайæ цардысты. Хъуыды ма кæны, хæсты размæ Анастаси ах- уырмæ куы ацыд, уый размæ Заретæ æмæ Анаста- си уыдысты горæты. Цыдæр дзаумæттæ балхæдтой, дзаумæттæ уыдысты Анастасийы хызыны. Куы æр- бацыдысты сæхимæ, уæд Анастаси байгом кодта хызын æмæ дзаумæтты Заретæмæ дæтгæйæ йæ мид- былты худгæ загъта: — Æниу ма сæ уæхимæ дæр цæмæн хæссыс, тагъд дын сæ фæстæмæ ардæм хæссын куы хъæу- дзæн... Æрдæгæхсæвæй ахызт, фæлæ Заретæйы цæс- тытыл хуыссæг нæ хæцы. Дуармæ цæйдæр унæр фæцыд, срæйдта куыдз. Куыдз уысммæ фæсабыр æмæ ма Заретæмæ æр- байхъуыст йæ хъыс-хъыс. Заретæ исдуг айхъуыста, куыдз йæ хъыс-хъы- сæй куы нæ сабыр кодта, уæд фестад æмæ рудзын- гæй æттæмæ акаст. Æттийæ уыд талынг, фæлæ хо- хы фæстæйæ сцæйтулæг мæйы фæлурс рухсмæ гæ- зæмæ равзæрста кæрты цавæрдæр сау æндæрг кæй лæууы. Куыдз атулы æндæрджы къæхты бын, æн- дæрг æм ныллæг хъæлæсæй цыдæртæ дзуры. Уалынджы куыдз æрсабыр. Æндæрг аразил-ба- зилкодта кæрты, стæй хæдзармæ схизæны асиныл æрбадтис. Иудзæвгар афтæ абадт, хæдзары дуа- 166
рырдæм йæ хъус адардта, ногæй та сыстад, æрлæу- уыд дуары цур æмæ сабыргай бахоста... Цыма йыл топпы нæмыг сæмбæлди, уыйау фес- тъæлфыд чызг. Зæрдæ ныссæххæтт кодта. Чи у? Кæд миййаг къæрных у, гъе, фыдгæнæг, ацы æна- фоны цы ми кæны кæрты æмæ афтæ бæстон цæмæн бæрджытæ кæны алцы? Дыккаг хатт æрбахостæуыд... Æмæ йæ уæлвæд æрбайхъуысти цыдæр тыхст ныхас. Заретæйы хъус- тыл ауад... «дуар бакæн», зæгъгæ. Исдуг асагъæс кодта чызг. Хъуамæ æттаг ха- тæнæй рауадаид æмæ бафарстаид, чи у æттийæ дзу- рæг æмæ йæ цы хъæуы ацы æнафоны, фæлæ кæй- дæр хæдзары кæй ис, уый йæм аив нæ фæкаст æмæ уæд йæ къаба уæгъдæй йæ уæлæ æрæппæрста æмæ райхъал кодта Магданы... — Дуар чидæр хойы... æз акæсин, фæлæ худи- наг кæнын... Магдан боны тынг бафæллад æмæ йыл уай- тагъд хуыссæг фæтыхи. Æниу цыфæнды фæллад уыди, уæддæр-иу æй æрдæгæхсæвмæ уæззау са- гъæстæ фынæй кæнын никуы бауагътой. Фæлæ ацы æхсæв Заретæ уый цуры кæй баззад, уыцы хабар ын йæ зæрдæйы уæззау сагъæстæ уысммæ айрох- кæнын кодта æмæ уайтагъд афынæй. Фестад æмæ дуарырдæм рауад. Ногæй та æрбахостæуыд. — Чи дæ? — хуыосæгхъæлдзæгæй афарста Магдан. . — Æз дæн, гыцци, дуар бакæн. — Чи ды? — ризгæ хъæлæсæй бакодта дгад. — Барис дæн, дæ фырт, æрыздæхтæн, фæлæ дуар бакæн, — æрбайрсъуыстис та дуары æттийæ. Уыцы ныхасæй Магданы уæнгтæ æркалдысты. Къухтæ зыр-зыр райдыдтой. Æвзаг комы арынджы бандзыг. — Барис! — райхъуыст.йæ утæхсæн, — ай фы- ны дæн, æви... мæ хъæбул раджы куы амард, уæд мæ цæмæн утхарæй марыс, гормон... — Нæ, гыцци, нæ, уый æз дæн, тæрсгæ ма кæн. Мад тых æмæ фыдтæй байгом кодта дуар. 167
Тыргъмæ æуыцы иу гæпп ракодта. Цалынмæ Маг- дан уæлæмæ стад æмæ æттиæ дзурæджимæ ныхас кодта, уæдмæ Заретæ рухс ссыгъта. Мад къæсæ- рыл лæугæ æфсæддон дарæсы ауыдта йæ хъæбул^ Барисы. — Мæ хъæбул! — сонт хъæр фæкодта Магдаи æмæ йæ лæппуйы æфцæгыл ацауындзæг. Уыцы хъæрмæ ауазал сты Заретæйы уæнгтæ дæр. Цырагъ йæ къухтæй феуæгъд æмæ зæхмæ ахауд, рухс ахуыссыд. Фыр адæргæй ма цы акод- таид, уый нал зыдта, къуымты ацагуырдта спич- кæйы къопп. Тых æмæ йæ амæлттæй ссардта. Цы- ^рагъæн йæ авг асаст, фæлæ йын йæ фитиль ссыгъ- та. Уаты къуымтæ барухс сты. Тыргъы нйл æмæ нал æнцад йæ хæкъуырццæй Магдан. — Заретæ, дæ сæрыл мæ æрхæссай, — тыргъæй æрбайхъуыст Магданы фæдисы хъæлæс: — ракæс ма мæнæ нын Барис куы æрыздæхти! О, Мадымай- рæм! О, дуне, мæнæ ныл цы хорз æрцыдис, мæнæ? Заретæ! Заретæ цырагъ фынджы сæрыл авæрдта æмæ сæгуытау æуыцы иу тæррæст ракодта æттæмæ. — Барис, мæ дуне! — æваст фæхъæр кодта æмæ Магданæй дæр нал фефсæрмы кодта, афтæмæй ахъæбыс кодта Барисы. Барис хорзау нал уыд, Заретæ уыдонмæ кæй уыд, уый йæ дызæрдыджы баппæрста. Ау, Заретæ чындзы куы ацыд, афтæ йæм куы фыстæуыд фронт- мæ. Уый тыххæй (куынæ рарвыста фыстæг дæр> хæст куы фæци, уый фæстæ. Абон дæр талынгты уымæн куы рацыд горæтæй, цæмæй йæ мачи фена æмæ ма фехъуса Заретæйы тыххæй исты зæрдæсæттæн ны- хас. Мад лæппу æмæ чызгмæ кæсгæйæ баззад... — Заретæ, æмæ ды... ды чындзы... Афтæ мæм куы фыстой. — Уый Фаризæт фыста, йæхæдæг мын басаст„ Фæ^æ ды, ды куыд баууæндыдтæ, гормон? — рай- хъуыст чызджы хæкъуырцц. 188
— Æцæг? Заретæ, мæхи Заретæ! — йæ хъæбы- сы ныккодта лæппу чызджы. Сæрдыгон цыбыр æхсæв уайтагъддæр атад, рай- сом гæзæмæ æрбабон, афтæ хъæубæстыл айхъуыст Магданы сæфт лæппу Барисы æрыздæхты хабар. Адæм сæ хуыссæнуæттæй фестадысты æмæ фæдисы лыгъд кодтой Магдантæм... Стыр куывд сцæттæ кодта Магдан. Горæтæй æр- бацыдысты Гаврил æмæ Маня сæ чысыл лæппу Со- сланимæ. Стыр тохæй чи æрыздæхт, уыдон ыл фæ- цин кодтой, сæ зынгхуыст хæстонтæн та рухс загъ- той. Уыцы аз сентябры райдианы Барис æмæ Заре- тæ иумæ ацыдысты ахуырмæ. Чысыл æрынцад йæ риссынæй ныййарæг мады зæрдæ. Йæ зæрдæйы стыр хъæдгæмттæй иу байгас. Фæлæ нырма зæрдæйы иннæ хъæдгомтæ рис- сынц. Æмæ цæудзысты азтæ, адæм ферох кæндзыс- ты сæ фыдæбæттæ, сæ маст, фæлæ ныййарæг мады зæрдæйы хъæдгæмттæ никуы банцайдзысты сæ ду- дынæй. 15 Хъауырбегæн вокзалмæ цæуын æмæ бæлццæтты хæссинæгтæ хæссын дæр йæ бон нал у. Зæрырдæм æй фыдцард бадомдта. Хъуыды кæны, дарддæр цæ- мæй цæра, ууыл. Æмæ та ногæй йæ хырх йæ дæ- лармы бакодта, зилы уынгты, агуры суг лыгкæни- наг. Лыг кæны суг æмæ уымæй исы æхцайы муртæ. Дары та йæхи. Фæлæ йын ацы куыст ноджы ра- зынд зындæр. Бонизæрмæ уый цахъхъæн лæгæн ми- ты сæр йæ бон кæдмæ у. Йæ цæнгты тых тайы. Уæрджытæ райдыдтой риссын... Иубон та дын Хъауырбег кæмæндæр суг алыг кодта, æмæ рацæуы æд кусæн мигæнæнтæ. Уынджы иу цъус куы ауад, уæд йæ уæрджытæ йæ быны фæ- дыдагъ сты. Æрхауд... Схæцы ма йæхиуыл, фæлæ нал у йæ бон сыстын. Акаст фæйнæрдæм æххуыса- гур, фæлæ уынджы змæлæг нæй. Æрмæст йæ эком- 169
коммæ бæрзондæй фæлгæсы Хъызылбеджы бюст, йæ риуыл Ленины орден æмæ сыгъзæрин стъалы, афтæмæй. Хъызылбег уымæ исдуг кæсгæйæ баззадис, йæ цæстытыл цы фæлм абадтис, уый йæ дæрзæг къу\- тæй асæрфта, йæ армы тъæпæны бынæй ма йæм иу каст уæддæр скодта, стæй зæххыл йæхи ноджыдæр æруагъта, йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ арф хъуыдыты ацыдис: «Уый чи у? Хъызылбег? Æмæ нæ хицауад уы- мæн скодта ахæм стыр кад?»— Стæй та Хъауырбег* йæ цæнгтæ зæхмæ быцæу авæргæйæ, тых æмæ фьг дæй йæхиуыл хæрдмæ схæцыдис æмæ ма йæм уæд- дæр иу каст бакодта, йæхимидæг та загъта: «Амонд аххосджын нæ вæййы. Цард æмæ адæмæй чидæ- риддæр фæиппæрд вæййы, уый кæддæриддæр у æнамонд. Намыс, куыст, фæллой кæныны хъуыд- даг адæймагæй лæг куы аразынц æмæ йæ æз мæ зæры бон, мæлæтьг къахыл куы ныллæууыдгæн, уæд куы базыдтон...» — æмæ та фæстæмæ йæхи зæхмæ æруагъта. йæ уæнгты тых ноджыдæр ба- тад æмæ афтæмæй лæууыд фæлдæхтæй. Хъауырбегьтл сывæллæттæ нымбырд сты. Кæ- сынц æм- Бирæ йын кæны тæригъæд, фæлæ гын баххуысы сæраппонд сæ бон ницы у. Чи та йын райста йæ хырх æмæ дзы хъазы, лыг дзы кæнынц цыдæртæ. Ацы рæстæджы Гаврил йæ куыстæн фæцæйцы- дис. Уынджы фарсмæ лæджы ахæм хуызы’куы фед- та, уæд машинæ фæурæдта. Æрхызт, кæсы йæм æмæ йæ цыма исчи хъамайæ барæхуыста, афтæ фæ- цис. Базыдта йæ дурзæрдæ фыд Хъауырбеджы... Иæ цæстыты раз февзæрдысты йæ сонты бонтæ... Æрхъуыды кодта, йæ фыды ус сæ æнæтугæр- гæвст куыд кодта, уый дæр. Сегасæй зындæр уы- дис, Хъауырбег иу хатт Нинушкæйы æвзагæй чы- ’сыл Барисы мæлæтдзаг над куыд фæкодта, стæй йын йæ къахыл куыд ныххæцыд æмæ йæ æрдат- мардæй йæ фæдыл куыд ласта. йæ цæстытыл ауадысты сæ къаннæг дзоныгъ- тæ... Миты хъæпæитæ... Йæ чысыл æфсымæртæ.
йæ къухы æнгуылдзтæ æрбалхъывта, йæ цæстытæ ^цъынд кодта æмæ хъуыды кæны: «Цы бакæнон ацы дурзæрдæ лæгæн? Кæм æмæ йыл’ куыд сæмбæлдтæн?.. Ныууадзон æй ам, уын- джы астæу? Йæ зæры бонты дзы мæ маст райсон? Æл\æ уымæй лæгдзинад равдисдзынæн? Нæ! Æв- зæр æвзæрæй ничи фиды! Уадз æмæ зæры ’рцæм. мæлæты боп уæддæр æрхудæд йæхиуыл, — стæй шофермæ фæзылд æмæ йын загъта: — Фæкæс мæм! Гаврил шоферимæ Хъауырбегыл схæцыд æмæ ]1æ рог машинæмæ систой. Баласта йæ хæдзармæ. Ныннадта йæ... Ныссыгъдæг æй кодта... Ныддаста нæ... Иу бон, дыккаг бон æмæ Хъауырбег радзæбæх... Базыдта Гаврилы бинонты, уый зæпæджы. Фыццаг хатт федта йæ хъæбулы хъæбул Сосланы. Фыццаг хатт æрбадтис Хъауырбег йæ зæнæг æмæ йæ зæнæджы зæнæгимæ. Фыццаг хатт йæ дзыхæй схауд «Мæ хъæбултæ». 1952.
(ущж^и
РЕУАЗ УÆЛЛАДЖЫРЫ КОМЫ Адæймагæн ныййарджыты уарзондзинадæй зы- наргъдæр никуы ницы ис, уæлдайдæр сабийы бон- ты. Сабийæн хур æмæ уæлдæф æнæмæнг хъуыддаг куыд сты, афтæ йын æнæмæнг хъуыддаг сты ный- йарджытæ дæр. Фæлæ Гæбæраты Реуаз Несторы фырт та^цы федта ныййарджыты уарзондзинадæй? 1918 азы дыууадæсаздзыд Гæбæраты Реуазæн амардысты йæ ныййарджытæ. Уый стыр æнамонд- дзинад уыдис. Реуазы схъомыл кæныны хъуыддаг сæ къухмæ райстой йе ’фсымæртæ. Советон хица- уады азты ирон зæрдæхæлар хæдзар æмæ Ленинон фæскомцæдис Реуазы æхсидгæ зæрдæмæ арф ай- сын кодтой Райгуырæн бæстæм æнæкæрон уар- зондзинад. Иыййарджытæй сидзæр баззайæг лæппуйы æн- къард зæрдæ барухсис 1928 азы. Уæд Гæбæраты Реуаз бархийæ ацыдис Сырх Æфсадмæ. Реуаз æф- сады рæнхъыты равдыста йе ’взыгъддзинад. Уый æдзухæй дæр хæстон æмæ политикон лхуыры \ы- дис цæвиттойнаг. ...Азтæ ивтой кæрæдзийы. Реуаз дæр рæзтис æ;мæ мæнæ ссис номдзыд капитан. Райгуырæн бæстæйы сæрмæ сау мигътæ лæсын куы райдыдтой, арв æмæ зæхх кæрæдзи куы хос- той, уæд капитан Гæбæраты Реуаз фронтмæ ацы- дис. Германы фашисттимæ, æртын цыппар боны тугкалæн тохты фæстæ, иубон капитан Гæбæрайы фыртæн йæ галиу уæхск фæцæфис. Фæлæ хъæбл- тыр гуырд йæ цæф ницæмæ æрдардта, афтæмæй йе ’фсæддон хайы разæй цыд æмæ дæрæн кодта райгуырæн зæхмæ æрбабырсæг фыдгул чнæггы... Номдзыд капитан Гæбæрайы фырт госпитал- Л75
мæ нæ ацыд, йæ тох нæ ныууагъта, афтæмæй сдзæ« бæх йæ цæф. йæ хæстон хаимæ знæгты ныхмæ то- хы алы бон дæр æвдыста лæгдзинад. Уый тыххæй ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиум аккаг аргъ скодта капитан Гæбæраты Реуаз Несторы фыртæн. Уымæн лæвæрд æрцыдис «Сырх Тырыса- йы» орден. Ацы тохты тыххæй æмбал Гæбæраты Реуаз ма йæ мысинæгты зæгъы: «Уый мæнæн уыдис фыдгул знæгтимæ фыццаг фембæлд. Немыцаг фашисттæ афтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, иу ныггуыппæй Уæрæсейы зæххæн йæ иу кæронæй иннæ кæронмæ агæпп кæндзысты, нæ адæм, не стыр паддзахады йæ зоныгуылтыл æрлæу- уын кæндзысты. Фæлæ фыдгул митæй мæсгуытæ амадта... Йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты. — О, уый уын зæгъинаг уыдтæн, — дзуры дард- дæр Гæбæрайы фырт, — кæд уымæй размæ æфса- ды службæ кодтон, кæд мæм æфсæддон хъуыдда- гæй зын ницы кастис, уæддæр хæст, тугкалæн хæс- ты уæды онг хайад кæй никуыма райстон, уый тых- хæй мæм зындис бынтон æндæргъуызон... Иуæй-иу хатт-иу мæм, цыма,-чысыл сабиты хъазты хуызæн фæкаст... Иуæй-иу хатт та, æцæгдæр куыд уыд, аф- тæ: арты пиллон... туджы зæйтæ... Хæст куы райдыдта, уымæй цалдæр боны фæс- тæ æз фембæлдтæн лæгæй-лæгмæ знæгтимæ. Уæд уыдыстæм Гомелы. Мæнæн мæ дæлбар бакодтой 15 хæстоны æмæ мæ арвыстой Гомелæй цалдæр кило- метры дæрддзæгæн, цæугæдон Птичыл, * знаджы хаестон хотыхтæ базоныны тыххæй. Мах поселок Калиневичмæ бахæццæ стæм æм- бисæхсæв. Хъæусоветы сæрдары баййæфтам бына- ты. Баныхас кодтам йемæ. Фæндыдис нæ, знаг сæм æввахс у, æви нæ, уый базонын. Куыддæр хъæусо- веты агъуысты чысыл æрулæфыдыстæм, афтæ ныл æрхъула кодтой знæгтæ. Фæндыдис сæ, цæмæй нæ уацары акодтаиккой. Нырма уал нæм æрбарвыс- той, немыцмæ чи службæ кодта, иу ахæм уырысса- джы. Уын мæнмæ мæ ном æмæ мæ фыды номæй фæдзырдта, йæ хæдфæстæ сæхи æрæмбæхстой цып- 176
пар немыцаг салдаты. Æз æй хъæусоветы сæрдар æнхъæлдтон æмæ йæм куыддæр æрхызтæн асич- тыл, афтæ мæ фехста. Нæмыг мæ уæхскæй ахызт æмæ мæ фæдылцæуæг, мæ хъахъхъæнæджы риуæй иннæрдæм азынд... Махæн стыр тох сцырын знæгтимæ. Авд немы- цаджы мард фесты, иннæтæ цæфтæй сæхи айстой. Фæхицæн дæн мæ хæстонтæй. Фадат мын нал фæцис уыдонимæ баиу уæвынæн. Де знаг мæнг зæгъæд, фæлæ æз æнхъæлдтон, зæгъын, знаджы къухæй фæцагъды сты мæ хæстонтæ. Æхсæв тугамæхстæй сбон кодтон арф фæззы- гæнды. Æрбабон. Хъæуæй змæлæг нæма зындис. Уалынмæ иу хæдзарæй архызтысты зæронд ус æмæ лæг. Чысыл фæстæдæр скъæтæй рауагътой хъуг æмæ йæ раскъæрынц. Æз сæм бауадтæн, зæронд усæн загътон, цæмæй мын мæ дзыппæй бинт систа- ид æмæ мын мæ уæхск бабастаид. Ус ’мын мæ цæф куыддæр баста, афтæнæм æрбазындис немыцаг ма- шинæ. Чысыл дæрддзæф æрлæууыд, æрхызт дзы дыууæ немыцаг афицеры. Автоматтæ мæм ныд- дардтой æмæ мын загътой: «Радт дæхи! Аппар дæ дамбаца!» Фыццаг хатт федтон афтæ æввахсмæ немыцаг абырджыты... Æз аппæрстон мæ дамбаца, фæлæ уæддæр мæ ныфс нæ асаст. Ома мæ цæф цонгыл хæцын, аивæй мæ тарæй фелвæстон гранат æмæ йæ фехстон, фæшисттæ æдзæм мард фесты. Немыцаг шофермæ наган ныддардтон, уый фæтарст. Æз йæ фарсмæ машинæйыл æрбадтæн æмæ йæ ракодтон уацары, Ныр цæуын хъæуы ’рдæм — ме ’мбæлттæм. Уа- лъшмæ хъæугæрон ауыдтон нæ автомашинæты ко- лоннæйы. Мæ зæрдæ барухсис. Фæлæ хъуыддаг бынтон æндæргъуызон рауад. Мæнæн мæ хъуыды- ны не ’рцыд, махуæттæ немыцаг машинæйы сæхи- мæ кæй нæ бауагътаиккой, уый. Скомкоммæ мæм кодтой пулеметтæ. Æз уайтагъд хъуыддаг базыд- тон æмæ сæм мæ тугæйдзаг къухсæрфæн радард- тон»... 12. Дзигойты Г. 177
Уыцы бон Гæбæрайы фырт йæ хæстон хаимæ сарæзта ноджы ахсджиагдæр хъуыддаг: «Уыд асæст. Знаджы разведкæгæнæг хæдтæха^- джы унæр сæм дардæй æрбайхъуыст. Гæбæрайы фырт йæ хæстонтæн бардзырд радта, цæмæй хæд- тæхæг куыддæр æрбаввахс уа, афтæ йæ райдайой æхсын. Цалдæр минуты фæстæ хæдтæхæг февзæрдис сæ сæрмæ. Гæбæрайы фырт æй йæ хæстонтимæ рай- дыдта æхсын. Хæдтæхæджы бар-æнæбары бахъуыд æрбадын... Ахсджиаг документтимæ уацары раконд æрцыдис немыцаг авиацийы дæлбулкъон, обер- лейтенант æмæ лæвæрд æрцыдысты армийы штаб- мæ. Армийы штабæн та командæ кодта маршал Тимошенко. Æз уый бардзырдмæ гæсгæ уыдтæн уыцы операцийы» дзуры Гæбæрайы фырт. Гæбæрайы фырт ноджы стырдæр сгуыхтдзинад равдыста горæт Рагачевы сæрыл тохы 1941 азы 5-æм августы. Уæд капитан Гæбæрайы фырт коман- дæ кодта 63-æм фистæг сæрмагонд отрядыл. Горæт Рагачевм’æ знаг æрбацæйцыдис стыр тыхтимæ. Фыдгулты æруромыны хъуыддаг бахæс æрцыдис Гæбæрайы фыртæн. Реуаз йæ хæстон къор- димæ знаджы æхсын райдыдта алы ’рдыгæй. Знæг- тæ схъомпал сты... Афтæмæй ма сæм æгас колоннæ- йæ баззадис æрмæстдæр фынддæс салдаты бæрц, иннæтæ скуынæг сты. Знаг ма уæддæр æхста. Ба- тарейы фарсмæ æрхаудис сармадзаны нæмыг. Уый хæлгæ нæ фæкодта, фæлæ сæ йæ дымгæ цыппар хæстонæй змисы бын фæкодта. Гæбæрайы фыртæн ма зынд æрмæст йæ сæр. Йæ гуыр уыд змисы бын. Æхст куы ’рсабыр, уæд æм йæ хæстонтæ бацыдыс- ты... Сæ худтæ систой æмæ йæ разы æнкъардæй æрлæууыдысты... Уалынмæ Реуаз йæ цæстæй чысыл ракаст. Хæстонтæ оцин кодтой удыгас у, зæгъгæ* æмæ йæ арæхстгай къахын райдыдтой... Реуаз цас- дæр рæстæджы фæстæ йæхи æрæмбæрста, фæлæ хъусгæ рæгмæ скодта... Гæбæрайы фырт та йæ тох нæ1 ныууагъта. Гæбæрайы фырт тохы быдыры иу уæлахиздзи- 178
надæй цыдис иннæ уæлахиздзинадмæ- Фæстæдæр йæ отрядимæ тох кодта горæт Тулæйы сæрыл. Уы- цы-тохы тыххæй 1941 азы 30 декабры «Красноар- мейская правда»-йы Пичужкин Е. фыста: «Горæт Тулæйы Хурныгуылæны ’рдыгæй, пос. Рогоженскаяйы кæрон мах уынгты тох кæнын куы райдыдтам, уыцы бон нæ отряд райста, танкæты ныхмæ кæмæй хæцыдыстæм, цалдæр ахæм хæцæн- гарзы. Капитан Гæбæрайы фыртимæ иумæ федтам ахæм хæцæнгарз. Базонгæ стæм. Р1æ арæзт у хуы- мæтæг, базонæн кæмæн ис, ахæм. Æз капитанæн загътон: — Бар мын радт, цæмæй дæм расидон ерысæй: немыцаг танкы чи раздæр фæцæф кæндзæн. Æмæ мын капитан дзуры: — Цæй, цы гæнæн ис, æмбал Пичужкин, бафæл- варæм. Нæ позици уыд скъолайы æртыккаг уæладзы- джы. Фæстæдæр уынджы дард кæрон фæзынд, йæ мæсыгыл дзуар кæмæн уыд, ахæм танк. Уый цыд нæ размæ. Капитан йæхи æррæвдз кодта æмæ æн- хъæлмæ каст. Æз уыдтæн дыккаг номеры бæсты. Капитан ныфсджынæй æхсын райдыдта. Дык- каг фехстæй уый фæцæф кодта танкæн йæ гусени- цæ æмæ æхсæзæм фехсты фæстæ та танк йæ мидбы- наты æрлæууыд — размæ нал аггуырст. Цы нæм- гуытæ йыл æмбæлдысты, уыдон мах хорз уыдтам. Нæмыг кæм æмбæлди, уыцы бынаты цæхæр калд- та арты сырх æвзаг, зынди дзы фæздæг. — Цæй, пыр та дæ рад у, — загъта мын капи- тан. Уыцы бон мæн дæр бахъуыд танкы ныхмæ тох- гæнæг хæцæнгарзимæ акусын, немыцаг танк нæм æрбаввахс 450—500 метры бæрц. Æз хæцæнгарз рудзынджы тарв-азыл æрæвæрдтон æмæ танкы сис- тон милмæ. Фыццаг æхстæй ницы рауад. Ныхмæлæууæг мæ бафиппайдта, фехста ныл æхсæз снаряды, райдыд- 179
та пулеметтæй къæр-къæр кæнын, фæлæ æз фæр- сырдæм бабырыдтæн, мæ позици аивтон. Дыууæ—æртæ æхсты фæкæнæм æмæ та æндæр рудзынгмæ базгъорæм. Æз æхстон. Иууыл сæйрагдæр уыд танкы ныхмæ тохгæнæг хæцæнгарзæн раст бынат ссарын. Фæлæ уæддæр стæм æхсты фæстæ æз дæр немы- цаг танчы æрлæууын кодтон. Нæ йын баххуыс кодта фæздæджы æмбæрзæн дæр». ...Цæрæн пункт Р. сæрыл тохты капитан Гæбæ- райы фырты батальон скуынæг кодта дыууæ фа- шистон танкы, фехæлдта дыууæ сармадзаны, байс- та дыууæ къухын пулеметы, дыууæ автоматы, 60 винтовкæйы, 12 мин гилдзы, скуынæг кодта 70 сал- дат æмæ афицерæй фылдæр. Нæ артиллерийы æх- хуысæй фашисттæ фæстæмæ æппæрст æрцыдысты гюселекæй. Реуаз йæ хæстонтимæ иумæ хъахъхъæдта Тулæ, хайад иста немыцаг тыхæйисджытæй Калугæ ссæ- рибар кæныны хъуыддаджы. Уый фæстæ йæ сны-- сан кодтой, Ворошиловграды цур немыцæгты æвир- хъау атакæтæ фæстæмæ чи аппæрста, уыцы полчъы командиры хæдивæгæй. Сæрды капитан Гæбæрайы фыртæн лæвæрд æр- цыд майоры чин æмæ йын бахæс кодтой полкъæн командæ кæнын... Фыдгул знаг лæсы размæ. Судзы нæ хъæуты, горæтты. Пырх кæньг æппæт. Знаг æрбахæццæ Ирыстоны хæхты рæбынтæм. Йæ маргæйдзаг къах æрæвæрдта Аланты байзæт- таджы æвæджиаг зæххыл. Иры дзыллæ дæр чысы- лæй, стырæй нæ бæстæйы æфсымæрон адæмтимæ иумæ, растади йæ райгуырæн зæхх знагæй бахъахъ- хъæнынмæ. Реуаз æрвыст æрцыд Цæгат Кавказы фронтмæ. ...Ирыстоны æнусон, бæрзонд цъитиджын хæх- тæ... Астæумæ мит... Зæрдæхалæн, цæстытæ къа- хæг дымгæйы къуыззитт... Иу къахдзæфы бæрц æн- дæры ’рдæм æмæ лæг асхъиудта хохæй. Реуаз йе ’фсæддон хаимæ æрлæууыдис знаджы ныхмæ. Гъе, уый тыххæй С. Рижинашвили фыссы: 180
«...Уый уыд Кавказмæ бацæуæнты. Фыццаг рæс- тæджы Гæбæрайы фырты полкъ уыд хъахъхъæда- ды. Хæстон уавæрты командир ахуыр кодта йæ ад’æмы, цæмæй хуыздæр спайда^ кодтаид, хæсты бонты цы фæлтæрддзинад райста, уымæй. Декабры Гæбæрайы фь]рт йæ хæстонты акодта скъуыддзаггæнæг размæбырстмæ. 24-æм бон ма- йор Гæбæрайы фырты командæйы бын полкъ Ала- гирæй фæсырдта немыцæгты æмæ æппæты разæй бацыдис горæтмæ. Немыцаг абырджыты ныхмæ тохы рæстæджы майор Гæбæрайы фырт йæхи равдыста куыд фæл- тæрд æфсæддон хистæр, йæ хæстонты знаджы ныд- дæрчрн кæнынмæ ныфсджынæй чи кæны, ахæмæй. * Уыд ахæм цау дæр, — фыссы дарддæр ав- тор, — æмбал Гæбæрайы фырты полкъ уыд Кавка- зы хæхты кæмттæй иуы. Немыцæгтæ Реуазы пол~ чъы ныхмæ бакодтой дыууæ хатты фылдæр тыхтæ. «Мах нал æхстам,— дзуры æмб. Гæбæрайы фырт.— Мах хъуыди, цы гæнæн уыд, уымæй ныхмæлæууæ- джы нæхимæ æввахсдæр æрбауадзын, цæмæй йæ ныццавтаиккам æндæры ’рдыгæй. Полчъы артил- лерийы йедтæмæ ма мæ дæлбар уыд артиллерион полкъ. Немыцæгтæ æввахс куы æрбацыдысты, уæд мах афæстæдæр кодтам хæстон хъахъхъæнынады ротæйы æмæ тыхæйисджытыл ныккалдтам нæ сар- мадзанты цæхæр. Знæгты бахъуыд фæстæмæ алæу- уын. Ахæм стыр цæф бавзаргæйæ, ныхмæлæууæг сфæнд кодта галиу фарсы ’рдыгæй рацæуын. Мах ыл хинæй рацыдыстæм, цыма нæ тыхтæ акалдтам рахизы ’рдæм. Фактон æгъдауæй та æхсæвы æппæт иæ сæйраг тыхтæ, нæ артиллерийы мах равæрдтам ныхмæлæууæджы тæккæ размæ. Æмæ æртыккаг бон та ныхмæлæууæгæн ныккодтам ахъаззагдæр цæф. Уый фæстиуæгæн байстам æхсæзхæтæлон пулеметы, 36 станкон пулеметы, 60 бæхы, 4 радио- станцы, телефоны кабель, винтовкæтæ, хæстон æр- мæджытæ æмæ æндæр трофейтæ. Ныхмæлæууæгæй амард 600 салдат æмæ афицеры бæрц». Знаджы бахъуыд фæстæмæ алæууын. Гæбæра- 181
йы фырты æфсæддон хайы хæстонтæ нал æхстой. Немыцæгтæ, æвæццæгæн, фенхъæлдтой, зæгъгæ, советон хæстонтæ ацыдысты уыцы бынатæй. ...Æхсæвы æртæ сахатыл хъахъхъæнджытæ фе- хъусын кодтой, зæгъгæ, цæуы машинæты унæр. Майор бардзырд радта, цæмæй унæрмæ сæ хъус дардтаиккой, иунæг æхст дæр ма фæкодтаиккой, афтæмæй. Боны ’рдæм райстой ног зонæн — æрбацæуы дыууæ немыцаг машинæйы. Командир радта ногæй бардзырд, цæмæй хæстон хъахъхъæнджытæ рауа- дзой немыцæгты. Æфсæддон хæйрæгдзинадæй спай- да кæнгæйæ, майор Гæбæрайы фырт немыцæгты æрбацæуын кодта комкоммæ йæ_ полчъы штабы районмæ. Уым сыл фембæлдысты сæ автомашннæ- тимæ... Немыцæгты рахизын кодтой машинæтæй æмæ сæ ахсджиаг документтимæ уацары ракодтой. Алагирæй майор Гæбæрайы фырт ацыд Налцыч- чы ’рдæм, Цыколамæ, Кæсæг-Балхъармæ, Пяти- горскмæ. Фæндагыл, Малкæйы хъæуы цур уыд ахъаззаг тохтæ. Майор уым фæцæф. Уый уыд Гæ- бæрайы фыртæн 8-æм цæф. Кавказы хохрæбынты фыдгул знаджы н~ыхмæ тохы Гæбæрайы фырты хъæ- батырдзинады тыххæй Мекуабишвили та фыссы аф- тæ: ...Тæмисчъы районы лæууыд дивизийы раззагон фистæг полкъ майор Гæбæрайы фырты командæйы бын, артиллерийы полкъ, пулеметты хицæн баталь- он, минометты дивизион æмæ æфсады сæрмагонд инженерон батальон. Уымæй уæлдай ма дзы резер- вы уыдысты хæххон алпинистон æфсæддон хæйттæ æмæ уæззау артиллерион дивизион. Уым Гæбæрайы фырт йæхи цæттæ кодта стыр тохмæ. ...Майор Гæбæраты Реуаз хъусдарæн пунктæй нæ ацыд ныр æртыккæгæм æхсæв. Ревишвилийы ба- тальон хъæуы бацахста, зæгъгæ, æмæ уым йæхи æр- фидар кодта, уый куы базыдта, уæд полчъы коман- дир, чысыл мæ цæстытæ фæсайон, зæгъгæ, æрулæ- фыд. Радгæс афицерæн радта бардзырд: райхъал- меё кæн цыппор минуты фæстæ^ зæгъгæ. 182
Чысыл фæстæдæр майорæн фехъусын кодтой, зæгъгæ, бастдзинад нал ис. Гæбæрайы фырт уадид растад æмæ бардзырд радта, цæмæй батальонмæ арвыстаиккой бастдзина- ды афицеры. Афицер ацыд ординарецимæ иумæ, æмæ сахаты цыппæрæм хайы фæстæ та ординарец æрбаздæхт цæфæй æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, афицер фæмард. Полчъы командир бамбæрста, капитаны хъуыд- даг æвзæр кæй у, уый æмæ цалдæр минуты фæстæ , полчъы резерв афсæрста, немыцæгтæ кæуыл æр хъула кодтой, уыцы батальонæн баххуыс кæнын- мæ. Тохы пълан арæзт æрцыд уадидæгæн: Фæлтæрд разсгарджыты сæргълæудæй ротæйы дыууæ хайы ахиздзысты знаджы флангтæм, ацæудзысты хурны- гуылæны ’рдыгæй æмæ хурскæсæны ’рдыгæй, кæн- дзысты хæццæ æхст, цæмæй сæхи ']эдæм аздахой ныхмæлæууæджы хъусдард. Æмæ уыцы рæстæджы майор Гæбæрайы фырты командæйы бын та хæстон къорд фæцæф кæдзæн хъæуæн хуссайраг кæрон, бафсæрдзæн ныхмæлæууæджы бынатмæ æмæ йæ асурдзæн уырдыгæй. Æмæ, æцæгдæр, майор Гæбæ- райы фырты полчъы сæйраг тыхтæ хуссары ’рды- гæй бафсæрстой хъæумæ.-. ...Инæлар Сергеев йæхимæ фæсидт майор Гæ- бæрайы фыртмæ, полчъы комиссар Артенкомæ, капитан Тавадземæ, батальоны командир Ревишви- ли æмæ фистæг полчъы командир ~ Зилахар — Æхсæрысæры районы архайæг полчъы комаидир майор Корнеевмæ. Бауынаффæ кæнын хъуыд, тагъд цы тох уыдзæн, уый пъланыл. ...Гæбæрайы фырты полчъы сæрмагонд хъазуа- тон къорд Тæмискъæн галиуы ’рдыгæй хъуамæ атыдтаид ныхмæлæууæджы хъахъхъæдад, байста- ид ын йæ фидæрттæ æмæ ахызтаид фæсчъылдыммæ «Црауы бæрæгбоны» хайадисджыты скуынæг кæны- ны тыххæй. Фистæг батальоны æмæ пулеметты ба- тальон йедтæмæ ма къордмæ хаудтой парашютист- ты отряд, разсгарджыты ротæ æмæ автоматчикты 18а
дыууæ ротæйы. Къордæн разамынд кодта майор Гæбæраты Реуаз. ...Тохы тæккæ хæдагъоммæ Ревишвили, Серге- ев æмæ Ломддзе ацыдысты раззаг хахмæ. Фронты командæкæнынады минæвар æмæ Сергеегз базза- дысты Тæмисчъы майор Гæбæрайы фырты коман- дон пункты. Ревишвили æмæ дивизийы командир кæм уы- дысты, Гæбæрайы фырты уыцы командон пункт уыд Тæмискъмæ æввахс къæдзæхты лæгæттæй иуьь Раззаг хахх æввахс кæй уыд, уый æнцондæр кодта тохæн разамынды хъуыддаг. ...Артиллерийы хъомысджын æхстыты фæстæ- ныхмæлæууæджы хъахъхъæдады раззаг хай атын- дæуыд æнцонæй. Сахаты фæстæ майор Гæбæрайы фырты хæстон къорд æнæхъæнæй бацыд Црауы хъæдмæ. Хъæд фæстийæ куьгаззад, уæд Гæбæрайы фырт фæдихтæ кодта йе ’фсæддон хайы æмæ æртæ фарсы ’рдыгæй æрхъула кодтой Црауыл. — Уадз фрицтæ сæ зæрдыл бадарæнт сæ бæрæг- бон! — хъæлдзæгæй фæхъæр кодта майор! — Уадз уый сын уæд ’фæстаг бæрæгбон!.. ...Фæсчъылдым уыд ифтонг, æмæ разсгарджытæ ногæй сæхи аппæрстой размæ. Знаджы ’рдыгæй скъæр-къæр кодтой пулеметтæ. Реуаз автоматчик- ты ротæимæ æрхъула кодта знæгтыл. Раст æхсæвы дыууæ сахатыл ныхмæлæууæг фев- зæрд æртæ размæбырсæг отряды ’хсæн: хурныгуы- лæны ’рдыгæй размæ рафсæрстой Налцыччы къор- ды(æфсæддон хæйттæ, Хуссары ’рдыгæй — Æхсæ- ры сæры районы лæууæг полкъ æмæ Хурьюкæсæны ’рдыгæй та — майор Гæбæрайы фырты хъазуатон къорд... «Куыд уырысы стыр зæххыл, афтæ ирон хъæуты æмæ горæт Алагиры дæр ма судзгæ куы федтон, æнæхæцæг адæмты та сæ туджы æвдылгæ, уæд мæ цæстытæ цæссыджы бæсты тугæй байдзаг сты. Маст мын мæ хурхы сæртæм цæргæоы ныхтау æгъа- тырæй æвнæлдта æмæ мæ худыг кодта. Мæ зæрдæ та мæм æппынæдзух дзырдта: «Ды цæй ирон лæг дæ, зæгъ ма, кæд æмæ дæм Аланты тугæй иунæг 184
мур дæр нæй? — дзуры Реуаз. — Ды цы ирон лæг дæ, зæгъ ма, кæд æмæ дæ зæхх, дæ адæмæй знаг хынджылæг кæны, уæд? Ды цæй ирон лæг дæ, зæгъ ма, кæд æмæ дын дæ ис, дæ боныл фыдгул цъæх арт æфтауы? Æмæ ацы рæстæджы мæхицæн дзуапп дæтгæйæ загътон: — Ард хæрын, кæд æмæ мæ Райгуырæн Фыды- бæстæн не сбæззон лæгæн, кæд æмæ мæ туджы Алантьг туджы æртахæй нæ разына, уæд мын мæ райгуырæн зæххы лæггад нæ, фæлæ ма мын мæ ма- ды урс æхсыр дæр туг æмæ рондзимæ схæццæ уæд. Декабры мæй. Уазал цъыччытæ кодта. Сыгъд горæт Алагир. Сыгъдысты хæдзæрттæ... Адæйма- джы зæрдæ рыст уыдонмæ кæсгæйæ. — Горæты адæм растадысты фашистты ныхмæ.. Уыдон тох кодтой фæстаг туджы æртахы онг,— зæ- гъы Гæбæрайы фырт.— Знаджы ныхмæ тохы алы минут дæр немæ уыдысты бынæттон цæрджытæ — партизантæ. Махмæ уайтагъд фехъуыстис, горæтьг скъолатæй сæ иуы ахуыргæнæг Баситы Чабæханы цахæм æбуалгъы мардæй амардтой, уый. Знæгты фæндыдис, цæмæй ирон æвзагыл уагътаиккой га- зет. Газет уадэын бахæс кодтой Чабæханæн. Æн- хъæлдтой, ирон сылгоймаг сæ разы йæ зоныгуыл ерлæудзæн æмæ сын лæггад кæндзæн. Фæлæ хъæ- батыр ирон сылгоймаг йæ намыс нæ фесæфта. Уый знæгтæн фидарæй загъта: — Æз дæн советон ахуыргæнæг! Ныры онг нæ сабиты хъомыл кодтон, цæмæй уыдаиккой сæ адæм, сæ бæстæйы патриоттæ! Цæмæй сæ адæм, сæ фыды зæххыл. макуьг рацыдаиккой гадзрахатæй. Æмæ ныр райгуырæн бæстæйыл, мæ адæмьгл, мæ ахуыр- гæнинæгтыл гадзрахатæй нæ рацæудзынæн... Фашисттæ фыдудæй амардтой Чабæханы. Амардтой Чабæханы æфсымæр Тасолтаны, сæ ма- ды, Беккуызарты Дзæрæхмæты, Габысты Солтаны (Солтанæн знæгтæ скъахтой йæ цæстытæ, ралыг ын 183>
кодтой йе ’взаг, йæ фындз), Æчеты Никъала, Ма- дзаты Георгийы æмæ бирæ æндæр хъайтарты. Горæт Алагир ссæрибар кæныныл знаджы ныхмæ удуæлдай тох кодтой куыд Цæгат Ирæй, афтæ Хуссар Ирæй дæр бирæ хæстонтæ. Уыдонæй сæ иу уыд Тлийы хъæуы цæрæг Зæгъойты Ладикъо. Уый Алагиры сæрыл тохы йе нæниздзинад фесæфта. Абон дæр баззад куырмæй. Знауыры районæй та — Æлборты Илья, Цæгат Ирæй — Гæцойы фырт, Хъозоны фырт æмæ бирæ æндæртæ. — Мæнæн ма мæ зæрдыл хорз лæууы, — æры- мысы Тæбæрайы фырт, — Рижинашвили цы маши- нæты æмæ немыцаг афицерты кой кæны, уыдон. Уыд æмбисæхсæв. Арвыл мигътæ лæсыдысты. Мит фæлдзæгъдæн кодта. Уазал дымгæ Мызуры •арф кæмтты зæрдæхалæн ниуд кодта. Машинæты куы баурæдтам æмæ немыцаг булкъоны йе ’фсæд- донтимæ куы рахизын кодтам, уæд уымæн йæ цæс- тытæ тугæй айдзаг сты. Фырмæстæй йæ цинелы тæрттæм æваст фæлæбурдта æмæ йæ рарæдывта. йæ риу æхгæд уыд фашистон хорзæхтæй, загъта: «Адон æз мæ рæсугъд’ цæстыты тыххæй нæ райстон, миййаг!..» Немыцаг булкъон цыдæр ахъуыды кодта, æвæц- цæгæн йæ зæрдыл æрбалæууыд Сталинграды се "фсады ныддæрæны хъуыддаг æмæ стæй загъта: «Ныр мæ бауырныдта, Кавказы хæхтæй махæн раз- мæ акъахдзæфгæнæн кæй нал ис, уый! Ныр мæ ба- уырныдта, махæн Иры зæхх ингæн кæй суыдзæн»... Уый фæстæ ма фырмæстæй йæ цæнгтæм дæндагæй фæлæбурдта... Алагир цы бон ссæрибар æрцыд, уымæй дыу уæ боны раздæр немыцæгтæ Бирæгъзæнджы бæр- зонд къуылдымыл бæласы цъуппыл сæвæрдтой хъæрæйдзурæг радиорепродуктор æмæ фæдисы хуызы дзырдта: «Майор Гæбæраты Реуаз Несторы фырт! Дæу ракодтой Хурныгуылæн фронтæй, куыд хъæбатыр тохгæнæг! Дæу ракодтой, цæмæй бахъахъхъæнай дæ 3 80
райгуырæн хæхбæстæ, фæлæ ма ахъуыды кæн, цæ- мæй ма тох кæныс дарддæр, куынæуал дын хæстон æрмæг ис, куынæуал хæлц! Куы зоныс, алырдыгæй дæм фæндæгтæ æхгæд кæй æрцыдысты, уæд дæхн дæр æмæ де ’фсады дæр цæуыл марыс фыдудæй! Радт дæхи махмæ, немыцæгтæм æмæ дæ бавæрæм! Ныууадздзыстæм дын дæ чинтæ... Бавæрдзынæ дæ цард æмæ дæ бинонты цард! Бавæрдзынæ де ’фсад æмæ дын кæндзысты стыр кад!» 15-æм январы 1943 азы партийы Цæгат Ирыс- тоны обком æмæ Адæмон Комиссарты Совет буз- ныгдзинады нысанæн Гæбæраты Реуазæн арвыстой лæвар æмæ арфæйы фыстæг. «Зынаргъ Реуаз Несторы фырт! Куыд Ирыстоны æнувыд фырт, Алагиры ссæриб.аргæнæг, афтæ дын партийы Цæгат Ирыстоны обком æмæ адæмон ко* миссарты Совет адæмы номæй зæгъынц стыр буз- ныг æмæ дын æр(виты чысыл лæвар — ирон нымæт, хъарм уæлдзарм худ æмæ æфсæддон цырыхъхъы- тæ». Гæбæраты Реуаз Несторы фырт хорзæхджын æрцыдис «Сырх стъалы»-йы дыууæ орденæй æмæ фондз майданæй. 187
ХЪАЙТАР ÆМÆ ЙÆ ФАЗЗÆТТÆ Адæймаг куы райгуыры, уæд æрмæст йæ ный- йарджытæ нæ, фæлæ ма фæцин кæнынц уыдон хæс- тæджытæ, уыдон хæлæрттæ дæр. Æмæ, раст зæгъгæйæ, Гуыбиаты Æмзор æмæ йе ’мкъай Зæлкъайæн дæр зæнæджы кæстæр, фы- ры хъулы хуызæн фырт куы райгуырд, уæд сæ хæ- дзарвæндаджы, сæ хæлæртты цинæн кæрон нал уы- дис. Иуыл диссагæн баззад сæ фырт Гуыбайы ном- æвæрæн бон. Æрмæст Æмзор æмæ Зæлкъайы хæ- дзар нæ, фæлæ æгас Гуыбиаты мыггагæн уыцы бон уыдис стыр бæрæгбоны хуызæн. Бонтæ æмæ азтæ кæрæдзи ивтой. Гуыба дæр рæзтис. Скъоламæ цæуынхъом фæцис. Æнтысгæйæ каст фæцис гимназ. Ахуыр кæиынмæ бацыд Томскы технологион институтмæ. «...Æмæ уым, уыцы ахуыргæнæндоны, райдыд- та, æппæт йæ царды мидис чи сси, уыцы сæйраг хъуыддаг. Гуыба базонгæ, революцион зæрдæйы ахаст кæмæ уыд, уыцы фæсивæдимæ, бакаст боль- шевикон литературæ. Мыггаг «Гуыбиаты» фæзынд «зæрдæхсайгæты» номхыгъды, уымæ сæ хъус дардтой полицийы кусджытæ», — кæсæм архивон æрмæджыты. Иуæй-иу архивон документты дзырдæуы Гуы- байы хъæбатыр тохты тыххæй: «...— Фесæфæд хæст!» — ахæм лозунгимæ Гуы- ба æмæ йе ’мбæлттæ пропагандистон куыст кодтой иефты кусджытьь аразджыты æмæ салдæтты ’хсæн. Æргом кодтой империалистон хæсты стигъæн ми- ди<?. Бакуйæ Гуыбиайы фырты акодтой паддзахы 188
æфсадмæ. 1917 аз... Кишиневы фронт... Фæллад салдаттæ... Æмæ уыдон æхсæн уыд цырд, салдæт- тæм чи сидт, ахæм адæймаг: — Æмбæлттæ! Нæ джебогътæ фездахæм, марын- мæ нæ чи кæны, уыдон ныхмæ, — сидтис уый сал- дæттæм. Февралы революци... Болыневик Гуыбиаты Гуы- ба æвзæрст æрцыдис кусджыты æмæ салдæтты де- путаты Одессæйы горæты Советы скондмæ... Октябры тых дымгæ йæ райгуырæн бæстæ — дард Ирыстонæй уымæ æрхаста, Советты хицауа- ды сæрыл тохтæ кæй райдыдтой, уыцы цины хабар. Æмæ Гуыбиайы фырт æрцыд Ирыстонмæ. Емæ уыд морякты чысыл къорд. Владикавказы уый ак- тивон революцион куыст кæнын райдыдта болыпе- викты организацийы, С. М. Киров æмæ Ной Буачи- дзейы сæргълæудæй. Уыцы азы сарæзта партизанты къорд Хъобан, Дæргъæвс æмæ Санибайы кæмтты мæгуыр зæхкус- джытæй. Уымæн йе ’ввахсдæр кусджытæ систы Бы- гъуылты Мылыхо, Токаты Алихан, Цырыхаты Гу- за, Айларты Дзабо, Пухаты Хæчъассæ æмæ æн- дæртæ... Æмæ 1918 азы августы Владикавказы уынгты топпыхосы фæздæг куы апырх, уæд урс хæццæгæн- джыты ныхмæ чи тох кодта, уыцы сырх хæйттæн æппæты раздæр æххуыс кæнынмæ бацыдысты Са- нибайы партизантæ. Лидзын райдыдтой, Æрыдон æмæ Суададжы йæхи æрфидар кæныныл чи ар- хайдта, уыцы контрреволюцион бандæтæ. Хæххон хъæуты айхъуыст æхсарджын командир, револю- ционер Гуыбиаты Гуыбайы кой... Афтæмæй сæххæст ныййарджыты бæллиц, уы- дон хæстæджыты æмæ хæлæртты бæллиц. Ныр Гуыба æрмæст йæ мыггагæн нæ, фæлæ йæ комбæс- тæн, йæ Ирыстонæн ссис ныфс, æнæкæрон уарзон хъæбул. • * * Хъуыддаг хъуыддаджы фæдыл цыд æмæ Гуы- ба дæр иу уæлахиздзинадæй иннæ уæлахиздзинад- 189
мæ кодта ныфсджын къахдзæфтæ. Бахызт йæ тæк- кæ лæджы бынатмæ. Иæ фидар æмæ фидыцджын уæнгты кондмæ-иу чи нæ батæхуды кодтаид, цал чызджы зæрдæ-иу барухс уымæ бакæсгæйæ. Фæлæ сегасæй диссагдæр уыдис Есенаты Анич- кæйы зæрдæмæ ныккæсын. Уымæй нæ дæр ^бон, нæ дæр æхсæв хицæн кодта Гуыба. Æмæ Гуыба, мий- йаг, цъусдæр уарзта Аничкæйы? Мæ хур акæн... Æрмæст сабыр рæстæджы, йе та цæлы фынгыл нæ, фæлæ-иу тохы гуылфæнты дæр йæ зæрдæ æн- дон риуы фæйнæрдæм цы Аничкæйы тыххæй æн- цад, уыцы Аничкæйы цæстæнгас ын æнæкæрон ныфс æвæрдта кæмдæриддæр. 1919 азы августы мæй иу бон Гуыбиаты хæдза- рæй анæрыдысты чындзæхсæвы циндзинады зæлтæ. Цин æмæ хъæлдзæгдзинад уæларвмæ хъуыст. Гуы- ба æмæ Аничкæ дæр, цыма фынгыл нæ бадтысты, фæлæ фыр цинæй уæлдæфы систой сæхи æмæ цы- ма тæхгæ кодтой, раст афтæ æнкъардтой-сæхи. Гуыба æмæ Аничкæ, цæмæй сæ уарзондзинадæй бафсæстаиккой, уый тыххæй сæ хъуыдис сæдæ азæй фылдæр иумæ фæцæрын. Фæлæ хъуыддаг афтæ ра- уад, æмæ æртæ мæйы фæстæ Æмзоры хæдзары сæрмæ æнамонддзинад зилдух кæнын райдыдта. Æнамонддзинад йæ ныхтæ арф ныссагъта, уалдзы- гон дидинæгау, царды фыццаг хатт чи фæзындыс- ты, кæрæдзийы цæстæнгасæй чи нæма бафсæст, размæ æххæст къахдзæф чи нæма акодта, уыцы Гуыба æмæ Аничкæйы. Куыд загътам, афтæмæй Гуыба кодта револю- цион куыст. Уый цæрæнбонты цы Аничкæмæ бæл- лыд, уыимæ цы æртæ мæйы ацардис, уыдон дæр æх- хæст цардыл нæ хъæуы нымайын. Гуыба партизан- тимæ тохы хайад исгæйæ-иу æрмæстдæр æмбисæх- сæв æрцыдис хæдзармæ. Æмбисæхсæв-иу федта йæ дунейы рухс Аничкæйы. Иннæ рæстæджы иууыл- дæр уыдис Ирыстоны тар хъæдты æмæ арф кæмт- ты партизантимæ. Афтæмæй сæрибары сæрыл фæс- таг туджы æртахы онг, знæгты ныхмæ тох кæнгæ- йæ, хъæбатыр гуырд никуы зыдта фæллайын. Фæ- 190
лæ йын йæ цард аскъуыдта уæззау низ 1919 азы 25 ноябры. * * * Хъуыддæгтæ та ахицæн сты... Гуыбайы ныййар- джытæм æртæ мæйы размæ цы стыр циндзинад нæ- рыд, уый раивта ставд цæссыгмæ, тугтæдзгæ цæс- гæмттæм... Æрмæст Æмзоры хæдзарвæндаг, уый æфсы- мæртæ æмæ фыды æфсымæртæ нæ, фæлæ Гуыбиа- ты æгас мыггаг, æппæт хæстæджытæ скодтой сау- тæ. Санибагом нæ, фæлæ ма æгас Ирыстоныл дæр айхъуыст йæ уарзон хъæбул Гуыбиаты æхсарджын гуырд Гуыбайы мæлæт. Ацы хъуыддаг æппæтæй уæззаудæр уыдис Анич- кæйæн. Уый хурæнгас цæсгом ныр саутар æвдисы. Туджы малтæ йыл бадынц. — Хæрын ард Гуыбайы кадджын æмæ уарзон номæй, куыд æз цæрæнбонтæм мæ зæрдыл дардзы- нæн мæ ахуысгæ стъалыйы цытджын ном! Ард хæрын, куыд ын йæ ном цард-цæрæнбонты дардзы- нæн сыгъдæгæй!.. Ахæм хуызы мыггаджы номдзыд чызг Есенаты Аничкæ ард бахордта Гуыбайы ны- гæныны рæстæджы *æгас дзыллæты ’хсæн ставд цæссыгтимæ. * * * Аничкæйæн иунæг минут дæр йæ хъуыдыйæ нæ хицæн кодта йæ уарзон Гуыба. Иу æхсæв дæр та, бонырдæм чысыл куы афынæй, уæд фыны, цыма, бацыд Гуыбайы ингæнмæ. Кæсы йæм æмæ, цыма, йæ риуыл сзадысты дыууæ дидинæджы, уыдонæй сæ иу уыд уарди, иннæ та малусæг. Дидинджытыл, цыма, Аничкæ тынг ныццин код- та. Куы сæ иумæ, куы та се ’ннæмæ йæ къухтæй арæхстджынæй бавналы, фæпъатæ сын кæны. Стыр маст ын цинмæ раивта. Ацы рæстæджы йæм, цы- ма, Гуыба ингæнæй сдзырдта: «Барæвдау сæ, схъо- мыл сæ кæн, схъомыл, мæ дунейы ныфс, мæ царды бæлон. Уыдон сты дæ царды бонтæ дарддæргæнæг, дæ цин æмæ дæ сомбоны ныфс»... 191
Аничкæ, цыма, Гуыбайы хъæлæс куы фехъуыс- та, уæд ингæнмæ тынгдæр ныдздзынæзта... Афтæмæй фехъал, сонт гæпп фæкодта йæ сын- тæгæй. Къæхты бынмæ ныррызтис æмæ фæстæмæ йæ сынтæгыл æрхауд. «О, ме сфæлдисæг. Ме ,нæмонд сæр!..» «Диссаджы фын... Гуыбайы ингæн... Диссаджы фын, дыууæ дидинæджы»... * ♦ * Сиахсмæ кæддæриддæр хъæбулы зæрдæ фæда- рынц чызджы ныййарджытæ дæр. Раст зæгъгæйæ, Гуыбайы дæр йæхи ныййарджытæй къаддæр нæ уарзтой Аничкæйы ныййарджытæ. Сæ царды цæу- гæ мæсыг æй хуыдтой. Фæлæ ныр уыдон дæр уæз- зау хъуыдыты бахаудысты: «Нæ чызг нырма сонт у. ’ Сонтæй басыгъд йæ амонд. Сонтæй бавзæрста стыр маст. Ныр цæрæн- бонтæм куыд хъуамæ уа Гуыбиаты идæдз чындз? Нæй, æнæмæнг æй ракæнæм. Йæ ныййарджытæй хуыздæр уымæн ничи балæггад кæндзæн». Ахæм уæззау хъуыдытæ кодтой Есенаты Анич- .кæйы ныййарджытæ. * * * Хъуыдытæ ахицæн сты... Иу бон дын, маст ны- хъуыргæ, æрбацыдысты се ’рхæндæг чызгмæ. Кæд сæм тынг зын кастис, кæд сæ цæстытæй тугтæ дæр цыд, уæддæр сæхи ныффидар кодтой æмæ сæ уар- зон хъæбулæн дзурынц: —Нæ чызг, мæлæты ныхмæ æрлæууын никæмæн бацис йæ бон. Нæ иумиаг хъæбул Гуыба æгадæй нæ амард. Уый ном Иры дзыллæты æхсæн нæ фе- рох уыдзæн. Уыдзæн цæрæнбонтæм нæ зæрдæйы дæр. Фæлæ ныр ды дæхæдæг ахъуыды кæн. Зæгъ, æртæ мæйы номыл куыд хъуамæ бадай кæйдæр уæзæгыл. Æппæтæн дæр ис уаг æмæ æгъдау... Æгъ- гъæд хæр дæхи, нæ хъæбул. Фæцу фæстæмæ дæ фыды уæзæгмæ... Чызг йæ ныййарджытæй ахæм ныхæстæ куы фе- 192
хъуыста, уæд цæф арсау ныббогъ кодта. Сæ разы æрхауд æмæ сын лæгъстæ кæны: —Зонын, куыд мæ схъомыл кодтат. Зонын, куыд бирæ мæ уарзут, куыд æнувыд мыл стут. Зонут, уæ разы уæ дзырдыл уæлдай зæгъын мæ бон кæй ни- куы бацис. Фæлæ мæ ныр ма фæхъыг кæнут, ныу- уадзут мæ æрмæстдæр Гуыбайы афæдзы бонмæ. Стæй уæ куыддæриддæр фæнды, афтæ... Аничкæйы фæндоныл йæ ныййарджытæ дæр уæлдай ницыуал загътой. Ахæм уынаффæйы фæс- тæ уыдон дыккаг бон сæхимæ ацыдысты. Кæм зыд- той, Аничкæ сын йæ зæрдæйы сусæгдзинад кæй нæ раргом кодта, уый... Афтæмæй Аничкæйæн Гуыбайы афæдзы бон- тæм æввахс райгуырдис дыууæ фаззоны, лæппу æмæ чызг, Бонтæ цыдысты æмæ адæмæн диссагæн базза» дысты Аничкæйы хъæбултæ — хо æмæ æфсымæр. Чысыл Губик æмæ-иу Дзерассæ сæ фыды уæзæг, Санибайы хъæуы уынгты куы рацæйцыдысты, уæд- иу сæм чи нæ батæхуды кодта, чи-иу сæ нæ систа йæ хъæбысмæ, ахæм стæм уыдис... Аничкæ йæхæдæг, ахуыргæнæгæй кусгæйæ, тыр- ныдта йæ сабитæн фаг хъомылад радтыныл. Губик æмæ Дзерассæйы радта сæ хъæу — Санибайы рай- диан скъоламæ. Ныр стыр амондджыныл нымадта йæхи. Фæуын сын кодта æрмæст райдиан скъола нæ, фæлæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæ дæр. Аничкæйы фаззæттæ Губик æмæ Дзерæссæ ныр сæхæдæг дæр сты сабиты хицæуттæ. Кусынц хицæн æмæ хицæн дæсныйадтыл. Дзерассæ, Орджоники- дзейы медицинон институт каст фæугæйæ, райста дохтыр-терапевты дæсныйад æмæ ныртæккæ кусы дохтырæй. Йæ лæг у инженер. Ис сын дыууæ чыз- джы æмæ иу лæппу. Йæ фыды æнгæс Губик дæр службæ кæны æф- сады. Ис ын иу чызг. Фæсаууонмæ фæуд кæны Мæ- скуыйы техникон уæлдæр ах’уыргæнæндон. Афтæмæй фаззæтты мад, фидар зæрдæйы хицау Есенаты Аничкæ ссис амондджын.Æрæййæфта æмæ 13. Дзигойты Г. 193
цæры хъæбулты хъæбултимæ. Иæ цард фæстагмæ ссис тæхудиаг. Аничкæ Гуыбаимæ цы сæрибар цардыл тох код- та, кæмæ бæллыдис, уыцы амондджын царды бон- тæ намысджынæй æрвитгæйæ, йæ сæры хил халас адардта. Цалдæр азы размæ хуртæ æмæ мæйтæ цы цæсгомæй зындис, уый ныр йæ хуыз аивта. Аничкæ сæрыстыр у. Уый парти æмæ хицауады раз кæддæриддæр йæ хæстæ æххæст кодта цæсгом- джынæй. Уый бирæ азты ахуыргæнæгæй хъæппæри^ сон куыст кæй бакодта, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыдис Цæгат Ирыстоны республикæйы сгуыхт ахуыргæнæджы ном. Уыимæ хорзæхджын æрцыд «Фæллойады Сырх Тырысайы» æмæ «Кады ныса- ны» орденæй, «Намысджын куыст» æмæ «Кавказ бахъахъхъæныны тыххæй» медæлттæй. Цалдæр хатты уыдис куыд горæт Орджоникидзейы, афтæ Цæгат Ирыстоны Автономон Республикæйы Сæй- раг Советы депутат, республикæйы Сæйраг Советы Президиумы уæнг. Аничкæ 1960 азы ацыдис пенсийы. Уымæн кæд- дæриддæр кад кодтой æмæ кад кæнынц, цы сабиты схъомыл кодта, канд уыдон нæ, фæлæ сæ ныййар- джытæ, фæллойгæнджытæ, парти æмæ хицауад. Адæмы сæрибардзинадыл йæ сæр нывондæн æр- хæссæг Гуыбиаты Гуыбайы ном та цæры æмæ цæр- дзæн Иры дзыллæйы ’хсæн фыдæй-фыртмæ. 194
ДОДОТТАГ НОМДЗЫД ЧЫЗГ 1958 аз. Июны <мæй. Фæцис ахуыры аз. Рай- дыдтой ка-никултæ. Скъолаты ма аззад, дæсæм кълас каст чи фæцис æмæ аттестаттæ исынмæ чи хъавыд, æрмæст уыдон. Зары астæуккаг скъола каст фæуæг лæппутæ æмæ чызджытæ æрæмбырд сты се скъолайы агъ- уыстмæ. Фæстаг хатт ма цин кæнынц се скъола- йыл, уый кæртыл, сæ кæрæдзийыл. Æнхъæлмæ кæ- сынц æмбырд райдайынмæ. Рацыдис цалдæр минуты æмæ скъоламæ сæры- стырæй æрбацыдис сæ директор, Гуырдзыстоны республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг Козаты Михаил йæ ахуыргæнджыты коллектгозимæ иумæ. Ацы изæр ардæм æрцыдысты, канд скъола каст чи фæцис, уыдон нæ, фæлæ сæ ныййарджытæ, сæ хъомылгæнджытæ дæр. Райдыдта скъола каст фæуæг ахуыргæнинæг- ты номыл цытджын æмбырд. Козайы фырт æмæ ахуыргæнджытæп алчи дæр раныхас кодта æмæ арфæ кодтой сæ «ъухы каст фæуæг лæппутæ æмæ чызджытæн. Фæдзæхстой сæ, цæмæй дарддæр дæр уыдаиккой цæвиттойнаг- Ныхасы рацæуджытæ дзырдгой сомбоны кадрты тыххæй бирæ хорз ны- хæстæ. Уæлдай зæрдиаг ныхæстæ æмæ арфæты аккаг сæ окодта сæ директор Козайы фырт. — Не окъола сæрыстыр у, — загъта Козайы фырт, — сымах хуызæн бирæ лæппутæ æмæ чыз- джыты кæй схъомыл кодта, уымæй, Уыдонæй алчи дæр ныллæууыди царды рæсугъд фæндагьм. Ныр кæсут, æгæрыстæмæй, уе скъолайы къултæ, уый 195
райдзаст кæрт фæстаг хатт сымахмæ куыд кæ- сынц, сæ цæст уын «ацу» зæгъын куыд нæ уарзы. Ныр уæ стыр райгонд сты уæ ахуыргæнджытæ, уæ хъомылгæнджытæ. Уыдон, сымахимæ иумæ, дæс азы дæргъы сæ цард арвыстой ам. О, о, дæс азы дæргъы. Æмæ дæс азы та дæс боны не сты мий- йаг... Хъуыды ма кæнут, стъолтæм æххæсгæ куынæ кодтат, «абетæ» кæсын куынæма зыдтат. Хъуыды ма кæнут, цæмæй фыссын базыдтаик- кат, уый тыххæй уын хæххытæ кæнын куыд амыд- той, йе, та мæнæ ахæм дзырдтæ: «Иумæ баппарæм иу», «дыууæйæ раппарæм иу...» О, уый уыдис дæс азы размæ... Уыцы сабион бонтæ аивгъуыдтой... Ныр та сымахмæ кæсынæй зæрдæ рухс кæны. Астæуккаг скъола фæуын хъа- зæн хъуыддаг нæу. Ныр уæ алчи дæр равзардзæн йæсомбоны рæсугъд фæндаг... Алчи дæр уæ тырндз- дзæн нæ райгуырæн бæста^йы патриот суæвынмæ, уымæн лæггад кæнынмæ. Æмбырдьг астæу йе ’мбæлтты ’хсæн бады до- доттаг чызг Гаглойты Валя дæр. йæ зæрдæйæ нæ хицæн кæнынц йæ директоры ныхæстæ: куыст, фæллой кæнын, дам, у кад æмæ намысы хъуыд- даг... Ацы рæстæджы Валяйæн йæ фарсмæбадæг æм- бал йæ хъусы аивæй бадзырдта: — Валя, ды ницы зæгъинаг дæ? Валя йæ хæлар æмбалмæ йе ’ргом базылдта. йе ’взонг цæсгомыл цины стъæлфæнтæ схъазьг дысты æмæ афтæмæй загъта: — Æз дæр ма уæлдай цы хъуамæ зæгъон. Æп- пæт дæр загътой нæ директор, ныхасы рацæу- джытæ. — Уыдон кæй загътой, уый фехъуыстам, фæлæ ды цы зæгъинаг дæ дæхæдæг? Уæдмæ Валяйæн скъолайы директор Козайы фырт цæстæй ацамыдта, ома ды дæр исты зæгъ. Валя йæ директоры хъуыдыйыл уæлдай. ницы- уал загъта. Сыстад æмæ ралæууыд трибунæйы, афтæмæй æфсæрмдзæстыгæй дзуры: 196
— Æз дæр архайдзынæн, цæмæй ме скъола æмæ мæ хъомылгæнæг ахуыргæнджыты ма фæху- динаг кæнон, тырндздзынæн, цæмæй, мах фæстæ ам цы æмбæлттæ ахуыр кæной, уыдонæн уон цæвит- тойнаг, — æмæ стæй йæ къухы цы тетрады сыф уыдис, уый æнæрхъуыдыйæ къарандашыл æрба- тыхта æмæ рацыдис йæ бынатмæ. Æрбадт, ноджы дæр йæ цæстæнгас йе скъолайыл ахаста, фырци- нæй йæ цæстытæ донæй айдзаг сты... Уæддæр ма нæм зын кастис йе окъола, йе ’мбæлттæ æмæ йæ хъомылгæнджытæй фæхицæн кæнын... * * * Июлы мæй... Хур йæ зынг цæст ныддардта ду- иемæ. Валя дæр йæ хæдзары митæ бакодта, стæй газеттæ райста æмæ цæхæрадонмæ рахызт, балбæ- ласы бын къаннæг бандоныл æрбадтис. Газет рай- хæлдта, æркаст æм æмæ дзы ставд хъæрнывтæй фыст дзырдты кæсы: «Нæ дуджы алы æмбæстагæн дæр куыст, фæл- лой кæнын у кад æмæ намысы хъуыддаг». Кæсыс, ацы дзырдтæ æрмæст не скъолайы директор нæ загъта, фæлæ ма сæ мæнæ газеты дæр куы фыс- сынц, газеты. Гъе, ахæм хуызы махæй алкæмæ дæр куы сиды нæ уарзон парти, Советон хицауад. Валя газет дарддæр кæсы, афтæмæй йæм æрба- цыд йæ мад, йæ сау кæлмæрзæныл йæ цæсгомæй иуырдæм ахæцыдис, йæ хъæбысмæ сабиау æрбал- хъывта йæ зæнæджы кæстæры, йæ русæн ын ны- пъа кодта æмæ йын æнкъардæй загъта: — Мæ царды бонтæ дæр ма дын уый куы фес* тиккой, æмæ дæу йæ хъæбулты ’хсæн хъулон уарзт цы уарзон фыд кодта, уый ма дын ацы цин- дзинад куы рыййæфтаид, йæ цæстæй куы федтаиц, лы астæуккаг скъола каст кæй фæдæ... Фæлæ цы бакæнæм, мæлæты раз æрлæууын никæмæн у йæ бон, мæ хъæбул... Ныр дæ зæрдæйæн уæддæр фидар ныфс радт. Кæсыс, дæ фыды удæгасæй де ’фсымæр æмæ дæ дыууæ хойы дæр фесты каст уæлдæр скъолатæ. Ныр мын ды дæр тæрсгæ ма кæн. Нырма æз дæр 197
мæ тыхыл дæн æмæ дарддæр ахуырмæ срæвдз кæн дæхи. Æз нæ колхозы кусдзынæн æхсæв æмæ бон, а,ппындæр дæ ницæмæй ныууадздзынæн цух. Стæй дæ хотæ æмæ де ’фсымæр дæр æххуысхъом фесты... Валя йе стыр цæстытæ Надямæ базылдта. йæ мады ноджы дæр сауты æрхæндæгæй куы федга, уæд та йæ уарзон фыд Миха-ил йæ зæрдыл ногæй æрбалæууыд æмæ та цæссыгтæ цыхцырæгау ныл- лæууыдыстьг. Валя, йæ мадмæ лæмбынæг хъусгæйæ, газеты фыццаг фарсмæ ногæй æркаст æмæ загъта: — Нана, стыр бузныг дæ дæн, ды мæ дарддæр ахуырыл афтæ кæй рæвдз кæныс, уый тыххæй. Фæ- лæ ма мæнæ æркæс газетмæ. — Æмæ цы фыссы газет? Уый ахуыры ныхмæ у, миййаг? — Нæ, нæ, нана, газет ахуыры ныхмæ нæу æмæ никуы дæр уыдзæн. Фæлæ нын парти афтæ амо- ны, цæмæй куысты фæлтæрддзинад дæр райсæм. Куыст у кад’æмæ намысы хъуыддаг. Уый фæстæ та ахуыр кæнын. — Нæ*, нæ, дæ нывонд фæуон. Дæу колхозы быдыры, йе та æндæр ран кусгæ чи фена, уый мыл фæхуддзæн. Зæгъдзæн, йæ лæг, зæгъ, ын уыцы иу саби ныууагъта, кæцыйæн, зæгъ, уæлдæр скъола нæ фæуын котга æмæ, зæгъ, ныр йæ мады бон нæу, цæмæн йæ арвита дарддæр ахуырмæ. Æмæ уый мæнæн дæр уыдзæн стыр худинаг. — Нæ, нæ, нана, чи куыдфæнды зæгъæд... Æз ацы аз хъуамæ колхозы бакусон, стæй фендзыс* тæм... * * * Мад æмæ хъæбулы ’хсæн ахæм ныхæстæ æмæ хъуыдытæ ахицæн сты. Зæрдæргъæвд æвзонг чызг дыккаг бон æрлæууыд артелы куысты. Уый ныр скъолайы кæрт раивта колхозон хъæздыг быдыр- ты æвæллайгæ куыстæй. Чызджы æвæлтæрд къух- ,тæ фьгццаг бонты дондæппал аисты, арты сыгъ- дау цæхæртæ калдтой, фæлæ сæ уæддæр Валя ни- цæмæ дардта. Куыстуарзаг колхозонтæ кæддæрид- 198
дæр стыр кад фæкæнынц, уæлдайдæр æвзонг фæл- тæра&й йæ хъаруйыл чи нæ ауæрды, йæ къухтæн тæппалæй чи нæ фæтæрсы, йæ ныхæй хид кæмæн рацæуы, ахæмæй се ’хсæн чи фæкусы, уымæн... Гъе, ахæм хуызы кусгæйæ, Гаглойты Валя дæр уæд Додоты колхозонтæн ссис уд æмæ цæст. Йæ хорз куыстæй артелы уæнгтæ уымæй кæддæрид- дæр æппæлыдысты, цæвиттон дзы хастой. • Валяйы хъуыдытæ уыдысты дардыл. Фæстагмæ сфæнд кодта, цæмæй горæт Цхинвалы искæцы за- водмæ кусынмæ бацыдаид æмæ райстаид куысты дæсныйад. Афтæмæй 1959 азы Цхинвалы горпром- комбинаты химикон цехмæ бацыдис кусынмæ. Ам дæр Валя йæ цæсгомджын куыстæй ссис цæзиттой- наг. Фæлæ ацы цех бирæ нæ бакуыста. Сæхгæд- той йæ. Валя уырдыгæй кусынмæ бацыд хъæдкуысгы комбинатмæ. Æвзонг чызгæн ахæм стыр комбинаты кусын фыццаг хатт зын кæй уыдис, уый тыххæй та зæ- гъы: — Уыйбæрц хырхытæ æмæ-иу станоктæ куы скуыстой, уæд-иу мæхимидæг тыхстæи. Кастис мæм зын, фæлæ ^æнæн бирæ баххуыс кодтой за- воды раззагон кусджытæ, уыдон нымæцы Гуыбе- ты Этери, хæдзарон дзаумæттæаразæн цехы гæс Джапаридзе Суликъо, Пæррæстаты Асиат æмæ æн- дæртæ. Зæрдæргъæвд чызг бонæй-бонмæ тынгдæр кæй тырныдта куысты уæлахиздзинæдтæ къухты баф- тын кæнынмæ, уый тыххæй йæ комбинаты дирек- ци ракодта дзаумæттæаразæн цехмæ. Ацы цехы дæр та Валяйыл тынг зæрдиагæп сæмбæлдысты. Уыдон ын алы бон дæр æххуыс код- той, цæмæй куысты дæсныйад сахуыр кодтаид тагъддæр. Бонтæ, къуыритæ цыдысты æмæ Валя ацы це- хы фæско’мцæдисон бригадæйы сси иууыл разза- гондæр кусæг. Уый иттæг хорз сахуыр кодта ам дæр йæ куысты дæсныйад. Ныр æм æппындæр зып ницыуал кæсы. Ссис профессионалон кусæг. 199
Лæгъзгæнæн гæххæттæй æмæ лак кæныны хъуыд- даджы райста стыр дæсныйад. Валя йе ’мбæлттимæ цы гардеробтæ, шкафтæ æмæ æндæр зынаргъ дзаумæттæ лак кæны, уыдон областæй дарддæр æрвыст цæуынц нæ республи- кæйы алы горæттæм дæр. Валя комбинаты кусджытæн, инженерон-техшг кон кусджытæн æмæ службæгæнджытæн дæр ссис Яи хъæбул, хи хойы хуызæн. Уый æхсидгæ зæрдæ æхсæв æмæ бон стыр цины улæнты ленк кæны. йæ бæллиц у, нæ ахсджиаг Коммунистон парти, Со- ветон хицауад, ленинон фæскомцæдис авдазоны бæстæйы æвзонг фæлтæрыл цы стыр хæстæ æрæ- вæрдтой, уыдон сæххæст кæныныл цæсгомджынæй кусын. Фæокомцæдисон чызг Гаглойты Валяйы цæс- гомджын куыстæн стыр кад скодтой куыд Цхин- валы хъæдкуысты комбинаты кусджытæ, афтæ го- рæты æппæт фæллойгæнджытæ дæр. Уыдон Ва- ляйы сæвзæрстой Гуырдзыстоны ССР Сæйраг Со- ветмæ депутатæй.^ Ныр ирон чызг’цытимæ хæссы республикæйы де- путаты стыр кады ном. 200
КЪОБОР Къобор фæндзæм къласы онг ахуыр кодта хорз, фæлæ фæстæдæр фæиппæрд йе скъолайæ. Иу бон куы уыд, уæд кинойы кæйдæр дзыппæй фелвæста æхцатæ. Уыдон куыддæр систа, афтæ йæ æзип- лайды фæфиппайдта йæ чысыл хо. Чызгæн йæ чы- сыл зæрдæ фæцæйтыдта, афтæ смæсты, æмæ кино- мæ.дæр нал бацыд. Хæдзармæ раздæхтис æмæ йæ мадæн кæуынхъæлæсæй дзуры: — Нана, æз дын зæгъын, Къоборы дæ хъæбул макуыуал хон! Макуыуал дæр ыл сырх галстук ба- кæн, макуыуал дæр æй киномæ ауадз. — Цы кодта, дæ нывонд фæуон? Æвæццæгæп, та искæимæ фæхыл? — Нæ, нана, хыл нæ фæцис, фæлæ, зоныс, кино- йы иу æнахуыр лæджы дзыппæй æхца систа?! Æхцатæ зæгъыс? — Æхцатæ! О, æхцатæ! Æз æй мæхæдæг фед- тон мæхи цæстæй. Мæнæ йæ уыцы лæг фæфип- пайдта, уæд нæ зонын, цы йын сарæзтаид?.. Саломе æмæ Маринейы ахæм ныхæстæ кæнгэ? æрбаййæфта Тембол. Цалынмæ Тембол йæ дарæс ивта, уæдмæ Сало- ме стъолыл сихор æрæвæрдта, бандæттæ йæм æр- баввахс кодта æмæ дзуры: — Йæхи кæуынæй мары, кæуынæй, йæ мад амæла. — Цæуыл, цы кæны мæ чызг? Уый æнæхъуа- джы маст кæнын куы никуы зыдта. — Нæ зонын, Къоборимæ сæ киномæ арвыстон æмæ, дам, Къобор кæйдæр дзыппæй æхца фелвæста æмæ ууыл кæуы... 201
Тембол къæхты бынæй ныххудтис. — Ха-ха-ха!.. Æмæ дын дзы нæ бахай кодта, мæ чызг?. Иумæ сæ нæ адих кодтат? — йæхæдæг хъазæгау,—кæйдæр дзыппæй, дам, К/ьобор æхца- тæ фелвæста! Ха-ха-ха, — ныххудтис та зæрдиа- гæй,—æмæ кæмæй хъуамæ сиса, Къобор æхца цух у, миййаг... Ууыл фæци уыцы бон Къоборы хъуыддаг. Ный- йарджытæ бынтондæр ницæмæ æрдарцгой Мари- пейы ныхæстæ.-. * * * ...Темболмæ куыстмæ постхæссæг бахаста га- зеттæ. Секретарь сæ райста æмæ йæм сæ цæрдæг ’бадавта- Рывæрдта Тем^болы стъолыл газеттæ, йæ- хæдæг фæстæмæ фездæхтис. Тембол сыл цæрдæг йæ цæст ахаста... Æркаст фыццаг, дыккаг, æртык* каг фарсмæ- Фæстаг хатт цыппæрæм фарсыл фæ- комкоммæис облигациты таблидæмæ.—О, о,—загъ- та йæхимидæг, стæй, газетмæ кæсгæйæ, стъолы лагъзыл сабыргай рахæцыд, систа, Марине йын облигациты номертæ цы гæххæтты сыфыл ныф- фыста, уый. Тембол кæсы, æмæ уайтагъд йæ цæстытыл ауад, йæ облигаци фондз мин сомы кæй рамбылдта. Иæ хъуыдытæ æмæ йæ цæстæнгас ма уыдысты га- зетмæ, афтæмæй йæ амонæн æнгуылдзæй йæ сæр æнæрхъуыдыйæ апыхта. Æвиппайды йæ нарст цæс- гомыл цины стъæлфæнтæ аленк кодтой. — Гаврилы чызг, магъарич аразыс? — хæдзар- мæ куы бацыд, уæд афарста Тембол. Саломе йæхи бабуц кодта, бахудти: — Цы хабар у, Уасилы фырт? Æвæццæгæн та дæ уæлдæр бынатмæ кусынмæ кæнынц? — Нæ, Гаврилы чызг, алы бон мæ кæм уæлæмæ кæндзысты, стæй кæм кусын, уый дæр мын мæгуы- рау куыст нæу. Уым фылдæр хъомылад дæдтын хъæуы нæ кæстæр фæсивæдæн... — Уый та куыннæ зонын, Уасилы фырт, уый тыххæй гуырысхо нæ кæнын, фæлæ уæддæр, зоныс, зоныс-.. Лæг цас размæ цæуа, цас ын фылдæр æн- 202
тыстдзинæдтæ уа, уыйбæрц адæймаджы зæрдæ- йæн æхсызгон у. Тембол Саломейы уæхскыл йæ рахиз цонг æрæ- вæрдта æмæ дзуры: — Уыцы хъуыдддæгтыл æндæр хатт æрдзур- дзыстæм, Гаврилы чызг, фæлæ, зоныс, нæ облигаци фондз мин сомы кæй рамбылдта, уый? Саломе, цины аныгъуылгæйæ, загъта: — Алге, о, цы мæ хъазыс! — Нæ, хъазгæ дæ нæ кæнын, — Тембол порт- фелæй сабыргай сласта газет, — фен-ма, мæнæ уый _ фондз мин сомы нæу? Саломейæн йæ цæстытыл ауад, уыйбæрц æх- цайæ цы бирæ диссæгтæ сараздзæн, уый. Ноджы тынгдæр ньгххудтис, йæ цæнгтыл фæйнæрдæм бæр- зонд схæцыдис æмæ сдзырдта: — Фондз мин сомы! Фæндзай мин сомы! Уый хъазып миййаг нæу. Мæ хæдзар ноджыдæр зы- наргъ фæллойæ байдзаг кæндзынæн... Фаллаг ха- тæн дæр алыгъуызон нывæфтыд гауызтæй сфæ- лындздзынæн. Мæ мад, мæ фыдæн дæр та дзы фæ- хай кæндзынæн. Къоборæн йæ нывонд фæуæд йæ ныййарæг мад, уымæн та дзы машинæ балхæндзьг нæн. Ныр нæм ноджыдæр цыдæр амонд бæстон æр- каст... Тембол Саломейы уæхскыл йæ рахиз цонг æр- уагъта, стæй иннæ хатæнмæ цингæнгæ фæцæуæг. — Ныр та облигаци дæр фенон мæхи цæстæй, кæннæуæд мæ нæ уырны. — Цафонма дæ нæ уырны, йæ уд мæ къухы куы ис, — загъта Тембол. Саломе скъаппы дуар худгæйæ бакодта, йæ къухæн азмæста, облигацитæ æвæрд кæм уыдысты, уыцы бынат... Æвиппапды йыл цыма исчи уазал дон ауагъта, афтæ фæцис. Рацагур-бацагур, æмæ облигацитæй иу дæр уым нал ис. Саломе адиппай- ды рауад æмæ Темболæп дзуры: — Уасилы фырт, дæ хорзæхæй, нæ облигациты кæдæм фæхастæуыд? — Цæй облигациты? — Нæ облигацитæй иу дæр ам нал ис!.. 203
—Уанцон нæу! Æвæццæгæн сæ æндæр искуы нывæрдтай æмæ сæ нал хъуыды кæныс? — Нæ, кæм сæ хъуамæ нывæрдтаин, ныр сæм иу мæйы бæрц агайгæ дæр нал фæкодтон... Бирæ ма сæ фæцагуырдтой, бирæ ма фезмæс- той, фæлæ облигацитæн сæ кой дæр нал разынд. Саломе æмæ Тембол куы кæцы хæстæджыты аххосджын кодтой, куы та кæцы сыхаджы, загъ- той, уыдон æнæзонгæ адæймаг нæ ахастаид. * X * Бонтæ, къуыритæ, мæйтæ цæуынц, æмæ та иу луыцаубон базары адæм хæлæфæй кæсынц диссаг- мæ. Иу æвзонг лæппу йæ палтойы æфцæгкоты йæ сæр æрбатыхта, афтæмæй адæмы ’хсæн топпы нæ- мыгау атахтис. Хæдзары аууон куыддæр фæци, афтæ фæтары... Йæ фæстæ лидзæг сылгоймаг ма тыхстæй хъæр кодта: «Хæцут ыл, хæцут, ма йæ ауадзут!» Фæлæ нал бафтыд йæ къухты. Банымæг уыцы хъуыддаг дæр... * * * Уый та уыдис дыккаг аз. Иу райсом адæм дзы- хæй-дзыхмæ исынц ныхас, дзурынц, зæгъгæ, дьг сон æртæ сахатыл Теботьг хæдзар фæхастæуыдис. Æрмæст ма сæ уæддæр иу амонд уый уыд, æмæ сæ уайтагъд милици базыдта. Фæллой бафтыдысты къухты. Давджытæй æртæйы æрцахстой. Уый фæстæ хъуыддаг цасдæр рæстæджы æрса- быр. Фæлæ та иу райсом адæм дзурынц, зæгъгæ, дысон æхсæвы æртæ сахатыл поездмæ цæуджыты бастыгъдæуыд... Ацы хъуыддаг дæр та агуырдтой, фæлæ нæ ра- ргом. Ныр уыйразмæйы хъуыддæгтыл дис ничиуал кæны. Уыдонæй диссагдæр у, пыртæккæ горæты адæм æмдзыхæй кæй тыххæй дзурынц, уыцы хъуыддаг. Оцæ йæ куыд скъахтой, омæ куыд фегом код- той хæдзары къул. Куыд бахастой сæ ныфс? Æх- 204
сæвы дыууæ сахатыл кæдæм ахастой уый бæрц- фæллой, æгас æфтауцдон!.. —Дæдтæй уыдон базон,—дзуры Саломе,—æмæ сæ адæмы раз бæласыл æрцауындз. Куыд ис уып гæнæн, æмæ искæй фæллой рахæссай, иокæй хъы- джы бацæуай! Куыд ис гæнæн, æмæ хицауады фæллой дæхи бакæнай, басæттай æфтауцдоны дуæрттæ, фегом кæнай бæстыхайы къул. —Мæ зæрдæ ахсайдта, Уасилы фырт, тæрсын, дæ хорзæхæй, уыдон махмæ дæр истæмæ баххæс- дзысты. Намæ. фарон, хъуыды ма кæныс, мæнæ нæ сыхæгты, Бибо æмæ Бабалы хæдзар куыд фæхастæ- уыд, сæ тæригъæдæй нырма дæр зæхх скъуыдтæ кæны. Амæйфæстæмæ, хуыцау дæ фæдзæхст, Къо- боры дæр никуыдæмуал ауадздзынæн. —Къоборæн та цæмæй тæрсыс?—хъазгæйæ заг’ъта Тембол,—Къобор æндæр лæджы фырт у! * * X ...Милици æппынæдзух зилы къæрныхты фæ- дыл. Иу ’бон, дыккаг бон, æртыккаг бон æмæ уал сæ иу бафтыдис къухты. Дыккаг бон æхсæвы дыу- уæ сахатыл Темболы дуармæ дæр балæууыдысты мишицийы минæвæрттæй дыууæ æмбалы. Сабыргаи бахостой дуар. Саломе уайтагъд фехъалис. — Чи дæ? Къобор?—Къоборы кой фехъусгæйæ, милицийы минæвæрттæ сæхимидæг бахудтысты. Райхъал Тембол дæр. — Цы хабар у, Саломе, кæмæ дзурыс? — Нæ зонын, чидæр дуар хойы. Кæд Къобор нæу?—æмæ та йæм дзуры: — Къобор, ды дæ? Уæдмæ Тембол фæгæпп кодта, дуар нæ, фæлæ фæрсаг бакодта. — Чи дæ? — Æз дæн, Тембол Уасилы фырт. Кæд гæнæп ис...—загъта ’милицииы минæвæрттæй сæ иу. Тембол амæсты, æнафоны йæ кæй бахъыгдард- той, уый тыххæй. Фæлæ йæ куыд нæ фæфиппайд- таиккой, афтæ сын дуар бакодта. Милицийы минæ- вæрттæ бацыдысты хæдзармæ. 205
— Де ’хсæв хорз, Тембол Уасилы фырт. — Арфæгонд фæут,—загъта сын уый. — Тембол Уасилы фырт, хатыр бакæн æмæ нын иу хъуыддаджы баххуыс кæн. — Куыннæ, куыннæ,—загъта сын сæрыстырæй Тембол,—мæ бои цы у, уымæй уын баххуыс кæн- дзынæн. — Уæдæ нæ дæ лæппу Къобор хъæуы. Тембол туджы азылдис: — Ау, уый та куыд! Уæ куысты хъуыддæгта^ уын Къобор скъуыддзаг кæны! — Æнæуи йæм нæ зæрдæ цæмæдæр æхсайы æмæ йæ хъуамæ афæрсæм. — Æмæ цæмæй æхсайы сывæллонмæ уæ зæрдæ? Уый уæ афтæмæй æнафоны куы, фена, уæд зæрдæ- скъуыд фæуыдзæн! Нæй! Æз уый бар нæ рат- дзынæн мæ хæдзары! Фæлæуут чысыл,—фæстæмæ фæзылд, телефоны хæтæл фелвæста æмæ дзуры: — Ало! Ало! Баиу мын кæнут областон милп цийы хистæры. — О, ды дæ! Де ’хсæв хорз! Æз Тембол дæн!— къæхты бынмæ ныуулæфыд, афтæмæй дзуры: — Дæ хорзæхæй, горæты дын мæнæй, мæ хæ- дзарæй зæрдæхсайгæдæр ничи цæры? Æхсæвы æр- тæ сахатыл мæм куы сæрвыстай дæ адæмы, уæд уанцон нæу, æз дын уый раны дæн, гормон! Цы ’рцыд, цы дын ракодтон- Кæсыс, цафон ма мæ ку- рынн хатыр, æмбисæхсæв мæ мидæггаг дзаумæтты æд бинонтæ куы слæууын кодтой, уæд. Раздæр-иу ахъуыды кæнут, раздæр-иу уæ хъуыддаг хорз сфи- дар кæнут, æмæ-иу уый фæстæ рæстаг адæмы ма «беспожоить» кæнут. Къобор, дам, кæм ис, Къо- бор?!. Æрфарстой мын стыр зæрдæхсайгæ лæджы... — Ноджы дæр бахатыр кæнут, Тембол Уасилы фырт. æмæ мын нæ минæвармæ телефоны х^тæл радтут. Тембол мæстæй дæдты телефоны хæтæл мили- цийы хистæр лейтенантмæ: — А, дзуры дæм!.. -- Хъусын!.. 206
— Уыцы аферист ам ис, мауал æй агурут... Милицийы кусджытæ сæ хистæры ныхасмæ гæс- гæ хатырдзинад ракуырдтой Тембол æмæ Саломе- йæ æмæ рацыдысты. Сæ фæстæ ма бирæ фæтыфылтæ калдтой Тем- бол æмæ Саломе æм-æ стæй баздæхтысты сæ улæ- фæн уатмæ. Уыдон хъæлæбамæ ма Марине дæр сыхъалис. Сыстад æмæ иу каст йæ ныййарджытæм бакæны, иннæ каст та Къоборы сынтæгмæ. Стæй сахатмæ фæкомкоммæ æмæ зæгъы: — Æмæ та кæм ис К/ьобор? Ныр мæиæ цыгпæ- рæм сахат дæр куы райдыдта, уæд та кæм х.æты? Саломе йæ къаннæг чызг Маринейы йæ хъæбыс- мæ æрбалхъывта æмæ йын дзуры: — Цæмæй йын тæрсыс, цæ, дæ нывонд фæуон, миййаг, чызг у æмæ йæ исчи аскъæфдзæн? Уый ныр лæг у, лæг^ мæ хъæбул... Дæлæ Æхсартæм ацыд, Æхсарæн, дам, ахсæв йæ гуырæнбон нысан кæнынц æмæ уый, йе ’мцахъхъæнтимæ, уыдонмæ рæстæг æрвиты. Марине амæсты æмæ мадæлусы уыйдзæф ба- кодта йæ мадæн: — Ахсæв уым ис, дысон æндæр ран æхсæвиуат кодта, уый размæ ’хсæв кæм уыд, уымæн ницы зо~ нут... Æмæ ма йын фен скъолайы йæ бæрæггæнæн- тæ. Намæ скъолайы та кæд вæййы? Цал æмæ цал хатты загътой йæ ахуыргæнджытæ скъолайы ди- ректорæн: «Къобор скъоламæ нæ цæуы. Куы вæййы, уæд- дæр нæ ахуыр кæны æмæ йæ ныййарджытæ æрба- цæуæд», фæлæ сымах никуы бацыдыстут, никуы йæ бабæрæг кодтат. Æмæ уый тыххæй мæнæн дæр цас уайдзæф кæнынц не скъолайы, нæ фæскомцæ- дисон организаци, фæлæ сымах... — Уый лæппу у, æз уый цахъхъæн куы уыдтæн, уæд уымæй галиудæр, уымæй фыдахиндæр уыдтæн, мæ чызг. Фæлæ цы мæгуырау лæг рацыд дæ фыд?— хъазгæйæ та загъта Тембол йæ чызгæн^—уый са- хуыр кæндзæн, ма тæрс. Къоборæй лæг рацæудзæн, 207
лæг, ныр уал бафынæй кæн, мæ цъæхдзаст чызг, чысыл ницæуыл дæр ма маст кæн. — Баба, уый чысыл хъуыддаг нæу- Нæ зонут, Къобор цалдæр азы цахæм æмбæлттимæ цæуы, уый. Нæ зонут, ахсæв дæр та уæ кæй фæсайдта, уый. Нæ зонут, уый скъолайæ, фæскомцæдисы рæн- хъытæй кæй сисдзысты, уый тыххæй мæн кæй æф- хæрынц... — Мæ чызг, ды ахæмтыл дæхи ма тыхсын кæн. Цалынмæ Темболы цæст æрттива, уæдмæ Къобо- рæн тас нæу. Уый лæппу ул æмæ лæппуйыл æппæт- дæр фидауы... Иу бон горæты адæмон тæрхондоны къухбакæ- нæн нал уыдис. Сæргуыбырæй бадынц Тембол æмæ Саломе дæр. Уалынмæ æрбакодтой Къобор æмæ йе ’мбæлтты. ...Тæрхондоны раз Къобор басастис йæ фыдра- кæндтыл. Уый басастис, кинойы иу лæджы дзып- пæй куыд фелвæста 15 сомы, басастис, базары иу ус йæ хъуг куыддæр ауæй кодта, æмæ дзы æхца райста, афтæ йын йæ къухæй кæй раокъæфта 370 сомы. Басасти, горæты фондз хæдзары куыд басас- та йе ’мбæлттимæ. Басастис, æхсæв поездмæцæу- джыты куыд бастыгътой, куыд фегом кодтой горæ- ты стырдæр æфтауцдон æмæ дзы куыд ахастой дæс мин сомы аргъ фæллой. Æппæты фæстаг басаст, йæ иыййарджытæй 5 мин сомы аргъ облигацитæ куыд адавта æмæ сæ фондз сæдæ сомыл куыд ауæй кодта. Басастис, фæндзæм къласы куы ахуыр код- та, уæдæй фæстæмæ кæй ныл-лæууыдис мæгуырау фæндагыл. Къоборы ныхæстæм йæ ныййарджытæ, цыма тæвд къæйтыл бадтысты, уыйау сæхи радав-бадав кодтой, сæ хуыз ивтой... Къоборы ма-иу тæрхонгæнджытæ ноджыдæр истæмæй куы афарстой, уæд-иу ныййарджытæ сæхи фæцæймардтой: ;— Ма тыхсын кæнут сывæллоны!.. Уый у уæ хъомылад? Уый у уæ рæстдзинад?! 208
— Тæрхондоны агъоммæ хъæбултæн хъомылад радтын нырма ныййарджытыл æмбæлы, ныййар- джытыл, Тембол æмæ Саломе. Ныййарджытæн сæ хъæбул уал азы дæргъы æгас æхсæвты хæд?армæ куынæ фæцæуы, уæд-иу æй хъæуы бафæрсын кæм дæ, зæгъгæ, кæм хæтыс? Сымах уæ лæппуйæн хъо- мылад нæ радтат, фæлæ йæ рæвдз кодтат знаги- уæджы фæндагыл. Ныр уæ фæнды æппæт дæр, фæ- лæ байрæджы... Æмæ сымах дæр хъуамæ дзуапп радтат,—загъта тæрхонгæнæг, йæ къух Саломе æмæ Темболмæ адаргæйæ. 14. Дзигойты Г. 209
ЦЫ САРÆЗТА НОГ ЧЫНДЗАГ? Æртыккæгæм бон мæ хъуыддæгтæ балхынцъ кодтон. Сарæзтон, бафæдзæхстгонд фарсты тых- хæй мæ цыдæриддæр хъуыдис, уыдон! Стæй мæхи рабæлццон кодтон нæхимæ. Фæндагыл мыл хæрх- æмбæлд фæцис мæ рагон зонгæ Мухар. Кæрæдзи- йыл тынг бацин кодтам. Æнæуæлдай дзырдæй мæ къахдзæф нал ауагъта. — Цалдæр азы кæрæдзи нæ федтам. Стыр хон- гæйæ дæр та дæ нæхимæ æййафгæ не ’ркодтаин. Ныр абон куыст фæцис. Райсом та хуыцаубон у æмæ ахсæв иумæ фæныхæстæ кæндзыстæм. Æры- мысдзыстæм нæ рагон хъуыддæгтæ... Хæлар æмгары ныхас дуры гуыбыны дæр хъа- ры. Мæнæн дæр мæ бонуæлдай дзурын нал бацис æмæ фæцæуæг дæн Мухаримæ. Базонгæ дæн йæ бинонтимæ. Хъæлдзæг, цардæфсæст бинонты уын- дæй мæ зæрдæ дæр барухсис. Æризæр. Хур йæхи æрæмбæхста дард хæхты фæстæ. Ильичы цырæгътæ цæхæртæ скалдтой æгас хъæуы. Уалынмæ нæм уынгæй иу къаннæг лæппу- йы хъæр æрбайхъуыст. Мухар фестад æмæ йæм ра- уад. — Цы хабар у, Вася, цы фæдисы хъæр кæныс?— хъазгæйæ йын загъта Мухар, стæй йын узæлгæ йæ къух йæ уæхскыл æрывæрдта æмæ йын дарддæр дзуры: — Рахиз нæм хæдзармæ, нæ уазæг фæу. Вася фефсæрм, зæхмæ фемдзаст æмæ афтæмæй дзуры: — Мæ фыд мæ дæумæ æрбарвыста. Уазджытæ, 210
дам, нæм æрцыд, æмæ, дам, нæм æнæмæнг рацу дæ уазæджимæ. — Дæ уазæджимæ, дам... Æмæ, дам, мæ уазæ- гæй уæ уазджытæ, ома, хуыздæр сты? Ацу æмæ йын афтæ зæгъ: ды, дам, нæм рацу æд уазджытæ. — Нæ, нæ, æнæмæнг, дам, рацу. Ды, дам, цы адæмы зоныс, уыдон, дам, æрцыдысты... — Ды, дам, цы адæмы зоныс, уыдон, дам, æр- цыдысты?.. Мухар ахъуыды кодта, стæй лæппуйæн дзуры: — Хорз, чысыл фæстæдæр ацæудзыстæм. Мухар хæдзармæ æрбацыд. Зындис ыл, цæуыл- дæр кæй тыхст, уый. Стæй йæ усмæ фæдзырдта: —Уæ, Нинæ! Дæ митæ уал фæуадз æмæ рауай ардæм. Мухары бинойнаг Нинæ^ нæм хыссæйæдзаг къухтæй æрбауад, уый афтæ фенхъæлдта, зæгъгæ, æхсæвæрыл цæмæй ноджыдæр батагъддæр код- таид, уый тыххæй йæм фæдзырдта йæ лæг æмæ йын дзуры: — Ныртæккæ, ныртæккæ, чысыл ма бахатыр кæнут. — Нæ, æз дæм уый тыххæй нæ дзурын. Кæдæм тагъд кæнæм. Уæлæ нæ сыхæгтæм уазджытæ æр- цыд æмæ нæм æрырвыстой... Б»æргæ мæ нæ фæн- дыд, фæлæ гæнæн нæй. Ныр уал мах уырдæм ацæудзыстæм... — М’æ сæр амæла, уанцон нæу. Æз изæрсарæй уый тыххæй фыдæбон кодтон?.. — Ницы кæны. Уыдон дæр нæхи сты. Мухар мæнæн радзырдта, чи сты, æмæ сæм ца- хæм уазджытæ ис, уый. Бацыдыстæм. Мухар мæ базонгæ кодта фысымтимæ дæр æмæ уазджыти- мæ дæр. Кæрæдзийыл бацин кодтам. Ныхæстæ дардыл сты, фæлæ хъуыддаг бæстон аскъуыддзагис. Уазджытæ нысайнаг радтой иу мин сом æхца; сыгъзæрин сахат, къухдарæн æмæ коджы бирæ цыдæртæ. Цæл æмæ хъæлдзæгдзинад хæдзары цар исынц 211
хæрдмæ. Уалынмæ уазджытæй сæ иу йæ чындзагæн дзуры: — Дæ хорзæхæй, уазал дон мын адар. «Уазал дон мын адар», зæгъгæ, фехъусгæйæ, фысым фынджы сæрæй фестад. —Стæй куыд, æмæ мæ уазæг фынгыл дон бана- за? Æркур сæн, арахъ. Гъе, та сау бæгæны!.. — Дæ хорзæхæй, æмбарæм дæ, фынгтæ хæрд æмæ нозтæй семыдзаг кæй сты, фæлæ мын бар радт æмæ иу агуывзæ уазал дон баназон. Фысым ма йæхи ахылгæнæг кодта, фæлæ уæдмæ ног чындзаг фынгæй доны графин райста, донны- уазæн агуывзæйы дзы рауагъта æмæ йæ уазæгма^ дæдты. Ацы рæстæджы йыл йæ фыд фæхъæр кодта: — Уазæджы уазал дон хъæуы!.. Чызг доннуазæн агуывзæйы йæ хистæр æн- гуылдз æмбисы уонг ныккодта æмæ дзуры: — Нырма уазал у, папа. К/ьух дзы нæ лæууы!.. Уазджытæ джихæй аззадысты. Иу каст сæ чындзагмæ бакодтой, фæйнæ касты та кæрæдзи- мæ... 212
ÆНÆБАРЫ ХОНÆГ Куыддæр мæ фысым хæрд æмæ нозт æрцæт- тæ кодта, фынгыл сæ æрæвæрдта, куыддæр фыццаг агуьцвзæ йæ къухмæ райста, афтæ, цыма Зауырбег йе оны каст, уыйау йæ къæдз лæдзæджимæ къæ- сæрыл æрбалæууыд. Тыргъы дуарыл æрбахæцыд æмæ мидæмæ иураст фæцис. Фысым æй ауыдта. фæгæпп кодта æмæ йæм дзуры: — Табуафси, мидæмæ, мидæмæ, бахъиамæт кæн æмæ иу чысыл нæ уазæджы цур абад. — Куыннæ, куыннæ. Къæсæрæй дæр ма кæм аздæхдзынæн. Уæлдайдæр мæ уæ уазæджы цур абадын фæнды. Худинаг дæм нæ кæсы, худинаг, Мæхæмæты фырт. Ныр дыккаг бон дæ уазæг ам ис æмæ йæ уынынмæ цалынмæ мæхæдæг æрцьгдтæн, зæронд лæгæн нæ бафыдæбон кодтай, уæдмæ нæм уæ сæр нæ бахастат. — Нæ нын фæцис рæстæг, Зауырбег. Бауырнæд дæ, нырма дыккаг бон ис ам æмæ нæ никуыдæм авдæлдис. Æцæг, знон уæртæ магазины уыдыстæм æмæ уæм хъуамæ ныууадаиккам, фæлæ мын фæ- зивæг кодта... Зауырбег Бебейы ныхæстæм йæ бандонæй фæ гæпп кодта. Арахъхъы агуывзæ фынгыл авæрдта æмæ йæхи мæстæй хылгæнæг скодта. — Бебе, чысылæй фæстæмæ иумæ схъомыл стæм, иумæ базæронд стæм æмæ абоны онг не ’мбæрстон, дæуæн дæ цæхджын хойраг хæринаг кæй нæу> уый! Куыннæ бауарзта дæ цæст, рагæй фæстæмæ йæ уындмæ кæмæн бæллыдтæн, уый къух мын райсын кодтаис, мæ хæдзары дуар чердыгæй ис, уый йын бацамыдтаис! 213
— Ницы кæны, Зауырбег, дæ зæрдæхудт райсы- ны бæсты дæм изæры бахъиамæт кæндзыстæм. Ныр уал бадгæ æркæн, фысымæй дæр æмæ уазæгæй дæр худинаг у,—загъта йын Дбо. Зауырбегæн, цыма, Дбойы ныхæстæй йе уæнг- тыл ихджын дон ауагъдæуыд, афтæ фæцис. Ныр фынгмæ дæр нал, фæлæ зæхмæ’ æмдзастæй азза- дис, стæй сдзырдта: — Изæры зæгъыс? — О, о, изæры. Дæхæдæг зоныс, уазæг сыхæн иумиаг кæй вæййы æмæ йæ æз дæр изæры хонинаг уыдтæн, фæлæ хистæр лæджы хъыг райсынæй мæ- лæт хуыздæр у. Æз уал фæлæудзынæн. Соммæ дæр бирæ бонтæ нал ис... Зауырбег йæ алыварс аракæс-бакæс кодта, бæ- рæг уыд йæ лæдзæг æмæ йæ худ кæй агуырдта. Æнæбары ма загъта: — Уæдæ сæ изæры фæлтау ды фæхон. Æз мæ- хæдæг сымахмæ бахъиамæт кæндзынæн. — Махмæ? — О, сымахмæ. — Табуафси. Уæдæ баныхас .кодтам: абон изæ- рæй махмæ, сом та сымахмæ. Хорз? — Нæ, цæй, афтæ бакæнæм æмæ нæ уазæг сом изæр дæр æххормаг нæ баззайдзæн. Йæ фысымыл мæ зæрдæ дарын. Фæлтау уал æз мæ хъуыддаджы фæдыл ацæуоп. — Искуы дæ исты хъуыддаг ис?—фæрсы та йæ Дбо. — Уастырджистæн, ардæм дæр мæ тыххæй фев- дæлдис. Ахæм хъуыддаг мæ ис, ахæм æмæ йæ куы зонис, уæд мæ дæхæдæг дæр нæ бауромис. —Уагæр цахæм хъуыддаг у?—загъта йын мæ фысым. — Хъуыддаг стыр, Не ’фсин цæхджын пъамидор- тæ æвæры æмæ дæ, хуыцауæй бауырнæд, раст ма æрдæг ведра фæцух сты. Ныр сæ æххæстæй куынæ нывæрæм, уæд, дам, сом-сомæй саг æнæ къуди куыд баззад, афтæ нæ боцкъа дæр хъаджджынæй баззайдзæнис. 214
— Уанцон нæу. Æрдæг ведра пъамидортыл тых- сыс? Рарвит махмæ ’æмæ дын æртæ ведрайы рат- дзыстæм. Уый тыххæй мын дæ сæр дæр ма срис- сæд,—загъта та йын Дбо. — Æрмæст пъамидортæ нæ, фæлæ ма мæ æнæуи дæр хъуыддаг ис. Æвæццæгæн ацы бонты нал æр- хаудзынæн нæхимæ... — А, уæдæ хорзыл амбæл. Мах бахъиамæт кæн- дзыстæм уазæгимæ, мауал байрæджы кæн, дæ хор- зæхæй,—загъта йын Дбо æмæ йын йæ къух и-сы. Зауырбег æмæ Дбойы ныхæстæ Бебемæ хар- дзау фæкастысты, иу чысыл ма сæм байхъуыста, стæй сын загъта: — Уæ хорзæхæй, Зауырбег æмæ Дбо, цæуыл уыйбæрц уынаффæ кæнут. Уый бæсты ма фæйнæ баназут. — Бахатыр кæн, Бебе, цæуыл тагъд кæнæм, нырма рæстæг нæ къухы ис. Дыууæ, æртæ боны ыын фаг у... — О, мæ æз дæр ууыл дзурын. Нæ рæстæгæй спайда кæнæм. — Стыр бузныг, Бебе, уæлдай хатын мæм нал хъæуы. Рæстæг мæнмæ не ’нхъæлмæ кæсы...—загъ- та ма Зауырбег. — А, уæдæ нын ды ,дæр бахатыр кæн. Фæндыд нæ, цæмæй немæ абадтаис, фæлæ иугæр афтæ у хъуыддаг, уæд нæй гæнæн... Зауырбег кæд минас кæнынмæ æрцыдис, цæлы фынгыл æрбадтис, уæддæр æй йе ’взаг феоæфта. Иу ма анызта, стæй сыстад, фæстæмæ ма фæкаст æмæ йæ фæндаг æнæбары балхынцъ кодта. 215
САБИТЫ ХÆЛАР ДОХТЫР Чысыл раздæр ма стъалытæ калдтой цæхæртæ. Мусы йас мæй та йæ фæлурс тынтæй рæвдыдта дунейы. Фæлæ æвиппайды æрбацасæста. Арвы кæ- рæттæ ферттывтой, цæхæртæ акалдтой, стæй нын- нæрыд. Сæрдыгон хъарм къæвда нырма сабыргай райдыдта уарын, стæй йæ фæфылдæр кодта... Стæм хæдзæрттæй ма тæмæнтæ калынц рухсы- тæ. Ныр чи хъуамæ уой уыдон? Чи ма хъуамæ бада æмбисæхсæвæй фæстæмæ? Æниу ам диссагæй цы ис? Цард вазыгджын у!.. Гæнæн ис, æмæ адæмæй иутæ æрвитой хъæлдзæг рæстæг. Дзаджджын фынг уæз кæна хæрд æмæ ноз- тæй. Стыр циндзинад нæра уæларвмæ. Иннæтæ та æнхъæлмæ кæсой сæ бæлццонмæ,—цыты уазджы- тæм. Æмæ бирæтæ та кæной сфæлдыстадон куыст, арф хъуыдытæ сæ сæхимæ афтæ ’лвасой, æмæ æм- бисæхсæв нæ, фæлæ сыл куы сбон уа, уæддæр æй мацæмæ ’рдарой. Гъе, æмæ уæлдæр ранымайгæ хъуыддæгтæ се ’ппæт дæр сты тæхудиаг. Фæлæ горæты кæрон иу хæдзарæй цы рухс кæлы, ус æмæ лæг хæдзары иу къуымæй иннæ къуыммæ сæхи’ кæм æппарынц, уым, цьша, тæхудиаджы хъуыддагæй ницы ис. Уы- дон ацы хатт æмбисæхсæвмæ кæй бадынц, уый бæллицаг нæу. Сæ саби абон райсомæй йæ ныййарджытæй ахъуызыд, бон ’изæрмæ йæхи Леуахийы фæнадта, уазал дзы бацыд, сихæн кодта æмæ ныр та артау судзы. Нал кæсы цæстæй... 1— Хъуыддаг хорз нал у, æнæмæнг фæдзурыи 216
хъæуы тагъд æххуысмæ, загъта сабийы фыд Æл- борты Георги. Сывæллоны мад, Варæ, иудзæвгар ахъуыды код- та, стæй загъта: — Тагъд æххуысы дохтырмæ нæ, фæлæ фæдзу- рæм сывæллæтты дохтырмæ. ...Телефоны зæлланг анæрыд Тбилисы уынджы 17-æм хæдзары. Фæлæ фæллад адæймагæн йæ фы- нæй адджын вæййы. Телефоны зæллангмæ Евгеня сынтæджы йæхи базмæлын кодта, фæлæ нæ рай- хъал. Евгеняйы мад Аннæ телефоны хæтæл систа. ис- дуг ахъуыды кодта, стæй йæхимидæг загъта: «О, ме ’сфæлдисæг, ацы чызг ма улæфгæ та кæд хъуа- мæ бакæна? Уымæй дæр къæвда бæстæ ласы»... Æмæ дзуатш радта: — Ам нæй,—стæй телефоны хæтæл æрьцвæрдта. Ацы рæстæджы Евгеня фехъал. Фестад йæ сын- тæгæй æмæ пæ мадæн дзуры: — Чи уыд, нана, чи мæ агуырдта? — Нæ йæ базыдтон. Ницы мын загъта: — Нæ, нана. ацафон мæнмæ æнæхъуыддаг >ни- чи фæдзурдзæн. — 0> æнæхъуыддаг ничи! фæдзурдзæн. Фæлæ цавæр хъуыддаг хъуамæ уа æмбисæхсæв, къæвда бæстæ куы ласы, уæд куыд хъуамæ ацæуай? Евгеня Михаилы чызг иудзæвгар æдзынæг алæууыд, стæй телефоны хæтæл сиСта "æмæ горæты сывæллæтты рынчындонмæ фæдзырдта (ацы рын- чындоны уый кусы хистæр дохтырæй): — О, ды дæ, Олгъæ Семены чызг? — Æз дæн, æз, Евгеня Михаилы чызг. Цы ха- бар у, ацафон цæй тыххæй батыхсын кодтай дæ- хи?—бафарста йæ радгæс. — Æмæ мæм нæ дзырдтат? Рьшчынтæй исчи тыхсы, миййаг? Рынчындонæй йын дзуапп радтой махæй дæм ничи дзырдта, зæгъгæ. — Уæдæ хорз. Хæрзæхсæв рау,—стæй телефоны хæтæл сабыргай æрывæрдта. 217
Евгеня телефоны раз æрбадт æмæ хъуыды кæ- ны: — Уæдæ чи уыдаид, чи мæ агуырдтаид? Куыд ис афтæ гæнæн, æмæ адæймаг тыхст ма уа, афтæ- мæй æмбисæхсæв, ахæм къæвда рæстæджы дох- тырмæ дзура?—æмæ та йæ мадмæ бустæгæнæгау бадзырдта: — Æз дын амæлон, нана, æз. Цæй тыххæй мын сфыдæбон кодтай... — Мæнæ диссаг: о, мæ дын æз дæр тæригъæд кæнын, тæригъæд. Æз дæр мад дæн æмæ мын ма- ды зæрдæ ис. Æхсæв æмæ дын бон улæфт куы нæ ис, уæд кæдмæ бафæраздзынæ афтæмæй? — Æмæ ахсæв йæ рынчыны уæлхъус тыхстæй чи кæсы, йæ зæрдæ дойнагдурæй уазалдæр кæмæн у, йæхи хæдзары цьиппар къуымы чи1 раппар-бап- лар кæны, уый тæригъæддæр нæу? Нана, царды адæймагæй зынаргъдæр куы никуы ницы ис, уæд ма уый æнæниздзинадыл дохтырæй тынгдæр чи хъуамæ батыхсын кæна йæхи. Ацы рæстæджы та телефоны зæлланг ногæй ай- хъуыст. Евгеня дæр уайтагъд телефоны хæтæл ^фелвæста æмæ дзуры: — Алло, хъусын.., — Бахатыр кæн, фæлæ ма мын зæгъ, Евгеня Михаилы чызг æрбацыдис, æви нæ? — Æз дæн. Хъусын!.. — Кæд ма искуы тыхст адæймагæн баххуыс кодтай, кæд искуы искæмæн удыбæстæ скодтай, уæд махæн дæр баххуыс кæн,—уынгæг хъæлæсæй дзуры рыичыны хицау. — Гæнæн уæвгæйæ, мæхиуыл фæстæмæ нæ фæ- хæцдзынæн. Фæлæ чи дæ, цы хабар у? — Æз ам, горæты, Карл Марксы уынджы цæ- рæг Æлборты Георги дæн. Стыр хатыр бакæн, æна- фоны дæ кæй батыхсын кодтон, уый тыххæй, фæлæ тыхст адæймаг цæхæры дæр æппары йæхи. Нæ сьг вæллон тынг фæрынчын, ницыуал зонæм, цы ма йцн саразæм... Евгеня, телефоны хæтæл йæ къухы, афтæмæй 218
рудзынгæмбæрзæныл иуырдæм ахæцыд, акаст дуар- мæ æмæ къæвда къæртайæ калæгау сæх-сæх кæ- ны, дымгæ рудзгуытæм хæссы къæвдайы дон. Æмбисæхсæв. Дохтыр балæууыд Æлборты Георгийы къæсæрыл, дуар бахоста æмæ сæм ба- цыдис. Георги æмæ йæ йæ ус куы федтой, уæд сцин кодтой. Загътой: — - О, дунескæнæг... цæмæй ма дын хъуамæ ба- фидæм дæ хорздзинæдтæ. — Цæй, уыдæттæ уал ныууадзут, фæлæ мын тагъддæр фенын кæнут уæ рынчыны. Мад æмæ фыд дыккаг хатæнмæ бакодтой дох- тыры. Евгеня сбарста рынчыны тæвд. Туджы зи- лынц сабийы цæстытæ. Нал æмбары йæхи. Евгеня сабийы лыстæггай куы басгæрста, уæд ын уайтагъд сарæзта тæвд æрсабыргæнæн судзин, йæ ныхыл ын авæрдта уазал кæттаг. Афтæмæй, ца- лынмæ саби фæсæрæн, цалынмæ йæ тæвд æрсабыр, уæдмæ дохтыр йæ цурæй нæ ацыд. Бон дæр цъæх кæнын байдыдта... Саби фæсæрæн. Евгеня стыр удыбæстæ скодта. Мæлæты дзыхæй байста чысыл Хъазбеджы, фæлæ йæ зæронд мад Анна та æгас æхсæв йæ цæстытæ гъыид нæ акодта. Хæдзары иу хатæнæй иннæ ха- тæнмæ, иу къуымæй иннæ къуыммæ йæхи цæф ар- сау æппæрста, иу каст-иу сахатмæ кодта, иннæкаст та рудзгуытæй дуармæ. Зæрдæ дойнаг дурæй уæз- заудæр ныццис. Цæстытæ зынгау сырхæй æртти- вынц... — Уæдæ бон дæр кæны, уæдæ къæвда дæр фен- цад. Кæм ис? Сылгоймаг куы у, куыд йæ ныфс ба хаста ахæм рæстæджы æмбисæхсæв иунæгæй цæ- уынмæ? Цы ме ’взаг бахус, цæуылнæ йæ бафарстон, кæмæ цæуы, чи йæм фæсидтис? Мæ къона мын ма оайхала... Æмæ-иу цы нæ хъуыды сывзæрд зæронд усы сæры магъзы. Уалынмæ Евгеня дæр фæлладхуызæй æрбацы- дис. Иæ мад æй куыддæр ауыдта, афтæ йыл са- биау скуыдта... 219
— Мæ хъæбул, цы чысыл цæрæнбон ма мын уы- дис, уый мын æмбисыл ахицæн кодтай... Гормон, æз дæр мад куы дæн, мад. Кæд исчи йæ сывæллоныл тыхсы (æниу адæм иуылдæр сывæллæттæй байрæ- зынц, алкæй сывæллон дæр йæ ныййарджыты фæн- диаг фæуæд), уæд æз мæ дарæг хъæбулыл куыннæ хъуамæ батыхсон?.. Зæгъгæ мын уæддæр кодтаис, кæй не ’рбацæудзынæ, уый. Намæ нæм цы телефо- пæй дзырдтой, уымæй уæддæр фæхабар кодтаис... — Нана, ныххатыр мын кæн. Афтæ ’нхъæл нæ уыдтæн, æмæ æгас æхсæв уым баззадаин. Фæлæ фырыхъулы хуызæн сабийы ахæм уæззау рынчы- нæй куы федтон, уæд мын мæ цæсгом бар нал рад- та уый удисгæйæ ныууадзын. Телефоныл та сæм цыдæр бæллæх æрцыдис, æмæ дæм уый тыххæй нал фæбæрæг кодтон. Зыдтон дæ зæрдæ кæй æхсай- дзæнис, фæлæ гæнæн нал уыд. — «Гæнæн нал уыд», «гæнæн нал уыдæй» мæ- нæн алы хатт мæ зæрдæ фæриссын кæныс æмæ дæ бар дæхи... Уый æнхъæл куы ’уыдаин æмæ ды алы хатт афтæ фыдæбон кодтаис, уæд дæ цæй медици- нон скъоламæ æрвыстон. Хуыздæр нæ уыд ахуыр- 1æнæг, кæнæ агроном, инженер, гъе, та æндæр ис- ты дæсныйад райсын? — Нана, уыдон сегас дæр хорз сты. Фæлæ цар- ды адæймагæй диссагдæр, уымæй зынаргъдæр ни- куы ницы ис. Уый иу хатт райгуыры æмæ нын пæ райгуырдæй фæстæмæ йæ мæлæты бон хъахъ- хъæнынæй стырдæр хъуыддаг нæй. Мæлæт... уый гуырæн бон нæу миййаг. Æмæ йьш мæлæтæй бах- хуыс чындæуа, уый тыххæй та, сæпраджы дæр, хæсджын у дохтыр. Алы дохтыр дæр хъуамæ йæ дыууæ цæсты гагуыйау хъахъхъæна адæймаджы æнæниздзинад, уый царды бонты æмæ, — дзуры дарддæр хъазгæйæ, — ды мæп, дæ чызджы дох- тырты скъоламæ куы сфæнд кодтай, уæд ууыл цæмæннæ хъуыды кодтай?.. Æй, нана, зонын, алы хатт мæм афтæ бирæ кæй фенхъæлмæ кæсыс, уый, тыххæй мын ныххатыр кæн. Æз дын фенун кæндзынæн, мæлæтæй кæп фервæзын кодтон, уы- 220
цы лæггаджы, æмæ Дæ уæдферох уыдзæн абоны маст, æгæрыстæмæй ма мæ бузиыг дæр фæуы- дзынæ. Мады зæрдæ фæрогис. йе нцъылд рустыл ци- ■IIы стъæлфæнтæ аленк кодтой, афтæмæй загъта: — Хорз, мæ хъæбул. Фæраз адæмæн лæггад к*г- нын. Уый стыр хъуыддаг у. Уымæй ды кад кæн- дзынæ æрмæст дæхицæн нæ, фæлæ дæ ныййарæг мад, дæ мыггаг, дæ адæмæн. Уый та уыд уый фæстæ бон. Евгеня облæххæст- комы æнæниздзинады хайадæй куыддæр æрхызт, афтæ йыл амбæлдис иу сылгоймаг. Йæ размæ ба- уад,/салам ыи радта æмæ йын дзуры: — Ныххатыр кæн, чи зоны, æмæ дæ ам, уын- джы кæй æрлæууын кодтон, уый æххæст раст нæу, фæлæ тыхст адæймаг цы нæ кæны... — Нæй гæнæн, мæ хур, зæгъ мын, цы хабар у? — Мæ саби тыхджын рынчын у. Ныр дæ дыууæ боны агурын, знон дæ Къуаисайы хуыдтой. Абон дыл кæй сæмбæлдтæн, уый тыххæй мæ зæрдæмæ, цыма, хуры тынтæ бандæвтой, афтæ фæдæн. — О, цалдæр боны К/ьуаисайы уыдтæн, фæлæ мæнмæ цæмæн æнхъæлмæ кастыстут, ахæм рынчы- ны тыххæй бонтæ нæ, фæлæ минуттæ хъæуы ны- майын. Рæстæгыл ын хъæуы хос кæнын. Уæхæдæг зонут, горæты æрмæст æз нæ дæн сывæллæтты дох- тыр. Ис нæм бирæ дохтыртæ,—Евгеня йæ сахат- мæ æркаст æмæ ма загъта. — Дард цæрыс? — Уыйбæрц дард нæ, Гурамишвилийы уынджы... — Æз дæ уымæн бафарстон, æмæ рыйчындонмæ дæр тагъд кæнын. Ныр дзы æндæр гæнæн кæд нал ис, уæд тагъддæр цæугæ æмæ йæ фенæм... Иудзæвгар куы ауадысты, уæд та сыл иу ус æмæ лæг хæрхæмбæлд фесты. Усæн йæ къухы, афæдз æмæ æрдæг кæуыл цыдис, ахæм саби. Уы- дон дыууæйæ йæ разы æрлæууыдысты æмæ йын дзурынц: 221
— Мах дæ мад, дæ фыды уазæг. Стыр хагыр нын бакæн, æмæ нын нæ рынчын сабийы фен. Евгеня сабимæ æркаст... Стæй йе ’мбалæн æф- сæрмдзæстыгæй загъта: — Ныр та мын ды бахатыр кæн. Ацы рынчын сабийы уал мæнæ поликлиникæйы басгарон. Уый дæр уæлдай ницыуал загъта æмæ поли- клиникæйы размæ куы бацыд, уæд уым æрлæууыд æмæ йæм æнхъæлмæ каст. Евгеня фондз минуты фæстæ тагъдгомау рауад æмæ дарддæр уыцы рынчыны хицауимæ фæцæуæг. Евгеня Гурамишвилийы уынгыл цæрæг Гæбæ- райы фырты сабийы дæр басгæрста. Рафыста йын хостæ. Бафæдзæхста сæ, куыд æм хъуамæ дарой сæ хъус æмæ стæй рынчындонмæ ацыдис. Ныййарæг мадмæ йæ сабитæ куыд фенхъæлмæ кæсынц, афтæ йæм æнхъæлмæ кастысты рынчындо- ны цалдæр рынчыны. Иууыл диссаг у Евгеняйы ахаст рынчын сабитæм. Саби цахæмфæнды тыхст уæд, уæддæр æй афтæ барæвдауы, æмæ рынчын са- би йæ низ нал фенкъары. Æмæ чи фæнымайдзæн Евгеня Михаилы чыз- джы хорздзинæдтæ? Чи фæуыдзæн уыдоныл дзырд... Гъе, уый тыххæй йæ хонынц, куыд нæ горæты, афтæ нæ областы цæрджытæ сабиты иумиаг уарзон мад, сабиты цæрæнбон дарддæргæнæг. Хетæгкаты Евгеня Михаилы чызгæн йæ хорз куысты тыххæй л&вæрд æрцыдис Гуырдзыстоны Республикæйы номдзыд дохтыры ном. Уый сæвзæрстой адæм Областон Советмæ дæр депутатæй. Хорзæхджын æрцыд цалдæр медаль æмæ грамотæйæ. Евгеня кусы сабиты областон рынчындоны хис- тæр дохтырæй ныр цалдæр азы. Бафæнддзæн нæ номдзыд дохтыр Хетæгкаты Евгеня Михаилы чызгæн йæ дарддæры куысты стыр уæлахиздзинæдтæ! !>2:!
К Ъ О Б А Иу улæфты бон ме ’мбалимæ тезгъо кодтон пар- чы. Нæ размæ рацыд къаннæг, саулагъз лæппу. Дæрддзæфæй мидбыл бахудтис, йæ худ фелвæста æмæ нын салам радта. Æз фæфиппайдтон, уыцы лæппу ме ’мбалæн зонгæ кæй уыдис, уый» æмæ йæ афарстон: / — Тинатин, чи дын у уыцы лæппу? Тинатин бахудтис æмæ мын сæрыстырæй загъ- та: — Уый у мæ ахуыргæнинаг, йæ ном — Къоба. Æгъдауджын, ахуырмæ тынг рæвдз сывæллон.Ныр- ма къаннæг у, цыппæрæм кълас фæцис, фæндзæм къласмæ ацы сæрд ахызтис, фæлæ хъуыддагмæ аф- тæ арф бацæуы, ныхас дын ахæм хуызы зæгъдзæн æмæ адæймаджы уæнгты ахъары. — 0,,куыд тæхудиаг сты ахæм уарзон хъæбу- лы ныййарджытæ, — загътон-æз. — Тæхудиаг, æмæ стæй цахæм... — Кæсыс, æз уыцы сабийы фыццаг хатт федтон, фæлæ йæ уагахастæй мæ зæрдæ барухс, куыд ба- бæллыдтæн, уый цы бинонты ’хсæн хъомыл кæны, уыцы бинонтæм. Ныр исчи æнæзонгæ сабийæ аф- тæ куы зæгъа, зæгъгæ, тæхуды дæ хицау фест, уæд ма царды уымæй амондджындæр хъуыддаг исты ис? Мæнмæ гæсгæ ницы. Тинатин ноджы тынгдæр ахъуыды кодта æмæ стæй загъта: — Уæдæ, уæдæ, ныййарджытæн уый у иууыл амондджындæр хъуыддаг... — Де знаг мæнг зæгъæд, нырма мæ сабитæ чы- сыл сты, фæлæ ныридæгæн мæт кæнын: миййаг сын мады лæггадкæнын мæ бон куынæ бауа. Мий- 223
йаг уыдонæй дæр æмæ æхсæнадæй дæр хъæстаг куы фæуон... Фæлæ нæ, мæхи уыйбæрц нæ ауадздзы- нæн, æгаддзинад нæ сараздзынæн. Æппæтæгъда- уæй дæр тырндздзынæн, цæмæй сын ныййарæджы лæггад бакæнон. — Раст зæгъыс, — иуæй-иу ныййарджытæ сæ сывæллæтты схъомыл кæнынмæ уæлæнгай цæстæй кæй фæкæсынц, у’ый мæнмæ дæр раст нæ зыны. Ныййарæг сывæллоны фаг хъомылад куынæ рад- та, уæд, мæнмæ гæсгæ, уый нысан кæны фыдракæн- дон хъуыддаг. Фæлæ ма уыимæ мæн зæгъын фæн^ ды уый дæр, æмæ ацы хъуыддаджы ахуыргæнæг дæр стыр бæрндзинад кæй хæссы. Ахуыргæнæджы куыст иттæг ахсджиагу, сабитæн-ахуыргæнинæгтæн коммунистон хъомылад радтыны хъуыддаджы. — О, ды раст зæгъыс. Ахуыргæнæджы куыс- тæй-диссагдæр ницы ис. Уый бæрны ис саби фыц- цаг къласæй суанг ахуыр фæуыны уонг. Ацы рæс- тæджы ахуыргæнæг æдзухдæр хъуыды кæны йæ ахуыргæнинæгтыл. Зæгъæм, ахуыргæнæг бацыд къласмæ, йæ разы бадынц йæ ахуыргæнинæгтæ. Мæнæ уалдзыгон дидйнæг къæвдайы фæстæ куыд райхæлы, уымæ адæймаджы зæрдæ кæсынæй куыд нæ фефсæды, афтæ сабитæм кæсынæй нæ фефсæды сæ ахуыргæнæджы зæрдæ. Æмæ куыннæхьуамæ уа гфтæ: кæсыс æмæ дæм сæ алчи дæр уарзой цæстæн- гас æвдисы. Алчи дæр сæтырны йæурок радзурын- мæ. Иуæй сæ иннæ у рæсугъддæр, æгъдауджындæр. Кæсыс сæм æмæ сæ уындæй дæ зæрдæ не ’фсæды. Ды дæр сыл цин кæныс. Хъуыды кæныс сæ сомбо- ны фæндаг, сæ сомбоны цардыл æмæ дæ разы фев- зæры стыр ныфсы гæнах. Зæрдæйы ныггуылф кæ- ны æнæкæрон уарзондзинады тых. Адæймаг аны- гъуылы хъуыдыты: цас рацæудзæн уыдонæй ахуыр- гæндтæ, механизатортæ, инженертæ, дохтыртæ, техниктæ, агрономтæ, хæдтæхæгскъæрджытæ, тан- кисттæ, трактористтæ, фысджытæ, партион æмæ советон кусджытæ, стыр пайдайы адæймæгтæ, уы- дон сомбоны фæндаджы тыххæй цал хатты бабуц варййы ахуыргæнæджы зæрдæ. Æмæ куыд æнХъæл дæ, æрдæбоны лæппу, К/ьоба, не суыдзæн нæ сом- 224
боны цардæн стыр ныфс? Намæ уый хуызæттæ иу æмæ дыууæ сты? Мæн бафæнддзæн, цæмæй алы ныййарæг, алы ахуыргæнæг дæр хъомыл кæна К/ьобайы хуызæн ахуыргæнинæгты æмæ хъæбулты. — Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уа, афтæ. Нæ фæсивæдæн ис æппæт фадæттæ дæр уый тыххæй, цæмæй уыдон хъомыл кæной коммунистон æхсæна- ды домындзинæдтæм гæсгæ. Уыдон ныййарæг æмæ хъомылгæнæг у Ленины стыр парти. — Кæсыс, ацы лæппуйы тыххæй нæм иас хорз ныхæстæ æрхаудис. — Хорз адæймаджы тыххæй кæддæриддæр аф- тæ фæдзырдæуы. Æз дын уый тыххæй ноджыдæр радзурдзынæн. Æз Тинатинæн йæ ныхас фæлыг кодтон, афтæ- мæй йын дзурын: — Ныр уый дæ ахуыргæнинаг кæй у, уымæн дзы афтæ тынг æппæлыс, нæ? — Нæ, нæ, цытæ дзурыс, уæддæр мæнæ нæхи ирхæфсæм, улæфты бон у æмæ ма дын æз уый тых- хæй иу хабар радзурон: — Къобайы фыд Владимир у архитектор, — дарддæр йæ ныхас кæны Тинатин. — Уый проект- тыл арæзт хæдзæрттæм адæймаг ’кæсынæй не ’фсæ- ды... Иубон куысты фæстæ Владимир æрбацыдис хæдзармæ. Раивта йæ кусæн дзаумæттæ æмæ куыд- дæр тыргъмæ рахызт, афтæ йæ фырт, Къоба, бæр- зонд асинтыл цæрдæг слыгъд, дуар бакодта æмæ цингæнгæ мидæмæ бахызт. Иæ худ æмæ йæ порт- фель æвиппайды кушеткæйыл авæрдта. Хæдзары къуымты акаст æмæ дзуры: — Гыцци, кæм дæ? Иæ мады бæсты йæм Владимир балкъонæй æр- бадзырдта: — Æрбацыдтæ, Къоба? — О, æрбацыдтæн! Кæм ис гыцци? — Гыцци нырма куысты ис. 1 Къоба ма йæ костюм дæр фелвæста, вешалкæ- йыл æй ацауыгъта, йæ фыдмæ рауад æмæ та пæ фæрсы: 15. Дзигойты Г. 225
— Баба, æмæ цæй тыххæй байрæджы кодта гыцци? Æви куыст нæма фæцис? —Куыст фæцис, мæ лæппу, фæлæ сын, æвæц- цæгæн, æмбырдис æмæ уый тыххæй фæстиат кæны. Владимир Къобайы цæсгоммæ куыддæр бакаст, афтæ фæфиппайдта, уый скъолайæ райгондæй кæй рацыд. Йæ чысыл зæрдæйы стыр циндзинад кæй гуылф кæны. — Къоба, куыд у хабар? Куыд ацыд дæ экза- мен? Къоба бахудтис æмæ загъта: — Хорз. — Хорз, æви тынг хорз? — Тынг хорз. — О, о, уый хъуыддаг у, хъуыддаг, мæ лæппу, афтæ хъæуы. Ныр дæ дæ мады зæрдæ дæр тынг барухс уыдзæн- — Æмæ æрæгмæ æрцæудзæн? - — Нæ, мæ лæппу, — фыд сабийы сæрыл йæ къух рæвдаугæ æрсæрфта, йæ сахатмæ æркаст. — Ныр тагъд хъуамæ фæзына! Уæдмæ æрбацыд Нино дæр. Портфель стъолыл цæрдæг авæрдта, Къобамæ цингæнгæ бауад, йæ риумæ йæ тынг нылхъывта æмæ йын аба кодта, стæй та йæ уый дæр афарста: — Мæ хъæбул, куыд у ха’бар, куыд ацыд дæ эк- замен? Абондæргъы мæ зæрдæ иууылдæр демæ дзырдта, — æмæ та йæ стæй ногæй йæ риумæ ныл- хъывта. Къоба йæ мадæн ас лæгау ныфс æвæры: — Æмæ мæм цы ’хсайдта дæ зæрдæ, гыцци, ис- ты ма сыва^ллон дæн. Ныр цыппæрæм кълас куы фæдæн, фæндзæмтæм куы ахызтæн. —О, ныр лæджы бындзæфхад дæ, мæ хъæбул,— загъта йын мад æмæ та йæ тынгдæр ныхъхъæбыс кодта. — Фæлæ уæддæр фæстаг экзаменты дæр цы нысан райстай? — Цы нысан, дам, райста? — Нинойæн хъазгæ- йæ дзуры Владимир. Куьтд цы нысан райста? Зæ- гъы: «дæ зæрдæ мæм цæмæ æхсайдта?» Уый уый 226
нысан кæны æмæ Къоба фæстаг экзаменæй дæр кæй райста фондз. Къоба йæ ныййарджыты ныхас фæлыг кодта æмæ сæ фæрсы: — Ацы аз цы чингуытæй ахуыр кодтон, уыдон иууылдæр радтон ме ’мбал Черменæн? Уый та æр- тыккаг кълас фæцис каст. Цыппæрæм къласмæ ахызт æмæ йын чингуытæ нæй, — йæ ныййарджы- ты æрбахъæбыс кæнгæйæ, дзуры: — Сымах æй нæ зонут, сидзæр у, йæ фыд хæсты фесæфтис... — Хорз, хорз, мæ хъæбул, радт ын сæ, — загъ- та йын Нино. Хæдзармæ дæр-иу æй æрбакæн. Бачонын æй кæн махæн дæр, — загъта Владимир дæр. Уалынмæ дыккаг хатæнæй фæцыд телефоны зæлланг. — Байхъус ма йæм, мæ лæппу, — загъта Къо- байæн Нино. / ’ Къоба бауад, фелвæста телефоны хæтæл æмæ сдзырдта: — Алло! — Кæм ис Владимир Гарсеваны фырт? — Хæдзары. Къоба фездæхт æмæ йæ фыдмæ дзуры: — Баба, телефонмæ дæм чидæр дзуры. Владимир бауад, телефоны хæтæл систа. — Алло! Хъусын! Салам. Коммуналон хайа- дæй? Хъусын дæм, Сергей Семены фырт. — Горæххæсткомы президиумы рабадт уыдис... Ахицæн æрцыдис уыцы хæдзæртты хъуыддаг... Лæ- вæрд æрцыдысты горæты кусджытæ æмæ службæ- гæнджытæн. — Хорз бакодтат, иттæг æхсызгон мын уыд. — Уыдонæй дæуæн дæр рахицæн æрцыдис цып- пар хатæны. — Мæнæн зæгъыс? — О, дæуæн... — Бузныг, стыр бузныг. Æрмæст ма уый тых- хæй мах ноджыдæр ахъуыды кæндзыстæм... — Мæнмæ гæсгæйæ, Владимир Гарсеваны фырт, 227
ницыуал хъуыды хъæуы... Хъуыддаг ахицæн æмæ фæцис. — Бузныг сымахæй дæр. Ноджыдæр фендзыс- тæм. Фæлæ æз уæддæр афтæ æнхъæлын æмæ уал мах куы фæуагътаиккат. Мах бæсты уал æндæрты хъуыддаг куы саразиккат. — Уанцон нæу, Владимир Гарсеваны фырт, сымахæн дæр æнæмæнг хъуыддаг у. Иуæй бинон- тæ фæфылдæр сты, иннæмæй æхсæв-бон æдзух уы- цы хъуыддагыл кусыс. Владимир телефоны хæтæл сабыргай æрæвæрд- та æмæ хъуыдыгæнгæ рацыдис. — Дæ хорзæхæй, чи дæм дзырдта, Владимир?— афарста йæ Нино. — Горæххæсткомы коммуналон хайады сæргъ- лæууæг мæм дзырдта. — Владимир бахудтис. — Зоныс, Нино, фæстаг хатт цы хæдзæрттæ сцæттæ кодтам, уыдон горæххæстком байуæрста æмæ дзы махæн дæр бахай кодтой... — Махæн дæр? — О, махæн дæр. Нино хъуыдыты ацыдис... — Æмæ адон, кæм цæрæм, уыдон та? — Адон махæн цъус сты. Бинонтæ та баистæм фылдæр. Ныууадздзыстæм сæ. Кæй нын дæдтынц, уыдон дыууæ хатты фылдæр сты. Къоба иу каст йæ фыдмæ кодта, иннæ каст та йæ мадмæ. Фæнды йæ цыдæр зæгъын, фæлæ сæ ныхас балхынцъ кæнынмæ æнхъæлмæ кæсы. Стæй йæхи нал баурæдта æмæ йæ фыды афарста: — Æндæр хæдзæрттæ нын дæдтынц, зæгъыс, баба? — О, æндæр хæдзæрттæ. — Æмæ бирæ хæдзæрттæ радтат адæмæн? — Бирæ. — Цас уæддæр? — Ис гæнæн æмæ сæ сæдæ хæдзары бинонтæ бацæрой. Къоба Владимиры хъæбысмæ йæхи æввахсдæр байста, хæрдмæ йæм скаст æмæ йын лæгъстæгæнæ- гау дзуры: 228
— Баба, уæдæ бирæ хæдзæрттæ сты зæгъыс, нæ? — О, бирæ хæдзæрттæ. Нæ мыл æууæндыс? — Махæн дæр дзы радтой? — Радтой, мæ хъæбул, радтой. — Баба, мæнæн дзы нæ ратдзынæ? — Æмæ дæ зæрды хицæнæй цæрын ис? — Къо- байæн хъазгæйæ загъта Владимир. — Хицæнæй нæ, фæлæ... — Фæлæ цы? — Баба, ды куы зонис, — ноджыдæр та йын хатæджы хуызы дзуры, — æрдæбон цы лæппуйæ дзырдтон, мæ чингуытæ кæмæн дæдтын, Чермен, зæгъгæ, уый куыд хорз лæппу у, куыд хорз ахуыр кæны... Куы уын загътон, йæ фыд фронты фесæф- тис, йæ мад та кусы заводы. Сæ цæрæн хæдзар бынтондæр нæ бæззы... Кæд æмæ исты дæ бон у, уæд уыцы ног хæдзæрттæ уымæн радтæм. Уый мæ \орз æмбал у. Мах уал ацы хæдзары цæрдзыстæм. Владимир ницыуал сдзырдта. Дардыл апырх сты йæ хъуыдытæ... Сабыргай тыргъмæ рацыд, та- мако ногæй ссыгъта, стæй иудзæвгар ^нæфез- мæлгæ алæууыд. — Владимир, æвæццæгæн дæ дæ къах нæ хæс- сы ацы бынатæй? Æвæццæгæн дæм ам хуыздæр кæ- сы? Раст зæгъгæйæ, мæхицæн дæр зын у: зонгæ адæм, зонгæ сыхы ныууадзын. Фæлæ бинонтæ æцæгдæр сбирæ сты æмæ нын нал фаг кæны, — загъта Нино. — Нино, ды нæ фехъуыстай, Къоба цы загъта, уый? — Нæ, мæ хъус æм не ’рдардтон. Намæ сывæл- лон ахæм цы загъта, уый бæрц хъуыдыты дæ чп аныгъуылын кодта? — Фæдзур ма йæм ардæм. — Къоба кæм дæ, дзуры дæм дæ фыд! Къоба йæ ныййарджытæм хъæлдзæгæй æрбауад. — Бафæрс ма йæ, кæмæи мын дæдтын кæны мæ хæдзæрттæ? — Владимир худæндзастæй загъта Нинойæн. Къоба дæр бахудтис. — Дæ нывонд фæуон, мæ хъæбул, кæмæн сæ дæдтын кæныс? Дæ фыд уыцы хæдзæртты арæзта- 229
ды цъус фыдæбон кæны? Махæн дæр афон у нæ бынæттæ фæхуыздæр кæнын æмæ даргъ, уæрæхыл цæрынæн. — Нана, æмæ йæ фыд хæсты кæмæн амардис, сидзæрæй чи баззадис, нырма бынтон мæгуырау хæ- дзæртты чи цæры, афтæмæй ахуыр чи кæны, уы- дон тæригъæд не сты? Æз, цалынмæ ме ’мбæлттæй хæдзар кæмæн нæй, уыдонæн хæдзæрттæ радтой, сæ мæгуырау хæдзæрттæ сын хуыздæрæй баивой, æмæ сын уыцы хъуыддаджы баба баххуыс кæна, уæдмæ нæ хæдзарæй никуыдæм цæуын. Стæй ма мæ куыд хъуамæ схоной се ’мбал. сæ хæлар? Нæ, фæлтау æз ам цæрдзынæн!.. Владимир цæхгæр фæзылдис, Къобайы чысыл цонгыл фæхæцыд, йæхимæ йæ æрбахъæбыс кодта æмæ йыл тынг ныттыхст. Уый ацы хатты хуызæн Къобайыл никуы баузæлыд, йæ хъæбысмæ йæ фел- вæста, йæ русæн ын апъа кодта æмæ йын загъта: — Райсом мын базон, уыцы лæппуйы мад кæцы заводы кусы, йæ ном æмæ йæ мыггаг... — Кæсыс? Гъе, ахæм у мæ хæлар, чысыл 1</ы> ба. Йе, уый тыххæй у уд æмæ цæст æрмæст мæнæн нæ, фæлæ не скъолайы æппæт ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæн, — йæ ныхасы кæрон ма загъ- та Тинатин. 230
КЕТО ÆМÆ САЛОМЕ Иу уалдзыгон райсом Кето æмæ Саломе сæ хæ- дзарон куыстытæ куы бакодтой, уæд сæхи рарæвдз кодтой горæтмæ. Уыдон сæ дыууæ дæр цыдысты иу хъуыддаджы тыххæй. Кето æмæ Саломе кæд æмцахъхъæнтæ уыдыс- ты, уæддæр сæ хъуыдытæ, сæ царды бæллицтæ уыдысты бынтондæр хицæнтæ. Кетойы цæсгом уы- дис æнкъардгъуыз, Саломейы цæстæнгас та — хъæлдзæгдæр. Æгæрыстæмæй йе ’нцъылдтæ уа- дултыл хаттæй-хатт цины стъæлфæнтæ цæр схъа- зыдысты. Иæ уæнгты айст дæр уыд рæвдздæр. Сæ ныхæстæ æмæ сæ хъуыдытæ дардыл уыдыс- ты, фæлæ дын, горæтмæ æрцæугæйæ, æппæты фыц- цаг бацыдысты госфотомæ. Æрлæууыдысты касси- ры раз, кæрæдзимæ бакæсынц æмæ оæ цæстæнга- сæй иу иннæмæн амоны, ома уæм къамтæ сисæн ис æви нæ, стæй сын цас хъæуы бафидын? Æрхæндæг адæймаг кæмдæриддæр вæййы са- быр, æргъæвст æмæ æнкъарддæр. Саломе дæр, дын, Кетомæ нал фенхъæлмæ каст, фæлæ кассиры раз æвзонг чызджы лæуд акодта æмæ йæ сæрыс- тьтрæй фæрсы: — Хорз чызг, гæнæн ис æмæ нын нæ къамтæ сисын кæнай? — Ис гæнæн. — Уæдæ нын рафысс квитанцитæ. — Ныртæккæ. Æрмæст зæгъут, цахæм къамтæ исын кæнут? — Мæнæ, афтæ... Кассæйы кусæг рафыста квитанцитæ, райста сæ æхца æмæ нывисæгмæ фæдзырдта. Нывисæг æрба- 231
цыд, бакодта сæ нывтæисæн кабинетмæ æмæ сæ рæвдз кæны сæ къамтæ сисынмæ. Фыццаг уал æр- бадын кодта Кетойы. Фотоаппарат æм скомкоммæ кодта, стæй йæм (бадыд, йæ сæрыл ын чысыл бæр- зонддæр фæхæцыд æмæ йын дзуры: — О, о, афтæ, афтæ. Ныр мæнæ ардæм кæс, — нывиоæг ацамыдта аппараты ныхмæ. Афтæ аив дæ хъуамæ сисон, æмæ æхсæрдæс-æвддæсаздзыд чыз- джы хуызæн фестдзынæ. «Æхсæрдæс-æвддæсаздзыд чызг», — зæгъгæ, куьгддæр нывисæг загъта, афтæ дын ус йе ’рфгуы- тæ фелхынцъ кодта, бандонæй фæгæпп кодта æмæ йын дзуры: — Дæ сæрыл мæ хуыцау æрхæсса, радт мын мæ гæххæтт, нал исын мæ къам, ме ’хца фæстæмæ хъуамæ райсон. Нывисæг хъуыдыты ацыдис. Иу каст уымæ ба- кодта, иннæ йе ’мбалмæ æмæ йын стæй рæвдаугæ загъта: — Мæ мады хай, æмæ цæуылнæ уал исыс? Ис- тæй тыххæй мæм фæхъыг дæ, миййаг? — Нæ, хъыг дæм ницæй тыххæй фæдæн, фæлæ афтæ... — Куыд афтæ? — Уый мæхи хъуыддаг у!.. — Бар дæхи, фæлæ дæм кæд исты фæхъыг каст, уæд бахатыр кæн. Дæ хорзæхæй, зæгъ мын æй... — Зæгъын дын, хъыг мæм ницы фæкаст, фæлаз* афтæ... Æндæр хатт сисдзынæн. Кетомæ Саломе бауад æмæ йып бауайдзæф кодта: — Пуй, мæ фыдбылызтæ дæ хай. Цыма цæхæ- рыл абадтæ, афтæ куы фæгæпп кодтай, уæд дыл цы æрцыд. Цы дæм фæхъыг каст уыцы æвзонг лæп- пуйæ? Хъæбулæн дын куы бæззы? Науæд кæд æн- дæр ран истай дæ къам, уæд дæ ардæм миййаг ис- чи тыххæй æрбаласта?!. Кето Саломейы хъусы æнкъардæй бадзырдта: — Гормон, цы мын буцтæ кæныс. Ды дæр мæ нæ зоныс? Æз уыцы «ъамты миййаг мæ уарзонма- æрвитын? Мæн æрмæстдæр собесмæ хъæуынц, æмæ 232
мæ, æхсæрдæс-æвддæсаздзыд чызджы хуызæн куы ракæна, уæд ма мын цæй пенси ратдзысты? Саломе нывисæгмæ цырдгомау бауад æмæ йын йæ хъусы сусæгæй дзуры: — Зоныс, мæгуыр йæ бон, йæ лæг æмæ йæ лæп- пу æфсадæй нал æрцыдысты. Ныр уыдон тыххæй хъуамæ пенси райса æмæ йæ къам уымæн исы, цæ- мæй сæ собесмæ бахæсса. Дæ хорзæхæй, ма йын фесаф йæ хъуыддаг. йæ къам ын сис, растдæр куыд у, афтæ... Нывисæг фефсæрмы, ахæм хъазæн ныхас ын кæй загъта, уымæй. Хатыр дзы ракуырдта æмæ йæ фæс- тæмæ æрбадын кодта бандоныл. — Мæ мады хай, стыр хатыр мын бакæн. Хъа- зæн ’йыхас дын æз барæй загътон. Дæ къам дып сисдзынæн, куыддæриддæр дæ, афтæ. Нывисæг аппарат æркъæпп кодта, стæй йын загъта: — Сæрибар дæ, мæ мады хай. Райсом-иу æр- бацу æмæ дын цæттæ уыдзысты. Нывисæг Саломейы квитанци дæр райста. Иу каст гæххæттмæ æркодта, дьгккаг каст сылгоймаг- мæ. Стæй уый дæр æрбадын кодта. Иæ аппарат та уымæн дæр йæ цæсгоммæ скомкоммæ кодта, уый фæстæ йæм æрбацыд æмæ йын дзуры: — Мæ мады хай, чысыл мын дæ сæр ныллæг- дæр æркæн. Дæхи дæр сæрибардæрæй дар. 0, о, афтæ. Ныртæккæ... Нывисæг афтæ æнхъæлдта, зæгъгæ, Саломейы дæр пенсийы тыххæй хъæуы йæ хуызист æмæ йын узæлгæ загъта: — Дæу та, мæ мады хай, афтæ хъуамæ ракæ- ■нон. куыддæриддæр сæдæаздзыд сылгоймаг. Æйттмардзæ, сæдæаздзыд сылгоймаджы кой куыддæр нывисæджы дзыхæй схаудта, афтæ, дын, Саломе уыцы иу сæррæтт фæкодта, кассиры раз мæстыгъуызæй алæууыд, квитанци йæм дæдты æмæ йын дзуры: — Дæ нывонд фæуон, дæ квитанци айс æмæ мып ме ’хца радт. Æз мæ хуыз нал исын! 233-
Нывисæг та джихæй аззад, стæй йæ фæдыл ра- уад æмæ йын дзуры: — Дæ хорзæхæй, мæ мады хай, дæумæ та цы фæхъыг каст? Ды дæр дæ хуызист собесмæ нæ хæс- сыс? — Мур дæр мæм ницы фæхъыг каст! Фæлæ, аф- тæ!.. Дæумæ мæ нæ фæнды мæ хуыз исын, и все!.. Ныр та Кето ныллæууыд Саломемæ хатæг: — Дæ хуыцауы тыххæй, цы дæм рауад. Кæдæм расæррæтт кодтай? — Куыд мæм цы рауад, нæ йæ зоиыс, мæ къам мæ цæмæн хъæуы, уый? Кето фæстæмæ баздæхт æмæ нывисæгæн дзуры: — Дæ сæрыл хаст фæуон, уый йæ къам пенсийы тыххæй миййаг нæ исы, —■ стæй йын йæ хъусы: — Мой кæны... Нывисæг ныххудт. Бауад, Саломейы дæларм йæ къух акодта æмæ йын хъазгæйæ зæгъы: — Рацу, рацу, мæ мады хай... Саломе цыма цæхæрыл фæлæууыд, уый хуызæн фæкодта йæхи, нывисæгæн афтæ: — Куыд «дæ мады хай?!» Æз дын мадæн бæз- зын исты?!. Нывисæг, дæр та хъуыддаг фембæрста. йæ ны- хас та фæзылдта: — Хорз, мæ хойы хай, хорз. Ныххатыр мын кæн. Мæхæдæг дæр фæхæццæ дæн... Афтæ рæсугъд дæ хъуамæ сисон, дæхи зæрдæ дæр куыд барухс уа. Раст дæ фынддæс-æхсæрдæс аздзыд чызджы хуы- зæн ракæндзынæн. Разы дæ? Саломе бахудт. Бандоныл æрбадтис. йæ уæхс- джытæ базмæлын кодта- Йæ гуырыл нырма размæ, «сгæй та хæрдмæ фæхæцыд, афтæмæй загъта: — О, о, дæ сæрыл хаст фæуон, — стæй йæ Ке- то куыд нæ фехъуыстаид, афтæ нывисæгмæ аивæн бадзырдта: — Кæд мын мæ зæрдæ барухс кæнай, уæд ма дын райсом иу карк дæр æрхæсдзынæн. — Мæ хойы хай, дæ къамты аргъ фыст у. Цæй тсарчы кой ма мын кæныс? — Алæ, о, æз дын амæлон... Ды мын мæ зæрдæ барухс кæн... стыр зæрдиаг хъуыддаджы тыххæй 234
мæ хъæуынц, уый йедтæмæ ма дын иу къуымыхцы дæр... Æрмæст ма цы, уый зоныс, дæ сæрыл хаст фæуон? Мæ-нæ-м-æ-нæ, мæ былтæ ма чысыл куы асырх кодтаин, мæнæ ахорæн дæр мæ дзыппы ис... Нывисæг бахудт. — О, о, дæ нывонд фæуон. Æрмæст ма мæ ме ’рфгуытæ дæр быны рох æрбаисты. — Æмæ дæ де ’рфгуыты тыххæй та цы фæнды- дис? — Мæ-нæ, аф-тæ, сау, лыстæг æмæ къæлæтау зылд куыд рацæуой... — Ууыл дæр дæ нæ фæхъыг кæндзынæн. — Æмæ ма сæ куыд сараздзынæ? — Сау ахорæнæй сæ афтæ ракæидзынæн, раст- дæр дæу куыд фæнды! — О, о, дæ цæрæнбон бирæ уа, мæ зæрдæ, мæ хъуыдытыл æрмæстдæр ды сæмбæлдтæ!.. Кæмæй дæ, кæ, дæ нывонд фæуон? — Æз? — О, о, ды. — Икъотæй дæн. — Икъотæй, зæгъыс?- — О. — Багъæц ма, багъæц. Мæ фыды мады æфсы- мæры къухылхæцæджы каистæ, æнхъæл дæн æмæ Икъотæй уыдысты. Кæсыс, хæстæджытæ куыд ра- зындыстæм. Бафæрсын уымæн хорз у, уымæн, мæ хур... — Ай, айдæр, «хæстæджытæ» стæм, стыр «хæс- тæджытæ»... — Кæд ма мын иу хъуыддаг саразай, уæд дыы иу авджы дзаг фыццаг ратæдзгæ арахъхъ дæр мæн- мæ. — Уый та ма цы у? — Зоныс, — йæ цæсгомыл йæ къухтæ æрхæс- гæйæ, — мæ цæсгом дæр мын æнцъылдтæ ма ра- кæн. Цас гæнæн уа, уымæй бацархай, цæмæй ав- гæй лæгъздæр рауайа, авгæй лæгъздæр. Бамбæрс- тан мæ, дæ сæрыл хаст фæуон? — Хорз, хорз, бамбæрстон. Уымæй дæр дæ нæ 235
фæхъыг кæндзынæн. Авгæй лæгъздæр. Кæсæнæй рæсугъддæр!.. — О, уас дæ ныййарджыты фæндиаг фæцæрай, мæ зæрдæмæ мын растдæр хуры тынтæ ныккæсын кодтай. Хъуыддаг ахицæн. Систа Саломе йæ къам. — Цом, ныр хъуыддæгтæ иууылдæр хорз ацы- дысты. — Нæ зонын, дæхицæй йын бынтондæр ног адæймаг саразын кодтай. — Алæ, о, гормон, ма та-иу æй сцырын кæн... Нæхимæ дæр та-иу мын мæ сывæллæтты цур ахæ.м ныхæстæй мацы срæмудз. Уыдон нырма ницы зо- нынц... — Æз сын ницы зæгъдзынæн, фæлæ сæ мады сæ къуымы куынæуал феной, уæддæр æй нæ зон- дзысты?..
СÆЙРÆГТÆ Дурзæрдæ фыд (уацау) 3 Очерктæ Реуаз Уæллæджыры комы 175 Хъайтар æмæ йæ фаззæттæ 188 Додоттаг номдзыд чызг 195 Къобор 201 Цы сарæзта ног чындзаг 210 Æнæбары хонæг . * 213 Сабиты хæлæр ’дохтыр . . . . . . .216 Къоба 223 Кето æмæ Саломе 231
ГЕОРГИЙ НИКОЛАЕВИЧ ДЗИГОЕВ ОТЕЦ С КАМЕННЫМ СЕРДЦЕМ (на осетинском языке) Книжный сектор Юго-Осетинского издательства Цхинвали — 1965 ъо(п<ьъо Бо^оасггаъоь во сю&гоозо йзадзб 9636 ЬоЗЬ^зоо оЬзоооЬ 2>оЗсо3^зЭс?оооЬ ^о^о’оЬ Ьд^^го^эо (зЬо&з^СГ0 — 1965 Редактор Вл. М. Гаглоев Художник В. Н. Кокоев Худредактор А. Д. Ванеев Тсхредактор Н. С. Сиукаев Корректор А. И. Техов Сдано в набор 19. VIII. 1965 г. Подписано к печати 12. X. 1965 г. Заказ № 1317. Формат бумаги 84х1081/32 см- ИзД« листов 10,5. Печат. лнстов 12,3. Эт 00305. Тираж 1000 экз. Цена 50 коп. Цхинвальская тппография Главполиграфпрома, г. Цхинвалп, ул. Московская, 5.