Text
                    Цы лæг нсе фæзары йæ уарзтсей, —
Зæгьынц: нсей уый зæрдсейы рухс.
Æрцыд уый а дунемæ мастсен,
Æмсе йсе бабын кæндзсен маст.
^
*$


Уалыты Лаврент Æмдзæвгæтæ Дзæуджыхъæу 2012
84 (2 Рос=Осет) У-20 Уалыты Л. У—20 Зарæджы фарн [Текст]: æмдзæвгæтæ / Л. Уалыты — Дзæуджыхъæу: Ир, 2012 — 287 ф. Валиев Л.Е. Благодать песни 15ВИ 978-5-7534-1312-3 Родина, долг, честь, любовь к родной земле, к женщине — основные мотнвы нового сборника стихов Л. Валиева. ^4702470000-36,,. ,0 0/4,~0 _ ч В М131(03)-12 15"12 84(2Рос=Осет) © ГУП РСО-Алания «Издательство «Ир», 2012 © Валиев Л.Е., 2012 © Грнгорян В.С., оформление, 2012 15ВЫ 978-5-7534-1312-3
ЧИНЫГКÆСÆГМÆ Мæн демæ ацы буц цъæх изæр Æхцон фæ^мæн ныхас фæнды, - Вæййы æнæрæвдыд уд сидзæр, Нæ зары иу тагæй фæндыр. Уæдæ æрбад æмæ æрæхсæм Нæ цины цæссыгтæй нæ рыг, Уысммæ хæрзбон зæгъæм нæ тыхстæн, Фæуадзæм рохæн та нæ хъыг. Мыд сæрды сусхъæдæй куыд тæдза, Гъе афтæ а зарджытæй раст Дæ удмæ сусæгæй, æвдадзау, Бæргæ куы фæтæдзид мæ уарзт. Нæ дæн уæларвон æз, нæ хъæуы Уæлбикъон зæдты æвзаг мæн. Цы ’взагыл сахуыр дæн нæ хъæуы, - Хъæздыгдæр уымæй нæй, лымæн. Æниу цыфæнды уа, уæддæр мын У не ’взагфæлдисæг Хуыцау, Æмæ нæ хъæуы мæн æндæр мыд, - У й’ алы дзырд мыды кæхцау! 5
ФÆДЗÆХСТ Цæй, сыст, ызнæт зарæджы уад, Нынкъус та зæрдæйы уидæгтæ Æмæ æрвон фæндыры тæгтæй Сæ иуæн мады хæстæ ратт. Нæртон пехуымпар лæджы зонд Йæ фарсмæ4 иннæмæн ысхай кæ. Ысу мын рухсхæссæг бæрзонд, Дæ хъæлæс макуы кæнæд сайгæ. Хуыздæрыл чи нæ кæны тох, Уый раджы баззади æвзæрæй. Кæмæй у ивгъуыд дуне рох, - Нæ кæны фидæнæн æвæрæн. Йæ кæхцы марг æмæ æвдадз Фыцы пæлхъпæлхъгæнгæ фæллад зæхх. Ды уым дæ зарæгæй æртадз, Æмæ нæм раздæха йæ хорзæх! Нæма у а дуне хæрззонд, Фæлывд хатт дзыллæйæн æлдар у. Рæстуд Фæлдисæгæй дæ бар у, Æмæ йæ ис æдзух бæрзонд. Фæлæ ды барвæндæй мæнгард Рæстæн куы равзарай йæ цуры, Куы суай фæлывды къухы кард, Тæгæлтæ уæд фæхау къæйдурыл! 6
ИРЫСТОНÆН Цъæх байрагау дæ хъал дымгæты хъазт Дæ къуыоыртыл, дæ дидинвæлыст кæмтты Кæны цырендæр сонт зæрдæйы уарзт, Æмæ мæ ныфс Батырадзау нæ сæтты. Дæ куырыхон зæронд лæгты ныхас, Сыкъадзæфæй хъæбатыртыл сæ зарын, Бæрз талатау дæ чызджыты æнгас Æз царды хосæн сонт зæрдæйы дарын. Дæ чызджытæм, мæ рагон талынг Ир, Цыдысты усгур паддзæхтæ сæхæдæг, ЬГстъалытау сæ ном, сæ кад уыд ирд, Бæллыдис сын сæ фидауцмæ сырхмæтæг. Æз рахастон дæ ивгьуыдæй æвзаг Æмæ нæ цæуын никæмæ æфстаугур. Æз не ’ппæлын, - нæ дын амардтон саг, Фæлæ мæ зæрдæ зарды мыртæй дзаг у. Йæ уæцъæфæй кæмæн кæсы йæ сæр, Дæ уаз зæлтæй ды уыдонæн мæгуыр дæ. Кæмæ нал ис йæ фыдæлты æфсарм, Уый йе ’взагыл дæр рахæтыд бæгуыдæр. 7
СОЙЫН ЦЫРАГЪ Æз мысын ивгъуыд, нæу мæ рохы Мæгуыр хуымгæнæг фыды къæс. Сыгътам-иу сойын цырагъ хохы, Йæ рухсмæ кастæн чиныг æз. Уый сыгъд, æмæ зæронды аргъау Мах кодта амондджын, рæсугъд. Куы-иу æрцæйхауди цæф маргъау, Ыстъæлфыд уæд мæ рæзгæ уд. Уый сыгъд, æмæ бæллиццаг фидæн Хуыдта йæ фæлмæн рухсы таг. Тæхуды, уыйау æз куы фидин Мæ хæс, куы мæ уаид йæ уаг! Ныр дæр ма хатт мæ уаты къулыл Фырбуцæн сабыргай цæфсы Æмæ йæ цæст фæлмæн ныкъулы, Тæдзы йæ сойæвдылд цæссыг. 8
ФÆЗЗЫГОН ИДИЛЛИ Нымбæхсти хур сæнæфсиры нæмгуыты, Сæрддæргъы уыдон уыдысты йæ цин. Æрттивынц ныр цыкурайы фæрдгуытау, Æвæры сæ нæ фынгыл буц æфсин. Кæмдæр та фæсхъæу дзагъырдзаст быдыры Кæнынц сæ ныхас гутон æмæ зæхх, Цæмæй æфсæст уой - зондджын уа, æдылы, Хæрх уа сæ фынгыл хойраг æмæ цæхх. Нæ арф кæмтты ныффæсус ысты дæттæ, Нæ тар хъæдтæй ыскодта хъайла хур. Мæнæн æнцойад иу хъуыды нæ дæтты: Ирыстон у быркуыйы царвау бур. Фæлæ уыдысты а бæстыл æнувыд Хъæлæсджын мæргьтæ, ныр хæрзбон зæгъынц. Сæ фæдыл кæсгæ Галæгонмæ кувын: «Мæ хорз хæлæрттæ дард балцы тæхынц Æмæ сын у хæрзаудæг æмбæлццон!» Сæ хъæр цъæх арвыл азæлы фæлмæн Зырнæджытæн, тæхынц, сæ рæнхъ - дæргъæццон, Сæ базыртæй хæрзбон зæгъынц мæнæн. Хъæд фегуыппæг, уад бæлæсты ныууыгъта, Фæсхохæй хъуысы урс бæхы мыр-мыр. Уадз афтæ уæд, мæ зæрдæ уын ыссыгътон, Ис ме ’мдзæйгæты фæззæджы мыд ныр. 9
АРВЫ ДУАР Æнæбын арв - сырх дидинтæй фæлыст, Æмырæй се ’хсæн ленк кæны зæрин мæй, Цымæ кæй къухæй уый æрцыди фыст, Кæй сагъæстæй, кæй хъыг æмæ кæй цинтæй? Чысыл раздæр хъæддаг мæргъты хъæлæс Мæ риумæ тагъта ногдыгъд мыд - æлутон. Ныр æй нымбæхста æхсæвы пæлæз, Æмæ ысси æдзæмдзинад æнусон. Æдзæм...æдзæм... Дæ базыртыл тæхы Гуывгуывгæнгæ æнæнцой зæрдæ арвмæ, Хæрзамонд уый кæд не ссардта зæххыл, - Цæмæ бæллы æмыр тыгъдады арфмæ?! Æви у хур йæ фæлдисæг, йæ мад, - Зæххыл æппæт йæ раттæгмæ ыздæхы, Æнæ арв ын йæ цард нæ кæны ад, Сæнтты базыртыл уый фæнды ыстæхын, Уæлмонцты арв у дидинтæй фæлыст, Нæма йын федтон йе ’ргъæу дуар гомæй, Уым уацайрагæй ис мæ нывыфыст Æмæ йын дуар бакæнын нæ комы. 10
Салам дæуæн, æвзонгдзинады уæзæг, Хæссын та дæм мæ риссаг уды мæт. Дæу батыхта йæ буц хъæбысы фæззæг, Æрытыдта мæнæн йæ бур нымæт. Æз рагбонтау хуыссын уæлгоммæ зæххыл, Тæхы мæ сæрты зырнæджыты хал. Кæддæры цин мæнмæ фæстæмæ здæхы, Хæссы мæм уый суадæтты хæл-хæл. Хæссы мæм уый дæ быдырдзауты зарæг, Дæ бæркадласæг уæрдæтты уæз хъæр. Кæд мæм æнхъæлмæ нал кæсы ныййарæг, Йæ хъæлæс хъусты азæлы уæддæр... Мæ ныгуылд сонт, куыд адджын у дæу мысын, Куыд райхъал туг фæллад зæрдæйы ног!.. Нæ дыргъбæлæстæ сты мæнæн мæ фысым, Æртасыд мæм рæгъæд кæрдойы цонг. Фыдыуæзæг куыд æхцон у мæ сæрæн! Дæ къуыбыр ын - ныййарæджы уæраг. Мæн хъары рухс дæ æфсæрмдзаст изæрæй, Æвдадзы хос дзы исдзынæн мæ фаг. Дæ фæззæг мæ фыццаг уарзтау рæвдауы, Йæ фиу къухæй мæ авдæныл хæцы, Дæ дымгæ мын мæ бецыкк мадау дауы. Дæ айнæгыл æз сахуыр дæн хæтын. 11
ИУНÆГ БÆЛАС Цыма хæрам у йе ’мдугон бæлæстæм, Кæнæ йыл хъоды бачынди æнустæм, - Тæргай фæлыгъд кæрдæгвæлыст уæлвæзтæм Æмæ æрæнцад урс цъититы рухсмæ. Цы нæ бавзары æврæгъты дæлбазыр, У тымыгътæн сæ фатдзæгъдæн, сæ мысан. Йæ хъысмæтмæ уæддæр нæ хæссы азым, Фæсзымæг сисы уалдзæджы тырыса. Йæ цард тызмæг, уæддæр йæ бæрзонд уарзтæй Ысбуц кæны фæндаггон мæргъты балы, Йæ цæнгтыл сæ куы аузы, сæ уастмæ Æвзонг талайау дидинæг уæд калы. Йæ хъысмæтæй кæсид адзал æндæрмæ, Фæлæ нæ кæны читт дæр уый æрвнæрдмæ. Йæ уидæгтæ дзæнхъа къæдзæхты уадзы, Æмæ сæ зæхх йæ ныфс, йæ хъару тадзы! 12
Æз æнусон нæ дæн, Нæ дæн тыхджын Уалдзыгон æрвнæрдау. Æз рогвад поэтау Зæхх мæ армыдзыхъмæ нæ систон, Нæ кæнын фæдисхъæр: «Зæхх - мæ иу къухы, Иннæйы - хур». Æз мæнг цинтæ нæ зонын, Нæ зонын былалгъæй ныхæстæ. Ир, ахæм узæлдæй Æлгъæд дæ, Æфсæст дæ. Æз æнусон нæ дæн. Мæ æнус у уысм, Мæ бæллиц - ыстъæлфæн. Дæ рухс дын Уысм фылдæр Кæнынмæ бæллын, Æмæ дæ фæндыры зæлты, Дæ суадæтты сусæг сæр-сæры, Дæ дымгæты сатæг сыр-сыры, Æфсирхъæлæс хуымты Ныгъуылийау Заргæ мæлын!
ФЫЙЙАУЫ КУЫДЗ Алмаз, Цæй, ахсæв Мæйрухсмæ фæбадæм Æмæ нæ хæхты Мидсагъæстæм хъусæм, Æрымысæм, Цы хорз дын фесты адæм, Æмæ дæуæй Цы бакодта æрдз сусæг. Мæнмæ цы уыд Ыскурдиаты хъомыс, Уый сау нымæт Былкъахырæй куыд хæссы. Æз, чи зоны, Урæдтаин мæ сонт рыст, Куы нæ заин Нæ урс хæхты раз хæсджын. Фæлæ хъысмæты Карз тæрхон мæ разы: Фæндæд дæ зарын Æмæ зарын ма зон, Дæ зæгъинаг дын Ма фæдзурæд уаз зонд. Мæ бон куыд ысуа Ахæм зын фæразын?! Фæлæ уæддæр Уæлмонц зæрдæ Цы ’мбæхсы Йæ тугдадзинты
Æнæрайхæлгæ уарзтæй, Йæ хъынцъым уымæн Мысинаг æрхæссы. Фыссын æй æз Мæ цин æмæ мæ мастæй. Æууæндын æз, Кæй ис куыдзы дæр амонд, Æмæ лæгау Йæ райгуырæн кæй мысы. Æрыздæхтæ Зæронд уæтæрмæ абон, Æмæ дæ цæссыг Уадултыл нæ сысы. Дæ мадзура, Фæлæ дæ уды катай Дæ хъыс-хъысæй, Дæ къæдзилтылдæй дзурыс. Ысфæлдисæгæй Иунæг хорзæх курыс: Мæгуырæй дæр Фыййауы куыдзæй батай. Уынын, Фырцинæй Аизæр ныррæйыс. Дæ фæсус хъæлæс Комæй ком ыскъæфы. Дæ зонгæ мыртæ: «Дзæгъæс!» «Æр-р-рæй!» «Ффист!» Къæбæда сæныкк Къæдзæхыл ыскафы. Æнæивгæ - ам алцыдæр, Æрмæст дзы Дæ бæсты фос 15
Æндæр куыдзыл æууæндынц, Зæгъынц, зæгъгæ, Уый арсæй дæр нæ тæрсы, Йæ тæсæй дзугтæм Бирæгътæ нæ уæндынц, Уый зоныс ды - Дæ къæбæда фырт Фесгуыхт. Фæадджындæр ис Фыййæуттæн дæуæй. Æрхауы йæм Æхсæвæрыл фысы сгуы. Дæу та ныккодтой Стыр сахармæ уæй! Хуыцауæн табу: Дæ цæст ма федта уæтæр. Фæлæ уæздан Нæ разынди дæ фырт: Дæуыл йæхи Æрбауагъта æхст фатау, Цыма йæ фыд нæ уыдтæ, Фæлæ - сырд! Уæддæр дæ къах Нæ хæссы дæу йæ цурæй, Уæддæр ныккаст Зæронд зæрдæмæ хур... Æмбисонд ис: Йæ фыдыл чи ’хса дур, Ныммардзысты Йæ байзæддаг уый дурæй... Алмаз! Алмаз! Хъысмæты тæрхон карз у Æмæ йын ивæн Де ’рдзы сконды нæй.
Тыхсыс? Кæрзыс? Ныууадз, мæ хур, дæ кæрзын, Фæлтау та бонмæ Фос хъахъхъæнгæ рæй. Уæд, чи зоны, Зæронд фыййауы зæрдæ Æрфæлмæн уа Æмæ дын ратта стæг, Уæд, чи зоны, Кæддæры буц æхсæвтæ Фæмыса хæхты Мæйрухсмæ лыстæг... Бæргæ, фæлæ Былысчъилæй куы зæгъа: «Мавр нал хъæуы, Мавр бакодта йæ хъуыддаг!» Дæ сау зæрдæ Уæд аскъуыйдзæн къæдзæхау, Фæуыдзæнис Æртывæр маст дæ фыццаг. Алмаз, Дæ сæр Мæ уæрагыл æрæвæр, Æмæ та йæ Рæвдауон æз мæ уырзтæй. Дæуæн нæй хион, Нæй дæуæн æфсымæр, Æмæ дын уымæн Хай кæнын мæ уарзтæй. Кæддæр уыдтай Ыстыр сахары уынгты Æхсинты фарсмæ Тезгъо кæнгæ куыйты. Сæхи бар не сты 17
Уыдонæн сæ уæнгтæ, Сæ зæрдæтæ - Æртывæр тыхтæй фиуты. Тыдтой дæумæ Сæ быцъынæг, Фæндыд сæ Фыййауы куыдзыл Бавзарын сæ тыхтæ. Ыстырбылджынтæ... Чи та уыд Хъуынджынсæр. Æхгæд уыдысты Цъуттатæй сæ дзыхтæ. Алмаз, Уыдтай Уым диссæгтæ дæ цæстæй: Дæ разы адæм Нард фыстæ æргæвстой, Хъуынджынсæртæ дæм Кастысты æфсæстæй. Дæ куыстæй фиу Былджын куыйтæ ыстыхтой. Ды та... Хъысмæтæй Арфæгонд нæ фæдæ Æмæ æфтауцдон Хъахъхъæнæг лæууыдтæ. Былысчъилæй-иу Кастысты дæ фæдыл. Цыма æввонгхор Уыдон нæ, ды уыдтæ. Цыдæр уæрдон сæ Ласта-иу уæларвмæ, Хуыссыдысты Зынг ыстъалыты фарсмæ,
Бынмæ-иу хатгай Ракастысты хъавгæ: Сæ уæздан удтæн Тарстысты кæд арсæй! Сæ хъуын сын фастой Устытæ, рæвдыдтой, Хъæрмуст доны сæ Сабитау æхсадтой. Ды фырмæстæй Дæ бæттæнтæ рæдывтай, Дæ зæрдæ хæхты Урс дзугтæм æхсайдта... Алмаз! Алмаз! Хъысмæтмæ табиц ма хæсс: Кæд уыд æввонгхор, Хъазæнхъул Бæллиццаг?! Уыгæрдæнтыл Нæ зонынц уыдон сагъæс, Дæуау нæ хонынц Бархи цард сæ Хуыцау...
ТÆХУДЫ Тæхуды, йæ тыхсты Кæй фæхонынц лæг, Йе чи нæу йæ фысты Гуымыдза хæрæг. Тæхуды, кæй зонд у Сæууон хуры тын, Кæмæн ис бæрзонд уд, Кæй нæ сайы фын; Йæ зæрдиаг зарæг Кæмæн у бæстон, Йæ адæмы дарæг, Йæ бæсты хæстон. Кæй хорзы кой мысы Фæндырæй чызгай, Кæй æвзаг нæ хуыссы, Фæуæд уый дæ хай! 20
ГАДЖИДАу Мæ фыццаг гаджидау æз уадзын Нæ буц фыдыбæсты тыххæй Æмæ йæ уый монцæн нуазын: Уæд номдзыд зонд æмæ тыхæй. Йæ фыртты иудзинадмæ йе знаг Кæнæд æнæбонæй хæлæг, Æрттивæд арвæрттывдау йе ’взаг, Зæххыл уа цалынмæ цæрæг. Йæ алы ног хуры ыскастыл Нывæндæд булæмæргъ йæ зард, Кæрæдзи уарзын æмæ растыл Хæраент фæстагæтты онг ард! Йæ фæхсты фосы дзугтæ хизæнт, Йæ хуымтæй хоры зæй цæуæд, Хæстæй йæ хæсты бардуаг хизæд, Цæуæнт ын амондджын цæуæт. Æвдисæнт алыран лæгдзинад Йæ цот æмæ йын уæнт æмзонд, Зæхх калдзæн дидинæг сæ цинæй, Куы уой ыстъалытау бæрзонд. 21
Хур арвы куырдадзы ысзынг, Ыстылди фæсхохæй Æмæ зæхмæ æрвыста Йæ тынтæ æлвисгæ. Лæг мадард ыскодта йæхи, Хъары йæ ныхæй йæ хид. Уалынмæ арвыл фæзынд Саувадыг мигъ, Цыма уыд кæфхъуындар, - Хуры ыскодта йæ разæй Æмæ йæ фæхæры. Лæг тымбылкъухæй Мигъмæ æвзиды: - Гъей, уæлæ сæтой куыдз! Суадз хуры, Кæннод дæ мæ цæхæрæй судзын! Сау мигъ - сæтой куыдз - фæтарсти, Хуры фæуагъта Æмæ уæлæ фæтындзы Цæгаты ’рдæм тагъд-тагъд. Лæг йæхицæй ныббуц Æмæ загъта: - Нæма ис хуыцаудæр мæнæй, Хур - мæ риуы, Мæ къухты та - Зæхх æмæ Мæй! - Дымгæ арвы тыгъдады Кæл-кæлæй ныххудт. Лæг - цыма саби Æмæ йæ фыд ракæнгæ баййæфта исчи, Уыйау цæуылдæр ныфсæрм Æмæ аныхта Хъавгæ йæ сæр...
ХЪÆУККАГ ЗÆРОНД УСЫ ДЗУАПП ЙÆ ГОРÆТАГ ФЫРТÆН Ивгъуыд бурдзалыг фæззæджы Маргъ йæ ахстон ныууагъта, Фæлæ мæнæ ныр уалдзæджы Ног йæ уæзæг æрфарста. Дзуры зæрватыкк: - Денджызтæн Цырд сæ сæрты-иу тахтæн, Зæгъын, райгуырæн уæзæгыл Кæд æз сæмбæлин тагъддæр... Хъæу... Цæй хъæу нын ис... Иу фыстæг... Нæу дын, чи зоны, уарзон, Фæлæ авдæн, дæу чи уызта, Уый дзæгъæлæй куыд уадзон?! Ацы амондджын «тар» къуыммæ Мæн дæ сахъ фыд æрхаста Æмæ зæрдæйы уидæгтæй Мæн уæ артдзæстмæ сбаста. Ам мæ цин æмæ буц зарæг Кодта иу хъæдын авдæн, Æмæ уымæй хæрзиуæгдæр Никæд рардæуыд мадæн... Хъæу... Цæй хъæу ма стæм - авд къона... Судзынц Авд хойау хæхты Æмæ курынц фæндаггонæй: «Фездæх, барвæсс нæ цæххыл». 23
ХУЫЦÆУТТЫ ЗНАГ Бæрзонд Хуыцау, Сæ зонгуытыл дæ разы Куывтой кæддæр мæ дард фыдæлтæ ризгæ. Сæ куывдыл сын ды никуы уыдтæ разы, Æрвыстай сæм æбæрæг тарæй низтæ. Рæхысбастæй сæ лæгæтты фæдардтай, Хъадамантæ сын бакодтай сæ зондыл, Сыгътай сæ арты, удхарæй сæ мардтай, Цæмæй дæ уыдон сæвæрой бæрзондыл. Æмæ-иу се ’хсæн хурмонц лæг куы разынд, Хуыцау, уæд-иу æй бахсыдтой дæ куыйтæ, Цæмæй æмбæхсты баззайа дæ азым, Æмæ дын адæм ма зоной дæ митæ. Лæг дæн æмæ фæкæуын хатт мæ тыхсты, Фæлæ дæумæ мæ куыдз цæуæд лæгъстæмæ! Мæ удæн нæй цæрæн, Хуыцау, рæхысты. Хуыцау мын нæй рæстдзинадæй фæстæмæ. Æлгъаг дæ ды, гæртамхор æмæ ’нæгъдау. Æз та лæг дæн, мæнгард хуыцæуттæн се знаг. Ыстонин æз, дæуæн чи кувы ’нæвгъау, Æндон аркъауæй уыцы лæгæн йе ’взаг! 24
ном Цард фæлывд æмæ мæнгард у, Арвы ферттывдау - цыбыр, Фæлæ уыцы ферттывд фаг у, - Дзыллæ дын кæна дæ дзырд. Ис ма кад рæстуд фæллойы, Намыс зæрдæтæм у хид. Ном - нæ тырыса, - фæйлауы, Фæлæ махæй домы хид. Уый лæджы æврæгътæм сисы, Цардæй саразы дзæнæт. Дзыллæйы рисæй кæд риссыс, Уæд цы хъомыл у мæлæт?! Арвыл айсæфы ыстъалы, Айсы алцыдæр мæлæт, Фæлæ цал лæджы ном калы Ныр æнус-æнус тæмæн?! Цард фæлывд æмæ мæнгард у, Арвы ферттывдау - цыбыр. Фæлæ уыцы ферттывд фаг у, - Дзыллæ дын кæна дæ дзырд. 25
*&" V? V? Ацы дунейæн хатгай Йæ хъулæттæ мидæмæ сты, Ацы дуне кæл-кæлæй Куырыхоныл худы. Хин, дæлимон нæм рацæуынц Зæдты хуызты Æмæ свæййынц уæлбикъон Нæ удты. Махæн «алолай» мадау Фæзарынц æнцад, Æмæ узгæ хъæбултау Нæ къæрцхъус Фынæй у. Махмæ гъе уæд Дзæнæтон Фæкæсы нæ цард, Æмæ не ’мдзæгъд Куырмæй у. Фæлæ иугæр нæ фынмæ Æрыхъуыст Куырыхоны хъæр, Уæд, куыд сыста ызнæт Цъæх денджызы тарфæй, Афтæ размæ дæлимоны хинтæ Ыссæндгæ æфсæр Æмæ райсай куырыхоны арфæ. Ацы дунейæн хатгай Йæ хъулæттæ мидæмæ сты,
Ацы дуне кæл-кæлæй Куырыхоныл худы. Фæлæ махæн куы скæны Уый удыбæстæ, Уæд фæхæссæм Йæ сурæт нæ уды.
ФРОНТОВИК ПОЭТТÆМ Зæрдæ риуы дуды æмæ риссы, Исты йын нæй риссынæн æфсон?! Цас фæбастон сабийæ куыристæ, Цас фæхастон сидзæры æфсондз?! Хæсты арт нæ бæстæйыл æнхъæвзта, Искæй ма кæм уыдис уæд мæ мæт. Ме ’мкарæнты ’ххормагæй æргæвста Саупæлæзджын тугмондаг мæлæт. Къухтыл кодтам фу-фу мах æргъæвстæй, Заводты ’мæ фабрикты куыстам. Тагъддæр нын кæд сыздæхиккат хæстæй, - Хæстæн хъалон сонт удтæй фыстам. Чи-иу уазал тæрхы раз æрфынæй, Чи та хуымы гутоны хъæдыл... Кастыстæм-иу мах кæугæ æрхуымæй Уæлмæрдтæм нæ карæнты фæдыл. « Зæрдæ риуы риссы æмæ дуды, Исты йын нæй дудынæн æфсон. Абон дæр ма æз нæ зонын худын: Къордгæйттæй нæ хастой рын ’мæ сон. Абон дæр ма курдиаты зынгæй ]^æд мæ риуы иу ыстъæлфæн ис, Исыс уæд дæ дзыллæйæн йæ зын дæр. Зæрдæйы дæр уымæн ис фыд рис. 28
ГИМН БЫДЫРÆН Ис иу зарæг зæххыл, Æхсызгондæр нæй уымæй. Уæлæрвтæм уый тæхы Хъæууон райсомты хуымæй. Йæ рог базыртæ сты Сæуæхсиды сырх тынтæй. Æфтауы цин куысты Хъæдабæ цъæх быдырты. Кæддæр-иу æм мæ фыд Æнæсулæфгæ хъуыста, Цыма йæ Хуыцау уыд, - Æмæлæт ын æрвыста. Зæлдаг фæлмæн æхсæв Уый булæмæргъ фæлдыста, Зæрин мæнæуты ’хсæн Уый дзиго-цъиу æлвыста. Уым - суадæтты хæл-хæл, Цъæх къæвдаты æвзист зæл, Уым чызджыты кæл-кæл У амонды æвдисæн. Йæ къух-иу рог зызын Æфсирдагхъис фæндырыл Куы ’рхаста, - сæфти зын Æнæкæрон быдыры. 29
Йæ æхцон рухс зæл уым Зæхх бавæрдта хæзнайау. Зæххыл нæй ахæм къуым, Цы ран æй лæг нæ зара. Фæзарынц æй фæззæг Чындз хæсгæйæ нæ Иры. Физонджыты хæрздæф Ныдзæвы арвы милыл. Ис иу зарæг зæххыл, Мæ фыд æй зарын уарзта Сæууон ирд æртæхыл. Уый удты уадзы уаз тау!
Ус Ус Уг Дæуæй нæ кæнын æз Хуыцау, Фæлæ дæ фæрцы сомыл Мæ уды ног æууæнк æрцард, Æмæ кæнын æз сомы. Мæ уæнгты ахæм хъару ис, Мæ зæрдæ афтæ райы: Дæ æрмтты сау къæдзæх дæр сис Æмæ йæ бакæ тайын. Нырмæ мæ алыварс уыд æрдз Фæсмигъ, нæ зынди иу фæд. Уыдтон ма сау айнæджы рындз, Уым кодтой бодзтæ ривæд. Ныр денджыз сабухта бынæй, Пæлхъ-пæлхъ кæны, æхсиды. Нæ хъуыды нал кæны фынæй, Уæлвонг рындзтæм нæм сиды. Уæдæ уæлахиз уæд, цы лæг Йæ бæсты фарнæн кусы, Кæны хæрам удты куынæг, Йæ рухс æфтауы рухсыл! Æз дын алдзан цырагъ æдзух, Фæтæг, дæндагæй дарын, Дæттын дæм кусæг лæджы къух Æмæ дæ кадыл зарын. Дæуæй нæ кæнын æз Хуыцау, Хуыцæуттæн се ’ууæнк сæфт у. У цард æппынæдзух быцæу, Фæлæ нæ вæййы афтид. 31
МАДЫ ЗАРÆГ Кæд исчи мæн а зæххыл уарзта, Кæд исчи мæ амондыл тад, Кæд исчи мæ сонт рæдыд барста, Уæд уый уыд мæ ныййарæг мад. Кæд исчи йæ къухтыл мæн хаста, Мæ чысыл уæлахизтæй рад, Йæ дзыкку ысурс и мæ мастæй, Уæд уый уыд мæ ныййарæг мад. Кæд исчи Хуыцауæн фæдзæхста: «Мæ хъæбултæн цардамонд ратт!» Кæд исчи мæ хъæлдзæг фæхаста, - Уыди уый мæ ныййарæг мад. Кæд исчи хæсдзæни ^æ зæрды Дæ фæлгонц, дæ рæвдаугæ дзырд, Кæд исчи фæкæуы дæ мардыл, Уæд уый у дæ хъæбул, дæ фырт! Фыццаг дæ буц хъæбысы уарзын Дзуарау базыдтон æмæ, Зæххыл цы нымайын ныр уазыл, Уый у дæ уарзты рухс фæлмæн. Ды-иу нæ хъæцыдтæ мæ фынтыл, Дæ уд - зæдбадæны цырагъ - Сыгътай нæ хуыцæуттæн дæ фыртыл, Æз та дæ куывдтытæн - сæ аргъ. 32
Мæ хъусты зæлдзæни æнусты Зæххон æхцондæр зарæг - мад. Уæлæрвтæм хондзæн мæн дæ рухс тын. Мæ уды сты мызул мыд, мад! Дæ рухсæй æз мæ хъуыды ссудзын, Иры чызджытæн æй нымудзын. 2 Уалыты Лаорент
А дунейыл сагъæс æмæ мæтæй Цъитийау бæргæ ысурс мæ сæр, Фæлæ мæм куы ’рбарвитой дзæнæтæй, Чи кæндзæн мæ фæстаг уысм уæд сар?! Уæ, тæхуды, иунæг хатт дæ балцæй Райгуырæнмæ ма ’хсайæд дæ уд! Чи зоны, дæуæн уа хъыг мæ ацыд, Уæ мæ саукъæлæтæрфыг рæсугъд. Фæлæ уый дæр мæн иттæг нæ уырны: Исчи дæ куы барæвдауа, уæд, Цыма федтай мæн æрмæст дæ фыны, - Айсæфдзæн мæ судзгæ баты фæд. Уæдæ ма кæуыл дарон мæ зæрдæ, Чи ма мын у уарзоны æнгæс?! Мæимæ-иу уалдзыгон изæрты Кодтон æз мæ зæрдæбын ныхас. Чи зоны, мæ ацыды хæдфæстæ Саутæ скæна мигъбындзыгæй мæй. Нæ, фæлтау æрвитæд рухс мæ бæстæн, Уадз рæвдауæд уарзæтты фæрнæй. Ме ’намонд куы фехъуса ныййарæг, Уæд ыстондзæн ингæны къæйтæ, Къæдзæхты дæр араудзæн йæ хъарæг, Æмæ мыл уæд бирæтæ кæудзæн! 34
ХЪУЫДЫТÆ МÆСГУЫТЫ БЫН Тар, Æнахуыр тар Мæсгуытæй гуыры, Судзы артау, Цъæх бомбæтæй хæлы, Ацы мæйрухсы Риумæ лæбуры, Цинтæ Зæрдæйæ Суры, Ныхъуыры. Тар, Æнахуыр тар, - Ивгъуыды фидæн, Судзы, Мæсгуытæй Сау пиллон калы. Айнæг - сау рындзыл Баныхæст чидæр Æмæ сау артæй Лидзæн нæ ары, Зилы арф комы 'Взидгæ йæ адзал, Фæлæ дурвидар Чиуын нæ комы Æмæ фидæны Ивгъуыд нæ сæфы! Тар, Æнахуыр тар Рындзæй фæйлауы. 35
Мæсыг мæсыгмæ Адæргæй дзуры. Ирыл сау арт Йæ хъару фæлгъауы, Уый нæ сæтты, Йæ мæсыг æхсиды... Ивгъуыд мæсыгæй Халонау уасы, Хъарæг хъарæджы Ивы уыраугæ. Бахсыст Иры ныфс Артæйгуырд Тасы, Баззад Мæсыджы Фидæнæн заргæ. Тар Куырм, Сæфт уыгау Мæсыгæй Уасы!
УАЙДЗÆФ МÆ СÆРÆН Уыдтæ сæрыстыр æмæ хивæнд, Æдзух дæ гуылы бын æндзæрстай, Æфсæстæй кодтай рындзыл ривæд, Æндæрты нæ, дæхи æмбæрстай. Лæууыдтæ зæрдæйы фæндагыл, Цагъар-иу сарæзтай ды уымæй. Дæ хорз нымад уыди хъæддагыл, - Уый рыст, уый цудыдта æрхуымæй. Уый дзаг уыд базырджын бæллицтæй, Йæ рухс йæ тугдадзинты ивылд, Фæндыд æй цард хуыздæрмæ ивын, Фæлæ йæ ды тыдтай хъæцциццæй. Ды йын йæ бæттæнтыл хæцыдтæ, Йæ тæвд дæ их тагъзы æруазал. Æдзухдæр тарстæ ды дæ цытæн. Нæ зыдтай: у мæнг цыт йæ адзал. Æмæ ныр рай: уый нал у хивæнд, Æнæниз, рухсмæ тындз, сæрыстыр. Дæуау нæ уыди уый фæливæг Æмæ хуыдуг кæны йæ рысты. Ды уагътай зæрдæмæ дæ фæттæ. Сыгъд куырис, æмæ худти бæттæн... 37
КЪОСТАЙЫ МОНОЛОГ Зæрдæ, куыд фидар дæ, зæрдæ, куыд айнæг дæ, Атъæпп у, аскъуый бынтон! Царды фæндтæ нын куы кæнынц нæ сау лæгтæ, Цард нын куы кæнынц зындон! Акæс-ма, алыран халæттæ - хурхортæ, Цард сын - бæхы мард, хæрынц. Сæфынц нæ мæгуыртæ катайæ, хурхмардæй, Донмæ сæ скъæрынц, тæрынц... Ис ма ныббарæн æрцæуæг хæддзу лæгтæн: Ис сæ цы исты нæ мæт?! Уыдон - цагъаргæнæг, далæ сæхиуæттæн Дуне куы фестад лæгæт. Гъе уæд куыд домдæуа хæддзутæй хорз æгьдау? Бирæгъæй чи домы фæтк?! Фæлæ æмзæххонтæй чи кусы хорзырдæм, Хоны нæ рухсмæ кæй фæд?! Сырдæн быдыры уа, хъæды уа, хохы уа - Нард фыс йæ сагъæс, йæ мæт. Фыййæуттæн иумæ куы нæ уа сæ тохы уаг, Фосыл цæудзæн уæд хъаймæт. Кадджын фыдæлтæй кæмæ у æхсины лæг, Фесæфай, уыцы дзыллæ! - Хицауы фынджы ыстджытæ æхсынынмæ Стонг сырдау афтæ цырд лæуу! 38
Райхъал у, райхъал дæ фынæйæ, сæфт адæм! Де знаджы базон, дæхи... Хæйрæджы фæндæй кæрæдзи ныссæрфтат, ’мæ Бахъуыд ныр иугæнæг хид. Дзурынц нæ фыдæлтæ, хæлы йæхи дурæй Махæн нæ царды мæсыг, - Сæфæм æнæ фæтæг, сæфæм æнæ хурæй, Калæм æдыхы цæссыг... Фехъус: сæуæхсид ысзынг ис ыспæрттæввонг, Уады карз мигъсæрфæг у. Чидæр сырдахсæн æркодта æркъæппæввонг, Дзуры: «Ныр фидæн мæн у!» Агъæц уал, агъæц, æфхæрæг, ныр тагъд уыдзæн: Сау арвыл рухс тæлм фæзынд. Уый хæрзиуæгæй цæттæ у дæ ауындзæн, Мæгуыр дыл бафтаудзæн зынг!
МÆ СÆНТТЫ ХЪÆУ Мæ уды тарфы нæй дæуæн мæлæн, Дæ къуылдымтæ, дæ суадæтты рухс Мыдадз цырагъау калынц уым тæмæн, Æмæ рæвдауы сусæг зард мæ хъус. Куыд æхцон-иу уыд хъæугæрон изæр: Кæм цæгъды быдыр йе ’фсирджын фæндыр, Уым ауæдзы цъæх кæрдæгыл дæ сæр Æруадз æмæ ыстъалыты фæдыл Æдзынæг кæс, сæ аив хъазтмæ бæлл, Æмæ куы ’взæра æхсæвы нывæй Дæ зæрдæйы æрвдунетæм цыбæл, Дæ æвзонг сæнтты фидæн уæд нывæнд. Æмæ зæххыл цы не суыдзæн дæ бон: Уæлæрвты мæйыл ис Амыран баст, Ыстæхдзынæ йæм, рæхысы æндон Æрцæудзæни дæ иунæг цæфæй саст. Æбæрæг хъæуы сау суадоны бын Чызг-хъалонисæг кæфхъуындар цæры. Хъæбатыр куы дæ, гъе уæд, арæппын, Куыд бауадздзынæ чызджыты хæрын?! 0 райгуырæн хъæу, рухс аргъæутты къæс, Дæ цъæх авдæны буцæй мæн уызтай, Мæн чиныгау дæхи фарнæй фыстай Æмæ мæ ныр хъæууон изæрты кæс! 40
* * * Ир фæцамадта мæсыг, Дур æм комæй хаста. Уыд йæ армыдзыхъхъ рæсыд: Афтæ тынг æй уарзта. Ууыл фатдзæгъдæн цыди, Арт ыл уагъта йе знаг, Фæлæ дурвидар уыди Аз-тымыгъты не ’взаг. Иу бон мæсыджы хуылфы Иу хæрæг ныззарыд. Уый йæм ласта дур куыфы, - Мæсыг дзы ныззаууат. Дургай райдыдта кæлын, Фынгæй йæм кæй æвдæлд? Иу хатт загътой: «Ау? Мæлы?! Цъыфы нын куыд сæвдылд!» Мæсыг хи дурæй хæлы, - Нæ хъуысы æвзæрмæ. Уадзыс кæримæ хуыйы, - Хизы уæд йæ сæрмæ.
МУЗÆ Мæн аргъæутты чызгау ды сайыс æдзух Дæ фæдыл æбæрæг ыстæры. Куы фæцæйæххæссы дæ оарцмæ мæ къух, Уæд амбæхсыс хæйрæгау тары. Фæлæ та-иу ногæй цъæх арвы кæрон Ыстъалыйау фæлмы фæзыныс, Æмæ дæм ызгъорын: мæлон йе цæрон, - Æз райгуырон хъуамæ дæ зынæй. Дзылаты рæсугъдау фæлварыс ды мæн, Фæзæгъыс: «Фыдтымыгъты басæтт!» Æз арын мæхицæн фæндагыл лымæн, Хуыздæр чи у, уый-ма дæ байсæд. Цы бавзæрстон демæ, гъе уымæй дæуæн Кæнын æз мæ зæрдæбын арфæ, Кæй дæ ды æгъатыр, кæй дын нæй лæууæн, Кæй мæ сисыс хаттæй-хатт арвмæ. Кæй федтон дæ фæрцы бæрзонд арвы цъæх, Кæй бавзæрстон царды гадзрахат, Кæй уарын хæлæрттыл мæ кæрдзын, мæ цæхх, Кæй нæма æрлæууыд мæ сахат. Ыстъалыйы рухсау зæриндаг дæ раст, Уæддæр мæ фæлварыс фæлгуыры. О, бузныг, мæ уды æвидигæ уарзт Дæ æфсургъы барцæй кæй гуыры. 42
МÆ ХЪÆДДАГ хо Ныр дæр та маргъ бийы йæхицæн ахстон, Кæндзæн фылдæр йæ фидæны мыггаг. Кæддæр-иу æй лæппын гæдыйау ахстон, Æмæ мæ фендæй у хъæддаг йæ уаг. Мæ чысыл маргъ, æз уыцы кары нал дæн. Мæ уæхск дын у æрбадынæн цæттæ. Дæуæн ныр ахæм æууæнкджын æмбал дæн, Кæй уд райы æмбалы хорз фæндтæй. Ды зар æрмæст, тæссаг мын у дæ æдзæм, Куы фæзарыс, æууæндын арвыл уæд: Нæ сæрмæ уый æдзух сыгъдæг кæй уыдзæн, Кæй нын зардзæн дымгæагайдæй хъæд. Мæ хъæддаг хо, мæнæн дæр ис лæппутæ, Кæнынц хæдзар дæ фидæны лæппынтæн. 43
ФАНТАЗИ Цыма мæй ирон чындз у, нæ сæрмæ Арвы къуырфæй ракасти æрдæбон, Асырх ис йæ урс цæсгом æфсæрмæй Æмæ уайтагъд мигъ-хызы фæаууон. Мигъ та мигъыл сæмбæлди уæлæрвты Æмæ акалд се ’хсаргæрдты цæхæр. «Кæд сæ иуæн акъуырди йæ цъæх сæр, ’Мæ кæлы йæ мады цæссыг рæгътыл», - Сагъæсгæнгæ æз дзырдтон мæ фыдæн Иу сызгъæрин уалдзæджы къæсæрыл. Мидбылты мæм бахудти: «Мæ фæндæй Дымгæ зилы, къæбæда, дæ сæры. Уый уæларвæй уадзы дон нæ хуымтæм Хорфæлдисæг Уацилла йæхуыдтæг». 44
ЙÆХИМÆ ЙÆ ЧИ БАМБАРА, УЫМÆН Зæрдæрисгæ Куы фæзæгъын: «Цæй лæг дæн, Мæхимæ дæр Куы нæ хъуысы мæ дзырд? » Уæд ма ’нхъæл ды, Цыма дæуау Ныллæг дæн, Рæвдауид мæ Цыма дæуау Мæнг цыт. Æлгъаг, Уый æз Мæ хæсы раз- фæдзурын: Нæ кæнын фаг Мæ бæстæйæн лæггад. Æндæр кæд уыд Куырм хилæгæн йæ цуры Цæргæс - Тæппуд, Дæлæмæдзыд - Æгад?! 45
САГЪÆС АРТЫ ФАРСМÆ Фæззыгон къахвæндаг æнæуæвынмæ сиды, Æмæ мæм хур кæсы фыдыусы цæстæй. Фæлæ нырма цæуын, мæ фæстаг хæстæ фидын Æмæ цæрын зæххыл сывæллонау рæстæй. Фæлæ хæссы фыдтар йæ хъизæмайраг уазал. Æбæрæг арф хъæлæс - æнæбын æмæ их... Йæ ком ивазы уым мæрдты бирæгъ - мæ адзал, Æмæ мæм сау халон æхсæвдзæстæй ныджджих. Мæ мæгуыр артдзæсты æз пецы фарсмæ риссын, Нæзы чъиуы хæрздæф цыдæр æхцон хæссы. Тæрсы мын арт æмæ йæ пиллон тугæй сисыл Дæсны нывгæнæгау мæ сау æндæрг фыссы. Ыстахт хырыз риуæй фæстаг ныфсы мур маргъау, Фæлæ мын нал уыд уый дæу мысынæн æгъгъæд. Уыди мын а дуне дзæнæт дæуимæ, аргъау, Дæ фидауц - диссæгтæн сæ гомгæнæг дæгъæл. 46
ЦÆМÆН ДÆ УАРЗЫН АФТÆ Æхсæв мæ цæстытæ куы ’рæхгæнын уæззаугай, Фæлæ мыл уарзонау куы нæ узæлы фын, Уæд мæм æрцæуы мæт фыдæлты дард уæзæгæй, Бæстæтыл райдайын ыскъифагау хæтын. Дунай, Днестры тъæпæн фæзты мæ зæрдæ Сыгмигъæмхиц арвау æнæмардæй кæуы. Уæ кæрдты ’рттывдæй-иу арв акалдта цæхæртæ. Уæ тох цæуыл уыд уæд, уæ мæт уыди кæуыл?! Æви æхсар хъæуы, цæмæй дын ма уа фидæн, Цæмæй дæ баззайа уæзгæ зонд нæ, мæнг ном. Цæмæй фæстагæттæ дæ тæригъæдтæ фидой, Сæ удтæ бавзарой Тимуры карды ком?! У ивгъуыд тары хай, нæй иртасынæн мадзал. Дыдзырухс абонæн нæ ныууагъта уæ дуг. Уæ тæвд сæргæхцыты лæгдæр дæн æз - уæ адзал. Æмæ уын уый калдта æнæвгъауæй уæ туг. Хъуыди æрмæст ныхситт - уæ æфсургътæ цæттæ сты, Æмæ сæ къæхты бын æрæвдыд зæхх кæуы. Кæй цагътат, уыдоны сылгоймæгтæн сæ цæссыг Æмæ сæ карз æлгъыст уæ фæд-уæ фæд цæуы: « 0, бауат гагадзагъд Хуыцауы цæф, фыдрынтæй, Фыдæй-фыртмæ уæ кард кæрæдзи марæг уæд. Æнæбын баззайут уæ сыгъзæрин быдыртæй Æмæ фæуæнт уæ хай фыдвæд æмæ æвæд...» 47
«Цæуаг у мады ’лгъыст!» - уæ иу нæ загъта афтæ, Æви нæ хъуыд сымах пехуымпар лæджы зонд?! Уæрæх тыгъд быдырты цыдыстут бæхтыл кафгæ. Адзал - уæ тырыса, фæйлыдта уый бæрзонд... Ныр уалæ арвыл мæй, ыстъалытæ куы скæсынц, Уæд мæм сæ тæмæнæй фæхъары сагъæс, мæт. Уыдтой уæ уыдон дæр, æмæ сæ æз фæфæрсын: «Фыдæл домбай куы уыд, æдых цæмæн дæн уæд?» Æмæ сæхинымæр мæнæн фæдзурынц уыдон Сæ æмыр хъæлæстæй, сæ æрттиваг зынгæй: «Дæ сæртæг фыдæлтæн нæ уыди уарзон гутон, Æнæ гутонæй та лæгæн у зæхх уынгæг...» «Ды хорзæн ма скæ бын, бын ма ныууадз æвзæрæн» - Уыди дæ растгæнæг мæнг куырыхоны дзырд. Уæддæр дæ баззади цæргæсыстауæн зарæг, Уый у дæ зонды рухс, æнæфæцудгæ цырт. Фæлæ æнæ гутон зæлланг нæ кæны зарæг. Мæ фыд цы быдыры ныссагътаид дзывыр? Йæ уд дзæнхъа хæхты ысси æрдуйау нарæг, Сæрибар агуырдта, - ыссардта уый Сыбыр. Æлгъыстæн баззади: «Æцæгæлонæй искæд Куы скæнай ды æлдар, мыггагмæ уæд фæхæт Ды усы кæрдæны, дæ тæппуд зæрдæ рисгæ». Æмæ дæ æлгъыстæн дæ дард фæдон фæхæрд. Æрцæуæг æлдæрттæ нæ хæхбæсты уырсиуæг Чысыл нæ фæкодтой, нæ фæцъырдтой нæ туг. Ызнаджы нæмыгæй æртылдис-иу лæг-сиуæг, Лæууыд нæм комхæлиу ыстонг сырдау фыддуг. 48
Мæ цæстыл уайы ныр: æз - ивгъуыды фыдтары, Йæ чъизи къæхты бын ыссæнды мæн æлдар. Кæмдæр та денджызбыл сæргæхцыстигъæг зары: «Дæ зæрдыл иу фæдзæхст дæ дард фыдæлтæй дар: Ды хорзæн ма скæ бын, бын ма ныууадз æвзæрæн Æмæ тыгъд быдырты дзæгъæл дымгæйау хæт! Йæ амонд алчидæр сырдон хæсты æвзарæд Æмæ лæджы тугæй йæ фæстæ уадзæд фæд!» Мæ дард хъæддаг фыдæл, кæнын дын æз мæ уайдзæф. Æркæрд, цы байтыдта лæг- уалдзæджы дæ кард, Фæдоны уайдзæфтæй дæ сахъ зæрдæ нæ райдзæн, Фæлæ мæ домынц уый дæ ис æмæ дæ кад. Дæуæй мын уарзондæр у де ’мдугон куырыхон, Æмæ мын дзуры уый ыстъалыты хъысмæт: «Æнустæ байсынæн æргæвдæн кард къуымых у, Тæхгæ ыстъалыйау нæ ныууадздзæн йæ фæд. Уыдис дæуæн фыдæл, йæ кард æрттывта арвау, Йæ зонд, йæ зæрдæйы æрмæстдæр уыд æхсар. Нæ йын уыд горæттæ, нæдæр Хуыцау, нæ аргъуан, Æмæ нæ дих кодтой æфсымæртау æхсæр. Бæрзонд ыстъалытæм æхсæвыгæтты ма кæс, Ды се ’хсæн ма агур дæ дард фыдæлы уд. Уым ис, фæстагæттыл кæмæн уыдис йæ сагъæс, Йæ ном, йæ хъуыддæгтæй кæй ном уыди рæсугъд. Æрвон тыгъд быдыры ыстъалы-удтæ цас ис! Æрмæст сæ иунæг у æвæдонау æнкъард. Уый у тæргай фыдæл куырыхон Анахарсис, Мæрдтæм æй барвыста йæ æмдзидзийы кард». 49
Фæлæ, хъæддаг фыдæл, цæмæн дæ уарзын афтæ, Хъæддаг куы нæ дæн æз, куы нæ дæн æз лæгмар?! Æнæ фыдæлты фарн лæджы зæрдæ у афтид, Æнæ фыдæлты зæхх вæййы кæстæр æбар. Уæдæ цы у дæ хин?! Цы уаз цæдис ис не ’хсæн, Ды мын куы нæ дæттыс хæрзаудæн, æнцой. Æнусты сæрты мæ мæ цин дæумæ куы фехсы, Фыдæл, куы фехъусын дæ иунæг хорзы кой!
ГУЫРДЗЫСТОН Æз дæ хъæбул нæ дæн. Дæ сыгъдæг цъæх арвæй Нæ райстон мæ цæстыты цъæх. Æз дæ поэт нæ дæн. Дæ сæууон дыргъдæтты Нæ зæлы мæ хохаг хъæлæс. Уый рындзæй ыстæхы Сæуæхсиды тынтыл, Уый фыййæуттæн ратты Æхсæв æмæ боны Сырх арæныл уддзæф. Мæ зарæг мæ Ирау чысыл у, Уый дардмæ нæ хъуысы. Фæлæ дæм æй, чи зоны, искæд Сæ сыгъдæг уылæнтыл Нæ зараг суадæттæ ’рхæссынц, Уæд дæ дыргъдæттæм хъус, Куы фæкалынц дидинæг уалдзæг, Æмæ иугæр куы ’нкъарай Цъæх бæлæстæн се ’взаг, Цъæх сыфтæрты зарæг Куы ахса дæ хъус, Уæд мæ зæрдæйы цæф, Мæ зæрдæйы рухс æмæ сагъæс, Хъуамæ, зæгъдзысты дæуæн, Уддзæфмæ чи кафы, Уыцы сыфтæртæ. Хохаг суадæтты цинæй 51
Дидинæг калынц Дæ фæткъуы, Дæ кæрдо, Дæ сæндон, Æмæ дын чындз-уалдзæг Фæдзуры мæ фæндон.
ÆМБИСОНД Æмæ уын цы дзурон ныр йæ тыхыл, Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр - тæрхъус. Сырдтæм хъæды уыд нымад æдыхыл, Алчидæр ын ивæзта йæ хъус. Иухатт загъта: «Гъеныр æз цæй сырд дæн, Айфæлтау цæй фесафон мæхи!» Афтыд хъæдмæ, уым тæкъутæ ссардта Æмæ уайтагъд сæры сæвзæрд хин: Йе ’фсымæрты лæппынты æрцахста Æмæ заргæ раздæхтис хъæмæ. Сырдты паддзах домбаймæ сæ хаста, Æна, дам, мын сæ рарвыста дæумæ. Иухатт дæр ’мæ иннæ хатт дæр афтæ Домбайæн йæ мыггаг кодта уæй. Æмæ райста паддзахæн йæ арфæ: «Зам» хуыздæр нæ хъæуы мæн дæуæй!» Æмæ хъилхъус фæстæгтыл ыслæууыд, Синысæртыл ног хицау хæцы. Куы ахъаззаг бирæгъы ыснæмы, Арс æмæ ыстаймæ дæр хæцы. Риссы арсæн фырмæстæй йæ зæрдæ, Фæлæ ’руадзы тæрхъусы раз сæр. Дзуры стай дæр: «Махæн ды нæ сæр дæ!» Сиды бирæгъ: «Бирæ нын фæцæр!» Æмæ хъилхъус донмæ скъæры сырдты, 'Нæ донæй сæ раздахы хъæмæ. Бирæгъæн нæ фæзынид йæ хъуыртты, Фæлæ ныр йæ хицау у я-мæ... 53
Бæлас йæ базыртæй Уадимæ хъазыд, Арвмæ-иу маргъау нымдзаст и, Йæ бæллицты фæдыл ыстæхынмæ хъавыд. Зæхх æй йæ зæнгæй æрцахста Æмæ йæ нæ уагъта: Дзæгъæлæй йын тарсти. Бæлас йæ къалиутæй хуримæ хъазыд, Йæ æрхуы сыфтæртæ - æхцонзæл хъуытазтæ, Зæххæн нывæзтой сæ зарæг. Хур сæм фæтæргай Æмæ сæм тызмæгæй Фыдыусау ракаст. Бæлас ныджджих ис, Зымæджы комулæфт ауад йæ фындзыл Æмæ ыслæууыди иунæгæй рындзыл. Тугдзых хъæрццыгъайау Базыртыгъд зымæг Хæхты бæрзæндтыл æрбадти Æмæ залыйаг калмау Райхъуыст йæ къуыззитт, Калы йæ хъæлæсæй урс их цæхæртæ. Бæлас йæ гом хихтæ - фаттæ, Æоцтигътæ Сарæзта зымæджы риумæ Æмæ уæлахизмæ кæсы æнхъæлмæ. 54
ФАУ МÆМ ЧИ ХÆССЫ, УЫДОНМÆ Æз гыццыл уыдтæн - саби, уырзыйас, Цин мæм ивылди уалдзыгон хурæй. Мæн нæ рæвдыдтат иу мæй йе иу аз... Зæрдæ риуы нæ сæвзæрди дурæй. Уыд мæ сонт уды рудзынг мæ зæрдæ, Истон ууылты уе ’фхæрд, уæ уарзт дæр. Æмæ иугæр æцæг кæд æвзæр дæн, Уæд... уынут мæ уæ зылын, уæ раст дæр. Ис æмбисонд: æнæбын быркуымæ Фарн куы ныдздзурай - фарн дзы ыстæхдзæн, Йе сæнæфсон кæныс уым дæ къуымæл, Уæд къуымæлæй фæстæмæ ыздæхдзæн. Цад йæ хуызтæ кæй æвдисы арвæн, Уымæй цас у йæ рæдыд йæ разы? Æз поэт дæн, поэт та у айдæн, Æмæ уый у æрмæстдæр мæ азым. Иухатт айдæн ныссаста паддзах ус, Æмæ йе ’взæр æнæзонгæ ради. Чъизи цæсгомыл, æрфгуытыл бахус, Æмæ маймули худæгæй марди. 55
Ссудз де стъалы дæхи къухæй уæларвыл, Æндæры рухсмæ ма рæвдау дæхи. Фæсайдзæн дæ дæлимонау дæ тарф фын, - Дæ тæрныхæй куы нæ сæрфай дæ хид. Ссудз де стъалы дæхи къухæй, дæ фæстæ Дæ рухс куыд уадза арвы ронау тæлм. Цы лæзæры нæ цард-гуылфæнæй фæсвæд, Ныхъуыры уый æоæрæгдзинад, фæлм. Ссудз де стъалы, - тæмæн æрттывды арæм Рæсугъддзинад, æнæмæлæт, фæндаг. Нæ зæрдæтæ нæ æрмтты мах куы дарæм, Нæ аскъуыйдзæн уæд а зæххыл нæ таг. Ссудз де стъалы, æнæ уый дуне тар у, Æндæры рухсмæ ма рæвдау дæхи. Дæ цин, дæ хъыг, дæ бæллицтæ, дæ хъару Уæнт абонæй фæстаг фæлтæртæм хид. О, бирæ сты нæ рухсхуыссынгæнджытæ, - Дыдзырухсæн дæр ницы хъом у тар. Тæппудау ма ’взар цард-фурды тæнджытæ, Бæсты фарнæн цырагъ дæндагæй дар. 56
МÆ ФÆЛТÆРМÆ Мах хъал нæ уыдыстæм: хъысмæты уаргъ уæззау уыд, Æвзонгад сидзæрты нæ рæвдыдта фæсхæст. Уæддæр нæ баззади нæ хуымгæнинаг заууат, Хæстоны сидзæр фырт дзывыр-къухыл фæхæст. Уæддæр, табу Дæуæн, Ысфæлдисæг, нæ туджы Фыдазты цæхæры рæстаг хъуыды æхсæст. Фыдæхæй хост фæлтæр, нæ тæхгæ-нæргæ дуджы Уæзданы чиныджы дæ ном æрцыди фыст. Мах хъал нæ уыдыстæм, нæ рæвдауæг уыд быдыр, Нæ удтæм уды хос цъæх уыгæрдæнтæй тагъд. Куы-иу æрхæцыд цæст хъуымбыл дзыккуты быдыл, Уæд та-иу уаз æфсарм уæлæрдзон кодта мах. Цыди нæ алы ми, нæ алы æгъдау æрдзæй, Æмæ кæнæм кæд хуым, уæхскуæзæй тауæм хор, Уæддæр поэзийы сыгъдæг фарндæттæг рындзæй Нæ удты тарфытæм кæсы рæвдаугæ хур. 57
СУАДОН Къæйы бынæй сатæг суадон быдыртæм фæраст и, Уый йæ сыгъдæг уды кондæн мисхал дæр нæ тарсти. Адæмæн æвдадзы хосау уыд йæ сатæг уылæн, Æмæ-иу æм араст ысты сусæны мæй уымæн. Уым йæ фарсмæ физонджытæ буц изæрты кодтой, Алы бырон, алы хъылма суадоны калдтой. Ноджы ма йæм сахуыр ысты хъæдрæбынæй хуытæ, Калдтой дзы сæ чъизи æмæ... къахтой йæ æд хуыртæ. Зæххы цæстмæ нал цыдысты сæгуыттæ мæ сагтæ, Мæргътæ дæр æм нал тахтысты, фæлæ байдзаг сæгътæй. Адæмæй йын удисæн бон иунæг дæр нæ баххуыс, Æмæ бамбæхст мады тары, уый æнусмæ бахуыскъ. Цымы бын цы арс базæронд, уыйау кодтой дистæ Æмæ хуыскъ суадоны был бадтысты æрмистæй. 58
МÆ УДЫ БÆЛОН Фæкæнын тæхуды нæ хъæды мæргътæм: Сæ зарæг ыстæхы бæрзонд æврæгътæм. Рæвдауынц фыййауы, хуымгæнæджы уд Фæсгутон куы кæнынц сæ зардæй рæсугъд. Цъæх арвы тыгъдады æвæлмон тæхынц, Сæ базырты тылдæй мæнæн дæр зæгъынц: <<Мах зонæм, йæ гуырцæй зæххыл цæры лæг, Йæ уд та - уæлæрвты, куы нæ уа ныллæг...» Мæ фынты-иу тахтæн уæлæрвты цъæхмæ, Мæ хъалы ыздæхтæн мæ фыды зæхмæ. Ныр дæр мæ мæ бæллиц цæргæсы фæстæ Фæхæссы, фæсайы уæларвон бæстæм. Фæлæ ныр мæ уæзæй æз баст дæн зæххыл, Æз нал зонын сонтау æврæгътæм тæхын. Мæ уды бæлонæн йæ базыртæ - сасп Æмдугон бæлццæттæй фаг бавзæрста маст. 59
ФÆЛЫВД - Кæнын уæ сæрвæлтау æз тох! - Æдзух дзырдта Æмæ куырдта, Цæмæй йæ макуы кæнæм рох. Æмæ хæцыдыстæм йæ фарс. Æнхъæлдтам мах: Уыдзæн гæнах, Æнæрасты бырсдзæн куыд арс. Йæ фæдыл долапи фыстау Æууæнкджынæй, Фырзондджынæй Йæ фыдгулты ныхмæ бырстам. Куы нал уыд йе знæгтæй мыггаг, - «... Рæстæвзарæг, Рæстыл зараг, Дæттæм дæм нарты кæхц фыццаг!» Бынат лæгæвзарæн кæм нæу! Йæ уды гæвз Цырд хаста рæз, Фæци кæрц фæфæлдæхтау лæг. 60
ЗАРÆГ ХÆРÆДЖЫ КАДÆН (Хъазæн ныхас) Ахæм рæстæг у нæ рæстæг, Зарæг алцæуыл хъæуы, Æмæ æз Хуыцауы рæстæй Зарджытæ фыссын дæуыл. Æз, дæ буц хицау, цы кусын, Æз цæуыл фæкæнын мæт, Уый сыхаг хæрæг дæр хъусы, - Уадз хæлæгæй дæм мæлæд! Уæдæ мæн æхсæвæй-бонæй Нал уадзы дæ мæт æнцой. Дур дыл ласын комы донæй: Уа дын сомы бон æнцон. Хъуамæ фидар уа дæ галуан, Ма дæм бабырса хæрæг. Науæд дæм æфсургъ уа, гал уа, - Иууылдæр кæнынц хæлæг! 61
ХЪÆУУОН РАЙСОМЫ ДИАЛОГ - Дысон хъæумæ бирæгътæ ныббырстой, Ахастой мæ сыхагæн йæ фыс. - Ау, æмæ уæд куыйтæ та цы куыстой?! - Куыйтæ кодтой бирæгътæн æххуыс. Дзурджытæй сæ иу йæ сæр ныххоста: - Иугæр сырдтæн куыйтæ сты сæ фарс, Уæд цæудзæн сæ алы фыдгæнд барст, Æмæ давд фæуыдзысты нæ фос дæр! ÆРТÆ ДЗЫРДЫ Æртæ дзырдæй иу хатт цъæх денджызы был Ныффыстон æз зарæг тæвд лыстæг хуырыл. Æрттывта уым хуырыл хуымæтæг дзырд - Цард. Уæд иннæ йæ фарсмæ уыд - Уарзондзинад. Æз æртыккаг дзырд дæр ныффыстон - Мæлæт. Æрбаивылд денджыз. «Æгъгъæд дын фæуæд1» - Йæ уылæн мын загъта уым хъарæгау уæд. Æртæ дзырдæй иу дæр нæ ныууагъта фæд! 62
ДЗЫРДЫ ТЫХ Дзырд маргау адæймаджы мары, Дæтты, æвдадзы хосау, цард. Æнусты уазалы, мæйдары Дзырд у куырыхон уды арт. Нæ дæн куырыхон, фæлæ балцы Фæнды кæд басæттын дæу Хъарс, Дæ зæрдæ ма дар уæд дæ арцыл, Ыссудз куырыхонау дæ уарзт. Хъаймæтæй рæстæг тынг æвзиды, Зин тауы рухсгуырæны тар, Зæхх кувы уарзты зæдмæ, сиды, Æмæ йын ратт дæ уарзт, æмбал. Фæнды хъысмæты махæй хъазын, Æмæ нæ мæлæт у хуыздæр, Нæ сæр куы ’ркъул кæнæм йæ разы, Куы суæм йæ кæрæфы хуызтæй. 63
О ДУНЕ Æз хурæй рæвдыд дæн, Дæ фыдтæй æвыд дæн, Ирыстон мын - авдæн. Æнусты мæ уздзæн Йæ фæлмæн хъæбысы Цъæх уалдзæг. Фæлæ мæм Куыд худа Æрцæуинаг амонд, Мæ зæрдæ Куыд агура хъæлдзæг? Æлгъыстаджы тыхтæ Кæд судзынц, Рæмудзынц Планетæйы иу хай, Ныссагътой сæ ныхтæ Æдыхты ’Мæ райынц Планетæйы дихæй; Кæд иутæ - Тæппудтæ, Æмбæхсынц Фыдгæнæджы тасæй, Æндæртæ ыссарынц Тыхæй Æмæ хины ныхасæй Сæ монцты фæндагыл Сæ ницæййаг амонд. Зæгъ-ма мын, О дуне!
Уæд уды æнцойад Лæгау лæг Дæ риуыл куыд ара? Æрцæуинаг бонтыл, Æнæрцæугæ цинтыл Кæйдæртау Куырмæджы куыд зара? Мæн уды æнцойад нæ хъæуы, Нæ хъæуы, Куы мæца Рæстдзинад йæ туджы, Эксплуататор Дæ риуыл Куы цæра, Куы цæра Рæстдзинады туджджын. 3 Уалыты Лаврент
НЫСТУАН Азæмæтæн Æз ысхъомыл дæн хæхты, Уым та ахæм фæтк ис: Иугæр ацыдтæ къæхтыл, Хохæй хохмæ уæд хиз. Балцы уазал у, хъарм у, - Гом риу уадмæ æхсид. Искæй бахъуыд дæ хъару, Уæд æндæрмæ дæр сид. Хъæуы сæмбæлди уазæг, Уазæг дуаг у, Хуыцау. Хъахъхъæ буц æгъдау уазæй. Цу сæ цинмæ хуындзау. Хæсс дæ зæрдæ дæ армы, Цыма арвыл зынг хур. Бафтау абоны фарныл, Ма зил сыхыл зынггур. Лæг лæджы зæрдæ зоны, Маст æм макуы хæсс ды. Ма кæ знаджы раз зоныг Цард-сæрвæлтау хæсты... О, мæ райгуырæн хох у, Уым та ахæм фæтк ис: Лæг йæ адæмæй рох у, Кæд нæу ’нæхъæн фæдис. 66
ХУЫМГÆНÆДЖЫ МÆЛÆТ Уалдзæг кæмтты хъазыд, Хæхты сæр нæрыд. Царды цин нуазын Алкæй дæр фæндыд. Уæлрудзынг йæ ахстон Зæрватыкк быдта. - Уалдзæг уын æрхастон, - Хъæлдзæгæй дзырдта. Чидæр хоры гага Ауæдзы тыдта, Уаты та мæ дада Сусæгæй куыдта. Сынтæгæй фыццаг хатт Нал сыстад куыстмæ... Къулыл банцад сахат, Банцади зæрдæ, ыстæй Галгутæттыл хуымы Сау тырысатæ Тауджытæ æрхуымæй Уæд куы æрсагътой. 67
* ч’с ъ’с Æз - хохаг фæсусмыр суадон, Мæ тых æхсæрдзæнтыл нæ барын. Æрмæст фæбонцъæхтæ, æрбаоон, Уæд уыдонау зарын фæлварын, Уæд мæ балцвæд - мæ сагъæс, мæ катай. Мæн фæндаджы мæт Йæ уæлныхты сисы, Уæд мæ нысанмæ Ракетæ нæ, фатау Фæтæхын фæдисы. Фæлæ суадон, Фæсусмыр суадон Кæй бафтаудзæн дисы, Нæй суадонæн Æхсæрдзæнтыл барæн, Фатæн куыд нæ ис Ракетæйыл барæн, афтæ. Нæй суадонæн Денджызы арфæ. Кæд уый Зæрдæйы рæхуыстау æмбарын, Уæддæр æхсæрдзæнтау Зарын фæлварын! 68
ХЪÆДЫ ЗÆДЫ АРГЪАУ Хæхтыл мæй йæ зæрин тауы, Зæрдæ у æндыгъд. Хъæд мæ уарзонау рæвдауы, Риуы уарзт ыссыгъд. Æз мæ бæллицты рæу маргъау Хæтæнты тæхын, Æмæ сонты бонты аргъау Ивылы зæххыл: «Бамбæхста йæ талынг тарфы Иу сау суадон хъæд, Æмæ уый алыварс кафы Диссаджы чызг-зæд. Уыцы чызг йæ комытæфæй Марды уадзы уд. Райынц уый сыгъдæг уæлдæфæй Быдыр æмæ фурд. Уый дзыккуты, уый цъæх тары - Мин ахстоны сæрд. Мин хъæлæсæй уымæн зары, Хур куы скæсы, уæд». Мæн хæссы йæ буц базыртыл Сабийы æууæнк. Атыхсын дæ бу* æрзытыл, Суадонджын цг х лæнк. 69
Мæнæ гъе дæ къуырфы суадон, - Зонгуытыл лæууын, Зæгъын дзы мæ дойны суадзон, Фырцинæй кæуын. Ауыдтон дзы ’нахуыр зæды, Бахудт мæм фæлмæн, Атахт уайтагъд хъæды сæрты, Акалдта тæмæн... Уым дæлимонау кæл-кæлæй Худы уыг мæныл: «Хаугæ стъалыйы тæмæнæн Ауыдтай йæ ныв!» - Уыцы зæд кæцы ран цæры? - Фарстон алкæй дæр: Цъиуты, сырдты, ’хсæр къутæры, - Чи йæ кæны хъæр! Фæлæ æз мæ ныфс нæ сæттын, Уымæн нæй ныууагъд. Авд суадонæн сæ сæрты Ахиздзынæн тагъд. Уым цъæх æрдузæн йæ астæу Иунæг бæлас ис, Бæласыл - фыдæлты ахстон, Ахстоны та - сис. Уыцы сисмæ, дзуры аргъау, Иу миниуæг ис: Уый æрхауд сыгъзæрин маргъæй Æмæ сафы рис. 70
Зонгуытыл æрлæуу йæ разы Æмæ кувгæ зæгъ: «Дард кæмдæр мæ бæллиц хъазы, Фест мын уырдæм бæх!» Дымгæ бæласы æнкъусы, Бæлас ын хъырны. Сис нæ фезмæлдзæн, нæ хъусы: Уый кæй дзырд уырны! Фæлæ фатдонæй фат фелвас, Кæд сыгъдæг нæ дæн, - Зæгъ, - Хуыцау нæ уыдзæн ме ’вварс ’Мæ мæ цард фæдæн. Уый фæстæ дæ фат - фæдисон Арвмæ суадз, бецау, Кæд ды уаз дæ, уæд цæдисон У дæуæн Хуыцау. Фат куы фæивгъуыйа, де стæн, Нал дын уыдзæн тас: Сис тæнбазыр æфсургъ фестдзæн Æмæ йæ æрцахс. Саргъæн мæйы тынтæй - йе ’взист, Абад, фæндаг - даргъ. Де ’фсургъмæ дæ ехсæй февзид, Циу йæ разы маргъ! Иу ран сау хæхтæ фырытау Рагæй кæнынц хыл, Кæс, куы фæцæуой фæйнæрдæм, Цæв тæлтæг бæхы. 71
Уый фарсæй фæхауæд уафсхор, Армæй та - чъылбыз, - Фендзынæ, куы скæса уаз хур, Хъæды зæды хуыз... Бамбæхста йæ талынг тарфы Иу сау суадон хъæд, Æмæ уый алыварс кафы Диссаджы цъæх зæд. Уыцы зæд йæ комытæфæй Марды уадзы уд. Уый цъæх дзыккуты хæрздæфæй Цауд кæны рæсугъд. Авд суадонæн сæ сæрты Мæн цæуын хъæуы. Фæлæ бæласы сыфтæртæй Уыг цæуыл кæуы?!
НОГ ХИЦАУÆН Нæ зонын æз, зылын дæ æви раст, Дæ фезмæлд гъæйтт-мардзæ у сагау. Нырма дæ намыс у æмоæхст Дæ туджы денджызы кæсагау. Фыдæлтæм иу æвзарæн уыд: Лæгдзинад-иу ысбæрæг хæсты, Кæд-иу ыстайау уый хæцыд, Лæг уыд уæд адæмæн сæ цæсты. Фæлæ хæссы æндæр уаг дуп Лæгдзинад иртасы ныр бандон, Æмæ кæд уа сыгъдæг дæ туг, Ысуа нæ фыдыбæстæ фарндон. Уæд дын дæтдзыстæм мах дæр уаг, - Нæ сæрты астæуты фæндаг. 73
Сымахæн кастæн ме ’мдзæвгæтæ æз, Суадонау уыди мæ зæрдæ уаз. Æрвыстон уæм æрвон зæлты мæ уарзт, Уæддæр нæ сæфт уæ цæсгæмтты хъуынтъыз. Æз уæ уыдтон: чи хъал уыд, чи - фынæй, Æмæ хуыссыд мæ рæстдзинады арт. Нырхæндæг и мæ сæрмæ арвыл мæй. Æз басастон фыццаг хатт уæд мæ ард. «Ныр та Шекспиры бакæсдзынæн æз», - Мæ цæстæнгас уæ цæсгæмттыл нындæгъд. Сымахæн кастæн ме ’мдзæвгæтæ æз, Æмæ мын кодтат арвнæрдау æмдзæгъд. Фæлывддзинадыл чи бавæры саргъ, Фылдæр фæкæнут уыцы лæгæн аргъ. 74
Лæг йæ уды мæтагæй Куы самайы арвмæ мæсыг, Уæд æй мæсыгы къултæ Тæлыйау æлхъивынц, Уæд йæ хъæдгомæй судзгæ Фæтулы цæссыг, Уæд йæхи дæр фæливы. Мæн уыцы мæсгуытæ Бындзарæй Рæмудзын фæнды Æмæ къахын Мæ зæрдæйы къуырфæй Мæтсурæг Фæндыр!
НЫФСÆВÆРÆН Чысиаты Резойæн Ыстъæлынц азтæ, фæндаджы кæрон Нынныхсти цуркау ’нæуæвыны тары. Дæ иувæрсты, цыма ивылгæ дон, Сæртæг фæлтæр бырсы кæдæмдæр, зары. Æмæ тæлфы дæ риуы тарфы зын: Куы дæ бакæна æмбæрзæн йæ аууон... Цæф хæстонæй дæ не сæхъуыст хъæрзын, Чъылдымыздæхт дæумæ нæ уыди амонд. Уæдæ цæуыл æруагътай ныр дæ сæр, Зæронд хæстон! Æрымыс хæцæн, де ’хсар. Дæуæн нæ уыди карз тохты æмсæр, Æрцæв-ма та дæ емылыччы ехсæй! Ды самадтай æхсаргардæй дæ цырт. Дæ сырх тугæй дæ истори ныффыстай. Æмæ кæндзысты фидæны дæ дзырд, Дæ ном уыдзæн фæстагæттæн æгъуыстаг! 76
ХÆСТОНЫ МОНОЛОГ Нæ дæн Чермен æмæ нæдæр Бола дæн, - Нæ мæ хъæуы сæ тых æмæ сæ кард. Куы хъуыди, уæд лæууыдтæн æз оолатау, Æмæ сын истам арвы онг сæ кад. 0, цас разынд Черментæ уæд мæ Иры. Фæйнæгфарс нæ, æндонфæрскджынтæ сты. Тæхгæ нæмыг-иу сæмбæлди мæ риуыл Лæгæвзарæн Фыдыбæсты хæсты. Куы минæйау лæг танчы бынмæ хауди, Куы та æхгæдта сармадзаны дзых. Зынг бомбæтæ йыл ихуарæгау калди, Уæддæр нæ саст йæ хъооангоймаг тых. О, цас фæхъуыд Черментæ уæд мæ бæстæй! Æнус-æнус сыл кадджытæ фæфысс. Сæхæдæг нæ, Фыдыбæстæйы хæстæй Мæ Ирыстонмæ сыздæхти сæ ныфс. Нæ дæн Чермен æмæ нæдæр Бола дæн, - Сæ туджы хъазт мæ тугдадзинты ис. Мæ хорз кæстæр, ды дæр-иу кад ’мæ радæй Ирон лæджы ном афтæ бæрзонд сис! 77
У цард цыбыр: Ыскаст æмæ ныккаст. Зæгьынц - хъыгæн дæр,, цинæн дæр у фаг. Суадонау куы ивыла дæ уарзт, Уæддæр дзы исчи баззайдзæн хъуаг. Æмæ дыл сагъæс сæвæрдзæни уаргъ: Нæ цардвæндаг фыдракæндæн у даргъ, Æмбæлццоны хæрзæбонæн - цыбыр. Æз бамбæрстон мæ фæндаджы дæргъ ныр Æмæ кæнын фæдисы хъæр: «Фæлæуу, Æнæуынгæ цъæх фурды уайаг нау! Мæ туджы райхъал цардмондаг кæрæф Æмæ æрцахсон, чи зоны, мæ кæф.» 78
уалдзыгон ныв Фæдаргъ ис бон, Йæ фæлыст ивы Фыдфынтæй райхъалуæвæг хъæд. Нæ чысыл къада дон у ивылд Æмæ фæхъæлдзæгдæр йæ хъæр. Фæцъæх ис кæрдæг, Уæртæ нæууыл Зæронд бæх ирхæфсы йæхи, Баба йæ ауæдзыл æрлæууыд, Йæ ныхæй асæрфы йæ хид. Фæстæмæ дард балцæй ыздæхы Фæсусхъуыр зырнæджыты къорд, Æмæ баба сæууон æртæхыл Æппары арф ауæдзы хор. Ыссыгъди фæндаджы был уагълы, Цыма хæххон фыййæутты арт, Цыма поэты хæс ис маргъыл, - Нывæнды царды цинтæй зард. 79
Нæ ивгъуыды бонтæй дыдзырухс фæкæсы, Уый хатгай ныууадзы нæ зæрдæты хъарм. Йæ мидбыл мæм худы мæ фыдæлты къæсы Æнахуыр уæлмонцтæй æргъæу амад фарн. Уый хъазыди мемæ кæрдæгджын æрдузыл Куы та-иу мæм арвæй рæвдаугæ æркаст. Ныр дæр мæ бæллицты уылæнтыл фæузы, Ныр дæр мæм æрвиты йæ рухс фæлмæн уарзт. Куы разыны дуне фæлывдæй, мæнгардæй, Хæрвджынтæ куы скæнынц козбауæй æлдар, Пехуымпармæ амонд куы фæкæсы дардæй, Куы вæййæм рæстæгмæ сæрхъæны дæлбар, Уæд арвы тыгъдадæй дæлимонты уæзæй Æрхауы цæф маргъау мæ мастæфхæлд уд... Мæ уæззау хъæдгæмттæн мæ сабион уæзæг Чысылæй нырмæ дæр æвдадзы хос у. Рæсугъддæр бæллицтæй нывæзт фарн уым судзы, Уый хъахъхъæны мадау рæдийынæй мæн. Мæ хъуыды фынккалгæ æхсырау фæрсудзы, Æмæ та мæ бæллиц ыскалы тæмæн. Фæхъазы уд ногæй æврæгъты хъæбысы, Фæх!уды хæрвджынтыл кæл-кæлæй бынмæ. Кæд уыдис, кæ, амонд дæлфадуарз къæбысы?! Уæлæрвтæ нæ зоны, уый хилы куырмæй. 80
Нæ ивгъуыды бонтæй дыдзырухс фæкæсы. Уый уадзы, Уый тадзы Нæ зæрдæты хъарм. Йæ мидбыл мæм худы мæ фыдæлты къæсы Æнахуыр уæлмонцтæй æргъæуамад фарн.
НЫГЪУЫЛИ Байрай хуымы буцæй, Зарæггæнæг маргъ, Æмæ боны рухсæй Ратт мæнæн дæр уаргъ! Зарæджы зæл фатау Арвы цъæхмæ уадз, Айсаф мын мæ катай, Цин мæ риумæ тадз. О, Хуыцауы рæстæй, Зæрдыл ма лæудзæн, Сабийæ дæ фæстæ Уагътон дур, лæдзæг. Уый бæргæ нæ фæччыд, Фæлæ ма кæ дис: Ахæм ми сæ фæтчы Паддзæхтæн дæр ис: Зарæг тохмæ сиды, Зарæг кæд рыст у, Туг кæны æхсидын, Бархийыл фыст у, Гъе уæд æм фæкæсынц Топпы кæсæнæй, Уырдæм æй фæхæссынц, Здæхæн кæцæй нæй. 82
У? * Ус Куы мæ раппæлыс ды, Былалгъæй нæ, Зæрдæбынæй куы дзурыс: «У арфæгонд, Дæ ныхас мын мыдау Уыди æхцон, Мæ уды рыст фæрогдæр...» Уæд банкъарын Æрвон тыгъдады рухс, Цавæр тых ис, Цавæр зарæг уæлæрвты. Ысвæййы уд Суадонæй сыгъдæгдæр. Цъæх кæрдæгыл Æхсæвдзæссыг-фæрдгуыты Куы фæхъазынц Сæууон хуры тынтæ, Мæ риуы афтæ Ферттивы мæ цин, Мæ цæстытæй Суадонау æнхъизы. Мæхиуыл уæд Фæхуды хатт мæ зæрдæ. Вæййы мæ царды уысм: Æрфæнды мæ Æвзæр æвзæрæй фидын, Фæлæ мæ фæндæн Сæхгæнынц йæ хъуыр Сæрыстыр, 83
Уарзт. Фыдæх æрцæуы саст. Фæлгæсы рындзæй уæд Мæ уд-дзæбидыр, Æмæ фæзæгъын æз: - Уæлахиз уæд сæрибар!
МÆ УАСТЫРДЖИ П. Д. Богданову Уыдтæ бæлццон, - Æмбисыл аскъуыд фæндаг, Дæ сыгъдæг зæрдæ бафтыди зæхмæ. Нæ гуырдзæй мах Вæййæм хъысмæты фæндиап Быры чи калмау, Чи кæны тæхгæ. Дæуæн тæхын, Лæджы уарзын нывгонд уыд, Фæлæ дын уагъд Цæрыны бонтæ - цъус. Нæ зæрдæты Дæ фарны мæсыг конд у. Нæ хуыссы уым Дæ уæзгæ зонды рухс... Дæумæ ныр фæндаг Уæлмæрдтыл кæй цæуы, Дæ ахуырдзаутæн Уый уырнинаг нæу. Рæсугъд фæндтæ Куы аленк кæнынц сæры, Уынаффæйæн Фæагурæм уæд дæу. 85
ПЕХУЫМПАРÆН Ды раст уыдтæ: Ис хъулон калмы марг, Æмæ кæрцæн у йе ’мпъузæн йæхицæй. Æз фехæлдтон зæхкусæг фырты уаг, Æмæ мæ бæллиц быдыртæй фæхицæн. Ныууагътон хуым, Мæнг хæлæрттæ уыд фаг, Æмæ мын цагътой сусæгæй мæ хъуын-хъис. Нæ бамбæрстон ыстыр горæты уаг, Нæ бамбæрстон, йæ рухсы мæ цы хъуыдис. Цыты фæндæгтæ агуырдтон бæлгæ, Мæ уд æхст фатау арвгæронмæ тахти, Куы мыл уыдаид базыртæ, бæргæ, Фæлæ æрцыд, - хъысмæтæй мын цы загъди. Цæмæн кодтон Æмбисондыл дывæнд: Зæххæй цы стæха, - фæстæмæ зæхмæ здæхы. Тæхуды æмæ алкæуыл æууæнд, Дæ дойны сæтт сæууон быдыры ’ртæхæй. Ды раст уыдтæ: Ис марджы ныхмæ марг, Æмæ кæрцæн у йе ’мпъузæн йæхицæй. Æз нал уарзтон зæхкусæг фырты уаг, Æмæ мæ амонд уый тыххæй фæхицæн. 86
ХÆС Хæлар, æцæг поэт кæд дæ, - Ыссудз дæ зæрдæ. У тохмæ алы уысм цæттæ, Рæвдау дæ зардæй. Нырма бæллиццаг нæу нæ Зæхх: Хъæрзы лæг тары, Цæры руймонæй гуырд фыдæх, Æргæвды, мары. Дæ зарæг сидзæрты хъæуы, Хъæуы сæ хур-мад, Кæмдæр æвæгæсæг кæуы, Кæуы æххормаг. Уый хорз: æрцæудзæнис ын хос, Дæттын мæ комдзаг. Фæлæ цы чындæуа, лæг-фос Куы цæуа комдзог?! Дзæбуг, хъæсдарæгæй куырдау Цæгъдыс дæ амонд. Дæ фæдыл зилы уый куыдзау, Цыма дæ аууон. Нывæндыс горæттæ, хъæутæ, Цырагъау судзыс, Фæлæ руймон дæр у цæттæ, Дæ куыст рæмудзы. 87
Ыскæны сабыр маргъ хæдзар, Фæлæ ис халон Æмæ йын барвæндæй йæ цард, Йæ ахстон халы. Хæлар, æцæг поэт кæд дæ, - Фæсид нæм размæ, Куыд уæм æппынæдзух цæттæ Ызнаджы карзмæ!
ÆРÆДЖИАУЫ ЗОНД Алчи мын йæ пехуымпар зонд хъардта, Алчидæр мын амыдта цæрын. Уас æрхауа, мæн цы Хуыцау радта, Бафта йыл мæ тæригъæдæй рын! Кæд цæмæн дæн афтæ æлгъыст царды, Цæннæ ’мбарын «хорз» адæмы хъæр! Ничи ’рвæссыд ме ’мгæрттæй мæ зардыл, Афтæмæй, дам, ацу æмæ цæр. Æз ныгъуылдтæн искæй аууон халау, Нал уыдтæн, цы уыдтæн, уый дæр æз. Цыма-иу мæ бæсты зарыд халон, Уыйау мæ нæ уагътой схæссын рæз. Фæлæ иубон ракастæн мæ цæстæй: Нароныл дæр авæрдтой сæ фау. Уыцы бонæй «гениты» ныхæстæ Нал уадзынц мæ зæрдæйы сæ тау... Алчи мын йæ пехуымпар зонд хъардта, Алчи дæр мын амыдта фыссын. Зæрдæйы цы зарæг сыгъди артау, Кодтой уый сæ дам-думтæй хуыссын. 89
ЗЫГЪУЫММÆ ЗОНД Зонын, ме знаг у мæ зæрдæ, Уый йæхи фæндон тæры. Зонд ын амоны: «Цы ’взæр дæ! Базон адæмау цæрын. Уарзынц хицæуттæ æппæлын, Æмæ ма кæ уый хæлæг, Сахуыр кæ зæвæт ысдæрын, Æмæ уай пайдайаг лæг. Хæрæг дын цæвы дæ уадул, Дар уæд иннæ дæр цæттæ, Æмæ исдзынæ лæвар дзул, Куывдты нуаздзынæ сæнтæ. Худ дæ хорз хæлæрттæм разæй, Арт сыл-иу фæстейæ ’ндзар. Ма дзур цъаммарæн йæ азым Æмæ скæндзынæ хæдзар». Зонын, ме знаг у мæ зæрдæ, Уый йæхи фæндтæ тæры. Зонд ын амоны: «Цы ’взæр дæ! Базон адæмау цæрын». - Уый цъæх хæрæгау ныццæхгæр, Сисы сонт риуы фæдис, Арвау акалы цæхæртæ, Зондыл та фæкæны дис: Ау, лæг иунæг хатт куы цæры! Ау, Хуыцау куы сси ныр лæг! < Уæд цы фыд зилы йæ сæрыл, Уæд куыд ысвæййы хæрæг? 90
Ды хъуыддагыл æвзагæй кæм рыстæ, Уым нæ урæдтон зæрдæйы рыст Æмæ цъитийау уымæн ысурс дæн. Æви цардвæд мæ ныхыл нæу фыст?! Ды лæгъзвæндагыл рувасау уадтæ, Никуы схъардта дæ фæсонтæй хид. Æз нæ хуымы дæллаг галау цардтæн Æмæ арæзтон фидæнмæ хид. Ды фæлитой, мыдамæст æвзагæй Хи мæт адæмы номæй дзырдтай. Сайдтай алкæй - хæларæй, ызнагæй. Ды хуыздæрты сæ куыстæй сырдтай. Хин, козбаутæй дæхицæн ыскодтай Тас, фыдæхæй æмбæхсæн мæсыг. Никуы бамбæрстай адæмы катай, Никуы ’рхауди дæ цæстæй цæссыг. Хатгай адæм æууæнкæй цы сафынц, - Азты сæрты сæм раздæхы ног. Хин, фæлитой кæй уыди сæ сафæг, Уый фæзæгъы сæ мастисæг цонг! 91
Мæ ныфс, мæ цæстыты цæхæр Æрвон куырдалæгонæй хастон. Хуыдтой мæ «зондджынтæ» сæлхæр, Æз сын куырыхон зæдау барстон. Уæддæр цæй рухс уалдзæг уыдтæ! Фырхъалæй нал зыдтон тæхуды. Æдзух æрра лæгау цыдтæн, Фæзмыдтой адгуытæ мæ худын. Бæрзонд ыстъалыты æхсæн, Мæ Ир, дæ таурæгътимæ тахтæн, Цыма уыдтæ ды мифон сæн Æмæ мæ риумæ арвæй тагъдтæ. Куы та цъæх дымгæйау, мæ Ир, Дæ хох, дæ уыгæрдæнты хаттæн, Зыдтон, кæй рафтауы æфсир Мыггаг зæрæстон хуымы хатгай. Фæлæ кæй баззайдзæн цъæхæй, Нæ мæм уыд ахæм фыд нымады. Уæддæр мын хастай ды мæ хай, Мæ Ир, зæххон цинтæй мæ рады. 92
Цы дæн, уый дæн. Мæхи нæ фауын, Нæдæр у хи стауын мæ куыст. Фæнды мæ зарæгæй рæвдауын, Фæлæ нæу уымæн дæр мæ фыст. Уæддæр Ысфæлдисæгæн табу: Нæ дæн бынатылмард, лæгсырд. Мæ Ирмæ ничи хæссы табиц: Дæ фырт - Фæлывд, Мæнгдзырд. Мæ бон, Мæ ис - Мæ гæвзыкк зарæг. Бæстæн нæ кæнын фаг æз цыт. Уадз афтæ уæд, Уæддæр æз барæй Дæу, Ир, нæ кæнын уæй, æдзыт. Цы дæн, Уый дæн. Хуыздæр уæ чи у, Цъиахтау ма кæ уый фæдис. Нывæр дæ бæсты хъыг дæ риуы Æмæ дзы рухс зарæг фæлдис! Æрмæст цытуарзаг домы арфæ. Уынаг у адæмæн сæ цæст. Куы цæуа зарæг риуы арфæй, Уæд дæ хæрзамондæй æфсæст. 93
РЫНЧЫНДОНЫ О, фæлæуу хæрз чысыл, сау адзал, фæлæуу, А зæххыл мæ хæстæ бафидон æххæст, Ма дзурой мæ фæстæ: «Ахæм поэт нæу Æмæ йын цыт кæнын бауарза нæ цæст». 0, фæлæуу хæрз чысыл, арвы мил æххæст Æз мæ фæлмæн удæй расæрфон æппæт, Мæрддзыгой куыд дзура: «Рухсыл расидт хæст, Уый сæраппонд тохы алыбон æмбæлд». Сау ныккæнды къуымы иучысыл фæлæуу, Афтæ тынг нæ хъæуы де ’хсины мæ сæр. Æз нæ сойдзаст хуымы байтауон мæнæу, Йе ’взарæй куыд райа фидæны къæсæр. Акæс-ма, цъæх уалдзæг Быдыры хæты, Чидæр та дæ быны Сынтæгыл нæты. 0, фæлæуу хæрз чысыл, Мæн цæрын фæнды. Айхъус-ма, куыд зары Æрдзы уаз фæндыр! 94
ХЪÆДДАГ ÆДЗÆМ Куыд æхцон у! Æхсæвы дуаг æнцад Йæ сау зæлдаг дзыккуджын хъæдыл тауы. Цыма у арв æнæкæрон цъæх цад, Кæны дзы ленк сызгъæрин аргъау науы. Æрфынæй ис йæ лæппынтимæ цъиу, Рæу уддзæф сын сæ авдæн узгæ зары. Фæрсыгъд уæлдæф зыдæй улæфы риу Цъæхдзыккуджын мæйвæлыст хъæды тары. Нæубыл æрхы хъуызы кæдæмдæр дон, Йæ сусæг цин ис сыфтæрты сыр-сыры... Æмæ нæй мæт. Цыма нæ уыди бон, Куыройвыдтæ нæ зылдысты дæ сæрыл. Хъæддаг æдзæм, æвдадзы хос дæ ды! Ды дæ мæрдтæ æгасгæнæг фæндыр! 95
ФÆСТАГ ПОЭТ Æз - фæстаг поэт Иры, Парнасмæ æрвыст дæн. Æз - фæстаг поэт Иры, Хуыцауæй æлгъыст дæн. Уыд мын иунæг суадон - Мæ кадæджы гуырæн, Фæлæ бахуыскъ и абон, Бахуыскъ, мæгуырæг! Телыл зæрватыкк зары Мæ уды рæхуыстæн. Æз - фæстаг поэт Иры, Хуыцауæй æлгъыст дæн! 96
ХÆХТÆ Хурмæ цæгатаг æрсытау Сæ фæсонтæ тавынц, Рагон бердзенаг фыстытау Мæ хуыссæгæй давынц. Уыдон мæ зæрдæйы арфы Хæзнайау нывæрдтон, Уыдон мæ хъуыдыты арты Цæхæрау ныуæрдын. Раджы, хъаймæты æрцыды, Нæ катай æмбæрстой. Дагъы фыдгулы æрцытæй Мæ Иры æмбæрзтой. Хæхтæ - фыдæлты цыртытæ, Фыдæлты мæсгуытæ, Дæттæ - сæ туджы цъырттытæ, Нæ мæдты цæссыгтæ. 4 Уалыты Лаврент 97
ХОХАГ ДОНЫ ЦУР Æхсæв у хæрз сабыр. Мæргъты хъæлæс бамыр, Уддзæф дæр нæ тæлфы Кæрдæджы, улæфы. Гъе æрмæст ма комы Дон фынæй нæ комы. Уый ызгъоры размæ Фурдмæ азæй азмæ. Æмæ фурды тары Уый æнцойад ары. Фурдмæ бафты - афтæ Фурд фæвæййы арфдæр. Æмæ фурд куы нæры, Уæд бæллиц æвзæры Хохаг доны сæры: Цас ыстырдæр фурдмæ Уайа хъазгæ, худгæ, Уас фылдæр - йæ бонтæ, Кадджындæр - йæ ном дæр. Æхсæв у хæрз сабыр, Мæргъты хъæлæс бамыр. Фæлæ дæлæ комы Дон фынæй нæ комы. Фурдмæ уый ызгъоры 'Мæ йæ хъысмæт зоны: 'Нæмæлæт æм худы Æмæ йæм мæ уды Сæвзæры тæхуды. 98
ФÆЗЗÆГ - БЫДЫРГÆС Бæлæстæ - хъомгæс лæппутæ, Æвæццæгæн, хъазыныл фесты, Фос фесæфтой хуымтæ Æмæ сæ уæлхъус фестад Фæззæг - быдыргæс. - Раласут! - карзæй сын загъта. Уыдон сæхимæ ныхъхъуыстой. Ног сыл йæ къæхтæ ысцагъта Æмæ сæ ныууыгъта, Нынкъуыста. Мадард бæгънæг сæ ыскодта, Сæ фæлыст сын хъæумæ фæхæссы. Иу сæ - тæнзæрдæ, ыскуыдта, Йæ зæнгыл æрттивы йæ цæссыг. Бæлæстæ - хъомгæс лæппутæ, Дзурынц: «Кæндзысты ныл тутæ...» Фæззæг - быдыргæсы фæстæ Зæрдæдзургæ хуымгæрон фесты. 99
МÆ КУВÆНДОН Дæуыл та ног æмдзæвгæтæ фыссын, Æмæ та растад ме ’взонгдзинад тарæй. Нæ мæ уадзы дæ буц фæлгонц хуыссын, Мæ аууонау мæ фæстæ зилы барæй. Æмæ цæуын мæйрухс æхсæв, цæуын. Мæн донбылмæ æнахуыр æндæрг сайы. Кæд мын зæдау æвгъау кæныс дæ уынд, Уæддæр мæ уарзты аргъуаны райын. Мæ кувæндоны Мадымайрæм ис, Ныббары уый æрхæндæг уды азым. Уым айсæфынц мæ хъыг æмæ мæ рис, - Мæ зонгуытыл куы ’рлæууын æз йæ разы. Уым мин хатты фæлхат кæнын дæ ном, Цыма уырнон йæ зæды хаймæ кувы. Нæ мæм цæуы мæ буц Хуыцау æргом: Цæмæй йыл уа йæ фæлдисæг æнувыд. Уадз афтæ уæд, уæддæр мын у æхцон Æбæрæг уарзты сонты бонтау тайын. Мæнмæ æртасы донхæрисы цонг, Дæ дзыккутыл мын сисы зарæг майы! 100
Фæцæуыс ды, æмæ дæ фæстæ Куыддæр хæдæгъдауæй цæуын. Тæрсын, куы фæтар уай мæ цæстæй Æмæ мæ мид-зæрды кæуын. Цæмæн, цы рухс зæды æлгъыстæй Ног сыстад сау сыгъдонæй уарзт! Æви æцæг у уый æгъуыстаг? Уæд мын мæ сонт митæ сты барст... Нæ, уый дæлимон ис мæ уды Æмæ мæ ардауы дæуыл, Æндæр дæ хуызæн сау рæсугъды Тæрсын куыд фæкæны мæ уынд?! Уæд ныр цы тых сайы мæн зæдмæ, Цы ссыгъд мæ удæрты ныфсау?! Æви зæронд нæ кæны зæрдæ, Æмæ йæ уромы æфсарм?! Æнцад, мæгуыр зæронд! Дæ хъал бо Ды раджы банызтай кæхцау. Амурæн чи нæ вæййы уарзон, Гъе ууыл рахæты Хуыцау ... Фæцæуыс ды, æмæ дæ фæстæ Сæццæйæ, дзагъырæй кæсын, Уысм мын ыскодт?^ удыбæстæ, Цæргæ-цæрæнбог та - зын!
Мах быцæуыл куы схæцæм Тызмæгæй, Куырмæй, Æмæ норттæ Куы свæййынц æхсонау, Уæд, мæ уды цы цæуы, Уый æмбæхсын дæуæй Мæ сусæг фæсмонау, Уæд мæ риссаг Ныууадзын дæ цуры, Уынгты зилын, Цæмæй Ногæй ме ’муд æрцæуон. Адæм мемæ фæдзурынц, Æппæлынц Дæуæй, Æмæ зæрдæйæ афтид Сабыргай афты. Уæд æз бамбарын ног Æрдзы гакк æмæ фæтк, Уылæн былæй фæлидзы, Йæ кæхцы Уынæргъы, Уылæн денджызы арфы Налхъуыттæ фæуидзы Æмæ цингæнгæ Былмæ ыздæхы.
Уæ, мæ рагон хæлар уахъæз, Зилыс Иры хæхты ды. Кæд мæныл фæкæны сагъæс, Кæд мæ фенын уый фæнды. Ды мæнмæ мæйрухс изæрты Уымæй уацхæссæг уыдтæ, Уый куыд тад фæндыры зæлты, Уый дæхи цæстæй уыдтай. Уый сæнтсау дзыкку - хъуымбылтæ Сдыдтай де ’нгуылдзты уырзтæй, Æмæ-иу йæ худгæ былтæй Стыдтай адджын ба ыстæй. Хатт та-иу йæ къуыбыр риутыл Кодтай сабийау фынæй. Тадысты мæ цæсты фиутæ, Семæ-иу куы хъазыд мæй. Уæ, мæ рагон хæлар уахъæз, Цырддæр Иры хæхты тæх! Чи зоны, йæ зæрдæ суынгæг, Уæд мæ номæй уымæн зæгъ: «Ма кæс хъæугæронмæ джихæй, Ма уæд буц фæндыр æмыр, Иухатт дæм фæндаджы тигъæй Хъуысдзæн ме ’фсургъы мыр-мыр!» 103
Ды урс зымæджы фæстæ Хурмæ дæ урс буар тавтай. Уыд æнæвдæлон уалдзæк Фæцæйхаста тауинаг хуыммæ, Фæлæ дæ хъæддаг æнæвнæлд сырх былтæ, Дæ хъоппæг цæстытæ, Дæ артуадзæг риутæ куы федта, Уæд астымы айтыдта, Зымæгдæргъы уаты кæй уæфта, Уыцы кæркæ-мæркæ гауыз Æмæ дæм фæсидти. Ды йын барвæндæй Цингæнгæ радтай дæхи. Уый дыл ныттыхсти, Дæ риутæ дын залмæй æмбæрзта: Дæ рæсугъддзинад дын æмбæрста Æмæ дæ æмбæхста Йæ мин хуызы дидинты фæстæ. Зарыд дæ уахъæзы Мæргъты хъæлæсæй, Суадæтты сусæг хæл-хæлæй, Кæрдæджы хъуырæй æрцагъта, Дысон мæйы чызгæй чи фесæфт, Уыцы фæрдгуытæ, Æмæ дын сæ радта. Аба дын кодта дæ къæлæт æрфгуытæн, Дæ худгæ сырх былтæн. Йæ цины цæссыгтæ Ныууагътой Дæ былтыл, 104
Дæ урс дæллагхъуыртыл Хæрздæфгæнаг фæд. Уалдзæг, æнахуыр нывгæнæг, Дæ фæлгонц мæ риуы нывæрдта, Æмæ йæ хæссын æз, Зæды ныв куыд фæхæссынц, афтæ, Кæнын ын нывæндтæ! УАРЗТЫ КÆХЦ Уæлейæ исгæ, ахадгæ бынæй Вæййы бæркад, куы дзы хынцай хæлæртты. Мæ уарзты кæхц уыл ’нæ байуаргæ нæй: Мæн уый бæтты сыгъдæг зæдау уæлæрвтыл. Мæ уарзты кæхц - мæ удрæбын хæзна, Æз æй мыдау цъæх уыгæрдæнтæй истон, Лæвæрдта мын æй амондæн уæздан, Ныттагъта йæ мæ сонт риумæ Ирыстон. Æхгæд зæрдæмæ амоны фæндаг, Кæны мæ уый мæгуыр хъысмæтыл риссын, Нывгæнæг у йæ арфæйæ æрдаг, Йæ ахорæнтæй мæн æфтауы дисыл. Æрвденджызы куы фæленк кæны мæй, Фæтæхын уæд мæ базыртыл уæлæрвты. Мæ уарзты кæхц уыл ’нæ байуаргæ нæй, Цæхджын хойрагау мæн бæттй уæлæрвтыл. 105
ФЫЦЦАГ УАРЗТ Нæ зонын æз, Цы дуаг уыд, Цы зæд. Мæ сонт зæрдæ Æрвхуыз булæмæргъ Фестад. Йæхи бæлонхуыз Арвы цъæхмæ Фехста, Æмæ уыди Ыстъалыджын Мæ сæрд. Æнæлаз уд Уæлæрвты тахти Заргæ. Уый нал тавта Йæ зæронд фыды Къуым, Ыссыгъдæг и Зæххон хин Æмæ маргæй. Уыд хурдæлвæз Йæ рухс бæллицты Хуым. Сæуæхсиды Кæркæ-мæркæ Æрттывдæй Æрыздæхын Мæн а зæхмæ Фæндыд,
Фæндыди мæ, Фæскъæвда Арвæрдынæй Куы скодтаин Сæдæтæнон Фæндыр. Цъæх аргъуан - Сыгъдæг арвы Тыгъдадæй Куы хъуыстаид Йæ уарзтмæсидæг Зæл. Куы стадаид Йæ алы Æндыгъд тагæй Рæстдзинад, Уарзт, Хæххон чызджы Æфсарм. Нæ зонын æз, Цы дуаг уыд, Цы зæд. Æртахт мæнмæ Æмæ мæ систа Арвмæ, Зылди, Зылди Хæрзамондæй Мæ сæр. Æмæ йын æз кæнын Ныр дæр ма Арфæ.
УАРЗТЫ БАРДУАГ Терк, ныхъхъус у! Ныхъхъус у, ныхъхъус! 'Ви дæ нæ фæнды ныхъхъус уын?! Уый æрвон зарæг ахсы мæ хъус, Бауадз мæ иучысыл хъусын. Кæс, Фæцæуы алæмæттаг чызг Уынгты, æвналы йæм дымгæ. Риуы фестади сонт зæрдæ зынг, Судзы чъырын артæй тынгдæр. Хур, йæ сæрмæ сыгъдæг арвыл хъаз, Ратт ын æнусоны уалдзæг! Ацы аргъæутты диссаджы хъуаз Уарзтæн алдзан цырагъ дардзæн... Ды куы фæзыныс искæд мæнмæ, Уарзты, æвзонгады бардуаг, Мæн куы рæвдауыс райгæ фæлмæн, - Цинмæ фæивы мæ цардуаг, Фехсын рохмæ мæ катай, мæ хъыг, Зарæджы маргъау ыстæхын. Дæу куы нал фенын, уарзты фæрдыг, - Сæмбæлын мард цъиуау зæххыл. Зæхх-ныййарæг мын фесты зындон, Адæмæй дардмæ фæлидзын. Царды ралæууы тухи, фыдбон, Ивгъуыды хъыгтæ фæуидзын. 108
Риу фæагуры хъамайы фындз, Бафтынц мыл сагъæстæ низæн. Сайы рохст уды сæрсæфæн рындз, Цинмæ æрду хидыл хизын. Хъус ныррæхойы дамуарзты дзырд: «Ус ыл сыкъатæ ныссагъта». «Райгуырд уымæн йæ хæзгулæй фырт», «Ацыди, лæг æй ныууагъта». «Уæртæ уый чызг, - Къæбæда, нырма Фынддæсæм азы нæ бацыд, Мады, фыды фæуагъта æмæ Дысон кæйдæр фæдыл ацыд...» Ацы дам-думтæ - ’нæ раст ’мæ раст, Аныхсынц зæрдæйы фатау. Мæнг куы разына искæд дæ уарзт - Сагъуыд мыл развæлгъау катай. Дуаг, куыд рæдау фæдæттыс дæ мыд Уыдонæн, чи нæу йæ аккаг, Уды уаздæр æнкъарæн нæмын Къахбын куыд райдайы ’наккаг?! Уый дæ номæй куы исынц æхца, Базар куы кæнынц буарæй. Ау! Дæуæн дæр нæй уæд, цы, Хуыцау?! Цин сын куыд фæдæттыс барæй?! Мæн нæ хъæуы дæ куырмæджы уарзт: Амонды рухс дзы нæ уыдзæн. Уарзты удсæттæг сагъæссаг маст Ме ’рвон зæрдæйы фæуыдзæн. 109
Иухатт риумæ куырмæджы цыдæй Уарзтæнхъæл демон ныббырста, Кастæн дуагæнхъæл уымæ куырмæй, Уый та мæ уæрммæ ныппæрста. Загътон, сисдзæн мæ хурмæ бæрзонд, Ратдзæн мын дардтæхæн базыр. Уыцы зин та мын байста мæ зонд Æмæ, цы нымадтон уазыл. Зæххæй чи нæ уыд сисинаг уæд, Худтис мыл уыдон æхсæнæй. Ал’ райсом дæр-иу сыстади кæд Ивгæ хæзгулты хуыссæнæй. Цæй, зæгъ-ма мын, Зæгъ-ма мын ды раст: Хурæмсæр чи уарзы махæй, Уымæн денджыз цæмæн у йæ маст, Цинæй цæмæн у æнæхай?! - Нæ, рæдийыс, рæдийыс, хæлар, Зинтæ сæ сайынц мæ номæй. Искæд сæ исчи ыскодта хæдзар? Æви нæ мæлынц фæсмонæй?! - Арв, дæ быны мын ницы ис уæрст, Адæмæн хайыр мæ сæр дæр. Макуы сæууæрдæд, макуы, æрмæст Цъыфы мæ уарзоны зæрдæ.
ИУ РАЙСОМ ТЕРЧЫ БЫЛ Бæлæстæ - Зæххы цъæх тынтæ, Сæ улæфт æрвыстой Мæргътæн, Донбыл цæуджытæн. Хур - уæрдоны цалх, Ратылд сæуæхсид-куырдадзæй, Æлвыста Йæ дзидзидай тынтæй Къалиуæй къалиумæ, Агъуыстæй агъуыстмæ Цыллæхуыз æндæхтæ Минтæ, Сæдæтæ. Мæргътæн, Донбылты тезгъогæнджытæн Агуырдта зарын сæ зæрдæ. Æмæ ивылди Сабыргай зарæп Куырдадзы зарыди Цардыл хъæсдарæг, Фæсгорæт дард кæмдæр Уасыди уасæг. Ды уыцы цъæх райсом Терчы къæй сисыл Дæ цæнгтæ дæ сæрмæ Ыскодтай быцæу Æргъæуæй цæджындзтау. Нал тавта уыцы уысм Худгæ дæу хур, 111
Уылæнтæм кастæ рыст удæй æдзынæг. Зæрдæ дæ риуы Цæмæндæр ныддур. Цард дæ кæд кодта Йæхицæн быдзæу, Йе та кæд ацыд Æндæрмæ дæ мой... Цæстытæй Теркмæ Ныллæууыд тæдзынæг Зæрдæйы сусæг рис, Зæрдæйы маст. Хъал дон æнæмæт Куыд уади дæ рæзты, Афтæ мæ куыстмæ Тындзыдтон дæ фæрсты, Исты мæ сæрыл Куы нæ зылд куырой. Фæлæ изæрæй Куы ’рцыдтæн фæлмастæй, Гъе уæд мын сау æхсæв Мастæн мæ разы Авæрдта де ’рхæндæг хуыз, Гъе уæд мæ сау æхсæв Бонцъæхтæм фарста: «Чи уыд, кæй зæрдæсаст чызг?» Æмæ мын зондæн, Æмбисондæн хаста: «Хæхты-иу хъомрæгъау Нæууыл куы ссары Йе ’мвос ыстурæй Ыстæг кæнæ туг, Гъе уæд йæ сыкъатыл • Зæххы цъар сисы, Йе ’мтуджы рисыл Фæкæны æмбу...» 112
Уæд æз куыд хуырым дæн. Узæлдыл, цинтыл, Уарзон ныхасыл Цæмæн дæн чъынды?! Чи зоны æмæ дын Фенцон уыдаид: - Ма ку, - куы загътаин, - Уарзон чындз, ды. # * * Мæнæн уыд иу хæлар, йæ ном та... Æниу, цы давы ам йæ ном?! Æдзух мыл узæлыди сонтау, Дзырдтам кæрдзийæн æргом Нæ хъыг, нæ сагъæстæ, нæ цинтæ, Уыдыстæм фаззæттау æмвæнд. Цы сты козбау митæ йе хинтæ - Цы зыдтам уыдæттæн та уæд?! Тызмæг фыранкмæ дæр йæ сæрыл Уыдтæн ныббырсынмæ цæттæ. Æз-иу ын йе знæгты къæсæрыл Ныссагътон сархæссæг фæттæ. Фæлæ мыл йе знæгтæн сæ кæртæй Ысрæйдта иу райсом куыдзау. Мыздыл ныууæй кодта йæ бартæ, Æмæ дзы сарæзтой быдзæу. 113
УЫД САБИДУГ АРГЪАУ Æмæ та ног Зæронд фыййауы арт Тæлфы, Ызмæлы, Дымгæимæ дзуры. У тар æхсæв Йæ ахæстон, Йæ марг, Фæйнæрдæм æм Æртæвзæгтæй лæбуры. Цыма нæу арт, У аргъæутты сырх маргъ, - Кæны пæр-пæр Ыстæхынæввонг раст. Йæ бæллиц у Ыстъалыты тыгъдад, Фæлæ йæ тых Къуырма къæдзæхтæм - баст. Амыранау Болат уæззау рæхыс Йæ алыварс Æртывæрæй æртыхст. У сау æхсæв Æндонбырынкъ цæргæс. Æнахуыр маргъæн Къахы уый йæ цæст. Ды та... Хуыссыс уæйлаг нымæты ног, Дæ фæсчъылдыммæ Гал цæгъды сынæр.
Æдзæм у æрдз. Фæллад фыййау - фынæй. Кæмдæр йæ балцы Бафæстиат мæй. Æмæ дæ мары Хъуыдыты хæлбурцъ. Бырсынц, Лæбурынц Артæвзæгтау дард: Ызнæт, Æнкъард, Æрхæндæг æмæ буц. Хæддзуйæ сты Тызмæг æхсæв дæ хай. Сæ фысымы Кæнынц куы буц, Куы най. Æмæ дæу у Фыдæхсæвы хъæбыс. Дæ рагуалдзæг Йæ таурæгътимæ мыс: Кæс, уалæ гъе Гæзæмæ мæй ыскаст. Йæ сызгъæрин чъил Хохимæ ысиу. Æдзынæг æм Хъæууон лæппу нымдзаст. Йæ зæрдæйау Тæпп-тæпп кæны йæ риу. Зæрин цалхæй уый нал исы йæ Æмæ дзы айрох алцыдæр, Æрмæст Хæссы бæллицæн Таурæгъты фæдзæхст: «Фыдæлты зæхх
Кæддæр-кæддæр уыд их, Дзынæзтой адæм Ихы сæр æргъæвстæй. Сæ фæлдисæг Ыстыр Хуыцау сæм тигъ Сæ райдайæнæй-байдайæнмæ хаста. Æмæ куы ’рцыд Сæ сæфты рад, уæд сæм Фæзынди Сем - Сæ ног хуыцау, - Амыран. Хуыцæутты куывдмæ Бахъуызыд æмырæй, Сæ артдзæстæй сын Раскъæфта уый зынг. Æрхаста йæ Йæ дзыллæйæн 'Мæ ныр Æдзух æвзары Мæйыл бастæй зын. Чырыстийау У хохы фахсыл баст. Æртæхы йæм Тъыфыл цæргæс, Хæры Уæздан лæджы - Нæ сæрхъуызойы игæр...» Æмæ та ног Æвзонг зæрдæ ыссыгъд. Зынджы бардуаг Зындон æвзары иугæр, Мæлæтмæ у ,Уæд сау лæппу цæттæ. Йæ зæронд фыдæй Радавта фæттæ,
Йæ фарсыл та - Хъæдæй æхсаргард, уарт. Уый бафтаудзæн Ыстыр хуыцæуттыл Арт. Æмæ бырсы Æдылы Дон-Кихот. Цæры, æнхъæлы Хохы сæрыл мæй. Йæ фæстæ та Цæуы, Кæуы йæ хо. Лæгау лæджы Кæм уромы цæссыг, - Хъуамæ уа Амыранæн мæсыг. Æрцахста фæсхъæу Иу мæллæг хæрæг Æмæ йыл бабадт Хотыхджын хæстон. Куы ахъæр уой Йæ хъуыддæгтæ бæстон, - Кæндзысты йæм Йæ хæлæрттæ хæлæг. Кæсы йæ митæм Хохы сæрæй мæй Æмæ кæнынц ыстъалытæ Чыр-чыр, Цыма зæххыл Æдылыдæр лæг нæй, Кæннод та у Хæйрæгсайдау рынчын. Цыди, Бырста Йæ бæллицть æдыл - 117
Уæлхохы хъуамæ Мæйы цалх ныссæтта, Ысуæгъд кæна Амыраны фыдæй. Уызта уæлахиз Сонт лæппу йæ сæнтты, Фæлæ уæлахиз Уыд æмбæхст кæмдæр, Ирон хæстонмæ Не ’вдыста йæхи, Куы-иу ысхæццæ хохрагъмæ кæддæр, Уæд-иу цыхцырæг Фестади йæ хид. Дзырдта-иу цæссыг Кæрдæгæн йæ хъыг. Цыма уыди цыкурайы фæрдыг, Налхъуыт-налмасау уый æрттывта раст, Йæ ныфс уæддæр Нæ цудыдта, Нæ саст. Нæ зыдта уæд: Æрдзæй у алчи баст Чи къæдзæхмæ, Чи бандонмæ, Чи цардыл. Фæлæ нæ иу дæр А зæххыл нæу раст. Æндæр лæджы уд Никæд судзид арты. Цымæ цы фæцис Уыцы ныфс, Кæм ис?! Æви йæ зæрдæ Царды зынтæй сафтид. Æмæ нæ хаты 118
Ауыгъд тас ’мæ рис, Кæй ныллæууыди Ацы дуне сæфтыл. Цы уыдзæн сом? Цавæр бæллæхы цæст Лæджы тугæй Йæ сау мондæгтæ исы... Æви цы уыд, Нæу уыдæттæй æфсæст. Ныхъхъусут-ма, Зæххы зæрдæ куыд риссы! У а дуне Мыды къусчы фæзгъæр, Йæ уæлæ мах - Мыдыбындзыты ’взæн. Цы дæ хъæуы? Æргъæу? Æви ызгъæр? Табуафси, дæхæдæг сæ æвзар. У ацы зæхх Æнæрафтгæ къæбиц. Ызнагыл дæр Йæ хæзнатæ æууæнды. У ацы зæхх Зæхкусæджы бæллиц Æмæ йыл хорæй Зарджытæ нывæнды. Уый аразы, Йæ къухæй тауы хор. Хуымгæнгæйæ Нытътъыссы роны Фæдджи. Цы йæ хъæуы? - Къæвдайы фæстæ хур. Хуыцауæй йын Æбуалгъ ми нæ фæччы... 119
Мæнæн зæгъынц: Ыстыр у Зæхх, Уæрæх Æмæ йын нæй фæиртæсæн Йæ фæткæй. Æз не ’ууæндын: Æркæсут-ма дзæбæх, - Уæд фендзыстут; Цыма у Зæхх мыд фæткъуы; Тымбыл, Рæсугъд, Сæуæхсидау у сырх. У цъитирæбын дидинау тæссонд, Зæгьгæ, æрхауд Нæ къухтæй, уый - ныппырх. Цæй, сисæм æй Нæ æрмтты мах Бæрзонд, Æмæ йæ феной Сау тыхты цагъартæ. Кæй у чысыл Сæ фæлдисæг, Тæссонд, Уæд, чи зоны, Ыскуынæг уа æгъатыр, Æмæ æрцахсой, Чи зоны, сæ зонд... Бæргæ та ног Зæронд фыййауы арт Хæххон æхсæв Куы саид мæн йæхимæ, Амыраны Ысуæгъд кæныныл ард Куы хæрин æз, Фæлæ хъæздыг дæн... Хинæй.
УАЙДЗÆФ Цы уыл æрцыд, нæ фысджытæ, Цæй сæрыл у уæ хыл?! Уæ иу дæр ма йæ фыстытæй Куы нæ бады бæхыл. Кæй зарæг уæ ныййазæлы Ирон хъазты, фынгыл? Ирыстонæн йæ азарæй Кæцы райста фыдрын? Уæ сæрмæ та куыд фæхæссут Хæрæгæй уадзын дугъ? Йæ барцмæ йын куы сæххæссут, - Фæхонут æй æфсургъ. Поэзийæн йæ аласа Цъымарамæ кæд цыд? Сæрыстыр у йæ Парнасау, Хуыцауау уарзы цыт. Уый удхоры сыгъдæг суадон Бæрзонд рындзыл хæссы, Йæ барæджы - æхсæв уа, бон - Нæ фæуадзы хуыссын. Къуыбыр дæр ма бæрзонд хохау Фæкуры хуры цæст. Йæхæдæг та тымыгъ-тохæй У дæлвæдджи æмбæхст. 121
Нæ дзыллæ та... йæ хъæдгæмттæн Зæрдæйы уарзт у хос. Поэт ын уый куы фæдæтты, Уæд æй фæхоны хорз. Цæуыл хæрут кæрæдзийы Æнæхсæвæр бæхтау? Æппæлой лæг кæй рæдийы, Уый бамбарут фæлтау. Рæстæвзарæг нæ дзыллæ у, Вæййы йæ тæрхон раст. Хуыздæр поэт? Кæцы уæ у? Къоста, Къоста æрмæст! БАЗОН-БАЗОН Кæд лæмæгъ поэт дæ ды, Гени суæвын дæ фæнды, Уæд кæсгæйæ къухтæ тил, Хой тымбыл къухæй дæ риу. Иу дæ хондзæни Эсхил, Иннæ: «Байрон уый цур циу?!» Стæй ма боцъо дæр æруадз, Хондзæн уынджы хæтаг бардз Дæу нæ поэттæн сæ бард. 122
ИУ КРИТИКМÆ Ныр куы ныууадзин мæ фæндаг, - Хорз хистæр зæгъид: «Куыдз дæм равдыста йæ дæндаг, Бамбæхстай дæхи. Цас бæлццон вæййы ыстырдæр, Уый бæрц куыдз - ызнæт. Æмæ дын дæ уаз фыстытыл Калдзæни йæ сæт. Уæдæ ма фæрæди сонтæй, Намыс нæу уæййаг. Зон, йæ хицауы фæсонтæй Куыдз вæййы рæйаг. Де ’мбæлццон, кæнын дын сомы, Кæд рæстдзинад у, Уæд сæлхæр куыдзы цæсгомыл Хорз фидауы ту!» 123
ФЕСÆФ Сонтау мæ цуры дæхицæй æппæлыс, Арвмæ мын систай дæхи. Адæммæ фау æмæ азым æппарыс, Хи къухæй халыс дæ хид. «Гъæй-джиди! - афтæ фæзæгъы йæхицæн Адæмы уарзон хъæбул, - Дунейы хæрзтæ дæ хонæд сæ хицон, Иуы дзы зондæй æмбул. Бирæ нæ, иу уысм сын тары дæ зæрдæ Фарны хъуыддагæн ыссудз, Йе сын сæ тыхсты дæ æнæхин зардæй Уарзон сæрхъуызой ысу!» Фесæф, æппæлой! Дæ дзæгъæл дзæнгæда Музæ ныгæнæг фæци. Де стих æнæуд у, уазал цæнгæтау, Уымæй нæ райгуырдзæн цин. Тагъддæр мæ цæстæй æрбайсæф, тæппуд дæ, Стауыс дæ хин фæллой ды. Уайых æрбауат, нæ Иры лæппутæ, Чи быхсы хиппæлойты. 124
АМОНДДЖЫН ХÆРÆГ Раджы зæгъон æмæ раджы нæ уыдаид, Афæдз ыл рацыд. Аооны онг дæр ма фæсвæд лæууыдаид Ацы зын балцы. Хæрæгыл акодта иухатт фыдæвзарæн, - Атул ’мæ амæл. «Амонд йæ хъахъхъæнæг ахæм фыдæвзæрæн» - Хорз лæг ыл амбæлд. Цастæ фæцыдысты, иу Хуыцау базонæд, Базонæд хæйрæг. Хордтой сæ фæндаггаг фаззæттау уарзонæй Лæг æмæ хæрæг. Фæлæ фæндагыл цы фыдбылыз не ’мбæлы! Лæг дын ыстыхсти: Иу ызгæ зæгæл йæ даргъхъусджын æмбалы Къахы ысныхсти. Лæг дын уæд февнæлдта зæгæл ысласынмæ, - Мауал уа заууат. Уайтагъд дын тæрныхыл хæрæджы уасынмæ Сæмбæлди зæвæт. Дисгæнгæ хинымæр дзуры нæ фæдисон: «Гъеныр цæй лæг дæн. Иугæр хæрæгæн куы суай ды æмцæдисон, Гъе уæд хæрæг дæ!» 125
ХАХУЫРГÆНÆГМÆ Цъæх арвы бын цæрæм дыууæйæ мах. Цæуы ыздыхсгæ сæрсæфæныл фæндаг. Уадз абадæд дæ хъул, мæ хæлар, сах, Æцæг мæ ном та ма фæуæд дæ фæндиаг. Рæвдауæд дæ кæнгæ мæнг цыты рухс, Дæ фæлдыст у, æмæ дзы дæ сæрыстыр. Уæд вæййын æз мæхицæй бузныг цъус, Куы фæкæуын мæгуыр лæгæн йæ рысты. Хæххон донау ызгъорын, уайын тагъд, Мæ монц у хъал æнæифтыгъд æфсургъау, Æврæгътæм у цъæх дымгæйау йæ тахт, Куы ’рхауы хатт, уæддæр цæры рæсугъдæй. Ды дам-дум кæн, хæлæртты раз мæ фау, Уæддæр уыдзынæн ноггуырдау æвæсмон, Уæддæр æвдисдзæн чъизи, маргджын дау Æрвайдæнау йæ фæлдисæджы цæсгом. 126
ДЫДЗÆСГОМ Нывæста булæмæргъ йæ зард, Уыдис æнæмæлæт йæ фæндты. Хæлæгæй саузæрдæ лæг мард Æмæ йæ къухмæ райста фæндыр. Ныууадзын а зæххыл йæ фæд Бæргæ ныффæнд кодта нæ «сахъгуырд», - Поэт уый не сси, æмæ уæд Куыдзау зæвæттæ сдæрын сахуыр. Цы ма хъуыд хицауы хуыздæр, Ыскодта йын бынат йæ кæрты. Ныр уый поэт дæр уыд, куыдз дæр Æмæ жирафау каст нæ сæрты. 127
БЮРОКРАТ УÆЛМÆРДЫ Уыдис ма цалынмæ уæлæуыл, Нæ мулк нын хæрд фæцис уæдмæ. Нымадта раст лæджы къæлæуыл, Уый ласта давæджы хæрдмæ. Кæс-ма, ныр уæлмæрды æрбæстон, Фæцыди арвæмбæрц йæ цырт. Цыма нын кад кодта нæ бæстæн, - Кæнынц ын фидиссæгтæ цыт. Сæрыстыр, хиуарзон, æлгъ цæстæй Кæсы йæ алыварс бынмæ. Мæрдты дæр давд мулкæй æфсæстæй Уый худы дзыллæйыл куырмæй. 128
* * * Тыхджын дæ ды, дæ маргтæдзæн æвзаг Дзæнхъа дуры фæкæндзæни цæртхуынкъ. Дæ демонау уæздандзинады знаг, Сывæллоны сыгъдæг буарыл — сынкъ. Дæ коммæгæс - руймон лæджы зæрдæ, Фæйлауыс æй, куыд денджызы фыдуад. Ысвæййы уый дæ ардыдæй сæртæг Æмæ хæссы йæ алыварс фыдад. Фæлæ дæуæй æз бузныг дæн уæддæр: Мæн сахуыр кодтай маргимæ хæцын. Æз уарзты зынджы афтæ фæлтæрд дæн, Æмæ дæ марджы цас фылдæр мæцын, Гъе, уыйбæрц, зон, сыгъдæгдæр у мæ туг. Дæ марджы цады ды кæныс хуыдуг. 5 Уалыты Лаврент 129
ДЫМЫСТÆРЫ КАТАЙ Уастæн, дæлæмæ æрхауæд мæ Хуыцау: Уый кæд ысфæлдыста мæн. Хатгай ысвæййы дæлимон мæ хицау, Домы мæ худын фæлмæн. Алыран, алкæм дзæгъæлзад къæбысау Зилын йæ фæдыл æдзух, Æмæ куы вæййы мæ цардæн йæ нысан Асдæрын зæвæт, йе къух. Скодтон æвдиутæй мæхицæн дзуæрттæ Æмæ сын кувдзынæн æз. Афтæ ысдæсны дæн, æмæ æмгæрттæй Иу дæр нæ уыны мæ хуыз. Фæлæ мыл худы кæл-кæлæй дæлимон, Аууонæй бадомдта мæн. Дзурынц, тæрхъус дæр, дам, фесгуыхы иу бон, Фæлæ тæрхъус дæр нæ дæн. 130
ДАВДЖЫТЫ КУЫВДЫ Нæртон куывды æртасыдысты фынгтæ, Уыди æппæтдæр нозт æмæ хæрдæй. Нæ зонын æз, æрхастой мæ мæ фынтæ Кæйдæр куывдмæ æви дзы ’цæг фæдæн. Фæхъус ис бадт, Фæхъус ис бадт рæстæгмæ, (Фæстæдæр галæй нал уыдзæн ыстæг дæр) Æмæ скуывта бадты хистæр: «Уæдæмæ, Хæрын чи зоны, уый цæрæнбон бирæ!» Йæ алыварс йæ дæлдæртæ сæдæйæ, Йæ гуыбындзæл, йæ магусатæ Ирæн: - Оммен, Хуыцау! - Ныхъхъæр кæнынц æмдзыхæй... Æз бадын ам - мæ кæстæрты дæлейæ (Хуыздæр бынат мæм куысты дæр нæ хауы), Æмæ мæм рæгъ æрхæццæ ис уæлейæ: - Мæ хистæртæ, уæ сидт уын æз нæ фауын. Ныббарут мын, æз æй æмбарын афтæ: Сыгъдæгзæрдæйæ чи зоны фæцæрын, Гъе уыцы лæгæн намыс æмæ арфæ! - - Дзæгъæлдзых у! - Æгъдаухалæг! - Хъæцыдтæн. - - Æмæ кæй хъæуы а фынгыл йæ дзырд? - Кæм кодтой куывд нæ фæллойæ, æрцыдтæн Æз уырдыгæй æгъдаухалæгау сырд. 131
ФÆНДЗАЙ АЗЫ Гæвзыкк дæн æз, Мæ хордзентæ сты рог, Цард уарзоны рæсугъд цæстытæ ’нхъæлдтон. Мæ цард нæ уыд фæллад бæлццонæн ронг, Мæгуырыл дæр-иу акалдтон мæ хъал бон. Уыдтæн æрра, Æнæфæныкæй хъал. Æз дымгæты сæ хæтынæй фæзмыдтон Æмæ хуыдтон фыййау лæджы æмбал, Фæныкгуызау æмбалæн та цы зыдтон! Фæндзай азы фæндзай дзæнгæрæджы Кæнынц фæдис, Лæгæвзарæнмæ сидынц. Æгæр дæр ма ныр бамбæрстон: лæджы Хъæуы зæххыл æфсымæрты хæс фидын! 132
БЫНАТЫЛМАРД ПОЭТТÆМ Æз æдых дæн, Мæ бон тох кæнын нæу. Æз афтæ æдых дæн, Æмæ мæлдзыгыл ныллæууын дæр нæу мæ бон. Цард та уайы, ызгъоры, цыма арф комы дон. Æз æдых дæн, Æз афтæ æдых дæн, Æмæ, денджызы арфмæ куы фехсын мæ хыз, Æмæ хызы кæсæгтæм куы фæкæсын æз, Уæд мæ зæрдæ мæхиуыл фæхуды, Уæд дзылыйæ гыццылдæр ныввæййын Мæхæдæг мæ цæсты Æмæ банцайын нæйыл. Æз лæмæгъ дæн, Æз афтæ лæмæгъ дæн, Æмæ алы уысм рахизын ноггуырды удæй, Сымах та цъæх бирæгъты балау Æхсæдут уæ развæд. Чи уæ - арсæй, Чи бирæгьæй равзæрд. Фæлæ уæм нæ кæнын тæхуды. Æз хъамылы маргъау Кæрдæгыл зарын, Сæуæхсиды хуызтæй Нывæндын мæ аргъау! 133
ПОЭТ НÆ ДÆН Аресæн Поэт нæ дæн, Æмдзæвгæтæ нæ фыссын, Хуымæтæджы хъæууон лæппу дæн æз. Сæуæхсидмæ цардагурæг сыстын, Бон удуæлдайæ А зæххыл фæкусын Æмæ изæр Зæрдæрухсæй ысхуыссын. Гъе ахæм у Зæхкусæджы хъысмæт. Йæ хоры кæнд Йæ зарæг у, Йæ мæт. Поэт нæ дæн. Æз чингуытæ нæ уадзын, Нæртон лæгау Нæ айхъуысти мæ зард. Цы бакæнон? Нæ басгуыхти мæ уадындз, Фæлæ уæддæр - Бæллицæмхиц мæ цард. Нæ хъугомы Сырх мæнæуы нæмгуытæ Æз саумæры Зæрдæхъæлдзæгæй тауын, Гъе уыдон ысты ’Ме стихы рæнхъытæ. Мæ кæсæг сæ Æнæудæй нæ фауы. 134
ЧИНЫГКÆСÆГМÆ Рæсугъдæй зарынæн хъæуы Æртæ зæххон тыхы æрмæстдæр: Рæстдзинад, музыкæ, хъуыды, - Æмæ æрвон цинæй æфсæст дæ. Зын у æхсæвбадæны куыст, Йæ рухс куы нæ судза дæ цинæн, Цæуы дæм цард курæг мæ фыст, Фæлæ йын зæгъ æрмæст рæстдзинад. Æхсаргард номы разæй цыд, Цæмæй йын гæрстаид йæ фæндаг... Хъæуы рæузонд лæджы мæнг цыт, Мæн та - дæ сыгъдæгдæр фæндиаг. Лæгæн йæ ном, йæ уарзт, йæ цард Ысты йæ хæзнатæ, йæ фидæн, Кæд дын фæхæлар ис мæ зард, Уæд сырæзт иу уылынг мæ фидар. 135
МÆ КУЫРДИАТ Ысфæлдисæг, нæ дæ куырдтон æз цард, - Мæ райгуырдыл кæм нæ загътай «æлло», Гъе, уым мæнæн дæ хæрзиуджытæй ратт Сæрибар æмæ бархийы фæллой. Дзырды хъомыс... æнусæрттывд хъуыды... Ысфæлдыстай сæ цагъарæй ды мæн, Мæн та сæ раттæг рухс амонд хъуыди, Мæн та хъæуы ыстъалыты тæмæн! Ысфæлдисæг, нæ дæ куырдтон зæрдæ Сæуæхсиды фыццаг тынау сыгъдæг, Фæлæ кæд ды мæ фæндаджы сæр дæ, Уæд мын мæ балцвæд ма равдис сыгъдæй. Нæ дæ зыдтон, нæ дæ куырдтон къæхтæ, Фæлæ мын сæ ысхай кодтай ды кæд, Уæд сын - фæндаг æнæсгæрстдæр хæхтæм, Куыд не ’взарой быдыртæ æмæ хъæд. Дыууæ цæсты нæ агуырдтон дæуæй, - Хæларæй мын сæ бауарзта дæ цæст. Æмæ сын ратт ды ахæм рухс, цæмæй Сæ дыууæйæ дæр мацы уа æмбæхст. Мæ рæзгæ уды буц зарæг æрцард. Чысылæй мын ыскодтай уый æрдаг. Æмæ йын ныр, о, ахæм амонд ратт, Цæмæй ыссара адæммæ фæндаг! 136
ч’с * V? Æз гыццыл дæн, - Къутæры маргъ мæ Æнхъæлы æфсымæр; Фæлæ афтæ гыццыл дæр нæ дæн, - Разæй дæм худон, Арт дыл æндзарон фæстейæ; Æз æргъæвст дæн, - Цыма æххормаг сырддонцъиу Фыдæхсæв, Фыдхъызты, Фæлæ афтæ æргъсгвст дæр нæ дæн, Дæ артмæ Куы бахонай мæн, Уæд, хуыснæгау, Æхсидæвтæ давон, Æмæ сæм мæ къухтæ, Мæ артæнхъæл, тавон; Æз мæгуыр дæн, Дæс уазæгæн иумæ Ысбуцваг нæ уыдзæн мæ фынг, Фæлæ афтæ мæгуыр дæр нæ дæн, Лæджы ном, Мæ намыс, Мæ хъæздыг Сæрибар Ыскæнон Бынатæн, Æхцайæн цагъар! 137
ТÆППУД Кæд фыдыбæсты сæрвæлтау Хъуыд мæлын, Фæлæ равзæрстай æгадæй Ды цæрын, .Тæсæй хохы цъассы ’мбæхстæ, Рызт дæ уд, Уæд куыд нæ хона мæ фæлтæр Дæу тæппуд. Кæд нæ артдзæстмæ нæ хæссыс Сугæргъом, Кæд рæстдзинадыл нæ дзурыс Ныр æргом, Ризы хицауæн йæ цуры Кæд дæ уд, Уæд кæмфæнды кусай - хонæм Дæу тæппуд. Зон, фæстагæттæн нæ фæлтæр У бындур, Фæлæ ам дæр кæд нæ фæдæ Иунæг дур. Æмæ фидæн цардыл не ’фты Кæд дæ уд, Уæд бæсты бикъ - дæгъæл фест Дæ тæппуд. Сты дæ бар æмæ дæ фадат - Стыр, бæрзонд, Фæлæ дзыллæйæн хъыбыллæ
Нæу дæ зонд, Уæд хæлын айкæй хъуаджы Нæу дæ уд, Æмæ хондзысты дæу адæм Тутт, тæппуд. * V? V? Æз уарзын Ыстъалыджын сабыр æхсæвты: Фæндыры рох зæлтæ Мæ сонт риуæй сыстынц, Фæкæуынц мæ уды Æрвон уарзты сæфтыл. Æрæвдыд бæллицтæ Мæ зæрдыл æрæфтынц. Дзырдтæ Бæлæттау мæ риуæй ыстæхынц. Аргъæутты бæстæйæ Бонтæ ’мæ заманты сæрты Урс цинтæ, Уалдзыгон цъиутау, ыздæхынц. Æрцæуынц, Æрцæрынц мæ зарды Мæ сæрыстыр удæнцой азтæ... Бонцъæхты Ацу ’мæ ма ’руадз... Мæ бæллицтæ - денджызы хъазтæ, Атæхынц фæззæджы маргъау. Раздах сæ, раздах сæ, марадз, Æмæ рацæг уа аргъау! 139
ЗÆХХЫ ТАВС Æз бирæ цыдæртæ нæ зонын Æмæ ахуыр кæнын сымахыл - Зондджынтæ æмæ æдылытыл, Философтæ æмæ поэттыл... Уæ амындæй тахтæн уæлæрвтæм: Зæххæй - Мæймæ, Мæйæ стъалытæм тахтæн. Æмæ уын бузныг. Фæлæ иухатт Æрлæууыд мæ зæрдыл Мæ мæгуыр фыды къæс - Мæ фæндаджы сæр. «Фæндараст, мæ хъæбул, Тæхын дæ æрфæндыд Дæ фыдæлты къæсæй... О, тахтæн æз дæр. Фæлæ искæд куы стæхай, Уæд хъахъхъæн дæ сæр: Дымгæ уæлейæ фæдымы!» - Дзырдта мын дада Æмæ ма фæдзæхста: «Зæхмæ æввахсдæр куы уай, Уæд дæуимæ Нæ дзурдзæн мæ зæрдæ». Æз бирæ цыдæртæ нæ зонын. Дадайы ныхæстæн Нæ кодтон уæд аргъ. Фæлæ иухатт Фæцæйцыдтæн хуымы Æмæ федтон: 140
Уæларвмæ ысфардæг ис маргъ, Æмæ-иу йæ зарæг куы бахардз, Уæд та-иу æрбадтис, Цæмæй а зæххæн райса йæ тавс, - Ног тых, ног зарæг райса, Æмæ бамбæрстон уæд: Ацы чысыл цъиу Хуымæтæджы скъола фæци, Æмæ æрцардис йæ зарæджы цин. ЙÆХИМÆ ЙÆ ЧИ БАМБАРА, УЫМÆН Зæрдæрисгæ куы фæзæгъын, Цæй лæг дæн, Мæхимæ дæр куы нæ хъуысы мæ дзырд, Уæд ма ’нхъæл ды, Цыма дæуау ныллæг дæн, Рæвдауид мæ Цыма дæуау мæнг цыт. Æлгъаг! Уый æз мæ хæсы раз фæдзурын: Нæ кæнын фаг Мæ бæстæйæн лæггад, Æндæр кæд уыд Куырм хилæгæн йæ цуры Цæргæс тæппуд, Дæлæмæдзыд, Æгад?! 141
ÆДЗАРД ХÆСТОНЫ МОНОЛОГ Æз зонын, ныр Ирыстоны дыргъдæттæ Сæумæйæ хурмæ калдзысты цæхæр. Гуыр-гуыргæнгæ бырсынц нæ кæмтты дæттæ, Цъæх арвæй хъуысы хърихъуппыты хъæр. Мæ карæнтæ та быдырмæ фæцæуынц Сæ уарзæттимæ, рухс фæндтæй цæрынц. Ирыстоны хъæбатыртыл нæ кæуынц, Хъæбатыртыл нæм зарджытæ кæнынц. Зæгъут-иу уым мæ урсдадали мадæн, Æнхъæлмæ-иу мæм ма кæсæд изæр. Цæмæй цæрой сæрыстырæй нæ адæм, Хъæмæ, зæгъ, уымæн нал хæссы йæ сæр! Æвæццæгæн та къæсæрыл ныр бады, Æхсæвдалынджы фæндагмæ кæсы. Хъæбултæ, зæгъ, дзы бирæ ис мæ раны, Æфсымæрон ингæнты, зæгъ, хуыссынц. Куы фехъуса уый хърихъуппыты халæн Бæрзонд арвæй сæ фæдисы цъæхахст, - Сæ иу, зæгъ, у дæ чысыл зæрдæдарæн, Сæ иу, зæгъ, у дæ зынгхуыст хур, дæ маст. Æрхаудис, зæгъ, фыдыбæсты сыджытæн Йæ сæрвæлтау фæстаг тохы йæ цард. Зæгъут-иу уым æнхъæлмæгæс чындзытæн, Æдзард хæстонтыл ма кæнæнт æнкъард. Мæ карæнтæ ныр быдырмæ фæцæуынц Сæ уарзæттимæ, рухс фæндтæй цæрынц. Ирыстоны хъæбатыртыл нæ кæуынц, Хъæбатыртыл нæм зарджытæ кæнынц. 142
ДЫУУÆ ФЫСТÆДЖЫ I Лæг хъуамæ царды истæуыл æууæнда, - Æууæнк ныфс у æмæ нæ хоны размæ. Ныххæл-мæххæли бонрухсæй мæ фæндаг, Мæ фыдыфыд та бафхæрдта мæн карзæй. Фыссы мæм уый: «Фыдæлты фæтк дæ рох фæцис? - Зæгъынц, дæ къух, дам, ауыгътай æгъдауыл. Дыууæ дамгъæ ысфæлдыста дæ сис, Æмæ дæхи куырыхонау ыстауыс. Æмбисонд ис: «Йæ фындз зæрондæн асæрф, - Уый фенаг у, - æмæ йæ зондæй бафæрс». Мæн нал ахсы дæ мæтæй хуыссæг æхсæв, Мæ зæронд сæр дæ фыдуаг митæй бафхæрд. Куысты уа, бадты Хистæр, дам, нæ зоныс, Нæ йæ фæрсыс æгъдауæй æмæ зондæй. Хуыцауы, дам, куыдзы къæбыла хоныс Æмæ кæсыс дæ хицаумæ бæрзондæй. Хуыцау... Нæ зонын... Чи зоны дын куысты Тъыссы уый хъил дæ уæрдонæн йæ цалхы?.. Цæстмæхъус дзырд фыдбылыз хæссы, - хъуыст у. Фæлæ ды дæр йæ ном арыныл архай. Ыстæй... Дæхи ма махыл кæд нымайыс, - Æрцу хъæмæ, хæххон æгъдау дын - ахуыр. 143
Дæ мад дæ мæтæй тайы æмæ руайы, Кæнынц, зæгъы, мæ хъулон фыртыл хахуыр. Дæ махæй - дард, Æцæгдзинад æмбæхст у, Лæппу, фыдгой та дугъон бæхыл бады. Фæлывд у цард, Мыййаг дын кæд дæ раст уд Фыдæнæн исчи бафтыдта æгадыл. Фæлæ сæ дам-дум адæмæн кæд раст у, Кæстæр уæвгæйæ нал зоныс кæд хистæр, - Куы схастаиккам иу уæрыкк дæ бæсты, Уæд бахъуыдаид истæмæн мæ хисты!» II Дада, мæхи нæ раст кæнын дæ разы. Ды зоныс, дыргъ бæласæй дард нæ хауы. Фыссын дæумæ зæрдæргомæй мæ азым, Цы нæм ис хорзæй, Уый дæ фырт нæ фауы. Ызнаг мын нæй, - (Æз уыйбæрц зондджын не сдæн.) Фæлæ мæнæй цы дзурынц иутæ, - раст у. Æвзæр æгъдау мæ мæрдты уæнгæл фестад, - Ныронг дæр ын мæлæты тæрхон хастон. Кæстæрыл æмæ хистæрыл нæу зонд дæр, - Дзырдтай-иу мын ды, цины уа, хъыджы дæр, - Йæ дзыллæйы фарн чи исы бæрзонддæр, Æгъдаудæттæгæн бадæд уый фынджы сæр! Фæлæ, зæгъæм, Мæнæн ыссис мæ хицау, Тæппуд тæрхъусау чи бамбæхсти хæстæй, Йаё сау уæцъæф кæмæн ыссис йæ хуыцау, Æмæ мæнæй сæдæ азы у хистæр, Уæддæр, дада, куы кæнин уымæн цыт, 144
Мæрдтыбæстæй цы сдзурид уæд мæ фыд?! Кæнæ мæ фыдыл Гадзрахатæй чи цыд, Ызнæгты ’вджид æй чи ныууагьта тохы, Хæстæй Гарунау чи сарæхстис лидзын Æмæ ныр дæр гуыбыны хæлцы охыл Тæппуд хицауæн чи кæны лæггад, Ирон фынгыл куы кæнин уымæн кад, - Хæрзаг зæгъид мæ æдзард фыд: «Мæнгард! Дæуæй, зæгъ, æз нæ раздахин мæ кард!»
ФЫСДЖЫТЫ ХÆДЗАРЫ Плиты Грисæн Кæстæрмæ хатт йæ цард кæсы æнусон, Нæ фенкъары тызмæг æнусы тахт. Ныууагътон та мæ фыссæн ыстъол дысон: Мæн асайдта ирон фæндыры цагъд. Уым чызджытæ сæууон уардитау судзынц, Уым лæппутæ сæ мид-зæрды кæрзынц. Æвзонгдзинад мæ риумæ цин фæрсудзы Æмæ цыма æрбайсæфы мæ зын. Фæлæ уый циу? Æхсæвы тары хъазтæй Ыздæхын æз æмæ уынын: дæ рухс Зæрин къахвæндаг рауагъта мæ размæ, Æдзæм музыкæ ахсы ныр мæ хъус. Æдзæм музыкæ - уды тæгты зарæг, Тæлмуадзгæ фæлмы фидæнмæ тæхы. Æмæ зæгъын мæхинымæры: «Ма уæд, Поэт, дæ рухсæн ахуыссæн зæххыл!» 146
АХСТ БУЛÆМÆРГЪ Ралæууыди уалдзæг, æмæ уары Хур йæ тынтæ бархи мæргътæн ’нæвгъау. Ахст булæмæргъ къалатийы зары. О, фæлæ йæ зарæджы цы зæгъа, Кæд нæ сæмбæлд хуры тынтыл хъæды, Не ’рыхъал æхсæрдзæнты сæр-сæрмæ. Уымæн нæу æрдзæй нывгонд йæ хъæды Искæмæн æххуырст маргъæй фæцæрын. Уый йæ рысты уый тыххæй нæ кæуы, - Бары йын хъысмæт йæ цард тæразыл. Гъе, фæлæ йæ дард райгуырæн хъæды Сауцъиуты зард банымадтой уазыл... Ралæууыди уалдзæг, æмæ тары Иу булæмæргъ къалатийы зары. Уыцы зарды хъусын æз дзыназын, Уыцы зарæг æз цæмæндæр уарзын. 147
МЕ ’МТУГ АДÆММÆ Нæ кæнын рох, Дæуæй кæй дарын уарзт. Мæ хæс - бæрæг, Мæ авналæнтæ - баст. Мæ зæрдæйы - Дæ хъыг, Дæ тыхст, Дæ маст, Æмæ кæнынц Мæ рæуæг цин сæ аууон. Ды дæ зæрдæ, Дæ тугдадзинтæй иу дæн. Æрвитын ыл дæумæ Мæ цин, мæ уарзт. Фæлæ цæуы, Цæры зæххыл Иудæ, Æмæ дын уый кæны Дæ фæсаууонмæ хин. Хъæуы поэт, Ыстыр поэт, хирургау, Куыд-иу кæна Дæ рыст зæрдæйæн хос. Иæ хинты хатт Дæу атухы Иудæ. Æрæджиау дæм Бахъары уый хорз. Кæй æрвитын Æнæхуыссæгæй ахсæв, Мæнæн уый бар дæтты, Дæтты мын бар,
Цæмæй зæгъон Фыдау дæуæн мæ уайдзæф: - Цы лыг кæныс, Уый авд хатты ысбар. Æфсургъ æрхæссы Барæгæн рæуæг кад. Фæразæй дугъы, - Кæныс ын ды æмдзæгъд, Цыма дын уымæй Бафыста дæ лæггад. Рæуæг кад дæм Фæкæсы хатт æгъгъæд. Фæлæ йæ зон: Бæхтау ысты поэттæ, Сæ иутæ рогвад Дугъонтау тæхынц. Ды уыдоны Уæлахиздзаутæй федтай. Æрæгмæ феныс, - Чи ’хсæды дæ хуым. Мæнæн хъыг нæу, Фыццаг кæй нæ дæн дугъы: Мæ амонд у Хуымгæнæгау зæххон. Мæн макуы бар Рæувад, тæлтæг æфсургъыл, Фæлæ-иу мæ Дæ уæзласæн бæх хон. Æз, чи зоны, Дæу уарзгæйæ рæдийын. Дзырдтай кæддæр: У уарзондзинад куырм, Мæ рохст зæрд?^ Нæма сивтон м^ диныл, Мæ дин - Æуд к, Дæ æфсирхъг ^с хуым.
УАРЗЫН УАДТЫМЫГЪ Уарзын уадтымыгъ а хæхты: Уый нæй азымы бадарæн. Ирыл иу уысммæ ахæты, Мæнæ раст цыма хъал барæг. Уый нæу а зæххыл тарф фынæй, Мигътыл пиллон арт бандзары, Уый йæ риуыгъд, йæ тæлфынæй Дары сау мигъты уацары. Уд цæй мидæг нæй а бæсты - Уад æй царæфтыд бакæны. Бутъро, калцæггонд бæлæсты Уый ыстоны, ныннай кæны. Йе знæт фезмæлды базонын Дæу, æнæмæлæт, цардæгас. Уад, мæ рагбонты уарзоныл, Æз кæндзынæн уæзгæ ныхас. Уыйау тохæмхиц чи сгуыхы - Райсы буц лæвар - ’нæмæлæт. Уд æнцойады чи стухы, - Йемæ райгуыры сау мæлæт. 150
ТÆХУДЫ Иутæ райгуырынц царды Зæрдæниз, æлгъыстæн. Иутæ райгуырынц царды Цырагъдар, æгъуыстæн. Мæнæ ацы бæстыхай - Хурбæсты агъуыст Кæй къухæй æрцыди Нывæзт æмæ агъуыст, Зæххæй мæймæ ракетæ Кæй зондæй ысуагъди, Хиросимæйы сæфтыл Кæй цæссыг æртагъди, Музæ уымæн Нывондæй фæцæудзæн, Музæ уый кадыл, Уый зондыл зæлдзæн... Иутæ адæмыл Тайынц цырагъау, Иннæтæ зæрдæты - судзин. Ехх, тæхуды, Ныр рацæг кæн аргъау: Адæмæн Хурау фæсудзин! 151
ЦÆРГÆСТÆ Цымæ Ир цæмæн æрцарди хæхты? - Фарстон арæх тархъæды бæлæсты, Фарстон нæууыл райсомы æртæхты, Зараг дæтты, дидинвæлыст фæзты. Фæлæ уыдон ницы дзырдтой мур дæр, Æмæ нал каст ме ’взонг удмæ хур дæр. Цымæ Ир цæмæн æрцардис хæхты? - Фарстон æз æфсирхъæлæс мæнæуты, Сау айнæджы, урс дзæнхъа къæдзæхты Æмæ комы знæт Терчы уылæнты. Фæлæ уыдон ницы дзырдтой мур дæр, Æмæ нал каст ме ’взонг удмæ хур дæр. Цымæ Ир цæмæн æрцардис хæхты? - Комæй дзурын уадмондаг цæргæстæм. Æмæ загътой уыдон уæд сæ тахты: Уымæн æмæ Ир сты цæргæстæ! 152
УÆЗЗАУ ХÆС Куы ’ртæхы хæдзæрттæм æхсæвы дуаг æд фынтæ, Нæ сыхы уасджытæ куы фæбадынц æдзæмæй, Куы стулы хъæуысæр бæлонгъуыз арвыл дзаг мæй, Æмæ хъæууон уынгтыл куы атыхсынц йæ тынтæ, Йæ сусæг зарджытæ æууæнкджынæй поэтæн Фæкæны уыцафон æнæуынæрæй Музæ. Æмæ алæмæты поэмæтæ, сонеттæ Сæ рæуæг базыртыл Ысфæлдисæджы узæлд Фæхæссынц зæрдæтæм сæууон хуры тынтимæ. Кæй сæ лæмарыс ды дæ хурзæрдæйы тугæй, Поэт, цæмæй зоны дæ уыцы зын зæхкусæг. Куы дын дзы райгуыры о иунæг дзырд дæр мардæй, Мæрдджын æнæмардæй кæй вæййыс, нæу уый сусæг. Ныййарæг бамбардзæн дæ хъизæмар æрмæстдæр, - Куы хъава арынмæ, æвгъæддоны куы бада. Поэт, сылгоймагау уæззау ысты дæ хæстæ. Ды дæр дæ сфæлдисæг ысгуыхт хъайтары мадау! 153
Иу уалдзæджы Ног ауæдзыл Баззади йæ къахвæд, Æмæ ууыл Урс цæкуыйау Арвы цæссыг кафыд... Ам ма федтон Хæсты размæ Рувæнты мæ фыды. Чи зоны, æз Уымæн уарзын Уалдзыгон цъæх быдыр. Ехх, кæд ма йын Мæргъты зардмæ Банкъарин Йæ хъæлæс - Расайы мæ Бонгуырæны Зад мæнæутæм Сагъæс. 154
БÆЛОНЫ МÆЛÆТ Калоты Хазбийæн Æз бæлон уыдтæн - Сыгъдæг уд, рæубазыр. Арв мæ йæ бæрзæндтæм сайдта. Æз бæлон уыдтæн Æнæхъыг, хæрз сабыр, Хурмæ мæ зæрдæ æхсайдта. Тахтæн æм, Тахтæн æм, тахтæн Хохаг зынг цæргæстæй тагъддæр, Уадындзы азæлдæй тагъддæр, Арвæн йæ ферттывдæй тагъддæр... Æз бæлон уыдтæн, Æрдзы рæсугъддæр ысфæлдыст, Адæмыл бафтыдтон ме ’ууæнк... Æз уарзт æмæ фидыд, Поэзийы зæл дæн, - æнæфыст. Фæлæ мыл цы ’рцыдис? Ме уæнг Мæн нал хæссы хурдзагъд æврæгьтæм. Мæ марæг, Мæ сыгъдæгдзинад дын цы кодта? Куы нал ис мæ туджы æртæхтæн Æруидзæн мæ ивгъуыды бонтау... Æз бæлон уыдтæн, Æнæхин, мæ марæг, дæ разы, - Мæ тахты æрхаудтæн. Нæ зонын, цы уыдис мæ азым, Цæмæн дзы хæдзархæлд æрбадæн. Кæд уымæн æрхаудтæн, Кæй уыдис мæ зæрдæ зæдбадæн? 155
КАТАЙ Хъæдæн раласта уазал йæ дарæс, Мадард бæлæстæ уазалы - сыд, Æз æнкъарын ныр мæргътæн сæ сагъæс Æмæ сагæн йæ хъыджы цæссыг. Æз æмбарын дзæбидыры катай Æмæ пыхсбыны сæгуыты маст. Зæлы бирæгъы карз ниуын хатгай, Хъуысы рувасы каркмондаг уаст. Æмæ зæрдæйы раг хъæдгом дуды... Хъæды тыхджынтæм иу æгъдау ис: Уалдзæг райгæ æрцæудзæн дæ удыл, Кæд ды не ’нкъарай искæйы рис. Бирæгъ хъуазвæдыл бафтыд, ыссонт и, Рувас тæрхъусæн агуры хин. Æтт, цы фæдæ, нæ урссæр Æфсати, Курын, тугдзыхтæн разын æлгъин! 156
ÆХСÆРДЗÆНЫ ХЪАСТ Æз Чысыл дон дæн, - Хохаг, Æнæрцæф Чысыл дон. Ком мæ æлхъивы, Къæдзæхтыл хойын мæхи. Гуырын цъитийæ, Ме ’ртах нæ уадзын ысчъиллон, Æмæ денджызмæ Хæхтæй Сыгъдæгæй Тæхын. Æз - Хохаг, Æсæрфат Чысыл дон, Денджызы сæфдзынæн, Уымæн цы зыдтон?! 157
ЗÆРОНД ХОХАДЖЫ РАДЗЫРД Иу мæ фыд уыд, иннæ та - нæ хæрæг, Кодтой иумæ алыбон цæдис. Кæцы уыд сæ дыууæйæ нæ дарæг, Абон дæр ма ууыл кæнын дис. Еонцъæхтæй изæрдалынгтæм иумæ Нарæг комæй ластой иумæ дур... Чи кодта æмгуыст цъæх хæрæгимæ, Уый зæххыл куыд батавтаид хур?! Махæн цард нæ фаг кодта, æфхæрæг Хицæуттæй нæ дарæджы уыдис. «Былæй ахауд хохаг лæг æд хæрæг!» - Фехъуыст хъæумæ иу райсом фæдис. Æмæ æз дыууæ мардыл дзынæзтон: Хæхты уæд лæджы аргъ уыд хæрæг. Хъихъ-зарæг кæй кулдуарæй нывæзта, Уый хуыдтой нæ хъæубæсты цæрæг. 158
Уæртæ бæрзыл урс цæссыг æрхъуызыд, Базарыд æндæр хъæлæсæй маргъ, Уидаджы цин нал цæуы йæ хъузджы Æмæ зæхмæ къалиуæй æртагъд. Малусджытæ зæххы тарæй систой Сойæвдылд налхъуыт-фæрдыг æртах. Уый дæ уарзты цæссыг у, Ирыстон, Æмæ дзы мæ зæрдæйы æртадз. Ахсын æз тызмæг зымæджы фæстæ Уыгæрдæны уидæгты ызмæлд. Фæсхъæуы уæнгмард æфсургъы кастæй Зонын æз, куыд æрбахъуызы сæрд! 159
УЫГÆРДÆНЫ Афонмæ та Уыгæрдæнæй Хосдзауты зард хъуысы. Сатæг уддзæф Зад кæрдæджы Сабыргай æнкъусы. Ацафон-иу Сихор хæссын Хосгæрдджытæн уарзтон, Лæнкауы-иу Хъулон-мулон Гæлæбутæ ахстон. Аивгъуыдтой, Атахтысты Урс бæлæттау азтæ, Æмæ мысын Рох зарæгау Дидинвæлыст астым. Уым кæддæр Дæ уарзты цæссыг Цъæх нæууыл æрхауди, Æмæ сонт хосдзауы мæтæн Уымæй сæвзæрд Уарди. 160
ФÆНДАРАСТЫ ЗАРÆГ Сыст, мæ удагъуыд зарæджы зæл, Æмæ сагъæсæн зæрдæтæм хъуыз, Уалдзæг къæвдайы æртæхты цæр Æмæ быдыртыл бафтау дæ хуыз! Бонæй æхсæвы арæныл лæуу Æмæ тарыл дæ рухс тын æппар, Хохы фыййау ныццæлхъ кæнæд дæу Æмæ хуымонтæн басгуых æмбал. Æз дæу рагæй мæ туджы уызтон, Фæлæ риуы дуар дардтон æхгæд. Æз дæу адæмы фауæй хызтон, Зæгъын, топпы мæнг æхстау дæ кæд. Ныр - кæркуасæнтæ... Тагъд уыдзæн бон, Æмæ цины фæдисонтау тæх. Ды дзæм-дзæмы суадонæй дон Хæсс рыст бæлццонæн, хуымæн - æртæх. Хъазы сабийы былтыл хъуымыз, Фест ын фидæны низтæн æвдадз. Мады риутæм æхсырæй ныхъхъуыз Æмæ хæхты фарн сабимæ тадз. Сыст, мæ удагъуыд зарæджы зæл, Зæгъ: цæрдзынæ нæ хæхты æвзаг! Зондджын зæрдæты цинæн æрцæр, Ар дæхицæн хæлар æмæ знаг. 6 Уалыты Лаврент
Фыдæлты аргъæутты дæ базонын, Æхгæд дыл авд дуары ис. Хуыцау мæ бафтыдта дæу уарзыныл, Æмæ мæ зæрдæйы цæрыс. Ды мæм, фæсмигъæй мæй куыд рахизы Æмæ куыд раппары йæ тын, Гъе, афтæ таурæгътæй уæлахизæй Æрцæуыс, айсафыс мæ зын. Фæлæ дæ конд æмæ дæ фидауцæй Æз дæн æнæрæвдыд нырма: Вæййыс мæ бæллицты мæ удæнцой, Куы та мæ хъыгтæм дæ къуырма. Фæрдыг дæ аргъæутты цыкурайау, Æхгæд дыл авд дуары ис. Ехх, уыдон басæтт ныр Цъикарайау*. Бæргæ, уæд айсæфид мæ рис. *Цъикара - гуырдзиаг адæмон аргъауы диссаджы хъæбатыр æмæ зæрдæхæлар галы ном. 162
ХÆЛАРЫ МЫСГÆЙÆ Куы бастъæлы ыстыр горæты хъæр, Æхсæвы дуаг куы фæзары æнцойыл, - Бæллицты уацар бахауы мæ сæр, Æмæ мæ зæрдæ хъæуы ’рдæм æнцайы. Фынау æртæхы рох ивгъуыды зæл, Æрдхорды рухсау сайы мæн йæ фæдыл. Йæ тæмæны нæхимæ бацыд сæрд, Æмæ мæ хурдзаст быдырмæ æрфæндыд. Уым дзедырæг йæ сау цæстытæй каст Хуыскъ æрхы бын нæ дыууæмæ æнхъæлмæ. Рæууддзæфыл быдираг мæргъты уаст Сæумæйæ тахт æхсызгонæн нæ хъæумæ. Тæхуды, ног та хуымгæрон фæбад, Æмæ дын зарæд хоры кæндыл сусæн, Зæрдæйæ банкъар хосдзауы фæллад Æмæ нуаз уæ хъæзын къусæй мисын. Кæнæ æрцахс цъæхнæуу уæлвæзы бæх Æмæ ыскъæр тæлтæг æфсургъы афтæ, Йæ къæхты бын куыд дзортт-дзортт кæна зæхх, Дымгæйау ыл дæ саурæсугъдмæ атæх... Сæнттæ... сæнттæ... Æфтаут мыл уæ маст. Фæхъызыд уæм æрæгвæззæджы уазал. Æнустæм дæн æвзонджы бæстæй хаст, Уæддæр ма мæм цыдæр ныфсы мур баззад! 163
ЧЫНДЗÆХСÆВ Дысон зæхх цæмæдæр каст æнхъæлмæ. Удæхцон мæт хæристыл æртыхст. Гоби быдыр нал хъæцыд æрхъæцмæ, Æвзарты сыбар-сыбур мæм хъуыст. Æхсæв байдзаг хæфсыты хъуыр-хъуырæй, Цыд зæххыл хæрвивыны ызмæлд. Комы зарыд хъæлдзæгдæрæй куырой, Дзагармæй чындзæхсæвыл æмбæлд. Дысон-бонмæ кодта арв хъуырдухæн Æмæ систа мигътимæ æмбу. Хох-æфцæгыл абаста хъуыртухæн, Цыма уыд ыскъоладзау лæппу. Къæвда худгæ махмæ рудзынг хоста, Ахсæв, дам, чындзæхсæв кæны æрдз. Мæрæй суагъта хоры гага хорз тау, Йемæ уый хуынæн æрхаста «чындз». Къæвда уарыд, рудзынгæвгтыл кафыд, Фесæфтис хуымгæнæгæн йæ фын. Ме ’взонг хо æхцон сагъæстыл бафтыд. «Уалдзæг!» - загъта иунæг дзырд мæ фыд. 164
Хъуыдытæй афтæ ныффæллад мæ сæр, Дардмæ фæлыгъди мæ хуыссæг. Уддзæф мæм рудзынгæй доны сæр-сæр Цадæг æрбахæссы ахсæв. Арвæй кæуындзаст ыстъалы кæсы, Чи зоны, хаты мæ риссын. Ахсæв сæ мæгуыр, сæ ныллæг къæсы Урссæр зæрæдты æз мысын. Цыма æгас дуне уыдон уыди, Афтæ куыстой æмæ уарзтой. Иу-иу сæ быдырмæ хъæуæй цыди, Иннæ йын аходæн хаста. Иуæн сæ быдыр уыд аргъæутты фын, Иннæмæн уарзон уыд авдæн. Се знаджы раз дæр-иу авæрдтой хуын, Æмæ сын кодтой кад адæм. 165
ГЫЦЦИМÆ Царды мæ балцвæндаг акъул, Тох-мохты зæрдæ фæхъæбæр. Хъалтæм цыдтæн-иу æфстаугур, Фæлæ мæ цæхх ’мæ мæ къæбæр Хиуæттыл, алкæуыл уæрстон, Хохаг æфсинау, дæ номæй. Уыдон мæ къахбын æууæрстой Сусæг, æргомæй. Уарзон чызджытæ... уыдис мын Бирæтæ нæ, фæлæ цалдæр. Иунæг Хуыцау мын æвдисæн - Никуы сыл рацыдтæн сайдæй. Уыдон мæ уæзæджы къæйыл Уагътой къæбылайау радгай. Ивтой мæ исбонджын къайыл, - Сæфтæн сæ маргæй. Царды мын цас уыд хæлæрттæ, Кард сын уыдтæн æмæ фистон. Ничи мæм кодта хæлæг дæр: Рогзонд чызджытыл мæ ивтой. Загътон: æвзонгад - æнусон. Уый-иу мæ тавдзæн зын балцы, Ратдзæн фæндагваг йæ рухсæй, - Сайдæй мыл рацыд. 166
Гъеуæд мæ фыды къæсæрмæ, Зæрдæ куы сфæлмæцыд цардæй, Загътон, фæхæссон мæ сæр ма, - Рараст дæн дардæй. Не сфæдис уыдзæн мæ мад дæр Хъуамæ мæ зæрдæйы хъæрмæ... Хъæугæрон фæндагыл бадтæ, Кастæ æнхъæлмæ! Сæрыхъуын сыстад æрцытæ: Цас зынтæ федтай мæн тыххæй! - Сæфт хур, æрцыдтæ?! Æрцыдтæ?! - Сирвæзт дæ дзыхæй. 167
ФÆЗЗЫГОН САГЪÆС Ныр хъал фæззæг Зæрин дыргъдæтты зилы, Дзаджджын хуынтæ Рæдау æфсинау уары. Чындзæхсæвты рад Ралæууыдис Иры, Ирон лæппутæ «Фарн фæцæуы!» зарынц. Æз дунемæ Ныггом кодтон мæ рудзынг, Æмæ дæуагур Адзæгъæл мæ хъуыды. Арт сыхæгтæй Кæйдæр торнейы судзы, Æмæ фыцынц Уым чызджытæ хъуыдыды... Æз ногæй азæр Ивгъуыды æрцардтæн, Æмæ мын фестад Буц мысинаг дзагдар. Хъæууон нывтæ... Æддæуæзæй уыг уасы, Ныллæууыд мæй Нæ хъæуы сæр цырагъдар, Чи уæрдоны Сырхварс фæткъуытæ ласы, Чи дуцы сæн Йæ хæдзары раз кæрты. Мæ сæрмæ уддзæф Сыфтæртимæ хъазы.
Мæн та, дæу мысгæ, Рудзынггæрон уаты Сæ ныхтыл систой Катай æмæ азым, Мæн та мæ раг Мыдгъуыз бæллицтæ сайынц Дæ фæндæгтыл, Дæ цæуæнтыл Дæ рухсмæ. Кæм дæ, Цы ран? Мæ зæрдæ дæм æхсайы, Æмæ мын ратт Фæндагамонд æнусмæ, Цæмæй, Куы ’взарай Хъизæмар фыдтары, Æртæхон дæм Уæд рухс тынау уæлæрвтæй, Куы дæ ’рцахса Дæ зын фæндагыл уарын, Мæ уд дын гъеуæд Басгуыха уæлæфтау. Кæм дæ, Цы ран? Цæуыл дын дзуры уахъæз? Мæ уды ис Цæрæнбондæттæг сагъæс - Мæ тухиты мæ Авæры дæ цуры... Ныр хъал фæззæг Зæрин дыргъдæтты зилы, Зæхкусджытæн Дзаджджын хуынтæ æвзары. Чындзæхсæвты рад 169
Ралæууыдис Иры, Ирон лæппутæ «Фарн фæцæуы!» зарынц. Цæуы ыздыхсгæ Артгæнæнтæй фæздæг, Физонæджы тæф Арвы онг æххæссы. Кæм дæ, Цы ран, Цы уысм дын мысы фæззæг? Æви дæ мары Удхарæй дæ цæссыг?.. Дæ рæсугъддзинад Баззайæд æрдхæрæн, Дæ фæстæ-иу Куыд кæса хур æдзынæг. Цы дын зæгъон? Мæ зæрдæйы хуыздæрæн Мæ цæрынæй Мæ хæрынмæ цæрдзынæ!
V? V? Ус Фыдыуæзæг, Фыдыбæстæ, - Мæ сусæг хæзна, уарзт. Сымахыл дæн мæ адзалмæ Зæрдæйы тæгтæй баст. Дæуæй мæнæн, Фыдæлты зæхх, Рæсугъддæр амонд нæй. Дæ цъæх арвæй мæм бахуды Хæдæфсарм чызгау мæй. Ыстъалыджын Фæлмæн æхсæв Тæргай вæййы хуыссæг, Йæхи бæрзонд хуыцæутты ’мсæр Уæд фенхъæлы фыссæг. Йæ тар фынты Мæгуыр зæрдæ Дзæнæт бæстæ уыны. Æмæ кæй у æнæмæлæт Уырны йæ уый, уырны!
КЪÆЙНЫХ ЧЫЗГ Чи зоны, мæныл нæ кæныс сагъæс. (Уый аккаг кæм уыдзынæн æз та!) Фæлæ мын уæддæр мæ фыстæг бакæс, - Сонт зæрдæ йæ урс монцтæй фыста. Ис фыдæлтæм ахæм æгъдау рагæй: Чызг йæ монцтыл сæвæрæд гуыдыр. Зæрæдтæ мæ фаудзысты мæ уагæй. Ахæссæд дæ, дзурдзысты, фыдрын. Æмæ дзурæд, абон уал мæ рад у. Хурдæлвæзмæ сонт зæрдæ æфты. Хур мæнæн мæ фæлмæнзæрдæ мад у, Зæхх та у мæ хорфæлдисæг фыд. Æмæ уыдон мæн кæнынц фæндараст, Дунемæ бæлонау у мæ каст. Сахат дын куы бацамона фараст, Гъе уæд дæм кæсын æнхъæлмæ раст. Иунæг хатт уæлæрдзон зынгæй судзын Алкæмæн дæр у зæххыл нывгонд. Уæд цæмæн сæхгæнон уды рудзынг? - Уарзтæн æз мæхи кæнын нывонд. Чи зоны, мæныл дæ зæрдæ худы: Хæхты æгъдау уымæ нæу нымад. Фæлæ арт куы сирвæза дæ удыл, Уæд уыгау куыд уыдзынæ куырм, а?! 172
Хуры зæлдаг уардийыл æмбæлæд, Уымæн уæд цы нæ райхæлгæ ис. Уас, мæ куыдз мæнг æгъдæуттыл ныммæлæд: Дзурын мын нæ уадзынц уды рис. Сау æхсæв та урс цинтæ нывæндын - Зæрдæйы чысыл бæллицтæ сты. Уыдон æз æрмæст дæуыл æууæндын, Ма сæ бафтау адæмы цæсты. Æз уынын, уынын æдзух мæ фынты Дæу æмæ ыстъалыты цъæх арт. Дæу нымайын худгæ хуры фыртыл, - Науæд мæм цæмæн дæ афтæ дард. Алыхсæв мæ сусæгдæр бæллицтæ Урс гæххæттыл баууæндын бæргæ, Фæлæ та сæ бырæтты къæбицмæ Бонырдæм нысхойын æз кæугæ. Хур фыццаг цы уардийыл ыскасти, Уыйау дæн æз буц, фæлæ æмыр. Зæрдæйы цы сусæг сагъæс, уарзт и, Радзурæд дын уый фæлтау фæндыр.
1с * ;Лг Цы зæгъон уадæмтæхæг азтæн, Уыди сын де ’взонгад æвгъау. Æдзух дæумæ куыд джихæй кастæн, Уый сысты цæсты раз нывау. Фæцæуыс, хъал рæсугъд, нæ уынгты, Цыма æртахт уæларвæй зæд, Æмæ мæ зæрдæйы, мæ уæнгты Ыстъалыйау ды уадзыс фæд. Æндæримæ ды кафыс хъазты, Æз та æдылыйау кæуын. Кæл-кæлæй худыс ме ’рра уарзтыл, Мæнæн та удыхос - дæ уынд. Æндæры æз æмкъайæн курын, - Æцæг у адæмæн сæ дау. Уæддæр мæ зæрдæ демæ дзуры, Уæддæр уынын мæ фынты дæу. Лæууы мæ фырты фырт мæ цуры, Йæ ныхас зæрдæйæн - мыдау, Уæддæр мæ зæрдæ демæ дзуры, Уæддæр уынын мæ фынты дæу. Мæн уылæн былгæронмæ суры, Кæндзæн бындурзылд тагъд мæ нау. Уæддæр мæ зæрдæ демæ дзуры, Уæддæр уынын мæ фынты дæу. 174
ÆНАХУЫР ФЫН Уый æрцыдис мæнмæ Дысон мæйрухсы Сыгъдæгæй, Нымддзастæй, Нæууыл æрхуыссыд мæ фарсмæ. Æз ын кастæн Йе ’рвгъуыз цæстытæм, Йе ’ртгъуыз сырх былтæм ын кастæн. Йæ уалдзыгон Риуты ызмæлдæй Уды, арф кæмдæр, Сыстад уылæнгæнгæ уарзт, - Атыдта ’фсармы рæхыстæ. Йæ амæттаг былтыл, Артуадзæг риутыл Монцы зынг уылæн Ныццавта йæхи... Чызг, æнæрцæф сæгуытау, Фестад, фæлидзы... Дымгæ йæ ахсы Йæ хъуымбыл дзыккутæй, Æз йæ фæстæ Ивазын мæ къухтæ. Дзурын Æнæраст, Æнæбарст ныхæстæ... Ныббар мын, Ныббар мын, Кæй фæци дæ уалдзæг... Раздæх, 175
Раздæх фæстæмæ. Уалдзæг иухатт æрцæуы Æмæ дидин Æнусмæ нæ калдзæн! Æнæрхъуыды лæппуйы зарæг атахт Æмæ нымбæхст æхсæр къутæры сыфты. Нæ, хъуамæ зарæг райгуыра зынг фатау, Йæ фыдгулы цæва, æфтауа сæфтыл. Йæ зæлтæ уой ныййарæджы ныхасау Æдых æмæ æфхæрд-зæрдæ бæлццонæн. Циу зарæг уæд, дымыстæрау куы таса Сæрбахъуыды, рæстæвзарæн тæрхоны?! Кæнæ куы уа мæнгкадмондаг, былалгъæй Куы фæлива йæ удæнцойæн дуджы... Уæд та - чысыл куы нæ айса дæ уаргъæй, Уæд ахæм зарæг - адæмæн сæ туджджын. Фæлывд лæгæн - фæлывд зарæг йæ хъæды, Нæ фыдæлтау ыл бакæнæм, цæй, хъоды! 176
ЛЮДМИЛÆЙÆН Ацы дунейы фæлмы Цæст нæ уыны дзæбæх, Æмæ хатгай куырмæджы фæцæуæм. Цыма балæй Хърихъупп фæдзæгъæл, Уыйау сонтæй Нæ тыхсты фæкæуæм. Уд фæагуры уды Æмæ фæндæгтыл дуды. Фæлæ мæнæ, Йæ бæллиц, фæзындтæ, Уæд æрбайсæфынц Зæрдæйы зынтæ, Сау æхсæвы хъынцъымтæ, Фыдфынтæ. Ацы дунейы фæлмы Æз дæу агургæ Мин хатты стадтæн, Мин хайы фæндæгтыл Баззад мæ удæй. Фæлæ хастон мæ зæрдæ Мæ риуы æмбæхстæй, Саби давæггаг айк Йæ армы Куыд фæхæссы, Афтæ. Æмæ сæмбæлд Рыствæллад бæлццоныл, Йæ авдæны хъæдыл чи тад, Уыцы урсдзыкку мадæн йæ арфæ - 177
Талынг удмæ æрхастай Уарзты сусæг фæлмæн рухс. Æмæ мæнæ дæ лæвар: Саби - Фидæны фарн æмæ тых! Ацы дунейы фæлмы Нæй хуыздæр ныфс хъæбулæй. Ацы дунейы фæлмы Фæндаг алырдæм - суйтæ. Уды баззайы Сагъæс тæлмæй. Фæлæ зæрдæ - хъыбыллæ, Æмæ уарзты фæндагыл Мæн æркодта дæумæ... ничи Терчы знæт æрра уылæнты Чи бабæтдзæн? Ничи. Иры хæхтыл уадтымыгъты Чи басæтдзæн? Ничи. Арвы риуæй ирд ыстъалы Чи раскъæфдзæн? Ничи. Уарзон Иры Ме ’взонг риуæй Ничи скъахдзæн? Ничи. 178
ФЫЙЙАУЫ ЗАРÆГ Урс цъититыл ирд сæуæхсид Ку’ атыхсы, - Фарны зарæг Иры хæхтыл Айхъуысы. Зары фыййау, у йæ зæрдæ Цардæфсæст, - Фосы дзугтæм сахъ цæргæсау Дары цæст. Урс æхсæрдзæн коммæ схъиуы Сау рындзæй. Æрдз æрцæгъды минхъæлæсджын Уадындзæй. Арвæрттывдау къахвæндæгтыл Уайы чызг, - Нарæг астæу сонт зæрдæйыл 'Фтауы зынг. Тар æхсæвау дзыккутæ сты Сау-сауид, - Усгуртæй йæ кæцы лæппу Бафауид? А фыййау дæр уымæн зары Афтæ тынг, - Бахудтис æм хæхты фидауц - Сауæрфыг. Урс цъититыл ирд сæуæхсид Ку’ атыхсы, - Цины зарæг Иры хæхтыл Айхъуысы! 179
ГЪÆЙ-ДЖИДИ! Хъæуы сæрмæ, арвы къусджы Хъазыд мæй, Сонт зæрдæтæн бафсис нал уыд Уарзынæй. Булæмæргъ-иу донбылæй Куы базарыд, Сау цæстытæн хаудтæн уæд Сæ уацары. Хъуыстой нын нæ сусæг ныхас Бæрзытæ. Сагъта мыл дæ рухс цæстæнгас Базыртæ. Мысын ныр дæ буц ныхæстæ Азæры, Хъусты ма сæ ризгæ зæлтæ Азæлынц. Гъæй-джиди! Цы адджын уыдис Ауалдзæг, Ды куы дзырдтай: «Бон фæцъæх ис, Ауадз мæ!» Ахсæв дæр та хъæуы сæрæй Разынд мæй. Гъæй-джиди, куы та мын зæгъис: «Уарзын дæ». Уæд кæддæрау хъæды маргъау Базарин, Уæд мæ хъару зинтимæ дæр Бавзарин. 180
МЕ ’МБÆЛТТÆМ Æз нæ зонын, цы тых ис æмбæхст Царды, азты хъæбысы. Хатт у сагъæстæй зæрдæ æфсæст: Сабидуджы фæмысын. Цард чысылæй нæ уыди фæлывд, - Урсæй «сау у» нæ дзырдтам. Цыма иу уыд хъысмæтæй нæ ныв, Уыйау хорзы фæзмыдтам. Чи Тюленин уыд, чи та - Олег, Чи - Ульянæ, чи - Жорæ... Чи нæ хъуамæ ысуыдаид лæг, Уымæн хæйрæг йæ зонæг. Цыма не ’хсæн нæ уыди зылын, - Уыд нын уарзон рæстдзинад. Ныфс уыдыстæм æмбалæн зыны, Уыд нæм ахæм лæгдзинад. Фæлæ азтæ ызгъорынц æмæ Махæй алкæй фæлварынц. Чи æнæлаз у рагау, фæлмæн Æмæ намысыл зары... Рæстæг-айдæн æвдисы æргом: Радта ног нæмттæ иутæн. Чи нæ Плюшкинæ ^айста йæ ном, Чи - Молчалин л л - та Иудæ... 181
Зæгъгæ, абон æрцыдис фæдис Бархи царды сæрвæлтау, Уæд, чызджытау, нæ къорды æмбис Бабæттиккой сæрбæттæн. Рæстæг дугъонау уайы, тæхы, Мах йæ зынты фæлвары. 0, куыд мæ фæнды ацы зæххыл Уе сгуыхтдзинæдтыл зарын! ФÆНДÆГТÆ Цæуынц нæ фæндæгтæ фæйнæрдæм. Сæ иутæ - сагьæстæй мылаз, Ысты сæ иннæтæ фæрнæйдзаг. Мæн хоны уыдоныл мæ уарзт. Сæ иуыл уарзоны цырæгътæ Кæнынц тыбар-тыбур æдзух, Æмæ мæм æхсæвы оырæгътæй Зæд-чызг æрбадары йæ къух. Мæн иннæ ахоны «мæ хомæ», «Æфсымæр» - аннæуыл та фыст. Хæссын мæ хæлæртты тæрхонмæ Æндæрыл уды хъынцъым, рыст. Фæлæ мын се ’ппæтæй зынаргъдæр, Ныййарæг, уыцы фæндаг у, Мæнæн кæуыл цæуыс цырагъдар, Дæумæ кæуыл цæуы хъæбул. 182
КÆД ЫССАРИН МÆХИ «У æнæмæлгæ лæг», - Дзуры нын Библи. Æмæ кæд у æцæг, Кæд хъаймæты бон чи фæмард, уыдон Фæстæмæ ыздæхынц сæ зæхмæ. Кæд у афтæ æцæп Ам уыдыстæм милуан азты размæ, Æмæ йæм ыздæхæм азæй-азмæ. Æркæс-ма æрвайдæнæй иухатт, Кæддæра нæ фенис, Фæстæмæ чи здæхы, уыдон Куыд хъомпал ысисты. Цыма сæ сæ хастæй Ысуагътой фашисттæ - Чи хæдтулгæ уæрдоны ыздæхы, Чи æрттиваг цæргæсыл фæтæхы, Чи - уадæджы, Науы, Чи фистæгæй хъары йæ уд. Æз зонын, Æууæндын, Сæ нысан у иу - ыссарын. Чи агуры мулк, Кæй йæ уарзоны ссарын фæнды, Кæй - йæ мады, йæ фыды, йæ цоты, Чи цагъары къæлæтмæ тындзы... Уайын, Ызгъорын, Тæхын, 183
Агурын денджызбын æз: Уыд мын иунæг фæндыр, Æмæ гъеуæд, хъаймæтæрцыды, Уым нывæрдтон мæ зæрдæ. Æмæ агурын уый: Кæд ыссарин мæхи Йæ удсудзæг зæлты. ном Цард фæлывд æмæ мæнгард у, Арвы ферттывдау - цыбыр. Фæлæ уыцы ферттывд фаг у, - Дзыллæ дын кæна дæ дзырд. Ис ма кад рæстуд фæллойы, Намыс зæрдæтæм у хид. Ном - нæ тырыса, фæйлауы, Фæлæ махæй домы хид. Уый лæджы æврæгътæм сисы, Цардæй саразы дзæнæт. Дзыллæйы рисæй кæд риссыс, Уæд цы хъомыл у мæлæт. Цард фæлывд æмæ мæнгард у, Арвы ферттывдау - цыбыр, Фæлæ уыцы ферттывд фаг у, - Дзыллæ дын кæна дæ дзырд! 184
Ды ацыдтæ, æмæ æнхъæлдтон æз, Ныр нал кæндзынæн раздæрау утæхсæн, Мæ цæсты раз нæ лæудзæни дæ хуыз, Кæдæй-уæдæй æрсабыр уыдзæн æхсæв. Æрбадтæн кæрты бæласы бын æз, Æхсæвыдуаг йæ фыны таг æлвыста. Йæхицæн зарыд астымы был хъæз, Фæсмонгæнæгау бæрз йæ сæр æнкъуыста. Ыстæй уыд бон, - мæ тых мын айста куыст, Изæргæрæтты хæдзармæ ыздæхтæн. Цыма уыдтæн хæдзарæйтард къæбыс - Мæ къæс мыл сæмбæлд уазалæй, фыдæхæй. Мæ хæдзары чындзæхсæв кодта Маст, Мæ сау тугæй нуазæнтæ нуæзта. Куывта, цæмæй æлгъыст фæуа дæ уарзт. Дæ бæсты мæ хæтаг сылау ныууæрста. Йæ дзывырæй кæны мæ ныхыл хуым, Йæ судзаг пъатæй у мæ зæрдæ ностæ, Æмæ мыл ном дæр сæвæрдта - Æрхуым. Мæ зæрдæ мын æдзух æлхæны нозтæй. Ды ацыдтæ, æмæ æнхъæлдтон æз, Цыма æнæ дæу ис цæрæн нæ зæххыл. Мæ цæсты раз лæууы, зæдау, дæ хуыз. Мæ куывдтыты фæстæмæ дæу ыздахын... Дæ дидинджытæн оур у ныр сæ хуыз, Нæ рудзынгыл тæргай сæ с^р^æ ’руагътой Æмæ мæнæн кæуынхъæлæсæй загътой, Æнæ дæу ам кæй фесæфдзынæн æз... 185
ÆФСЫМÆРТÆМ Нæ зонын æз, фыдæл кæимæ цард хæрамæй, Кæимæ кодта дих йæ хор æмæ йæ цæхх. Фæнды мæ рацæрын æппæтимæ хæларæй: У махæн иумæйаг цъæх арвы быны зæхх. Уыд махæн иу фыдæл, æмæ нæ мад дæр иу уыд. Хæдузгæ авдæн - зæхх - нæ алкæй дæр уызта, - Æрхуысс уыгæрдæны зæлдаг фæлмæн цъæх риуыл, Нымай ыстъалыты æрвсæрвæтыл фыстау! Æхсæрдзæн айнæгæй йæ урс пакъуы куыд калы, Зæххы хъæбултимæ, тæхуды, уымæ кæс. Фæнды мæн атыхсын хæларæй маргджын калмыл, Уый у мæ авдæнон, мæ авдæнон у хæфс. Кæддæр-иу чызджытыл æз кодтон хардз мæ бонтæ Æмæ мæ авдæнæн уыди йæ фидæн рох, Ысты тыгьд быдыртæ, цъæх денджызтæ нæ бынтæ Æмæ сæ уæвыныл хъæуы æдзух дæр тох. Нæ зонын æз, фыдæл кæимæ цард хæрамæй Кæимæ кодта дих йæ хор æмæ йæ цæхх, - Фæнды мæн рацæрын æппæтимæ хæларæй: Сты махæн иумæйаг нæ арв æмæ нæ зæхх! 186
ФЫСТÆГ РАЙГУЫРÆН ХЪÆУМÆ (Есенины фæзмгæйæ) Ма мын тæрс, æз уыйбæрц сæфт нæма дæн, Нозты сæрыл баивон мæ сæр, Ферох кæнон иунæг уарзон мады, Ферох кæнон райгуырæн къæсæр. Уым мæ авдæн уæлхæдзар дзыназы, Мысы уый æвзонг сабийы худт. Зонын æз, дзæгъæлдзуйау, мæ азым: Бафтыдтон дын сагъæстыл дæ уд. Мæн, магнитау, нал уадзы нæ хъæумæ, - Байста мæ ыстыр горæт дæуæй. Бакъуырма дæн мотортæн сæ хъæрмæ, - Уымæн кæуы хъæды сæрмæ мæй. Уарзын æз дæ уыгæрдæн, дæ быдыр, Уарзын æз дæ булæмæргъы зард. Де тары æрныуæрстай мæ фыды, Радтай йын йæ буц хъæбултæн цард. Æмæ ма дæ уый тыххæй æз уарзын, - Мадау дæ хæлар æмæ рæдау. Уым мæ авдæн уæлхæдзар дзыназы Æмæ йæ дæ дымгæтæй рæвдау. Ма мын тæрс, æз уыйбæрц хъал нæма дæн, Теуайау хæссон бæрзонд мæ сæр. Ферох кæнон иунæг уарзон мады, Ферох кæнон райгуырæн къæсæр. 187
Уг & Уг О, ацы зæхх, Цæй зын у дæ риуыл фæцæрын! Фæцæуын цæй зын у дæ риуыл. Лæг æнустæй æрцæуы, Æнустæм фæцæуы, Ныууадзы йæ сагъæстæ иууыл. Хурæй фæвæййы æнæ хур, Хорæй фæвæййы æнæ хор, Мæт æмæ цинæй - æнæхай. 0, ацы зæхх, Дæ риуыл цæй зын у фæцæрын! Фæлæ дæм фæстæмæ Цæрынмæ куы здæха Мæрдты бæстæй исчи, - Фырцинæй Ыслæудзæн йæ сæрыл, Хосæн дын ратдзæн йæ зæрдæ, Цæмæй дзы Дæ хъæдгæмттæ сæрдай. 188
ХÆРЗБОН Дæумæ сæуæхсидау бæллыдтæн. Хъысмæтæй райгонд нæу мæ уд. Сæ фæлмæн дзырд æнæлаз былтæн Æз уарзтон, ме ’вдисæн фæут Сымах, о ’нæхуыссæг æхсæвтæ, Зæрин сыкъаджын мæй, ды дæр. Зыдтат, йæ иу бакастæй зæрдæ Кæй сыгъд, кæй судзы ма ныр дæр. Фæлæ кæд уарзтæн уарзт нæй арæн, 0, не ’взонг зæрдæты æхсæн, Уæддæр ис не ’хсæн фарны арæн, Дæу уый нæ бауадздзæн тыхсын. Сыгъдæг уарзондзинад - зынгбазыр, Мæ риуау алкæй риуы цæр ... Нæ дæм æрхæсдзынæн æз азым, Дæумæ, мæ рухсдзыд цинты сæр. Æндæры бауарзтай, йæ уалдзæг Дæ мидбыл бахудтæй ныррухс. Хæрзбон, мæ дыдзырухс, у хъæлдзæг, Хæрзамонд де ’мдзæрин - æнус. Хæрзбон, мæ адджын сæнтты гуырæн, Хæрзбон, мæ цин æмæ мæ хъыг. 0, уæлæ сау мигътæ, тыгуырæй Мæ рисыл ма калут цæссыг... Сæрыстыр дæ, æви дæ фаууарз, Нæ зонын, нæу мын уый бæлвырд. Мæнау дæ чи уарзы, уый бауарз Æмæ уай алы бон рæвдыд. 189
Ды мæ размæ æппындæр нæ уыдтæ, Æз мæхæдæг сфæлдыстон дæу. Уадз кæрæдзийæн судзой нæ удтæ, Иунæг а зæххыл амондджын нæу. Æз мæ фæрсчытæй цалдæр ыстыдтон Æмæ уыдоны бауагьтон уд. Дæу фæлдисæг Хуыцауау ысдыдтон, Æмæ фестадтæ арвы рæсугъд. Фæлæ иухатт æрхаудтæ, ’мæ хосдон Уæд цъæх арвы бын агуырдтон æз. Авд суадоны сæрты дæ хастон, Æвдæм суадонæй скалдтай дæ хуыз. Хуры фæстæ фæзилы æхсынæн*, Æз - дæ фæстæ, цавæр диссаг дæ! Æз мæхицæн фæлдыстон æхсинæг, Ныр дæхæдæг мæ фæлдисæг дæ. *Æ х с ы н æ н - хурмæзилæг. 190
ЦАРДЫ ФÆТК Дыууæ арсæн у иу лæгæт къуындæг, Уа цасфæнды бæрзонд æмæ фæтæн. Сæ иу уа хъуамæ а зæххыл фæтæг, Уа хъуамæ иннæ фыццаджы æндæрг. * * * Кæддæр емылыккыл уæлвæзы Мæ хъазтмæ райхæлди дæ уарзт, Æмæ-иу хъарм цæссыг дæ базыл Ныууагъта ирд фæрдгуытæй маст. Æз та... цъæх арвы бын æдылы, Сæрыстыр, хиуарзон, фыдхъал. Фæдæн дæлимонæн æмбылды: Чындзы дæ ахаста æмбал. Куы-иу фæцæйцыдтæ нæ рæзты, Уæд-иу дыл авæрдта уый фау, Цæмæй æрхаудаис мæ цæсты, - Мæнæн дæу кодта уый æвгъау. Ныр æз фæсмонгæнгæ уæ фæстæ Фæкæсын алыхатт нымдæй, Дæ мой нысхъæл вæййы мæ цæстмæ Дæ рухс кæлæнгæнаг уындæй. 191
ЛÆГ Лæг хъуамæ цырагъдар фæхæта бæстыл, Рæвдауа æдыхы йæ тыхсты, Зæххы фарнæн куса æдзух дæр рæстыл, Ныссæтта æбары рæхыстæ. Зынг хурæй фæхаугæ æхсидав у Лæг, Нæй уымæй уæлбикъондæр æрдзы. Цагъары сæрвæлтау æвзары мæлæт, Æдыхмæ æххуысмæ фæтындзы. Æнусты рæдзагъды туасау ныхсы Йæ зонды рухс суинаг фæлтæрмæ. Йæ рæстæджы чъизи фæрсудзы, æхсы, Йæ фарн та ныууадзы кæстæртæн. Нæ царды кæлæнтæй сæрибар у Лæг, Фæндагыл у судзгæ ыстъалы. Гуыбындзæлы ном та кæмæн нæу бæрæг, - Уый хицауы зæвæттæ сдæры. 192
ФЫДЫБÆСТÆ Ды фыдыбæстæ цы хоныс, Уæ мæ иубæстон: Хæхтæ, Быдыртæ, Йе хъæдтæ? - Радзур-ма бæстон. Æмæ уыдон та Кæм не сты? Уарзын сæ æз дæр, Уыдонæй вæййы Сæрыстыр Адæмы хуыздæр. Фæлæ у дæ фыдыбæстæ Мадæлон æвзаг. Уымæ чи кæсы Фыддзæстæй, Уый та у ызнаг! 7 Уалыты Лаврент 193
V? V? Уг Дæ бæллиц дæ атоны зæххæй, Уæлæрвтæм фæтæхы дæ уд. Ныуазыс ыстъалыты ’ртæхæй, Гъе уымæн дæ афтæ рæсугъд. Дæ хъуымбыл дзыккутæй фæхъазы Рæууддзæф, зæгъыс ын: «Рæвдау!» Ыскъæфы дæ царды фæлхъазæн, Кæдæм, уый дæуæн нæу уæлдай. Æхсæрдзæнæй райстай дæ худын, Рæууддзæф дын радта йæ кафт. Сæууон хуры тынтæй дæ уды Уæзданæй дæ бæллицтæ уаф! Дæу рогкъах æфсургъау ыскъæфæд Зынг уæлмонц ыстъалытæм уадз. Æвзонг зæрдæ райæд ’мæ кафæд, Дæ цинæй мæ риуы дæр тадз. 194
ХÆХТЫ ЧЫЗГ Урсцъитиджын Иры хæхты Арæх фенын æз Дидинджыты ирд æртæхты Райсомæй дæ хуыз. Доны сæр æвзонг бæрзытæн Мауал дзур дæ зын, Æз æнæ дæу ’нæбазыр дæн, - Тагъддæр мæм фæзын. Сонт зæрдæ кæй уарзы цинад, Уый фæсмойнаг нæу. Мауал тай, дæ уарзондзинад Раргом кæ фæлтау. Дидинджытыл сатæг уддзæф Атыхсы сæумæ. Бахай кæ дæ мидбылхудтæй, Хæхты чызг, мæнæн. 195
Оххай, нæ зонын, мæ зарæг, дæ хъысмæт, Æмæ мæ зæрдæ у рыст. Никæмæ дзурын: «Фæзын мæм æххуысмæ», - Иунæг мæ тугæй дæ фыст. Æмæ дæ алы мыр, алы зæл уарзын, Уарзын дæ ирон хъæлæс. Гъефæлæ искæд дæ дардтæхæн базыр Нал у дæ царды фæрæз. Гъе уæд мæ хæрам - цыфыддæр ызнаджы, - Федтай æгадæй мæ мард! Абон уал зарын нæ рæсугъд æвзагыл, Уый у дæ ныййарæг мад. Уый у дæ фидæн, мæ хъуыдыты айдæн, Уый у поэты хæзна. Уымæй рæвдыд уыд мæ сабион авдæн, Уый йæ куы уызта уæздан. Ууыл фыццаг хатт «мæ гыцци» ысдзырдтон. Мадмæ та афтæ фæкаст, Цыма Хуыцауы дыргъдоны æртыдтон Уымæн æз дидинты баст. Райгуырæн бæстæ, сæрибар, æфсымæр, Намыс, æхсар æмæ куыст... Алы дзырд дæр дзы мæ мады æхсырæй Зæрдæйы уидæгтыл фыст. 196
ЗÆРОНДЫ УАЛДЗÆГ Æнхъæвзы ногæй Цъæх уалдзæг ныр, Цъиу бæрзы цонгæй Цæгъды фæндыр. Фæйлауы, тасы Мæнæу дзæбæх. Йæ дзыкку фасы Дымгæйæ зæхх. Хъуымызбыл байраг Кæны мыр-мыр. Уый кафы, байрад: Ис фаг æхсыр. Маргъ маргъмæ дзуры: «Уæ цары фиу, Ыскæнæм, - куры, Нæ амонд иу». Æнхъæвзы, зæлы Æгъуыстаг мыр. Æрдз арвы залы Цæгъды фæндыр. Æрмæст мæ удмæ Нæ хъары цин. Кæд мын Иудæ Ыскодта хин?! Зымæджы хъæпæн Мæ сæрыл ис. Мæ уд æппæтæй Куы фестад рис... 197
СÆРДЫГОН БЫДЫР Быдыртæн сæ сæрмæ Арвырон æркъæдз. Æфсирты сыр-сырмæ Базарыди къадз. Царды рухсæй зæрдæ Нал зоны æфсис. Нард галау та сæрд дæр Калы ныр йæ фист. Сау лæппу æлвыны Мæнæутæ фысау. Гонтæм хор ивылы, Гомгæрц зæхх фæсау. Хуры тынæлгъæдæй Алтъами ныссырх, Харбыз фыррæгъæдæй Аскъуыди, ныппырх! 198
V? V? V? Цалынмæ арв уа мæ сæрмæ, Уый цъæх мæ цæстыты хъаза, Æмæ уа ме ’мбæлццон дымгæ, - Судздзæн цырендæр мæ арт. Цалынмæ Иры цъæх фæхсты Дзура фыййауы цин уадындз, Хортауæг зара нæ фæзты, - Аргъау уыдзæни мæ цард. Цалынмæ хъазхъуыр чызджытæ Фæндыры сусæг хъæлæстæй Дзурой иронау сæ уарзтыл, - Цин дын нæ фендзынæн цъус. Гъæй-джиди! Зæрдæйы цæхæр Фембырд кæ æмæ дзы сарт кæн, Арты куырыхонау бацæр, Бахъахъхъæн аргъæутты рухс!
ИРЫ БУЛÆМÆРГЪ Ныр мысæм дæу: цыма бæрзонд ыстъалы Йæ фæлмæн рухс Ирыстонмæ хæссы, Цыма æфтыдтай зæрдæйы арт тарыл, Иры сæрвæлтау бацыдтæ хæсты. 0, уый уыди: Æнæмсæр хæст, залымау, Дæ хæрог удмæ арæзта йæ фат. Уыдтæ æфхæрдтæн, сидзæртæн сæ лымæн, Фæндыд кæнын дæу уыдонæн сæрфат. О, уый уыди: Æбар дзыллæтæм сидтæ, Ыссыгътай сын дæ уаз зæрдæйæ арт, Цæмæй дæттой сæрибарыл сæ удтæ, Йæ мидбыл худа ног фæлтæрмæ цард. Æцæг у уый: Лæджы зонд æмæ уарзтæй Ды самадтай лæгвидауцæн мæсыг. Ды басыгъдтæ мæгуыр дзыллæйы мастæй, Дæттынц дын ныр сæ арфæйы цæссыг. Фæлæ уыд дуп Куы хъал кодта дæ лирæ, - Сæрибар монц, нæ сæрхъызой хæстон, - Дæ фарсмæ иу куы нæ балæууыд Ирæй, Куыд никæмæ æрцыдис уæд фæсмон! 200
Æви дзыллæйæн Генийы æмбарын Йæ туджы нæй, æрдзæй йын нæу лæвæрд?! Уæд ма уый циу? Куы фехъусын дæ зарын, Мæ тугдадзин ныддыз-дыз кæны уæд. Хæрзбон, поэт! Нæ дыл калын мæ цæссыг, Нæ дыл кæнын æнæныфсау æнкъард. Хуыцæуттæй дæр Хуыцаудæр дæ мæ цæсты, Æмæ мыл садзы базыртæ дæ цард! Æрцу, сызгъæрин дзырдты бардз, У ахсæв рухсхъуаг мæ зæрдæ, Дæ фæлмæн рухсæй дзы ныттадз, Æмæ та скала уый цæхæртæ. Гъай-гъай, хуымгæнæджы къæсы Пехуымпар зонды таг нæ гуыры, Æмæ поэты ном хæссын Æз дæр мæ хъысмæтæй нæ курын. Фæлæ мæ риуы уарзт ыстыр Æмæ тъыфыл маст иумæ скафынц, Мæнæн дыууæ базыры сты Æмæ мæ стъалытæм ыскъæфынц. Цæуын сæ дыууæйы фæдыл, Мæн уыдон хъахъхъæнынц фыдæхæй. Мæн уыдон бафтауынц фæндтыл, Мæ уд сæ макуы уæд æнæ хай! 201
* * ч’с Нæры, Тæхы, Зуыгъ-зуыгъгæнгæ мæ сæрты Æнæрæнцой сыгъзæринбазыр рæстæг, - Цыма нæ хъауы мисхал дæр мæ азтæй, Цыма мæ удыл никуы ауад маст дæр, Кæсын æм æз мæ мидбылхудгæ афтæ. Кæнын æм хъæр: Мæ уæлтæмæн, мæ хъæстæ! Ды уаддзугау Фæлдах æмæ фæлдис! Æцæг-иу уадз дæ уадуылæнты фæстæ Ды ахæм цин: Æвзонг, зæрдæрай фæлтæр Тъымы-тъыма кæй рухсыл кæной дис. 0, зонын æз: Ды де тары мæлынæн Хæссыс æдзух мæнмæ арæзтæй фат. Уадз афтæ уæд, нырма уал дæ мæ лымæн, Нырма уал мын дæ нæргæ зарæг ратт. Ыстæй мæ уæд ыссардзынæ мæ раны, Ныр уал æри дæ амондхæссæг къух. Æфсымæр ма æфсымæры кæд мары, Лымæн мын уæд куыд уыдзынæ æдзух?! 202
ЦЫБЫР ХЪУЫДЫТÆ V? * * Уый ма дæн мæ фæстаг уысм зæгъинап Иуæн дæр нæ фесæфтон йæ рын, Радтон-иу фыййау-куыдзæн хæринаг, Уый тыххæй уæддæр хъуыди цæрын. * * * Ме ’мдзæвгæтæм афтæ «аив» базылдтæ, - Сæмбæлд тых тыхыл, Аскъуыдтай сын сау къухæй сæ базыртæ, Нал зонынц тæхын. * V? V? Искæй куыстмæ цас хорз цæст ды фæдарыс, Уас хæрзтæ-иу сæмбæлæд дæ хæдзарыл. * * V? Уый посты лагъзы хахуыртæ æвгæдта, Дзырдта: «Фæкæнон не ’взæрты бындзагьд». Ирыстоны хуыздæр лæгты ныгæдта, Æмæ йын кодтой сæрхъæнтæ æмдзæгъд. 203
Нымбæхст... Нæ уыд бæсты сæрвæлтау тохы. Æмбисонд ис: быныл зайы æвзæр. Цыма дзыллæтæй уыцы хабар рох у, - Ысдардта та ног хуыккомæй йæ сæр. л л у- Поэт салдат уа хъуамæ революцийы, Поэт тæппуд нæ вæййы, кæнæ тутсæр. Мах зонæм уый: зæххыл лæварæй ницы и, Æмæ дзы хъуамæ удуæлдайæ кусæм. V? * V? Лæгдзинадыл нæ сахуыр кæндзæн мах, - Йæхæдæг чи нæу адæмæн гæнах. * Ус У«г Лæггад кæнын фæдомы уый йæхицæн, Козбау митæй йæхæдæг чи сси хицау. * * * Хорзæй дын цы фæуон, Ир, нæ зонын. Фæлæ айс ды иу лæвар мæнæй: Де знаджы раз не ’ркæндзынæн зоныг, Мулкыл дæ нæ акæндзынæн уæй. 204
ÆРÆДЖИАУ ФÆСМОН Æз ферох кодтон намыс æмæ кад, Ныуæзтон сæн хæтаг сылтимæ куывдты. Нæхимæ та мæ зæрдæхæлар мад Фæдзæхста мæн бæрзонд зæдтыл йæ куывдты. Фæлывд цинты мæ буц æвзонгад тад, Æз агуырдтон æрвон фидыц мæ зардæй. Нæхимæ та мæ зæрдæхæлар мад Æнхъæлмæ каст мæ фæзындмæ æнкъардæй: Зæгъгæ, фæцыди ахуырмæ мæ фырт Æмæ рæхджы ысуыдзæни дзырддзæугæ, Куы амæлон - ныссадздзæни мын цырт... Æз та фыстон хæтаг сылыл æмдзæвгæ. Мæ мæтæй сурс æнафоны дæ сæр. Дæу та, дзыцца, нæ кодтон уæд хъуыды дæр. Нытталынг мыл мæ райгуырæн къæсæр, - Æнæ мад, дам, мæгуыр вæййы уыры дæр. Æмæ мын ныр сæтты мæ сагъæс уынг. Цæуын, фæлæ кæдæм цæуын, нæ зыны... Кæуы кæмдæр æнæсæрфатæй уыг, Æххуысгæнæг ын ничи ис йæ зыны. 205
Ус * Уг Хъус-ма, Цы кусыс, кæимæ, цы ран дæ? Æви дæ мойæ зæрдæкъахтæй бадыс, Æви дæ цотæн лæууыс ныр цырагъдар, Æви мæнмæ ды - «ныббар мын æй» - хатыс? Хъус-ма, Суадæттæ сайд уарзтыл зарынц, Кæрдæг базмæлыд... мæргътæй æртахти... Хъæды махау кæрæдзи нæ арынц Урс бæлæттæ, - сæ цæссыг æртагъди. Уарди йæ агъудæй тоны æддæмæ, Сæмбæлд йæ уарзоныл раджы. Уымæн ничи ис Хуры йеддæмæ Æмæ дзы бацис сывæрджын. Хъус-ма, Иухатт изæрмилтау, а зæр Зырнæджытæ хъæргæнгæ æртæхынц. Уыцы хъæры - цыдæр æхцон азæлд, Уыцы хъæры нæ ивгъуыд ыздæхы. Уæртæ доны сæр бæрзыты къохæй Урс æхсæвты æрбайхъуысы худын. Уый кæд де ’взонгад раздæхтис рохæй, Æмæ уымæн мæ рохст зæрдæ дуды? 206
РОХ УÆЛМÆРДТÆ Æз рох хъæууатмæ рыздæхтæн фæстæмæ: Кæддæры бæллиц райхъал ис мæ зæрды. Ам ничиуал ис цæргæстæй фæстæмæ, Æмæ фæкæуы булæмæргъ йæ зарды. Æхсæвы тары рох уæлмæрдтæй сысты, Ыстæгдарау, æбæрæг æндæрг ризгæ: «0 хæхбæстæ! Дæ цин, дæ хъыг мæн ысты Æмæ дæуæй нæ фæкæндзынæн лидзгæ. Лæджы намыс, сыгъдæг æмæ уæззондæй, Цырагъау сыгъд ирон барæджы уды. Куы-иу хаудтам - ыстъалыйау бæрзондæй. Æмæ нæхиуыл никæй уагътам худын. 0 Ирбæстæ! Æккойæ дур фæхастам Фыдæй фыртмæ дæ мæсыгмæ тыхст заман. Æвæрæз цард. Лæг-иу сыдæй дæр бастад, Уæддæр куыстам, кæд нын фæуаид амад. Цæмæй нæ уæм фæстагæттæн æлгъыстаг, Æмæ нæ цот йæ бæрзæндæй фæлгæсой, Цы ис зæххыл нæ намысау æгъуыстаг, Нæ фæстæ уый хæрзиуæгæн фæхæссой. 0 сау катай! Мæрдтыбæстæй дзыназын Цæй зын у, цæ, куынæ бæзза дæ кæстæр, Фæлæ дæ цотмæ нæй æрхæссæн азым, Уæд бафтдзæнис сызгъæрин хур дæ фæстæ!..» 207
Æмæ дзырдта уым сау æндæрг æбæрæг, Мæстæлгъæд æмæ циндзæссыг - йæ хъыгтæ. Æрвæрттывдау мæ рæзты атахт барæг, Æмæ æртылд мæ уадултыл цæссыгтæ. ÆРДЗОН ХЪÆЛÆС Абадт булæмæргъ мæ цуры Уардийыл æваст, Æмæ йæм Хуыцауау дзурын: «Райхал-ма дæ уарзт! Рагæй нал фехъуыста зæрдæ Уды ’рдзон хъæлæс, Риуы уазалæй, æфхæрдæй Уый мыстау ныллæст». Фехъуыст цы мæ лæгъстæ маргъмæ, Фестад уаз фæндыр. Æмæ хурæфсæст æврагьмæ Мæн тæхын фæнды. 208
ХЪÆУУОН ИЗÆР Уарзæгой ныййарæджы узæлдау, Сатæг уддзæф агайы мæ зæрдæ. Чидæр зилы доны был, - цы зæд уа? Чидæр мысы: «Бастъæлай, цы ’взæр дæ!» Мæйы тынтæ уылæнтимæ хъазынц. Арвы къусчы - стъалыты цæхæртæ. Дидинджытæ зæххы сой нуазынц. Комæй хъуысы: «Ойтæ ’мæ уæрæйдæ!» Чидæр фосæн кæрты цæхх ызæры, Чидæр уидзы саст уадындзы цъæлтæ. Уый кæй равдæлд, уалдзыгон изæры Чи сног кодта рох зарæджы зæлтæ?! 209
л. у. у- Дæ гутоны зардмæ ысхъомыл дæн æз. Мæн хурмæ дæ уæхсчытыл хастай. Сызгъæрин дыргъдонау зæхх ивы йæ хуыз Дæ фæлмæн рæвдыд æмæ уарзтæй. Тæхуды, дæ фæлгонц ысныв кæ дæуæн Æрдздыхæй, сæуæхсиды тынтæй. Дæ хъару, дæ ныфсæн уадз ма уа фæуæн, Уадз хъуыса дæ кады ном хуымтæй! Æнæарт хæдзарау æрхæндæг, æдзард У быдыр, хуымгæнæг, æнæ дæу. Фæлæ та куы айзæлы уалдзæг дæ зард, Фæйлауы уæд денджызау мæнæу. Дæу бирæ нæ хъæуы: сыгъдæг арвы цъæх, Сæрибар, куыстаразæг уалдзæг. Дæ зæрдæйы тавсæй нæ райгуырæн зæхх Æнустæм уæд дидинæг калдзæн. 210
ФÆЗЗЫГОН НЫВ Æрбадтæн та хъайлахуыз къуыппыл, Бæрзондæй фæлгæсын. Сæ базыртыл арвы цъæх къуырфы Сæрд мæргътæ фæхæссынц. Къæбæда дымгæтæ та хъæдæн Ныр ласынц йæ дарæс. Фæхус кæны фæззæг уæлхъæдæй, Æрцахста йæ сагъæс. Хæрæмигътæй худтæ æркодтой Нæ куырыхон хæхтæ, Сæ уазал цæстысыг æркалдтой: Фæцух ысты мæргътæй. Зæрин гауыз зымæгæн фæззæг Нывæфтаугæ уафы. Æмæ та физонæгдæф фæздæг Нæ хъæуы сæр кафы. 211
V? V»- V? Арвы цъæх - мæ сæрмæ Арынг нæу цы раст?! Мæй чызгау æфсæрмæй Мигъ-хызы фæраст. Стъалы цæст ныкъулы, Худæгæй мæлы, Дæлæ хъазы кулы, - Худы кæд мæныл. У æнæмæнг афтæ - Дæн рæуæууæнк æз. Уды фурды арфмæ Баппæрстай дæ хыз Æмæ дзы æрцахстай Аргъæутты кæсаг. Уый дæ хызы бастæй Хъуамæ ныр кæса Фурдмæ нæ, цъæх арвмæ. Базыррæвдз у ныр. Æвдæм арвы арфмæ Хоны мæн фæндыр.
ФИДÆНМÆ Нæ зонын æз, Дæ тар æви дæ рухс... Сæ кæцыйæн уыдзынæн æз йæ уазæг, Фæлæ дæм хатын, фидæны æнус, Куы мыл ралæууа Искæдбон дæ уалдзæг, Уæд мын-иу ратт Æнæзивæг, Цæмæй Сæуæхсидыл æмбæлон æз мæ куысты, Уæд мын-иу уадз Мæ абоны зæрдæ, Цæмæй тыхсон Фыдыбæстæн йæ рыстыл! этюд Бæлас - цъæх аргъуан, Сыфтæртæ - æхцонзæл хъуытæзтæ. Зарынц дзы Дингæнæг мæргътæ. Хъусынц сæм Быдыртæ, Хæхтæ. 213
* * * Хуымгæнæджы артдзæст, Хуымгæнæджы уæзæг, Сымахæй у райдзаст, Бæркадджын нæ фæззæг. Хуымгæнæджы зæрдæ, Хуымгæнæджы къухтæ, Нæй æрдзы ысконды Сымахæй рæсугъддæр. Мæ зарæг сымахæн Фæзарин æнусты: Дæттут ын цырагъау Уæ хъарм æмæ рухс тын.
•>'с * * Мысы, мысы буц æхсæвтæ зæрдæ: Бæрз нын дардта ног чындзау цырагъ... Цыд мæныл дæр хъарм фæлмæн изæртæ, Уыд мæнæн дæр иу рæсугъд зынаргъ. Рухс бæллиц-иу аленк кодта сæры, - Кодтон ын ыстъалытæй æз хал. Фæндыры хъис уды тæгтау зæлыд, Æмæ чи уыд уæд мæ хуызæн хъал?! Ахсæв дæр та донгуырæнæй зæлы Раг изæртау булæмæргъы зард, Æмæ цæссыг сусæгæй ызгъæлы, Урс фæрдгуытау, уардийыл æнцад. 215
V? Ус Ус Бæрзонд ыстъалы арвы риуыл хъазы, Æрвон рухсæй кæны мæ уд уæлвонг. Мæ бæллицтæ мын авæрынц мæ разы Дæ мидбылхудт, дæ уалдзыгон фæлгонц. Уæларвæй мæм фырнымд зæдау æрхызтæ Мæ æвзонджы кæркæ-мæркæ сæнтты. Ысбыдтон дын ыстъалытæй рæхыстæ, Дæ пылыстæг хъуырыл дын сæ бæттын! * У? V? Хæхтæ уалдзæджы Систой се ’рмтты, Чындзау æй фæхæссынц уалæ арвмæ. Кафы æврæгътыл арвæн йе ’рттывд Æмæ сын гæрæхтæй æрвиты арфæ. Хъен ыслæууыдтæн арвæн йæ бынмæ, Кæс, йæ чызг мын æхсы мæ бецыкк. Дæу зымæгдæргъы уыдтон мæ фыны Æмæ судзын ныр, уалдзæг, дæ пецы. Судз мæ цæстыты, Судз мæ риуы, Судз мæ къабæзты, ,Судз мæ туджы, Судз мæнау ды зæххы цоты риуы Æмæ ахъар хæрзиуæгæн дуджы. 216
МА МÆМ БАХУД Ма мæм бахуд Уалдзыгон изæрмилты, Сауæрфыг, Къæмдзæстыгæй дæ мидбылты, - Сонт лæппуйы Царæфтыд кæныс. Дæу куы фенын, - Зæрдæ химид батыхсы... Уæ, бæргæ дыл Рог уддзæфау атыхсин, Фæлæ Хурæн Чи уæнды хъæбыс! СОНТЫ УАРЗТ Зилы а зæхх уæйгуыты уæдæрттау, Æви сонты сæр зилы? Мæн куыд хæссы мæ уарзт уæлæрвты, - Дисæн баззайдзæн Иры. Зарæг зæрдæйы уарзт ыссыгъта, Раст Хуыцауы цырагъау. Уд цæй фæлмæн у, уд, цæч сыгъдæг, - Цыма дуне у аргъау! 217
* * * Ды куы фæхудыс, Уæд мæ зæрдæйы Уалдзæг райгуыры, Æмæ царды цин Хуры рухс тынау Мæн фæагуры. Ды куы фæхудыс, Сонт лæппуйау уæд Дзурын хинымæр: Ды дæ бæрзæндтæй, Дæ æрвон зæдтæн Уаз дæ хинимæ! 218
ÆЗ КУРЫН О хохаг цæргæстæ, Æз курын уæ хæрзтæ: Нæрæмондзинад æмæ ’хсар. Фæкæсын уæ фæстæ, Нæ дондзау чызджытæ, - Сымахæй та курын æфсарм. Мæ райгуырæн бæстæ, Æнæфыст мæ хæстæ, - Æрис мын дæ уæззаудæр хъыг. О мигъджын æрвбæстæ, Æз курын нæ фæзтæн Æнтæфы уæ фæлмæн цæссыг. Цы курын адзалæй? Мæ уарзон хæларæй Йæхи-иу куыд фæласа дард. Рæстагон дзыллæтæн Сæ цардхал ызнæгты Æдзухæй куыд кæна бындзагъд. 219
УАДДЗЫГОН ДЫМГÆТÆ (Зарæг) Чи зоны, дæ цæстыты тыгъдады Фенон æз фыццаг уарзты тæмæнтæ, - Доны сæрмæ хæристы бын бадын Æмæ тайын, о чызгай, дæ мæтæй. Дымгæтæ мын де ’ртхуыз былтыл дзурынц, Зарынц мын æхсæрдзæнтæ дæ номæй. Стъалытæ сæ цæстытæ ныкъулынц... Ма мæ бамбæхс, рахиз мæм æргомæй. Ма мын аздах ме ’взонгад фæстæмæ, Курын дæ ’мæ уыйбæрц хатыр бакæ, Ахон мæ цъæх уалдзæджы бæстæмæ, Æмæ дæ рæвдаудзынæн мæ батæй. О, кæм ыстут, уалдзыгон дымгæтæ, Бахойут мæ сæфт чызгайы рудзынг. Радзурут ын: батад, зæгъ, дæ мæтæй, Судзы ’мæ, нæ, зæгъ, фæразы судзын. Чи зоны, дæ цæстыты тыгъдады Фенон æз фыццаг уарзты тæмæнтæ, - Доны сæрмæ хæристы бын бадын Æмæ ’руайын, уæ, чызгай, дæ мæтæй. 220
ÆБÆРÆГ ИНГÆН Æз æрдузы федтон хæстоны ингæн, Сæркъулæй йæм урсзæнг бæрз касти. Цымæ дзы кæй уарзон æрцыди ныгæд, Цымæ нын цы зæгъид, куы растид? Мыййаг, кæд æрыгон лæппу уыд æмæ Мæлгæйæ йæ цæстытыл уади Йæ райгуырæн уæзæг, ныййарæг, кæнæ Йæ уарзоны мысгæйæ марди. Æмæ йын уый хаста дывæр зындзинад, Йæ цард ын æмбисыл ыскъуыдта... Нæ быхсы ингæны зынгуарзондзинад, Бæрзы хуызы мæрæй ыстыдта. Æмæ ныр гуырвидауц, æфсæрмдзаст чызгау, Изæрмилты ингæнмæ дзуры: Дæ уарзон дæ мæрдæй нæ исы йæ сау, Йæ зæрдæ кæуынæй ныддур и. Æз æрдузы федтон хæстоны ингæн. Æбæрæг маст бæлццæттæн хаста. Цымæ уæ кæй уарзон æрцыд уым ныгæ^? Кæй хъæбул уæ нал раздæхт хæстæй? 221
КÆСТÆРМÆ Кæстæр, хæлар дын уæд мæ зарæг, Æнæрай хъисфæндыры зæлтæ. Йæ уд æрдуйын хидау - нарæг, Фæлæ дзы бавæрдтон мæ зæрдæ. Æмæ куы сбуц кæнид, тæхуды, Дæуæн дæ мелодиуарз уды!.. Фæлæ кæд не ссудза цъæх арт Дæуæн мæйдар æхсæв, мæ кæстæр, Кæд дæм нæ оахъара мæ зард, Дывæр кæндзысты уæд мæ хæстæ. Æз курын, ма-иу худ мæныл, Сызгъæрин фæндырæн йæ хъистæ Нæртон поэтæнхъæл нæ цæвын, Фæлæ рæвдауиккой кæд искæй Йæ зæлтæ, уый тыххæй ныдзæвынц Æвæлтæрд æнгуылдзтæ йæ тæгтыл... Цæуыс ды хæхты æмæ хъусыс: Рæсугъд сæ зарджытæ нывæндынц Сæртæг æхсæрдзæнтæ æнусты, Рæвдауынц зæрдæ æмæ хъусты. Фæлæ æхсæрдзæнты симфони Лыстæг суадæттæй кæй цæуы, Гъе, уый дæ зæрдæмæ куыд цæуы? 222
* V? * Ма сног кæн кæддæры хъæдгом, хъазгæ. Рох бæллицтæн ма басхъау сæ зынг, - Риуæй сыстдзæн музыкæ дзыназгæ, Сау цæстытæй - судзæггаг цæссыг. Ног та мыл куы фембæлай изæрæй, - Ма мæм бахуд мидбылты фæлмæн. Ма мын акув раздæрау дæ сæрæй: Разилдзæн та, ра, мæ сæр мæнæн. Кæд уæздан дæ дзыккутыл ныдзæвгæ, Нал атыхсдзæн уæхсчытыл мæ къух, Кæд дæ номыл нал фыссын æмдзæвгæ, Зон, уæддæр мæ рох нæ дæ æдзух. Уддзæф систа æфсиртимæ хъазын, Бамыр, зæгъгæ, хъæды къохы зард, Сусæг ристы зæрдæ уæд дзыназы, Уæд вæййын цæмæндæр æз æнкъард. Ма мæм бахуд, рагуалдзæгау, ма кæ, Райхъал уыдзæн ме ’взонг риуы уад... Цæй, уæд та мын иухаттау ныбба кæ, Бавзарон та де ’ртхуыз былты ад. 223
зонын Зонын, уыцы бон ралæудзæн искæд, ’Нæ мæн зардзысты райсомыл мæргътæ. Мадау райгæ рæвдаудзысты искæй Иры уалдзыгон дидинджын рæгътæ. Уæд æндæр лæппу уарзтыл фысдзæни, Йе стих хос уыдзæн уды рыстытæн. Уарзон сабыр æхсæвты кæсдзæни, Уæд мæ бæсты рæвдаугæ цæстытæм. Зонын, хур-иу ыскæсдзæн æнæ мæн, Уайдзæн абонау Леуахи хохы. Зонын, уыцы дуг ралæудзæн ’нæмæнг, Мæн ныууадздзæн мæ хорз фæдон рохы. Дугæн афтæ у а зæххыл амынд: Уды бауадзы рухс цинæн рохы. Уый æрхæссы фæстагæттæн амонд, Ратты ’нæмæлæт, - чи сгуыхы тохы. 224
САУЛÆГ Арвыл хур æрттивы, хъазы. Ахсы йын йæ тынтæ лæг. Сау мигъ сау хъуыддæгтæ уарзы, Судзы йын йæ хуылф хæлæг. Æмæ амбырд вæййы хурыл, Дзуры: «Ма калæд тæмæн». Хур та мигъы скъуыдтæй худы, Ног йæ рæвдыд у фæлмæн. Махыл дæр цæуынц сæ цаутæ: Лæг цырагъдарæй цæры. Уæд æндæр лæг - мигъæй саудæр - Уый йæ аууонмæ тæры. Фæлæ ис зæххыл уæлахиз - Курдиатæн у нывгонд. Уадз æппарæд мигь йæ рæхыс, - Хур нæ аивдзæн йæ конд. 8 Уалыты Лаврент 225
ХÆЛÆГГÆНÆГ Нæ зыдтон, циу хæлæг, Уæд ма уыдтæн сывæллон, Æмæ æнцойдзинад Мæныл куыдзау уыд агъуыд. Ныр æз мæ хъалы дæр, Мæ фыны дæр фæбæллын, - Хæлæг мыл залгъæдау Æрбатыхта йæ агъуд. Хæлæг фæкæнын æз Сæууон хурæн йæ тынтæм: Рæвдауынц сидзæрты, Дæттынц сæ хъарм, сæ узæлд. Фæсурынц низджынæн Йæ сагъæстæ, йæ рынтæ. Зæхх махæн авдæн у, У Хурзæрин йæ узæг. Фæкæнын æз хæлæг Цъæх уалдзыгон æвзартæм: Ысхæссынц зæххы тых Сæ чысыл уæздан æрмтты, Ыстухынц хуры тын Сæ бур æфсиртыл заргæ Æмæ сæ фæззæджы Рæдауæй махæн раттынц. Хæлæг фæкæнын æз Фæлмæнвад хъарм къæвдатæм: 226
Фæтындзынц быдыртæм Æмæ сыл сойау тайынц. Ыстæй ма - хуымонты Дæрзæг, мæргъуыз æнгуылдзтæм: Куы ’ртæхы дзывылдар, Уæд царды хос фæтауынц. * * * Дымгæ мын мæ хъусы зары: Макуы зил дзæгъæл. Мæн фæнды, фæнды ыссарын Зæрдæмæ дæгъæл. Ма райхал, чызгай, дæ фæндтæ: Амонд мын сæ нæй. Уыцы лæппу у дæ сæнтты Худгæ хур, дæ мæй. Уыг дæ сау дзыккуты фæстæ ’Хсæвæнхъæл тæхы. Уарзондзинады ныхæстæ Мæн фæнды зæгъын. Ма фехал, чызгай, мæ сæнтты Амонды мæсыг. Уадз фæлтау æхцон æхсæвты Калон урс цæссыг. 227
МЕ ’МБÆЛЦЦОНМÆ Фæндаджы зынæн - ныфс æмæ мадзал, Æнæ уыдон цæй бæлццон дæ, ды чи дæ? Æрхæндæг удæн ис кæрон - адзал, Ныфсхаст æмæ зæрдæрайæн та - фидæн. Зындзинæдтæн нæ чи зоны фæразын, Æмбæлы уый йæ нысаныл æрмæстдæр. Фæлæ дæм балцы фаг æхсар нæ разынд, Уæд дыл мыггагмæ худдзæни дæ кæстæр. Нæ зоныс, нæ, цы дæм кæсы æнхъæлмæ, Фæлæ уæддæр дæ нысанмæ фæцу ды! Цы нæ вæййы, фæндагыл лæг фæцуды... Фæдзур-иу мæм, зындзынæн æз дæ хъæрмæ. Мæ ныфс дын уæд æппынæдзух фæндаггаг. Мæ зæрдæ дын ныррухс кæндзæн дæ развæд. Фæлæ, мыййаг, куы разынай æнаккаг, - Æрнæг хохау ныллæуудзынæн дæ размæ! 228
СФÆЛДИСÆГМÆ Кæд искæд ды мæгуыр лæджы куывд айстай, - Мæ уæрджытыл дæ разы хаудæй кувын: Æндзар мыл арт дзыллæты цинæй, мастæй, Амыранау сыл уаин кæд æнувыд. Поэттæ ис, поэзийы куырдадзы Сæхи уарзынц æрыгон сонт Нарциссау. Нымайынц нын сæ фæлывд зард æвдадзыл Æмæ хъæрзынц сæ ныллæг удты рисæй. О, ма мын ратт сæ ницæйаг куырм амонд, - Сæ уаз зæдты дæр ратдзысты æхцайыл. Æз дæ нымайын ме скæнæг Хуыцауыл, Мæ фæндаг мын Сыгъдæгдзинадмæ амон. Мæ Ир чи хуыйны, уыцы тулдз бæласæн Йæ иу уидаг мæ тугдадзинтæй сараз, - Зæххы сой йæм æрвитон ууыл алаз, Йæ цъæх сыфтæртæ дунейы хъæр ахсæнт... Ысфæлдисæг, дæ хъæбулау мæ бауарз! 229
АРТ Арын дзы Бестауты Гиуæргийы рухс ном Йæ тыхы уый куы бацыди æххæст, Æмæ куы сси алæмæтаг йæ хъæлæс, Уæд ыл уæларв æрытыдта йæ пæлæз, - Хæрзиуæг нын нæ бауарзта йæ цæст. Фæкъахыр ис Ирыстоны мæсыг, Нæ хъисфæндырæн аскъуыди йæ иу таг. Къæдзæх дæр ма куы фæкалы цæссыг, Уæд зæрдæйæн куыннæ дуда йæ уидаг. Уый нал ис ныр, фæлæ йæ уды арт Кæны æмбырд йæ алыварс хæлæртты, Æмæ цыма куывды фæбадынц Нарт, Бестау та сын нуазæнтæ фæдæтты... Поэт уыд уый, йæ зæрдæ арты бацард, Бæсты фарнæн уæлæуыл немæ баззад! 230
БÆЛЛИЦ Ирон дзырдтæ мæ куырдадзы æхсидын, Æндадзын сæ нæртон æфсадхон уасæн. Зæронд ыскъиф мæ сахуыр кæндзæн сидын, - Ысиу кæндзынæн дзыллæты æгасæй. Уыдзæн цæрдхъом æфсымæрты ард се ’хсæн. Цæсты рухс ратдзæн бæстæты сæрдæрттæн, Сæ уарзæттимæ дих кæндзысты се ’хсæв Зæххы хъæбултæ - атомджын салдæттæ. Рæнхъон хæстонæй бардзырддæттæг чинмæ Кæндзысты хуым, хор таудзысты æдзухдæр, Уæд æрдзы сау фæтк раивдзæни цинмæ. Кæндзысты табу уаз гутоны къухтæн. Цæрдзæнис уд ыстъалыты кæттагыл, Æмæ нымад нæ уыдзæн лæг хъæддагыл. 231
ДЫЗÆРДЫГ Æз дын - фысым, ды та вæййыс мæ уазæг, Æмæ æфтауыс царды фæтк мæ цæсты: Цыма мæ уæзæг нал фендзæнис уалдзæг, Цыма нæ хъæуы ме ’мдзæвгæ мæ бæсты. Цæджджинагау фыцы мæ хъуыды сæры, Кæрды, ысгары, алыг кæны, бары. Æндонау уый фыдхъизæмæртты сæры Æмæ нырттивы уды къуымты тары. Æрвæрдынау ысхуызджын вæййы хъуыды, - Фæскъæвда хур мыл ракæсы дæ фæстæ, Дзырд батайы кæлæнгæнæг налхъуыты, Æмæ йæ æз кæнын хæлар мæ бæстæн. О, бузныг дын, кæй уарзыс мæн, Дызæрдыг, Кæй не ’ввæрсыс дымгæ поэты зардыл! 232
ФЫДÆЛТЫ ТУГ Дæ Фыдыбæстыл гадзрахатæй ма цу! - Чысылæй мын нæ фæдзæхста мæ фыд, Фæлæ-иу уый æндæр бæстæтæм балцы Нæ урсдзыкку Ирыстонæй куы цыд, Уæд-иу йæ уд ыстыхст, мæгуыр, ыснарæг, Цыма йæ зæххæй хи ыстонын хъуыд, Цыма уыди Ирыстонæн ныййарæг, Æмæ йын тарст - куы йыл æрцæуа фыд. Фæлæ-иу æм, зæгъгæ, фæстæмæ ’рыздæхт, Уæд цины цæссыг цæстыхаутыл рызт. «Куыд адджын дæ хуымгæнæгæн, Фыдызæхх!» - Уыдис йæ ныхыл цины ’взагæй фыст. Дæ Фыдыбæстыл гадзрахатæй ма цу! - Хæдæгъдауæй мæ риумæ сойау тагъд. Хæлæрттæм дæр куы фæцæуын ныр балцы, Уæд дæн цыма бæласау зæххы сагъд, Гъе, уыйау раст нæ фентысы мæ къæхтæн Фæиртæсын мæ Иры урс къæдзæхтæй. Куы ацæуын, уæд та-иу мæм Фыдызæхх Мæ фыны дæр æрбадзуры: «Æрыздæх!» 233
* Л’ Уг Фæззыгон арв У арф, Сыгъдæг. Кæнынц зæринæрттывд нæ рæгътæ, Кæдæмдæр атахтысты мæргътæ. Хæссы йæ уылæн дон сындæг, Ыстайау нал æууилы дуртæ Æмæ йæ зарæг у æмыр. Йæхи нæ дарддæр ласы хур дæр. Йæ тавс - зæронды тугау ныр. Ныджджих, Ныдздзагъыр афтид быдыр. Сæрдыгон фысау у æлвыд. Кæд у йæ бæркад ныр æвæрд, Уæддæр цыдæр мæт ис мæ фыды. Уый, чи зоны, хæссынц йæ фæндтæ Æрцæуинаг цъæх уалдзæгмæ, Кæннод та, чи зоны, йæ фырттæ Кæй нал цæуынц сæ уæзæгмæ, Кæй сын фæадджындæр ис горæт, Йæ мæт у уый. - Хуыцау æй зонæд, Фæлæ мæн а бæстыл цæрын Нырæй тынгдæр нæма фæндыд: Æвæлмаст, амондджын сæры Æрыхъал ис нæртон фæндыр!
БОНДЗИРДЗУРТЫ Хъаймæты тас мæ фæллад уды атад: Æрыхъал дæн æфцæджы нæууыл æз, Рæхджы сæуæхсид арвы кæрон артау Ыссудздзæни, ыскалдзæн æрдз йæ хуыз. Кæнынц цæттæ уыгæрдæнтæ сæ лæвар Ам Флорæйæн - уæздан дидинты баст. Фæирвæзт хохмæ дысон арвы ливор, Ныр та æнхъæвзы сонт уахъæзау уарзт... Рæдзæ-мæдзæ хъæд ифтындзы йæ фæндыр, Йæ базыртæ ысцæгъды пыхсы маргъ. Зæххон фæтæхы уалæ арвы ’рфæнты, Æмæ йæ фæд цъæх бæндæнау ныддаргъ. Хур, судзгæ цалх, йæ был ысдардта хохæй, Ныгъуыли заргæ, зилдухгæнгæ стахт. Кæсы мæм джихæй сæгуыт тулдзы къохæй, Æз та ныуазын дидинты æртах! 235
* * * Ехх, куыд хорз у рагуалдзæг цæрын Арвмæ хæстæг, уарзон Иры хæхты: Арф кæмтты æхсæрдзæнтæ нæрынц, Æврæгъты бын цæргæстæ фæтæхынц. Ды сæууон уыгæрдынты цæуыс, Дидинджытæ атыхсынц дæ къæхтыл, Фырцинæй æрра лæгау кæуыс, Ризы залмыл æхсæвы цъæх цæссыг. Мæргътæ, мæргътæ... минмырон фæндыр Скодтой дысон афтæ бæстон, афтæ, Æмæ дæ йæ зæлты ныр фæнды Стæхын уалæ стъалыбадæн арвмæ. Цыма судзы хъал фыййæутты арт, - Хæхты фæстæ пиллон калы скæсæн. Хурзæрин Фыдыбæстыл куы скæсы, Удæн уæд куыд адджын вæййы цард! 236
ФÆСТАГ НЫХАС Арын дзы мæ фыды рухс ном Цард, бæргæ дæ уарзтон бирæ, Фæлæ ды нæ уарзтай мæн. Кæд йæ номдзыд фырттæн Ирæн Се ’хсæн уый тыххæй нæ дæн. Номдзыд дæр куыд ысуыдаин, Кæд дæллаг гал уыдтæн, уæд?! Мæн зындон-цады удайын Уыд мæ карз хъысмæты мæт. Æз - дæ хуымгæнæг, дæ хосдзау, Æз дæ тыхсты бон - хæстон, Æз - дæ æрзæткъахæг, фосдзау, - Алцы арæзтон бæстон. Фæлæ мын уыдтæ фыдыус, - Цыд мæ гом зæрдæйыл дзæхст. Æмæ ныр æрцыд мæ æнус Де ’лгъаг сау ливорæй æхст. Хохы бахуыскъ вæййы суадон... Афæды æмбисыл дур... Акæны цæргæсыл сау бон... Арвыл аныгуылы Хур... Лæг ыстъалы фестæд арвыл, Иубон бастъæлдзæн уæддæр. Цæй, куыд ныууагътаид царды Де ’лгъыст сидзæр фырт фæд дæр! Искæд искæй хъыг кæд райстон, Уæд дæ ном хъахъхъæнгæ, Цард. Æз дæ сыгъдæгдзинад уарзтон, - Уымæй сыгъд мæ уды арт! 237
Дæн уарзты уалдзæгау æз хъæлдзæг, Æмбалæн равзæрста мæн дуг. Кæны гуылф-гуылф, цыма æхсæрдзæн, Æнæнцой сонт зæрдæйы туг. Æмæ уырны мæн ахæм аргьау: Рæхджы ыстъалыты æхсæн Тæхдзынæн хъазгæ, бархи маргъау, Мæ æвронг айсдзæн цин - сырх сæн. Дæн уарзты арт, æмæ чызгайæн Иæ риуы суадздзæн тау мæ зынг. Нæ дзурын уаз монцтыл чъызгæйæ: Æрдз махæн айтыгъта йæ фынг. Æфсарм - къуыхцы, нæ сæртæг дуджы Лæгæн ыстайау у йæ конд. Кæны фæлхъæзæн уарзт мæ туджы, Æрдзæй дæуæн у уый нывгонд. 238
ФЫСТÆГ МИЛАМÆ Мила, мæ уарзон куыдз, Фыстæг кæсын нæ зоныс. Фæлæ дæм æз уæддæр Ныффысдзынæн мæ сагъæс. Нæ хъæуы постхæссæг... Кæсынмæ стыр - йæ хъомыс, Æмæ йæ, о Мила, Ды уый æххуысæй бакæс. Уый раджы, раджы уыд, Лæудзæнис ма дæ зæрдыл: Нæ хæхты фосимæ Фыййау цыдыстæм иумæ, Нæ кодтон иу уысм дæр Дæ куыдз-уарзтыл дызæрдыг Æмæ-иу дын дæ сæр Æрбалхъывтон мæ риумæ. Нæ уыдзæн рох мæнæй Дæ куыдзыгъæд æнусмæ: Мæн иухатт ассæста Нæмыгдзæф сырд йæ быны. Дæ удæн тас уыди, Уæддæр ныббырстай арсмæ, - Æмæ дæ алы æхсæв Фæуынын ныр мæ фыны... Мила, мæ буц хæлар, Куыд цæуынц размæ азтæ, Æмæ цæйбæрц хуыздæр Мæ мæнг хæлæртты зонын, Фылдæрæй дын Фылдæр аргь кæнын афтæ. 239
Æмæ дæ уыдон цур Куыдз нæ, мæ дуаг хонын. Ды дæ мæ зонгæтæй Кæмæйдæрты бæрзонддæр, Æмæ æз уый тыххæй Фыссын дæумæ мæ катай. Чысыл сын бахай кæ Дæ æууæнкæй, дæ зондæй, Кæд мын нæ хъавиккой Мæ зæрдæсæрмæ фатæй... Ныббар, мæ уарзон куыдз, Фыстæг кæсын нæ зоныс, Фæлæ дæм æз уæддæр Ныффыстон ныр мæ сагъæс. Нæ постхæссæджы нын Хæларзæрдæ лæг хонынц, Æмæ-иу а фыстæг Ды уый æххуысæй бакæс. УАРДИЙЫ КЪУТÆР Æз, чи зоны, нал мысон дæу... Æви дæ мæнæй уый нæ уырны? Мæ удæн ныр хъауджыдæр нæу: Куырм дæн æз æмæ дын нæ уынын Дæ хъуымбыл дзыккутæ. Маргъ не здæхы уырдæм, хъысмæт Кæм фехæлдта уымæн йæ ахстон. Æз зонын: дæу нал ис мæ мæт. Уæддæр-иу æд уидæгтæ ма стон Нæ уардийы къутæр... 240
ХАХУЫРГÆНÆГÆН Мах ивгъуыды уарзæм нæ амондджын бонтæ. Йæ хин дæр, йæ цин дæр - æвзæрст. Фæкæсæм хатт фидæнмæ дзагъырдзаст, сонтæй: Нæ бæллиц уым мигътæй æмбæрзт. - Æнкъардæй, æгьуызæй нывæнды йæ фидæн, - Рæучи лæг мæм азым хæсдзæн. Мах дуджы æнцойæн нæ удæй кæй фидæм, Уый мурмæ нæ дары фæсдзæу. Паддзæхты фыдæхæй нæ мад-зæхх кæй ризы, Къуырма лæгæн, ацу, уый зæгъ. Уый фосау фæлхæрдтыл фырцинæй фæхизы, Йæ цард дзы фæдомы æмдзæгъд. Дзыллæты хуыздæрыл ныццæвы йæ хахуыр, Зæрдæ æмæ зондæй - уæцъæф. Хуы кувæндоны дæр нæ уадзы йæ ахуыр Æмæ дзы фæагуры цъыф. Ыстыхстысты иумæ нæ фидæны азты Дызæрдыгдзинад æмæ ’ууæнк, Сæ дыууæ дæр судзынц нæ æбæрæг уарзты, - У ахæм зæххон царды фæтк. 241
НЫХАС РÆСТÆГИМÆ Рæстæг, демæ мын ерысæй нæу: Ды æфсургъыл дæ, фистæг дæн æз. Æз нæ курын, чысыл мæм æрлæуу, Айс, фæрог кæ мæ хордзенты уæз. Уа цас уæрдоны амад фылдæр, Уыйбæрц цалхы фæд арфдæр уыдзæн. Æмæ азты мæйдары хуыздæр Дард фæндаггон йæ развæд уындзæн. Мах нæ дыууæ дæр цуанонтæ стæм. Нартмæ рагæйдæр ахæм фæтк уыд: Саг æрмардтай рæстдзæвин æхстæй, Уæд дыууæ дихы акæн дæ сырд. Уыцы кад дæр дæхицæн фæхæсс. Тæх ыстъалыйау фидæнмæ, тæх! Фæлæ бауадз мæн фидын мæ хæс, Удуæлдай куыстмæ домы нæ Зæхх. Рæстæг, дунейыл генитæ - стæм, Æмæ дугты ’хсæн нарæг у хид. Гъæйтт, куы зæгъис: «Мæ барæг ысдæ!» Уæд дæ саргъмæ нылхъивин мæхи. 242
ФÆНДÆГТÆ Ацы цъæх арвы бын Цас ис фæндæгтæ?! Чи сæ фæуыдзæн нымад?! Иу дзы Мæнгард хуыйны, Иннæ - Рæстдзинад, Аннæ та удрæвдау Кад. Иуыл дзы - арæзт Æрдуйын хид. Ахиз Ууыл, уæд - де сæфты рад. Чи дзы бырынцъаг у, Чи дзы дæрзæг у. Арвистон - фæндæгты цард. Ацы цъæх арвы бын Фæндæгтæ минтæ сты... Чи сæ фæуыдзæн нымад?! Фæлæ цы фæндагæй Хурты хур ракæсы, Твиты мæ ууыл мæ мад. 243
* * * Дун-дунеты рухс дзуæрттæ, Æз сымахæй курын, Бакæнут мын арвы дуæрттæ, Сæмбæлон уæ хурыл. Бакæнут мын арвы дуæрттæ, Фенон æз мæ цæстæй: Цавæр хуын ис Иры дзуæрттæм, Фидæны цъæх бæстæн: Бадынц уым цыты бандоныл Дзыллæты тæрхоны, Æви нæу сæ цард фæндоныл, Дæлдæртæй сæ хонынц? Дун-дунеты рухс дзуæрттæ, Æз сымахмæ кувын: Бакæнут нын арвы дуæрттæ, Сæмбæлæм уæ хурыл.
Р^ЕСТÆГ Тæхы, тæхы... Дымгæ-æфсургъы барцыл Ныддæвдæг дæн, фæстæмæ йыл хæцын. Мæн сисдзæн тагъд æлгъаг мæлæт йæ арцыл, Мæн батухдзæн йæ сау уазал кæрцы. Æдзæмы тар ныббæзджын уыдзæн афтæ, Цыма нæ цардтæн ацы зæххыл æз, Чындзæхсæвты-иу не сгуыхтæн мæ кафтæй, Йæ зарæг мын изæр нæ кодта æрдз!.. Цыма нæ сыгъд ыстъалыджын цъæх арты Мæ уарзаг уд, куы-иу ыскасти мæй, Нæ мардтæн æз Сæрыстыр лæджы бартыл, Нæ радтæн æз Ирыстоны фæрнæй!.. Æппæт дæр уыд: мæ уарзты зынгæй Ирæн Фæндыди мæн ныррухс кæнын йæ бон... Кæд уыд æцæг фæлывдхъæлæс мæ лирæ, Мæ рыст удыл уæд сагъуыйæд фæсмон. Цыдтæ нырмæ дæлдзиныгæй, мæ Хъуыды, Æууæрста дæ йæ къæхты бын фыдлæг. Фæдысмуд куыдзау уый зылди дæ фæдыл, Æмæ уыдтæ йæ азарæй куынæг. Æмбæхстой дæ ныккæнды бын хъуынайы, Дæ дзых уыд хуыд, цыма уыдтæ фырнымд. Нымадтой дæ, къæрцхт^суæвгæ, къуырмайыл, Нымадтой дæ, цæстд^ уæвгæ, куырмыл. 245
О, чи зоны, нæ цъуттавæрд фыдазты Дæ цал рæсугъд æрттывд æрцыд мынæг! Кæм нымайынц фыдгæнæг лæджы растыл, Фыдгæнæг у уым курдиатджын лæг. Фыдлæг æмæ фыдбон нæ хæссынц бирæ: Æрцыди та зæронд æмбисонд ног. Уæлахиз уæд сæрыстыр, бархи Лирæ! Рæстдзинад, уæд æнусвидар дæ цонг! РОХ ХЪÆУУАТЫ Цыд ам къахвæндаг, суадоны тагау, Хъæуæй коммæ йыл зарджытæ хъуыст. Уый уыд иу чызджы рагбонты аргъау, Уый йæ бæгъæмвад къæхтæй уыд фыст. Ууыл агурын дидингъуыз фæдтæ, Фæлæ лывзæджы стыхсын æрмæст. Ам лæппуйы æхсызгондæр фæндтæй Æз мæ рагбонты уыдтæн æфсæст. Ныр ам кæрдæджы цъыр-цъыраг зары, Æмæ стъалы цъæх арвыл тæхы, Сауцъиу базары æхсæвы тары, - Цыма ницы æрцыди зæххыл. 246
ОДÆ ГАЛТÆН Арын дзы мæ фыды фыды ном Зонын, Худдзысты Урскъух Магуса хъалтæ, Махмæ Æлгъгæнгæ Кæсдзысты бæрзондæй. Æз пъа кæнын Уæ хъоппæг цæстытæн, мæ галтæ. Æвзæрди Уæ хиды æртæхтæй Сырх мæнæуы гонтæ. Зæхх лæууыдис Зæхкусæгыл æмæ сымахыл. Сойбын саумæр, Уæйгуытау, Фæлдæхтат дыдагъæй. Хур ныл-иу Хуымы ыскасти, Хуымы ныл ахызти рагъæй. Иумæ хастам Æнæхъæн паддзахад. Хъæдæй иумæ цыдыстæм Æххормагæй, Уазалæй, Æмæ дардтам Паддзахæн Йæ галуан хъармæй. 247
Фæлæ басыгъд йæ сæр Нæ тухи, Нæ азарæй. Æмæ аскъуыд йæ цард Нæ залыйаг калмæн. О мæ галтæ, - Мæ хъоппæгцæст, уарзон сырх галтæ, Уемæ æмбастæн У мæ зæрдæ сыфцытæ. Уадз хæссæнт нæм сæ фаутæ Нæ магуса хъалтæ. Сымах уыдыстут Нæ хохаг хæдзары ныфсытæ.
КУРДИАТ Хурзæрин, Дæ хъарм тынтæй мын - хай: Хуымонтæн Зæлдаг хæдæттæ уафон. Мигъвадыг, Дæ цæссыгтæй мын ратт: Быдыртыл Фæлмæн æртæхтæй кафон. Цъити хох, Суадæтты зæд дæ, Фестын мæ кæн Саугагуы суадон: Сусæны Фæллад фæндаггонтæн, Чи зоны, Сæ дойны æз ысуадзон. Булæмæргъ, Ды зарæджы фарн дæ, Авæр-ма мæм Иу райсом дæ уадындз, Бавæрон дзы Зæрдæйы фæндтæ, Дунемæ сæ Урс бæлæттау уадзон. 249
* * V? Ацы горæт æдзæрæг у ныр. Дæу фæласы йæ хъæлæсы уадæг. Ацы горæт нындзыг и, ныммыр: Дæу фæласы йæ хъæлæсы уадæг. Зæрдæ риуы ыскатай, хъæрзы. Ацы горæт æнæ дæу куыд уыдзæн? Дымгæ вагзалы перрон мæрзы Æмæ уафы ныфсытæ мæ куыдзæн. Ацы горæтмæ нал кæсы хур. Мысдзæн джихæй дæ къахдзæфтæ уынг дæр. Ацы горæты алцы ныддур, Тарæн хъары йæ тæригъæд уыг дæр. Афтид вагзалы джиуы нæ куыдз, Тард къæбысау дæ фæдыл фæкæуы... Уæд куыд цæра дæ фæстæ уый, куыд, Ацы горæтæй лидзын кæй хъæуы? 250
ДЫМЫСДÆР ДЗЫРДТÆ Урс гæххæтт - мæ разы. Сис йæ сæрмæ бандзык Хаудзæнис æм азым, Дзырд куы нæ уа фарндзыд. Фæлæ мæнæ диссап Дзырдтæ - хъомпал сæры. Иутæ - хи æвдисæг, Дайрайау - сæ нæрын. Сисы фындзыл бадынц, Афтæмæй мæм хатынц: «Махæй фысс дæ монцтæ Æмæ уой фæлгонцтæ». Хиппæлойты зонын, Царды сæ сæр разылд. Алæууынц сæ зоныг Хицæуттæн сæ разы. Фарн сæ нæй, уæддæр та: - Зонæм хорз æлвисын,- Алыварс, уæдæрттау, Зилынц, хи æвдисынц. Фæлæ арфдæр уды Иу къуымы тæмæнтæ Калынц æмæ худынц Стъалыйау æндæртæ. Уыдоныл æууæндын Æз мæ цин, мæ монцтæ. Уыдонæй нывæндын Мæн фæнды фæлгонцтæ. 251
МАРГЪТÆХÆНТЫ Кæм кæны урс æхсæрдзæн хъæр, Тызмæгæй арф комы кæм бырсы, Кæм хизы сычъиты дзуг сæрд, Гъе уым, хæххон æрдзы хъæбысы, Æзфедтон иу фæззыгон бон Гуырвидауц базырсаст зырнæджы. Ыстæхын нал уыдис йæ бон, Уый бадти сау хохы сынæгыл. Йæ мæт йæ зæрдæйы ысцад, Йæ цæст-иу арвгæрæтты хаста. Цы у æнæбазырæй цар.д? - Зынди йæ урс даргъ къубал фарстау. Ыстæй зæрин æврæгъты ’мсæр Æрткъуымон зонгæ бал фæцæйтахт, Æваст фæхъил кодта йæ сæр, Ныззæлыд сау комы йæ цъæхахст, Ыстылдта базыртæ, хæрдмæ Йæхи йæ сонтыбонтау фехста, Фæлæ зæрдæхалæн хъæрмæ Йæ хъысмæт сау къуырма дур фестад... Кæм кæны урс æхсæрдзæн тагъд, Кæм ласы бур сыфтæртæ уаргъæн, Гъе уым йæ æртгъуыз туг фæтагъд Цъæх арвы уарзон хъæбул - маргъæн. Æмæ мæ зæрдæйы æвзæрд Фæсмон, æрхæндæг æмæ катай... Мыййаг, зырнæг кæд уыд мæ сæрд, Æмæ йæ фæззæг бахста фатæй. 252
ФЫСТÆГ ÆНАМÆ Æна, зæгъыс: - Ныууадз, хъæбул, дæ фыссын, Æрцу хъæмæ, фæрог мын кæн мæ куыстаг, Изæр-иу хæсс кæрдæджытæ нæ фысæн, Дæ мадмæ хъус, кæддæр-иу æм куыд хъуыстай. Нæ сыхы ис хъæубæстыаргъ чызджытæ... Ис алцыдæр чындзæхсæвы фаг махмæ. У амондæн йæ ратæдзæн сыджытæй, Æрцу, цæрдзыстæм амондджынæй мах дæр. - Бæргæ, æна, куы ныууадзин мæ фыссын, Цы уаид, цы, рæсугъддæр амонд уымæй: Хæссин та ног кæрдæджытæ нæ фысæн Изæрыгæтты хъæуы фæстæ хуымæй. Рæвдауид мæн хъæууон райсом сæуæхсид, Æмæ мæ уд зæххон низтæй нæ риссид. Фæлæ цæргæс йæ ахстонæй куы стæхы, Куы фены арв, уæд нал вæййы уый разы Къуындæг цардæй, нæ йæ фæнды ыздæхын Йæ ахстонмæ. Уый тымыгътимæ хъазы. Уый уад-зынджы фæлтæры æмæ рæзы! 253
ДЗЕРАССÆ Бастъæла мын уыцы æхсæв, Уастæн, Гом рудзынгæй бæласдонмæ Кастæ. Пух дзыккутæй сатæг уддзæф Хъазыд, Буц сагъæсты ме ’взонджы сæр Разылд. Сау цæстытæ стъалытау - Цæхæртæ, Ацу æмæ ма ссудзæд Дæ зæрдæ! Рудзынджы бын лæппутæ - Цæргæстæ, Хъазыдысты ерысæй Дæ цæстмæ. Агуырдтой сæ бæллицты Дæ хорзæх, Иуы дзы нæ равзæрстай Ды хорзæн. Састзæрдæ, уæнтæхъилæй Цыдысты, Никæмæн сæ баххуыс дæ Йæ тыхсты.
Иу изæр та, уаих фæуай, Уастæн, Гом рудзынгæй бæласдонмæ Кастæ. Ног сæ амонд лæппутæ Æвзæрстой. Æмæ сæ дæ мойаджы Æвзæрстай. Алчидæр дзырдта: «Дæ уарзтæй Судзын». - Фæлæ сыл ды рахгæдтай Дæ рудзынг. Æмæ дæм æмхъæлæсæй Ыскуывтой, Æмæ дæ æмзæрдæйæ Æркуырдтой: - Ракæс нæм, дæ хорзæхæй, Дзерассæ, - Махæй иуы къайæн равзар Ахсæв. Рудзынг фегом, фелвæстай Дæ хъусцæг. Æмæ загътай: «Алчи дæр уæ Хъусæд. Чи йæ ссара, чи йæ ’рхæсса Раздæр, Уый уыдзæн мæ сонт зæрдæйæн Уаздæр». - 255
Уыйфæстæ йæ ахæм тыхæй Фехстай, Æмæ уалæ арвы къусчы Фестад. Ныр дæ хъусцæг арвы дзыхъхъы Хъазы. Ехх, тæхуды, авæр уый Дæ разы!.. БЫДЗÆУ Лæг тутийау хатгай Æндæрты фæзмы. Кæлæн æмæ хинæн Фæлæууы быцæу. Æрмахуыр къæбысау Рæстудыл рæйы. Фæхонынц æй гъеуæд Æмгæрттæ быдзæу. Цы гал ын ныллæууы Йæ уæлфадыл, цы?! - Дæлимонты аджы Иæ хъысмæт фыцы. Ды райгуырдтæ абон. Дæ мæлæт у сом. Гъæтт, хъахъхъæ дæ амонд! Æркæн-ма фæсмон! 256
ИРОН ЗАРÆГ Æз æууæндын дæуыл: Ды мæрдтæй дæр ыздахыс. Уд цы ’взагыл лæууы, Уый мын сæфынæй бахиз! Æви нал дæ æрвон, Артæй нал у дæ зæрдæ? Уысм нæ уагътой æвронг Мæн дæ алæмæт зæлтæ. Æз цы хъал уыдтæн уæд, Ды куы зæлыдтæ рындзæй. Уды стъалыйау фæд Уагътай, хъуыста дæм æрдз дæр. Ау, ысдæ мын ныр ды Адджын мысинаг? Ивгъуыд? Йе мыдамæзт мырты Фæндыр нал у хæрзифтыгъд? Æз æууæндын дæуыл: Ды мæрдтæй дæр ыздахыс. Уд цы ’взагыл лæууы, Уый мын сафынæй бахиз. 9 Уалыты Лгврент 257
Æфхæрд уды куы ’рцæуы революци, Фæзонынц уæд бæрзбæлæстæ дæр зарын. Кæд фидæны æртхуыз амондæй ницы и, Уæд бахъæуы зындзинæдтæ æвзарын. Æз боныцъæхтыл дард балцы фæраст дæн, Сæуæхсиды рухс рахастон мæ зæрды. Ис балцвæндагыл цин дæр æмæ маст дæр, Æмæ æууæндын, буц уалдзæгау, сæрдыл. Уадз ниуæд уад! Нæргæ уадмæ æхсидын Мæ фыдæлтау, цыбæл зæрдæйæ уарзын. Куы ’рхауын æз, æххуысмæ уæд нæ сидын: Цæргæсы монц - фыдтымыгътæн фæразын. Мæ цардамонд, лæгъз фæндæгтыл мæ ма сай, Фæлæ мын ратт дæ зын æмæ дæ артæй, Цæмæй мын сом æлгъыстаджы сæр ма суай, - Фылдæр нæ домын а дунейыл цардæй. Лæджы уды куы ’рцæуы революци, Æркæсы хур йæ бæллицты æвзарыл. Мæ цъæх цæстыты тар æхсæвæй ницы и, Мæ зæрдæ домы боныцъæхтыл зарын. 258
ГЪЕ, УАСТЫРДЖИ Кæд исчи араст Фыды къæсæрæй балцы Æмæ фæндаджы хъизæмæртты бахсыст, Фæхæст ис уый нæртон æфсургъы барцыл, Æмæ йын кæд æнусты сæрты бантыст Фæстагæттæм йæ уддзырагъ фæхæссын, - Гъе, ]Уастырджи, фæхай мын кæ йæ фарнæй! Куырдалæгон, дæ куырдадзы мæ бахсид: Парнасы цъуппæй раскъæфон зынг дугæн. Дæ хæрзиуæг дын фиддзынæн мæ тугæй. Мыййаг дын æз нæдæр тохмæ нæ цæуын Цæхæрзæрдæ Хæмыцы фырт Батрадзæй. Æгас дуне - мæ хæцæн фæз, мæ разæй Æрдзæ-æрдзæ нæртон æфсад фæбырсы, Æмæ сæ хъуамæ райсон æз мæ уацар. Гуыппырсартæ куы цыдысты ыстæры, Дæ арфæ сыл æфтыдтай уæд, Сатана, Уыдзæн мæ балц æгæндæг хъæды, тары Ыскæсæнмæ, мæлгъæвзæгты бæстæмæ. Æрдуйын хидыл хиздзынæн, уæддæр мын Ыздæхæн нæй, тæппуд фыртау, фæстæмæ. Æмæ мын ракæ балцы размæ арфæ! Бæсты фарн æмæ Нарты цыт, Ацæмæз, Мæн хъизæмæрттыл бафтаудзæн дæ уадындз, Фæлæ æнæ уый судздзынæн зындоны Æмæ цæуын йæ агурæг ысбоныл. 259
РУХСХÆССÆГ Дзанайты Аллæйæн йæ хорз куысты тыххæй æрæджы лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы иумæйаг ахуырады Кады майдан. Ацы арвы бын Хурæй Уæнт дæ хъæбултæ ’фсæст, Ды дæхæдæг дæр хур дæ - Мады фарнæй æххæст. Рох - æвдадзыхос удтæн, Маст дыл ма кæнæд тых. Ахæм саулагьз рæсугъдтæ Сты Хуыцауы æмдых. Дæу цы Сфæлдисæг радта, - У зæрдæрай дæуæй. Мады-Майрæмау мад дæ, Цæр дæ цотæн фæрнæй. Ис мæ зæрдæ, мæ удмæ Рухсхæсджытæ дзæвгар, Уым æрцардтæ рæсугъдæй, Уым ис де ’взонджы кар. Ацы арвы бын хурæй Уæнт дæ хъæбултæ ’фсæст, Ды дæхæдæг дæр хур дæ - Мады фарнæй æххæст. 260
ХÆЛÆРТТÆМ «Рæстдзинад у мæ кувæндон, Хуыцау!» - Æз хъусын арæх бирæтæй, æрмæст, Йæ мæсыгмæ сæ чи цæуы хуындзау, Гъе уыдоныл нæ хæст кæны мæ цæст. Йæхи рæстдзинад алкæмæ дæр ис: Уыны: йæ цуры раст лæджы фæмарынц, Фæлæ ма йæ кæндзæни уый дæр цъист. Ыстæй ма уæд рæстдзинадыл фæзары. Зæлдаг цъæх нæу рæстдзинад хоны хъуг Æмæ йыл хизы алæбон фæрнæй. Дуг ахæм у - куынæ дзы тадзай туг, Уæд дзы рæстдзинад бадомæн дæр нæй. Мæ хæлæрттæ, поэттæ кæд ыстут, Уæд иу къухы æнгуылдзтау иумæ - тохмæ! Тæхуды ’мæ Рæстдзинады ыстул Зæрин уæрдоны æппæты стырдæр хохмæ! Рæстдзинадæн нæй иунæгæй ыссарæн: Æрцыд æхцайæ зæрдæты куынæг. Куы йыл кæна рæстты рæстагдæр зарæг, Уæд ын хъæуы милуангæйттæй хъырнæг. Цы лæг агура иунæгæй Рæстдзинад, Уый æррадонмæ ма кгенæд фæстиат! 261
ЗАРÆДЖЫ ФАРН Сахуыр мæ кæн, айнæг дур, быхсын, Ратт-ма мын дæ удвидар мæ удæн: Дун-дунейы сау тыхтæй тыхсын, Æмæ зæрдæ арæх риуы дуды. Урс æхсæрдзæн, сахуыр мæ кæн худын, Хурвæндæгтыл ’нæмæтæй тындзон. Сау адæмы сау фыдгæндтæй цудын Æмæ арæх нал вæййын æрдзон. Уалдзыгон Хур, сахуыр мæ кæн тавын, - Æрдзæй уый лæгæн куы у йæ хæс. Æз, мыййаг, куы фæцахуыр уон давын, Уæд, Хуыцау, мæ тæригъæд фæхæсс! Лæгтыдзуар, балцы у мæ рахиз, Науæд æз Батырадз дæн - нæртон... Хурзæрдæ куыннæ кæна уæлахиз, - Ехсæй дыл æруайдзынæн бæстон. Зарæджы Фарн, хонын дæу мæ дзуар, Ды мæ балцы фæндагæн йæ сæр дæ. Байгом мын кæн аивадмæ дуар, ’Ез дæ зæлты бавæрон мæ зæрдæ. 262
ÆНАФОНЫ ФЕМБÆЛД Ызмæлыд фæззæг хъæды таджы, Йæ зæрин мин хъæлæстæй зарыд. Дæуыл уым сæмбæлдтæн æрæджы, Кæддæр мыл дидинæг кæм уарыд. Нæ .ивгъуыд зæрдæйы æрыгас, Фæсмойнаг æндæрг дзы куыдта. - Æгайтма сæрæгас дæ, сæрæгас! - Мæныл ныттыхсгæйæ дзырдтай. Дæ фæллад цæстыты нуæрст зынг Дымгæйы басхъаудау фæрухс. Мæнмæ дæ фæндаг уыд æгæр зын: Дæ сау хъуымбыл дзыкку фæурс. Æз та зæронд бæласау - калцæг, Мæ зæрдæ цъитийау фæсалд. Мæнмæ ныр нал раздæхдзæн уалдзæг, Фæкъул тæбæгъы дог ау цард. Уæддæр фæлдæхт бæлас куыд уадза Фæстаг хæрзбоны бон сыфтæр, Гъе афтæ у нæ цины мадзал: Мæнг сыфтæр рафтыдтон æз дæр! 263
ÆФСЫМÆРТЫ КУЫВД Дæн ахсæв буц сагъæсты уацар, Мæ уд ыстъалытæм тæхы. Ирыстон, исты-ма мын азар Дæ фарны амондджын зæххыл. Зæгъ мын, цы фæндæгтыл æрцыдтæ Хæлар æфсымæрты куывдмæ? Дæ развæд гæрстай кард, æрцытæй, Зылдтæ кæд тасы бон фыдмæ? Фынддæс æфсымарæн сæ куывды, Мыййаг, æцæгæлон кæд дæ? Амин зæгъ хистæртæн сæ куывдыл ’Мæ дзур дæ ивгъуыды фæдтæ. Зæрдæрай тохты бон Æвдыстмæ Цы у дæ хæрзиуæг дæуæн? Æви æмгæртты ’хсæн æлгъыст дæ? Æви дæ хæрзтæн нæй фæуæн? Æз зонын, цæргæстæ зын уады Тæссæй нæ бафснайынц сæ сæр. Уырны мæ, бавзæрстай дæ рады, Цы балц у хох æмæ къæсæр. Фæлæ фæстагæттæ нæ зонынц, Цы у æрдуйын хид, æлдар, Лæджы царм балбирæгътау тонын, Цагъар, дæлдзиныг цард, æбар. 264
Ирыстон - удæнцойы уалдзæг, Мæ тохы сæр æмæ мæ мæт. Цæхæр тъымы-тъыматæм калдзæн, Хæсдзæнис йе знæгтæн мæлæт. Дæн ахсæв буц сагъæсты уацар, Мæ риуы - амонды æвзар. Ирыстон, ивгъуыдыл мын ма зар, Ирыстон, фидæныл мын зар.
ÆНÆ МОЙÆ ЧИ БАЗЗАД, УЫЦЫ РÆСУГЪДÆН Рæсугъддæр чызджытæй нæ уыд, Æдзухдæр йе ’взагыл мыд хаста. Хуыдтой йæ йе ’мгæрттæ «сæ уд», - Кæрæдзийыл сæ афтæ баста. Йæ рацыд мин чызджы аргъ уыд, Цыма сæуæхсид каст йæ рустæй. Æмæ, кæмфæнды-иу лæууыд, Æмбырдтæ кодтам мах йæ рухсмæ. Фæлæ хъысмæт кæм нæу фæлывд, Йæ амонд амæндтимæ не сиу: Æнæлаз удæй уый фæлыгъд, Æмæ йæ ничи схуыдта йе ’хсин. Йæхицæй рухсдæрты Хуыцау, Зæгъынц, йæ дæлбазыр нæ уадзы. Æмæ дæ уый тыххæй, бецау, Æппæтысфæлдисæг нæ уарзы. 266
ТУАЛЛАГ ЧЫЗГ Куыннæ ис хорз чызджытæ ирмæ, Зæрдæйæ рухс æмæ сыгъдæг?! Уæдæ кæмæн дзуры мæ лирæ Йæ хъусы аивæй сындæг?! Нæртон Сатанайау рæдауыл Æрцыдтæ мах æхсæн нымад, Дæ иунæг фæзынд нæ рæвдауы, Цыма нæ хо дæ йе нæ мад. Ыскифтæй рахастай дæ фидыц, Хæххон суадонæй - дæ уд. Æмæ дæ бæсты хорзæх фидыс Рæстæй, æнæдамæй, рæсугъд. Нæ буц хо Дзаниан, нæ ирæн Дæ хуызæн чызджытæ уæд бирæ! 267
ÆУУÆНД, МÆ ХО Будайты Милусяйæн Æрфынæй бон изæрмилты уæрагыл, Æбæрæг уарзт нæ уадзы дæу рæхцын. Ис, чи зоны, дæ уды хай фæндагыл. Æууæнд, мæ хо, зындзæни дæм рæхджы. Ныфс махæн у нæ цардамонд, нæ мæсыг, Дзæгъæл удæн фæндагамон цырагъ. Ныссæрф, мæ хо, дæ налхъуытфæрдыг цæссыг, Цыфæнды уа, уæддæр у цард зынаргъ. Фæлтау ыл зар, фæнда дæ йе нæ фæнда: Йæ зæлты йæм дæ уарзт тæха фæдис... Кæд ракæнид дæуыл, чызгай, йæ фæндаг, Фæрогдæр кæнид иучысыл дæ рис. Фæлæ кæд уый дæ сусæг куывд нæ хъуса, Уæд афтæ зар, куыд зары арвыл зæд. Уадз зæрæгæй йæ сонт зæрдæ ныррухс уа, Æмæ дæ амонд агурдзæни, уæд. 268
ДЫДЗÆСГОМ ХЪАН Поэмæ Арын дзы, Ирыстоны хæстыты чи фæмард, уыдоны рухс ном 1 Хæрзсындæг арвы цъæхты тулы Хъуырауы царвæвдылдæй мæй, Йæ цæст уæздан чызгау ныкъулы Ыстъалы авд арвы фæлмæй. Лæууы хæрзæг дуне æдзæмæй. Кæм ис фыдæх кæнæ ызнаг! Дæ удыл ивылы дзæм-дзæмау Æвзист ыстъалыты зыланг, Æмæ тæмæнкал арвы тыгъды Дæ уаз рæу бæллицты тæхыс, Ысдæ Хуыцауæмсæр, йæ тыргъы Дæ сæнтты зæдтимæ цæрыс! Æмæ æууæндыс ды: бæгуыдæр, Уæлдай нæу а зæххыл нæ цард, Æнустæм байрох дæ мæлæтæй, Мæнгард дæр нал сæтты йæ ард. Дæ цырд æрмынæг ис, нæ зоныс, Кæд быры амæттагмæ сырд, Кæд кæны уый æмбырд йæ хъомыс, Кæд дæ ныссадздзæн марг ыссыр! 269
Хæлар, тæрс æхсæвы æдзæмæй: Адзал у ахæм уысм хъуызаг. Ысласта кард йæ сау кæрддзæмæй Дæ сыхаг маргзæрдæ ызнаг. Бæстон æй дойнаг дурыл дауы, Кæд у сæрдасæнау, уæддæр, Цæмæй, кæуыл сахуыр хуым тауын, Хуым кæнын гамхуды кæддæр, Цæмæй йæ ахуырады рухсмæ Йæ фæдыл чи ласта сыфцæй, Гъе уый рæсугъд цæуæт æнусмæ Дзыназой, байсæфой зæфцæй. Цæмæй ысбара уый йæ кардæй Ирон уæздан зæрдæйы арф, Цæмæй фæцудæм не стыр кадæй, Æмæ ныл ракæла нæ арв. Цæмæй нæ сахъ туджы пырхæнтæй Йæ хæлæг зæрдæ уа æфсæст, Цæмæй нæ хъæстæ уа æрхæндæг, Æдзух йæ къæхты бын ыссæст. Цæмæй йын, чи хызта йæ бæстæ Фыдгултæй, уыдон сагсур цот Цæуой куынæг æнæмсæр хæсты, - Присы ’рцарæзта йæ дзот. Уый зоны, астæуккаг æнусты Нæ фыдæл уымæн уыд паддзах, Æппæрста гуырдзыйыл йæ рухс тын, Сæ хъул нæ фарнæй бадти сах! 270
Æфтыдта дидинæг Гуырдзыстон: Нæ хæстон кард ын хаста кад, Ныгуылд йæ сæрвæлтау Ирыстон, Ысихсыд, цудыдта нæ Мад. Æмæ йæ зæрдæ ради куыдзæн Аланты куынæгыл, ай-гъай: Æнæлæг бæстæ у æгуыдзæг, Æмæ нæ зæхх уыдзæн йæ хай! II Уæдæй фæндзай æнусы рацыд: Ыскъиф, мæ дард фыдæл, фæцыд Æцæгæлон бæстæмæ балцы, Фæфос кæныныл дзы хæцыд. Сæ тохы фатдзæгъдæг куы систой, Ыстæй сæ кæрдтæй та кæрдын, Æнæаххос бæстæ куы систой, Уæд уым хуымгæнæджы кæрты Кæйдæр дзæгъæл фатæй æрбатар Хъуымызбыл сабийæн йæ хур. Æрбадти марды раз хъæбатыр, Æмæ йæ зынгзæрдæ ныддур. Цы кусæм ай! Нæхи, нæ хъæстæ Куы кæнæм сонт сырдау куынæг! Фæсхæст ма чи цæрдзæн нæ фæстæ, - Зæххыл куы нæ баззайа лæг! Цæудзæни фидисæн нæ фæстæ: «Ыскъиф у сабихор, æлгъаг!» Цæуæм æнæ мулкæй нæ бæстæм: Фæуæлахиз ныл ис ызнаг! - 271
Ыстæй мæрдджын усы раз зоныг Æрхауди дурвидар хæстон. Кæй фат у, уый фæтæг нæ зоны, Фæлæ у фат йæ иубæстон... Хатыр куы ракуырдта, уæд бардзыл Йæ цæст нæма фæци уым хаст, Тызмæгæй афтæ радта бардзырд: Фыццаг хатт фестæм тохы саст! Æмæ цы фос байстам ыстæры, Фæстæмæ уый хъæуы ыстæрын! Ыскæнут мæрдджынæн æгъдау, Чысыл фæрогдæр уа нæ фау! Æмæ ма сонт сабийæн хæсты Кæй фатæй аскъуыйа йæ цард, Уыдзæн уæйгæнæг уый нæ цæсты, Цæудзæн æхсæны дурæй мард! III Хуыцауысконд ирон æууæнкæн Кæны Хуыцауы æмсæр кад, Йæ уæздан туджы ис лæггад, Фæлæ йын гадзрахат у уæнгæл. Нæ Ир йæ роны калм фæхаста, Мыд ын нæ кодта ’нæ уый ад. Йæ дзыхæй йын æппын нæ ласта Йæ дзидзи урссæр хæхты Мад. Фæлæ хæрзгæнæг хорз кæм ары?! Йæхиуыл фервæссыд, фæхъал. Уый сахуыр сусæгæй лæг марын, Ысзынд кæфхъуындарау нæ хъан. 272
Йæ кард æрсагъта сау кæрддзæмы, Æрбаста автомат бæстон Æмæ мæнгард мæйдар æдзæмы Ысбадти танкæйы хæстон. Ныр уæртæ цæлхытыл фæласы Адзал Ирыстонæн ызнап Куы уый гуырдзиаджы хуыз райсы, Куы та у хъулгъайаг æлгъаг. Куы уый Цæгаты сабыр хъæумæ, Цыма йæм ам кæсынц æнхъæлмæ, Дыккаг фынафонты бырсы Æмæ кæны æппæт бынсыгъд. Куы та нæ хуссайраг хæдзарыл, Кæм узы сабийы йæ мад, Цъæх арт дæлимонау æндзары, Æмæ мæлæт хæссы йæ кард! Цæгъды - зæронд ус уа, сывæллон - Нæ кæны мисхал дæр хатыр, Цæгъды, æфтауы арт æвæлмон, Хъæуи-хъæу агъуыд куыдз хæты. Нырмæ Кавказы урссæр хæхты Цы нæ сырдон ми федта цæст, Гъе уый гуырдзиаг-хъулгъаг къæхтыл Æрхаста Иры дзыхъмæ хæст. Зæххыл цыдæриддæр хæстытæ Уыди æлгъагдæртæ, уым мард Нæ цыд æмæ æнæ цæстытæй Нæ баззад иунæджы дæр Мад! 273
Фæлæ нæ дыдзæсгом ызнагæн Сылы цæст къахын у æнтыст, Кавказ æй зоны ныр æлгъагæй Æмæ йæ ном хуыйны Æлгъыст! IV Цæгатæй Хуссармæ æрхъула Чысыл Ирыстоныл ызнаг. Тæппуд гуырдзиаг æмæ хъулгъа Ыссардтой иумæйаг æвзаг. Куы ныл сæ хахуырты зæй уагътой, Куы та сæ танкæтæй цæхæр. Сæ марг сæ уæздæтты дæр уагътой, Цæмæй уой уыдон дæр сæлхæр. Хъæддаг, ыстигъæг æмæ марой, Фæзмой сæ сылмарæг куырдты, Кæной нæ буц мадæлтæ марой Сæ хъæбатыр зынгхуыст фырттыл! Цæхæр Æрфæныфæдау рагæй Тæлмæй кæмæн баззад йæ фæд, Æфсарм, Æхсар, йæ рæсугъд уагæй Кæй фæзмыдтой дзыллæтæ уæд. Фылдæр кæй кой кодтой Хуыцауæй Æмæ кæй фыдæхæй тарст лæг, Тæссаг кæй фарнæн нæу ныссауæй Хуыцау кæмæн кодта хæлæг Йæ тых, йæ фидауцмæ, йæ кадмæ, - Ьктæм мах уыдоны хъæстæ. Мах сонтæй не ’вналæм нæ кардмæ, Нæ бæллæм тугкалæн хæстмæ. 274
Сырдау нæ уарзæм мах лæбурын, Хъуызын, гадзрахат ном хæссын: Ирон йæ уæзданæй æмбулы, Æрмæстдæр фидисæй тæрсы! Фæлæ йæ рæсугъд бæстæ уарзын Фыдæлтæй уымæн у фæдзæхст, Æмæ нæм иу тæппуд нæ разынд - Дыууæрдыгæй куы стынг и æхст! Йæ райгуырæн бæстæйы сæрыл Цы нæ ирон райсдзæн мæлæт! Йæ райгуырæн бæстæйы сæрыл Мæлæт иронæн у дзæнæт! Ирон кæд нæ уыди æвдудон?! Хæстон йæ номæй ард хæры. Кæд уыд ызнаджы уд æвдиудон, Кæд æм йæ ныфс нæ хаста рын, Уæддæр ирон лæппу йæ риуæй Фыдыбæстæн ыскодта уарт. Уыдис уый фидардæр Хъæриуæй Æмæ ныххуыссын кодта арт! Фæлæ æдзух фæсхæст æхсæв дæр Мæн мары хъизæмарæй фарст: Куыд рауад уый, мæ бæсты сæрдар, Æмæ ныл саутæ скæна маст?! Цæмæн æрбауæндыди хъулгъа! Куыд нæм ысуагъта уый йæ дзых! Æви йæхи æнхъæлдта бугъа, Ироны та тæппуд, æдых?! 275
Æви нæ хъуыста уый: хæцаг гал Йæ сыкъа асæтты хæсты; Æви нæ зыдта уыцы сау калм, Йæхи кæй бафтаудзæн цæсты?! Æнхъæл уыди, æмæ йын дзуттаг Йæ хахуыртæй ыскæндзæн цыт, Æвæрд уыдзæн нæ дзыхыл цъутта Æмæ нæ комдзысты æдзыт. Рæстдзинад балхæндзæн æхцайæ Æмæ уыдзæн йæ кардæй хызт. Уый нал тарст мастисæг Хуыцауæй, Æмæ дзы калмау у æлгъыст. Фæлæ уæддæр, уæддæр кæй ронæй Ысхылд ыздыхсгæ маргджын калм? Дзырдтам: «Мæ хæдзар ис кæронæй», - Нæ иумæйаг хæдзар куы калд. Æндæр уæйгæнæгæн куыд барстам, Нæ бæсты хæзнатæ ’мæ кад Æхцайыл кобрæтæн куы уæрста? Кæм уыд нæ Рæстдзинады кард? Æви нæ зыдтам мах, нæ фæстæ Кæй уыдзæн кæстæртæн тæссаг, Кæй нын æрдомдзысты нæ бæстæ, Кæй вæййы ифтыгъд топп æхсаг! Зыдтам, ай-гъай, фæлæ сæндæтты Нызтам æнæмæты къæрта, Æмæ Ирыстоны сæрдæртты Йæ цагъар бакодта гæртам. 276
Зыдтам, нæ гæлдæрджын æлдæрттæ Сæ уарзт нæ бæстæн у фæлахс: Хæст у! - Дæ хæдтулгæ уæрдæттæй Дæ мулк æндæр бæстæм фæлас. Зыдтам, гæртамисæг æлдарæн, Козбауæн, давæгæн кæд уыд Зынаргъ Фыдыбæстæ, йæ арæн!? Цы бæстыл сау туджы мæцыд? Нæ бацыд хицауы фырт хæсты, Нæдæр артист, нæдæр фыссæг. Æмæ цы уой хъуамæ цæсты?! Сæ зонд, сæ удыхъæд ныссæг. Фæлæ хуымæтæджы къæй-лæппу, Фыдæлты фарнамондхæссæг, Домбайау йе знагмæ кæй гæпп у - Æхсæв дæр нал зыдта хуыссæг. Йæ риуæй Иры зæхх æмбæрзта, Цыма йæ уарзон мад уыди. Аланты байзæддаг æмбæрста: Нæ зæхх - нæ Хуыцау æмæ дин. Фыдгулы нæмыг ыл куы хæлди, Куы-иу фæцудыдта, æрмæст Йæхи æмбæрц уæд размæ хауди, Æмæ Фыдызæхх уыд æмбæрзт. Æдзард хъæбатыртнл кæд ныр Нæ зæхх, нæ хотæ <~аутæ дарынц, Уæддæр ныййазæл Ъæндыр, Æмæ ирон лæпп^ зарынц.
V Хæрз сындæг арвы цъæхы тулы Хъуырауы царæвдылдæй мæй, Йæ цæст уæздан чызгау ныкъулы Ыстъалы авд арвы фæлмæй. Лæууы хæрзæг дуне æдзæмау. Кæм ис фыдæх?! Кæм ис ызнаг?! Уæларвæй ивылы дзæм-дзæмау Æвзист ыстъалыты зыланг. Ды та кæркæ-мæркæ цъæх тыгъды Дæ уаз рæу бæллицты тæхыс, Ысдæ, Хуыцауæмсæр, йæ тыргъы Дæ сæнтты зæдтимæ цæрыс!.. Æмæ æууæндид лæг дзæнæтыл, Фæлæ ирон уæздан æхсин Йæ саутæ нал исы: мæлæт ын, Ызнаг куы райдыдта æхсын Æмыр ыстъалыджын цъæх райсом, Йæ иунæг хъæбулы уæд айста. Нæ йыл цыд афæдз дæр... гыццыл Фыццаг хатт загъта уæд: «Гыцци!» Хъуымызæйдзаг былтæй куы схауди Бæстыл æхцондæр дзырд - «Гыцци», Уæд арв ныййарæгыл æркалди, Фæци мæлæтдзаг цæф йæ цин. Фæлтæргай сонт цъæхахст ыстахти, Нынкъуыст, ныдздзортт-дзортт кодта зæхх, Нæ туг æхсырæмхæццæ тагъди, Ыстæй ныссабыр и, ныцъцъæх! 278
Æрмæст ма мидбылхудт йæ былтыл Ныххус, ныхъхъæбæр и, нындзыг. Ныр мадмæ удхарæн фыдфыны Ыздæхдзæн тугхъулон бындзыг. Æбуалгъ сау фынæй ыстъæлфдзæн, Кæндзæн йæ цæссыгты хуыдуг! Кæй фæлмæн уарзон къух ныссæрфдзæн, Фыццаг зæд - сонт хъæбулы туг. Зæрдæдзæф мады сау цæстытæй, Зæгъ-ма, нæ мадæлты мæстытæн Кæд ыскæндзыстæм мах кæрон?! Æви нæу, ме знаг, уый нæ бон! Æви дæлимоны дæлбазыр Дæуæн ныччындæуыди мыд?! Æви у худинаг лæгуарзын Æмæ лæгдзинад та у фыд?! Æви нæу фаг, нæ зæхх кæй фæрыст, Кæй хæры не ’ппæты дæр мæт, Æмæ кæй ыскодта йæ фæлыст Нæ хъуазхъуыр чызджытыл мæлæт?! Кæй кæны уыдон бæсты батæ Нæ зынгхуыст лæппутæн мæлæт?! Зæгъ-ма, зæгъ-ма, хæрамы фатæй Зæххыл кæд чи ссардта дзæнæт?! Фæлтау уæлон дзæнæт зындонæй Ыскæнæм кæстæртæн хæрзуаг, Нывæндæм зæрдæтæм æндонæй Нæмгуытæ нæ, фæлæ фæндаг! 279
VI Ныууагъта рухсы куырд йæ кусын, Æрхауд мыл æхсæвы пæлæз, Æмæ мæ мид-зæрдæмæ хъусын Тæссаг дæлимонты хъæлæс: «Ирæттæн зонд-зонæн кæд фæци Ызнаджы тугмондаг хæрам?! Уæддæр нымудздзысты кæрæдзи, Хæлæг сыл дардзæни йæ арм. Уæддæр æхсины лæджы бардзырд Уыдзæн сæ фæтк æмæ æгьдау, Уæддæр сæ уый нымайдзæн бардзыл, Кæд æм каст Иры туг æвгъау?! Æцæгæлон бæстæйы бардзæн Куы уа хæсты куырой æфсин, Уæд та уæ цоты уырдæм калдзæн, Уыдзæн уæ туджы аргъ йæ цин...» Æгъгъæд, дæлимон хъуыды, бастъæл! Фæфæуы ыссæдзæм æнус, Æмæ иронæн дæр йæ бæстæ Пехуымпарты зондæй ныррухс! Уыны, æфсымæр уа йе хион, Кæй у йæ мæсыджы бындур. Йæ зæххыл чи нæ лæууы хиуæй, Гъе уый кæй нæ батавдзæн хур. 280
VII Æлгъыст фæу, ирон, дæ бæстæ Куы суа дæ уæцъæфæн цагъар, Æмæ дæ фыдгулæй дæ фæстæ Куы хъуыса фидисæн: «Æлгъаг!» Уæд мын ныммæл, ирон, фæсмонæй, Ызнаджы фæндиаг дæхи Куы кæнай искæд чъизи номæй Æмæ куы нæ аразай хид Нæ удварны бæрзонд æврæгътæм - Кæм у Хуыцауæмсæр нæ уд, Кæм не ссудздзæн æрвон цырæгьтæ Æлгьаг, лæгмар æмæ тæппуд! 1993 аз.
СÆРГÆНДТÆ Чиныгкæсæгмæ 5 Фæдзæхст 6 Ирыстонæн 7 Сойын цырагъ 8 Фæззыгон идилли 9 Арвы дуар 10 «Салам дæуæн...» 11 Иунæг бæлас 12 «Æз æнусон нæ дæн...» 13 Фыййауы куыдз 14 Тæхуды 20 Гаджидау 21 «Хур арвы куырдадзы ысзынг...» 22 Хъæуккаг зæронд усы дзуапп йæ горæтаг фыртæн 23 Хуыцæутты знаг 24 Ном 25 «Ацы дунейæн хатгай...» 26 Фронтовик поэттæм 28 Гимн быдырæн 29 «Дæуæй нæ кæнын æз Хуыцау...» 31 Мады зарæг 32 «А дунейыл сагъæс æмæ мæтæй...» 34 Хъуыдытæ мæсгуыты бын 35 Уайдзæф мæ сæрæн 37 Къостайы монолог 38 Мæ сæнтты хъæу 40 «Ир фæцамадта мæсыг...» 41 Музæ 42 Мæ хъæддаг хо 45 Фантдзи 44 «Йæхимæ йæ чи бамбара...» 45 Сагъæс арты фарсмæ 46 282
Цæмæн дæ уарзын афтæ 47 Гуырдзыстон 51 Æмбисонд 53 «Бæлас йæ базыртæй...» 54 Фау мæм чи хæссы, уыдонмæ 55 «Ссудз де стъалы...» 56 Мæ фæлтæрмæ 57 Суадон 58 Мæ уды бæлон 59 Фæлывд . , 60 Зарæг хæрæджы кадæн 61 Хъæууон райсомы диалог 62 Æртæ дзырды - Дзырды тых 63 О дуне 64 Ныстуан 66 Хуымгæнæджы мæлæт 67 «Æз...» 68 Хъæды зæды аргъау 69 Ног хицауæн 73 «Сымахæн кастæн ме ’мдзæвгæтæ æз...» 74 «Лæг йæ уды мæтагæй...» 75 Ныфсæвæрæн 76 Хæстоны монолог 77 «У цард цыбыр...» 78 Уалдзыгон ныв 79 «Нæ ивгъуыды бонтæй...» 80 Ныгъуыли 82 «Куы мæ раппæлыс ды...» 83 Мæ Уастырджи 85 Пехуымпарæн 86 Хæс 87 Æрæджиауы зонд 89 Зыгъуыммæ зонд 90 «Ды хъуыддагыл æвзагæй кæм рыстæ...» 91 «Мæ ныфс...» 92 «Цы дæн...» 93 Рынчындоны 94 Хъæддаг æдзæм 95 283
Фæстаг поэт 96 Хæхтæ 97 Хохаг доны цур 98 Фæззæг - быдыргæс 99 Мæ кувæндон 100 «Фæцæуыс ды...» 101 «Мах быцæуыл куы схæцæм...» 102 «Уæ, мæ рагон хæлар уахъæз...» 103 «Ды урс зымæджы фæстæ...» 104 Уарзты кæхц 105 Фыццаг уарзт 106 Уарзты бардуаг 108 Иу райсом Терчы был 111 «Мæнæн уыд иу хæлар...» 113 Уыд сабидуг аргъау 114 Уайдзæф 121 Базон-базон 122 Иу критикмæ 123 Фесæф 124 Амондджын хæрæг 125 Хахуыргæнæгмæ 126 Дыдзæсгом 127 Бюрократ уæлмæрды 128 «Тыхджын дæ ды...» 129 Дымыстæры катай 130 Давджыты куывды 131 Фæндзай азы 132 Бынатылмард поэттæм 133 Поэт нæ дæн 134 Чиныгкæсæгмæ 135 Мæ куырдиат 136 «Æз гыццыл дæн...» 137 Тæппуд 138 «Æз уарзын...» 139 Зæххы тавс 140 Йæхимæ йæ чи бамбара, уымæн 141 Æдзард хæстоны монолог 142 Дыууæ фыстæджы 143 Фысджыты хæдзары 146 284
Ахст булæмæргъ 147 Ме ’мтуг адæммæ 148 Уарзын уадтымыгъ 150 Тæхуды 151 Цæргæстæ 152 Уæззау хæс 153 «Иу уалдзæджы...» 154 Бæлоны мæлæт 155 Катай 156 Æхсæрдзæны хъаст 157 Зæронд хохаджы радзырд 158 «Уæртæ бæрзыл урс цæссыг æрхъуызыд...» 159 Уыгæрдæны 160 Фæндарасты зарæг 161 «Фыдæлты аргъæутты дæ базонын...» 162 Хæлары мысгæйæ 163 Чындзæхсæв 164 «Хъуыдытæй афтæ ныффæллад мæ сæр...» 165 Гыццимæ 166 Фæззыгон сагъæс 168 «Фыдыуæзæг...» 171 Къæйных чызг 172 «Цы зæгъон уадæмтæхæг азтæн...» 174 Æнахуыр фын 175 «Æнæрхъуыды лæппуйы зарæг атахт...» 176 Людмилæйæн 177 Ничи 178 Фыййауы зарæг 179 Гъæй-джиди! 180 Ме ’мбæлттæм 181 Фæндæгтæ 182 Кæд ыссарин мæхи 183 Ном 184 «Ды ацыдтæ...» 185 Æфсымæртæм 186 Фыстæг райгуырæн хъæумæ 187 «О, ацы зæхх...» 188 Хæрзбон 189 «Ды мæ размæ æппындæр нæ уыдтæ...» 190 285
Царды фæтк 191 «Кæддæр емылыккыл уæлвæзы...» - Лæг 192 Фыдыбæстæ 193 «Дæ бæллиц дæ атоны зæххæй...» * 194 Хæхты чызг 195 «Оххай, нæ зонын...» 196 Зæронды уалдзæг 197 Сæрдыгон быдыр 198 «Цалынмæ арв уа мæ сæрмæ...» 199 Иры булæмæргъ 200 «Æрцу, сызгъæрин дзырдты бардз...» 201 «Нæры...» 202 Цыбыр хъуыдытæ 203 Æрæджиау фæсмон 205 «Хъус-ма...» 206 Рох уæлмæрдтæ 207 Æрдзон хъæлæс 208 Хъæууон изæр 209 «Дæ гутоны зардмæ ысхъомыл дæн æз...» 210 Фæззыгон ныв 211 «Арвы цъæх...» 212 Фидæнмæ 213 Этюд - «Хуымгæнæджы артдзæст...» 214 «Мысы...» 215 «Бæрзонд ыстъалы арвы риуыл хъазы...» 216 «Хæхтæ уалдзæджы...» - Ма мæм бахуд 217 Сонты уарзт - «Ды куы фæхудыс...» 218 Æз курын 219 Уалдзыгон дымгæтæ 220 Æбæрæг ингæн 221 Кæстæрмæ 222 «Масног кæн кæддæры хъæдгом...» 223 Зонын 224 Сау лæг 225 Хæлæггæнæг 226 286
«Дымгæ мын мæ хъусы зары...» 227 Ме ’мбæлццонмæ 228 Сфæлдисæгмæ 229 Арт 230 Бæллиц 231 Дызæрдыг 232 Фыдæлты туг 233 «Фæззыгон арв» 234 Бондзирдзурты 235 «Ехх, куыд хорз у рагуалдзæг цæрын...» 236 Фæстаг ныхас 237 «Дæн уарзты уалдзæгау æз хъæлдзæг...» 238 Фыстæг Миламæ 239 Уардийы къутæр 240 Хахуыргæнæгæн 241 Ныхас рæстæгимæ 242 Фæндæгтæ 243 «Дун-дунеты рухс дзуæрттæ...» 244 Рæстæг 245 Рох хъæууаты 246 Одæ галтæн 247 Курдиат 249 «Ацы горæт æдзæрæг у ныр...» 250 Дымысдæр дзырдтæ 251 Маргътæхæнты 252 Фыстæг æнамæ 253 Дзерассæ 254 Быдзæу 256 Ирон зарæг 257 «Æфхæрд уды куы ’рцæуы революци...» 258 Гъе, Уастырджи 259 Рухсхæссæг 260 Хæлæрттæм 261 Зарæджы фарн 262 Æнафоны фембæлд 263 Æфсымæрты куывд 264 Æнæ мойæ чи баззад, уыцы рæсугъдæн 266 Туаллаг чызг 267 Æууæнд, мæ хо 268 Дыдзæсгом хъан (поэмæ) 269
Литературно-художественное издание ВАЛИЕВ ЛАВРЕНТИЙ ЕЛИОЗОВР1Ч Благодать песни Стихи на осетинском языке Редактор 3. У. Дзуцева Художник В. С. Григорян Технический редактор Л.В. Ядышна Корректор Э.Дз. Баликоева Компьютерная верстка 3. С. Мисиковой Сдано в набор 20.07.12. Подписано к печати 20.08.12. Формат бумаги 70x90 /32. Бумага офс. № 1. Гарн. шрифта «Муз!». Печать офсетная. Усл. п. л. 10,53. Учетно-изд. листов 9,35. Ти- раж 300 экз. Заказ № 1579. С 36. Министерство культуры и массовых коммуникаций РСО-Алания. ГУП РСО-Алания «Издательство «Ир», 362040, г. Владикавказ, проспект Мира, 25. Отпечатано с готовых диапозитивов в ОАО «Издательско-по- лиграфическое предприятие им. В.А. Гассиева». 362011, г. Вла- дикавказ, ул. Тельмана,16.