Text
                    ÆВЗОНДЖЫ БОНТÆ
Æвзонг авторты уацмыстæ
ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПАДДЗАХАДОН РАУАГЪДАД
СТАЛИНИР —1959


дни молодости ПРОИЗВЕДЕНИЯ МОЛОДЫХ АВТОРОВ (на осетинском языке) Госиздат Юго-Осетии Сталинир—1959
БÆРНДЗИНАД Ацы æмбырдгонды хайад чи исы, уыдон, иу-дыууæ- йы йедтæмæ, се ’ппæт дæр æвзонг сты. Фæлæ се ’ппæт -дæр фысджытæ’ сты, зæгъгæ, афтæ зæгъæн" нæй«' Зæрг дæйы дзæбæхæн , стихтæ .фæд-фæдыл чи ’- ахал кæны. рифмæтæй чи адзыгъ^л-мыгъул кæны, кæнæ йæхи кыхæстæй исты цау чи афыссы прозæйæ, уымæр фыс- еæг рахонæн ницы амалæй ис. Фыссæджы уацмМстæ ’ хъуамæ уой хæрзхъæд, хъуамæ. сын уа фидар цардон æмæ философрн бындур, сæ алы рæнхъ-дæр ’хъуамæ рухс кала авторы ’сæрмагонд æм<æ оригиналон • • хъуы- • дыйæ. Мæнмæ афтæ. кæсы, цыма-чииыг - «Æвзонджы, ■бонты» автортæй ранымайгæ миниуджытæ нырма иумæ дæр не сты æххæстæй. Æвзонджы бонты чи нæ фыссы æмдзæвгæтæ! Уæд лæг фыццаг ^хатт райдайы лæмбынæгæй кæсын йæ алы- варс дунемæ, йæ зæрдæ фæбæллы цахæмдæр романти-- кон сгуыхтдзинадмæ, банкъары уарзондзинады судз- '’гæ тæлмæн æмæ йæ æппæт уыдæттыл æрфæнды поэ- тикон æвзапæй зæгъын, æрбады æм^ сыл ныффыссы æйдзæвгæтæ. Фæлæ æвзонджы бонты æмдзæвгæтæ чи фыссы, уыдон иууылдæр фысджытæ куы кæниккой, уæд зæххыл фысджытæй азмæлæн нал ,уаид. " ^ . - Ахæм рæстæджы тас у, лæг рæдыдæй йæхи, фыссæг фенхъæла æмæ афтæмæй- йæ* сомбоны цард фехада: йæ фыстытæкæд ницæйаг уой, уæддæр сæ тыхæй хъардзæн редакцитæ æмæ рауагъдадтæн,.ч домдзæн^ цæмæй йын сæ мыхуыр кæной, уæдæ йæхи æмæ йæ би- ■ ыонты æндæр цæмæй дардзæн. Гъе, уымæ гæсгæ . æв-' зонджы бонты ахæм лæг хъуамæ " æнкъара бæрндзи- над йæхн раз дæр æмæ литературæйы раз дæру хъуа- ,,мæ хъуыдыкæна: алæ-ма, мæхицæн -исты куысты про- фесси равзарон, царды мæхи аккаг бынат ссарон. Арæх ахæм хъуыды æвзонг авторæн йæхицæн йæ сæр- 3
мæ не "рцæуы, искæцы æнæмæт редактормæ куы ба- цæуы, уæд’ ын æй уый дæр нæ бамбарын кæны аёмæ* афтæмæй суанг зæры бонтæм тæригъæдæй мары йæх# дæр æмæ литературæйы дæр, бынтон дзæлгъæды ф^ вæййы #йæ иунæг цард. - |Ацы чиныджы автортæй æрдз фыссæджы курди- ат ; кæмæн схæлар кодта, йаё зонындзинз^дтæ фылдæ- рæй-фылдæр чи кæна, æдзух царды гуылфæнмæ йæхи. чи -æппара’ æмæ йæ дæсныйад арфæй-арфдæр’ чи_ кæ&а, уыдон æввахс азты барджынæй æрлæудзыстьи ирон литературæ намысджынæй чи аразы, уыцы дæс-_ ны фысджыты фарсмæ. Чй уыдзысты уыцы амонд- джын адæймааггæ, уымæн нын бæлвырд Дзуапп рат- дзйен æппæтæй зæндджындæр—рæстæг. .Нырма. уал нæ бон зæгъын у уый, æмæ-æвзонг ав- тортæ кæй архайынц ууыл, цæмæй сæ уацмыстæ ’амай- ой тудт, ихсыд ныхæстæй нæ, фæ!лæ ’аив . нывæфтыд ■ фæлгондзтæй. Хаттæй-хатт уыцы ^ фæлгондзтæ нидьг хъуыдытæ, ницы æнкъарæнтæ февДисынц. Нæ автор- тæй айрох вæййы поэзийы миниуæг^ фæлгондз фæл-' гондзы тыххæй ницæмæн хъæуы,, фэЁлгондз истьт ори- гиналон хъуыды кæнæ - æнкъарынад куы нæ æвдиса/ уæд мæнгæхстæй хъауджыдæр нæу, • - .V Æвзонг автортæ бирæ фыссынцæрдз æмæ уарзон-. дзйнадыл: Уый иуæрдыгæй раппæлинаг у, иннæрды- гæй- та—фауинаг. Фылдæр фыссын хъæуы граждайнаг аэмдзæвгæтæ. ТЗæ дуг у стыр , революцион ивддзинæд^' ты дуг æмæ домы уæлмонц, тыхдæттæг, размæкæнæг литературæ. ч Æвзонг автортæн цæстмæ бадаринаг у уый дæр^ æмæ сæ фылдæр кæй фыссыйц æмдзæвгæтæ. Хорз уа- ид, прозæ æмæ драматургийыл дæр сæ ты’хтæ куьг бавзариккой, уæд. Абон ирон литературæйы уыцы дыууæ хуызы æгæр фæстийæ зайынц. ’ Æвзоцджы бонтæ сты агурыны бонтæ. Æмæ нæ . цæст уарзы не ’взонг автортæн, цæмæй сæ алчи дæр йæ хъару, йæ курдиатмæ пæсгæ агура йæхи фæндаг царды дæр æмæ л’итературæйы дæр. Дзудцаты Хадзьт-Мурат.
**ф*< ТЕДЕТЫ РЮРНК АЙДАРТЫ ЗИАУЫР Абон сæумæцъæхæй Арв сыгъзæрин цыхт куы бацахста, Куы ма дзы аззад айдагъ цъæх сылы, Уæд мæ чидæр фæндагыл Мæ дысæй ацахста,— Фæкастæн: Æнæзонгæ... Тыхстæй лæ бызггæ ’хсыны... Æвзонгæй. Урсытæ фæзынд йæ сæры, - 11æ цæстæнгас у цырд, хъайтароя, Фæрсы мæ æмæ кæны æфсæрмы: — Кзём ис ам * -Знауыр Айдарон? Æъ æм дисгæнгæ бахудтæн: Цы ’мбæрстон йæ сагъæс, йæ рисæн? Нæ бавзæрстой тухитæ мах удтæ, Уымæн Истори— Æвдисæн...
Уый та йæ судзгæ цæссыгтæ сæрфыг^ Æз æй. бакодтон парчы æмбондмæ. Æнкъуысынц бæлæстæ, _ ." Фæци сæ фын, • Йæхимæ йæ бартæ исы бон даер...- Ме ’мбæлццоя, • . Зæрдæхсайгæ, федта цырт, Адæргзей йæм арæхстгай бацыд. Хъайтары цæсгоммæ нымдзасти цырд,— Айрох дзы, кæй цæуы балцы. Йæ худ йæ сæрæй сабыргай систа, Стæй æрхауди йæ зонгуытыл. — Знауыр, Знауыр!.. Мæн тохты, æндонау, æхсыстай, Ныууагътай-иу знаджы Йæхи . Тонгæ ды... Знауыр, Зяауыр!.. Фцыдтæн дæм—дæ сабион хæдар, Вайста мыя дæ æнусмæ Æнæууæнк, æгъатыр мæлæ*. Уый дæ дардмæ куы лыгъди Тарстæй, сæлхæрау, • Цард&й ацæуыныл Куы никуы кодтай мæт. Мæн æлгъыстаг сау дуг , ~ Фæхаста Сыбырмæ Æмæ баззадтæн æнæхæлар, иунæг. Мыскн^г цард, Азты æрфæнæй ысбыр-ма, • Фенын%кæн тымыгъты маройкæнгæ, ниугæ-.^
-Фæлæ уæддæр Дæ фæлгоядз уыдзæни æгас, Де сгъуыхтдзинад кæд нæ уыд хæлæггаг? Демæ ’взонг фæлтæр Размæ лæгæрдьг æмраст, Царвау, батад Дзыдлæыы зæрдæйы Дæ лæггад... Æмæ ’ацыд Æнæзонгæ бæлццон махæй, Мæ цуры ма ис Знауыр Айдартæй, Сыгъзæрин цыхт мигътьт судзы, æнкъусы. Мæ бронзæйбн зынаргъ хъайтар та Хъуыды кæны Зноныл, Абоныл æмæ Фидæны æнусыл. 1957 аз. "ÆХСÆВ СТАЛИНИРЫ Арвы къуырфы ис стъ’алытæ-дыргътæ... Талынг мæ сахары кæрæтты хъуызы. Уазæгдоны тыргъы та Афынæй, аныгъуылд, цыма у уызын. 7
Адæм фæзуатыл бадынц, - лæууынц, Тезгъо кæнынц дыууæрдæм. Рухс калы /кæцæйдæр л * электрон куынц, Мах æй къухты ■ æууæрдæм. Райдзаст уынгтæм ивыльшц -тагъд . Кинойæ, театрæй фылдæр. Хатт у цъæхснагæй райхъуысы - : фæндыры цагъд, Нæры зарджытæй æвзонг фæлтæр. ~ . Афтæ тынг рæсугъд у Сталинир, Сты йæ уынгтæ лæгъз æмæ ирд. Цы ма дзы аззад Цхинвалæй? Ис йе з’нон , дæсгай азты фалæ. Рог дымгæ банцади кафьшæй,
* Нал хъуысынц уарзæтты дзырдтæ. Фаззрн хæдзæрттæ кæнынц фынæй, Леуахи ’ згъоры ’. цырддæр. Арвыл -’ , цавæрдæр стъалы нынирд, Зыны йæм нæ арæзтадты гуыр, Уымæн æмæ * мæхи Сталинир Фæллойы . ’ хъаруиæ* У гуырд. Æрхуыссыдтæн... Фæлæ мæ хуыссæг 4 ’ фæлыгъд, . -Фæтæргай... Йæ мæтаёй мæлын! Æрмæст мæ сахар ’ ’ . ис цæсты раз, уый Æнусы фæстæ уынынмæ , бæллын. 1957
АСФАЛЬТ Фæндагыд йæхи алчи аууонмæ исы, * ■ Æз та гомриуæй хуры тæвд асурын. . Уæртæ асфальтгæиджытæ Чъизи уынгтыл пырх кæньцгц писи, Сæ хид сæ хъуыртыл асури. Сæ фæстæ авгау лæгъз фестад, Алфæмблай сдзæбæх, æсуындджын; Уæртæ иу саби йæ дзабыртæ фехста Æмæ судзгæ къæхтæй Зæрдæбынæй кафы сæ уынджы. Асфальтгæнджытæ та Сæ куыстыл афæлгæсынц цырд, Хъæрмуст уæлдæфæй сулæфынц тагъд, Æмæ та сæ алкæйы дзыхæй схауы дзырд:- х ,/Х-хорз..." Нæ сæ уынут? У æндæр рæтты арæх нæ агуырд, Фæдомæм музейæ: „Темæтæм чердæм хæтон?..'" > Уынгæджы дæр фæци „хъал чызджы гагуы/ Фæлæ нæ не ’ндавы асфальтгæнджыты хæдон.. Уæддæр дзы поэзи æз федтон, Тæлмæн ис зæрдæйы,— Нæ нындзыг йæ мидбынат дурау. Сæ хидвæд цæсгæмттыл дæр Бæрæг сты амонды фæдтæ, Сæ сау хæдæтты дæр хæссынц нæ уынгтæм Рæсугъддзинад æмæ культурæ. 1957 аз.'
ГОМАРТЫ.. ХЪÆД . ^ . Риу айдзаг кæрдæджы тæфæй. Уарзоны уырзтау мыл узæлы умæл. сыфтæртæй бæрз. Æлыг фæндагыл зыны тæрхъусты фæд. Стахтысты цæваг бындзытæ— цæсгом æмбæрзт! Уæртæ рагон кæлдымыл -, . ныххуси зокъо, Ныххуси æмæ фестад æзных, Дзедæрджыты ’хсæн стау кодта æвзонг хъæд^ Й ’астæу рагон тулдз арвы гуыбыны сныхст. Уæлвонг ран’æрбад... Балыцъар хызынæй Кæрдзын æмæ цыхт сис. Фосæн дæр , цы хуыздæр ис Цъæх нæууыл хизынæй?!: " Уыдон дæр - нал зоыынц æфсис..- Дæ алы фарс унæр нæ ахсы хъус. Æрмæст чидæр комы ’ фæрæтæй хойы. -
Хур ныккаст... æнтæф... залмы сыфæй 1 акæн къус. * Ададжы баназ дон... Зæрдæ риу-рæхойы... Хорз у æппæт, Гомарт,; дæ’талынг хъæды! . Ме ’гъуыстаг уарзт дын цы ’взагыл зæгъон? Дæ хъæбысы фенкъарын цины хъуыды,— - Æз кæй дæн хуымæтæг зæххон! 195^7 аа. ХЪАЗАХСТАЙНАГ ЦИКЛÆЙ I Товарон вагæттæ мах аст боны дæргъы Тыгъд быдырты скъæфтои скæсæны ’рдæм. Ирыстоны хæхтæн нæ фæндаг ныддаргъи, Мæхи ма бæлццоныл нымайын ныр дæр. Товарон вагæттæн сæ цæлхыты хостмæ Нæ риуты сабырады за^джытæ гуырд/ Нæ эшелон махæн нæ раст кодта хæстмæ,— Хæлæрттæ ныл кодтой æдзухæй тыгуыр. ч ,12
^Мах дутæн нæ кодтам хæцæнгæрзтæй сомы, Тæвд нæмгуыты æхситт нæ хъустыл нæ уад, Нæ уыдтам æвирхъауы сау мигъты сомы, Дымдта нæм скæсæнæй хойраджы уад. Уьфныдта нæ алкæй, кæй нæ уардзæн .сом их, Адзалыл нæ кодтам зæрдæхалæн хъаст. Кæм-иу лæууыд поезд, уым ир, гуырдзы, сомих Къæрццæмдзæгъд кæнгæйæ-иу арæзтой хъазт... Куы нын дзырдта быдыр нæ зынаргъдæр .фæндтæг. „Нæ" фæлтæр, дæ бæстæйы хорæй æфсад!" Уæд Англис, АИШ-ы æлгъаг интервенттæ Арабаг ыскæсæймæ ластой æфсад... Куы ’рхызтыстæм ’хсæвыгон Джаркъулы.станцы,. Æфсæддон хæйттæм мах нæ арвыстой уæд^ Рæдауæй ныл сымбæлди совхоз,—лыстæн дзы Акоппыты бæсты уыд алкæмæн уыд. Фæгæрзыстæм куцстмæ... Нæ риугæ кæй риутæй Уыдзысты мæллæгдæр, æдыхдæр, кæнæ Фæлладдæр?.. Нæ1 арæнты хоры кæритæй, Фыдæлты мæсгуытау, мах фидар кæнæм.. II, ’ л Телцæджындзтæ, халамæрзæнтау, Ссивынц сатæгуæлдæфы улæнты. Тæфласы фæздæг схæцца^.æврæгътæм, УрЪ-нымæты бызгъуыртау, бырæгътау. Мах кæнæм ныр æввахсдæр хъазахтæм,_ ..Байрцат" уал сын сæ быдыртæн загътам. Тугыл аскъуыди зцы аз сæ мæнæу,— 'Ратулы йыл дымгæ сæмæнау. ■л
^Ссырхи бур зæхх... Уый зæрæхсиды нысан у. Алы æфсир йæхæдæг æфсад у. Алы нæмыг—гæрзифтонг хæстон у;. Бафæлварут æмæ ма сæ стонут! Равварс кæндзысты уый бæрц æ^сиртæ, Радардзысты сæ сыгтæ—æссыртæ... Ацы æфсæдтæй æмризæджы ризынц ^ Не знæгтæ Вашингтоны, Паризы. 'Телцæджындзтæ, нæ ирон чындзытау, Сирынц, хуссарырдæм тындзынц та... Мæй зæрæхсиды сæрмæ сбыры .Дард хъазахты зæххьтл, Сыбыры... III л-3æххыл хур атылд. Райсомы умæлæн Йæ кой дæр нал и. Комбайн цæуы. х Æз та хъæмпæмбырдгæяæг дæн йæ уæлæ. Тыгъд быдыры хæссын цæст алцæуыл. •Зæрин денджызау саст зæххы мæнæутæ Сæ улæнты кæрæдзийыл æхсынц. Фæйнæрдыгæй дзы комбайнтæ—наутæ -Фæтæн уистæ, цæвæджджынтау, хæссынц. Сæ фæстæ хъæмпæй стыр мæкъуылтæ зайы, - Оты уыдон дæр æрвгæрæттæм тындзæг. Мæнæу ам афтæ æрдхæрæнæн зайы, ..Æмæ кæны уысммæ нæ бункер дзаг. Мæ сæрмæ арв æвзист галуаны царау - Æрымбæрзта тыгъд быдырыл йæхи. Цъæх арт ныл æрдз кæдмæ хъуамæ æндзара, Лыридæгæн сæх-сæх кæны мæ хид. -14
/ Гъа^.. Радымдта цæхгæр дымгæ умæлæй, ’ Æсулæфыдтæн. Комбайн цæуы. - ’ Æз та хъæмпæмбырдгæнæг дæн йæ уæлæ.. ’ Кæсын æмæ кæнын цин алцæуыл. 1958 аз. |^%^ % %
ХАРЕБА ТЫ ЛЕОНИД УАРЗЫН . Уарзын, хуры тынтау, хæхтыл Амонд тауын æмæ тайын. Ме ’гъуыстаджьт райдзаст къуымæл Æз йæ цин, йар уындæй райнн. Уарзын рагуалдзæджы зæххæн Æз йæ фæмилтæ, йæ тæфсын. Уарзын, мыдыбындзау, уарзын Иры чырльæдмæ мыд хæссын! 1958 аз- РАЙГУЫРÆН Кæд æй ирон лæ’г фехъусы—кæм фæцды, \ Уæд ауыныг’хæхтæ фæцыдысты арвы æрфæнты^. Сæ бæрзонд сæртæ урс-урсидæй дарынц, Сæ хъæбыстæй æхсæрдзæнтæ зарынц. ...Фыдæлты фарнау, æгъдауджын æмæкадджын,. Ирон лæгæн ныййарæг мадау адджын. 16 ’
БУРЖУАЗОН ПОЭТМÆ ’ Булæмæргъау, дидинæг кæм феныс, Уий дзæнæты рухсбадæн ысхоныс. Бар дæхи у, зар дæхи фæндиаг, Мæн йæ цурмæ дзæгъæлы цы- хоныс? Ды цы ран зæрдæдзæбæхæн зарыс, Уьш дæ фарсмæ ’ххормаг саби ниуы. Уый куы фенон,-уæд мæнæн мæ зæрдæ Атондзæн йæ тæригъæдæй риуы. Уымæн у иæ фыд цæнгдых, нуарджын, Уарзы уый й-æхи удау зæххы куыст. Фæлæ йыл куыддæр æрцыдис уалдзæг, ^Афтæ мæтæй йе ’фхæрд зæрдæ сынкъуыст. Уагъылыйы дидины фæзындыл Рафæлдæхта йе ссаддон, æрцагъта. „Сзонг бинонтæн фæззæгмæ цы кæнон?"— Жинымæр кæуынхъæлæсæй загъта...' 4 Зар ыл, поэт, зар, дæ бар дæхи у, Гъе, фæлæ цæуыл зарыс—нæ зоныс, Стонг саби дын комдзагыл кæм ниуы, Уый дзæнæты рухсбадæн куыд хоныс? 1958 аз. ФÆДЗÆХСТ Искуы куы ’рхауон, мæлæтдзаг ку’ы он, Удхæссæг-иу мын куы хæсса мæ уд, Гъе, уæд-иу, мигътæ, мæ фыды.чæхмæ Тохы быдырæй хъæрга-нæг фæут. !?. Æвзовджы бонтæ. 17
Бадзурут-иу æм: дæ уарзон фырт, зæгъ, Карз тохы>'рхаудта, йæ туджы мæцы. 'Рмæст-иу нанайæн ныфсы дзырд зæгъут: Знæгтимæ, зæгъ, дын домбайау хæцы. Уаддым, æрхæсс-иу мæм уарзон хæхтæй Иры чызджытæн сæ сагъæс, сæ хъыг. Мады бæсты-иу мыл, сау мигъ, ды та Раппар уæларвæй дæ судзгæ цæссыг. 1957 аз. ФАРСТЫТÆ — Ды у дæ зæрдæ? — Мæ зæрдæ? Ницы, фыды мурЬ Фæлæ у арт, Уар^тæй суадзы цъæх арт; Кæм мын ис, фæрсыс? Мæ риуы йæ ма ’нхъæл, Уый ис йæ хъуздясы— . Ирыстоньь —Ау, Ирыстон та кæм и? — Кавказы хæхты, • Ирон лæгæн йæ зæрдæйы— Мæ зæрдæйы. — Афтæ къаннæг у Ир? — Ай-ай æгæрон у, Фæлæ дæм мæ зæрдæ куыд кæсы? Ирыстон ма стырдæр куы уаид,— Кæм бацæуа, уый дæр та Уаид! 18
ДЗУАПП Мæн бафæрсынц: --Зæгъ-ма, хæххон, цы ис Ирыстоны? Дæ зæрдæ дзы хорзæй Цæуыл дарыс, Афтæ зæрциагæй дзы Цæуыл зарые? —Нæ зонын, фæлæ нæм Кæд искуыцæй æрыфты уазæг, Уæд йæ зæрдæйы æнæсхафгæ нывæй Баззайы мæ фыды«уæзæг. Фæцæуы ма, фæлæ йæ зæрдæ Хæхты ныууадзы. Æлутоны донау, нæ хæхты уарзт *Йæ риуы ныттадзы. Чи та нæ доны был æнусмæ ■ Æрцæры. ч Мæнæн, хæххонæн хъыг нæ вæййы, Фæлæ мæ æрцары. Мæ зæрдæ фесты уацындз Æиæ ныззары’ Фыды зæххыл цинæй гъе уæд Æнцой ыссары. 1958 аз. ÆВÆРÆГ ХÆСТОНЫ ИНГÆН I €ыст уæлæмæ, ’фтауы дыргъдон дидии,— Акæс-ма, йæм, ма уал кæн мæрдфынæй. . Ма ферох кæн, ма,—дæ буц ныййарæг Баруад, бахус фæндæгтæм кæсынæй!
Оыст уæлæмæ, дидинджын дыргъдоны Де ’взонг уарзон бахуси дæ мæтæй. Ма йæ хъыг кæн, ратæх æм, æрхæсс ын Де ’гъуыстаджы судзгæ уарзт дзæнæтæй! Сыст уæлæмæ, райгуырæн зæххыл дæм Де ’рцæуынмæ де ’рдхæрдтæ куы баёлдынц.- Де ’мбæстæгтæ сабийæ зæрондмæ Карз сомы дæ рухс номæй куы кæнынц. Сыст уæлæмæ,—ма фæуæнт фыдæнхъæл,— Ма сæ бауадз сау дарын дæ мæрдæй, Де ’лхæд дзаума къухбæттæн хæцъшшæ Чырыны лæууынц ныр дæр æвæрдæй. Мады цæст сæм бакæсын нæ уарзы, Удæгас ын нал дæ, уый нæ зæгъдзæн! Мады рухс уарзт хивæнд у, уырны йæ,1- Искæд бон æд уарзон фырт æртæхдзæн! 1958 аз- ЗÆРОНД ХОСДЗАУЫ ЗАРÆГ Акæсут-ма нæ буц хæхтæм, Рауагътой та сæ боцъотæ. Рахæссут-ма уæ цæвджытæ, Радасæм сын сæ роцъотæ. Вавзарæм дзы нæ лæгдзинад, Чп уæ загъта „ныззæронди". Рацыт, фенæм, кæннод мæнæн, 0, лæппутæ, æвзæр зондн. 20
Дугъы уа, >гъе, ерыс куысты Сидын уемæ куыд фæнды дæр. Гъе та ’рцæгъдæм аивдæрæй - Нæ хæхты ном нæ фæндыртæн. Абон та уал, нæ фæтæнтыл Тагъд ракæрдæм зæрин кæрдæг. Æмæ фееæм нæхи цæстæй, Чи уа не ’хсæн фыццаг кæрдæг. МАДЫ ЗÆРДÆ Стонг домбайы лæппын хъæды Сидзæрæй, дзæгъæлæй ниуы... Дысон цуаны йæ мадæн Нæмыг ахызтис йæ риуы. Æмæ ’нахъом сырд ныр мæнæ Стонгæй бастади, фæмæлы. Алцæуыл ысниуы, скæуы, Алы сырд йæ мад æнхъæлы. Фæлæ уæгъды: дурзæрдæйæ Сырдтæ ахизынц йæ фæрсты... Хъæдæй рахызт саг æмæ йын Дзидзи дары мады бæсты. Сырдтæ саджпмæ загъд систой: — Райсом дын дæхи нытондзæн, Уый куы бахъомыл уа искуы,— Мах уэелдай дæу дæр нæ зондзæн. — 'Мбарын уæ,—зæгъы сæрджын саг,— Дары махмæ дæр йæ дæндаг, Фæлæ æз дæн мад æмæ мын Зæрдæ ’рыхгæдта мæ фæндаг... 1957 аз. 21
ЗЬШÆГОН НЫВ Дымгæ райста сагой æмæ мигъты Рарæгъ кодта хæхты сæртыл, тйгътыл. Хуры тынты нал уадзы уырдыгмæ, Нали фёнæн арвы цъæх æрдынæн. Мигъ дæр райста сасир æмæ дардыл Райдыдта хæмпус ыссад луарын. — Ног азыл æмбæлын хъæуы/— загъта, Æмæ бæстæ урс чъырæй ысцагъта. 1958 *3;, . АВДÆНБÆТТÆНЫ ЗАРÆГ Алæ-ма, цæуыл кæуыс, Буц хъæбул, мæ хуры тын. Нанайæн дæуæй хуыздæр Дунетыл куы нæй æппын: Ног надæй дæ авдæны Абастон, мæ мæйы ’нгæс. Ацу, гæды, иуырдæм, -• Афынæй уа, ма йæм кæс. Ацу/ бщ>æгъ, дзагъырдзæст^ Нал æй дæттын, нал кæуы. Гаккæй-гуккмæ иууылдæр Нанайæн йæхи хъæуы. Рацу, хуыссæг,..рауай йæм,~ Уадз æмæ æрфынæй уа. Ног надæй’ мыя пух.уаты Кæ&дæра кæй ж ныууа. 22
ÆВЗОНГАД Æз ме ’взоигадæй нæма ,бафсæстæн Æмæ цы фæци? • Чи мын рафтыдт& мæ дæллагхъуырæй Цымæ сырх хæцтвил? * Чи мæ ракодта, хъæлæй хъазгæйæ, Лæпнуты ’хсæнæй? Куы нæ бафсæстæн фат æмæ ’рдынæй Нысанмæ ’хсынæй! Чи мæм бадзырдта: лæг дæ, лæг, æмæ * Ныууадз дæ митæ!!! Афон дын нал у, дæ фындзы бын, дам, Фæзынди милтæ! ’. ’ ч Чи мын бакодта мæ царды хъысмæт Мæ уды бæрны? , ’ Куыд тагъд ыслæг дæн! Кæд рæз ысхастон?-т- Нæма мæ уырны! 4 ’ 1958 аз. ФЫДАХИН САБИ Сивтыгъта гæдыйы саби—æгæнон, Райста йæ къухмæ идоны кæрон... Скъæры йæ къуымты, йæ разæй йæ айста, Давта йæ ехсæй, сугтæ дзы ласта... Гæды дзы айрох, аззад ивтыгъдæй... Райста йæ фыды чысыл фæрæт тыргъæй, Амадта сугтæ, хæдзар сæ нывæзта, С?цæттæ... алцы йæм хаста Æмæ къустæ ныссаста.
Мад æм фæхæрам æмæ йæ снадта, Дæу» дам, мын цы радта... "Уый кæугæ-кæуын тæгæл фынæй аци,, Йæ цæссыг йæ уадултыл сысти. — УыЙ ды дæ, Лео, де ’взонгад рыздæет.,— - Цыма мæм дардæй кæйдæр ныхас хъуыеди. 1958 аз. ÆРДЗ ЙÆ ФЫРТÆН УС ХÆОСЫ , ,Д-фæззæджьГусхæссын мæ фыртæн", Æрдз куы зæгъа—хицау у нæ дзырдæи? Райдыдта йæ сæнæфснртæм зилын, Нал еæм уæндыд мæлдзыг дæр ысхилын... Хоры хуымты рог æртæхæй надта, Афоныл сын дон рæдауæй дардта... Тохъыл фырæн сой кæрдæг æрзади, Путын уæз ын нард фæхсын æрзади... Æрдз мæ фыд у, уый æз дæн йæ усгудо, Искæмæ, дам, „бауарзтон дæ;; бадзур. Худгæ хуртæ,—æрдзы ратгæ иууыл,— Судзгæ арт ’мын бафтыдтой мæ риуыл. Уыдонæн мæ хай фæцнс сæ хуыздæр, Номхæссæйнаг уыд йæ конд, йæ хуыз дæр. Нæу мын хшгаæлд,—уæд.лæджы фырт ма он, Фæлæ æрдзæн йе сиахс куыд баон? 1958 аз.
СУГСÆТТÆГ Гъей, чызгай, цыргъагимæ Архайын куыд уæндыс? Авæр мæм дæ цыргъ фæрæт, Сугтæ мын куыд сæттыс? Ды фæлтау дæ -мадæн зæгъ, Иу чидæр, зæгъ, уынджы Суг сæтты æмæ, дам, дын Вауарзта дæ чызджы... Тулдз здыхст къуыдырты, зæгъ, ’Ндзарæнтæ фæкодта, Æмæ, дам, нæ фæсдуар Балæууын дæр домдта... ГАУЫЗ ^Съус-хъус кодтой, адæм фарстой: _,Ли уыдзæн йæ кæнæг?" Чвдæр загъта: „Ис йæ фарсмæ Сауæрфыг уæйгæнæг". Се ’ппæт æм уынæг цыдысты, Аргъыл чи уыд дзурæг! Усгур лæнпутæ уæлдайдæр Систы гауыз курæг. Се ’хсæн уæд æз дæр фæзындтæн, 'Лхæнæг дæр мæ схуыдтой. Фæлæ уым цæмæн лæууыдтæн, -Уымæн та цы зыдтой.
Гауызы ’фсон чызджы фæрсты Цал хатты æрзылдтæн*.. — Иу ,дæр* æй куы нæ балхæнид^— Химидæг бæллыдтæн. Чидæр ын æй, цингæнгæйæ, Балхæдта ’мæ ацыд. Афтæмæй мæ уæйгæнæгæй Хицæн кæнын бахъуыд. Искуы ма йæ эæрин къухтæй Иу гауыз куы скæнид Æмæ ма мæ с~æфт хурьг хай Баэармæ куы ’рцæуид. ЦÆХÆРЦÆСТ ЛÆППУ Мауал мæ хонут цæхæрцæст л&ппу,— Дзæгъæлы ’ппæлд у! Мæ цæсты раз уыд сæууон ыстъалы,— Рæсугъд хурц тын. Дæрдтаг усгур-ну, хæххон цæргæсау, Нæ хъæуы уынгты æдзух куы зылди, Цы саугуырм бадæн, цæуылнæ зыдтон,— Уæд æй цы хъуыдй!/ Ныронг æй не ’хсæн, нæ хъæуы уыяджьг Куы никуы ф.енди! Цы ^æрдæ мæм уыд, цæмæн ын цыдтæн , Чызгаймæ хатæг! Цы мæ нæ уагъта, цы дзы ’ппæлыдтæн . Æдэухмæхæдæг!
Фæтæнриу лæппу чызгайы койæ Цæуылнæ ’фсæсти? ...Куы йæ фæхаста, йæхицæн къайæн, Уæд мыл æртæфсти... Мауал мæ хонут цæхæрцæстлæппу,— Дзæгъæл æпнæлд у! . 1957 аз. ФАРСТ ч Кæдæм фæтæхут, иæргътæ? — Хъарм бæстæм! Сымах та кæдæм, æврæгътæ? — Дæлвæзтæм! Кæдæм фæтындзут, дæттæ? — Денджызтæм! Уæдæ ма кæрæдзи кæм фендзыстæм? Ды та кæдæм,уарзонад? —-Æз? Дæумæ! — Фæзын уæдæ, куы басыгътæн, Уæд кæм дæ? 1958 ае. ? I
ПЛИТЫ ФЕЛИКС И С А X Ъ Хазби, Чермен, Танмураз æмæ ’ндæртау, Сæрибаруарз, рæстаг лæдпу уыди., Æмæ куы уыдта: стигъы ’лдар æнæвгъау, Уæд бар-’нæбары сгуыхт хæстон ысси. Уæрæсейы хæстон кæрдты æрттывдæй Æгъуыстаджы дуг федта уый хæстæг. Æмæ йæм кодта й’адæмы æмбырдæй, Йæхæдæг та—сæ тырысахæсеæг. Фæндагамонæг уырдæм уыд тæвд еæмыг, Сырх туджы фурды ленк кæнын æм хъуыд, Æрцыд хъайтармæ уыцы дугæй хонæг. Йæ хонæгæн йæ ном рæ’стдзинад хуьшд. Уый нал дæтта æнцондзинад^ йæ удæн, Уыдио æдзухдæр ног дуне йæ мæт. Æрмæст æххæст нæ фæхæццæис уырдæм, Æрцахста йæ уæззау тохы мæлæт. -.29
Дæттæй, Исахъ, дæ сау ’тугæй куы сцадп Поэты радтæг Сачхереты зæхх, Æгас ма уæд куы уыдаид Акъакъи, Фырцинæй дыл ныттыхстаид дзæбæх. Дзырдтаид дын: „Мæлæн дын не’хсæн нали,, Ирон хъантар, дæ ныфс нын бирæ уæд!" ♦ Мæ зарæг циу? Фæлæ дыл Цъеретели Иыффыстаид æнусон зарæг уæд. ^ 1957 аз. РÆСТÆГ (Арыя дзы Къостайы ном) Æдзухдæр размæ тагъд цæуыс Æмæ зæххы цъарыл цы арыс, Дæ фæдыл уыдоны кæныс, Мæлæтæн сæ йæ хъуыры калыс. Ды уырдæм басайдтай кæддæр Нæ булæмæргъы дæр дæ фæстæ. . Фæлæ йæ зарæджы зæлтæй Мæлæтæн атыдта йæ фæрстæ. Фæетæмæ ’рыздæхти зæхмæ— Æркодта ’нусон бынат царды. / Ды ма нæм бакæсыс фæрсмæ, Фæлæ йæ зæрдæ пс йæ зарды. 1957 аз.
Р А Й С 0 М Ацыд... Йæ цæссыг ныууагъта "Тар æхсæв райсом зæххыл. Бон ын йæ сырх туг ныккалдта, Скæсæны йемæ фæхыл. Хур-ма укъæдзæхтæй къахыр,> Суагъта йæ тынтæ хæрдмæ, Цыма хæххон фыййау рагъыл Скодта цырын арт сæумæ. Базмæлыд алцы дæр æрдзы: Стахти йæ ахстонæй маргъ. Кусæг йæ куыстмæ фæтындзы,- Туымæджы уасын ныддаргъ* Ацыд... Æрвгæрон ныууагъта Æхсæв йæ сырх тугæй цад. Цард та дзæнгæрæг ныццагъта Æмæ йæ бæхыл ыебад1?. 19§7 аз. ХУР-КЪУЫБЫЛОЙ - Скæсæйнаг цыргътигъджын сау къæдзæхтыл . Дысон изæр мигътæ уыд рæдзагъд. Растдæр цыма пирæны дæндæгтыл Урс къуымбилæй пирашгон уыд сагъд. Уым бæлвырд пырдæуыдис куымбилтæ, Фæлæ ’лвыст куыд тагъд фесты, куыд тагъд: Пирæны ихсыд дæндæгтыл уæртæ Ис ныр та зæлдаг къуыбылой сагъд. 1957\з.
ÆХСÆВ -Схæлиу кодта уый йæ сау дзых, калмау, Аныхъхъуырдта рухс боны æгасæй. Бауадзут æй, хин рувасы кардау Тагъд рæстæджы рабырдзæн йæ фарсæй. 1957 аз. .' ^ ФÆСКЪÆВДА Уаргæ бон... Денджызы ’нæкæрон къусы 'Хсиды, ыстъæлфæнтæ калгæйæ, цай. Уæлæ уæларвы дæлгоммæ къуырф мусы Б&фтыдта чидæр цъæх мæкъуылтæй най... Райсомæй суанг изæрмæ фæуарыд, Дæттæн ще к&мтты дæр нал уыд бынат. Цыма æнкъард заеххы арвæй æхстæуыд, Уыйау-ил^ февзæрд йæ сæрмæ зынгфат. Баталынг... Къæвда йæ уарынæй банцад, Æмæ нæнай дæр ыссыгъдæг, фæци. Скæсут-ма, мусы сырх мæнæутæ баззад: Се ’рттывд, сæ цæхæркалд диссаг фæци. х РАГУАЛДЗÆГ_ Салд цъитийæ дон æртагъди, Дурæн рахъардта йæ хид. Хæрдмæдзæуæг арвмæ стахтн Æмæ райдыдта æхситт.
Доныл авджын хид ныцъæлтæ, Хъаз дзы хъæлдзæгæй ныххызт. Ракалдта æнгузы цъæрттæ Вæласы мæрайæ мыст. Зæхх цъæх-цъæхид цухъа скодта, Риу сырх бæрцытæй—æхгæд, Бурбын басылыхъ æрбаста,— Сты йын уалдзæгæй лæвæрд. 1957 аз. ФÆЗЗÆГ Фæбурбуриди, аичы бурау, бæстæ, Ныууыгъта хъæд, хуылыдз каркау, йæхи. Фæурс ысты бæрзонд къæдзæхты сæртæ, Æруагътой сыл умæл мигътæ сæхи. Цъæх хохаг дон фæсабырдæр, ыстæнæг, Цыргъ дуртæ йын ысхуынкъ кодтой йæ рну.. Йæ хъузджы мидæг амарди сæтæлæг, Йæхи тонгæйæ сцъипп-цъипп кæны цъиу. Хъæрæй цæгъды фыдуаг дымгæ йæ фæцдыр- Æмæ йын симынц бæлæстæ сындæг. Рæгъæд мырт1æ ныффидари йæ хъæдыл, Уый ахуры цъ’æх уæлдæфы сырхæй. ÆЦÆГ УАРЗТ Ма мæ къах, чызг, баууæнд мын мæ уарзтыл.- Ма банхъæл: æцæг уарзтæй иппæрд дæн. - Бандзарин дын цины арт дæ мастътл, Æэ дæу тыххæй саразин æппæт дæр.
Хурмæ мæ куы æрвитыс—фæцæуин, Судзин, фæлæ йæм тырнин хæстæгмæ„ Æмæ сау сыгъд цалынмæ нæ бауиц, V Уалынмæ нæ раздæхин фæстæмæ. Раст зæгъын... Æрмæст рæдийын уьшæй, "" Оудзынæй кæй тæрсын æз мæхицæн. Мæн зæххæй цы уарзт хæсса уæларвмæ, Уый цæхæртæй хур тæвддæр куы уыдзæн? Нæй, чызгай, нæ мæ бауырндзæн, никæд, Уый тыххæй нæ дæр^хъæуы ныхæстæ. Æз æнхъæлын: хур мæ риуы сывзæрд, У цыма дæу .тавынæн æрмæстдæр. ФЫДЫ ФАРН, Цытджый лæг куы амæлы, уæд уымæй • Хъæуы йæ хорз æгъдауæй цыт. Куыд хъусын, афтæмæй, мæлымæн, Дæуæн æцæг лæг уыд дæ фыд. Зæгъынц: нæ тарст зындæр куыстагæй, Ахъаз уæд адæмæн æрмæст. Цæрын, дам, уарзта уый рæстагæй^ Фæлæ йæ цардæй байста хæст. Уын загъта, чи зоны, мæлгæйæ: • ■ „Мæ фæстæ баззади лæппу. Æмæ мæ фæндагыл лæугæйæ, г Кæндзæни царды зынгыл фу". Стæй загъта афтæ дæр: „Мæ эгъуыст Ныууагътон.хæлдæй: гом йæ :сæр.« " Кæнын ныр мæт, фæлæ нæ бахъуыд, Мæ фырт æй сараздзæн хуыздæр." 3. Æвзонджы бонтæ.
Йе уыцы тугахуырст ныхæетæ Дæ фыд нæ дзырдтаид бæргæ, , Куы йæ æмбæрстаит æххæстæй,— Ды йын нæ уыдзынæ рæстмæ. Уæууай, нырма дæр хæлд у хæдзар, Нæ дæ ды кусынты æрдæм. Куыд кæсын, афтæмæй, мæ хæлар, •Фыды фарн ацыдис мæрдтæм. МАХ НЕ СТÆМ ХÆЛÆРТТÆ Ды дзæгъæлы мæн дæ хæлар ма хон, Нæй дæуæн хæлар æмгар дунейыл. 0, бæргæ куы уаиккам æмхуызон, Фæлæ, дам, тыхмийæ ми нæ вæййы. Ды мæнæн куы фæкæныс ныхæстæ Æмæ дын æз „ма мæм дзур" куы зæгъын,— Рымыс-иу дæ „хорз" ныхас: „Мæ фæстæ Мауал уæд дур-дурыл дæр нæ зæххыл". Царддæттæг зæрин хур у кæддæрид, Æмæ уый куы ахуыссид цъæх арвыл, -Сау мæлæт æмткæй зæххыл куы ’рлæууид,— Амæлын нæ бауадзин æз царды: Фелвасин мæ хъæлæсæй мæ зæрдæ, {Уарзæг зæрдæ хурæй у цæхæрдæр). Фехсин æй мæ тых, мæ бонæй арвмæ, Хур кæм уыди, уым куыд феста растдæр. Рддтид уый йæ цæхæр тынтæ зæхмæ— Батавид тыхст адæмты фыццагдæр. Фæлæ хъуыддаг афтæ уаид, æмæ Къорд ыскæнид уыдонæй куынæг дæр. и
Басудзид дæ хуызæтты зæрдæтæ, Басудзид къæрных уарзаг зæрдæтæ, Басудзид цагъардомæг зæрдæтæ, Басудзид хæстмæ бæллæг зæрдæт’æ. Æиæ уæд, рæстаг лæджьг куыд фæнда, Цардарæзты афтæ уаид барджын. Ног истори айгæрдид йæ фæндаг, й-1ал æмбæлид цухдзинæдтыл царды. * 1958 аз.*' ^&^\
БАХЪАТЫ НУГЗАР Л Е НИ НЫ ЦЫР Т Æрхæццæ ис лоезд нæхи Сталинирмæ, Фæсахсæвæр хъуысы йæ’уаст. Уый фарны уазджытæ æрласта нæ Ирмæ,— Æскодта сæм буц цырт йæ каст. Йæ иу фæрсты уайынц гуырдзиаг, уырыссаг** Хæларæй йын арфæ кæнынц. Сæ цæстытыл уайы йæ тохы тырыса, Уый дунетæ дисæн хæссынц. Йæ уарзон хъæбултæм йæ зæрин къух дары^ Йæ цинæй ныррухс вæййы æрдз. Нæ радио та йыл мæлгъæвзагæй зары, кадыл фæндыртæ цæгъдынц. Æрхæццæ ис яоезд нæхи Сталинирмæ, Фæсахсæвæр хъуысы йæ уаст. Уый фарны уазджытæ æрласта нæ Ирмæ,— Æскодта сæм буц цырт йæ каст.
ФÆЙЛАУЫНЦ ХУЫМТÆ Сæууон уддзæфмæ Колхозон хуымт-æ \ Кæнынгг улæнтæ. \ .Йæ фæлмæн тын сыл Хур арвæй тауы • »Рæсугъд узæлгæ. Хъæзныг быдырты -Æставд æфсиртæ Ныдзæвынц зæххыл. ♦Бæркад мæнæутæ ^Сæхи фæнайынц . • Сæумæйы ’ртæхы. ’Чындздзон чызгау мын Лæджы цæстæнгас *Сæхимæ ’лвасынц. •Сæ бур дзыккутæ ’Фæззæджы дуарыл Щæвæгмæ фасынц. " 0, *С-:Б1'БА -Раджы Бахшатæ цардысты Сыбайы ’комы иу ран. У.ым ыыр цæрæг нал <ис, фæлæ дзы ис рагон цæрæнуæт- тæ æмæ мæсгуыты пырхытæ. Уыцы <бынат абон дæр хонынц „Бахъаты хъæу". А-уæзæгыл дур дæр нæй дæ карæн, ■0, Сыба, фыдæлтыккон Сибв.1 Ракæн мын дæ рагон кадæг, ракæн: ЗÆамæм кæс дæрддаджы цæстæй, ма: ^ 37
Рагæй мæ дæумæ хуыдта мæ зæрдæ, Уарзтон ам мæ фьГны дæр хæтын. Ам фыдæлты дурынкъуй хæдзæрттæн Абон æз сæ хъæдхъиутыл лæууын. Калд мæсгуытæ, схъуына сты сæ къултæ,„ Фестади мæ рагон уæзæг хъæд. ’ Кæрдæджы бын бамбæхсти æнусмæ Ам мæнæн мæ буц фыдæлты фæд... Пъа кæнынæй не ’фсæдын дæ зæххæн, Фестад мын æвдадзыхос дæ дон. Скæн мæнæй лæггадгæнæг дæхицæн—• Адджын мын у, рагон хъæу, дæ ном. - Уалдзæг тауы дидинтæ дæ хæхтыл, Худы мидбыл де стъалыджын арв. Нал æфты дæ рæсугъд уынд мæ-цæстæй,. Де сулæфт дæр у.мæнæн зынаргъ. 0, зынаргъ дæр ницы ис æппындæр, Бахъуыды бон райсин æз дæ рын. Уарзон зæхх, ныттыхсин дыл тыхджындæр^. - Фæлæ дын фæриссынæн тæрсын. МÆ ФЫДМÆ Мæ фыд, мæ фыд, æвгъау уыдтæ зæрондæн^ Ды арæзтай дæ хъæбултæн сæ цард. Дæ уæхсджытыл сæрибарад æрхастай, Уыдтæ, мæ фыд, сæрибары салдат. Æрцыдтæ нæм æнусон даргъ фæндагыл. Улæф, мæ фыд... фæллад дæ ныр, фæллад^ - Кæйдæр дæлбазыр арвыстай дæ бонтæ,— Дæ цæстыл уайы ’лдары’ехсы над.
Кæд сояты бонты '’фхæрд уыдтæ дæ цардæй,. - Уæд ныр, дада, дæ’ зæры бон ныррухс. Фыдæлтыккон лæг, отыр ысты дæ бартæ,— Дæу барæвдыдта ленинон æнус. ... Дæ урс боцъотæ миты къæрттæй урсдæр^ Кæд уадултыл æнусон царм нымпылд, Уæддæр дæ зæрдæ цьтма ногæй райгуырд, Æмæ, цырагъау,, фырцинæй ыссыгъд. Ды абонмæ кæдæи нырмæ бæллыдтæ!.. Мæ бон дын нæу æндæр хуыздæр зæгъын: Дæ байзæттаджы рухс фидæнмæ ’рцыдтæ Æмæ дын семæ бантысæд цæрын... А Р В Ы К 0 М (Фæндагыл фыстытæй) I ...Абон дæр дзы цæстæнгас ныдздзæгъæл, Терчы дон дзы сыздыхсы уæрдæхау. Арвыком — æхсæрдзæны ныццæвæн, Мигъ дзы ’ртыхсы къæдзæхтыд фæздæгау. Хуры тын æм рахауы уæларвæй, Сал’д цъитийы хъамайау нынныхсы. У азал Терчы .рахсиды йæ" артæй, Амад къултыл зараг дымгæ сысты,— Дугъон бæхау агæпп кæны тигътыл, Цыхцырмæ йæхи фæнайы комы. Рæбынты йæ разæй айсы мигъты, Цæстæнгас дзы иртæсын нæ комы,— 3?4
Райдваст æхсæв, хъал чызджы фæрдгуытау, Вапырх кæны кæрдæгыл æвзист дон. Уалæ хæхтæ авдсæрон уæйгуытау— Денджыз арв сæ донбай риутыл систоп. ; Олæууыд цæргæс дунейы бæрзæндыл,— Арф комы йæ базырт&й нымбæрзы. Фосы дзугтæ сирвæзтысты зæнгыл,— Чидæр фæсрагь уадындзæй ныццæгъды... П Машинæ ыслæууыд рындзыл, сагау. * Хатын, ш улæфын у æнцондæр. Хæхты бæрзæнд—дунеты фæрсагау. Райгуырæн, мæ зæрдæйæн^æхцон дæ. Ацы рындзыл райсомы сзёумилтæм Рахъазынц æнæхъыгдард сычъитæ. Дæлæ асомы урс-урсид къуымбилтæ Бапырдта йæ уæздан къухæй чидæр. - Дур ысхъиуы сæрсæ’фæнмæ тигъыл, 'Ндахы скъуыдтау дæттæ*хауынц коммæ, Уддзæф баргъæвст Хъаз,беджы\цъæх ихыл,— Рæгътыл зæгъ фæуарыд дысон бонмæ. Урс фæрдгуытæ, къæвдайы æртæхтæ, Кæрдæгæн йæ дæллагхъуырты хъазынц. Алы къуьшæй рохы уагъд гæнæхтæ Къорд азты хæрдмæ кæсынц, дзыназынц. Зад кæрдæгыл нард ^осы дзуг уарзын, Мохеуагы уадындзæй цагъд фахсæй. Хохы рындзæй зымтРæ ’хситтæй зарынц, Дæлæ ’дагъы—’хсæрдзæнтæ цъæхахстæй. 1958 аз.
НЛЬЯ ЧЪАВЧЪАВАДЗЕЙЫ ЦЫРТЫ РА*3 - 0, стыр поэт, дæ адæмæн сæ мæтæй Ды батадтæ дæ рагуалдзæдяш царвау. Дæ буц уæлмæрд ныррухс вæййы æхсæв дæр, Æвæццæгæн, фæсудзыс’ ды цырагъау, Нæй ахуыссæн цæрæнбонтæм дæ зынгæн, Мах абон дæр дæ нæргæ зарæг хъусаем. Нæй ракæлæн’цæрæнбонтæм дæ цыртæн, Нæй амæлæн дæ генийæн æнустæм. Дæ кæстæртæ сæ фидæнмæ куы ’рцæуой, Дæу Картли уæд йæ дзаджджын фынгыл мысдзæн. Ирон фынгыл Къоста кæндзæн йæ кадæг> Æмæ уæд уым дæ кадджын ном дæр хъуысдзæн. 1957 аз. МАДЫ ЗÆРДÆ ,Ды а-бæст&й æнафоны фæхицæн дæ, .Дæ афæдзы бон рынцад мад дæ.кæндтæй. Дæ хъæубæстæ дын нал зонынц дæ ин^æн дæр, -Ды байрох дæ дæ иубæстон æмгæрттæй. Ды искуыцæй куы ’рбакæсис дæ хæдзармæ, Цæрынмæ ногæй бакæнис тæхуды. Ныр де ’фсымæр йæхицæн къайаг равзæрста,. Бецау, дæ хо дæр бонвæронау худы. ~Дæ уды хай дæр сæрæй систа саударæн, ’ Цæй, мардыл ма, дам, чи мары йæхи та. Уæд рухсы бадай, кæд дæ маддæ ъау мæрдæй -Йæ- рыст зæрдæйæ саутæ никуы сиса’. 41
МÆ УАРЗТ Нæй, ницæмæ ис абарæн мæ уарзтæн, Нæй циндзинад, нæй ахæм маст дæр. У хохаг суадонæй сыгъдæгдæр Мæ зæрдæйы сырх зæлдæгты æвæрдæй. У карды рацъыккæй тыхджындæр, У дæлæ денджызтæй ыстырдæр. Нæй дидинтæ, нæй хох дæр ахæм, Нæй цад Ирыстоны йæ арфæн. Куы адджын у, куы та,- хæлæрттæ, маст у, Гъе, уый цæрæнбонтæм мæ уарзт у. М А К Æ Ма кæ, ма мын дзур, ма мæ уарз, Зæрдæ хивæнд у, басæтта. Ацы сонт риуы ’нафоны Калмау судзгæ уарзт бавдæрста. Хъазынц уæхсджытыл дзыккутæ Даргъ дыууæ быдæй цырд-цырдæй. Макуы сæ фæуай ’нæрайгонд Уыцы сьгнт базыр æрфгуытæй. Дæлæ денджызы хъазхъуыр дæ, Сты дæ цæстытæ стъалытау. Уæд дæ мæлгъон зард—базырджын, Уæд дæ дзыхы сдзырд, д’алы ’гъдау. Мæн хæххон маргъау ахæссынц Уæлæ сагхъазæн уæлвæзтæм. Куы дæ цинæй дæн базырджын, Куы дæ цæфæй зæрдæдзæф дæн.
Ех, дæ бонæй уай, уастæн дæр, Кæд дæ уарзтæй дæн къулбæрзæй. Ма кæ, ма мæ лидз аууæтæм, Ма кæ, ма мæм кæс зул цæстæй. УАЙДЗÆФ Куы-иу мæ рæвдыдтай зæрдæбын ныхæстæй, Куы-иу кодтай алхатт нæ амонды дзырд, Куы-иу мæм фæкастæ дæ сау рæсугъд цæстæй^ Уæд абон цы фæдæ, цымæ дыл цы ’рцыд. Æдзухдæр дæ фæстæ кæнын æз дзæгъæлтæ, Æз хатын, дæ амондæн ссардтай æндæр. Дæ зæрдæйы уагæн куы уаид мæ зæрдæ, Уæд чи зоны ^артау нæ судзин æз дæр. ÆЗ КУЫРМ ДÆН... Баззайын дæумæ кæсгæйæ джихæй, Буц чызджытæ ахизынц мæ рæзты. Æз куырм дæн. Æз ншгæй уынын, никæй,— Бахаудта дæ буц сурæт мæ цæсты. 1958 аз. Æсуагъта æрдз цъæх уæлвæзтыл цъæх æвзар,. Цæмæй дзы саг æхсæвæй-бонæй хъаза. Æрдз булæмæргъæн схай кодта мæлгъæвзад1, Цæмæй йæ зарын ’гас дупетыл хъуыса. 43^
•Æрдз, радта маргъæн базыртæ мыггагмæ, Щæмæй тæха бæрзонд къæдзæхтыл, тигътыл. • Æрдз дыргъдоны рæсугъд розæ ныссагъта, Цæмæй йæ дарой лызджытæ сæ рцутыл. Дæуæн та радта уыцы сау æрфгуытæ, Цæмæй æваст цæф сæгуытау -ыстыхсон. Дæуæн та радта уыцы сау цæстытæ, .Цæмæй мæ риуы хъаматау ныннкхсой. УАЛДЗÆГ Арвы цæфæй фаркгай ахауд хохы тигъ, . Арс, æррайау, расхъиудта йæ лæгæтæй. Тарст тæрхъусау фесæфти æзноны мигъ, .Доны зæйтæ раскъуыдысты цæгæттæй. ♦ Расыг лæгау, зары ’хсæрдзæн арф кæмтты, Хохыл джихæй баззадысты цъититæ. Х.ур йæ хъарм тын тигъæй-тигъмæ абæтты, . Жаугæрон æфтауы уагълы дидинæг. -Отæры зæнгыл мила фыс йæ уæрыккы, - Хъазы рындзыл хъал сычъи йæ фæстæгтыл, -Зæрватыкк æрцъыллынг кæны хъæууынгты,— Разилы цыты уазæгау хæдзæрттыл... Н Æ ’ (... ’йæн) Ма мын дзурут ацы „нæ", уæ харзæхæй, Цъус, мыййаг, нæ атыдта мæ тыхæй. Иу кæмæндæр цалдæр аз, йæ бонæй уа, Не схаудта æндæр ныхас йæ дзыхæй.
Искæмæй ма ацы дзырд-куы фехъусын, Бауырнæд уæ,—хиньщæр ыссудзын, Чпдæр сахуыр „нæ" дзурын мæ фыдæнæн^ Зæгъгæ, ма мын уый мæ сæфт хур дзуры.. ÆРЫМЫС-МА, Кæм лæууыдтæн æз мæйрухсмæ дæуимæ, Кæм кодта æхсæв адджын хъæбыс мах, Æрцыдтæн та изæрмилты æз уырдæм Æмæ та мæ дзы нал хæссы мæ къах. Æрымыс-ма уæд Леуахи куыд зарыд, Бæрзонд цилтьт сыбар-сыбур куыд цыд, Фæлмæн уддзæф’ дæ сырх къабайыл хъазыд^ Дæ сау цæстыты рухс цыр’æгътæ сыгъд. Æмæ та стылд сыкъаджынчмæй мæ сæрмæ,. ...Ыстъалыты ’рттывд, Леуахийы хъæр!.. Куыд диссаг у, æнæцыд чызгау,'а-хсæв, Фæлæ мæнæн нæ фаг кæны цыдæр... Т Æ Р С Ы Н... Мæ сагъæс мын æгас горæд æмбары, Нымбæхсти мæй—фæсахсæвæр, фынафой. Уæ рудзынгæй мæм рухс йæхи æппарн. Мæ фыддæрадæн балæууыс йæ аууон. ’ Туг зæрдæйæ ныззæй кæны ивылдæй, Уæддæр нæ дæ мæ сагъæсæн йæ зонæг... Тæрсын, чызгай, мæ зæрдæйы риуыгъдæй, Æнафоны куы райхъал уа нæ горæд: 45-.
УАРДН «Сæумæрайсом нæ дыргъдонмæ Хур рухс цæстæй ныккастис. Уым райхæлди бæлл^цаджы Æртæхцæсгом сырх уарди. Цы дзæбæх у пæ адджын тæф, Мæ къухы пæ æз дарин, Фæлæ мæнæн æнд’æр куы у Мæ цйндзинад, мæ уарди. 1958 аз. Æхсæв кæмттæм бахъуызыд, хуыснæгау, Бамбæхста цæ кæрцы счъилтæй рæгътæ. Ног хаст чындзау алкæй къуымты разылд Æмæ ссыгъта хæдзæртты цырæгътæ. Рухс нæ судзы иу æрмæст мæ уаты, Уадзы та нæм тар æхсæв йæ фæллад’. Цæй фæзын, мæ рухс цырагъ, цы фæдæ, -Æмæ талынг сæрысæфт куыд фæуа.
КЪÆБЫСТЫ УАРДЁН ФАЗЗÆТТÆ Мах стæм дыууæ фаззон æфсымæры: мæ хистæр^ Муртаз æмæ æз—Мурат. Нæ ныййарджытæн фынддæс азмæ зæнæг нæ уьтдис æмæ, дам, стæй нæ мад йæхи бар куы нæ уыд, уæд сæ цинæн кæрон дæр нал уыд нæ хæстæджытæн, не ’рвадæлтæн. Гъе, фæлæ фыццаг* бонты нæ райгуырдыл уый бæрц нæ бацин кодтой: „Фаззæттæ кæнæ цæрдзысты, кæнæ нæ!" — дзырдтой,. мæт рсодтой. „Фаззæттæ æртæ къуырийы куы ацæрой, уæд сæ иу дæу у, кæд æртæ мæйы ацæрой, уæд та—дыууæ дæр,"— ахæм у ирон æмбисонд æмæ нæ ныййарджытæ уы- цы æмгъуыдтæм æнхъæлмæ кастысты. Рацыд æртæ къуырийы, рацыд æртæ мæйы дæр, фæлæ нæ амардыстæм. Фондзæссæдз&мбон нæ фыд гал* -аргæвста æмæ комгуывд скодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ зæрдæбын гаджидæуттæ фескъæрдтой комы хистæртæ.. Уæлдай тынгдæр ’куыв’той, мах чп радта æмæ нæ цæринаг чи фæкодтаид, уымæн. Цæрын ный бацайдагъ, уæдæ цы, фæлæ нæ фыд - 47
нæ цинæй" нал бафсæст, нæ афæдзы бонмæ ахицæк ацы рухс дунейæ. . 4 Нæ мад йæ дыстæ арф басчъил кодта; цæвæг æмæ фæрæт райста йæ къухмæ, хæдзарады сæргъ æрлæу- уыдк æмæ, нæ хъомыл райдыдта. Тыхстæй, фæлладæй йе ’взонджы бонтæ арвыста нæ мад, фæлæ йæ бирæ фыдæбон, йæ бирæ удхар йæ сывæллæтты цинæй лицæмæ дардта. Згъордтамуынг1 ты, сæрвæтты, донбылты, хъуыдис- нæ алцы дæр.г хæлц, дарæс, хъазæнтæ æмæ сæ домдтам нæ мадæй. Нæма зыдтам, уыдон иууйлдæр’куысты руаджы аргæ кæй сты æмæ йын мур дæр нæ ’тæригъæд кодтам, фæ- лæ мады зæрдæ фæлмæн у, сидза^ргæсы зæрдæ уæл- дайдæр/нæ тарффынæйыл дæр нын нæ хъæцыд, ту- хæн кодта æмæ нын къæбæр ардта. Мах куыд ас æмæ æнгасæй, афта зæрдæйы уаг æмæ зондахастæй дæр хæрз æмхуызæттæ фестæм. Æвæц- цæгæн, мæ ныхыл мæнæ ацы ныуæс куы нæ уыдаид,. уæд нæ кæрæдзийæ ничи равзарстаид, нæ. дæр хъæлæ- ’ сы уагæй, нæ дæр ныхасы хаттæй. Æнæ кæрæдзи-иу иу уысммæ дæр нæ’фæрæзтам. Нæ куыст, нæ цыд, нæ хъазт æмæ нæ бадт кæддæриддæр уыд иумæ. Уый хорз зыдта нæ мад æмæ ныи цума дæр лумæ кодтаг „Марадзут, мæ хъæбултæ, цу ма, мæ зæрдæдарæнтæ",— дзырдта-иу нæм афтæ. Бедрайы хЪæдыд-иу дыу- уæйæ ныххæцыдыстæм æмæ-иу дон сдавтам, хъæдæй- иу суг дæр æрдавтам бæндæна^й. Нæ мад-иу нæ фæдыл кæсгæйæ баззад, цины сæнт- ты-иу аныгъуылд. „Табу хуыцауæн, уæдмæ мæ хъæ-, бултæ слæгтæ уыдзысты æмæ нын иицыуал уы- дзæн,"—дзырдта-иу йæхицæн. . ч Мæ зæрдыл ма дзæбæх лæууы: иу хатт та хъæд-, мæ пыхсытæ кæнынмæ ацыдыстæм, Муртаз цъыхыры куыд лыг кодта, афтæ йæ фæрæт аирвæзтис æмæ йæ 48
къахы уæлфады суанг стæгмæ нынныхстис. Л&дпу æрхаудта йæ мидбынаты, йæ къахы туг цыхцырæг. ныллæууыдис... Цæмæй æз ма фæтарстаин, уый тых- ’хæй йæхи хъæба/гыр дардта, фæлæ мæнæн мæ зæр- • дæ æрбауынгæг, мæ кæуындзæг фæкъæртт, ч мæхи нал баурæдтон æмæ ныххæкъуырцц кодтон. — Ма ку, Мурат, ницы мыну, — йæ къахлл сы- джыт зæрста, афтæмæй мын лæхстæ кодта. Æз уæд- дæр тыхстæн, куыдтон; куыдта уый дæр. Чй зоны, цас фæкуыдтаиккам, фæлæ нæм уæдмæ нæ сыхаг Дадил æрбацыд, йæ къухсæрфæнæй Муртазы къах’æр- батыхта, йæ цъындайы босæй йын æй бабаста, йе ’ккой йæ скодта æмæ рацыдыстæм. Нæ мад нæ ^уы ауыдта, уæд йæ рустæм фæлæбурдта. Тыхамæлттæй *ма йæ басабыр кодтой нæ сыхæгтæ. Æнæзивæг ’ уадыстæм скъоламæ. Бадтыстæм иу партæйыл æмæ рæвдзæй хызтыстæм иу классæй ин- нæмæ. Сæрд рæуæг куыстыты нæ мадæн æххуыс ’кодтам; хъазыдыстæм хъæлæй, цæугæдоны, хуыдьш- ты "нæхи ладтам, кæсæгтæ ахстам æмæ æнæмастæй цыдысты’не скъолайон бонтæ. - . Нæ конд, не ’гъдаумæ адæм тæхуды кодтой, —фы- ры хъулы хуызæн æфсымæртæ, — дзырдтой хъæубæс- тæ. . Кæй зæгъын æй хъæуы, ныр стыр хæсты тымыгъты мæ сæр æнафоны сурс, кæ ныхы дыдæгътæ бæрæгæй зынынц, цæстытæ къуырф. Зæгъынц, зæгъгæ, нæ фыд уый бæрц хæрзконд, хазрзуынд нæ. уыды. Мах ахæм уынд æмæ конд нæ мадæй рахаетам, уый нæхæдæг дæр фиппайдтам.^Муртазы цæсгомыл уæлдай ,мыз- гъуыр, уæлдай нуæс нæ уыди. Йæ фæтæн ныхыл, фындзы скомкоммæ, цы лæнкау уыд, уый йæ ,уæлдай' уындджын кодта* Йæ бæзæрхыг базыхъхъарæзт уæнг- та^ зæрдæйæн лæвæрдтой æхцондзинад. - 4. Æвзонджы бонтæ. 49
Уæлдæр цы Дадилы кой кодтон, уый чызгимæ иу къуырийы гуырд уыдыстæм: иу хъæуы, иу сыхы хъомыл кодтам, иу классмæ цыдыстæм. Бирæ сывæллоны дзæнгæда фæцагътам иумæ. Би- рæ хæттыты йын бамбæхстам йæ „чнндзы" дзаумæт- тæ æмæ йæ тыччытæ Мисурæтæн. Бирæ хæттыты нæ сардыдта^ гыццийыл, фæлæ та-иу уайтагъд бафидыд- там. Фыдуаггомау.уыдæмæ-иуæйарæх фæхъыг кодтои йе ’мцахъхъæнтæ. Уæд-иу йæ хъаст кæддæриддæр махмæ хаста. Мисурæт хуызæнæй мах хуызæн уыд æмæ йæ чи нæ зыдта, уыдон æй хуыдтой нæ хо. Сывæллоны уарзтæй уарзтам кæрæдзи. Мæнау уый дæр хистæры хатыр кодта Муртазæй æмæ дзурынмæ дæр æмæ хъа- зынмæ дæр мæнмæ уæндондæр, къæйныхдæр уыд. Йе стырæй дæр æй йæ ныййарджытæ нæ иргъæвтой ма- химæ цæуынæй, махимæ кусынæй. Æрыгон чызджы фæлмæн, сырхуадул цæсгом, тъæ- пæн ных æмæ уæлвонг^æвæрд æрфгуытæ, сау евртти- ваг цæстытæ, аив зылд роцъо æмæ тæнæг, фæлæ æна- хуыр рæсугъд былтæ мын цъусгай мæ цæстытæм тын нывæндын райдыдтой, райдыдтой мын мæ зæрдæ æнда- вын. Йæ хъуымбыл дзыккутæ, йæ къуыбыр риутæ зæр- дæ скъæфтой сæхимæ. Ныр иудадзыг ’ йæ фендмæ бæл- лыдтæн, Мисурæт йæ уроктæ ахуыр кæнынмæ арæх- дæр цæуын райдыдта махмæ. Уроктьг фæстæ та-иу нын нæ х^едзары ^митæ кодта: къуымтæ æфснайдта, дон-иу æрбахаста. ^„Гыцци быдыры куысты дæр фаг фæллайы æмæ ацы куыстытæ та мах акæнæм", —*за- гъта-иу Мисурæт æмæ-иузырнаукъуымтыразылд. Йæ иу фæтаст, йæ иу фæзылд дæр зæрдæйыл сагъæс æфтыдта, йæ къухайст бæрæгæй зынд’ къуымтыл. Мах сæм æмгæрон нæ уагъта. — Хæрзныхы дзуар дæ фарй уа, махæн нæ фæллад 50
ягъух чи фæрог кæны! — куыстæй æрцæугæйæ-иу -арфæ ракодта гыцци, стæй-иу, хæрзæфснайд къуым- тæм кæсгæйæ, арф ныхъхъуыды кодта: „Ды ацы къуымтæй куы фæиппæрд уай, уæд мæ мæрдтæм ницы’ бахæццæ уыдзæн". Кæм уыд уæд Муртаз, цы уавæрты уыд? Замана дæр уый у, æмæ уый.дæр, мæнау, пиллон арты сы- гъди ..: Оххай-гъе! Дыууæ æфсымæрæй бауарзтам иу чызджы. Дыууæ сонт-зæрдæйы къултыл сæхи хостой. Кæрæдзи æфсæрмæй цъæх арт уагътам, дыууæ æф— кзымæрæйиу мил систам, иу ранмæ нæ ныхсарæзтам, дыдыстæм æм æмæ уым кæрæдзииыл æмбæлдыстæм. Афтæмæй уым та иуы йедтæмæ дыууæйæн бынат нæ уыдис. Иу æй иннæмæн ныууагътаид хъуамæ, фæлæ- иу иннæйы разæй комгæ дæр нæ кодта. Муртаз тых- -стис йæхимидæг, уымæн æмæ чызг мемæ æмуддæр уыд. Æз та кæстæр уыдтæн æмæ Муртазæн разы бар лæвæрдтон. Æргом’ ницы дзырдтам, нæ дæр дзьт дзурæн уыд, •афтæмæй нæхинымæры æнафоны уарзондзинады ных- мæ карз тох самадтам. Нæхицæй йæ фæсырдтаиккам хъуамæ... Кæд ын хурау банымæггæнæн нал уыд, уæддæр æп хъуамæ анымæг кодтаиккам. Фæлæ ницы, чызг нæ цæсты раз рæзти, бонæй-бонмæ хæрзуынд- дæр кодта. Куыд фæстагмæ ныл уарзондзинад йæ фæд уагъ- та: цæстытæ фæфæл,д;заст сты, æнкъардгъуыз æвды- -стой, зæрдæ хъазын нал агуырдта; фылдæр ^уыстам, фылдæр кастыстæм. Уыцы аз сæндон дæр сарæзтам. Нæ урокты фæстæ куыстам уым, куыстам колхозы. Мисурæты раз кæд нæхи хъæлдзæг дардтам, уæд- дæр-иу искуыдæй-искуыдмæ хъуыдытыл фестæм земæ-иу мын уæд хъазæгау бакодта: — Цыныхъхъус дæ, Мурат? Макæй чызджы ба- V 51
уарз. Нырма раджы у уарзынæн! Астæуккаг’ скъола: уал каст фæу, фæу уал уæлдæр ахуыр, стæи уæд... Ахæм ныхæстæм хъусгæйæ-иу мæ сур хид акал- дис. Муртаз-иу иуфарс йæхи айста. . Йæ .къæйных ахастæй зын .рафæлгъауæн уыди Мисурæты зæрдæ. Арæх-иу худти, „ахуыры разæй: уарзондзинадыл цы æнахъом лæппутæ фæдзурынц",/ уыдоныл. „Нæй, дæма уарзы!..Нæдæр бауарздзæн!"— афтæ-иу дзырдтон мæхицæн, фæлæ йæ ныхас алы хатт „стæйыл" кæй скъуыд, уый мæ дызæрдыг кОдчта. . — Уæ сæрыл хаст фæдæн, уæ гæххæттытæ кæсын уын фаг нæу? Хæдзары куыст, æттæ куыстæй дæр- куы нæ уал æфсæдут!.. Бакæсут-ма уæхимæ, уды сымаг уæ куы нæ уал баззад! Уæ ахуырыл уал баца- удут! Уæ мад нырма уый бæрц нæ базæронд æмæ уæ- къæбæрцух ныууадза! Уæхи æгæр ма ’фхæрут,— дзырдта-иу нын гыцци. ч Уыцы хуызæнæй астæуккаг скъола каст фестæм. Ралæууыд не ’фсадмæ цæуын афол дæр., Иу бон Мур- тазы номыл сидæн гæххæтт райстам. Æртыккаг бон: хъуамæ æфсадмæ араст уыдаид. Фæлæ хъуыддаг аф- тæ нæ рауад. Гыцци фæзæронд æмæ йæ т&нг фæн- дыд, йæ хæдзары чындз куы федтаид, уый. Хъæугæ- та йæ Мисурæты йедтæмæ ничи кодта. Мисурæты. хъуамæ ракуырдтаид, æз æмæ Муртазæй хæдзары чи баззадаид, уый. Фæлæ ^æнæ№ Муртазы разæй уый бакæнæн нæ уыд... Дыккаг бой горæтмæ базармæ цæ- уыны æфсон ауадтæн, æмæ уырдыгæй нал æрбаздæх- тæн фæстæмæ — æфсадмæ ацыдтæн. Æртыккаг бон райстой мæ фыстæг: „Мæ уарзон æфсымæр, ныббар мын мæ хивæнд ми... Дæуын æф-^ садмæ. Фыстæг фыссын фæндагæй. Нæ зæронд мад^ дæ фæдзæхст фод! Дыргъдон зылдхъуаг ма . ныу- уадз"... 52
Мæ фыстæг бакæсгæйæ, Муртаз дурдэавдау фаз- щис—æфсымæры ард ын йæ зæрдæ æрбалвæста. Сын- . тæгыл дæлгоммæ ныххуыссыд æмæ йæ цæссыг калдт^а. ’— Уанцон нæу, гормон!.. Æфсадмæ мах йёдтæмæ никæмæй фæцыд? Лæг куы дæ, чызгау дæ цæссыг цы калыс! — зæрдæ йын æвæрдта гыцци, фæлæ йæ- хæдæг дæр хуыздæр нал чуыд,- Мисурæтæн хабар йæ хъустыл куы ’рцыджс, "уæд фæдисоны уад æрбакодта хъæмæ, мæ фыстæг бак^ст æмæ йе ’рыгон зæрдæ æрбауынгæг, йæ уæнгтæ ныд- дыз-дыз кодтой, гыццийыл йæхи баппæрста, йæ дæл-. лагхъуыр ныттыхст æмæ хæкъуырццæй ныккуыдта. — Ма ку, ма/ дæ нывонд фæуон, дæхи ма ’фхæр!— йæ риум’æ йæ балхъывта, афтæмæй йый дзырдта гыцци. , . , ’ Уыцы бонæй фæстæмæ йæ дзыхы дзаг худгæ дæр нал бакодта Мисурæт, йæ дзедæрæг цæстытæ .фæл- дзастæй кастысты. Уыцы фæззæг ахуырмæ дæр нал •яцыд. ’ • ■ ^ — Æнæ Мурат æз ахуырмæ ^.æ цæуын. ^Муратдмæ лумæ хъуамæ ахуыр кæнæм, афтæ дзырд уыдыстæм, — загъта чызг- æмæ нæхи хъæуы ахуыргæнæджы зсуыст райдыдта. Муртазæн дæр ахуыргæнæджы куыст радтой, фæ- лæ йæ нæ бафæндыд. Нæ хæдзар раивинаг уыд, сæндон, дыргъдонмæ базилын хъуыд, стæй зæххы куыст би- рæ уарзта. Гыцци йын ныллæууыдис ус курыныл. Алцæмæй дæр чындзæхсæв бацæттæ кодта, фæлæ Иуртаз нæ коммæ вдстис. Мисурæты кой. йын кæнын дæр нæ уагъта:' „Мæ- удæгасавй уый ’нæ сараздзынæн!" — дзырдта Муртаз, уымæн æмæ чызджы зæрдæ ме ’рдæм кæй уыдис, уый зыдта æмæ йæ кæд цыфæнды бирæ уарзта, уæд-^ _дæр æй йе’фсымæры зæрдæхудты бацæуын нæ фæн- Дыд. 53
Йæ фыатæджы мæм йæ хъаст хаста гыцци: фæн- дыд æй, цæмæй йын Муртазмæ бахатыдаин æмæ Ми-- сурæты ракуырдтаид. Фæлæ мæ бахатынæй цы рауа- даид, уый бæлвырд зыдтон æмæ æндæр фæнд скодтон. йу бон мæ зонгæ белоруссаг чызджимæ иумæ мæ ныв систон, ныффыстон фыстæг, ныффыссын кодтон мæ зонгæ чызгæн дæр æмæ сæ хуызистимæ хъæмæ арвыстон. Фцстæджытæ райстой æмæ сæ бакастысты: „Мæ зынаргъ бинонтæ, гыцци æмæ Муртаз, ныбба- рут мын, уе ’вастæй ахæм хъуыддаг кæй бакодтон, уый. Ус ракуырдтон... Йæ мад æмæ йæ фыдæн у иу- нæг чызг. Фыд кусы горкомы секретарæй, мад—ар- тисткæ. Ам ахуыр% кæнын æфсæддон ахуыргæнæндо- ны, хуызæй йæ уæхæдæг дæр фендзыстут. Кæд дард стæм, уæддæр-иу уæ арæх абæрæгкæндзыстæм. Зæр- Диаг салæмттимæ. Мурат". „Мæ æнæзонгæ æфсин гыцци æмæ мæтиуМуртаз1 Хъыг уын ма уæд, Муратимæ кæй баиу стæм, уый. Ам Кавказ, хурджын Ирыстон кæд нæу, уазддæр цух ницæмæй уыдзыстæм. Цы нæ бон уа, уымæй сымахæьг дæр æххуыс кæндзыстæм. Рохуаты уæ нæ ныууадз- дзыстæм. Рарвитут мын уæ нывтæ. Уæ иузæрдыг чындз44. Гыцци кастис хуызистмæ, кастис æмæ йæ цины. цæссыг лæдæрот йæ хурсыгъд рустыл. Муртаз маст кодта, æмыр, æгомыгæй куыста, Мисурæтæн ныттад. йæ цæсгом, ничиуал æй федта мидбылты худга^, хъæлдзæгæй ныхас скæнгæ. Иу дзырдæй, ахæм фыс- тæджыты фæстæ мæ ус æрхастыл дызæрдыг нал кодтой, бауырныдта сæ... Муртазы ус ракурыныл сра- зы кодтой æмæ Дадилтæм хатæг барвыстой. Мах никæйы фауæм, кæд нæ чызг разы у, уæд!— уыд Мисурæты ныййарджыты дзуашь Мисурæт дæр 54
уæлд&й ницыуал загъта æмæ Муртазимæ бафидыдта. Фæззæджы> Джиуæргуыбаты хъуамæ чындзæхс,æв уыдаид. Уæдмæ Муртаз ног агъуыст аразыныл уыд— Мисурæты хъуамæ ног хæдзармæ æркодтаид. Фæдæ хъуыддаг æндæргъуызон рауад. Райдыдта Фыдыбæстæйон хæст.| Муртаз мобилиза- цимæ нал фæкаст, афтæмæй хæстмæ ацыд... > Мисурæт куырдуатц баззад. Йæ зæронд æфсинмæ та фæкæсын хъуыд æмæ йæм бацыд, бацард йемæ, сси нæ хæдзары иузæрдыг хицау. Алцæмæй дæр ыл йæ\зæрдæ рыст, æнувыд ыл уыд. Гыццийы уæлдай фездыхсын нæ уагъта. Ахуыргæнæджы куыст кодта, хæдзаръг митæй æнæ кæнгæ ницы уагъта: фосмæ" каст, æмбæндтæ арæзта, суг ласта, куырой ссадта, цæхæрадæттæ куыста, дыргъдонмæ зылд æмæ хæст фæуынмæ æнхъæлмæ каст. Цы йæ сф-æлдыста афтæ æмбаргæ æмæ хæрз- арæхст, цы? Амæ кæсгæйæ мæ мæ дыууæ лæппуйы æрбайрох вæййынц,—дзырдта-иу нæ мад. ’ Æртæ мæйы фæстæ Муртаз фыстæг ’æрырвыота Оау денджызы былæй— Сочайы горæтæй. Хъырыммæ хъуамæ ахызтаид. Уый уыдир йæ фæстаг фыстæг. Уыцы бонæй фæстæмæ дзы ницуал фехъуыстам. Мах хæст æрыййæфта Бресты. Уым нын карз тох бацайдагъ фашисттимæ. Къуырийы бонмæ мæ рахиз цонг фæцæф, иу цалдæр мæйы рынчындоны фæхуыс- сыдтæн, фæлæ мæ къух нал сбæззыд æмæ æрæг- вæззæджы æрцыдтæн хъæмæ. Кæй зæгъын æй хъæ- . уы, æрцыдтæн • иунæгæй. Валя хæсты фæмард> зæ- гъын, ахæм æфсонимæ сымбæлдтæн гыцци æмæ Ми- сурæтыл. Æрæййæфтон ног агъуыст—дыууæ уаты. Бузныг нæ колхозæй—уый фæрцы сырæзт. Гыцци кæд цæстæй фæцух, уæддæр йæ чындзæй йæ зæрдæ рухс кодта æмæ сæрбахъуыды рæстæджы 55
пæчхъару дывæр фæцис, колхозы кусæг зæрæдтæн æмæ йæ сылгоймæгтæн бригадирæй баурæдтой; Мисурæтыл йæ бирæ удхар мур дæр нæ фæзындис. Йæ уынд æмæ йæ конд ныр лæджы зæрдæ тынгдæр цавтой. Æз æм чындзы зæрдæ дардтон ныр, уæдæ цы, æмæ йын ,йе стыр лæггад цæмæй бафыстаин, ууыл хъуыды кодтон. Унцы фæззæг колхозы сæрдарæй кусын райдыд- тон æмæ мæ фæндцдис мæ хорз куыстæй мæ рай- гуырæн бæстæн, нæ хъæубæстæн, гыцци æмæ Мису- рæтæн исты. æххуыс куы фæуыдаин, исты- хорзы сын-куы бацыдаин, Фæлæ диссаг уый у, æмæ мæ уый бæрц хæрзйуæг кæмæн фæндыд, уыцы чындзмæ комкоммæ кæсыныл дæр нымд кодтон. Боны цъæхæй-иу сыетадтæн æмæ- иу фæсахсæвæр æрыздæхтæн, цæмæй Мисурæтимæ арæх ма ’мбæлдаин, цæмæй мæ зæрдæйы цы æнкъард- дзинад уыд, уый ма фæкъæртт уыдаид. Иу бинонтæ— чьшдз æмæ тиу иу хæдзары цардыстæм æмæ кæрæ- дзи фендæй тарстыстæм, кæрæдзимæ дзурын нæ уæндыдыстæм. Мисурæт бæлвырд базыдта, мæ фыстæджытæ мæнг кæй уыдысты, ус мын кæй никуы уыд, уый, ме ’феæнттæ цæй фæдыл уыдысты, уый дæр æмæ ныр цæмæйдæриддæр архайдта, мæн æмæ Муртазы ’хсæн цы æфсымæрон ард уыд, уый сыгъдæгæй хъахъхъæ- ныныл. Æз æмæ уый кæрæдзийæн чындз æмæ тиу йедт^в- мæ кæй никуыуал ницы бауыдаиккам, ууыл дызæр- дыг нал кодта æмæ гыццийы фарс хаецыд: фæндыд сæ, цæмæй усы кой бакодтайн мæхицæн, фæлæ зæр- дæ æмгæрон дæр никæй уагъта, мæ цæсты раз уал- дзыгон-дидинæг æрзад æмæ мæ уый йæхимæ здæх- та, цы сæрфад ссардтаин дарддæр, ууыл хъуыды кодтон. 56
— Æнæ ракургæ мын нæй!.. Куыйæ ракурон, уæд æй, чи зоны,- бауарзон,—хъуыды кодтон хаттæй-хатт. Уыцы зымæг мит дзæвгар æруарыд, Хъызт зымæг уыд, колхозы фосмæ ..зилыны йедтæмæ уабæрæджы куыст нæ уыдис. Уæллаг гьæуæй мæм мæ мады æф- сымæр æрырвыста, чызг мын амыдта. Гыцци та йæ цæгаты. цалдæр азы нал уыд æмæ уырдæм цæуыны ’фсон чызгуынæг фæцыдыстæм. ’ " Иу хъæуыл нæ ахизын хъуыд æмæ уыцы хъæумæ куы схæццæ’ стæм, уæд иу ран суадоны цур чысыл аулæфынмæ нæ бæхтæй æрхы&ткстæм, дон €ын дард- там. Иу хеусураг йæ х^омтæ суадонмæ æрбаскъæрд- та. Йæ уæлæ æфсæддон дарæс, йæ рахиз къахæй къуылых уыд æмæ ^æдзæджы æнцæйтты цыд. Куыддæр мæ-федта, афтæ мæм фемдзаст æмæ, мæ йæ цæст нал иста, Æз хорзау нал фæдæн, æгæр лгæм кæй каст, уый тыххæй фергъуыйау дæн. — Уæ фæндаг раст, хорз ’бæлццæттæ,—салам нын радта æрæджиау. — Дæ хъуыддаг раст уæд, хорз лæг!—дзуапп ын радтон æз. — Вахатыр кæнут, фæлæ кæйæй, кæцон стут? — Хынцæгтæй стæм. — Хынцæгты Муртаз уын исты баххæссыд?—ба-~ фарста та уый. Махæн нæ зæрдæтæ ныссæххæтт кодтой. — Дæ сæрыл хаст куы фæуин, æмæ нын дзы ис- ты бæрæг куы зæгъис,—бæллæгау бакодта гыцци. • — Муртаз ме ’фсымæр у, мæнæ уый та-^-мæ мад, ^ фæлæ...—загътон æмæ дарддæр мæ бон бафдерсын нал бацис. Уый ^ехъусгæйæ, æнæ зонгæ лæг йæ - цæстытæ доны разылдта, иу дзæвгар æнæдзургæ алæууыд, стæй афтæ зæгъы: — Æз уын хорз цау дзурæг нæ дæн, фæлæ йын зенæзæгъгæ дæр нæй. Цомут, хæдзармæ уал нæм ра- 5*
’хизут. Муртаз кæмдæриддæр ис, уым йæ цæрæнбок бирæ уæд, уый мад æмæ уый æфсымæр мæ мад æмæ* ме ’фсымæр дæр сты,—æмæ нын мæсæлæйгæнæгауг нæ къухтæ райста. Цы бвдэæ дзурон, йæ хæдзармæ нæ бахуыдта æмæ нын радзырдта мæнæ ахæм хабар: — Мах Сочайæ- Оау денджызыл цыдыстæм Хъы- рыммæ. Райсомы авд сахатыл Феодосимæ куыд фæ- цæйхæццæ кодтам, афтæ нæ науы сæрмæ фæзын- дысты знаджы хæдтæхджытæ. Науы- уæлхæдзарæп сæ æхстой махуæттæ æмæ дзы иу хæдтæхæг уæл- дæфы сырх зынг фестад, афтæмæй, денджызмæ æр- хауд. Фæлæ иннæтæ бомбæтæ нызгъæлетой. Нæ на- уæн йæ иу фарс фæхуынкъ дон дзы бакалд æмæ цъусгай дæлдон кодта. Мах бæлæгътыл ’рахызтыстæм сурмæ, фæлæ науы уæлхæдзар цы цæстдарæг хай лæууыдис, уымæй фондз лæджы науыл баззад. Уы- донимæ уыд Муртаз дæр, фæлæ æгады бынаты нæ баззадысты. Оурмæ рахизгæйæ нын иннæ æмбæлттæ куыд загътой, афтæмæй зйаджы хæдтæхæг сæ зени- тонæй уыдон æрæппæрстой. Фысым ма нын равдыста, Муртазимæ иумæ исг кæм уыдыеты, уыцы хуызист дæр. Уыцы хуызис- тæн йе ’мбал абон дæр ис нæхимæ. Уым мæ мадæн йæ зæрдæ бауазал, йæ сæрæн нал кодта æмæ дыккаг бонмæ уым баззадыстæм. Дыккаг бон гыццийæн йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд æмæ, нæ фысым немæ, афтæмæй уырдыгæй мæрдджы- нæй фæстæмæ раздæхтыстæм. Муртазыл саутæ скодтам, Мисурæт афæдзы бонмæ йæ саутæ нæ раласта. Йæ зæрдæ срыст, сдзæгъæл,. ссау... ■ Фæлæ уарзондзинад хивæнд у, йæ бон бирæ у. Уарзондзинад фисынмæ бакодта Мисурæтьт. Æхсæв 58
тæрсьш райдыдта. Æнæ гыцци йæ хуыссæны нал .уæндыдис,—фыдæхсæв кодта, фынæйæ сæнттзе цагъ- та, сæумæрайсомы нæудзармау æдзух йæ цæсты æр- тах бадтис, æнахуыр каст кодта, йæ уæнгтæ зыр- зыр ’ кодтой, йæ былты змæлд нал урæдта, фæлæ уæддæр йæхи хъæбатыр дардта, йæ кусын, йе змæ- лын нæ уагъта. Иæ ныййарджытæ йыл бирæ архайдтой сæхимæ акæныныл, „афтæ , æнамондæй кæдмæ цæрдзынæ", зæгъгæ, фæлæ уыдон иуылдæр уæлдай ныхæста& уыдысты—нæ йæм хъардтой. Иу фæсахсæвæр гыццимæ нæ хъæуккаг фæдзырдта, йæ бинойдаг фæрынчын æмæ йæм фæкæсын хъуыд. Мæй..скаст æмæ дуне ныррухс. Мæйы тынтæ уаты фæрссагæй мидæмæ бахьтзтысты æмæ астæрдыл фæрс- сæгты нывтæ æвдыстой, афтæмæй мæй нæ фаллаг уат&й оылгоймаджы цъæхахст æрбайхъуыст. Уысммæ февзæрдтæн Мисурæты уаты. Уый бадт йæ хуыссæ- ны. Йæ урс дæллахъуыр, йæ рæсугъд цæсгом мæйы- рухсмæ тæмæнтæ калдта, йæ дзыккутæ та йæ у^æхс- джытыл пыхцылтæй лæууыдысты. Æз истуг йæ ра- зы сагъдау аз.задтæн, сдзурын нал сфæрæзтон. — Ма тæрс!—æрæджиау загътон æз. -—Фесæф, удхор!—йæ дзыхы дзаг мыл . кæуын-^ хъæлæсæй фæхъæр кодта, стæн йæ рæбынкъæдзтæ йæ уæрджытыл авæрдта, йæ цæсгом йæ къухы æрмт- тæй амбæрзта æмæ ахъаззаг ныгъе-гъе кодта. Уыцы кæуынмæ мæ хъустæ ныггуыргуыр кодтой,. мæ цæстытæ батарытæ сты, мæ сæр разылд, ме уæнг- тæ адон сты æмæ æдых, æгомыгæй йæ дæлфæдтæм: мæхи æруагътон. . Ажхосджын, азымджын уыдтæн Мисурæты раз æмæ мын ницы дзурæн укд. — Гъа!.. Ацы зæрдæ дæу уыд рагæй дэер! Оис 59
æмæ. иæ. н&къуыхтæ - кæр! Мауал æй хъизæмарæй мар!.. -„ т ’ ’ Уый фæстæ цы уыд, уый нал базыдтон. Æвæццæ- гæн, быхсындзинады фæстаг таг аскъуыд, дыууæ цыбæл риуы кæрæдзи тынг нылхъывтой, былтæ кæ- рæдзийыл андæгъдысты æмæ уарзондзинады гуыл- фæнты аныгъуылдыстæм. Афтæ баса^етон æфсымæры ард, басастон, чындз æмæ тиуы ’хсæн цы стыр æфсæрм ис, уый æмæ Ми- :сурæтимæ баиу стæм. Адæм ныл чысыл, хæрз чысыл адзырдт^й, стæй нæ ферох кодтой. Гыццийæн æхсызгон уыд нæ хъуыддаг. Уымæ ра- дяш фæзынд ахæм фæнд, фæлæ йын мыййаг куы нæ сразы уыдаин, уымæй тарст æмæ йæ рæгъмæ нæ хаста.. . Хæст æрынцадис, советон адæм .та хъæлдзæг цард, сабыр арæзтадыл ныххæцыдысты. Мисурæты. рæвдыд цух, лæггад цух нæ уагътам æмæ цадæггай йæ гаччы сбадт, фæфæстинон, фæлæ йæ зæрдæйæн æнкъуысын бацайдагъ. Æнкъуысы •йын абон дæр. Мах иумæ институт фæсаууонмæ каст фестæм: Мисурæт — педагог, æз—инясенер-механик, афтæмæй ног цард, ног фидæн аразыныл иузæрдыг, æмудæй кусæм. Райгонд стæм нæ цардæй, ис нын лæппу æмæ чызг. Ныр дыууадæс азæй фылдæр цæрæм иумæ. Цып- лæрдæс азы та рацыд, Муртазы фæмарды хабар ныл куы сымбæлд, уыцы бонæй. Афтæмæй дзы абон Тбилисæй тел райстам... Æрцæуы... , Æмæ ныр ууыл хъуа!мæ сымбæлон станцæйы. Цы цæсгомæй, цы намыс, цы, æууæнкæй сымбæл- дзыстæм Муртазыл—мæ уарзон æфсымæрыл? т
Б Ы Н Д 3 Ы Г Уалдзыгон райсом. Фæскъæвда арв згъуыдтæ рай~- дыдта. ’Комлæнчытæй мигъы къуымбилтæ ’ уæлæуæа сæхи истой æмæ ,арвы быдырты тадысты. Хæхткг цъушщтыл ма дидтуттгæнаджы мит фæхæцыд/ Дæл:-' дæр, быдыртæ та мæцъæл дардтой. Сахатæ æрын- цадысты, лакъон змæстæй адгуыты ныйивылдысты. Донмарæнты дурты ’хсæн ма къада лæдæрсæн кодта. Уазал дымгæ дымдта, йæхи • хоста дыргъбæлæс- тыл æмæ сын сæ фæстаг æртах, 6æ .дидинæгг æз- гъæлдта, сау зæхх урс адардта. Хъæугæрон/ уæладзыг хæдзары раз„ мæнг агъуы*' сты къулмæ иу ас лæг.адæг цалцæг кодта. Йе ’нæ- хил, æнцъылд цæсгом рагон згæхæрд" æфсæйнаджы- хуызæн уыд, йæ сау цæстытæсæ арф къуырфытæй: фыдæх каст кодтой. Мæнгагъуысты фæстæ—стыр дыргъдон. Уый у фæткъуы бæласæй æмæхгæд, кæмдæр дзы кæрæтты кæрдо, бал æмæ члауи бæлæстæ дæр ис. Вындзыг- йæ адæджимæ архайын. чысыл фæуагъта æмæ хæдза- ры ’рдæм адзырдта: — Нæма рабадтæ, нæ, уыцы ус?! Мауал рабад, куы ма сындидзай, уæд. — Цы та уыд, сæумæцъæхæй та цыч тардзæгъ- дæн кæныс?!—уайдзæфгæнæгау бакодта ныллæгго- мау, нарст ус, уæллаг хатæнæй рацæугæйæ. * ’ — Дæлæмæ рахиз, дæлæйæ, æхсин! Тауинаг на> ацæттæ хъæуы, дæлæ уыцы гæппæл айтауинаг у,— загъта Бындзыг. _. Бындзыг,æн ма йæ дыргъдоны йедтæмæ дæлдæр,. комы донбыл дæр уыд зæхх æмæ ньф уый тауыны кой кодта. Æхсæвы дæвдæгæй хъæдмæ дæр уымæв: 61
ауад: пыхсытæ ракодта æмæ й& адæг бацалцæджытæ -кодта.. — Багъæц уал, гормон, хур æркæса æмæ хуым чысыл фæчъырццæ уа. - — Ды цалынмæ уынаффæтæ кæнай, уæдмæ хур арвы -астæумæ сфардæг уыдзæн,—загъта Бындзыг, стæн усы афарста: *— Уыцы лæппу нæма райхъал? Фæкæсын мæм ба- хъæ^дзæн!.. — Уыцы лæппу ма дын ацы афонмæ хуыссæны кæд лæууыд. Дæлæ адæммæ акаст,—загъта ус -æмæ йæ дзаумæттæ растгæнгæ бынмæ æрхызт. — Адæммæ на, уæдæ йæ хæдзары мæт æркæндзæн! Гъе, уæууай, гъе! Хæдзардаин фырт дзы схъомыл кодтон æз дæр! Уадз æй æмæ иудадзыг Фидарты чызгмæ кæса, æндæр æй ахуыр нæ, хор æмæ дон дæр нæ хъæуы. — Амæй уæлдай йын мауал маст кæн, мæнæ лæг, йæ нывонд мæ сæр фод, йæ амонд цы уа, уымæй йæ нæ баиргъæвдзыстæм, адæм цы кæнынц, уый дæр, уый... — Адæмы фæхъхъау дæр фæу æмæ уый фæхъхъау дæр, кæд æй буц хъомыл уымæн нæ фæкодтон æмæ колхозы сыджыт змæстаид. Мæ сæныччытæ йын сæр- вæтмæ никуы баздахын кодтои, кæд, зæгъын, йæ ахуырыл бацаудид. Уый та мын Фидарты чызджы фарсмæ къæпийæ кусын равзæрста. Фæскомцæдисон, дам, афтæ кæны æмæ колхозы мæтæй æхсæв дæр хæдзармæ нал цæуы... Адон иуылдæр уыцы къæй- ных чызджы кæлæнтæ сты, уый тыххæй фесæфт мæ сывæллон! — Искæйы чыздзы кой ма кæн, мæнæ, лæг. Бын бауа де знаг, кæд дзы цытæ дзурын дæ цæст уарзы... Фауинаг чызг нæу. Цы нæ вæййы,, чи зопы йыл уы- т
цы лæппу æцæг йæ зæрДæ дары’ æмæ нæ вдндз ба- уа, уæд ма йæм цы цæсгомæй бакæсдзынæ? . — Ацæут æмæ йæм кæсынæй бафсæдут ды æмæ дæ фырт, æз уый мæ хæдзармæ не ’руадздзынæн, Мæ. фыдгултæй хæстæг лæ кæнын, Мыдулон, фæлæ дæ сывæллоны мауал хæтæнхъуаг кæн! — Йæ сæрыл хаст мын фæу, кæд æй цы кæнгæ уыныо, дысон сын æмбырд уыд, æмæ уым уыди, æн- дæр... ’ Æмбырды коймæ рæхуыстау фæци Бындзыг,, йæ уæнгтæ адон сты, йæ Дæстыты фыдæх дывæр фæ- фылдæр, афтæмæй усмæ æмдзастæй аззад. Мыдулон нæ лæджы ахæм цæстæнгасыл ахуыр уыд æмæ йæ ницæмæ дар’дта, фæлæ йын æндæр адæймаг нæ бафæ- рæзтаид, æв&ццæгæи. — Цæй æмбырдта сæм уыд цымæ?—бафарста Бын- дзыг. — Кæд колхозонты æмбырд,—дзуапп радта ус. — Ех!—арфæй ныуунæргъыдта Бындзыг,—лæджы йæхи адыл цæрын нал ныууадздзысты. Æмæ та цымæ цæуыл дзырдтой? — Цæйдæр ног уставы кой та кæнынц а-фаестаг ’ бонты. Хæдзаргæрон зæххытæ, дам, хъуамæ сæм^уы- зон уой, æндæр сæ дзыхæй ницыуал хауы. Уалынмæ каудуары хъинцъ фæцыд æмæ’дзы бæр- зондгомау, саулагъз^ йæ фындзы бын гæзæмæ кæмæн фæмил> ахæм æвзонг лæппу æрбахызт, Йæ тымбыл хæрзкоид цæсгом æвдыста тыхстдзинад, йæ къухы— голлаг. — Гыцци! Кæм дæ, кæ? Мæнæ мын ацы голлаг цæрдæг ампъуз, тауинаг ласын æмæ мын лæзæрд ра,зынд. Трактор мæнмæ кæсы,—æнæрхæцгæйæ дзырд- та Арон. — Аттейæ кæнардыгæй!Сæ сотиагдæттæ сæхæдæг яал бампъызтой?Науæд тасæхуымтæ тауын дæр дæу- 63
мæ ’рхауд? Тынг кусын монДаг кæд дæ, уæд дæ хæ- дзармæ фæкæс, кæнæ дæ ахуырыл дæр афтæ куы бацаудыдтаис! —Дада, дæхæдæг куы фæдзурыс:-уалдзæгæн, дам, куы ницы радтай, уæд.дын фæззæг ницы авæрдзæн," зæгъгæ. Колхоз нæхи койхоз у, цы байтауæм, уый нæхицæн тауæм, æмæ цы ’рхæссæм, уый дæр нæхи уыдзæн. Колхоз магусатæн ницы дæтты^ кусæгæн та дзы йæ куыстмæ бардарæг нæй. Цæмæй ма дарддæр ахуыр скæнон, уый тыххæй дæр мæ кусын хъæуы. Стæй, æнæуый; дæр, нырæй фæстæмæ æнæ кусгæйæ нал у. \ I — Цы хабар и, дæ уды нывонд фæдæн, дысон уын æмбырд уыд, мæ зæрде?—бафарста мад йæ фырты. — Уыд, уыд, гыцци. Адæм ныл се ’ууæнк бафтыд- той: бригадирæй мæ равзæрстой. Оæр мæ бахъуыд... Кусын мæ бирæ хъæуы. Сымах дæр мын хъуамæ баххуыс кæнат, фæлæ уал мын мæнæ мæ голлаг ампъуз, гыцци. — Гыцци дæ.сæрыл хаст фæуæд. Ныртæккæ,— загъта Мыдулон æмæ голлаг райста. — Уæдæ ма мын циу ныр! Æгайтма бригадир сдæ, ■ фылдæр, ахуыркæнын дæ хъуыд, цæмæй къæпийæ сау куысткæнын базыдтаис. Хорз кад скодтай дæ сæ- рæн æмæ ма æххæст мах дæр куы хырхиккам уыцы колхозы!—буцтæ кодта Бындзыг йæ фыртæн. — Зæххыты кой сæм кæд нæ уыд? — Сæйраг фарст уый уыд, гыцци: колхозон ус- тавмæ ивындзинæдтæ бахаст æрцыд. Ацы фарсты фæдыл Идар йæхæдæг лæмбынæг ныхас кодта. Ног уставмæ гæсгæ æмбырд аскъуыддзаг кодта ^иу хæ- дзармæ хæдзаргæрон зæхх цас хъуамæ уа, уый- Уæлдай кæмæ ис, уымæн æй исдзысты. Колхозы чи нæ куса, уымæн йæ зæхх бынтондæр ист æрцæу- дзæн. 64
— Сæ уд æрцæуæнт ныр нæ хъæубæстæн, æгайт- ма еын ацы гæппæл исынæн дæр фадат фæци. Гъей джиди, гъей!.. Дæхионæй, дам, дæ бон хорз! Æгас хъугæмттæй дын къах æрывæрæн мауал уæд! — унæргъгæ дзырдта Бындзыг. — Уæдæ бæсты сæфт æрцыд!.. Æмæ ма мах зæх- хæй армы тъæпæны йас дæр куы айсой, уæд,..— ,загъта ус. — Бæсты сæфт нæ,—бæсты рæзт. Ныр алчи дæр. зæрдиагæй колхозы кусдзæн, кусæгдых дьшæр фæ- , фылдæр уыдзæн. Нæ колхоз æнæуый дæр миллион- ты хицау у, уæд ноджы фæхъæзныгдæр уыдзæн æмæ колхозонтæ ноджы фылдæр фæллой исдзысты, куыст- бонмæ,—хъæлдзæгæй загъта Арон. — Уыцы йыхæстæ дæхи хуызæттæн кæн. Æз сын " бирæ-зæхх радтон, кæд сын бæсты цæуы, уæд! Ныр мæ ницыуал ахæсдзысты!—æртхъирæн кодта Бын- дзыг. — Дада, закъоны ныхмæ лæууæй нæй, фæлæ’ уы^ цы дæллаг хуыммæ уæ къах дæр мауал бавæрут, ма йæ байтаут. Уæгъды фыдæбои уьГн фæуыдзæТт,—аф- тæ дзургæ Арон Мыдулонæй голлаг райста æмæ кæртæн феттæдуар. Бындзыг йæ фырты фæдыл йæ цæст азылдта: — Фыдбылызы гуырд! Уæвгæ сывæллонмæ се’взаг фелвæстой æмæ... Бригадирæй дæр æй уымæн аурæд- той, цæм&й та ацы гæппæл дæр сæхирдыгæй ф^еуа! , Хррз, цы мæ ахæссант, уый фендзыстут!.. 1—Закæтты ныхмæ цы дæ бои у, цы?—басагъæс кодта Мыдулон. — Дæуæн цы загътон, уый бакæн! Закъон афтæ нæ зæгъы æмæ рынчынтæ сыдæй амæлой! Науæд дыууæ лæджы стæм... Дыууæ хæдзары стæм æмæ нæм цæй уæлдкй зæхх ис?—загъта’ Бындзыг æмæ зæхмæ ныккаст, арф ныхъхъуыды кодта. ’ 5. Æвзонджы бонтæ. . _ 65
II [ Дыккаг изæр Ароы æмбырдæй рацæйц&д æ4мæ йæ- хйцæн сагъазстæ’ кодта: æгас хъæубэестæ, иу хæдза,- ры бинонтау, æмуд, æнгомæй ’ куы кусынц, /уæд^ ма иунæг мæ фыдмæ ахæм зондахаст кæцæй лфæци?.. Æдзух. æнæфсис, зыд аёмæ кæрæф’цæмæн у? Иуда- дзыг хин æмæ кæлæнтæ цæмæн кæны?, Нæ парт^рг- Фæрæз ахæм зондахаст фæхоны капитализмы. базза- йæццаг. Æмæ, дам^ ахæмты ныхмæ æнауæрдон тох хъæуы, цæмæй, дам, сын сæ зæронд цæстæнгас фе- сафæм. Уæвгæйæ дæр, диссаг у Фæрæз. Æнæу&й йæ хъæубæстæ мадзурайæ хтонынц, дзурынмæ—уæз- бын. уæлдай сыбыртт йæ дзыхæй не схаудзæн,. &ф- тæмæй хъуыддагыл уынаффæ куы райдайы, уæд йæ дзырдтæ йæ дзыхæй, зæлдаг æлвисабгау, фæцæуынц,. . æмæ кæй зæрдæмæ нæ бахъарынц, кæ... фæрæз æм- бырды сæрмагондæй Аронæн та афтæ фæдзæхста:2 " — Ды фæскомцæдисон организацийы секретарь дæ,- стыр тых, стыр хъару равдыстай колхо’зон куыс- ты фæсивæды разæнгард кæныны хъуыддаджы. Адæм - дæр дыл уымæн баууæндыдысты æмæ дæ бригади- рæй уым&н равзæрстой; Фæлæ ныр дæ бæрндзинад> ’ дæ хæс ноджы кæй фæфылдæр^уый хъуамæ æмба- рай. Æмæ нæ ныфс ис, фæлæ ма нын иу хъуыдда- джы зæрдйаг æххуыс хъуамæ бакæнай. Дæ ныййгар- джытæ дæхицæн хуыздæр никæмæ байхъусдзысты, дæхицæй хуыздæр семæ ничй баныхас кæндзæн. Кол- хозон куыстæй^ сæхи кæй тылив кæнынц, уымæн кæ- рон скæнын хъæуы. Дæхæдæг байхъуыстай æм:æ ба- зыдтай ног уставы домæнтæ. Нырмæйау" ма йумиаг куыста&й сæхи куы ласой,* уæд колхозæй.' ацух æр- цæудзысты. Æппæт ацы хъуыдытæ хæлбурцъ" кодтой Ароны 66
сæры, афтæмæй сæг хæдзармæ бах,æццæ. Хæдза^ы йæ «ады бадгæ баййæфта. , ... " — Гыцци, дада кæм ис? ’^ — Дæлæ хъæусоветырдæм ахъеллау кодта, — загъ- та%ус. ’ . — Гыдци, цæмæн баластат уыцы .хуым? Куы уын загътон, армгæрон дæр æм ма ’рцæут?! — Уæй, нырма нын куы ничи ницы загът.а, уæд ды рагацау йæ радтыныл цы стыхстæ? Науæд рын- чййтæ куы стæм, уæд ~нæ *цы айсдзысты! Дохтыры’ гæххæттытæ нæ къухыкуы, сты..** \ — Чи у рынчын? Ахæм~худинаджы митæ сымах йёд- тæмæ йзæ сæрмæ ничи хæссы. Уæхи адæмы цæсты ба- фтыдтат, уæ кад, уæ фарн фесæфти хъæубæсты ’хсæн. —^Кæй ^ цы хъуыддаг ис, кæнæ кæй цы хъыг да- .рæм? — мæсты кодта мад/ - , -—Ныууадзут ацы цæстфæлдахæн митæ, гыцци. Адæммæ уæддæр акæсæм, бафæзмæм сæ æмæ ныл мауал худой. Ау, иунæгæй хъæды халон дæр куы;нæ Цæры.., Мæнæн уæддæр фæтæригъæд ^гæнут, адаймы ’хсæн, æмгæртты рæгъы мæ ауадзут* — лæхстæ кодта Арон. ^ — Адæмы рæгъы цы цæуай, уый дын фестæт г.ыц- • цд! Мах дæр ^дæуæй нæ уæрджытыл лэеууæм. Дæу тыххæй фыдæбон кæнæм. Дæ фыд изæры дæр щ кой кодта: кæд, дам, уыцы чызг йæ зæрдæмæ цæуы, уæд, ^ам, тæккæ сом дæр Фидартæм минæвар барвитын хъæуы. ’ _ ’ - Чызджы . коймæ Аронæн йæ зæрдæ ныссæхх&тт кодта, къултыл: йæхи ныххоста, дзурын ницыуал сфæ- рæзта, афтæмæй иннæ хатæнмæ йæхи айста, ,йæ ,цæс- ты раз æвзонг чызджы фæлгондз лæууыд, хъуйзгæ, къазмдзæстыгæй йæм касти. Йæ хæнтсау цазстытæ доны зылдЬгсты, æртах сæ бадт æмæ æрттывтбй. 67
... Уыцьг ’хсæв сын куывд уыд æмæ уырдыгæй цыдысты. Арон æмæ Зæлда иу сыхы нæ цардысты, æмæ æнафоныг Зæлдайы ахизынкæнын хъуыд. Зæлда, иннæ лæппутй хъауджыдæр, Ароны мæкъуыстæгыл фæхæцыди æмæ иумæ ацыдысты. Фæстийæ сæм лæл- путы хæлæггаенæг’рæмпъузæя дзыр^тæ æрбайхъуыст:' — Цары фиу! — Коса Бындзыджы фырт æмæ Зæлдайы амонд иу! Æнæуый дæр тынг къæркъæраг æвзаг нæу Арон, фæлæ уæд бынтондæр байгомыг, бамыр, афтæмæй йæ дзуринаг та цас уыд] цас!.. Чн зоны, кæдæй нырмæ хъавыд Зæлдайæн йæ зæрдæйы рис зæгъынмæ... Æм- мыст ныр ын уæддæр куы зæгъид исты, фæлæ нæй* дзурын нæ фæрæзта. йскуыдæй-искуыдмæ-иу Зæлда цыдæртæ дзырдта^ фæлæ йын Арон йæ дзырдтæ’ хъусгæ дæр нæ кодта, æгомыгæй-иу йæ сæр батылдта, афтæмæй Фидарты каудуары раз куыд -балæууыдысты, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Ам Зæлдайы хæрзбон зæгъын фæндыд лæппуиæн, йæ къух ын хъуамæ райстаид, фæлæ йæм Арон йæ къух нæ радта, уыцы æдзынæгæй æрмæст чызджы цæсгоммæ каст æмæ тых улæфт кодта. Мæй арвы астæуæй уарзæттæм рæдау худт. Суинаг амон- дыл уый дæр радис. Зæлдайы урсцъар цæ-сгомил: мæйрухс ахъазыд, тæмæнтæ акалдта, йæ цæсты æр- тах фæбадт æмæ дзы мæй ленчытæ систа. т Уый уыдис сæ хъысмæты райдайæн, уæд сæ уар- зондзинадæй ард бахордтой, кæрæдзийæн фидар дзырд радтой. Оæ дыууæ дæр хъæуы баззайдзысты, дыууæ азы колхозы бакусыны фæстæ иумæ, инсти- тутмæ фæсаууон ’ экза{Æен ратдзысты, стæй чындзæ- хсæвскæндзысты. " Уарзæттæ хъæуы баззадысты æцæгдæр æмæ ^сол:- хозы иузæрдыгæй кусын райдыдтой. Арон уайтагъд 03
дæгдар сси, уыимæ уыд фæскомцæдисы секретарь. Иу цалдæр’ мæйы фæстæ та йæ бригадирæ.й;раввæрст.ой. Зæлда .■ куыста < фермæйы æмæ * районы раШзагондæр хъугдуцджытæй сæ иу уыд. Хъæубæсты дзырдмондаг устытæ арæх дзырдтой: — Дæ-дæ-дæй, кæмæй фæци уыцы лæппу, кæмæй? Цы ’гъдауджын, цы бæззон у, фæлæ уыцы мад æмæ фыды цур цы ’фсир сыфтаудзæн Зæлда?.. Гъе, фæлæ сæм чызджы мад хъусгæ дæр нæ код- та, сæ ныхæстæ сын мурмæ дæр нæ дардта. — Кæд йæ амонд уый фæци, уард ын раарфæкæнын йедтæмæ мæ бон ницы у, —дзырдта-иу сын Зæлдайы ъсад. Бындзыгæн та хъыг уыдысты йæ фырты митæ. Рагæй’дæр йæ фырты хистæр скъоламæ радтыныл хъуыды кодта, фæлæ уыи хивæнд разынд, колхозы куыст равзæрста. Ароны „æвзæрæй баззад" Бын- дзыг фидарты чызджы аххос кодта, „уыцы фыдных чызг ыл сагъуыд æмæ йæ уымæй йæ къах нал. ахас- та",—хъуыды кодта лæг æмæ йæ хурхмæ марæн кæрдтæ хаста. Фидарты чызджы кой кæнын дæр нæ уагъта. Ныр къæссавæлдæхт фæцис^ Фидартæм ха- тæг барвит^ хъуамæ... Йæ зæрдæ сæм фæфæлмæн/ Чи зоны, цы фæнд скодта,—йæхинымæры дзырдта Арон. Уæдмæ йæм кæртæй Бындзыджы дзурын æрбай- хъуыст: — Уыцы лæг мын горз баныфсæвæрдта. Нæ хъуыд- даг хорз уаид, фæлæ та а-рæхион сразы уыдзæн?.. Дæхæдæг дæр æм куы бахатис, Мыдулон. . — Цы хъуыддаг та у, ацы лæг? , — Дæлæ хъæусоветыг сæрдармæ уыдтæн. - •*Дыууæ хадзарыл, зæгъын, нæхи ныффыссæм, цæмæй нæ гæп- пæлтæ нæхицæн баззайой. Æмæ, дам, кæд дæ.фырти- ма^ байуæрстай, уæд, дам, уын уæ уæрцы ,гæххæтг -сфйдар’ кæндзынæн. ’ 69
— Унй т’а куыд? Уаргæ? Дæ-дæ-дæй, ацы *цæгг цæмæй зæрдæ дын ис, цæмæй? Йæ зæгъын дæр куыд дæ цæст бауарзта? Йæ нывонд мæ сæр фæуæд, æнæ- уый дæр цыдæр мæсты у. Уæртæ йæ.сынтæджы нш> хауд æкæ... Бывдзыг хæкъуырцц улæфт ныккодта æмæ афтæ- зæгъы: ^ — Уæдæ мын цы кæнын кæныс, цы, Мыдулон, хъæ- булы хъомыл цы талаты фæкодтам, уыдон ньф искæ- мæнкуыд радтон?!~-æмæ дыккаг хатæкмæ йæ фырты фенынмæ бахы&т. Мыдулон дæр йæ фæдыл бацыд. Арон уæдмæйæ ныййарджыты уынаффæмæ хъуыс- та, йæ фыды ннхæс^æ йæ зæрдæйы арцау ныхстысты. Бындзыджы зæрдæ Фидартырдæм цæмæн фæфæлмæн æмæ семæ хæстæгдзаинад цæмæн кодта, уый ныр бам- бæрста. Фырмæстæй йæ хуыссæныл фæбадæг æцæ афтæ зæгъы: - . — Дада, дог мæнгарддзинад та сфæнд кодтай, нæ?! Нæ, уый дын нæ бантысдзæн. Æгъгъæд у! Бындзыг хæдзары астæу лæугæйæ баззад, сыбыртт йæ дзыхæй не схауд, йæ, къух 4 йæ ныхмæ схаета æмæ дзы йæ, цæбтытæ бамбæрзта, катай кодта. Ныд- д;ыгъуырццæг. ’ - ’ III ’ Дыккаг къуыри зæхбарæг камис хæдзаргæрон фад- . гуытæ барын райдыдта, æмæ Бындаыгт^ хадзя/рвдæ дæр æрхæццæ сты. Дрод камисы уæнг нæ уыд, ф^- лæ семæ % æрбацыд. Бындзыг зæхбаржщчвдр , загъд кæй. самадтаид, уый зыдта æмæ йæ зæхх йæхæдарг йар^та. . З^х^бард^сывдауынгæйæ, Бындзыгæнйæ мастадæн- Гæл, ’йæ зæрдæ рацæйтыдта, сдзурьш нал баф^- рæзта, афтæмæй сæм фыдæх цæстæй кастй, Искущ- 70
дæй-искуцдмæ-иу йæ дæцдæгты хъыррыст æмæ йæ карз съш-сым^райхъуыст. - - • ; — Ахæц, дзæбæх æй айваз!—дзырдта / иу барæг иннæмæн. ’ . — Мæ фыддæрадæн æй куы яæ аскъуынат, уæд уæ бинонтæ сыскъуыйæнт! —йæхи налбаурæдта Вындзыг æмæ сын сæ мæрдты хурмæ скалдта,.. , -. , Барджытæ барæн кæй ивæзтой, уы’мæй сæ вдша, Бындзыдэкы зæххæй фылдæр ратонын фæндыд, .Бадн’- дзыг афтæ æнхъæлдта æмæ алывыд калдта. - Бындзыджы зæхх барст фæци. Зæхбарджытæ аны- мадтой, аныхас кодтой^ стæй Арон йæ фыдмæ бадзырд- та: ’ . — Дада, дæллаг хуым ахаудзæн æмæ м& дыргъдон- æн дæр йе ’рдæг. Фæлæ дæллаг хуым кæд нæхдГ-. цæн уадзæм, донхæрæг кæй чцæуы, уцй тыххæй, у.æд ма уый хыгъд дæр дыргъдонæй хъуамæ аппарæм. Бцндзыг йæ фыртмæ йæ цæст нал сраст кодта, аф- тæадæи зæгъы: ч -^-Радт сæ иуылдæр, хæдзареаф,,кæд дæхи дæрын нал хъæуы, уæд! Дæ фæлтау/иу гæды куы схтЕ>омьш уыдаид мæ хæдзары, уæд мыстытæ ахстаид. ". Арон нйцы сдзырдта. Бел райста, дыргъдоны ас- тæу лыхъх)ьытæ скъахта æмæ дзы арæнвæдзен дæр-, гъæццон дуртæ хъен сывæрдта. Бъщдзыгфн йæ уæр- джытæ йæ быны фæдыдагъ сты æмае йæ мидбрнаты бадзойдзой кодта. Æрæджиау хъеллæуттæгæнгæ сæ хæдзармæ ацыд. Цзæрæй арв æрбацасæста æмæ æртæхтæ æппæрста. Бындзыг стыр ^цыргъ фæрæт райста æмæ дыргтьдоны ’рдæк араст. Дыргъдоны астæу арæн рысгæрста, æ^æ тасыл фалдæр стыр фæткъуы бæласы бынмæ бадцд.. Фæцæт - дард фæхаста æмæ* бæлæсæн „гъа-а-уæдæ" чдзургæ ахъаззаг цæф фæкодта. Фæткъуыбæлае бындэарæй ныррызт, ныхъхъаерг 71
зьЕДта æмæ йæ хъæрзын цыма Бындзыгмæ дæр.фе- хъуыет. Бæлас йæ цæссыгтæ æрызгъæлдта æмæ дзы - БындзыгДæр схуылыдз... Лæг йæ мидбынат цавд дурау фестад, æдзынæгæй аззад, ныхъхъус... Стæй уæд иæ фæрæт нуварс ахс- та æмæ бæласыл йæхи бапнæрста, ныттыхст æмæ йын йæ хъæдгомыл йæ к’бухтæй, кæрæдзимæ бахæ- цыд; йæ ных æм бахаста, банцой йыл кодта эемæ йæ’ цæстытæ доны разылдта. IV Бонтæ цыдысты. Бындзыгæн йæ дыргъбæлæсты аргъ, йæ куыстмызд колхоз бафыста, уæдæ цы! Фæз-, зæг дæр æрлæууыд. Уыцы аз сæ колхозы тыллæг æрдхæрæн фæци: зæххæн уæз кодта, ныккæнæн ын нал уыд. Колхоз тыдлæг уарыныл ныллæууыд, Бын- дзыгтæм уæрдон уæрдоны фæдыл цад,- фæллой< сæм ластой. Арон бына’ты нæ уыд: институтмæ экзамен лæвæрдта. — Атæппæт/иу-лæджы куыстсты? Уагæры дзы æр- тæйæ куы бакуыстаиккам, уæд ма нæ фæллой кæм бафс’найдтаиккам?— йæхияымæр дис кодта . Бындзыг æмæ йæ сæр фæсмонгæнгæ тылдта. Мыдулон дæр йæ нард уæнгтæ рог хаста, рог змæ- лыд. Йæхъæбулыкой кодта, йæхи йын нывондæнхас- та, йæ лæгмæ:иу уайдзæф баппæрста, Аронæ’н-иу æнæ хъуаджы; кæй маст кодта, ,уый тыххæй. ’’ Бындзыг æмæ Мыдулон сæ . хордæттæ хойрагæй байдзаг кодтой,\къæбицтæ æмæ хæндгуыты ’ дыргъ æмæ урсаг нал цыдыеты, сæц æ’мæ цæхæрадоны хал- сарг янна-хæм. . ,_ . . , ’ \ 72
Уыды изæр Бындзыс Мыдулбнаен сæ рынчьтныгæх- хæттытæ лагъзæй сисын кодта ’ æмгё сæ "асйъуыдтæ :-годта: '• • — Не ’фсин, адон худинаджы гæххæттытæ уыдысты. Æнæниз уæвгæйæ дæхи рынчын хон... Нæ фæсонæр- хæджы дæлимонæн ахстон уыд, нæ зонд нын хæццæ -;одта, нæ щæстытьгд нын фæдн æвæрдта æмæ нæ развæндйг нё ’взæрстам. Тæккæ райсом Ароны брига- дæмæ бацæудзыстæм.
*-ч> ЕОЗАТЫ ВЛЛДИМИР ÆВЗОНТАД .- Рæетæг размæ уайы/-уайы,' Уымæн бауромæн нæй. ч Цины малы зæрдæ райы,. Мад—ныййарæг зæхх, дæуæй^ Цадæггай ивгъуыйынц м’азтæ, Шей, нæ сыл кæнын фæсмон. Уадз, нæ фидæиы, нæ €æстæ,/ Дæу фæрнджывдæрæй уынон! Махмæ магуса æгад у, -, Йемæ ’взоягад нæу æмуд. Цардæн ахæм гуырд^ æмбал у, Куыстыл чи хъары нæ уд. Райгуырæн, æвзонгад, уарзон,- У сæ сæрвæлтау мæ куыст. Уымæк.дæн æваонг,: фæразян,, Стæй зæронддзийадæй хызт!/ 1957 аз.
ТУЛДЗХЪÆДЫ РÆБЫН I 1 Цадæггай фæцщуы фæззæ.г, Хохаг карз зьшæг æрхæстæг. Мигътæ таргъуызæй фæлгæсынц, Кæмттæм зцвæгæй фæлæсынц. Хъæды бур дарæс ызгъæлы, Добы хъæр къуырмайæ зæлы. Акæс, тархъæдты ма дардæй Нæзытæ фæзы.нынц тарæй. Фмæст куы сысты стæм хатт дымгæ,— Бæлæстаа кæрæдзц хойгæ, Ихуарды уынæр фæкæщлнц, Сыфтæртæ бьщæуæй згъæлынц. Рог мыл бæлæстæ узæлынц, Зæххыл с ’аууæттæ æзмæлынц. Сусæг, зонгæ унæр хъуысы ’ Æмæ æз мæ фыды мысын. 2 ’ Уæртгр чкъахвæндаг, къæдз-мæдзы/ Ронау, адаргъищæ рæзты. ’ ^ 'Нæмæт сабд ма куы уыдтæн, Гъе, уæд ыл дзæвгар фæцыдтæн •Æз мæ фыдимæ нæ хуыммæ. Ныр кæсын æнкъардæй уымæ... Мысын: нард уæрцц-иу куы. стахтн,— Зæр^æ цины малы хатти. Бæлæстæ, сæ цæнгтæ ’вазгæ, - Иугай уадысты мæ размæ. Х-ъæд-кцу^ айгыггьта^-йæ хъæбй^, Стæй-иу й’едыдарс ццдаæхыс.., Аууæттæ, кæрæдзи сургæ,
Радгай уадысты нæ цурмæ. Сыфтæр сыфтæры йæ бьшы Кодта тулдзхъæды рæбыны. Хъæды сусæг хъæр нæ сысти, Къæцæлты къæрцц-къæрцц дзы хъуысти. •о О Арвмæ тулдз бæлас фæфардæг, Цыма хъæдæн’ у йæ дарæг, Уыйау акасти йæ сæрты, Хихтæ ауагъта бæрзæндты. Уый ыстæм рæтты фæхустæ, Бирæ йыл цæуы æнустæ. Уддзæф къалиуты ’хсæн сæфы, Хт^уысы сыфтæрты нвдзæвын. Тулдз, йæ хъæбултау, куы уарзы Талаты, Йæ арм сæм дары... ’ Ам мæ фыд улæфын уарзта, Фæскуыст-иу йæ фæллад. уагъта. Тулдзау мæн æдзух рæвдыдта,— Уымæн æз уыдтæн йæ тала. 0, куыд зарыдтæы уæрæйдæ,— Рухс уыд уый ныфсæй мæ зæрдæ. Мысын: цин, рæвдыд’ ныхæстæ, ( " Уый фæстаг фæхудт, хъæбыстæ.. I Дæр дæхи хъаруйæ,—заг’ъта, Стæй мæн сидзæрæй ныууагъта, Ардтон ын йæ ном цæссыгæй, ... / Фæлæ ма цы цыд мæ хъыг.æй... ,' Уый номæй уыдтзен æхсарджын, '• Уый номæй у&дтæн æ’з барджьш. ’ "
Йемæ алы хатт куы цыдтæн, * . Хахбæрзæндтыл-иу куы зылдтæн. Хæхтæм, арф’кæмттæм-иу кастæн Æмæ уыдон уындæй радтæн. Уæд мæ уадындзы æмзæлдæн Уыд æмбал еæ зарæг мæргътæн. Къздйтыл, къæдзæхтыл, гæдыйау, * Каст бырын мæнмæ уæд цинау. Уарзтон зад хуымтæн сæ.ферттывд,— Дардыл дымгæмæ сæ фæйлыд. Уарзтон рог улæнты хъазын, Уарзтон дæтты хъæлдзæг зарын. Рæстæг сæрды, хъарм æхсæвты. Фвыстон ме ’мбæлттимæ рæгътыл. Арвыл стъалыты нымадтам, Фæлæ сын нымæц нæ ардтам. Атахт уыцы рæстæг фатау, Фæлæ зæрдæ судзы артау. , 5 0, мæ фыд, мæ фыд, куыд дарддæ... Æз дæу мысгæйæ куыд тадтæн. Уæд тæргай лæппуйау бадтæн; Де ’рцыдмæ æнхъæлмæ кастæн... Не ’рцыдтæ, уæддæр дæн демæ, Ис дæ уарзон фæлгондз мемæ. йс, æмæ нæ кæны тары, - Уый йæ цæстæнгас фæдары . Уарйонæй æдзух йæ фыртмæ: Уæд ’йæ алы балц, йæ куыстмæ^ Феныс уæд дæ фырт кæй ас у, Нал ын дзурыс „хуымты ма цу". Ногæй фæтæнты фаезилæм Æмæ зарæгмæ куы сидæм.
...Æрдз та базмæлыди рогæй. Мæргъты зарын зæлы ногæй. Куысты хъæлдзæг унæр хъуы’сы, К&мы доны хъæр нæ сысы. Ног та раулæфыд уддзæф, Ногæй та фæрог мæ улæфт. ...Мæймæ ис лæгæн ыстæхæы, Фæлæ нæй дæуæн æздæхæн. ^ - 1 1957 аз. - ’ УАРЫН Уарыди дысон тæрккъæвда,, Цыхцыртæ кодтой æмдзæгъд. . Æвгты къуырцц-къуырццгæнгæ хоста, Бæлæсты нал уагъта уæгъд: Райсом фæтынгдæрис уарын. йу æртах иннæмæ сидт. Дымгæ дæр райдыдта зарын, * Райхъуыст йæ тызмæг æхситт. Агуры ’мбæхсæн бынæттæ, Раст цыма суры к^эйдæр, Уæлхæдзар, холлагдон хъæдтæй-1- Асгары алы ран дæр. Къæвда æзгъфры фæдгæнгæ Адгуыты, хт^угомгæрон, Стæй та йæ къадатæй кæмтты . Аназы тагъдуаййг дон,
Тархъæдтæ, цæдтæ ’мæ хæхтæ Дарынц хъуынтъызæй сæхи, Зæгъимæ митуард æсхæццæ Æмæ æнæнцой фæци. Фæззæг йæ бур бæхыл абадт, Схуылыдз. Ныууарыд ыл шгг. УайтагъД фæлидзыныл. Атахт,— Зымæг ыл кодта къуыззитт. 1953 аз. Вонæн йæ фæндаг фæтæссар/ Хурæн фæсасти йæ тæвд. Мæнæ бæгънæг æрдз, мæгуырсар, Уазалы цъиуау ныргъæвст. Рарттывта ног уард мит хæхтыл,—. Хурмæ сæумæйæ сырхбын. Зымæг нын арвы тыгъдæдтыл ’ Дысон æрырвыста хуын. - ’ ’ 19э8 аз. ХЪÆДВÆНДАГЫЛ Айтыгъди бæрзæндтæй коммæ Тар хъæд. Рæсугъд уыд æзнон. Дысон æй хоста уад бонмæ, Бакæо. æсбæгънæг бынтон. Сыфтæрты ’нæвгъауæй дымгæ ВаЙтыгъта бæлæоты бйн. Хйтт ма фа&аыны быгъдæгæй Къуыпп рæтты фæндаджы был.
Раст цыма митæй ныхъхъæпæн,— Уадзын лæгæрдгæ мæ фæд. Айсæфт йæ сырх дарæс хъæдæн, Гомгæрццæй разынд æппæт. Агъæц, куы фæлмæцай тæвдзы,— Ногæй та аууонæн уæд Фкæндзæн йæ цъæх нымæт сæрды Уарзонæй цинимæ хъæд. » 1958 аз. ФÆЗЗÆГ Хъæды дарæс артау судзы, Бæлæстæ зынынц зынгæй. - Зæрдæ скъæфы, риу рæмудзы Æрдз йæ диссаджы уындæй. Фæззæг^ афтæ тагъд-тагъд ма цу. Цæй-ма, иу чысыл фæлæу. 'Кæнæ афтæ рæсугъд ма у,— Бирæ ма уарзон æз дæу. 1958 ?.г. Æрбады, фæхъазы Нæ тыргъы рæсугъд цъиу. Фæкæны мæ разы Зæрдæбынæй цъиу-цъиу.
Гæпп-гæппгæнгæ уидзы Цыдæртæ уый зæххы. Цæр дæг-цæр дæг хизы, Куы мæ фены,—стæхы. Мæныл уый æууæнкæй Йæ зæрдæ нæ дары. Æрмæст мæм æмбæхстæй Мæлгъæвзагæй зары. 1957 аз. # * Хъæды фæндаггæрон райгæ - Тулдзыл тæрсы цонг æстыхст. Цыма стыр бæллнц æвзаргæ Уарзон уарзоныл ныттыхст. Дымгæтæм нæ кæнынц тасгæ, Уарзт сæ хъахъхъæны зынæй. Æмæ сын, цыма, мыггагмæ Нумæ ракæлæн дæрнæй." ^ '1955 аз. Фæизæр. Фæныгуылы хур. Нынныгъуылди аууоны хъæу. Æрæгвæззæг ноджы ныббур,— Йæ дарæс куы кæны зæу-зæу. . 6. Æвзонджы бонтæ.
Кæмдæрты фæбæгънæгис хъæд, Йæ бахъуыдыл чи кæны кой... ’ Æрра дымгæ, ма ’внал! Æгъгъæд... Радт бæлæстæн иу цъус æнцой.* 1958 аз. V»* Хур бæрзонд хохæй ныттылди ’Мæ йæ сырх зæлдаг ныттыгъди. Хъарм, сæрдтон æхсæв рæвдыдæй Сыфтæр сыфтæрыл -æрфынæй. Уæртæ, цъæх нæууыл рæбынæй Бады сау рæсугъд æмырæй. • Систой стъалытæ сæ гамхуд, Мæй дæр æм йæ мидбыл бахудт. Чызджы аскъæфынмæ хъавынц, Гом цæнгтыл сæ тынтæ хъазынц. Талайæн йæ цонг æрныллæг, Уымæн йе уæхскыл æрныдзæвд. Ох, йæ цуры æз куы ’рбадин,— Чызджы талайæн куы радтин. 1951 аз. ■ КЪОЗЫ ЦАД 0, Къозы цад, æххæссыс дардыл, Тæссармæ дæм æрбакаст хур. Гаёзæмæ дымгæ симы арвыл. ( У фæззæг. Хохаг хъæд фæбур.
Дæ былтæм къутæрты фæнайыс, Кæные дæ къæдзæх фæрстæн пъа. Дæ азтæ бонтау ды нымайыс,— Æсхæцыд кæлдымтыл хъуына. Вæллыдтæн рагæй дæр дæ фендмæ, Æхцон мын—улæнты сæр-сæр. О, Къозы цад, хæларæй демæ, Тæхуды, мин азты фæцæр! 1956 аз. ФÆСКЪÆВДА Мигътæ та къордгай фæстæмæ Айстой кæдæмдæр сæхи. Акæс, ныррæсугъди бæстæ.— Дысон ныннадта йæхи. Дон цыма зынгыл æркалди,— . Уадзы йæ комулæфт зæхх. Дзыхъхъыты къæвда ныббадти, Рарттывтой фæзтæ дзæбæх. Стæрд цæххау дур дæр ныссыгъдæг, Хуримæ уый дæр—æмуд... • Арвæй цæссыгтæ æрызгъæлд, Стæй та йæ мидбыл фæхудт. , 1958 аз. СЫРХ ЛÆБЫРД* Дæ алгъуызон хуызтæ рæсугъдæй Сæумæйæ фæкæнынц сæ хъазт. Куы мигътæ дæ уæлæ хæлбурцъæй, Бæмбæгау, æрынцайынц хатт. * Афтæ хуыйны Билуртайы иу къæдзæх.
Куы хурбонты.артау фæсудзыс, Æсвæййы дæ бакаст сырх зынг. Куы буц чызгау мидбыл фæхудыс. : Куы-свæййыс тызмæг æмæ ’лхынцъ^ , Фæдзурынц нæ хæхбæсты, азтæй Дæ сывзæрд æнцон хынцæн нæу... Ам, раст, цыма скульптор йæ сартæйг Хуыздæрæн æрцарæзта дæу. 1958 аз.. РАЙСОМ Æрдз йæ фынæйæ раыхъал. Æрбабон, Хуры .рухс тынтæм бахудтис хох. Уайы зивæгæй кæмтты ’рдæм аууон, Хурмæ сæрттывта -тархъæды къох. Азгъæлд æрдзæн йæ^ цъæх? дарæс, баруад^ Зæхх ныббури пыхцыл хъæды бын. Дардæй, карды угæрдтау, сæ бакаст— Нарæг адгуытæн кæмтты рæбын. , Хосы мæкъуылтæ саудалынг дарынц Далæ лæнчыты, мусты кæрон. Мæргътæ’ царддæттæг фæззæгыл зарынц,. Райынц хæхтæ æгъуыстаджы бон. Райгæ хъæуæн ^йæ хъæлæба райхъуыст, Фарны хæдзæрттæй фæздæг кæлы; Хъæу чыртæ-чыртæй быдырмæ анкъуыст,.; Чи ма тагъд-тагъд йæ митæ кæны.
Хъæусæр хуырдуртыл хъазгæйæ коммæ Уайы стъæлфæнтæ калгæйæ дон. Лæг куыннæ кæса зарæджы коммæ -Мæнæ ^хæм зæрдæрайгæ бонЬ 1958 аз.
10ю#ок>#ч • &^Щ? ф<>^>ф<>^<^ ТЕДЕТЫ ЕФИМ ХÆХХОН РАЙСОМ Хæхтыл сау æхсæв тайын райдыдта,. Арвы денджызы стъалы ахуыссыд, Хохы цъититыл цæст фæхæцыди, Сæгуыт айнæджы тигъыл ралæууыд. Мæй йæ цалхыдзаг арвыл базæронд, Дысон фæсрагъмæ уый нæ ахæццæ, Дард ыскæсæнæй ’рттивын райдыдта Хуры худгæ цæст урс зæлдагхæццæ. Бурæй сахуырста хæхты цъуппытæ, Раст джынассуйау ’рттивынц æртæхтæ, Тасæй лидзæгау арвы быдырмæ Дард фæлыгъдысты хæхтæй æврæгътæ. Хизынц хъæуы сæр урс-урсид дзугтæ, Уддзæф расимы цадæг сау рындзæй, Тигътæй хъæлдзæгæй цырддзаст фыййæуттæ Зарын райдыдтой кæмттæн уадындзтæй.
0, мæ Ирыстон, о, фыдыбæстæ, Уарзтон, уарзын дæ тынг зæрдæбынæй. Зон, нæ фæллайын цины зарджытæй, Цæст дыл не ’фсæды, нæ, фæлгæсынæй. ИУ ФÆНДАГ Куыстмæ шахтёр райсы каскæ, Уый бæрнон куыст—шахты, Айнæг хохы арф зæрдæйы Алы згъæртæ къах^г. Тракторист нæ тыгъдбыдырты Йе ’ндон бæхыл кусы, Ахсджиаг у уый æдзухдæр Ацы ног æнусы. Дохтыр бады ’хсæвæй-бонæй Рынчынтæн сæ цуры, Низæфхæрд тыхст адæймæгтæй Уый мæлæт фæсуры. Шофер заргæ афтобусыл Пассажиртæ ласы, Кæсагахсæг цъæх денджызы Нард кæсæгтæ ахсы... Фыййау—цырддзаст, сау нымæты, Колхозы фос хизы, Уадындзы фæлмæн зарджытæй Циндзинад æвдисы. Поэт у дзырдыл кусæг лæг, Цардамæндтæ ары, Уыцы ’ппæт зынар^ъ адæмыл Цингæнгæ фæзары. Кусæм иумæ, уарзон адæм, Бон уæлдæрмæ хизæм. Алчи цæуы хицæн куыстмæ, Не ’гас—коммунизммæ.
ЦЫ МÆ КУЫРДТА САБИ? Ног дуджы æндон фæлтæрæй Дæн фæекомцæдис. Дарын æз мæ риуыл • Ленины хуызист. > Иу бон дыргъдоны фæцæуын, Уым рæсугъд сапп и. ч Хъазыд уым йæхицæн Иу гыццыл саби. Арæзта хæдзар къæцæлтæй Саппы бын рæсугъд;— Оæр уыд бур, къæбæлдзыг, Цæсгом—хурау худт. Хъæбысмæ йæ систон æмæ Риумæ тынг нымдзаст: „Мæнæ, дам, мын ацы Ленины ныв радт.1' Айрæз, мæ хур, царды тагъддæр, Бирæ азты дæр! Райсом æй дæ рухс фдендагыл Ссардзынæ ды дæр. - . ’ 1953 аз. ХЪÆРГÆНÆГ Уыцы бон æнкъард уыди нæ хæхты, Хъæдыл уæд нæма ’рхæцыд сыфтæр... Хъæу ныффынæй сау айнæг къæдзæхыл, Хъуысти-ма тæлтæг дæтты уынæр.
Уадындзты хъæр^ фыййæуттæй нæ Цыди, Бадтысты сæ лæдзгуыты æнцой... „Адæмыл цыдæр зиан цæудзæни",— Зæрæдтæ сæхи ньшæр дзцрдтой. Уæд æрбазынд иу барæг æмбиебон, Фæзилзены, хъæуы’рдæм хæстæг. - Чи йæ ’нхъæлдта адæмæй фæдисон, Бирæтæ—æвзæр хабар хæссæг. ’Рбахæццæ ис, рахизæрдæм рахызт, Алæууыд æдзьгнæгæй æваст. Адæмы ’хсæн нунæг сыбыртт нал хъуыст, Алчи дæр æвиппайды фæтарст. Афарстой йæ: радзур нын цавæр уыд, Хорз уазæг, цы хабар дæм ис, цæй? ^Хорзæй ницы,—загъта сын,—æрныгъуылд Не стъалы Ирыстоны хæхтæй". Адæм уайтагъд аззадысты цавдау. Риуы цыма судзгæ фат фæсагъд... Хур боны ыставд æртæхæй уардау Къæйдуртыл сæ цæсты сыг фæтагъд. Хъæубæстæ сæ рустæ дæр фæтыдтой, Зæхх ыскъуыди сидзæрты хъæрмæ... Сау дарæсы адæмтæ мæрддзыгой Уæд цыдысты Лабæйы хъæумæ! 1957 аз. ХЪАМАЙÆ ЦЫРГЪДÆР У Еу чапар Къостаимæ фæхыл, Райдыдта йæ ’лгъитын: „Гъей, дзигло, æсбадти мын бæхыл, Йе ’рчъитæ æвдисы!"
Мард... сæракъуырд... ахæмтæ дзырдта, Тынг йæ къæхтæ цагъта... Фæлæ йын нæ цæхæрцæст Къоста Цадæггомау загъта: „Цæй, хорз лæг, цы уал дзурыс мæнмæ, Маринаг нæма дæн, Йе, фæлæ кæй фæмардтай нырмæ, Уыдонæй цы бадæ?" , Адæм ыл ныххудтысты хъæрæй, Дзырд йæ дзыхы нал бадт. Зулмæ йæм куы бакасти Къоста, Уæд йæ хъама ахауд... Уыд рæсугъд, æстъалыджын изæр.., Кодтой адæм дистæ: у ,Уæд Къоста куыд нæ сдзырдта æвзæр, Хъама дæр нæ систа..." Иу лæг уæд сæ ныхасмæ фæцырд: „Уый.хъару æндæр у. Хъама йæ цæмæн хъæуы, йæ дзырд Хъамайæ цыргьдæр у." КЪОСТАЙЫ ЦАРД Æз æмбарын уый рæсугъд цард рагæйг Асæй у ыстыр фурды дæргъæн, Гъе, фæлæ поэтикон æвзагæй Уымæн ис хæрз цыбырæй зæгъæн;
Ихынзымæг... Карз уазал йæ тыхæй Дур ыскъуыдта, зæххы цъар сыди.. Уæд, Ирыстон, иу хъарм зынг дæу тыххæй. Авд æмæ дыууиссæдз аз сыгъди!
КОЗАТЫ ИСИДОР I ИРЫСТОНÆН’ Ды дæ бæлас нæ дисеаджы дыргъдоны/ -Æз та дæуæн дæ уидæгтæй дæн иу. . Мæ куысты æз æрулæфын нæ зонын, Цæмæй кæной дæ къабæзтæ хæлиу, , - Цæмæй ды уалдзæг дидинæг æфтауай, Сæрд та дын хур дæр мацы кæнатых, Цæмæй фæззæг æставд дыргътæй æртасай, -Зымæг та’уадмæ ды лæууай хъæддых. ДÆ ЦЫРТЫ РАЗ Æз куы ’рцæуын ацы ранмæ дардæй,— Алкæд дæр дæ феныймæ тырнын. Мæнæ та дæ цырты раз нæуæгæй, Ракæс-ма,, сæрыстырæй лæууын. Ды æрцыдтæ- абонмæ нæ разæй, Уыд дæ фæндаг тынг зын æмæ дар^ц. Айхъуысти, æрвнæрæгау, Кавказæй Дзыллæтыл дæ сæрибары зард.
Диссаджы „Ирон фæндыр" ныззæлыд, Раргом кодтай адæмтæн сæ рис. 0, Къоста, Ирыстонæн дæ фæзынд Ног эрæйы хурæс-каст уыдис. - ЦАРДЫ АРГЪ Кæд не скодтай хъазуат куыстæй ды намыс,. Кæд ды фаецардтæ ’нæпайдайы цардæй, Уæд-иу дæ цард зæронды бонты ма мыс, Уæд-иу æй зон, ныммæлдзынæ æгадæй. Куы кæнай аргъ мæлæты4 бон дæ кадæн, Куы нæ уал уа зæххыл цæрæг дæ карæн, Уæд акæс, фен, цы сарæзтай ды цардæн,— Куыст у, хæлар, нæ царды аргъæн барæн. ’ЦАРД У ДЕНДЖЫЗ Цард у денджыз’, денджыз та у карз, 'Рынцайæн ын нæй, кæны цæвæнтæ. Алырдæм дзы ленк кæйын фæраз, Агур ын йæ гуылфæнты фæндæгтæ. Улæнтæм æвæллайгæ æвнал, Бадар сæм дæ фидар риу уæндонæй, Мургай Ьæ фæйнæрдæмты фæкал, Уæд цыфсджынæй ахиздзынæ донæй. Науæд дæ нылласдзæнис бынмæ^ Æмæ дзы нæ аззайдзæн дæ фæд4 дæр, - Кæннод тадæ улæнты цæвæн , Ахсойдзæн тызмæг гуылфæнты арфдæр.
ДОНИМÆ НЫХАС Ам, нæ кæмтты, ды хъæргæнгæ уайыс, Æрдз хæларæй ’рыхъуыста дæ зардмæ. Мæн æдзухæй ды дæ фæдыл сайыс Дард кæдæмдæр, денджызы тыгъдадмæ. Фæлæ, зæгъ, куыд фæцæуон дæ фæдыл, Кæд афтид у уыцы денджыз иууыл. Кæд нæ зайы уый риуыл бæлæстæ, Кæд зæххонæй ницы ис й’æ риуыл?! Нæй, ныууадз, фæрнæй фæзар дæхицæн, Æз дæ зарæг мурмæ дæр нæ дарын. А-зæххæй мын никæд ис фæхицæн,— Иу къах сисын, иннæ йыл æвæрын. ХÆСТОН ÆМБАЛМÆ Къæвда, фыд хъызт, æнæхуыссæг æхеæвтæ... Уыд уазал акопп махæн уæд хæдзар. Æсрыетысты-иу бирæ хатт нæ цæфтæ, 0, ме ’мхæстон, мæ киеваг æмбал. -Лæгæрстай ды ныгуылæнмæ Кавказæй, Дæ фæдыл хæлдтай бастдзинады ’таг. Дæ катушкайы иу тыхтоны дæргъæй Æсбарстай ды уæлахизы фæндаг. Фæцæф салдат, æвæндонæй æрхауди, ’Йæ адзалы фæстаг минут уыдта. Æххуысгæнæг йæ унæргъдмæ нæ уыди, Йæ цардæй ма уый доны хуыпп куырдта. $4
'Ныккаст æм хур, ныттыхта йыл йæ тынтæ, _Æвæццæгæн, æсдойны ис фыддæр. * Æнæбары ма базмæлынц йæ былтæ, Æнæбары ма банкъусы йæ сæр. Цымæ цы мысы ацы уысм йæ цардæй Мæлæг салдат фæстаджы минут ныр?— Йæ цæстыл уайы Леуахи фынккалгæ, Йæ цæстыл уайы суадоны сыр-сыр. ХЪАЙТАРÆН" Отахтæ уæларвмæ, Ныфсджынæй хæцыдтæ, Куы кодтай знæгты гæндон. Стахтæ уæларвмæ, Хъайтарæй мæлынмæ Ды уырдæм схастйй* дæ ном. Æмæ йæ æнустæм Æрцауыгътай фидар Стъалыты астæу бæстон. ДЫУУÆ ТАЛАЙЫ Фаззон еывæллæттау, Уалдзæгмæ бæлгæйæ, Дидинджын фæзы, Доны дыууæ фарсы Зади дыууæ тала— Бал ’мæ цъæх нæзы. »&.
Уагътой сæ уидæгтæ Донæй æфсæст мæры Арфдæрæй-арфдæр. Бонтæ куыд цыдысты, Афтæ кæрæдзимæ Кодтой æввахсдæр. Райсомы рухс хурмæ Доны рæсугъд æртах Талатыл хъазыд. Дымгæ-иу радымдта,— Йе уæд нæзы тала Балы ’рдæм тасыд. Бал дæр-иу базмæлыд, Сыфтæртæ худтыстн, Дымгæ сæ хъазыд/ Сæртæй-иу акуывтой Сабыр кæрæдзийæн: „Разы дæн, разыа. Уалынмæ балбæлас Иу къабуз рауагъта,— Назмæ æххæсти. Наз дæр йæ хæлары Дидинджын къабузыл Фидар ныттыхсти. Фæлæ дын арвæрттывд... Бæстæ лæбырæнтæ Кодта æгасæй. Базмæлыд балбæлас, Уайтагъд авй акодт^а Улæн йæ разæй.
Фæлæ йæ къабузæй Фидар фæхæцыди Уарзон бæласыл. Æмæ уып афтæмæй Ауыгъдæй баззади Нæзыны фарсыл. У А Р Г Æ Райхъуысти арвæй гæрæхтæг Акалдтой мигътæ цæхæр. Раппæрстой иугай æртæхтæ, Рандыдтой хъæды сæр-сæр. Нартхор йæ дойны ныссаста, Урс æртах цъиры зыдæй. Арвы цæссыг æй ныхсадта, Фæччитæ дары тыгъдæй. Уалынмæ фенцад йæ уардæй, Фескъуьгдтæ арвы хæдон. Хæхтьт ’хсæн разынди дардæй Арвæн йæ сыгъзæрин рон. МУСЫ Дымгæ зыгуымæн йæ лыстæг Мусыл равæрдта фæлмæн. Цыма ралæууыдис зымæг, Цыма мит кæны хъæпæн. Мусы ’ппаргæ-ппарын хурмæ Мæнæу ферттивы зынгау, 'Æмæ дзаг кæрцйыл зулмæ - Расæхсæх кæны зæйау. 7. Æвзонджы бонтæв
Уæрдон мусастæумæ батылд, Голлæгтæ кæнынц æмист. Сæмæн хоруæзæй æртасыд ÆмæГма кæны хъыллист. Уæрдоны фæд рыхвæндагыл Релсытазг зыны. Зæрдæ фæззæджы бæркадыл \" Цины зарджытæ кæны. ТАУÆЕМÆ .Нæ царды уалдзæг, нæ куы^тыл заргæ, Дæуыс.нæ хуымты сырх мæнæу таугæ. Уæззау æвналыс дæ галиу фарсмæ, Ыæмыгуыгъд мæнæу æппарыс раэмæ.- Уæрæх быдыртæ фæстийæ зайынц, ; ■ Æфсир улæнтæ дæ цæстыл уайынц. Æз дæр дæуимæ дæ циныл зарын, -’ * Æмæ мæ куыст дæр дæ куыстыл барын. Мæ фыссæн сисæй æз урс гаёххæттыл Æвзæрст дамгъæтæ~дæуау фæтауын. у Æрмæст мæ куыст дæр дæ куыстау афтæ Нæ рухс уалдзæджы куы суадзид таутæ! СÆРДЫГОН БЫДЫР Дымгæйы зарынмæ Æфсиртæ асимынц, Нал ис сæ цинæн кæрон.
,. ДЗыдыр, чындздзон чызгау,. Буцæй æрбабаста . Хохаг тæлтæг донæй рон. Æфсир æртасыди, Донмæ ныххæссыди, Доны йæ сур&т уыны. ^} „ Дон ътл æрныдзæвы, ,Улæн æй сыппары, Уарзгæ йын пъатæ кæны. <Кæс, фæмыдгъуыз хуссарвæрсты кæрдæг, -А-хорз азы астæумæ ысфардæг. Иу улаен дзы иннæйы фæсуры, Рог дымгæ сыл пуртиау фæтулы. Чидæр уæртæ хъæсдарæг ных^оста: —Гас æрцæуай, ног хуымгæрдæн!—загъ’та. "Ферттывтой сæрдасæнком цæвджытæ, Зад кæрдæ^æй рауагътой гæрзытæ. Уис æрхуыссы уисы фарсмæ даргъæй, Хуым ысгæрæм коммæ суанг рагъæй. . ’У æхсызгон—-цæвджыты хъæр айхъуыст, ~3ад тыллæг та хуымтæй хъæумæ анкъуыст.- СЫГЪЗÆРИН БОНТÆ - Æз уарзтон цъиуты фæстæ лидзыц Æмæ сæ ахст&ттæ ысгарын.
Куыд хорз уыд уæрыччытæ хизын, Сæумæйæ^къуылдымæй ныззарын; Сæухизтæ лæдзæгæй куы барстон, Уæлбæхæй иууыл хорз уыд хъазыш Изæры фæзхизты та уарзтон Нæ галты хуымгæрæтты хизын. Нæ мусы маст балæй цупæлттæ Нанайæн ’нæзивæгæй састон. Æхсæрæй алæбон мæ тæрттæ. Нæ комæй се ’мыдзагæй хастон. Æз уарзтон алы изæр сæрды Ныууайын сабитæм нæ сыхмæ, 0, цал хатт сусæгæй нæ кæрты Нæ сæгъты радыгътон мæ дзыхмæ.. Сæухизты найынмæ æзгъордтон, - Гæпп кодтон арф хуыдыммæ рогæп.. Уæвгæй, цы галиу митæ кодтон, Фæлæ сæ бакæнин æз ногæй. • / ФÆЗЗЫГОН НЫВТÆЙ Æрдз нырма йæ бурхил рустæ адаста, Хурмæ та кæсæны бæсты касти, Стæй йæ зæлдаг дарæстæ дæр раласта — Къæвдаты сын сæфынæй фæтарстиГ Фæззæг æй йæ цæссыгæй фæнайдзæьга, Зымæг та йын раскъуындзæн йæты^æй,... .. Æмæ^йын дзы урс хъæццул æсхуыйдзæни^ Нал^сыстдзæнис уалдзæгмæ йæ бынæп.
-X- 'Ннудта дымгæ дысон бонмæ, Хъæуы урс кæрцæй иымбæрзта; Мит фæхаста рæгътæй коммæ, Рындзы ног чындзау ныммарзта. Тæрхъус нал разындис дысон Æмæ нал фæхъазыд митыл. Фос дæр аззадысты ’нæдон, -Зымæг бахæццæ йæ митæм. Къада нал зыны, фæбынæй, Уымæи мит хъæццулы хъарм у. Куыроп бакодта мæрдфынæй, Нх ын асаста йæ хъару. ~ Зымæг, мауал лæбур, ма кæ, Мах дæ нал тæрсæм æппындæр: Ды куыд тынгдæр ыиуай, афт’æ Мысæм хъарм уалдзæджы тынгдæр. » МÆ ХОМÆ ’Мæи куыд у .æстъалыты ’хсæн иунæг, Афтæ не ’хсæн иунæгæй ды. рæзтæ. Цумайæн нын никуы кодтай зивæг, Хастай-иу нын хъарм сйхор нæ фæстæ. Алчи дæр дыл хицæн ном æвæрдта, Уый уыди, æвæццæгæн, фырбуцæн. Науæд та дын горæты æлхæдта Исты дзаума—къухдарæн, йе хъусцæг.
Фондз тауы ’хсæн иу дидин дæ махæн, Уарзæм дæ æмхуызонæй бæгуыдæр. Мах фæнды фæзына исчи ахæм, Чи дæ уарза де ’фсымæртæй тынгдæр. ■■к- Авд æвзаджы булæмæргъ куы зыдта, Се ’гасæй дæр тыня аивæй зарыд. Гъе/фæлæ йæ сау цъиусур куы ’рсырдта^ . Фыртæсæй йæад; иу æвзаг >æр нал уыд. Ахæм ми мæхиуыл дæр æрцыди: Вирæ фæндтæ рагацау фæкодтон, Дысон мын сæ радзурын куы хъуыдп/ Гъе .уæд д$ы æз иу дзырд дæр нæ загътон. ; ФÆСТ-АГÆХСТ ’ Мæ’ фыд хорз цуанон лæг уыдис. Цуаны цæугæйæ- иу, кæд арæх нæ, уæддæр стæм хатт мæн дæр акрд- та йемæ. Фæлæ мын цуаны цæуын бауарзынæн уы!г~ дæр фаг уыдис. ,-Уыдон уыдысты мæ царды иууыл* хуыздæр бонтæ æмæ æнусмæ баззайдзысты мæ зæр- дæйы. Уымæн æмæ уыцы бонтæ æз арвыстон мæ- фыдимæ. Уый-иу мын бирæ цыдæр диссæгтæ радзырд-' та, цуаны цардæй цы фехъуыста æмæ йæхæдæг цы фед- та, ахæмтæй. " - - - . ’ ,Къостайы загъдау: цуан^н лæг мæрдтæм хæстæг- дæр цæры, йæ мард та уæлмæрдтæм нэё хæццæ кæ- . 102 *
’ны! Мæ фыд дæр бирæ фæцуан кодта, фæлæ раджы- амардис. , . Уæддæр æз цы диссаг ^едтон иу цуаны рæстæ- д&ы, уый мæ фыд никуы федтаид. Нæй, никæд{ Æниу æз цуанон нæ дæн, фæлæ... Уыдис тæвд бон. Афтæ тæвд бон уыдис, æмæ бæс- тæ хурмæ фæлвых кодта. Удæгасæй цыдæрйддæр ис, иууылдæр сæхи аууæттæм ластой. Бæстæ-уыд аа>. уыппæг. - - . Изæры ’рдæм уæлдæф лысыл куы фæсатæгдæр, уæд æхсæнгарз мæ уæхекыл баппæрстон . æмæ, мæхи аирхæфсыны. тыххæй, хъæды*■ ’рдæм^ араст дæн. Нæ хъæды та уыцы афон куыд рæсугъд вæййы, ууыл ■ нæ дзурдзынæн. Уый вæййы- диссаг. Адæймаг ’арф аныгъуылы æрдзы диссаджы симфонийы, фехъусы æмæ йын фембары йæ алы чысыл унæр -дæр, æгæр- стæмæйг сы’фтæрты’ сыбар-сыбуры дæр раиртасын- мæ. фæхъавы цахæмдæр дзырдтæ. Райгуырæн æрдзы хъæбыс, ныйнарæг мады хъæбысау, фæлмæн æмæ хъарм у. Адæймаг дзы фæулæфы сæрибар, дзаг риуæй. Æмæ улæфгæ дæр цыма нæ фæкæны. Æрдзы аив ныв- тæм кæсгæйæ, уый зæрдæмæхъарæг музыкæйы зæл- тæм хъусгæйæ, бандзыг вæййы адæймаг, цæст æрны- къулын нал фæкомы, „амæлы" лæугæйæ æмæ йæ бафæнды ^зæххы. уидæгтæ куы ауадзид æмæ> тулдз\ бæласау, æнустæм афтæ куы уаид гом арвы бын, æрдзæй йæ хъарм ц&ссыгтæй куы ’хсид, куы æнкъуы- сид дымгæмæ. -Æрдз диссаг уГТыхджын у æрдз. Вон йæхи арфæй-арфдæр норста изæры тарбын æм- §пъызтытæ хъæццулы. Æрмæст ма хæхтæ сæ къу- бæлттæ ивæзтой уæлæмæ æмæ кастысты хуры фæ- дыл. Уый дæр ма сæм æвæндон,худт кодта æмæуы- 103
цы иу рæнхъыл уыдон уыдысты сыгъзæрин дæндæг- ты хуызæн. Уæззау, æнуд тæвдычфæстæ æппæтч дæр базмæлыд, раулæфыд зæрдæйæн æхсызгон изæры уæл- дæф. Мæргътæ ратахтысты аууæттæн æмæ та рай- дыдтоы хъæлæба. Æрдз райхъал, æппæт дæр уыд хъæлдзæг. Æрмæст.нæ цин кодта, дæрддзæф мæм чысыл риугондыл цы наз бæлас уыдис, уый. Уымæн йæ быны уыдис цахæмдæр уæрмытæ, æмæ сæ кæд кæрдæг бамбæрзта, уæддæр акоптæ кæй уы- дысты, уый бæрæг уыд. ■ Бæласæн акопы ’рдыгæй йæ фарс уыд, æххæст чи нал байгас æмæ’байгасгæнæн’дæр кæмæн нал уыд, ахæм рæмыхст. Уый сæрмæ йæ къабæзтæ дæр уы- дысты цæнкуылтæ. Уыдон ын лæвæрдтой уæлдай æн- къард хуыз. Уымæ кæсгæйæ,^ мæн мæ хъуыдытæ ахастой ив- гъуыд бонтæм. Мæ зæрдыл æрбалæууыд, ферохгæнæл кæмæн нæй, мæ цардæй иу ахæм æнкъард бон. •к- «• Уын уыдис хæсты азты. Иу хатт карз тохты фæс- тæ мах æрулæфыдыстæм хъæды иу ахæм æрдузы. Хистæртæ нымадтой сæ адæмы, чи фæмард, уыдон хахх кодтой номхыгъды, цæфты бастой, иннæхæстон- тæй алчи фæци йæхи хъудцытыл. Æз дæр мæхи иу бæласы фарсмæ æруагътон æмæ æлвæстон мæ дза- бырты бæттæатæ.^ Мæ цурмæ æрбабадт ме ’мхæстонтæй цу— æвзонг, цъæхдзаст æмæ тымбылдзæсгом уырыссаг лæппу. Йæ рахис рус уыдис цæф, байгас, фæлæ йын нуæ- сæй баззад уыцы наз бæласау. Ацайдагъ нын ныхас. Уый мын фæкодта йæ хабæрттæ цыбыртæй. Йæ ис- 104
тори уыд алы хуымæтæг салдаты истори: мад, фыд, ^райгуырæн хъæу, стæн... Цыбыр дзырдæй, алы æв- зонг адæймагæн куыд вæййы, афтæ. Йæ ныхасæй куы банцад, уæд нæ дыууæ дæр аны- гъуылдыстæм хъуыдыты. Ме ’мбал та уыцы уысм цæуыл хъуыды кодтаид, уын зын зæгъæн у, æрмæст ма фæстаг хатт йæ хæцæнгарзмæ æркаст æмæ сдзырд- та: „Чи нæ рымысыд, æ&æ цæмæн?" Стæй йæхæдæг йæхицæн дзуапп дæттæгау загъта: „Адæймаг адæй- маджы марынæн! Æз, "æвæццæгæн, нæхимæ куы рыз- дæхин, уæд æй сырдмæ дæр никуыуал ныддарин". Цард мæлæты дзыхмæ куы вæййы, уæд зынаргъ- дæр фæкæсы адæймагмæ. Бафæнды йæ мæлæтЫл фæ- уæлахиз уæвын. Æмæ уыцы фæндон куы вæййы, уæд ын уый æнтысгæ дæр бакæны. Мах уыцы уысм мæлæтæй нæ тарстыстæм, нæ дæр ыл хъуыды кодтам. Мах тох кодтам мæлæты ныхмæ царды сæрыл. Кæддæриддæр æрымысын уыцы æвзонг, цардбæл- -лон лæппуйы. Ныр дæр та мæ бон нæ уыд уый ма рымысын: цыма æрбабадт кæддæрау мæ цурмæ æмæ мын ныхæстæ кодта, цыма йын йæ ныхæстæ дæр хъуыстон. Фæлæ раст уыцы рæстæджы... 0, цуанонæн йæ æр- .дзы конд афтæ у, æмæ йæ хъустыл чысыл унæр куы ^ауайы, уæддæр сæ фæцыргъ кæны, йæ амæттаг æй , -фенхъæлы æмæ къухтæ сæхи гъæдæй топпмæ фев- палынц. Раст м$е тæккæ хъуыдытыл куы уыдтæн, уæд мæ хъустыл цæйдæр къæрцц ауади.4 Фестъæлфыдтæн, фæлæбурдтон æхсæнгарзмæ, фæкастæн фалæмæ.’Мæ зæрдæйы цины улæнтæ ахæлбурцъытæ кодтой, пых- сæй мæм саджы сæр куы разынд, у*д! Уый касти ком- коммæ ме ’рдæм; фæлæ æз уыдтæн æмбæхст æмæ мæ 105
нæ уыдта. 'Кæд лæугæ кодта, уæддæр мæ цæстыл: уади дæргъæй, мардæй. Цуащш лæгæн йæ хуыздæр .цин сырд рамарын у, уæлдайдæр та саг рамарын! Аргъæутты амонд! Нæ фыдæлтæм дæр уымæй кад- дæр цы уыд! Мæгуырæг, уыцы диссаджы рæсугъд, æнæхъыг цæрæгой цæмæй æнхъæл уыд, æмæ йе знаг топпæр- гъæвдæй йæ разы бады. Æдасæй рахызт пыхсæй, æрлæууыд цæф бæласы бын, басмыста йæм,« йæ сæр ыл аныхта &мæ райдыдта сынæр цæгъдын. Мæнæн: мæ’ цин куыд #æ фæдывæр уыдаид, йæ фæстæ йын пыхсæй йæ лæппыны дæр рахизгæ куы федтон, уæд. Уый уыдис роды хуызаен, æнæ сыкъа, бæрзондкъах. Пыхсæй рахизгæйæ, згъорæгау ракодта æмæ йæ ма- ды бын фæмидæг. -Æ-æ! Уæ дыууæ дæр мæ къухты стут! Пугæр мады куы рамарон, уæд ма лæппын дæр кæдæм^ирвæзы. Мæхи æрцæттæ кодтон фехсынмæ. Фæлæ уыцы уысм саг базмæлыд, æрзылд фæрсы ’рдæм. ’ Æз федтон диссаг. Мæ цин, æцæгдæр, аргъауы саг та рамардта æмæ дзы физонджытæ чи сарæзта, стæй афтæмæй кæмæн алыгъд; уый цинау фæцис: саг уы* дис æртыкъахыг. Йæ галиу фæстаг къах æрдæгæй- дæлæмæ уыд хауд. Мæ уæнгты ацыдис цахæмдæр- ихы хуызæн уазал-улæн, зæрдæ айдзаг’ тæригъæдæй, къухтæ ныддыздызкодтой æмæ, æхсæнгарз зæхмæ- ,куыд æрхауд, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Æрмæст йæ сампал феуæгъд æмæ дзæгъæл æхст хъæд ныц- царыдта. Тарст саг фæзылд, .иу æхсд’ йæхи фæкодта æасæ, йæ иунæг фæстаг къах зæххы фæсадз-фæсадз- гæнгæ, пыхсы фæаууон. Уæвгæй, мæ "æнарæхстдзинады тыххæй куыд сшееты дæн мæхимæ. Мæгуырæг, ацы æнæхъыг цæ- 106 >
рæгой, адæймаджьг. къухæй хауд у йæ къах æше, йа^ афтæмæй дæр цæр:ын нæ уадзрг. Æхсæнгарз снстон,зæхг- хæй, æркастæн æмæ мæхицæн загътон: Уый фæуæд фæстаг æхст. 1958, аз.. ^—-
ТЕДЕТЫ АРСЕН ХÆСТÆНДЗАРДЖЫТÆМ Цы кæнут, цы? Хæрамдзинад цы таут Зæххы къорийы адæмты ’хсæн карзæй! Æви сымах æрдумæ дæр нæ дарут Зæххон царды фæхъæстæ кæнын маргæй. Ныссабырут, хæрамтауæг уæздæттæ, Хæсты сæраппонд мауал кæнут дзургæ. Хуыздæр уын у, æрывæрут уæ гæрзтæ, Æндæра уыл нынныгуылдзæн уæ хур дæр! МÆ МАДМÆ Лана, ды мын-иу авдæнмæ дæ зарæг Куы кодтай: айрæз, о, мæ царды ныфс! Кæд искуы суаис ды мæнæн мæ дарæг, ^ Кæд мын фæуис фыдыбæстæн æххуыс. Нана,, ныр дын æз хъазæнтæй нæ хъазын, Æрмæстдæр мæ нæ рох кæны дæ дзырд. Æмæ мæхицæн иу фæндаг æвзарын— Цæудзæнис ыл цæрæнбонтæм дæ фырт.
Нана, ды мæ цы бæстæйыл ныййардтай, Æв уыцы бæстæн ратдзынæн мæ цард. Нана, ды мæ цы адæмæн ысхастай, Æз уыдонæн лæвар кæнын мæ цард. Нана, цы зæххыл арвыстай дæ бонтæ,— -Сырх дидинджытæ байтаудзынæн уым. Цæмæй цæра нæ фæндиаг мыггамæ, Кæна рæсугъддæр а-бæстæ, нæ къуым. СЫВЫР 0, Сыбыр, æнæкæрон Сыбыр, * - Æз дæ фæзтæ тынг бирæ куы уарзын, Уæд дæ ном цæмæн уыдис фыдрын, ’Адæмтæ дьгл таурæгътæ куы хæсеынц. Ленин ам дзæвгар рæстæг фæцард. Æмæ йæ дæ карз æгъдау æфхæрдта, Фæлæ сыгъд тæмæнкалгæ йæ арт, Адæмæн æнæнтау ныфс лæвæрдта. Уый дæ риумæ ’фхæрдæн уыд æрвыст, Фæлæ нæй,. нæ фæтарсти зынты дæр, , Ныр йæ цырагъ хурæмбæрц æссыгъд. Æмæ срухси сау зæххы тымбылæг. АМОНД ^Легендæ) Мæ кæртмæ мæм æнахуыр лæг æрбацыд, Цырыхъхъытæ, бухайраг худ ыл уыд. Цырæгътæ сыгъд йæ мæйы ас цæстыты, Йæ фæтæн ныхыл хид уырдыгмæ тылд.
~Йæ бакаст уыд зæндджын æмæ хъæбатыр, Бæмбæгау уыд йæ дзыхы дзырд фæлмæн. ^Ербадт фæстæдзæг’балы бын нæ кæрты, ^Емæ уый дзурын райдыдта мæнæн: — Æрцыдтæн дæм, æз дæн дæуæн дæ амонд, _Дæ абоны, ,дæ сомбоны хъысмæт. Мæ цуры/рбад, лæмбынæгдæр мæ базон, Мæ къухы сты дæ бæллицтæ—æппæт. Цæмæ тырныс, цæмæ бæллыс,—æппæт дæр Мæ кæнгæ сты, æз дын куы радтон бар, Уæд атæхдзынæ дунейы кæрæттæм, . Ды ссардзынæ уæд дун-дунемæ дуар... Æрмæст дæ курын: ма ’ууæнд Ды мæ.хуызыл, Мæ дзырдтæй дыл дис ма бафтæт*мыййаг'. -Зæххон нæ дæн, фæлæ п^æуын дæ фæдыл, . Æз хъахъхъæнын дæ æнусон фæндаг. Куы сыгьд цæхæры зæххы цъар, фыдгултæ Нæ марынйæ куы сылвæстой сæ кард, Куы лæбырдысты бомбæтæй нæ къултæ,. Нæ сæрмæ мигъау сау фæздæг куы бадт, Уæд дæм фæсидт æххуыс æнхъæл нæ бæстæ, Мæлæты тас нæ фæзындис дæуыл, Æрбастай ды нæртон лæгау дæ гæрзтæ Æмæ фыдгултыл райдыдтай хæцьщ. .Дæ фæрсты ихау знаджы цæхæр калди, ’Уæддæр уыдтæн дæ хахъхъæнæг æз уым. Кæд дæм адзал йæ топпы дзыхæй касти, Уæддæр мæ фæрцы ссардтай ды дæ къуым. 110
Ныр ам цæрыс, ’рæсугъд фæндтæ нывæндыс, Дæмæй зонын, цæй бæрц дын сты", цас. -Фæлæ нæ хъæуы уыдоныл æууæндын, • * # ■ Жæ фæдыл цом, æндæр ран ис дæ цард. ...Æмæ æз .сабыр араст дæн йæ фæдыл, Иæ разы денджътз февзæрдис æваст, Ысбадтыстæм рæсугъд фæлыст бæлæгъы, Æмæ уайтагъд цъæх улæнты фæраст. ’ Сыгъдæг уыд арв, нæ йыл зынд мигъ, бындзыг дæр, Хур сабыр доны ленк гæнгæ цыдц, — Цыма æрхызт йæрзонд арвæй ущрдыгмæ .Æмæ уым надта дендягызы йæхи. .Рæсугъд уыдис, дзæбæхдæр ма цы вæййы, . Æппæт сабырад кодта мах къуырма. Æрмæстдæр ма нæ наутæрæн фыййæгтыл Цыдис гæзæмæ арф доны цæллахъ. — Фæбалц кæнæм æгъуыстаджы бæстæмæ, уæлтæмæн нæм æрбазындзæн рæхджы, ^Енхъæлмæ дæм нæ галуаны æнæмæнг Æрцæуынмæ дæ зæды хай кæсы. Уым хибарæй хæрз иунæгæй цæрдзыстут, Уыдзæн уын алцы фаг æмæ дзæвгар, ,Æнус бонмæ мын арфæтæ^кæндзыстут, Кæй уын æрхастон иу ранмæ уæ цард: Нæ уæ уыдзæнис адæмæй осъыгдарæг, Йæ рæвдыд дын дунеты аргъ уыдзæн, Кæндзæн-иу дын дæ зæды хай йæ зарæг, .Дæ риулсæ-иу æркъулкæндзæн йæ сæр. \
— Цы дзурыс уый? Цæмæн уыдзыстæм иунæг? — Нæ равдисдзæн уый адæммæ йæхи, Дзыллæтæй йæ хъæуыс æрмæст ды иу лæг, Æрвон зæдæн ,æргом цæрæн кæми?.. Дæ равзæрæн бон фыст æрцыдтæ йемæ, Æндæрмæ дын нæй барвæндаг, мæ хур. Йæ ныхæстæй маст бахъардта мæ риумæ, Мæ зæрдæ адымст, сау къæйау ныддур. Фæзылдтон дын нæ бæлæгъы фæстæмæ... — Æнæ адæм кæм бауыдзæн мæ бон,' — Æнæ адæм нæ хъæуы хмæн мæ цард дæр, Нæ ацæудзынæн уырдæм, фæлæ зон! — Дæ амонд та? Цæмæн сафыс дæ амонд?— Мæ балцæмбал йæхи мидæг тыхсы. — Нæ хъæуы мæн*—нæ ныхас та йын байстон,— Бæлæгъ фæстæмæ райдыдтон тæрын... — Цы аразыс, æнæсæрфат, дæхицæн, Фæстæмæ дын нæ ратдзынæн фæндаг, Фæлæбурдта уый фыййæгтæм йæхимæ,— . Иæ бæлæгъ фестад донаццау тæхаг. Æрцахстон ьтн тыхджын къухтæй йæ цæнгтæ,.' Йæ фыйнæгтæ йын фехстон донмæ цырд, Фæлæ нæ бæлæгъ не ’нцадис йæ цыдæй, Цъæх денджызыл нæмыджы цыдæй цыд,- Фæстагмæ ’рсабыр денджызы тыгъд риуыл^ Æмæ нæ ’нкъуыста авдæнау æнцад. Мæ амондгæнæг фьтрмæстæй йæхиуыл Уæд нал хæцыд, йæ цæсты сыг æркалд. 112
Йæ даргъ къухтæ дъш арвырдæм ныттыЛдта,—. Йæ сау худ фестад сау мигъы Зындзыг. , Æвиппайды та уаддьшгæ ныддымдта, Æз бамбæрстон, мæ сæфты дуг æрцыд. Хъæр ма кæнын’æххуыс æнхъæл фæйнæрдæм, Фæдæ æзмæлæг денджызы нæ уыд. Фæхæст маччдæн мæ амондыл’фырмæстæй Æмæ йæ доны смидæг кодтон æз. Уый аныхъуырдтой улæнтæ, фæтары, Тызмæг доны йæ нал ауыдта цæст, Æмæ та алцы раздæрау æрсабыр, ^ ’ Мæхй адæммæ рабалц кодтон æз. Уый раджы уы’д, ныр цалдæр азы рацыд,% Уæдæй нырмæ нæ дзыллæмæ кæсын, . Æз йе ’нтыст æмæ сгуыхтдзинæдтыл райын, Æз уыдоны мæ рухс амонд уынын, УДХÆОСÆГ Ныггуыбыр Хасæхъо, æррынчын, бецау, Сæйгæ у мæйдæргъы йæ уаты. Йæ уæнгтæ ныххаудтой, йæ зæрдæ уæз’зау, Уæддæр ма рæбугъд фæндтæ уафы... Фæнды йæ куы сыстид, куы суаид йæ бон, Куы рацæуид гъейтт-мардзæ куыстмæ. Куы рахæссид хуыммæ цæвæг, æмæ рог Хуым дасыныл ку’алæууид зулмæ. Ь1схæцыд йæхиуыл, фæлæ дын æвает Йæ къубалыл уазал къух андæгъд. ^-; Æвиппайд йæ сæрæй йæ къæхтæм æмрызт Ныккодта, йæ уатыл æрфæлдæхт. 8. Æвзонджы бонтæ. 113
— Кæцы дæ? Ысуадз мæ, цы дын кодтон, цæй, Кæд исты фæрæдыдтæн^ хатыр, — Дзæгъæлы... Нæ уыдзæн.;. дæн хæсд«жын, цæмæй Дæу фена нæ цаддзах Барастыр! — Ды чи дæ? —Æз— удхæссæг, ракæс мæм, цæй? Лæууын æз, мæгуырæг, дæ разы. — Цы зæгъыс, цьг, удхæссæг?.. Уый гæнæн нæй, Нæ дæн æз дæ фæндоныл разы... — Æз хатыр нæ зонын, ды мауал дзур ныр, Дзæнгæда цæгъдын дæр нæ уарзын, Цæй, рахиз мæ разæй, цу къахдзæфæй цырд, Æндæра дæ къубалæй ласын. Йæ хурх ын нылвæста æгъатырæй т’ынг, Фæлвæрдта йæ зæронд йæ тыхæй, Фæлæ~В-ыл уый афтæ хъæддыхæй хæцыд,— Нæ йын уыд ирвæзæй йæ бынæй. Иæ хыр-хыр ыссыди, йæ хъару ныссаст, Иæ хъуыртæм йæ сур хид æрмызти, Нæ фаг-кодта уæлдæф, æмæ дын æваст Йæ сынтæджы мидæг нындзыги. 1Н
"Йæ къух дзы нæ иста фыдгæнæг уæддæр, _Æмæ йа^ улæфын нæ уагъта. — Ысуадз мæ!—-фæсусæй та райхъуыст йæ хъæр Æыæ йæ уæд удхæссæг суагъта. Уый зæрондмæ балæууыд ноджы хæстæт, Уыны йæ Хасæхъо: чысыл ус, Мыстулæджы ’фцæгау йæ бæрзæй лыстæг, Йæ сæры хил митау бынтон урс. Йæ кæлмхæрд дæндæгтæ æрдджытæ, ихсыд, Йæ цæстытæ фсрт.тивынц рухсмæ, Йæ цæсгомы царм ыл бынтондæр нымпылд, Фæхуынкъ ысты дыууæрдæм рустæ. — Ныр рахиз мæ разæй, цæмæ ма кæсыс, Цы ма дæ фæстаг хатт зæгъинаг? Уæд зæрондæн тынгдæр йæ зæрдæ фæрыст Æыæ та йæм: хаты лæгъзтæтæй: — Мæ райгуырды бонæй мæ абонмæ ’дзух Фæллойыл æстыр тох фæкодтон... Сæрибардзинадыл фæкалдтон мæ туг Æыæ, йæ мæ цæстæй куц федтон. Мæхицæн куы скодтон цæрыны фæндтæ, Цæрннæн мын фадат куы ’рцыди, Уæд мæ, гормон, гъеныр куыд кæныс мæрдтæм, Тæригъæд дæм ницы фæзынди! Чысыл ма мæ бауадз, хæрз чысыл цæрын, Æьсæ мын цыбыр æмгъуыд бакæн. Нæ фидæн цы у^ыдзæн, æз уымæ бæллын, Кæд фенин, куыд цæрдзысты адæм. * 115
—-Уæлдæйттæ!.. - , Æз загътон хæрз цыбыртæй „нæ"! Кæд- ма кодтон искæмæн хатыр. Хасæхъо фæсабыр* , Дзæгъæлы фæндтæ! Йæ цæстытæ ахаста дардыл. Æгад æм фæкастис, кæй кодта лæгъ&тæг - Нырриуыгъта йе знаджы къахæй: — Дзæгъæлы цы’хатын, æнаккаг, дæумае, Мæ уд дын нæ ратдзынæн рогæй! Уырнæд дæ* нырма дæр кæй цæрдзынæн æз^ Кæй уыдзынæн райгонд мæ тыхæй, Мæ ноггуырд- бæетæмæ æнгом фхст дæн æз Æндон æмæ фидар рæхыстæй. Ды уыцы рæхыстæм куыд§хæссыс дæ ныфс, *, Куыд сæ тоныс цардæй мæлæтмæ?!. Фыдгæнæгæн уыцы ныхæстæй йæ хуыз Фæцыд æмæ ’рхаудтой йæ уæнгтæ. Фæрæвдз æм ис зæронд æмæ йын йæ хурх Æрцахста: — Куыд тох кæныс мемæ! Рынчын дæн, фæлæ дыл фæхæст ныр мæ къух Æмæ цæй нæ тыхтæ ныр фенæм! Ныссагъта дзы уырзтæ, ус барызт æваст, Уæвгæ йын мæлæт та кæм уыди. Æви’ппайды атад Хасæхъойы раз, Дæлзæххæй йæ марой ыссьгди. Лæг фервæзт мæлæтæй, фæлæ уыд фæллад, Æрцыдис ныр йе ’муд^ йæ зæрдæ, ’ Уый рахатыд уаты ’кæй хуысеы æнцад, ! Йæ риуы дзагсулæфыд уæлдæф.* 116
Фæйгæсы сæкъуымы/уыны уьгй,- æнцад Йæ алыварс сыхæгтæ бадынц, ■Сæ цæстытæ ’рттивынц зынг хуры цæстау Æмæ йыы йæ фенгæсыл райынц. Жæ зæнæг æд зæнæг сæ алы къуымтæй Кæрæдзимæ цингæнгæ уайынц. Йæ чъшдзы чындзытæ йæ разы—æмткæй, Фырцжнæй сæ цæссыгтæ калынц...
ХУЫГАТЫ УАСИЛ ЛÆДЖЫ ЦАР^ Лæг райгуыры... Йæ сомбоныл хъуыды дæр Кæм фæкæны, кæм фæзоны уый цард?! Фæхонынц ’æй хæрз сабийæ дзыгы дæр, Нæ ф’агуры уæд царды дæр бынат! Нæ фæцæуы нырма лæгау ныхасмæ, Кæм фæкæны, кæ, истæуыл тæрхон! Дзыллæ дæр ын фæкæсы уæд йæ асмæ... Цы дзы ’рдомой? Фæзонынц дзы Ьæ бон! Фæлæ уæдмæ сындæг-сындæг нæ дзыгы Æрыхалы йæ цæстытæн сæ баст. Хъуыдытæ йæм чысылгæйттæ фæзыны, Æрымбары, циу цинад æмæ маст. Фæфæлгæсы йæ алыварс, йæ размæ, Фæцагуры йæхицæн ныр бынат. Ысуыны уый бæллицаг нысан дардмæ, Ысхоны йæ йæ рухс бынат, йæ цард. Бæрзонд хохы сыгъдæг цъуппау нысанæн Гъе уый сисы, ысвæййы йæм бæлццон! Фæлæ цæуын кæм вæййы, .кæ, уæд къахæн - Къæбыр дуртыл йæ нысанмæ æнцон?! 118
Уый фенхъæлы: йæ нысанæй бæрзонддæр ■ Нæ уыд æмæ нæ уыдзæни бæлвырд! Кæд иуæй-иу хатт нал вæййы йæ бон дæр, Уæддæр хæрдмæ нæ ныууадзъг йæ цыд. Йæ сæры хъуын йесурс вæййы æвзонгæй, Æруары йыл бæрзонд хæхты уым мит! Уæддæр ысбыры, ’схизы йæм уæндонæй, Æрсæрфы дзы фæллад къухæй йæ хид. Фæлæ дзæбæх куы акæсы ’мæ цъусдæр -Куы нæ суыйы æндæр цъуппытæ дард, Уæд æм йæ цъупп ныр нал фæкæсы цъуппдæр* Нæ дæр бæллицаг й’абоьда бынат. Æрфæнды йæ æндæр цъуппмæ ысхизын,.: Йæ фæндон та куыннæ ’рцæуы æххæст?! Æмæ куы слæууы уымæн дæр йæ тигъыл,. Уæд та æсхæцы ’ндæр хæхтыл йæ цæст.. 0, диссæгтæЫТыр аззайы уым джихæй. Куы сæ басгарид иууылдæр бæстон! Ысбалц та вæййы дарддæр ацы тигъæй, Фæлæ кæмæну уый бæрц, кæ, йæ бон?! Ныффæллайы, йæ базыртæ æруадзы, Цæугæ-цæуын æй рыййафы мæлæт... , Æндæр лæг ын йæ рухс фæндаг ыссары— Нæ йын бауадзы сыхгæнын йæ фæд! МАДЫ УАРЗТ Ис мын иу хорз æмбал: киномæ æмæ театрмæ. цы- дыстæм йумæ, хæргæ ; дæр кодтам нувдæ алы ; изæр дæр иу хæрæндоны, ме ’мбалы зæрдæмæ тынг чи ’фæ- цыд, бирæ кæй бауарзта, уым. 11»
Мв ’мбалы æнкъард схуыдтаин, æмæ æнкъард нæ уыд, хъæлдзæг æй схуыдтаин, æмæ хъæлдзæг дæр нæ уыд. ■ • ,. ’ Нæй, паб уыдзæн ахæм циндзинад/ ахæм* худæг, уый цæуыл бацин кæна, цæуыл .бахуда. Нæ дæр исты ахæм маст уыдзæн, уымæ чи бахъара. Аф?æ æрвыс- там нæ цард. Æрмæст ме ’мбал бирæ цы хæрæндон бауарзта, уырдæм нал цыд, æгæрыстæмæн йæ рæзты дæр нал цыд, - ■ / ’ ’ ~ Ме ’мбал цæмæн афтæ фæцис, уыд нæ рахатыдтон. Фæлæ хъуыды кодтощ фыццаджы. дæр/цæмæ.н фæ- цайдагъ уыцы хæрæндонмæ, дыккаджы та, цы удхæс- сæг ын фæцис фæстагмæ. Иу бон кæсын æмæ м;е ’мбал зыбыты иунæ- - гæй бады бæлæеты бын, йæ иу къух бандоны гоппыл æрывæрдта, иннæмæй чысыл хус къæцæл сæтты, афтæмæй. Мæнæн, куыд æмбал, æмбæлд йæ бафæрсын цы кодта, уымæй, фæлæ фергъуыйау дæн, стæй мын ~ æппынæрæджиау йæ^ къухæй амонгæйæ æрбад куы загъта, уæд æй бафарстон; — Цы кодтай, ды дæ риссы? — Мæ цонг,..—дзуапп мыц радта. Йæ фаремæ сбадтæн. Иу.дзæвгар уыдыстæм æнæ- дзургæ, стæй мын æппынæрæджиау, мæ уæраг йæ къухæй æрцæвгæйæ, зæгъы: — О-о-о, афтæ дæр ,вæййы,—æмæ сыстад.— Цом горæтмæ ацæуæм,—загъта мын æнкъардæй, йæхæдæг фыццаг хатт рахызт мæ разæй. Æз дæр рацыдтæн . йæ фæстæ, уæдæ цы, Æнæ дзургæйæ рахæццæ стæм æфсæйнаг æмбондмæ. Дарддæр цæуынвæшг нал скод- та: Æмбондыл йæ рахиз цонджы рæмбынкъæдз æры- вæрдта, йæ сæрмæ йæ къух сбыцæу кодта æмæ за^ъта: 120 \
- — Мæ цæссыгтæ дæм диссаг ма фæзынæнт,—афтæ райдыдта йæ ныхас, стæй бирæ, тынг бирæ, иу ран- 1Гæ кæсгæйæ, дзурвшыл фæцие:—Газакк, адæйм&г исты куы фæаразы, уæд æй ист&мæн фæаразы-Кæнæ исты хъуыддаг куы ныууадзы,* уæд уый дæр æдæ- мданг цæйдæр тыххæй ныууадзы. . Ды рахатыдтæ, Сандро цы хæрæндоны куыста, уырдæм-иу мæ афæс- таг рæстæджы куы фæцæйкодтай, æмæ та дын æз кæй нæ бакуымдтон, уый. Нæ йæ зоныс ныр уым буфеты яи кусы, уый?—Ферхæцыдис та æмæ бæрæг уыдис, цыдæр уæззау ныв кæй ауадис йæ цæстытыл. — Иу бон, изæрырдæм, бацыдтæн хæрæндонмæ Сандромæ. Кæсын æмæ уым налис. Ралвтой йæ..: Æз нæ раздæхтæн фæстæмæ, фæлæ бараст дæн комком- мæ буфетмæ, Сандройы бæсты цы зæронд ус кусы, уьшæ. Мæ дзыппæй æхца систон æмæ усмæ куыддæр бакастæн, афтæ, мæгуыр, мæн ауынгæйæ фергъуы- йау. Йæ кард йæ къухы уæлдæфй аззад, йæхæдæг афæлурс, стæй кард æрывæрдта, цæстытæ доны разылдта.:. Базыдтон мæ бацыдæй афтæ кæй фæцие, уый. Мæ зæрдæ сгуышг-гуыпп кодта. Уый гщу, цы кæны, цы йын кодтон?! Стæй йæ рахиз къухæй йæ сæрдæ февнæлдта,, йæхи сæнцъылдтытæ кодта æмæ зæххыл сымбæлд. Уыцы рæстæджы иу афицианткæ æрбацæйцыд æмæ йæ ахаугæ куы федта, уæд мæнмæ тызмæг цæстæй æрбакает æмæ фæхъæр кодта: — Абырæг!—йæхæдæг цъæхахстгæнгæ, усмæ фев- нæлдта, Цъæхахстмæ æрбауадысты иннæ афицианткæ- тæ дæр, чидæртæ бауад повартæй дæр. — Милицимæ. фæдзурут!--хъæр кæны’ уæддæр’ уыцы афицианткæ, , .' Æз кæм лæууыдтæн, уым лæугæйæ баззадтæн, æрмæст хъуыды кодтон, дзургæ дæр æм куы нæ скод- тон, уæд.цæмæн афтæ фæци? 121
Уыцы рæстæджы дуармæ æрбалæууыд тигъд æх- хуысы машикæ, æрбацыд милиционер дæр. Цалынмæ дохтыр мидæмæ цыд, уæдмæ ус æрчъицыдта. — Уæртæ, уæртæ! Уæртæ уый уыд!—йæ къух та мæнмæ даргæйæ, хъæр кодта цъæхснаг хъæлæсæй уыцы афицианткæ. — Дæ мæрдтыстæн, хæйрæджджын фæдæ!—фæ- хъæр кодта, мæн чи зыдта, уыцы афицианткæ.—Ацы лæппуйы махæн амоныс? Усæн йæ зæрдæ бахъарм æмæ бауадзыг... Уыцы дзырдтæм ус йæхиуыл рахæцыд, йæ къух тилы, ома уый ницыгæнæг уыд. Стæй йыл схæцы- дысты æмæ куы рабадт^уæд сабырæй, йæ сæр йæ риуыл æрыппаргæйæ, скодта иунæг дзырд „хъæбул" æмяе та фæйнæрдæм аппæрста йæ цæнгтæ. Æз уыцы рæстæджы мæхи æрæмбæрстон, зыдтон æй, кæйницы аххосджын дæн, уый, æмæ мæ зæрдæ фенцонд&р йæ рыстæй. Иуварс алæууыдтæн, зæгъын, дзы уæгъдæй змæлой усмæ кæсджытæ. Афнцианткæ мæ мæ бына- тæй фезмæлгæ куы федта, уæд мæм æрбауад, ома лидзгæ кæны. — Нæ, нæ дæ ауадздзынæн, мæхæдæг дæ уæддæр ахсдзынæн!—йæ гæндзæхтæ та мыл сцагъта, æмæ мын мæ цонгыл йæ дыууæ къухæй ныххæЦыд. Уæд- мæ ус бынтондæр æрчъицыдта. — Ацæут, рынчындонмæ нæ цæуын. Усйæхи дзæбæх куы ’рымбæрста, уæд мæм йæ къух фæтылдта, ома, ды’ма ацу. Дзырд дардыл цæ- уы, фæлæ та сыстад, кард та райста йæ къухмæ æмæ мын, кæрдзын сындæг лыггæнгæйæ, зæгъы: — Изæры-иу аст сахатыл æрбацу. — Хорз, зæгъгæ, бакодтон. Уый, уыцы дзырд фе- хъусгæйæ, скуыдта æмæ та æрбадт бандоныл. Адæм иу каст мæнмæ кодтой, иу уымæ. Æз бынтондæр сыфсæрмы дæн. Нæуæгæй та фергъуыйау дæн æмæ 122
куыд рацкдтæн нæхимæ, уый зонгæ дæр нæ.бакод- тон. Ме ’мбал хæдзары нæ уыд, сынтæгыл æрхукс- сыдтæн,. æмæ æгуьшпæгæй лæууыдтæн, цальщмæ дуармæ цы сывæллæттæ хъазыд, уыдон пурти вæ фатеры рудзынгыл саембæлд, уæдмæ. Æз фесхъиудтоц æмæ ды федтон, ууыл хъуыды кæнын райдыдтон. Æр- кастæн æмæ уынын: аст сахаты фынддæс минуты цух æмæ загътов, мæлгæ куы кæнон, уæддæр уыцы усы цæссыгты аххос хъуамæ базонон. Стæй фæгæпп кодтон мæ уатæй æмæ араст дæн хæрæндонмæ. Куыд- дæр къæсæрæй бахызтæн, афтæ усæн йæ зæрдæ ба~ рухс, æнæбары бахудт æмæ мын зæгъы: — Æрбацыдтæ, мæ хъæбул? — Æрбацыдтæн! Ус бафснайдта буфет æмæ афтæ бакрдта, йæ мæл* лæг къухтæ мын мæ сæрыл æруадзгæйæ: — Цом ныр нæхимæ. Æз фыццаг фæтыхстæн, сæхимæ мæ цæмæн кæны, ууыл, фæлæ хæдзарæй цы цыдæй рацыдтæн, '’уый’ куы æрбаймысыдтæн, уæд йæ разæй рахызтæн æнæ исты сдзургæйæ. Рздыдыстæм. Дыууæ .æттæгуæлæ хæдзар... Схызтыстæм уæлæмæ. Иу хатæнæй иннæмйе уыд дуар. Æз фыццаг цы хатæнмæ Оахызтæн, уъш æрларууыдтæн. — Бадгæ скæн, мæ хъæбул,—загъта мын, йæ?хæ- дæг мидæмæ бахызт. Иу минут нæма рацыдаид,!афтæ фæстæмæ раздæхт, иу нывы рамкæ йæ къухы, афтæ- мæй. Кæсын æмæ нывы æртæ адæймаджы. Сæ иу мæ ныв, дыккаг уыцы ус, фæлæ ’лæг чи уыд, уый &æ рахатыдтон. Ай циу? Ныв мæ ныв у, фæлæ уыцы лæг чи у, стæй ацы усимæ кæд систон ныв, мæ цæ- рæнбонты йæ абон куиГ федтон фыццаг хатт. Уе« та мын. мæ сæрыл йæ къух æруагъта: , ’ 123-
— Мæ хъæбул, мæ иунæг хъæбулГ—бамбæрстон, уьШ йæ фырты ныв кæй у, æмæ абон хæрæндонмæ ’щн бацыдтæн, .уæддæр уый тыххæй кæй -фæуадзыг æмæ æз бын;тондæр йЬ лæппуйы хуызæн кæй дæн æмæ фыццаг’ хатт æркалд мæ цæссыг. :Уе куыдта æмæ куыдта, стæй мæ мæ номæй æмæ ’чж дæн, уымæй бафарста æмæ нын загътон, зыбыты иунæг дæн, нæ мын мад ис, нæ фыд, нæ хо, нæ æфсымæр. Цалынмæ хъæуы уыдтæнæмæ уым ахуыр кодтон, уæдмæ мæ фыды мады ’рвадæлтæм уыдтæн, ныр та ам, институты ахуыр кæнын. Ус нодж^1 йæ куыд фæтынгдæр кодта æмæ райдыдта дзурын: — Раджы, тынг раджы, ,зæгъы, амард мæ фыд, ме ’фсымæрыл дыууæ къуырийы цыд, афтæ. Зымæг хосы ^æкъуылтæ ласта æмæ зæйьь бын фæцис. Баззадыстæм свдзæрæй: æз се ’пдæты хнстæр, мæ хотæ дыууæиæ .мæ кæстæртæ, æмæ ме ’фсымæр— не ’ппæты кæстæр. Дардыстæм, уæдæ цы. Байрæзтыстæм.,. Стæй мын. ацамыдта лæджы нывмæ йæ къухæй. — Уый уыд чæ сæры хицау. Каерæдзи тынг -бцрæ уарзтам. Цардыстæм хъæлдзæг,. зæрдæрухсæй. Уæд- мæ нын райгуырд хъæбул, мæ дунейы рухсу-загъта -ус æмæ та мыл ныттыхст. Фæлæ та^ йæ зæрдæ йе муд куы ’рцыд, æз йæ фырт кæй нæ дæн, уый та йæ зæрдылкуы ’рбалаеууыд, уæд афæлурс, йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ йæ бынат&й фестад. Бирæ цыдæртæ ма мын фæдзырдта, фæ^тæ æз рацыдтæн æмæ уæдæй фæстæмæ мæ ч цæсты- ~гыл уайы æхсæвæй-бонæй. Мæ уаты куы ;æрын- цайда,. куы ахуыссын кæнын рухс, уæд мæ; цæс- ты раз йе ’ндæрг æрдаеууы æмæ мæм фæдзуры: ,,Мæ хъæбул куы дæ, уæд хъæмæ цæмæннæ цæуыс, цæмæн мæ ферох кодтай". Æмæ та мæ зæрдæ суын- гæг вæййы. Уынджы куы фæцæйцæуын, уæд мæ 124
цæст фæдарын, зæгъын, мыл ма~сьшбæла. Мæ фен- хæйæ иууыл кæугæ кæны. Æрдæбон та мыл кувддæр- хæрхæ*§бæлд фæцвю æмæ мын афтæ: „Мæ хъæбул, цæмæннæ мæм цæуыс." Æз абонæй.фæстжмæ мæ хъæ- бул дæу хондзынæн. Æмаз йæ дзурдзынæн адæмæн дæр. Æрцу, æрцу æмæ цæр дæ хæдзары. Ды мæ- хъæбул уыдзынæ/æз—дæ мад. Ме ’мбал мын уыцы хабæрттæ куы ракодта, уæдæй фæстæмæ иннæ райсомæй хъауджыдæр раздæр рай- хъал вæййын. ’Æрымыеын æрмæст уыцы ус æмæ ме- ’мбалы нæ, фæлæ дыккаг дунейон хæе^гы аххосæй æнæ? хъæбул цы мадæлтæ баззадысты, уыдон. «^©^9^
^о^ФСОО^^о^ ДЖИОТЫ ДЖЕТÆ АДÆМ Дæуæн, зынаргъ бæстæйы адæм, Тæхуды, стыр хæрзтæ’ фæу, Æмæ дын искæд де стыр кадæн Мæйдары рухсхæссæг фæу. Тæхуды ныр дæ зæлланг зардæн Æрмæстдæр иу аккаг дзырд зæгъ, Æмæ дæ райдзаст сомы цардæн. Цæ цинæй дунейыл фæтæх. Дæ зонд у фурд, рæстыл—дæ фæндтæ^ Сæрибар рамрылдтай тыхæй. Хъысмæтæй байстай ды дæ бæстæ Æрра хъæддаг сырдты дзыхæй. Мæ цин, мæ царды амонд, адæм, Дæуау зынаргъ мæнæн цы ис! Сабырады мæсыг дæ алкæм, Ды бахсыстай егъау цæдис.
М ЫДЫБЫНДЗÆН Уыс&ш йас дæр дзæгъæл нæ сафыс рæстæг, Нæ дæр кæныс кæйдæр мулкмæ тæхуды, Бæркадджын у кæддæриддæр дæ фæззæг— Кæй нæ сайыс дд фезмæлдæй дæ уды. Дæ цæсты сындз у магуса, фыднизау, Æфсымæр уа, уæддæр æй хоныс де знаг. Æввонгхортæй нæ фæкæныс ды хицау, Æрмæст дын хорзæй чи фембары де ’взаг. Сæрдыгон бон куы ’ркæсы хур цатырæй, Уæд тугцъиртæ æрцупал вæЁйынц галтыл, Дæу ахæм бан нæ февдæлы дæ куыстæй, Æрзшшс рог. уæрæх быдырты, дардыл. Хъызт зымæджы ды хъарм хатæны бадыс,— Дæ сæрды куыстæй байрайы дæ зæрдæ- Æввонгхортæ ’мæ тугцъиртæ та цагъды Æрбавæййынц, æрбайсæфынц сæ фæндтæ. 1958 аз. ^ ■ * * -к- Кæд даэ фæнды ахъаз фæуык дæ дугæн, Уæд йемæ дзур сыгъдæг зæрдæйаег ’рмæст Æмæ дæ риуы с.у$ дзырдтæ ныхжурх кæн, Дзылдæмæ дар æнæфсисæй дæ цæст. 1958 аз.
* 0, зыд сырдтæ, ма ’ма хъазут Судзгæ ’хсидавæй æдзух. ’ Гъе, фæлтау ыл дон æркæнут, Науæд ба1судздзæн уæ къух. 1958 аз.
ГАВОТЫ ЗОЯ 3 Æ X X Æз дæуæы нæ кæнын уæз, нæ дарæг, Раст хъæшш хал у дæуæн мæ уæз, Фæлæ рæвдз æмбырд кæньгн дæ уæлæ Адæмæн хъæздыг бæркæдтæ æз. Зæхх, ды нын дæ царды хос æдзухдæр, Мах ысты дæ ис æмæ дæ бон. Аяв дæ фæлындзæм мах нæ къухтæй, Нуазæм дын дæ ирд суадæтты дон. Зæхх, дæ цинтæй райгуырдис мæ зарæгг Зæхх, дæуьтл æз фидарæй лæууын, Алкæд дын дæ дзæбæхтæ æвзарын, Фидæнмæ дыл райгондæй цæуын. 1953 аз. 9. Æвзондясы бонтæ. 129
* Лæппу, ды мæ нæ зæххæй ма стон,— Æнæ зæххæй нæй маргъæн дæр ма цард. Мæнæн ис фыд—уый хонын æз Ирыстон, Йæ хъæзныг æрдз—мæ хъæлдзæгзæрдæ мад. Кæд ыл лæнпуйау æз мæ фос нæ хызтон, Мæ фыдæлтау ыл никуы кодтон хуым, Уæддæр чысыл, фæлæ æстыр Ирыстон — Мæ зæрдæйæн—адджындæр къуым! 1958 аз. Æз нæ къæдзæхæй нæ фехсдзынæн мæхи, Æг Сайфойау н ’ацæудзынæн цардæй. Мæн куы нæ уарзай, куы нæ схонай дæхи, Гъе, уæддæр кæсдзынæн-иу дæм дардæй. Мардæн ма цы вæййы, цы, йæ бон, Сау сыджыт ын рохуаты дуар фесты,„ 'Рмæст цæмæй дæу уынгæйæ цæрон, Уымæн та цæргæ бонтæ фаг не сты. 1958^аз. * # ^Уынджы уазал дымгæ телы хъæдтыл зары. Хъарм хуыссæнмæ алчидæр тындзы, Фæлæ уазал ныр мæнмæ нæ х.ъары, Фæсзымæг мын рухс уалдзæг хæссы. 130х
Арв йæ хызæй урс фæрдгуытæ луары,— Афтæ у нæ уалдзæгæн йæ хъæд. . *< Сонт зæрдæ æнкъард йæхи нде дары,— Ихы гæр-гæр æм кæсы æмдзæгъд. 1948 аз. * /■ Æз дæумæ нæ фæцæудзынæп уазæг, Алы хатт нæ исдзьшæн дæ къух. Ацыди нæ райгæ уарзты уалдзæг .Æмæ стæм нæ кæрæд-зийæ цух. Ам хъызт зымæг бавнæлдта йæ гæрзтæм, Дымгæ тъизы м ’алыфæрсты ам, Рарвит ма дæ зынгзæрдæ мæ фæстæ Æмæ уа мæ æвзонг уæнгтæн хъарм. 1958 аз. ■<Х*|§^Ос-
ÆЛБОРТЫ ХАДЖИ-МУРАТ ФÆЗЗЫГОН НЫВТÆ Хъæды бур-бурид сыфтæртæ, Цæф гæлæбутау, куы згъæлынц,— •Ногæй та æгъуыстаг нывтæ Махмæ хæхбæсты æвзæрынп? Хъæу у сабыр, хъæд æгуыппæг. Уазал уддзæф дзы æрфысьш. Суадоны æвзист лцстæг таг Чъызгæ сыфтæрты ’хсæн сысы. Бирæгъ фестъæлфы, ныхъхъæрзы Хохаг цуаноны гæрахæй, Сусæг, арæхстгай фæхъуызы, Ахицæн тæрсгæ фæсрагъæй. . Фыййау зары, йе "фсæст дзугтæн Се ’хсæв хъæуырдæм фæхæссы... Хохаг тар æнæфæцудгæ Дзауы донбылты æрхуыссы. 132
Йæ дуджы уый чъындыйæ цард. Æмбырдтæй-иу фæлыгъди дард. Йæхицæн не ссфэдта æмбал. Рæвдыд дзы никуьиуыд æмгар. Æгас бон гобипæ куыста. Изæрæй арвæрдæм куывта. Фæци... Æрсырдта йæ мæлæт, — Кæй дзыллæ бакæндзæн йæ мæт. ХЪÆБАТЫР ЛÆППУ — Райхъал дæ, мæ зæрдæдарæн?— уарзон хъæлæ- чзæй бадзырдта Сæниат йæ авдаздзыд лæппу Хазбимæ -æмæ йын пæ мыдгъуыз бецыкк йæ фæлмæн къухæй •æрсæрфта. Хазби фæгæпп кодта, нæ дарæс акодтаæмæ’хих- сæны цурмæ рауад, нæ дыстæ йæ цонгрæбыктæм ба-' тылдта æмæ рæсуг суадоны донæй йæхи сæхсадта. Доны сæрсæрмæ бабыз хихсæны бынмæ æд лæппрн- тæ æрбауад. Йæ тъæпæн дзыргъайы хуызæн бырынкъ. дыууæрдæм радав-бадав кодта, дурты ’хсæн цы чьь сыл доны цæдтæ абадти, уьтдон мидæг. Лæппынтæ дæр-иу сæ чысыл бырынчъытæ куы до- ны атылдтой, куы та-иу сæ рæсугъд цъæхснаг хъæ- лæсæп æмхуызон райдыдтой фиу-фиу кæнын. Сæ фæлмæн гуыбынтæ-иу зæххыл ахафтой, цыма сабыр ’фæйлауæг денджызы ленк кодтой, уыйау. 133
— Гнцци, —кæс-ма, юæс, мадæл бабыз сыл куыд; цинтæ кæны! — Гыцци дæ нывонд æрбауа, уыдон дæр дæуау чы-- сылтæ сты, æз дæу куыд уарзын, бабыз дæр йæ лæп- пынты афтæ уарзы, хъахъхъæны сæ. ’ — Æмæ сæ куыд хъахъхъæны? — Куыд, куы, йæ дæндæгтæ сты раст хырхы дæн- дæгты хуызæн æмæ йын йæ лæппынты исчи куьг хъыг дара, уæд æй ахæрдзæн. —^Æмæ мæн’ дæр ахæрдзæн?—афарста Хазби дис- гæнæгау, ’йæхæдæг лæппын бабызы йæ хъæбысмæ фелвæста. Лæппыны фиу-фиумæ мад йæ базыртæ- тилгæ йæхи рауагъта æмæ а-ныр лæппуГш къах, айваза^ Ъфтæ Хазбийы Сæниат йæ хъæбысмæ фелвæста. Лæппын бабыз æрхауд æмæ йыл. йæ мад йæхи æръшпæрста. Фæсаходæн афон хуры тынтæ ахъаззаг æрæндæв- той. Бабызтæ хихсæны бын ныссабыр сты æмæ чысыл- сывæллон авдæны куы ’рфынæй уа, уыйау сæ цæс- тытæ æрцъынд-æрцъынд кодтой. Зæххыл-ну сæ бы- рынчъытæй æрынцбй кодтой æмæ та-иу сæ сæртыл схæцыдысты. \ — Марадз-ма, Хазби, дæ нывонд æрбауон, мæнæ- бабызты донмæ баздах,—сдзырдта Сæниатрæвдаугæ- йæ. Хазбй чиныг йæ дæларм акодта æмæ бабызты’хъаз- гæ. донмæ баздæхта. Йæхæдæг цъæх нæууыл æрбадт æмæ та йæ чиныджы нывтæм кæсын райдыдта. Бабыятæ æхсызгонæй хъазыдыоты доны. Мад-иу- сæ’ разæй фæраст æмæ та-иу^тæппынтæ дæр йæ фæс- тæ ныххал сты. Дойы-иу’ сæ сæртæ фæцавтой æмæ та-иу уайтагъд фæстæмæ сленк кодтой. Уалынмæ та мадæл бабыз йæ сæр доны ноджы арфдæр фæцавта- æмæ бынтондæр фæдæлдон. Хазби йæм кæсы, кæсы, фæлæ бабыз нал зыны æмæ- 134
нал". Алы хъуыдытæ йæ сæры хæлбурцъ кодтой: кæд ^мыййаг хуыдымæй фæстæмæ раленк кæнын йæ боннал у.—Уалынмæ фемдзаст, доиы хæдбыл ды стыр дур уыд, уый быямæ. Уырдыгæй, абузæгру, дон хæрдмæ пуртитæй хауд. Хазби дуры сæрмæ багæпп кодта æмæ кæсы уырдыгмæ. Уалынмæ раленк кодта Хазбийы бабыз пыхцылтæй. Иæ~ фæстæ ралæст стыр цъæх калм, йæ сæр бæр- зонд сисгæйæ, æм?зе цæстфæныкъуылдмæ бабызыл йæхи ныццавта. .' • — Гыцци!— йæ хъæлæсы дзаг фæхъæр кодта Хаз- би æмæ донбылæй дур фелвæста, хæстæг сæм ба- згъордта æмæ йæ калмы ’астæуыл фæкодта. Калм æвиппайды атымбылтæ, йæ сæр дыууæрдæм арадав- •бадав кодта æмæ та бабызмæ фæцæйлæбурдта. Уæд- мæ та йцн Хазби. дыккаг дур Гхæ сæрыл ныццавта æмæ уæд калм.змæлд -дæр нал фæкодта. — Цы кодтай, гыццииы хъæбул?—тарстгъуызæй , æрбазгъордта Сæниат. Калмы дæргъæй куы ауыдтаг> уæд йæ цæсгом афæлурс, стæй йыл ^ахæмдæр цины æнгас фæзынд. — Уый цæй хъайтар лæппу разындтæ, мæ зæрдæ- дарæн!—æмæ йын йæ нарст русæн ныпъа кодта. МИЛА Зымæгон фæлм йæхи ныллæг æруагъта. Миты тъыфылтæ бындзыггай, зчв,æггæнгæ, урс бывдзытау, уæлдæфы тæхынц. Æмбæрзынц уæлхæдзæрттæ, æх- гæнынц фæндæгтæ. Бæзджын æрбадынц хъæугæрон æмбæндтыл, цыма сыл ис’чи æхсад къуымбил байтыд- та, уыйау. Уалдзыгон дидинджыты губаччы’Гау, æр- цауындзæг сты дыргъбæлæсты лы<\тæг къалиутыл. 135
Æмбисбон уыдаид, фæлæ хъæуæй фæдныв никуы- цæй зыны. Æрмæст мæнæ уæлхъæуæй адаргъи иу къахвæд хъæдырдæм. Ныздæхт арф ададжы, уым до- ны сæрты ахызт, æмæ фахеьтл хæрдмæ сфардæг Куыдзæппарæн къæдзæхмæ. Уæлæ йæ тæккæ былгæрон лæууы ацæргæ лæг Бето. Йæ цуры—егъау куыдз. Йæ хъуырьтл цы уæр- дæх баст уыд, уый кæроныл хæцьт Бето. Лæг йæ даргъ къубал сивæзта, æмæ, йæ цæстытæ чьтсьтл æр- цъынд кæнгæйæ, ньтккаст къæдзæхы хæдбьтнмæ, фæ- лæ дзы нæ зæрдæ ныккæраыдта æмæ йæ сæр фæс- тæмæ скъæфæгау акодта. Пæ куыдз Миламæ ма зул- мæ иу каст фæкодта, стæй нæ æшшпайды фесхуыс- та былæп, пæхæдæг цæхгæр фездæхти фæстæмæ æмæ, цьтма уæззау низæй фервæзт, уыйау рог сулæфыд Милайы зæрдæхалæн нпуд ма иу хатт пæ хъустыл ауад, афтæмæй фæстæмæ пæ фæд-фæд фæцæуæг. Сæууон ирдгæ цъыччытæ кодта. Фаллагхъæуккаг цуанон Куыдзæппæрæи къæдзæхы сæрæй, цыдæр агу- рæгау, коммæ фæлгæсы. Пæ цæстытæ æртъæбæртт- тъæбæртт кодта, стæп сæ йæ рахис къухы æнгуыл- дзæй асæрфта æмæ та ныккаст бынмæ: „Уый сырд уыдзæн, сырд. Æвæццæгæн, зæронд стджытыл сæумæрайсом йе стонг сæттьт..."—Хъуыды кодта лæг, стæй комьт ’рдæм ауырдьтг кодта. Лæгæрс- та арф миты. Хаттæй-хатт-иу чысыл фæлæууыд æмæ- иу ахъахъхъæдта. Пæ-фæнд уыд сырды удæгасæй æрцахсын. Лæгæрды дарддæр. Æппынфæстагмæ къæдзæхы аууæтты, сырдмæ йæ топпьт лулæ даргæйæ, хæрз хæстæг бацыди. Кæсы æмæ миты бынæй цыдæр зыны, фæлæ не змæлы. 136
Цуанон лæг фыццаг фæджих. Афтæ зынд, цыма йæ улæфт дæр баурæдта. Стæй йæ армы дзыхъхъы ми- ты къуыбар æрнадта æмæ пыл æй арæхстгай бап- пæрста. Уый йæ мидбынат базмæлыд æмæ миты бы- нæй йæ сæр систа. Иæ разы æцæгæлон лæджы куы ауыдта, уæд лидзыыыл фæцн, фæлæ йæ уæрджытæ ныхъхъеллæуттæ кодтой æмæ пæ бынаты æрхауд. Уый уыднс стыр саудзых куыдз. Цуанон æм нæхи баппæрста. Куыдз йæхицæн бынат пал ардта, рафт-бафт кодта. Йæ цæстытæ-яу куы ферттывтоп, куы та-иу фæпымæг стд. Афтæ зынд, дыма сæ лæгæй сусæг кодта. Æмбæхстытæ кодта йæ цармы мидæг æмæ фыруазалæй рызти. Лæг лыстæг скаст, куыдз кæцæй рахауд, уырдæм æмæ бадис коД- та: „Æвæццæгæн æй хъæпæнтæ фервæзын кодтой къæдзæхы тигътыл, æндæра ма куыд фервæзт?" Стæй ’пæ топп йе *фцæджы æрцауыгъта æмæ йæ дыууæ къухæй нывнаддта куыдзмæ, рæвдаугæ йæ систа йæ хъæбысмæ: — Мила, мæхи Мила... Ма тæрс> ма, æз дæ нæхимæ ахæсдзынæи... Æииу ын йæ ном та цæмæй зыдта, фæлæ йæ бы- рынкъ сау кæГгуыд, уымæ гæсгæ йæм афтæ фæкаст, зæгъгæ, куыдзы ном Мила хъуамæ хуыйна. Милайыл хæдзары сывæллæттæ тынг бацин код- топ, фæлæ иннæ бинонты зæрдæмæ нæ фæцыди æмæ дзырдтой: — Куыдз куыдз у, æмæ ахæм мæлæтдзаг, чæдзæл- лагæй та уæлдайдæр! Фæлæ цуанон лæг йæхи нæ басаста. Тыргъы йын бынат скодта æмæ йæм уырдæм зылди. Куыдз уай- тагъд фæсæрæн æмæ йæм уæд бинонтæ дæр зул цæс- тæй нал кастысты. Ныр Милайы тæгæнайы фыдыз- гъæлы кæрдихтæ, дзул, æхсыр дæр фæзыны. 137
Ралæууыди рагуалдзæг. Алцы дæр райхъал хуры хъæрммæ. Мила-яу уæды онг кæд хæрз" стæч -хатт рахызт йæ бынатæй, уæд ныр та^æрвыл бон дæр ра- цæуы дуармæ. Сывæллæттæ æмбырдтæ кæныыц йæ алыварс æмæ пыл алы таурæгътæ кæнынц, мысынц. Мила фæстагмæ бынтон сдлæбæх. Йæ ~ рæйынæй диссаг’ фæци. Хæдзары алыварс цъиу тæхæг дæр нæ- уагъта. Æхсæв ын быитон æрхуыст нал уыд. Гыццыл- иу исты унæр фæцыд, уæд йæ рæйдæй бинонты фы- нæй иал уагъта. Сыхæгтæ дæр дзы тæрсын ■ байдвщ- той. Кæртмæ æввахс-иу искæй куы ауыдта, уæд-иу æй танпызарты хай бакодта. — Уый уæ хæдзармæ цæй бирæгъ æркодтат,—хъаст кодтой хъæубæстæ. Уæд Милайы æфцæджы рæхыс бафтыдтой æмæ йæ кæрты иу къуымы ныббастой, уырдæм ын хастон хæринаг дæр... , Миламæ йæ ног фысымтæ хорз зылдысты, фæлæ- йын уæддæр цыдæр нæ фаг кодта. Ие стырцæсты- ты циндзинады стъæлфæнтæ никуы фæзынд. Хатт-иу .йæхимидæг цыдæр уынгæг хъыс-хъыс скодта. Сы- вæллæттæ-иу йемæ куы хъазыдысты, уæддæр сæл, рæстмæ йæ хъус нæ дардта. Иу сæрды^гон бон, аходæн афон, сыхбæстæ иууыл- дæр куыстмæ куы ’фæцыдысты, уæд Мила, йæ рæ- хые каумæ цы уисыл баст уыд, уый расаста, æмбон- ды сæрты маргъау атахт æмæ уæртæ уынджы цы гуыбыргомау лæг фæцæуы, уый цур февзæрд. Лæ- гæн йæ тæккæ фарсмæ рæхыс куы сдзыгъал-мыгъул кодта, стыр хъуынджын куыДзы йæ разыйæ фæстæг- тыл лæугæ куы ауьтдта, уæд тынг фæтарсти æмæ йæ лæдзæг фæхъил кодта. Фæлæ куыдз нæ фæтарст, цины хъыс-хъыс кодта, лæджы раз æрхауд æмæ йæм йæ цыппæртæ сдардта, куы та-иу сæ, æркъæдз код- , та, афтæмæй йе ’рагъыл ратул-батул тсодта. Отæй" 138
фестад æмæ йын йæ сырх æвзагæй йæ къух астæрдта^ Лæг сыргъуыдау, стыхст. — Мила... Удæгас дæ?.. Мæхи Мила... Ныххатыр- мын кæн! Æз дæ къæдзæхæи аппæрстон æмæ мыл^ды та цинтæ кæныс,—дзырдта Бето, йæ цæстытæ доыы* зылдысты, афтæмæй, стæи Митайы рæхыс йæ къух> мæ еиста æмæ араст сты...
<>1Х><ХЖХ>оо<> ТЕДЕТЫ АВГАР АМОНД Амонд н&у йæхи къахæй æрцæугæ, Алкдемæ йæ мидбылты иæ худы. Стæй нæ кæны ппсийау æндæдзгæ, Стæн нæ кæны. урс къухтæм тæхуды. Хиды ’ртæхтæ—амондæп йæ гуырæи, Арт, куысты цæхæр ысты нæ авдæн. Ие ’ппæт тыхтæ чи дæтты нæ цардæн, Уый фæхонынц амондджын нæ адæм! 1958 аз. М А ДЫ ’НЬТХАС * Ис мæнæн чысыл сывæллон. Дидинæг йæ уынд, йæ бакаст. Хи удæй фылдæр æп уарзын, Сыххæст ыл мæйгæй ныр фараст. Æз фæзарын: уæ, мæ хъæбул, Анрæз, цардамонд дын фестон. Сты фæлмæн дæ уат, дæ хъæццул, У дæ бæстæ рухс —Советон. 140
Хъусын, фæсденджыз æзнæгтæ Тугкалæн хæстмæ кæй сидынц. • Аразынц хæцæн бынæттæ, Дзыллæтæм сæ гæрзтæй ’взидынц. Ое ’хсар, дам, зæгъьтнц, у атом — Цардкуынæггæнæг хæцæнгарз. Фæлæ уын цы уыдзæн уанцон, Æмæ ’рлæууа мах тыхы раз. Мах, сабыруарзаг дзыллæтæ, ’ Карз зæгъдзыстæм: хæст нæ хъæуы! Уый фæлтау сæууон дымгæтæ, Уадз, рæвдауой зад мæнæуты. Æмæ схъомыл уа мæ лæппу, Фена рухс бæллицаг фидæн, Радта уый йæ зонд, йæ хъару Рангуырæн бæстæйæн—Ирæн. МÆ ХТ^ÆУ Уарзон хъæу, мæ ныййарæг колхоз,— гЗилын дыл, æмæ мын нæп фæллайæн. Зад дæ хуымтæ, хуссæртты цъæх хос, Денджызау кæнынц фæлмæн фæйлауæн.. Хур нырма нæ райдыдта йæ балц, Арты ’взагау нæу сырхбын æскæсæн. 'Фсиры сыгтæ сбадтысты, кæс, барц. ’Ркъул ысты кæрæдзийы нывæрзæн. Æртæх хъазы—титыччы фæрдыг> Цæстыл уайы аив фæлыст гауыз, Уарзон хъæу, лæудзынæн дын уырдьщ ■ Скæндзынæн дын ме стыр куыстæп намыс. 1956 аз. 1411
Хурзæрин йæ тынтæ уафы, Бонæй-бонмæ тынгдæр тавы. Зæхх фæгæрæмтæ, фæсау. Мигътæ апырх ысты дардыл, Денджызы цъæх-цъæхид арвыл Ленк кæнынц чыргай, уæззау. Хърихъуппытæ, хъазты халау, Адаргъ ысты, сау æндахау, Хъру-хъру-хъухъу уасшщ, "кæс! Фтахт гæлæбу, нæуу фæцъæхтæ, Цинæй райы, зары зæрдæ, Æртæх авæрдта пæлæз« Леуахи æсси йæ хъуырмæ, ’Лпары улæн риуæй-риумæ,— Згъоры Касшшæ фæдис, Кауыл абадтис чъыбырттæг, Сиды диссæгтæ фæ-лдисæг Кусæгмæ:'—-Цæдис, цæдис! 1957 аз. 'Фтауы дидинæг Ирыстои, Уалдзæг р&лæууыдис хæхты. Систа хурзæрин æлвасын Морæ, бур зæлдаг æндæхтæ. Комæй раулæфыд уддзæф, Къæбыртыл æздухгæ ’рлидзы. Уæлæ æхсæрæг фæдзуццæг— А.бадæг йæ пух гсъæдзилыл. Ш58 аз.
БÆЛЛИЦ Магнит куыд æлвасы йæхимæ Згъæры, афгæ гъе ды дæр Æлвасыс цавæрдæр тыхамæ Мæ сонт зæрдæйы ды дæхимæ, Мæ уарзт дæм бонæй-бон—фылдæр. У&вгæй цы нæ кæнын мæ тыхетæй, Зæгъын, кæд бауарзйс ды мæн, Уæддæр нæ ярвæзы дæ дзыхæй: „0, уарзын дæ",—æмæ хъæддыхæй Цæхгæр ныллæууыдтæ бæндæн. Æниу æй хатын, уарзыс бирæ Ды мæн, æрмæст кæныс æфсæрм. Кæд уыдзæнис, мæ ныфс Ваирæ, Дæларм-уæларм нæ дыууæ иумæ Нæ; горæты мæйрухс æхсæв Фæцæйцæуæм, сæрыстыр, буцæй Æмæ кæнæм аддзкын ныхас. Дæ ледтæй баст мыдгъуыз дзыккутæй Сæрфай мæ цин-цæссыгтæ рустæй, Рæвдауа мæ дæ цæстæнгас. 1958 аз. Мæ уарзт дæуæн æргом куы загътон, Дæуæн куы ралæхурдтон алцы. Уæд дæ сыва&1лонау фяЭцзæяЬтон: Кой макæмæн чындæуа мац&.
Фæлæ нæ фæхастай æмбæхстæй Дæ зæрдæйы мæ уарзт къуыри дæр, Уый чи нæ зоны ’гас хъæубæстæй,— Нæй, не ссардзæн ахæм иу дæр. 1958 аз. Мæ цæстытæ ныуурс ысты, ныдздзагъыр, Мæ рухс бæллиц, æнхъæлмæ дæм кæсын. Нæ мын лæууы къуырийæн фæлыст дзабыр, Нæ вакзалмæ æрвыл изæр’ цæуын. Ныууадз, æгъгъæд мæстæй марæнтæ, хъазын^ Схъиугæ Тсркау раивылд мæ уарзт. Дæу афтæ тцнг, æнувыдæй кæн уарзын, Рæсугъддæр мæм гъе уымæн кæсы цард. 1958 аз. НЫХАС НÆЗЫИМÆ Æнусыккон цъæх нæзы, Мæн демæ ис ныхаеаг: ,Л[æ зæнгыл чызг кæд ныффыста Йæ рæсугъд ном, цы сахат? Нæ дыи рыстпс нæ карды цæф? Хъуыды дæр æй нæ кодтай? Гъе, фыр рыстæй дæ къалиутæ Кæрæдзийыл фæхостай? —Хъуыды та йæ куыд нæ кодтон^ Æвзонг лæппу—мæ уазæг, Чызгайы раз куыд кодтаин, Зæгъ-ма мын ныр, æз хъарæг.
Ныффы^та мыл йаа ном æмæ Фæфардæг дард кæдæмдæр. Кæм хæты ныр? Цæмæндæр ыд Мæ рыст зæрдæ нырхæндæг. Æвæццæгæн, æссардта къай, Цæмæ бæллыдис рагæй. Ды лсты мййаг фехъуыстай Æнахуыр адæймагæй? — 0, фехъуыстон, кæимæдæр- Уый ацыди Уырысмæ. 0, цин дын фенон, арфæгонд Кæй фесты ’нус-æнусмæ. Ныр мад у, мад, йæ сæры хил Чырс адардта, æвзийы. Æвзонгад тайы, зæронд æм „Фæлæу", зæгъгæ, æвзиды... Дæуæн дæ хъæдгом байгасис, Цы хъаст кæныс ды ма та, Мæнæн мæ зæрдæ баззадис * Хъæдгом тъъшы-тъыматæм. 1958,аз_ —*ф*—- 10. Æвзонджы боетæ.
♦>>>>>>>;«<<«<♦; ХУЫГАТЦ СЕРГЕИ Махыл ауддзаен, ма тæрс, нæ фидæн, Цардыл махæй æнувыддæр нæй. Дарын, дарын æетыр туджыг фидтæн Æг рязайнаг уырыссаг чызгæй. / Уыцы тар бонтæ, Судзгаё æх^æвтæ, Дуне хаестæй куы кодта хуыдуг, , Уæд Мæскуыйы бйн удхауæн цæфтæй Дидинджытыл фæтагъди мæ туг. ’ . . ; *' Æмæ баззадтæн хурмæ дзыназгæ, Дуне кодта сабыргай æнуд. Уæд фæзынди æд хызын мæ размæ ,Æц& цардмæ ног раздæхт мæ .уд. Уый аёнæвгъау йæ сыгъдæг туг систа, Туг фæдисонау ие уæнгты ’рзылд Байсæфта мын мæ цæфтæ,. мæ низтæ, Уыцы туг мын æвдадзы ’хое уыд. , - 146
^Мах рæвдаудзæйи, ма тæрс, нæ фидæн, • Щардыл махæй æйувыддæр нæй. Дарын^дарык^естыр туджы фидтæн * _ÆЗ рязайнаг уырыссаг чызгæй! 1957 аз. -Æз- æнхъæлдтон, амбæлдзынæн та дыл,- Ме сфæлдисæг æнæнцой фæуа уастæн! <Е>æзилæны каутæрон фæлладæй Талынгтæм дæумæ æнхъæлмæ к^стæн. <>æлæ нæй! Цызынвæййы, дæ цæстьиг ’ Алы юнут искæй хуыз куы^уайа," Дард куы кæсай алы хатт йæ* фæстæ Æмæ хи рæсугъд фæ^гдтæй куы сайай, Рухс сæнттæ куы банывæндай сæрды, Фæззæг ма сæ куы аззайа æртхутæг, Дард дæуæй кæмæ фæлыгъд дæ ’зæрдæ,. Уый дæ^ сыгъдæг сагъæстыл куы худа. ! 1958 аз. / V Мах лæууыдыстæм тпгъыл. Нæ рæзтьс/ ^’ Иу йерыгон чызг рауади цырд. Баззадыстæм йæсгæйæ. йæ фæстæ,: Цыма бакодтам иумæ æмдзырд. — Зæд фæтæхы)—нæ- иу æмбал загъта. — Гъейтæхуды!..—загъта æндæр. ’ Æртыккаг та йæ къухтæ æрцагъта Æмæ дисгæнгæ батрлдта^сæр.
Æз лæууыдтæн лæппуты астæу Æи& кодтоа сæ ныхæстыл дис: Уыцы чызг сæм куыд рæсуГъд фæкаст», Уый, æвæццæгæн, де ’нгæс уыдис. .. 1958 аз.
УАСОЙТЫ НИКЪ МÆ РАЙГУЫРÆН БÆСТÆ Куыд бирæ дæ уарзын, Мæ райгуырæн бæстæ! Дæ фæлмæн хъæбысы •Куы /райы мæ зæрдæ. Куыд бирæ дæ уарзын, Мæ райгуырæн бæстæ! •Фæлæ дын нæ арын Дæ аккаг ныхæстæ. х Дæ фæлмæн быдыртæн, Дæ айнæг къæдзæхтæн, Дæ рæсугыд дыргъдæттæн, Дф æзгъæрджын хæхтæн, Дæ фæйлаугæ хуымтæн, Дæ гауызгъуыз фæзтæн <0æ диссаджы уындæй .Æз рагæй æфсабдын.
. ц и н Хур та бæрзондæй нывæщщ йæ тшйæ, _ ’ Зæхх сæ æлвасы йæхимæ зыдæй. " Нартхор фыр цинæй ныттилы йæ сыфтæ,— Йе ’фсирьг хъусы у æртæх фынæй. " Денджызы улæнтау абухы мæнæу, Дзойтæгæнгæйæ фæрсырдæм фæкъул, Нал та йын уыдзæнис гонты ныккæнæн,— Адауы уьшæн йæ рихи уый зул. Дон. дæр æм æрхæй къæдзтæ-мæдзтæ уайыу— ч * Цух* сæ цæ уадзы .æхсæв æмæ бон: - ^ > . Нартхормæ фездæхы, мæнæу]и найы, ч ’ * Дары сын, дохтырау, иудаДзыг’хос. Хуым-астæу. колхозон мæнæ куы ’лæууы,, Уый у хъæзщдг зæххæн абон фысым,, Царды хъуыдытæ уый райгæ нывæнды,. Цины мал цæсгомыл хурау зыны. 1957 аз/ ^ ■ йе Къобы æм0исонды абузгæ суадон,. Йæ фарсмæ цъæх нæууыл фæхъазы æртæх,.. Ушс иу хатт, бæлдцонæй, мæ фæллад 'а$з уагътон^ Æмæ мæм кæцæйдæр мæ амйнд æртахт. 150
Йæ- къухы æрхаста нывæфтыд цъæх дурын, Æфсæркгæнгæ мын дзы уый авæрдта дбн: Æз не ’фсæстæн уымæй... 0, уарзон рæсугъдчцзг^ Мæ риу мын куы судзы, нæ йьщ арын хос, ч - /. - .-1958'азЛ
’ ГАССИТЫ БАРИС МÆ РÆДЫД МА ’РУАДЗУТ УÆХИУЫЛ Æз ам&й уæлдай ницыуал зонын мæ, сæрæн. Куыд ма цæрон, куыд ма цæуон адæмы ’хсæнмæ. Цы уаг- мæ æрхаудтæн, цæй æлгъыст фæдæн, уымæн дæр нццы æмбарын. - 1 - Раздæр-йу мæ хæлæрттæй æнæмæн бынаты æртæ кæрдзыны дæр ничи хордта. „Нæ :* махмæ рацу, нæ махмæ"-иу кодтой. Стыр кадджын лæмæ амондджыныл- ’ иу йæхи нымадта усгур, чындзæхæсГсæг-иу кæмæн ацыдтæн. Стыр кадджын æмæ-иу амондджыныл йæхи нымадта марды хицау, кæмæ-иу бацыдтæн æмæ-иу кæ- мæн бакодтон мæсæлл&й. Ныр та мын^мидæмæ рацу" нæ, фæлæ „а мæ куыдз" дæр ничиуал зæгъы. Чындзхæссæг нæ, фæлæ мæ йæ фынгмæ дæр ничиуал уадзы. Кæй мардмæ дзы бацæ- уын, ууыл цыма дыккаг мард æрцæуы, афтæ фæвæй- йы. Раздæр-иу мæ мæГхæлæрттæ иууылдæр Михаил Хепае- вич хуыдтой. Ныр та „Миха" дæр нал, фæлæ „Мишка". Цæсгом дæр сын нал ис. Кæд мæ „Михаил Хепа$вич" нал хонынц, уæд^мæ „Миха" уæддæр хонæнт. Цæй „Мишка" æмæ „Кошка" у!
Раздæр-иу æрдæг ^æхсæвмæ хæдзармæ куы не "’рцыдтæн, уæддæр-иуфæрнджын ут, фæлæ, ме ’фсин >никуы схуыссыди, рухс нику ахуыссын ’кодта,, æх- *сæвæр-иу мын хъармæй дардта. Ныр та- кæд изæр рухсæй хæдзары нæ вæййын, уæд мыл дуæ^ттæ сыхг *>æны æмæ мæ мидæмæ дæр нал фæуадзы. Æхсæвæр ^æмæ ма рухс та чи фæрсы. Иннæ ахæм та дзы мæ каистæ сты, сæ быны сæфт- мæ сын æрцæуат. . Раздæр-иу сæм цал хатты цыдтæн, уал хатты-иу ■сæм чындзæхсæв уыдис. Æнæ стыр кусарт-иу мæ нæ ныууагътой. Оæ сæрыл-иу слæууыдысты чыоылæй, «стырæй, зæрондæй, ногæй. Уæлдайдæр та йæ мад уы- цы...Ныр та алырдыгæй мæрдджыны хуызæнæй сбад- дзысты æмæ æнхъæлмæ кæсдзысты, йæд рамæрдтаг уыдзынæн, уымæ. Кусдрт нæ, фæлæ мын мæ- размæ хæрæджы сæр дæр не^рхæссынц. . Ех-х, æмæ дардмэ^ цæмæн цæуын. .Ме ’фсымæр ’мæ мады зæнæг куы у æмæ уый дæр уыдонæй фыд- дæр куы фæци. Раздæр-иу мæ номæй йæхицæн ном ’кодта, ныр та мæ йе ’фсымæр дæр нал хоны. Иунæг мады зæрдæ ма мыл рыстис æмæ уый дæр ^а-фæстаг рæстæджы куыддæртæ рдйдыдта. Æцæг, уый базæронд, ,йæ бон мын баххуыс ницыуал у, фæ- -лæ... Æмæ уæм диссаг нæ кæск? Раздæр дæр ацы Миха уыдтæн æмæ ныр дæр. Ныр’ стыр бынаты нал кусын, уый тыххæй нал бæззын?! Кæд истц æмбарынц, уæд ныр лæгдæр дæн. Раздæр-иу мæм чи бахудт, уый-иу ъсæ удылхæцæг фенхъæлдтон. Мæ рæдыд-иу мын чи загъта, уый та мæ удхæссæг. Йæхи-иу мæ тугисæг чи хуыдта, уыдон ныр разындысты мæ тутцъир знæг-. ~ тæ. Фæлæ’ницы кæны, мæ къахыл ма куы слæууия 153
уæд базоний, цæрык кæимæ куыд хъæуы, уый. Æфтæ* ма банхъæлут, сымахæй дзурын. Сымахæн м& уд уæ нывонд. Кæмæй зæгъын, уый бамбарут, æмæ мæ- рæдыд ма руадзут уæхиуыл. л ^ ЦÆУЫЛ ФÆЦИ НÆ ХÆДАРДЗИНАд’ ГÆУЫСИМÆ? Гæуысимæ мах стыр хæлæрттæ кæй уыдыстæ^ уый нæ хъæуы алчи дæр зыдта. Æмæ куыд нæ уыда- йккам хæлæрттæ дæр? Нæ хæрд, нæ бадт, нæ улæфт, нæ куыст уыдис иумæ. Æхсæв дæр-иу фылдæр хатг иумæ фынæй\ кодтам. Фæлæ хъуыддаг афтæ рауад æмæ Гæуыс йæхи рахаста æмæ горæты æрцахста стыр бынат. Цалдæр азы йæ нал федтон æмæ, лæг’ хъуамæ ра#г зæгъа, æрымысыдтæн æй. Фарон аца- ’ фон, хосгæрдæнты, мæ цæвæг чаппæрстон æмæ араст дæн мæ , хæлар Тæуысы уынынмæ. Стыр фыдæбон фæкодтон, цæмæй йæм баирвæзтаин,— фæлæ, йæ уæд- дæр федтон, (фæлтау æй куы нæ федтаин). Вадтй фæстæуæз стыр столы фарсмæ къæлæтдэкыныл. Дис- саджы фидыд кодта, снард, нырр&сугъд. Истугмæ дызæрдыг дæр кодтон, зæгъын, чи зоны нæхи Гæуыс нæу. Ницыуал дзы- уыд йæхи хуызæн. Йæ конд, ^йæ дарæс, йæ хъæлæа буынтон аивта... Мæхи йæм бап- пæрстор, хъуамæ йе ’фцæджы атыхстаин апъа йын\. кодтаин, ^фæлæ мæм æнæввæрсон, уазал цæстæнгасæй куы ракаст/уæд куы&дæр фæдæн æмæ фæстæдæр аларууыдтæн. Æрæджиау мæ куы, афарста, „æнæ- хъуыддаг не/рцыдаис", зæгъгæ, уæд ноджы мæ сæ- ры хъуын барц сбадтис æмæ ма мæ фыртыхстæй ща * загътаин, уымæн ницыуал зыдтои æмæ куыддæртæй. афтæ оакодтон: ’. > * ( - ’ ’ ■ 1&4 ’ . .
\ч—Изæры, фæскуыст, искуы ирон бæгæныйы авджьг фарсмæ абад&м,.. Гæуыс амæсты, фæлæ йæхиуыл фадæцыд, стæ&\ мын^цыбыртæй æмбарын кæнын райдыдта: % ’ — Нæ мæ 'вдæлы.чНæй мын рæстæг. Удиоыны бон дæр мæ нæй ацы стыр бæрнон куыстæй. Р^йсомæй чизæрдалынгтæм мæ бандонаей нæ фезмæлын. С’гæй æз нуазгæ дæр наз кæнын. НалЛдæр^ мын тайгæ кæны; Бозт йэ&нын хорз нæу. Нозты> цыхмæ тох кæнын» Мæ кусджытæй^чи.баназы," уыдой æфхæр’ыныл нæ ауæр— дын. . ^ 1Æз дæр ма йæм цы суæндыдаин, ноджы сыфеæрмы: дæю „Хæрзбон" ма йын загътон æмæ цалдæр дуарыл" куыд рахыз’тæн, уымæн ницы базыдтон. Мæхи хæдзары^ дæр иунæгæй нируы хордтон, ф&лæ ацы хатт бацыдтæн ’горæты хуыздæр ресторанмæ-: ’ æмæ... кæсын æмæ мæ хæлар Гæуыс, бады иу хибар ран йе ’мсæр лæгтимæ.цæлы фынгыл. Куы мæ ауыд-' та, уæд фæзылд æмæ йæ фарсмæ бадæджимæ ныха- сыл схæцыд. Иу дзæвгар æм фæкастæн, стæй: раз- дæхтæн æмæ уазæгдоны сынтæгыл æххормагæй ’ных- хаудтæн. Хæстæджытæм дæр нал ацыдтæн. Фыд&х- сæв фæдæн. Алгъуызон хъуыдытæ мæ сæрæй нал хн~ цæн кодтой. Райсом раджы фестадтæн æмæ нæ&й^æ>* рафардæг дæн. , ^ к Æрæджы, мæ Цæвæг ме ’ккой, афтæмæй из*ерыр— дæм ме ’мбæлттимæ æрцæйцыдтæн угæрдаенæй, *Хъу-: сын æмæ мæм^чидæр дарДæй мæ номæй дзуры; Кæ- уы^ты æрбаввахс,]куыд дал атыхст, куыд мын пъатæ кодта, уымæн аицы базыдтон, афтæмæй эерæджийгау федтон мæ хæлар Гæуысы, (фæлтау æйкуы нæ фед-= таин). ’ ;- ^ -','■*' Æз æмæ мæ -х;æлар Гæуыс, мæ хæдзары, мæ уарзоц^ хъæубæстимæ хорз фæминас кодтам. Гæуыс нын тынг куы фæрасыг, уæд райдыдта лæбур^ын, æртхъирæн..
кæнын, йæ куыстæн, йæ бадтæн ын чи нæ саргъ код- та.æмæ йæ æнæ законæй йæ бынатæй чи сисын код- та, уыдонмæ. Бафынæй. Райсомæй райхъал æмæ’ хуысгæ уатыл хъæццулæй йæ цæссыгтæ сæрфта. Æз ма йын афтæ бакодтон: — Мæ хæлар Гæуыс, стыр бынатыл цы кæуыс? Оыр службæйы бынат æрцахсыны бæсты уал æр- чц&хс лæджы бынат æмæ... Æмæ ууыл фæци нæ хæлардзинад. ХЕЦА ÆМÆ ХУЦА ’ Нæ хохбæсты хъæут&й сæ иуы,—к’æцы хъæуы уы- дис, уый цуыдд&р нал хъуыды кæнын, фæлæ... Кæ- цыдæр уыдис, кæцыдæр... 0, нæ... Цæй, цы уæлдай ..у, искæцы сæ уыдаид, уымæн мур дæр ницы нысани- уæг уыдис,— цардысты æмæ уыдысты . дыууæ æрд- хорд хæлары—Хеца æмæ Хуца! Æмæ хæлæр.ттæ æмæ æрдхæрдтæ дæр куыд никуы вæййы, фæлæ уыдон .хуызæн макуыуал æрцæуæнт (нæ дæр хъæуы). Уыдон, ома Хеца æмæ Хуца, кæрæдзи æнгæс афтæ .уыдысты>кæрæдзиимæ афтæ ивддзæгтæ кодтой,кæрæ- .дзи афтæ бирæ уарзтой, æмæ кæд уæлæуыл нæ, уæд- .дæр мæрдты х;ьуамæ сымбæлдаиккой. (Æмæ æмбæл- гæ дæр скодтой). Хеца æмæ Хуыца кæд алцæмæй рæвдз нæ уыдыс-' ты, алцæмæ кæд нæ тасыдысты, алцæмæй кæд фидар нæ уыдысты/ уæддæр... Æмæ ма, хæдæгай, рает зæ- гъут, алцæмæй нæ æххæст чи у? Чиу сæрæй æххæст, ’чи уæрагæй, чи цонгæй, чи та æвзагæй. Чи нæ куыс- тæн фидар у, чи та нозтæн’, æмæ афтæ дарддæр. Хеца æмæ Хуца кæд алцæмæй æххæст, фидар æмæ рæвдз нæ уыдысты, уæддæр зарынмæ, кафындаæ, дзурын- иæ, уæлдайдæр та нуазынмæ сæ разæй ирон лæджы, '456
фырты шæ ’уагътой. Уыдон хуызæн мачи рапйæ- лæд йæхицæй. Ничи сыл фæтых уыдайд ацы хъуыдда- джы. Æмæ уыдон дæр уымæй буц уыдыстьу уæдæ цы^. æмæ ныххæцыдысты уыцы дæсныйадыл. Нуæзтой- иу, кæм цы ’ййæфтой æмæ уардтой, уый æмæ-иу уый фæстæ, кæй зæгъынæй хъæуы^ заргæ дæр æмæ кафгæ дæр кодтой. Уæдæ куыд вæййы! Чи зоны ма. æндæр истæмæты дæр æртасыдаикой, фæлæ исты æды- лы ^уыдысты. Цæмæн хъуамæ сæ къухмæ райстяик- кой фæрæт кæнæ ’цæвæг, кæд æмæ æнæ уыдон, се- ’взаг, сæ уæрджыты фæрцы, æнæ бафæллайгæ, æнæ- фæрисгæ цæлы фынгыл бадтысты æмæ кафыдысты. Хеца æмæ Хуцайæн уæлдай нæ уыд, алы ранмае дæр цыдысты, халонау се оны кастысты, марды æх- сæвæр, авдæнбæттæн бон дæр сын нæ ирвæзтис. Хо- иæг та сæ бынтон нæ хъуыд. Оæхимæ уый бæрц „уæз- дандзинад" уыд^æмæ сæмуæлдай „хатын" нæ хъуыд. Фæстаг рæстæджыты арæхдæр цыдысты хисть?тæм_ Уырдыгæй сын расурынæй тас нæ уыдис æмæ, æвæц- цæгæн, уый тыххæй. Ныхас дардыл цæуы, фæлæ та иу хатт куы уыдис„. уæд, дард кæмдæр, æндæр хъæуы, иу зæронд лæ^æн йæ иунæг фырты зæй фæласта æмæ йын хирт кодта. Аргæвста гал, хъуг, цалдæр фысы... йæхимæ цып- пæр къахыг ницыуал ныууагъта. Быдырæй сæй. æр- бала.ста æмæ адæмы æрхуыдта. Хеца æмæ Хуца дæр кæуылдæр уйм февзæрдысты æмæ сæхи кæм фæн- дыди, уым сæ æрбадын кодтой, уæдæ сын цы бакод- таиккой» Адæм зианы фынгыл фæбадтысты æмæ сырх. уадултимæ сæ хæдзæрттæм фæфардæг сты. Æрмæст ма нæхи Хеца æмæ Хуца фынгыл фыдрасыгæй бад- тысты, сыстын нал.зыдтой. Уыдон афтæ фенхъæлд- той, цины фынг у æмæ хъæр кодтой: — Арахъ, сæн рахæсрут къæртагай1 15Г
1 Бадардтой еын, цы бакодтаиккой. Хеца æмæХуцайыл уым баталынг, афтæмæй кæрæдзийыл дæларм-уæларм хæцгæйæ, кæрæдзийæн пъатæ^ гæнгæ, заргæрараст сты сæхирдæм. Сæхирдæм бæргæ рараст ’сты, фæлæ сыл -æрдæгвæндаг сæ нозт тынгдæр æртæфстие æмæбыл- гæрон афынæй сты. Цæмæй тарстысты, фыццаг хатт хкуы нæ фынарй кодтой æттæ,. мыйй&г. ^Æхсæв Хеца ф>ынæйæ; куыддæр амалæй * былæй ратылд. Райсом Хуца куы райхъал’ æмæ Хеца йæ’ цуры куы нæ уал уыди, уæд æй чыеыл ацагуырдт^, цалдæр хъæры йæм фæкодта, стæй смæсты, йё ’мбад æй иунæгæй кæй ыыууагъта, уый тыххæй æмæ сæхимæ æрфардæг. Цалдæр, боны фæстæ мæгуыр Хеца&ы\мард даегр сеар&той æмæ йæ æрхастой. Хуца йыл>йæ сæр фæ- хаста, дыууæ боны къæбæр* йæ\дзыхмæ нæ <5иста, нозтыл сомы ракодта, фæдае ацу æмæ (дæ удæйад- джындæр лæгæн рухс "ма зæгъ. Иу банызта, фæхъæстæ та ис. Йе ’рдхорд хæлары хисты-йæхиныллалым кодта æмæ чердæмдæр ’заргæ ацыд. Ацыд, фæлæ нал ’рыз- дæхт. Ничи дæр æй агургæ * æркодта, ничи дæр ын рухс загъта, ник’æйы зæрдæ дæр ыл рисгæ фæкодта. Уымы бæсты сымбæлд йе ’рдхорд æмбал Хецайыл æмæ ’ма йыц^цы тас у. Ацы æнамонды хабар кæд аф- тæ тынг раджы нæ уыд, у^еддæр| абон ничизоны, Хе- ца æмæ Хуца кæм; ныгæд сты, уыя. * , •
/ТОРБЕДЖЫ ЦÆСТ ÆРТТИВГÆЙÆ % (Хъæлдзæг ныв) Архайджытæ > Т о-рбег—бæрнон кусæг, 45 аздзыд. ч Са.фиат—йæ бинойнаг, хæдзарон æфсин. I Торсаф—сæ фырт, скъоладзау, 15—16 аздзыд. ,. Торбеджы хæдзар, хатæн. Торбег дивадйд дъу- лырдæм фæлдæхтæй фынæй кæны, йæ алыварс газет- тæ æмæ журналтæ пырхытæй лæууынц. Сафиат æр- къардæй бады, столы фарсмæ æмæ^цыдæртæ хуыйы. С а ф и а т. Уæлæмæ ма сыст. Уыцы лæдпу никуы- цæй ма зцны /æмæ... Нехъусыс? Æгъгъæд фынæй кæн, баталынг. * ’ Торбег (гуым-гуым кæнгæйæ), Чысыл ма мæ бауадз. Сдфиат. Скъолайы ’йæ бафхæрдтой æмæ искæмæя исты кæндзæн. -> Т ар бе г. Чй йæ бафхæрдта?! Чи йæ ныфс бахаста до 4 фыртмæ, ,мæ. цæст æрттивгæйæ, фæстæмæ’ фæкæ- сын дæр?.. . - Сафиат. Æваеццæгæн æй сургæ дæр ракæндзысты. Т о р б е г. Чи загъта? >" • х . Сафиат. Йæ ахуыргæнæг Тотрадз,.ам уыд чыеыл раздæр. V ’’ ) Торбег. Æмæ? ^ • '■.'• С а ф и а т. Нæ, да,м, ахуыр кæны. ’ Ахуыргæнджыти- мæ загъд самайы. Абон дæр, дам, дзыкæмæдэдклæ- бурдта.\ " /-'- Торбег. ’Кæм ис Тотрадз? Сафдат. Ацыд. ’ , Торбег. Ам уыд?'Æз кæм уыдтæн? Куыеты? фа$гиат. Фынæй кодтай æмæ дæнæ сыхЪал кодорд. Торбег.^ Æмæ йæ мæймæ цæмæннæ æрбакодФай? ’г • ~, ’ 159
> , Æмæ йæ фæсырдтаин. Сафиат. Цæмæя? : Т о р б е г. Æвзæр у æмаё уымæн. ’ Сафиат. Чи загъта? Тйрбег. Æз... , - , €афиат. Хорз ахуыргæнæг æй хонынц. Тор^ег. Хорз ахуыргæнæг куы уаид, ’ уæд ар- дæм хъæстмæ нæ цæуид, фæлæ сæ ахуыр скæ~ нид. Æз ахуыргæнæг нæ дæн. Уымæмæ ве ’вдæ- лы. Вæрнондæр куысты дæн. Сафиат. Торсафы йæ уроктæм æркæсгæ никуы^фе- нын æмæ уый цæй ахуыр у. Торбег. Торсаф мæ фырт у. Иууылдæр ыл мæ ном • хъуамæ сывæрдтаин. Уадз æмæ уый дæр Торбет хуындаид. Дæ номæй йын хай кæнын нæ хъуы- дис. Торбе^—Сафиат. Торсаф/ Сафиат. Иæ ном цыфæйды фæуæд, уый мæт мæ* налис, куы нæ уал æй ^ауадзой, уæд ма йын цы бакæндзыстæм? ^ - Торбег. Мæ цæст уынгæйæ уымæн сурынæй тае нæу. Раисом сæм фæсиддзынæн æмæ сын сæхи куыдзы къахæй фæнæмдзынæн. Сафиат. Æмæ афтæ ахуыр куы нæ кæна, уæд та? Æз дын йæ ахуыры тыххæй дзырдтон, ды та йын йæ номмæ ахызтæ. Торбег. Сафиат, ды ницы &мбарыс. Хъуыддаг ном- у. Ахуыр æз дæр нæ- кодтон, фæлæ цы. Хуыздæр чи ахуыр кодта, уый мæ рæзты рахизæд. Тотрадз , тынг хорз ахуыр кодта æмæ дзы цы рауад? Уæ- лæ адæмы къулбадæг сы^æллæттимæ йæ сæр сæт* ты. Æз та?! Чи нæ хуыздæр цæры?(Сафиат, усай, амонд, цард ахуырыл нæу. Хъуамæ дæм удæгас- дзинад уа, фездæхæнтæ æмæ фæзилæнтæ хъуамæ зонай..; Мæ фырт Торсафмæ кæд мæ тугæй чысыл 160
исты ис, уæд нæ фесæфдзæн. (Фæстæмсе къулыр- дæм бафæлдæхт.) • Сафиат {паузæйы фæстæ). Ма~ та бафынæй у* Акæс æм.< Т о р б е г. Торсаф мæ ф*ырт у. Уым^ен сæфынæй тае нæу. (Йæхи нуæрды). С а ф и а т. Уæд та дæ уатмæ ацу æмæ уым бафынæй кæн. Сихорæй фæстæмæ рафæлдæх-бафæлдæх кæ- ныс. Уыцы газеттæ æмæ журналтæ дæр нæ кæ- сыс, афтæмæй сæ дæ быны дзæгъæлы æууæрдыс. Куыстмæ дæр нал ацыдтæ. Торбег^ Хæдæгай, нæ фæдзырдтай мæ .сæрмагояд. секретармæ? Са фиат. Дæмæн? Торбег. Нæ йын загътай, зæгъгæ, „рынчын у"? Сафиат. Æмæ мын кæд загътай: „рынчын дæнй? Т о р б е г. Мацы бамбарай, æ мæ йæ нæма зоныс, куыс- ты куы нæ вæййын, уæд рынчын дæн, уый, и? С а ф и а т. Дзырдтон дæ секретармæ æмæ уым нæ уы- дис. Æвæццæгæн, „фæрынчын" уый дæр. Торбег. Фæтæрын хъæуы уый дæр. Бацæуон уал райсом. Æз ын бацамондзынæн, куыстæй куыд лй- --дзын хъæуы, уып. (Бафæлдæхт тПа къулырдæм æмæ фынсвй ксены.) ^ Сафиат (паузæйы фæстсе). Æхсæвæр бах-æр æмæ схуысс’ Торбег. Бауадз мæ мæ уд исын! Нал мæ хъæуы де ’хсæвæр. Нал хæрын. Чысыл фæц&йфынæй кæ- нын æмæ та мыл фæцъæхахст кæныс. Сафиат (фæрсмæ). Дæ уд сис, куыд мæ бахордтай, афтæ. Адон мастæй нал фæразын (хъæрæй.) Æф- сис дын куы ницæмæй ис, уæд дæм „æхсæвæр ба- хæр" куыд хъыг фæкастис? Уæртæ ныууазал: Торбег. Цыма йæ нæ зоныс/бйернон кусæгкæй дæн, И. Æвзонджы бонтæ. 161
уый, ахæм ныхæстæ иæ кæныс? Дзæбæх, ныхас дæр мæм хъыг кæсы. (Рабадт.) Рахæсс-ма, цы дæм . ис. (Телефоны зæлланг.) Байхъус-ма йæм ды. Кæй та цы хъæуы? Лæджьт йæ хæдзары дæр нæ уа- дзынц. (Фсестпæмæ схуыссыд): Сафиат (гпелефоны хæтæлы). Хъусыт.. 0... ам ис... Торбег (йæхи нусердгæйæ). Рынчын, дам, у, рынчып, уатон рынчын. (хъæрзы.) Сафиат (хæтæлы). Рынчын, дам, у... Рынчын у. 0... Бузныг. Тыхджьш æвзæр æнкъары йæхи, фæлæ йын кæд ницьГ уаид... Торсаф... Нæ лæппу?.. Нæ лæппуискæнмæ фæхыл? Уанцоннæу?... Цытæ дзу- рыс, ахæм нæ уыд... хæдзары... Ацы хатт ма йæ "~рауадзут æмæ...чХорз... хорз... Бузныг... Фенынмæ... (Рывæрдта хæтæл.) Т о р б е г. Чи дзырдта? Сафиат. Милицийы хистæр. Т о р б е г. Цы йæ хъуыд? Сафиат. Æмæ иæ нæ фехъуыстай? Дæ фырт кино йы раз кæидæр пыццавта æмæ йæ æрцахстой. Торбег (фестъæлсргæиæ). Чи йæ ’рцахста?! Сафиат. Милиционертæй кæцыдæр æмæ йæ ньис- кодта... ’Т о р б е г. Æз сæ æрцахоын кæндзынæп. Æфсæрм дæр нал зонынц. Лхеын* кæй хъæуы, уыдон нæ, фæлæ мæ сывæллоимæ æрхаудтой. Æуый ма сын дзы аир- вæзт. Сафиат. Макæ йын зæгъ, фесафдзæн нæ, иу бон куы уа, уæд. Т о р б е г. Ма тæрс, Сафиат, Къостайы ныхæстæ нæ зоныс? „Лæппуйæ, дам, рæдиаг æппындæр куы никуы вæййы æвзæр". Сафиат. Уый рæдыд нæу, фæлæ фыдракæнд. Т о р б е г (бахудт). Лæппуйæ æз цалы фæнадтон, уый зоныс? Адæм мæ æмризæджы рызтысты. Дон- '102
мæ сæ скъæрдтоц æмæ сæ æнæдонæй здæхтон. Оафиат. Уæд, чи зоны, æндæр рæс-тæг уыд... Æр- цахсдзысты йæ. Тарбег. Мæ цæст æрттивгæиæ уын ничи æрцахс- дзæн. Сафиат. Мæхицæн та мын цы зæгъыс?*Кусын хъуамæ райдайон. Мæ боц хæдзары нал у, адæмы хъæр нал хъусын. Т о р б е г. Ницæмæн мæ хъæуы дæ куыст. Мæнæ фæ- нык дым æмæ дæ сывæллонмæ кæс, дзæгъæл ма цæуа. Оафнат. Сывæялон сывæллон нал у, хохиас лæг у, мæнмæ нæ хъусы. Т о р б е*г. Мæ хъуыддаг нæу. Ды йæ ныййардтай æмæ дæ цы фæнды, уый йын кæн. Мæнæн мæхи хъуыд- дæгтæ бирæ сты. 'Сафиат. Винонты хъуыддаг хорз куы нæ вæййы, ’ уæд куысты хъуыддæгтæ дæр раст йæ фæцæ- уьшц. "Торбег. Ды мын зонд ма амон, фæлæ йæ дæхæдæг зон, рагацау "дын æп зæгъын. Куыддæриддæр сы- вæллоны тыххæй хистæрты ’рдыгæй уайдзæф рай- сон, афтæ æз демæ цæрæг нал дæн. ’С а ф и а т. Æмæ ма цæр. Æз ма дæ ирвæзгæ куы фæ- кæнин. Уæддæр æз демæ цардæй ^ницы уынын. ’Торбег. Уæд та смой ’кодтаис иу кусæгæй, кæнæ колхозонæй, кæнæ фыййауæй æмæ цардæй „тъæпп ахаудаис". Сафиат. Уæд, чи зоны, амондджындæр уыдаин. Торбег. Æмæ ныр цæмæй цух дæ? Æххормаг дæ, æви бæгънæг дæ? Фæллой махæй фылдæр кæмæн ис? *Сафиат. Царды ма дзы æндæр цыдæртæ дæр вæй- йы æмæ уыдон æз ам нæ уынын. Мæн ахæм хъæз- дыг цард ницæмæн хъæуы. 163
Торб’ег. Æнцад куы нæ ’рлæууай, уæд ^дæ сфистевг* кæндзынæн, де ’рагъ дын ныххойдзыыæн æмæ дæ- афтæмæй фæсурдзынæн. Сафиат. Ме ’рагъ нæмынæй бæркад дæ хай. Цæу- гæ та мæхæдæг акæндзынæн. Т о р б е г. Бирæ ма дзур,. фæлæ æхсæвæр рахæсс æмæ- бахæрæм. Сафиат. Бузныг, бахæр дæхæдæг, æз дæ „уæздан"- рæвдыдæй æфсæст дæн. Торбег. Ды йæ къахы алгън аргъ дæр.кæмæн нæ~ дæ, ахæм устытæ мæм сæ былтæ хæрынц, ды та..^ Сафиат. Æмæ с&м ацу. Чн.дæ нæ уадзы? Торбег., Мæ сæр’мæ дæ кæй хæссын, уУыл цинæй- нæ мæлыс? ’ * - * * Сафиат. Мæстæй мæлын, мæ сæрмæ дæ ’кæй, бахас- тон, уый тыххæй. (Æттейсе къæхты унæр цсеуы^ Торбег фсвтарст свмсе та ахуыссыд. Хъæрзьи Ба- цæуы Торсаф мæсгпыгъуызæй.) Т о р с а ф учысыл æдзынæг алæугæйæ). Стонджь^ ’ мын у. , Сафиат. Æмæ бахæр. Т о р с а ф. Цы дзы ис хæринаг? Сафиат. Стуры фыд, цай. Торсаф (фæзмæгау). „Стуры фыд", „цай"... Æмæ~ дьш афтæ нæ загътон, карчы фыд мæ хъæуы, и?1 Сафиат. .Мæнæй рæстæг нæ уыд. Дæу та æрвыс- тон æмæ... Т о р с а ф. Уæдмæ лæуут, цалынмæ дын æз базæрт- тæм кæрчытæ \тхæнынмæ нæ цæуон, кæнæ уык сугтæ нæ сæдтон. Цыма. уын исты искæйон дæн. Сафиат. Цæмæй фæтарстæ? Тореаф. Чи мæ фена, уый _ куыд хъуамæ зæгъа?" Стæй мæн. ахæмтæм æвдæлы?!-Нæ йæ зоныс, ахуы|> кæнын* нæй мын рæстæг?! Сафиат. Ахуыр кæныс, фæлæ... Нæ зонып... 164
ТГорсаф. Фæлæ цы? Лоджы дын истьт- дзырдта? {Паузæ.) Æз сын фенын кæндзынæн! Сæхæдæг ни- цы æмбарынц, афтæмæй сæ дзыхтæ фæйнæрды- гæй ныххæлиу кодтой. Удонæн а-лæппу^ чъиутæ баууилын кæндзæн. Уый дын ахуыргæнджытæ ’æыæ... Оафиат. Кæм уыдтæ нырмæ? ~ % Торсаф. Нæ дыа загътон „ахуыр кæнын"?! Ме ’мбæлттимæ мæ уроктæ цæттæ кодтон. Сафиат. Кшютеатры размæ та цы ми кодтай? Торсаф. Цы мæ фæрсыс?! Прокурор кæнæ фæдыс- гарæг дæ?! ■О а ф и а т. Милиципы цы^ ми кодтай? Торсаф. Кæцæй йæ базыдтай?! {Кæуынхъæлæсæй.у Куы.нæ мæ ’руадзат яу ран, уæд уæ бындзагъд’ скæндзынæн æмæ ардыгæй мæ сæр фесафдзынæн. О а ф и а т, Хъæр ма кæн. Дæ фыд . сыхъал уыдзæн æмæ... Торсаф. Æиæ цы?! Цы мын ракæндзæн?! Æз никæ- мæй тæрсыи. /Т о р б е г {диванæй фæсæррæтт кæнгæйæ.) Кæмæй нæ тæрсые? Кæй нæ хъуыды кæныс?! (Лæбуры йæ фиртмæ.) Афтæ ма мын дзы фæлæу! «Сафиат (йæ мойы иргъæвгæйæ.) Ныууадз ма йæ ацы хатт.' Торбег. Ауадз мæ, маргæ йæ кæнын! Нал мæ хъæ- уы ахæм фырт! Сафнат (пæуынхъæлæсæй). Торбег, Торбег! Сæрра д&, цы мй кæныс?1 Торсаф. Рауадз ма йæ, рауадз. Æмæ йын æз... Торбег. (йæ усæй йæхи атонгæйæ, ныццæвы йæ). Æууыл дзы хæц! Æй! Торсаф. Кæй цæвыс? кæ?! [Бандон сисгæйæ лæбу- ^ри йæ фыдмæ. Торбег фыртæсæй, афæлурс) 165
Сафиат (йæ фырты размæ йæхи баппаршйæ)^ Торсаф! Мæ хъæбул, цы кодтай? Аппар дæ баæдои. Торсаф. Ауадз мæ!!! Сафиат. Ныууадз æй, дæ фæхъхъау фæуон. Торсаф. Уæдæ йæм чи дзырдта? (Кæуьи) Торбег. Ай’абырæг куы у æмæ йæ æзкуы нæ зыд~ . тон. Торсаф. Æз абырæг дæн, фæлæ ды та чи дæ? Мæ* бон акæнæд, дæу дæ бынатæп чи тæры.' Торбег (хорзау нал фæци). Чи? Торсаф. Чи? Адæммæ æндæр дзырд нал яс. Тæ- рынц, дам, æй, фервæзтыстæм, дам, нæ къæфхъуын- дарæй. Торбег. Адæм уадз æмæ дыв-дыв кæной. Уыдон т&. чи фæрсы. Сафиат. Адæмы куы нæ фæрсай, уæд дын иу бон дæхи æрфæрсдзысты. . Т^орбег. Ды дæр-иу дам-думтæм ма хъус. Сафиат. Адæм цы фæдзурынц, уый фылдæр хатт раст вæййы. Торбег (фæрсжæ.) Абон мæм мæ хазен дæр ца- хæмдæр цæстытæй кастис. Æвæццæгæн, хъуыддаг хорз нал у. (Паузæ.) Мæ цæст æрттивгæйæ уыцы- маст никæмæн ныббардзынæн. Уый гæнæн нæй’- Уый нæ уыдзæн Торбеджы цæст æрттивгæйæ- (Йæ риу бахоста, дзæгъæл каст кæны, дæргъвæ- тин сабырад.) - Æмбæрзæн.
’шев^^ш^^^^ш^^щ ТЪЕХТЫ ЛМЫРАН ИУМИАГ ХЪÆБУЛ Сосдан ’колхозы быдырæй куы ’рбаздæхти, уæд сæ кæрты стыр æнгуз бæласы бын бандоныл æрбадт æмæ йæ райсомы куысты тыххæй хъуыдыты анкгъуылд. Чысыл фæстæдæр хæдзарæй рауад Сосл^ны дæс- аздзыд фырт Валодя æмæ бæласы бын йæ фыды бад-" гæ куы федта, уæд æм цингæнгæ базгъордта æмæ йын байдыдта æппæлын: — Баба, абон дæр та мын ахуыргæнæг „Фондз" яывæрдта. Сосланæн йæ цæсгом фæрухс, йæ фырты чысыл нард цонгмæ февнæлдта, йæхимæ йæ хæстæг æрбакодта æмæ йын рæвдаугæйæ загъта: — Афтæ хъæуы,, афтæ, бабайы хъæбул, хорз куы ахуыр кæнай, æгъдауджын æмæ æнæзивæг куы уай, уæд дæ алчидæр бирæ уарздзæн. Астæуккаг скъола каст куы фæуай, уæд та дæ барвитдзынаж уæлдæр ахуыргæнæндонмæ, стæй та... — Дæсæм класс каст куы фæуон, баба, уæд ба- цæудзынæн хъæууон хæдзарадон институтмæ. — Хорз хъуыды кæныс, бабайы хур. Хорз ахуыр- кæн, уый йедтæмæ дын æппæт фадæттæ дæр уыдзæн. 167
Валодя йæ фыды рустыл йæ чысыл къухтæ æр- уагъта: — Хорз, баба, хорз! Цом, æз мæ уроктæ ахуыр- кæнынмæ цæуын. , Уалынмæ чидæр кæрты дуар æрбахоста." Сослан ^фестад, куыддæр кæрты дуар байгом кодта, афтæ ауыдта йæ разы лæууы бæрзонд, бæзæрхыг, бур- дзалыг лæг. Йæ уæлæ фæныкгъуыз палто, йæ къæхтыл цырыхъхъытæ, сæрыл—цъæх бухайраг "худ. Йæ æрв- гъуыз цæстытæ хъæлдзæг æрттыёд кодтой. Æрбацæ- уæг æмæ Сослан кæрæдзимæ фемдзаст, сты, стæй Сослан æппынæрæджиау сдзырдта: — Анатолий, уый ды нæ дæ? Кæрæдзимæ сæхи баппæрстой æмæ^ сæ кæрæдзи- йæн зæрдиаг пъатæ акодтой. Анатолий комкоммæ фæ- раст, æнгуз бæласы бын цы бадæн уыд, уырдæм æмæ, рæсугъд æрдзыл йæ цæст ахæсгæнæ, загъта: —Мæнæ уал ам аулæфæм, Сослан, ^æззыгон уæл- дæфмæ, стæй хæдзармæ дæр бацæудзыстæм. Оослан дæрæрбадт йæхæлары цур æмæ йæбафарста: — Кæцæй фæдæ, дæ хорзæхæй, Анатолий? Кæнæ нын нæ хæдзар куыд ссардтай? Анатолий хæлар цæстæнгаеæи бакаст Сосланмæ æмæ йып хъæлдзæгæй- загъта: — Адæймаг адæййаджы куы уарза, æмæ йæ йæ фенын куы фæнда, уæд уый зын хъуыддаг нæу. Мæ- нæы мæ куысты иу мæй улæфт радтой æмæ мæ ба- фдендыд Кавказ фенын, хæсты размæ дæр бирæхæтты- ты сфæнд кодтон Кавказ фенын, фæлæ мын никуы бантыст. Уыдтæн Батумы/Федтон Тъхъварчел æмæ Тъхъибулы æвзалыкъахæнтæ, Чъиатурайы æзгъæр- къахæнтæ æмæ бирæ æндæр хъæзныг бынæттæ. Арды- гæй куы аздæхон, уæд та фендзынæн горæт Тбилисы рæсугъддзинæдтæ—Авлабары сусæг типографи, горæт 168
Русташшы металлургион заводтæ æмæ æттлæр ахæмтæ. Айразмæ мæм фыстæг цы адресимæ арвыстаи, го- рæд Сталинирæй, уыцьт уынгмæ куы бацыдтæн, уæд мын уæ цуры чя цардн, уыдон загътой: — Сослан, дамд æрæджы ацыдис ^йæ райгуырæн хъæумæ трактористæй,—æмæ мын уыдон куыд загъ- той/афтæмæй рацыдтæн æмæ" мын уафтæ хъæуы фал^ иу чысыл лæппу ардæм ацамыдта. -*- Раст дын загътой мæ сыхæгтæ, Анатоли, парти- йы фæеидты хæдфæстæ æз уайтагъд хъæууон хæдза- рады управленимæ куырдиат балæвæрдтон æмæ мæ иæ районы МТС-мæ кусынмæ рарвыстой æмæ ныр мæ- тракторæй фæлдахын колхозы быдыртæл Уалынмæ кæрты дуарæй æрбахызт Сосланы гæрæм :хъуг. Фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта æмæ бауасыд, " чцыма йæ хицæуттæм хæрзæгкурæгхаг фæци æрцыд- тæн, зæгъгæ, дзаг фæздонимæ, уыйау. Валодя бирæ уарзта йæ гæрæм хъуджы. ÆрвыЛ изæр дæр-иу ын йе ’рцыдмæ æрцæттæ кодта куы кæрдæджытæ, куы цæхх, куы та кæрдзыны къæбæр- тæ. Иьт дæр та йын йæ уасын куы фехъуыста, уæд ^ -æм рауад. Гæрæм куыддæр Валодяйы къухы цæххы тæбæгъ .ауыдта, афтæ йæм цæрдæг бауад. Лæппу йын йæ сæр аныхта, асæрфтытæ нæ кодта æмæ йын цæхх дарын райдъвдта. . - — Уый дæ фырт у, Сослан? — 0, мæ фьтрт у! -* 0 цæра дын, цæра, дæхи фæндиаг. Куыд фосуар- > ’ заг у, кæс-м’а, йæ хъугыл куыд цинтæ кæны. • ■ * 'Фысым æмæ уазæг цалынмæ хæдзармæ цыдысты, уæдмæ-сын СосланьГ’фсин Госæ дзаджджын фынг ацæт- 3 69
тæ кодта, стæй хæдзармæ куы бацыдысты, уæд Сое- лан Госæмæ хæлар цæстæй бакаст æмæ йын загъта: — Уазæгæн балæггадкæнып хъæуы, не ’фсин-, Ме- ’рдхорд æфсымæр у, хæсты размæ Донбассы шахты иумæ куыстам æмæ фронтмæ дæр уырдыгæй ацы- дыстæм, суанг хæсты фæудмæ знаджы ныхмæ хæцгæ- Йæр иумæ кодтам. Сослан ныуазæнтæ æрыдзаг кодта æмæ уал фыц- цаг нуазæнæй акуывтой сæ фембæлды тыххæй. Иу цалдæр рæгъы куы ракодтай, уæд Анатолий æ’виппай- ды фемдзаст Валодяйы цæсгоммæ æмæ йæ галиу ру- сыл цы стыр сау стъæлф уыд, уымæй йæ цæст нал: иста, стæй лæппуйы йæхимæ æрбакодта, йæ дзышшæ- нывнæлдта æм^ йын канфеттæ радта, йæ сæры хъуынтæ йын алæгъзытæ кодта: — Цæр, мæ хур, цæр, кæй дæ, уыдонæн, æмæ йæ- цæсты сыгтæ йæ уадултыл æрызгъордтой, афтæ нын- къард æмæ фынгыл цы хæрд æмæ нозт уыд, уыдон- мæ æвналгæ дæр нал кодта. Соолан æй ку^ бафарста,. зæгъгæ^ цæмæн æнкъард кæныс, , уæд уазæг арф’ ныуулффыд æмæ сдзырдта: — Куыннæ æнкъард кæнон, мæнæн дæр мæ фырт* ныр дйе фырты йас уаид, фæлæ немыцаг тыххæйис- джытæ Украинæмæ куы ’рбабырстой æмæ нæ хъæуы дæр куы бацахстой, уæд мæ бинойнаг уым мард фæцис^ лæппу та сæфгæ фæкодта, æмæ абон дæр б^врæг нæу удæгас у, æви...—йæ ныхас кæронмæ зæгъын нал ба- фæрæзта, афтæмæй та йæ цæсты сыгтæ фемæхстысты. Валодя, уазæгæй фефсæрм æмæ иннæ уатмæ ацыд. Анатолий иу дзæвгар æнæдзургæйæ абадт, стæй æн- къардæй афарста: — Уæ фыртæн йæ ном та цы хуыйны? — Валодя хуыйны, фæлæ мæгуыр у, æмæ йæ уый тыххæй фылдæр уарзаём. .170
. —Цæмæн æй мæгуыр хоныс? Æнæниз у, "йæ иш æмæ йæ фыд дæр афтæ... — Мад æмæ йын^фыд кæй нæй; мæгуыр дæр æй учымæи хонын. Хæсты рæстæджы нæ горæтмæ æр- хаудтой, сæ ныййарджытæ кæмæн фæмардысты, ахæм сывæллæттæ. Радтой сæ сывæллæтты хæдзармæ, æмæ æз Валодяйы уырдыгæй рахастон æртæ аздзыдæй.- Йæхæдæг æй нæ зоны, чмах йе ’цæг мад æмæ фыд кæй не стæм, уый. Фæлæ... 0, хæдæгай, дæ мыгга- гæ* у, Короленко... Анатоли джихæй касти фысымтæм, стæй сонт стал фæкодта йæ бынатæй, бауади, лæппу цы уатмæ бацы- ди, уырдæм, минуты фæстæ йæ хъæбысы рогæй рас- къæфта дæсаздзыд лæппуйы. Валодя тарстхуызæй: касти уазæгмæ, не ’мбæрста хъуьгддаг. — Вовкæ, мæ иунæг хъæбул, æгайтма дæ мæ хæ~ лар æфсымæр схъомыл кодта. Ныр нын уыдзæнæ иу- мæйаг хъæбул,—стæй цыма лæппуйæн байсынæя тарети, уыйау ын зæрдиаг пъа акодта. Сослаы æмæ Госæ æдзынæг кæогæйæ баззадыстьГ..- 1954 аз. ХЪÆДЫРÆМПÆГ Уыд фæззæг. Фæсахсæвæртæй ахызт рæстæг. Æрд&’ уыдис хæрз сабыр. Хъæу дæр йæ чтарф фынæймæ бахæццæ, фæлæ Иуанейы цæстытыл хуыссæг нæ хæ- цыд. Йæ зæрдæ йын цыма исты æхсыдта, уыйау~ рафт-бафт кодта, куы та-иу хæдзары рудзынгæй йа&- сæр адардта æмæ-иу арвмæ скаст. — Хъæдмæ цæуынмæ та хъавыОг лæгай,— кфарста. Иуанейы йæ ус Мæргъион. -г 0, хъæдмæ, уæдæ кæдæм, нæ йæ зоныс ацы афон кæдæм фæцæуыы? Дæ разы Сæрæбийы райхъал кæн^. уый дæр мемæ хъуамæ акæнон, галты раз мын уæд- 1714
.дæр фæлæудзæн. Уæртæ Дата дæр мемæ арæх цыдис, фæлæ мын ныр æртæ ’хсæвы нал акуымдта, мæ фыд , Уасил, дам, мæ яал уадзы хъæдмæ æмæ иунæгæй фыдæбоны хай фæвæййын,—загъта Иуане. . — Æмæ дын Сæрæби цы хъ^амæ баххуыс кæ^а ацы талынджы? Науæд та райсом колхозы бригадир, кэенæ сæрдар-куы ’рбацæуой æмæ дæ куы фæрсой, уæд сын цы хъуамæ зæгъон? Алы хатт сын куы цы ’фсон скæнын, куы цы а^мæ ма сæм мæхи’ равдисон, уый мæ цæсгом дæр нал хъæцы,—бустæгæнæгау ын загъта Мæргъион. , > Иуане тызмæг цæстæнгасæй бакаст Мæргъионмæ æмæ йынафтæ зæгъы: — Дæ дзыхыл куы.хæцис, уый мæм хуыздæр кæсы. Иуанейæн куыд хуыздæр у, уый йæхæдæг хорз зоны. Цы дæ нæ уадзы, исчи дæ куы фæрса, уæд ын-иу -афтæ зæгъ: дысон нæ -ралтæ хизынæй не ’рцы- дысты æмæ уыдон агурæг фæцыд æмæ’ уæдæй фæс- тæмæ хæдзармæ нæма ’рцыд... — Сæрæби, уæлæмæ сыст .æмæ цом хъæдмæ ме- :мæ,—уаеззаугай Сæрæбийы банкъусгæиæ сдзырдта Нуане. " . Сæрæби йæ сау цæстытæ фæирд кодта, скаст йæ фыды цæсгоммæ æмæ йæ афарста: — Цы кæныс, баба? 4 — Æз ницы кæнын, бабайы хъæбул, фæлæ цом мемæ хъæдмæ, кæд нæ уæрдон тагъд сугтæй байдзаг кæнæм, уæд дæ горæтмæ дæр мемæ акæндзынæн æмæ дын сугты аргъæй исты балхæндзынæн. Сæрæбийы карæн хуыссæгыл зæрдийæ вæййы, йæ цæстытæ кæд кæрæдзийыл андæдз-андæдз кодтой, уæддæр ын йæ фыд горæтмæ ацæуынæй ныфс кæй 4авæрдта, уый йæ разæнгард кодта æмæ йæ дарæс яæныныл фæцис. 172
Фыд4æмæ фырт галтæ уæрдоныл сивтыгътой æмæ^- æнæунæрæй араст сты, хъæуы сæр колхозæн цы æвæрд хъæд уыд, уырдæм, Бахæццæ сты нысангонд быыатмæ хъæддзаутæг ацаттæрон фæндаджы был æрурæдтой сæ уæрдон. Иуаее уæр/сонæй хырх райета, бацыд иу тала бæлас- мæ æмæ Сæрæбимæ дзуры: — Сæрæби! Рауай хырхы иу к-æрон мын ахæц. — Баба, æмæ фæрæтæй цæмæннæ кæныс сугтæ?— афарста йæ Сæрæби. ч — Æё дæ бонæй дæ уа,( мæ лæппу, æхсæвыгонг фæрæты къуырцц-къуырцц дардмæ хльуысы^æмæ мæ ацы хъæды хъахъхъæнæг Чъебо куы фехъуса, уæд. мæ уæлхъус февзæрдзæн, боныгон уый тасæяам къæ- цæлракæнын дæр’ ничи уæнды. Хырхæй дæ цас фæн— ды, уыйас чъешт кæн бындзарыл, уæлейæ йын йæ бындзæфхад цъыфæн айсæрд æмæ фæцис. Æз æмæ Дата иууылдæр афтæ кодтам. Цыдис рæстæг. Иуане æмæ йæ фырт стыр суджьг уæрдон ныццамадтой æмæ, горæтмæ цы фæвдаг цыд* ууыл араст сты. ч Сæрæбайæн фырциетæй-йæ хуыссæг фæлыгъд, . йæ сæры æвзæрд алыгъуызон хъуыдытæ, афтæмæй згъордта галты разæй. Арвы кæрæттæ æрбарухс сты, афтæ ныххæццæ сты_ горæтмæ. Заводы гудок дæр ныууасыд. Горæты адæм з&æльт байдыдтой. Иуанейы сугтæм дæр æл- хæнджытæ фæзынд^ Иутæ бафæрсынц: „Иуане, дæ сугтæ цас кæныс’?" Иннæ фæрсы: „Иуане, дæ ’сугтæ цас кæныс?" Иуане дæр цыма семæ схъомыл, кæнæ йæ цæрæн- бонты семæ куыста, уыйау сын дзуапп лæвæрдта: — Фынддæс тумааæй сæ капекк нæ фæцухкæн- дзынæн. Кæд хуылыдз сугтæ сты, уæддæр нуыя тала 17$
чзугта? сты, стæй ма бакæсут, цахæм амад сты уæрдо- *лыл. — Бирæ мауал дзур, Иуане, дыууадæс туманы .дыя ратдзынæн, нæ уынджы цæрджытæ иууыл дæ- уæй куы фелхæнынц суг, иннæ хатт та куы ’рласай, -уæд дын сæ фæфылдæр кæндзынæн;—’рбадзырдта Иуанемæ йæ зонгæ Симон. Иуане йæ уисы бырынкъæй зæхх асхъаудта, ахъуыды кодта æмæ зæгъы: — Хорз, хатырæй дын сæ дæттын, Симон, хæлар лæг мын дæ æмæ дын цы зæгъон,—загъта йын Иуа- -не æмæ æхцатæ куы райста, уæд йæ фыртнмæ æд галтæ иу хæрæндонырдæм фæраст. Иуане" хæрæндоны, вжт- рицæйы сæны æвгтæ куы ауыдта, уæд йæ комы къул- ты дон æрмызт. Фыр мондагæй йæхи сæнцъылдты- тæ кодта, хæрæндоны дуарыл бахæстытæ кодта, фæлæ .хæрæндон разынд æхгæд... * — Иуане, ам дæ?—кæрты дуарæй æрбайхъуыст ■колхозы сæрдар Датикъойы хъæлæс. Пуанейы ус Мæргъион хæдзарæп рауад, кæрты ..дуар бакодта æмæ сдзырдта: — Кæцы дæ, мидæмæ нæм рацу. — Мæргъион! Æз Датикъо дæн, фæлæ Иуане кæм лс? — Нæ зонын, дæ нывонд фæуон, знон фæесихор кæдæмдæр фæцыд æмæ нырма никуы зыны. Уымæ гæсгæ мæнæн дæр колхозы куыстмæ барæджы,—йæ сæр ныллæг æруадзгæйæ загъта Мæргъион. — Омæ йын цæсгом цæмæннæ уал ис, Мæргъион, цæсгом, æппæты фыццаг нæ колхозы уымæй хъазуа- тондæр кусæг нæ уыд, суанг ма фароны онг дæр, уæд ыл ныр цы ’рцыд, цæуылнæ уал кусы колхозы? 174
Дæуæй йыы æфсæрмы кодтон ныры онг дæр, æндæра лшн æз афонмæ йæ ран ссарын кодтаин, фæлæ йыа :бьф нал ныббардзынæн. Иу æмæ йын дыууæ хатты нæ бафæдзæхстон, колхозы хуымы кæрæтты цы бæлæс- ~тæ уыд, уыдон кæй ныццагъта, уый тыххæй. Ныр та нæ колхозы æвæрд хъæдмæ бавнæлдта. Хъæд хъахъ- хъæнæг Чъебойы куырдиæттæй мæ бон нал у. Мæнæ та, дам, Иуане хъæд ныццагъта, мæнæ та Иуане :хъæд ныццагъта. Æмæ канд Чъебо нæ, фæлæ нæ кол- хозонтæм æЕтдæр дзырд нал ис. Æгæрыстæмæй йæ Иуане дæр нал хонынц, фæлæ йæ хонынц хъæды рæмпæг. Изæры куы ’рбацæуа, уæд æй колхозы кан- торамæ рарвит. Нæ иумиаг æмбырды йыл хъуамæ æрдзурæм, бафæрсæм æй; кæддæра цы зæгъы йæ фыдракæнды тыххæй?- . Мæнæ уалынмæ йæ къухтæ кæрæдзийыл цæгъд- гæйæ Датикъойыуæлхъус æрбалæууыд колхозы хъæд- гæс Чъебо, афтæ хъæргæнгæ: — Нал у мæ бон, Датикъо, Иуанейæ ма кæдæи фæлидзон, уымæн ннцыуал зонын.' Ссæрибармæ кæн зды куыстæй, ссæут æмæ ма фенут, кæддæра хъæд куыд фесæфта. Æртиссæдз тала бæласæй дзы фылдæр ’ акалдта дысон. Абьтрæг у, æви цавæр у! Датикъо фырмæстæй туджьт азылди, бакаст Чъебо- мæ æмæ дисгæнæджы фарст акодта: — Дысон дæр та дзы ракодта зæгъыс, Чъебо? ’ —0,о, дысон, уæдæ æз сæнттæ цæгъдын, —тыз- •мæг ныхасæп, Датикъомæ бакæсгæйæ, дзуапп радта Чъебо. Датикъо тымбыл къухæй ыæ риу бахоста, барт- хъирæн кодта Нуа’немæ, стæй Чъебоимæ хъæдырдæм ■фæраст... Изæры колхозы райдзаст клубмæ æрымбырдысты адæм. Райдыдта колхозы иумæйаг æмбьтрд. 175
•*- Нæ хъæды рæмпæг дæр æрбацыд, йæ къух ын райсут,—хынджылæгæй райхъуыст клубы алы къл’ым- тæй^ адæмы ныхæстæ. Иуане фырмæстæй бæргæ ’адæнгæл, фæлæ цы йæ.- бон уыд дзурын, бацыд æмæ, æппæтыЗ фæстейæ цы. бандон уыд, ууыл æрбадт. Сæрдар фыццаг фарсты фæдыл ныхасгонд куы фæцис, уæд уый фæстæ рахызт Иуанейы фарстмæ. — Иуане, цæмæннæ уал кусыс колхозы, цы де ’на- -монд æрцыд? Цæмæн фесæфтай колхозы æвæрд. хъæд?—бафарста йæ Датикъо. ч ’ ’ , Иуане йæ бынатæй сыстад æмæ цыма йæ цæрæн- бонты хъæды иунæг къæцæл дæр никуы ракодта, уы- йау райдыдта дзурын: — Цы, цы, цытæ дзурыс? Цæй хъæд ныццагътон,. уæхæдæг æй ныццагътат æмæ йæ ныр ме ’фсон фæ- кæнут. Чъебо ныхасы бар ракурьигаæ дæр нал фенхъæл- мæ каст, афтæмæй фæгæпп кодта æмæ йын афтæ- зæгъы: — Уæдæ дысон кæм уыдтæ, æдзæсгом, горæтмæ нæ аластай, афтæ æнхъæлыс, уый æппæт тала бæлæс- тæ хырхæй куы ачъЪпп кæныс, уæд дæ Чъебо нæ базоны. Чъебо дæ базоны, фæлæ хъæуккаг дæ æмæ. дын уый хатыр кодтон. Фондз æмæ дыл ссæдз актæй фылдæр арæзт ис ме ’рдыгæй. Кæд дæ фæнды кæмæн- ты сæ ауæй кодтай, уырдæм дæр дæ ныккæноя. — Чъебо рарт зæгъы, раст. æмбæлттæ, фесæфта хъæд, æмбисондæн афтæ акæнынц:. „Къахеты, дам, иу дзæргъ фесæфта". Хъæбулы хъомыл цы бæлæсты кæнæм, уыдон хъуамæ Иуанейы къухæй рафтой. Тæр- хондонмæ йæ рацтæм æмæ.уым дзуапп, радтæт,—рай- хъуыст та ныхæстæ клубы алы къуьштæй. Иуане тæрхондоны кой куы фехъуыста, уæд йæ буар сæры астæуæй къæхты бынмæ ныддыздыз кодта, йæ- 176
бынатæй фестад æмæ йыл цыма ризæг бахæцыд, уы> йау зырзыргæнгæ сдзырдта: 1— Тæ-тæр тæрхон-донмæ мæ ма радтут, нал..* налм* стæй йæ бандоныл æрхауд, 1958 аз. ЛÆВАР ^ , (Сывæллæттæн) Æризæрмилтæ. Минæт колхозы куыстæй æрбацыд æмæ йæ къæпи тыргъы æрывæрдта. Фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта æмæ хæдзары йæ цæст куы, ни- кæуыл схæцыд, уæд фæстæмæ фæзылд, рауад уынг- мæ .æмæ акаст фермæйы скъæттырдæм. Раст уыцы уысм Минæты раз февзæрд бур къæбæлдзыгсæр лæц- пу. Минæт йæ фыртыл баузæлыд, стæй йын афтæ. зæгъы: — Марадз-ма, Джетæ, дæ« нывонд- æрбауон> уæртæ фермæйы скъæттæм бауай æмæ дæ зæронд дадайы абæрæг кæв: цæмæн æрæгмæ цæуы? — Дада йæ фос нымайы, нана, ныртæккæ æз уыр- дыгæй æрбахæццæ дæн. — Иу уад ма йæм бакæн, нанайы хъæбул. — Хорз, хорз, нана, бауайдзынæн æм, стæй æвип- пайды фæзылд фæстæмæ æмæ цæрдæг азгъордта фер- мæйы ’рдæм. чТæссары йæм къутæрджынæй сæ цъæх куыдз Дзебыр^æргæпп кодта: — Дзебыр, Дзебыр,—фæсидт æм Джетæ,—дада ма уым ис? Цом: мемæ фæстæмæ æмæ йæ ракæнæм. Куыдз дæр æй цыыа æмбæрста, уыйау йемæ æмдзу кодта, йæ къæдзил тылдта, афтæцæй. Сæ дыууæ дæр тырныдтой, чи сæ фæразæй уыдзæн, уымæ. Кæрты рахизæны йыл йæ фыды фыд Темураз ам> бæлд. Бафарста йæ: 12. Æвзонджы бонтæ. г 177
— Цæмæ ма ’рбаздæхтæ, лæппу, чысыл раздæр ам куы уыдтæ, уæд? / . — Нана мæ дæумæ рарвыста. Куыд æрæгмæ, дам, цæуы дада. — Нана йæ мæнмæ рарвыста,—хъазынырдæм аздæхт та Темураз Джетæйы ныхæстæ,—æмæ æнæдæндаг сы- вæллон дæн, цæмæй мын ’тæрсы’нана? Кæд мæ сайгæ кæныс. — Нанайы бафæрс,—йæхи раст^æнæгау загъта Джетæ. Дзебыр сæ алфæмблай зылди, йæ къ’æдзил тылдта, ТГемуразмæ-иу, бауад, йæ раззаг къæхтæ-иу ын йæ тсуырæты фæччийыл-авæрдта, куы та-иу Джетæмæ •<5асмыста, фæлæ сын цы ’мбæрста. уый сæ хъуыды- тæн, цы зыдта, Джетæйæн йæ сагъæс цæуыл у, уы- мæн? ’ — Хорз* цом, æууæндын дыл, — рæвдаугæ хъæлæ- чзæй загъта фыды фыд. , - Минæты æхсæвæр аразгæ баййæфтой. ’ — Хорз нал у ацы лæппуйæн йæ хъуыддаг, чындз, ^æмæ йын цы бачындæуа. Фыййау цæуын æй фæнды клемæ, фос, дам, иу дын уæддæр рыздахдзынæн,— загъта Темураз. —’Мах скъолайæ рауагътой,дада... — Скъолайæ нæрауагътой... Кæд дæ бынаты баззад- тæ, уæд!—Къахæгау загъта Темураз. — Нæ, ницы баззадтæн мæ бынаты, тынг хорз ны- чзæнттимæ ахызтæн æвдæм классмæ,—хъæлдзæгæй •загъта Джетæ. , Темураз бакаст Минæтмæ. — Раст дзуры, чындз? — 0, раст зæгъы,—йæ оабр батылдта чындз æмæ уæд зæронд лæджы дæр бауырныдта^ Дэкетæ раст кæй дзуры, уый. V — Хорз фæуæд! Кæд зивæггæнаг нæ уай, уæд дæ уадзын мемæ,—загъта Темураз æмæ Джетæмæ фæр- сæджы каст бакодта. 178
■к ’ 1 * * Бонмæ бирæ нал хъуыд. Темураз райхъал, сыстад, зсæдзары рудзынг байгом кодта æмæ акаст æттæмæ.. \ Бæлæстыл иу сыфтæр дæр не змгёлыд. Бæрзонд цъæх ^фвыл æнæнымæц стъалытæ ферттив-ферттив кодтой. ^Къæу зынди хасты хуызæн. Уалынмæ кæцæйдæр рай-^ хъуыст уасæджы хъæр, æмæ, цыма иннæтæ дæр уый •<Зафæзмыдтой, уыйау ын дзуапп лæвæрдтой фæй-. нæрдыгæй. Дард кæмдæр куыйтæ рæйдтой коммæ. Темураз дзæвгар сыгъдæг уæлдæфæй куы фæулæ- 4>ыд, уæд разылд фæстæмæ æмæ Джетæйы нарст цæсгоммæ æдзынæг ныккаст, цыма йæ уыцы 'хсæ# • фыццаг хатт федта, уййау. Йæ мæллæг уадултыл хъарм цæсты сыгтæ æртылдысты Темуразæн, арф ныуулæфыд. Джетæ, уыд фынддæсæм. азы. Бакастæй та йын рад- тæн уыд фылдæр. Асæй уыд бæрзонддæр, фынддæсаз- дзыд цы вæййы, уымæй, онгджын, хъæлдзæг. Иуыл кодта зма&лгæ. Хъæбысæй хæцынæй йыл йе ’мкарæн- тæй ничи тых кодта. Темураз райгонд уыд йæ фырты фыртæй. Уый уыд* иууыл йæ фыды хуызæн æмæ йæ уый тыххæй уæлдай уарзт кодта. Цалынмæ Темураз йæ дарæс кодта æ<мæ йз^хи ’хсад- та> уæдмæ арвы кæрæттæ " дæр ^ербарухс сты. Рай- хъуыст мæргъты алгъуызон цъыбар-цъыбур. Тему- раз Джетæйы йæ къухæй уæззаупай банкъуыста æмæ ныллæг хъæлæсæй сдзырдта: —-Æйтт, лæппу, фæгæпп: -кæн, кæд фыййау дæ уæд. . Джетæ йæ сау цæстытæ аууæрста, йæ дадамæ скаст æмæ цингæнгæ фæгæлп кодта йæ хуыссæнæй. Уый тарсти, Темураз æм куы нæ фæлæууа, уымæй æмæ йæ дарæс тагъд-тагъд акдцта. 17»
— Тагъд ма кæн!—сабыр æй кодта Темураз. Дæхш уал ныхс, стæй дæ фæнд&ггæг/гæ дæр ма ферох кæн. Джетæйæн йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ хызын. Уым, ын изæрæй йæ мад æрыфснайдта йæ фæндаггæгтæ. Уынджы сæ Дзебыр раййæфта, сæ размæ йæ къæ- дзил тилгæ æрбазгъордта, ацинтæ сыл кодта< æмæ- фермæйы скъæтырдæм фæраст сæ разæй. ■ , Зæронд’лæг кæрты дуар куы байгом кодта, уæд. сегасы разæй кæрты дуарæй рахызт здыхт сыкъаджын цæу. Цæу комкоммæ бараст Джетæмæ æмæ йын йæ къухтæм басмыста. Джетæ.йын къæбæр адардта, стæй. йын загъта: — Цу, цу, Къæлæс, нæ дæ ’вдæлы, акæн фос хи- зынмæ, изæры та дын ратдзынæн къæбæр. Джетæ йын йæ сыкъатыл размæ ахæцыд: Цæу æмбаргæ араст- фосы разæй. Хурскастмæ фысты дзуг схæццæ сты дарæнмæ-- æмæ цъæх гауызы хуызæн к&рдæджджын фахсыл -хизгæ апырх сты. Дзебыр æмбаргæ адæймагау сæ ’алыварс зилдух кодта æмæ-иу сæм чысыл дæрддзæф æрхуыссыд. Темураз æмæ Джетæ рындзыл æрбадтыс- ты, афтæмæй дардмæ фæлгæсыдысты. — Дада, иннæ фыййæуттæм ,цæуыл смæсты дæ,_ абон сæ демæ ^æуылнæ искæны рауагътай— бафарс- та Джетæ, чысыл куы абадтысты, уæд. — Иннæтæй ма цы кæнын, ды ам нæ дæ, .уыдон та~ хос ракæрдой. . • Джетæ йæхицæй ныбёуц. Ныр мæйæ фылдæр къæбыртыл, фæхстыл разгъор- базгъорæй бафсæст . Джетæ, фæлæ ебон уæлдаи цин кодта, зæронд Тёмураз фыййæуттæй йемæ кæ& никæй рауагъта, уый тыххæй. 180
. — Мæн ничи хъæуы Джетæиы йедтæмæ,— загъта «сын Темураз. , , — Хорз уый дæр,—загьта Темураз,—фæлæ мын абон куы ницы ног хабæрттæ ракодтай, ,газет дæм ^лæй? — Зноны газет, баба. — Хъусйн дæм уæдæ! Джетæ газет каст куы фæци, уæд зæронд Темураз •фыдæлты хабæрттæ ’рымысыд æмæ ма йæ цы ’фсæс- та дзурынæй. Афтæмæй рауад дзæнгар рæстæг. Цалынмæ зæронд лæг уыцы ныхæстæ кодта, уæд- згæ фысты дзуг тигъæй фæаууон. Темураз йæ тау- рæгътæ дзурынæй феицад, фыстæ кæм хызтысты, уы- цырдæм акаст æмæ фысты куы нæ уа’л ауыдта, уæд Дæ бынатæй фестад æмæ тарстгъуызæй сдзырдта: — Джетæ, нæ дзуг нал зыны! Джетæ æвиппайды йæ бынатæй фæгæпп кодта - æмæ Темуразы цонгыл фæхæцыд. — Æрбад, дада, ныртæккæ сæ æз ам æрбамидæг яæндзынæн. Дзебыр семæ ис æмæ сын тас ницæ- .мæй у. % ^. Стæй Тсмуразы цурæй топп фелвæста, йе уæхст кыл æй баппæрста æмæ йæ йæ зæвæттыл тъæпп- тъæпп гæнгæ йæ фæдыл аскъæфта. Фос дзæвгар сивгъуыдтой хъæды сæрмæ. Джетæ бафæллад сæ фæдыл згъорынæй, фæлæ сæ æрæджи- ау сыййæфта. Æвиппайды фос фезнæт сты. Уæлейæ *сæ цыд&р æрсырдта æмæ дæлæ фезгъорынц. тæссары дæлæмæ, къæбырырдæм. Уым бынæй арф ком, фосæн •акалынæй тас у, уый зыдта Джетæ æмæ йæ тых, йæ бонæй фосы размæ згъорынтæ систа. Былмæ сæ бйрæ нал хъуыд. Фæстæмæ сæ здахы Джетæ, фæлæ- кæм жомынц тарст фос, дæлæмæ сæхи æппарынц былнæ. Афтæмæй дзы иунæг фыс дæр агæпп кодт^, уæд 181
иууылдæр йæ фæдыл агæр-гæр кæнйзысты. Джетæ* ст&хсти. Æвзиды фосмæ лæдзæгæй, йæ худæй. Йæ- хид йæ къæхты бынæй калди, афтæмæй ныллæууыд. фосы раз Джетæ, фæлæ сын ницыуал фæрæзта сае^ уромынæн. Фос та бынтон æрыввахс сты былмæ, мæ- нæ-мæнæ агæргæр кæндзысты дæлæмæ, коммæ. Æвиппайды йæ разы февзæрди фысты раздзог цæу— Къæлæс. .Æрмахуыр цæ^ йæхи æрбауагъта Дадтæ- мæ æмæ йын йæ дзауматæм басмыста. Джетæ размæ- атындзыдта, фосы дзуг былæй кæм фæцæйкалд, уыр- дæм. Цæу йæ .фзвдыл.* Цæуы алфæмблай знæт фыстæ* къордтæ-къордтæй, цыма уый сæ ныфс уыдй," уыйау æрбамбырд сты. Джетæ фæхатыд хъуыддаг. Оистал кæрдзыны къæбæр йæ хызынæй æмæ фæсидт цæумæ.-> — Къæлæс; Къæлæс, Къæлæо!!! Къæлæс уади йæ фæдыл. Къæлæсы фæдыл та- арæхыс сты фос. Дэи;етæ згъордта сæ разæй, афтæ- мæй фос радард сты былæй. г Джетæ рог сулабфыд. Йæ цæст фосыл ахаста. Иу- 1 дæр дзы былæй ахауын нæ бауагъта. Уый хорз, фæ— лæ чи фæтæрсын кодта фосы? Ууыл нæ хъуыды кодта Джётæ. ^ ФЬс раздæхта тæссары дæлæмæ Джетæ. Уый хатыд, фыды фыд дзы куыд бузныг уыдзæн, уый, ныртæкка> абаддзæн йæ цуры æмæ йын радзурдзæн, фæлæ...4 Йæтопп цы фæци... Æвшгаайды фæхъуыды кодта Джетæ. Кæмдæр ын аззад. Фæстæмæ йæ фæд, йæ фæд. аздæхт Джетæ. Ныцции кодта, йæ топп куы ссардта, уæд. Ныр згъоргæ фыды фыдмæ тагъддæр, фæлæ- уыцы уысмы Джетæ ауыдта:йæ фыстæй иу къорд дæлаз- тæссары фæцæуы фалæмæ, хъæдрæбынмæ фæхæццæг кæны. Джетæ йæхи ауагъта сæ фæдыл. Куы сæм бав- вйхс, уæд уыны: сæ куыдз Дзебыр сæ фæдыл. 182
— Дзебыр, Дзебыр, фæстæмæ раздæх, .кæдæм сæ скъæрыс? Фæлæ Дзебыр фæстæмæ дæр нæ фæкаст. Тындзы размæ, фыстæ йæ разæй згъорынц, афтæмæй! Куы нæ йæм хъуыста Дзебыр, уæд Джетæ бынуæз- ты йæхд ауагъта æмæ хъæдрæбын фыстæн сæ разæй фæци. ч — Дзебыр, фæстæмæ тагъд! — фæхъæр та кодта* Джетæ æмæ ,æвиппайды джихæй аззад, Дзебырмæ куы фæкомкоммæ ис, уæд... ’ „Бирæгъ,"—■ахъуыды кодта, уый. Цы ма акодтаид Джетæ. Йе уæнгтæ ныддыз-дыз. йодтой фыр тæссæй. Фыццаг афæнд кодта баёласыл сгæпп кæнын. Уый йæ фыды фыды радзырдтæй зоны йирæгъ ^æласмæ не схиздзæн, фæлæ’уæд фыстæ та? /Ыетæ топп æриста йæ къухмæ, фæлæ бйрæгъ* читт дæр нæ кæны, ницæмæ дары Джетæйы, йæ дæн- дæгтæ’ фæзыхъхъыр кæны, скъæпп-къæпп сæ кæны æмæ тачДжетæйы -’рдæм бакæсы. Бирæгъ йæ дзых фæхæлиу кодта, æвæццæгæн, хъавыд Джетæйы иу æркъæппæй аныхъуырынмæ, фæлæ адджын комдза- джы бæсты, æвиппайды топпы хъæр .фæцыд... ^æронд Темураз дæр фæзынд^ топпы хъæрмæ, уый ^æрбаййæфта бирæгъы хаудæй. Йæ акомкоммæ та уа- дзыгæй лæууыд Джетæ. Бирæгъы дзыхæй калди туг. Темурр бирæгъы фæлд,æхтæй куы ауыдта, уæд бам- бæрста æппæт дæр. ■ Фæззыгон хур бон. Сывæллæттæ æрымбырд сты иууылдæр скъолайы кæрты. Хъазыдысты куырмæм> , бæхстытæй, чи та цъилæй. * У«алынмæ райхъуыст дзæнгæрæджы хъæр. Сывæл— лæттæ æзфæраздæронæй клæсстæм багуылф кодтой. Джетæиты классмæ ма ахуыргæнæджы йедтæмæ 185.
ацы хатт æрбацыд колхозы сæрдар æмæ ноджы иу- цалдæр лæджы дæр, уыдон æхсæн уыд зæронд Тему- раз дæр. Сывæллæттæ сыстадысты. Салам радтой хисдæртæн. Сбадтысты. Колхозы сæрдар йæ цæст ахаста сывæллæттыл. —Джетæ!—фæсидтис ахуыргæнæг.4 Джетæ слæууыд йæ бынаты. — Æз. — Размæ рацу. Джетæ æрлæууыд колхозы сæрдары цур. Колхозы сæрдар Джетæйы уæхск æрхоста æмæ йын афтæ зæгъы: — Джетæ, æз дын де сгуыхтдзинады тыххæй нæ колхозы номæй лæвар кæнын велосипед, стæй ноджы столыл æрывæрдта цавæрдæр гæххæттыты баст, уым уыди ахуыргæнæн дзаумæттæ. Уыдон -та дын мæхи сæрмагонд лæвæр, бафтыдта ма колхозы сæрдар йæ ныхасмæ,—иумиаг хъуыддаджы сæрыл тохмæ цæт- тæ у кæддæриддæр! Джетæ ницы дзырдта. Ныссырх. — Цы.дзуапп радтын хъæуы хистæры сидтæн?— рæвдаугæ хъæлæсæй бафарста ахуыргæнæг. Джетæ ахъуыды кодта, стæй къæмдзæстыгæй сдзырдта: — Кæддæриддæр цæттæ уыдзынæн... Сывæллæттæ1 кæрæдзимæ бакæс-бакæс æмæ хъус- хъус кодтой, уыдон не ’мбæрстой, Джетæ цæмæй фесгуыхт, уый. Уазджытæ куы ацыдысты, уæд сын ахуыргæнæг радзырдта Джетæйы хъæбатырдзинады тыххæй. Ныр се’ппæт дæр сæ каст скодтой Джетæмæ, хæлæг ын .кодтой йæ лæвармæ, 1958 аз.
СÆЙРÆГТÆ Дзуд’цаты Хадзы-Мурат. Бæрндзинад (раздзырд) 3 Тедеты Рюрик Андарты Знауыр 5 Æхсæв Сталиниры 7 Асфальт 10 Гомарты хъæд 11 Хъазахстайнаг циклæй 12 Харебаты Леонид Уарзын . . 16 Райгуырæн 36 БуржуазоЪ поэтмæ , 17 Фæдзæхст 17 Фарстытæ . ’ 18 Дзуапп 19 Æбæрæг хæстоны ингæн 19 Зæронд хосдзауы зарæг 20 Мады заердæ 21 Зымæгон ныв 22 Авдæнбæттæны зарæг . 22 Æвзонгад , 23 Фыдахин саби 23 Æрдз йæ фыртæн ус хæссы 24 Сугсæттæг .25 Гауыз - ’. 25 Цæхæрцæст лæппу , . . . . 26 Фарст .....".._ 27 185
Плиты Феликс „ Исахъ 1 :, . . 2$- Рæстæг .....!...;...*. 2$ Райсом ,. ~ - . . . . V 30 Хур—къуыбыло’й 30 Æхсæв • 31 Фæскъæвда :...... 31 Рагуалдзæг . . . 31 Фæззæг 32 Æцæг уарзт , .... 1 32* Фыды фарн • . „ 33 Мах не стæм хæлæрттæ . 34 Бахъаты Нугзар Ленины цырт 36 Фæйлауынц хуымтæ ’ . ..37 0, Сыба ’ 37 Мæ фыдмæ 38. Арвы ком . V \ . 89 ; Илья Чъавчъавадзены Л1ырты раз . . . . > 41 Мады зæрдæ _...... 41 Мæ уарзт 42 Макæ 42 Уайдзæф . . . • - . 43: Æз куырм дæн . . .' ’ 4$ „Æсуагьта æрдз æвзар" ;..'.. . . 4* Уалдзæг в. . -. . 44 Нæ. . . . ".,_.... 44 Æрымыс-ма . . . . , 45 Тæрсын 45 Уарди . 4(> „Æхсæв^ кæмттæм бахъуызыд хуыснæгау-"... 4Ф Къæбысты Уарден Фаззæттæ (радзырд) 47 -’БЫНДЗЫГ (радзырд) .• <31 ,186
Козаты Владимир Æвзонгад . . . . * 74* !Тулдзхъæды рæбын -~. . 76 Уарын 78 „Бонæн йæ фæндаг фæтæссар" . -. . . . 79 Хъæдвæндагыл . . . 1&> Фæззæг 80 „Æрбады, фæхъазы" 80• „Хъæды фæндаггæрон райгæ" ’ .81 „Фæизæр, фæныгуылы хур" 8Ь „Хур бæрзонд хохæй ныттылди" . . ». . 82 Къозы цад "82 Фæскъæвда 8&* Сырх лæбырд • 8& Райсом 841 1 Тедеты Ефим Хæххон райсом . 86? Иу фæндаг г .-., .1 . ,. . 87 * Цы мæ куырдта саби / ч88 Хъæргæнæг 88 Хъамайæ цыргъдæр у 89*» Къостайы цард 90 Козаты Исидор Ирыстонæн ...-..' 92" Дæ цырты раз 92 Царды аргъ ’ • . - 9$ Ца^д у денджыз .ч . • . . . 93 Донимæ ныхас ........... 94 Хæстон’ æмбалмæ 94 „Фæцæф салдат" .94] Хъайтарæн ..... л 95 Дыууæ талайы . . . . : 95- Уаргæ^ 97 187:
Мусы . . • 97 Тауæгмæ 98 Сæрдыгон быдыр ............ 94 „Кæс, фæмыдгъуыз кæрдæг" ...... 99 -Оыгъзæрин бонтæ 99 /Фæззыгон нывтæй 100 „Ниудта дымгæ дысон бонмæ" ..... 101 Мæ хомæ 101 „Авд æвзаджы булæмæргъ куы зыдта" . . 102 Фæстаг æхст (радзырд) 102 Тедеты Арсен Хæстæндзарджытæм 108 Мæ мадмæ 108 ’Сыбыр . . . - 109 Амонд .... V 109 ^Удхæесæг 113 Хуыгаты Уасил -Лæджы цард . 118 -Мады уарзт (радзырд) . . . 119 Джиоты Джетæ Адæм . 126 Мыдыбындзæн . . . - , . . 127 - „Кæд дæ фæнды" . . . Д27 .,,0, зыд сырдтæ". . . ’ •. . 128 Габтпы Зоя -Зæхх 129 „Лæппу, ды мæ нæ зæххæй ма стон" . . . ,130 .„Æз нæ къæдзæхæй нæфехсдзынæн мæхи" 130 л,Уынджы уазал дымгæ" ....... 130 -,,Æз дæумæ нæ фæцæудзынæн уазæг" . . 131 188
Æлборты Хаджи-Мурат Фæззыгон нывтæ 132*- „Йæ дуджы уый чъындыйæ цард" . . . 133. Хъæбатыр лæппу (радзырд) 133. Мила (радзырд) 135. Тедеты Авгар Амонд 140 Мады ныхас 140 Мæ хъæу 141 „Хурзæрин йæ тынтæ уафы" 142 - „Фтауы. дидипæт Ирыстон" 142 • Вæллиц . .' , 143 „Мæ уарзт дæуæн æргом куы загътон" . . 343 „Мæ цæстытæ ныуурс ысты" 144 Ныхас нæзыимæ 144 Хуыгаты Сергей „Махыл ауддзæн, ма тæрс, нæ фидæн" . . 146 „Æз æнхъæлдтон, амбæлдзынæн та дыл" . 147 „Мах лæууыдыстæм тигъыл" ....... 147 Тасойты Никъала Мæ райгуырæн бæстæ 149 Цин 150 „Ис Къобы æмбисонды суадон" ’ 150 Гасситы Барис Мæ рæдыд ма’руадзут уæхиуыл (радзырд) . 152 Цæуыл фæци нæ хæлардзинад Гæуысимæ? (радзырд) . • 1л4 Хеца æмæ Хуца (радзырд), . .' 156 Торбеджы цæстæрттивгæйæ (пьесæ) 159- Тъехты Амыран Иумиаг хъæбул (радзырд) . • . . • 167 Хъæды ^рæмпæг (радзырд) 171 Лæвар (радзырд) 177"
дни молодости Редактор X. А. Дзудцатн Техредактор Н. С. Снукаев Обложка художника В. Г. Козаева Корректоры Д. С. Кумарнтова и А. И. Техев Сдано в набор 30. XII. 1958 г. Подписано к яеч&ти 58.1, 1959 г. Заказ ЛЪ 24. Формат бумаги 84x108%, см^ Нзд. листов 8,4. Печатных листбв 9,80. Эт. 00198. Тнраж 150& экз. Цена 5 руб. Сталиннрская типография Грузглавиздата, г. Сталинир, ул. Исака, 2.