Text
                    Ирон литературæйы антологи
Икъаты Вяадимир
Æвзæрст уацмыстæ
^7 «Республика»
П Цхинвал - 2015


84 (Осет) Г-13 Г-13. Ирон литературæйы антологи. Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ. - Цхинвал: «Республика». - 2015. - 448 ф. - 12 нывы. Ирон литературæйы антологийы бирæтомон рауагъдады проект æххæст цæуы РХИ-ы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты хъæппæрисæй. Проекты автор - Хъоцыты Андрей Бацæуæн уацы автор - Хъазиты Мелитон 15ВЫ - Издательский № 3 © РХИ-ы Мыхуыры хæдзар, 2015 © ООО «Республика», 2015 © Хъоцыты А.А., 2015
Икъаты Владимир
АГУЫРДТА ФЫДÆЛТЫ ФАРН ЙÆ УДЫ Уый уыдис 1990-æм азы æртхъирæны мæйы 1-æм бон Ирысто- ны хуссар хайы Чъребайы сахары. Æнæхъæн Мамсырайы-фырты уынг фыдохы адæмæн суынгæг. Раст цыма æнус раздæр дзæнæтыбадинаг Къоста уыцы хъуыд- даджы тыххæй дзырдта зæрдæрисгæйæ: «Уый бæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ, Уый бæрц æркæсгæ нæма федтон иу зианмæ Хохæй, быдырæй...» (Уæлмæрдты»). Ирыстоны, уæлдайдæр Хуссар Ирыстоны, фæстаг ссæдз азы чи фæцард, уый судзаггаджы мæрдтæ куыннæ хъуамæ федтаид. Фæлæ уый бæрц фыдохы адæм иу мардмæ æрцæуой, се ’ппæт дæр ыл хи ахсджиагау риссой æмæ дзыназой, уый бынтон стæм хатт вæййы. Газеттæ цалдæр боны æнæхъæн фæрстæ мыхуыр кодтой алы професситы, алы кары адæмы зæрдæуынгæггæнæн мæсæллæйтæ. Йæ ныгæнæн бон та Ирыстоны «хохæй, быдырæй» алчи дæр йæ хæсыл нымадта, цæмæй зианæн бакодтаид фæстаг лæггад. Æмæ фыдохы процесси, сæ разæй домбай лæппутæ, астæуккаг кары нæлгоймаджы табæт бæрзонд сисгæ, хъарæггæнæг сылгоймæг- тæ сæ кæрæдзи ивгæ, зианджын хæдзарæй горæты тæккæ астæу Коцы-фырты уынджы Культурæйы хæдзармæ, уæды Хуссар Иры- стоны Адæмон фронты бынат, ныртæккæ «Симд»-ы агъуыстмæ куы араст сты, уæд мардмæ æрцæуæг адæмæн нал сæ сæр зындис, нал сæ кæрон. Фыдохы митинджы йын, фæстаг хæрзбон кæнгæйæ, ны- хасгæнджытæ сæ кæрæдзи куы ивтой, уæд адæм нæ урæдтой сæ гъе-гъе. Цæссыджы леуахитимæ ныгæдтам уæды Адæмон Ныхасы ак- тивондæртæй иу - ирон адæм æмæ Ирыстоны æнувыд патриот, поэт Икъаты Владимиры, кæнæ та йæ уарзгæйæ куыд хуыдтам - Володяйы.
4 Ирон литературæйы антологи Икъаты Антъоны фырт Владимир райгуырдис 1937-æм азы Майрæмкуадзæны мæйы 1-æм бон Ирыстоны рæсугъддæр къуымтæй сæ иуы - Гудисгомы, Соцъийы. Йæ ныййарджытæ уыдысты мæгуыр зæхкусæг адæм. Фæлæ - цардфæразон, куы- стылхæст. Хæдзарыдзаг бинонты дарын хъуыдис æмæ кæд кæстæртæ ахуырмæ æвзыгъд уыдысты, уæддæр хæрз сабийæ цай- дагъ кодтой хи къухты фæллойыл. Уыцы хъуыддаг адæймагмæ тынгдæр æвзæрын кæны царды зыд, кæны йæ цæрдхъомдæр. Чи зоны, Володя æппынæдзух уый тыххæй уыдис æнæрæнцойзæрдæ, ныфсхаст æмæ сыгъдæгуд. Сæхимæ хæхты райдайæн скъола куы фæци каст, уæд нæ фæтарст йæ мадырвадæлтæм Уæллаг Черемæ рацæуынæй. Йæ ахуыр адарддæр кодта уым æмæ æнæххæст астæуккаг скъолайы бæлвырдгæнæн райста тынгхорз бæрæггæнæнтимæ. Сталиниры педагогон ахуыргæнæндонмæ йæ æнæ фæлварæнтæй уымæн ай- стой. Æмæ нæ фæрæдыдысты. Володя педагогон ахуыргæнæндон дæр фæцис æнтысгæйæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон хайады ирон æвзаг æмæ литературæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультеты. Æвзонг, зæрдæргъæвд лæппу литературæмæ йæ хъус иууыл тынгдæр аздæхта, педагогон ахуыргæнæндоны куы ахуыр кодта, уæд. Йæ уацтæ, йе ’мдзæвгæтæ-иу мыхуыры фæзындысты обла- стон газет «Советон Ирыстон»-ы фæрстыл æмæ йæ уый ноджы разæнгард кодта литературон куыстмæ. Уæлдæр ахуырад куы райста, уæд, зæгъæн ис, кæй уыд цæттæ журналист. Цы газеты кой скодтам, уый редакцимæ йæ кусынмæ дæр уый тыххæй ай- стой. Хицæн рæстæджыты уыдис газеты корректор, тæлмацгæнæг, уацхæссæг, культурæйы хайады гæс... Цæмæй йæ профессиона- лон æмвæзад фæхуыздæр кодтаид, уый тыххæй, кусгæ дæр кодта афтæмæй, Алма-Атайы фæсаууонмæ æнтысгæйæ каст фæцис Ка- захстаны паддзахадон университеты журналистикæйы факуль- тет. Уый йын ахъаззаг æххуыс фæцис йæ дарддæры куысты. Йæ зонындзинæдтæ не ’вгъау кодта йæ куыстæн Хуссар Ирыстоны
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 5 радиокомитеты уацхæссæгæй, стæй паддзахадон чингуыты рауа- гъдад «Ирыстон»-ы редакторæй куы куыста, уæд дæр. фæлæ Володя гуырцæй рахаста æнæрцæф, принципиалон. Нæ райгуырæн Ирыстоны сæрвæлтау, скад ын кæныны тыххæй йæ сæр дæр æрхастаид нывондæн. Сæрыстырæй уымæн дзырдта: Куыд зын у, куы, бæрзонд хохы хъысмæт! - Йæ сæрмæ арæх тар мигътæ фæбадынц... Фыд тыхтæ йыл сæ хъарутæ фæлварынц... Фæлæ уыцы «фыд тыхтæ» поэтæн тасæвзарæн никуы уыдысты. Бæрзонд хохы ныфс æмæ кадимæ, йæ удварны цур уый ахæмты хъуыды дæр нæ кæны. Уымæн æмæ йын бæрзонд хохы символ у царды ныфс, бæрзонд уæвыны ныфс. Сæрбæрзонд уымæн у: Цæстысыгау, йæ суадон - рæсуг, Йæ фæхстыл сæрд цынæ дидин æрттивы, Бæрзонд хох нын бæрзонд кæны нæ уд, Нæ хъыгтæ нын йæ уаз цинтæй фæивы... Бæрзонд хохыл - цæргæсбадæн бынат; Ам удæнцой - дзæбидыртæ, сычъитæ... Бæрзонд хохæн нывонд кæнын мæ цард - Йæ зын хъысмæт æз равзарин мæхицæн. («Æз равзарин бæрзонд хохы хъысмæт»). Уый Володяйæн былалгъ ныхас нæ уыд. Йе свзонджы бонтæй, зæгъæн ис, йæ сабибонтæй фæстæмæ зонгæ-зонын æвзæрста бæрзонд хохы хъысмæт. Йæхи уды æхцондзинадæн уыйбæрц нæ, йæ адæм, йæ Фыдыбæстæйы фарнæн æй куыд дзырдта йæ зæрдæ. Раздæр-иу улæфт бонты горæты парчы спорты залмæ ныт- тымбыл сты фæсивæд. Спортивон ерыстæй дарддæр ма-иу дзы уыдис сæрибар хъæбысхæстытæ. Уæд Володя студент уыд æмæ- ИУ бирæ хæттыты нал фæлæууыд йæ зæрдæ. «Хъуамæ Соцъийæн скад кæнон!» - йæ райгуырæн уæзæджы номыл-иу ныфсджынæй рахызтис гауызмæ.
6 Ирон литературæйы антологи Дурын дæр алæбон дон нæ хæссы. Искуы-иу куы фæхæрд, уæд- иу дзы хъазгæмхасæн ахынджылæг кæнынмæ чи хъавыдысты: «Скад кодтай Соцъийæн?» - уыдон дæр-иу дзы, куы рамбылдта, уæд нал хицæн кодтой: «Дæ фондз æмæ ссæдз сомæй нæ хæрæн- донмæ нæ хоныс?» - рацу-бацу-иу кодтой йæ фæдыл. Уый дæр-иу сæ хынджылæг кодта: «Фондз æмæ ссæдз сомы бæласы цъуппыл нæ зайынц. Бацыт, рахæцут. Кæд рамбулат, уæд уын бафиддзысты!» - уæддæр-иу сæ фæхуыдта. Йæхи дзыппы ма- иу цы капеччытæ уыдис, уыдон дæр-иу сын бахæрын кодта. Æппынæдзух æй адæмыл тайын æмæ руайын фæндыдис. Ис- куы нæм мысинæгтæ традици куы суаиккой, Володяйы тыххæй мæм мысинæгтæ гæххæтмæ хæссыны амонд куы ’рхауид, уæд дзы цы бирæ æнæмæнг æрымысинаг хъуыддæгтæ æрлæууиккой мæ зæрдыл, уыдонæй мæ фæнды иуы кой ракæнын. Иуизæр, Ленины уынджы кæронмæ хæстæг, ме сххуырст хатæ- ны ногæргæвст хуыйы физонæггаг куы ныййафин. Зæгъын, чи ныл фæзæрдыйæ - куы афарстон, табу уæ фарнæн, фæлæ сылгой- маджы, уæд йæ дзуапп уыдис: «Де ’фсымæр æй æрбалæвæрдта. Хуы, дам, аргæвстон æмæ æз физонджытæ хæрон, ме ’фсымæр та стонг уа, зæгъгæ». Йæ уды конд ахæм уыд æмæ йæ исчи нæ, фæлæ йæхи бон дæр нæ уыдис аивын, тыхæй йæ куы бафæндыдаид, уæддæр. Нæдæр Соцъийы, нæдæр, фæстæдæр цæрынмæ кæдæм æр- лыгъдысты - Дменисы, нæдæр - Цхинвалы, Ирыстоны æмæ йæхи кад дæр никуы æруагътаид дæлæмæ. Йæ сæр цæхæры дæр фæтъыстаид, йе ’рмттæй сындзытæ фæтыдтаид, фæлæ йæ уды рæстдзинад йæхи пайдайыл никуы баивтаид. Раст лæгæй мæрд- ты бæсты уæрдоны сæмæн кæм аразынц, уым уæлæуыл цы хъуа- мæуа?! Уæлдайдæр, алы æнхъæлцау æмæ æнæсæр хистæр йæхи- цæн йæхицæй æвзæрдæр лæггадгæнджытæ фæагуры. Æвзæрæй æвзæрдæртæ та дæ уыйбæрц дæр куы хъæуид. Æмæ-иу æнæрцæф лæппуйы бирæ хатт йæ куыстæй рацæуыны сæр бахъуыд. Уæд- дæр’ йæхи дæлæмæ никуы æруагътаид. Йæ ныфс нæ амардтаид. Ирыстонæн бирæтæ æвзæртæ куыд афæлдисынц, цæмæннæ мæ хъахъхъæныс, зæгъгæ, афтæ никуы загътаид уый йæхицæй дæр,
Икъаты Владшшр Æвзæрст уацмыстæ 7 Ирыстонæй дæр. Алкæй, алцы бахъахъхъæнынмæ дæр йæхæдæг хъавыд. Поэт æмæ зонадон кусæг Дзуццаты Хадзы-Мурат йæ табæты уæлхъус зæрдæрисгæйæ уымæн дзырдта: «Искуы, зæгъгæ, адæ- мы социалон æмæ национ интерестæн бачынд фыдми, тыхми, уæд-иу йæхицæн бынат нал ардта, растын-иу кодта æндæрты дæр - рæстдзинад æмæ адæймаг уарзыны сæрвæлтау карзæй зæгъынмæ, хъæддыхæй архайынмæ. Ирон адæмæн нæ фаг кæн- дзæн Владимиры ирон ныхас, йæ фезмæлд. Адæмы хъæбул Вла- димир уарзта æппæт фæлтæрты дæр, фæлæ йын иууыл уарзон- дæр уыдысты сабитæ, рæдауæй сын хæлар кодта йæ курдиат, йæ зæрдæйы хъарм...». 80-æм азты кæрон нæ нæ фыдбоны сыхæгтæ фæцæгъдынмæ куы хъавыдысты, чи ма нæ аирвæзтаид, уыдон нæ фыдæлты уæз- гуытæй Ручъы тъунелыл «уырыссаг цъылынæй асæрфынмæ» куы хъавыдысты, нæхи бахъахъхъæныны, нæ туг-стæг, нæ Фы- дыбæстæ бавæрыны тыххæй æнæхъæн Хуссар Ирыстоны змæлд куы стыхджын, уæд Икъайы-фыртæн æхсæв æмæ бон уымæн нал уыдис. Фидарæй зыдта æмæ дзырдта: «Зын уромæн, зын бабых- сæн цы у? - Фыдыбæсты стыр маст» («Зын ныгæнæн, зын басæт- тæн цы у?»), æмæ йын Ирыстоны уынгæг бонты уыцы маст нал лæвæрдта æнцой. Бирæтау - сомбон мæм мацы æфхæрд æрхау- айы охыл рахъуыды-бахъуыдытæ нæ кодта, нæдæр æй йæ карз низ - астма фæтæрсын кодта, фæлæ, поэтæн куыд æмбæлы, афтæ фидарæй æрлæууыдис йæ адæмы фарс: Дæ фыдгулæн нæ ратдзынæн æз бар - Цæмæй дæ зæххыл барджынæй лæгæрда! Ыссæнда дын дæ хъугæмтты æвзар, Дæ сионты хуыздæрты дын æргæвда!.. Фæлтау - мæлæт, æнæрады мæлæт, Дæ фыдгултæй куыд ахонон сæдæйы!.. Нæ тохвæзы куыд разына мæ фæд, Куыд æрцæрон ирон лæджы зæрдæйы!.. («Мæ мæлæн бон»)
8 Ирон литературæйы антологи Æмæ уыдон сур ныхæстæ нæ уыдысты. Володя йæ Фыды- бæстæйы сæрыл тох кæнынмæ дæр æмæ мæлæтмæ дæр цæттæ уыдис. Йæ туджы уыд сæрибары сæрыл мæлæт равзарын. Йæ адæмы сæрыл цæрддзу кæй кодта, уый раджы фæбæрæг йе сфæл- дыстады. Æгæрыстæмæй, рæзгæ фæлтæры, уæлдайдæр, саби- тыл бынтон æнувыд кæй уыдис, æппæты фыццаг, куыд сабиты фыссæг, афтæ кæй бацыд ирон поэзимæ, уый дæр йæ зæрдæйы æгæрон уарзтæй цыдис. Сабитæн йæ фыццаг чиныг «Уалдзæг» рухс федта 1974-æм азы. Стæй сын уый фæстæ ноджы дæр балæвар кодта «Кæсаджы фын» (1977), «Булæмæргъы зарæг» (1982), «Хуры тынтæ» (1989) æмæ æндæртæ. Йæ алы ног чиныг дæр дзурæг у, поэт куыд домаг уыдис йæхи- цæй, цы зæрдæ дардта æмæ цы цæстæй каст сфæлдыстадон куы- стмæ, æппæт уыдæттыл. Æппынæдзух куыста йе сфæлдыстадон дæсныйадыл. Архайдта йæ поэтикон фæлтæрд æууæлтæ ирддæр æмæ арфдæр кæныныл æмæ уый йæ къухы æфтгæ дæр кодта. Уымæн ын æнтыст, сабитæн цин кæмæй хаста, ахæм аив уацмы- стæ фæлдисын. Уыдонæн та сæ равзаргæты иууыл дæр зыны йæ зæрдæйы хъарм. Йæ чиныг «Хуры тынтæ»-йы разныхасы æнæнхъæлæджы нæ загъ- та: «Хуры тынтæ! - уый сымах хонын афтæ, мæ чысыл хæлæрттæ, æмæ кæддæриддæр хуры тынтау рухс кæнут æмæ тавут уæ ный- йарджыты, уæ кæрæдзийы, уæ радтæг адæмы зæрдæтæ...». Уыцы зæрдæйы ахаст ын æнтыстис поэтиконæй æвдисын дæр: Уæ, мæ чысыл хуртæ, Рæзинаг хъæбултæ, Байрæзат, фæцæрат, Цинтæ нын фæхæссат. Чи уæ уарзы бирæ Аргъæуттæ, ыстихтæ, Уый мæнæн - мæ хæлар, Мæнæ йын мæ лæвар. («Мæ чысыл хуртсем»)
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 9 Володя сабитæн цы уацмыстæ сфæлдыста, уыдон сты психо- логон, ис сын хъомыладон нысаниуæг. Йæ алы чиныджы дæр-иу бацархайдта ног, алы кары сабитæн æм актуалон темæтæ бахæс- сыныл. Æмæ уый йæ къухы æфтгæ дæр кодта. Йæ уацмыстæ тынг бирæ дидактиконæй поэтикондæр уымæн сты. Скъолаты ахуыр- гæнæн программæты æнæнхъæлæджы не ’рцахстой аккаг бынат. Поэт архайдта, цæмæй нæ сабиты авдæнмæ дæр хъомыл кæнæм нæ Фыдыбæстæ уарзыныл. Уымæн æмæ тынг хорз зыдта, сабийæн йæ зæрдæйы цы тауинаг ныппарай, уый æнæмæнг ис- куы зæрдæзæгъгæ дыргъ кæй ратдзæнис. Мады дзыхæй æнахъом хъæбулмæ уый тыххæй дзуры йæ ахсджиаг фæдзæхст: Афынæй кæн, ацыцы кæн, О, нанайы хур, Бахъомыл у фыдызæххæн, О, мæ буц хъæбул. Сабийæн кæд йæ авдæн сабыргай узы урс уæрыкк æмæ йæ на- найы удвæрдыг у, адджын фынтæ йæ рæвдаудзысты «хъарм, фæл- мæн уаты», мæйы рухс ын «аба кæндзæн æхсæвы тары», уæддæр авторæй нæ рох кæны йæ сæйраг фæдзæхст - фыдызæхх уарзын. Æмæ йæ фæлхат кæны ногæй: О, мæ хъæбул, мæ удлæууæн, Адджын фын дæ хай. Бахъомыл у фыдызæххæн, Хорз фырт ын куыд уай. («Ало-лайы зарæг») Икъаты Владимиры ирон чиныгкæсæг фыццаг кæд сабиты поэтæй базыдта, уæддæр уæлæхох никуы уыд стыртæн поэти- кон уацмыстæ сфæлдисыныл дæр. Куыста зæрдæбынæй. Сыгъ- дæгзæрдæ æмæ æнæхин фæллойæн алы хатт дæр вæййы æнтыст. Зæрдæзæгъгæ уацмыстæ сын хæлар кодта. Рауагъта цалдæр по- этикон æмбырдгонды. Иууыл цымыдисондæр дзы уыд «Зæххы рис» (1997).
10 Ирон литературæйы антологи Поэты бон бацис йæ зæрдæйы цинтæ æмæ сагъæстæ равдисын æмæ йæхи зæрдæйы хуызты фæрцы ирон адæймаджы удыхъæд бирæ цæмæйдæрты рафæлгъауын. Уым фыдызæхмæ йæ уарзт нæ нымæг кæны. Разынд ноджы ирддæрæй, цымыдисондæрæй. Уымæн æмæ, - францаг фыссæг æмæ философ Жан-Жак Руссо цæйау загъта: «Язык ума будет услышан, если он проходит через сердце», - Володяйæн йæ Райгуырæн бæстæм йæ уарзт цыдис йæ зæрдæйæ. Зæрдæйæ чи цæуы, уый зæрдæйыл æмбæлы æмæ нæм Икъайы-фырты æмдзæвгæйы фæрцы, æгæрыстæмæй, Турчы зæххæй уымæн хъуысы нæ фыццаг профессионалон поэт Мам- сыраты Темырболаты уды хъынцъым: ’Нæ фыдызæхх нæй ингæн дæр, Уæд уæрм у, ныгæнæн. Не хъусы кæйдæр уды хъæр, Раст цыма фыдæнæн!.. Райгуырæн зæххыл ингæн та - ’Нусбонтæм цæрæнуат. Сау зындон æви дзæнæт уа - Сафдзæн дын дæ фæллад... Фест, мæ зæрдæ, маргъы мыггаг, Атæх уарзон Ирмæ, Уадз, мæ буар фестæд туркаг, - Ды æрцæр нæхимæ!.. Æмæ, уæдæ, тугæй, стæгæй ирон зæхмæ, Ирыстонмæ уарзты арты чи сыгъд, уыцы адæймаг, нæ Фыдыбæстæ нын куы истой нæ фыдбоны сыхæгтæ, - æниу, нын, нал уæм бырсæм та кæд за- гътой, - уæд йæ цард куыннæ хъуамæ хастаид йæ раттæг уæзæ- гæн нывондæн! Зындгонд ирон фыссæг æмæ ахуыргонд Джусой- ты Нафи афтæ уымæн зæгъы: «... мæ зæрдыл уæлдай тынгдæр лæууынц дæ адæймагдзинад, райгуырæн бæстæмæ дæ æгæрон уарзондзинад. Æз никуы ферох кæндзынæн, 1989 азы декабры звиадистон лæгмарджытæ нæ зæххыл цы фыдмитæ кодтой, уы-
Икъаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 11 дон тыххæй Мæскуымæ зæрдæрисгæйæ чи хъусын кодта, дæ уыцы фæдисы хъæлæс! Уый уыд уарзты раздæры хъæлæс, фæлæ йе ’мдзаг уыд, адæмы хъизæмæртты тыххæй зæрдæрысты æмæ уæгъдидон фыдгæнджытæм æнæуынондзинады хъæлæс. Уый уыд, знаджы нæмгуытæ æмæ снарядтæй райгуырæн артдзæст йæ зæрдæйæ æрæхгæнынмæ цæттæ чи уыд, ахæм Адæймаджы цæф хъæлæс. Уый нæ уыд цæстмæ ми æмæ патриотизмæй хъазт, æниу нæм ахæм дæсны адæймæгтæ дæр ис. Гъе, фæлæ уый уыд дæ зæрдæйы хæрзæгъдауы уавæр». Раст æй уыцы «зæрдæйы хæрзæгъдауы уавæр» дзурын æмæ фæлдисын кодта йæ фыдызæххы тыххæй аивадон уацмыстæ. Йе ’мбæстагон темæйыл фыст æмдзæвгæты хуыздæртæ, ахадæн- дæртæ уыцы тыхст, зын уавæрты уый тыххæй цыдысты йæ удæй. Æнæнхъæлæджы нæ дзырдта: «Æз агурын фыдæлты фарн мæ уды» («Æз агурын фыдæлты фарн мæ уды») æмæ йæ, куыд уынæм, афтæмæй аргæ дæр кодта. Журналист, ирон литературæйы хæлар Æлборты Хетæгуымæн дзырдта: «Сфæлдыстадон фæндагыл цæу- гæйæ, Икъайы-фырты къухы бафтыд дзæвгар æнтыстдзинæдтæ. Ирыстоны темæ ссис сæйрагдæр. Ирон лæджыхъæд, ирон зæххы ахадындзинад, ирон намыс æмæ бæрндзинад, ирон æвзаг, Иры истори, нацийы хъысмæт - сты Владимиры иугæндзон сагъæсты сæрæвæрæн». Уыдæттæ Володяйæн æрмæст йæхи уды æвæринæгтæ нæ уы- дысты, фæлæ сæ алы иронæн дæр нымадта æнæмæнгхъæуæгыл. Йæхи раст хъуыдымæ гæсгæ, æрмæстдæр уыцы ирон удлæууæнтæ, цæсты гагуыйау хъахъхъæнгæйæ, бауыдзæнис нæ бон нæ фыдæл- ты аккаг фæдонтæ суæвын æмæ нæ кæстæртæн раст цардвæндаг амонын. Володя уыд Ирыстоны æнувыд хъæбул æмæ йæ никуы дæр æмбæхсгæ кодта, никуы дæр хи пайдайы тыххæй Ирыстоныл иста йæ къух. Йæ хъуыды алы хатт дæр уыд хурæргом æмæ бæлвырд: Æз нæ дихтæ кæнын Иры - Иу Ирыстон уыд сæрæй. Цал нæмыджы уа æфсирыл, Уал æфсиры зæгъæн нæй.
12 Ирон литературæйы антологи Ир дæр иу æфсир у, иу бын, - Хуссар уа æви Цæгат. Ирæн - иу цин æмæ иу зын. Ирæн - иу къонайы арт. Ирæн Хуримæ ис барæн; Хурау дардыл пырх - йæ хъарм!.. Хуссар уа æви Цæгатæн - Иу уд, иу зæрдæйы фарн... Æмæ стæй кæронæй кæронмæ зæгъы йе ’нæрхъæц, рæстаг æмæ рæстдзинадуарзаг уды æнусон бæллиц: Иу куыд басгуыха нæ зарæг, Иу - нæ симды фæз, нæ цин. Иу - нæ удты мæт, нæ хъарæг, Иу - нæ тырыса, нæ дин. («Иу Ирыстон ис зæххыл») Уый йæ уды æцæг бæллиц уыди. Æххæст кæнинаг æмæ араз- инаг бæллиц. Æмæ йæм зæрдæбынæй, фæндвидарæй тырныдта, йæ уды фыдæлты фарн агургæ. Фæлæ йæ, хъыгагæн, нæ федта йæ удæгасæй, абон æй мах дæр нæ бирæ фыдбоны «патриотты» аххосæй куынæ-ма уынæм æмæ нæм æнæсæххæстгæнгæ куыд кæсы, афтæ. Æнæрцæугæ та йын нæй. Володямæ не срхауд йæ феныны амонд. Нæ йæ фæцис нæ фы- дызнæгтимæ æргомæй стох кæныны амонд дæр, æмæ йæм кæд никуы бæллыд, уæддæр фæсфæд ницæй тыххæй фæлæууыда- ид. Дзуццаты Хадзы-Мурат йæ амæлæты фæстæ зæрдæрисгæйæ афтæ уый тыххæй дзырдта: Ехх, цы зæгъон хъысмæтæн, - ницæмæй мæ фæци амонд, 1 Ницæмæй, æгæрыстæмæй мæлæтæй дæр, о, мæлæтæй!
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 13 Бæллыдтæн, стыр хорз ракæнон, басгуыхон Ирыстоны сæраппонд, - Æнцой нæ зыдтон æхсæвæй уа, бонæй йæ мæтæй. Æмæ кæд йæ мæтæй бабын дæн, уæддæр ахæм мæлæт нæ хастон мæ сæрмæ, - Ацыдтæн ингæнмæ æрхæндæг зæрдæйæ, мæ цæссыг тæдзгæйæ... Ехх, æмæ куы фæцардаин гуырдзыимæ хæсты цæхæрмæ Æмæ куы амардаин хæцгæйæ, хæцгæйæ! («Икъаты Владимиры эпитафи») Йе ’гъатыр низ ын фескъуыдта йæ рухс фæндтæ. Æлборты Хадзы-Умар дзы уымæн дзырдта: «Ирыстоны тыххæй кæддæрид- дæр уыдис счъилдысæй кусæг, архайæг, тохгæнæг. Æрæнцой нæ зыдта йæ зæрдæ. Зынгæ ирон поэтæн, æхсæнадон архайæгæн, курдиатджын журналистæн æмбисыл аскъуыдысты йæ бæл- лицтæ, йæ хорз хъуыддæгтæ... Володяйы хуызæн лæппуты сæр кæд Ирыстоны искуы хъуыдис, уæд тынгдæр абон, уымæ гæсгæ йæ æнафоны фесæфт махæн у уæлдай стырдæр зиан, зæрдæрисы хос...». Æмæ йыл абон дæр риссынц æмæ рисдзысты, æгæрыстæмæй, Володяйы лæгæй-лæгмæ чи нæ зыдтой, фæлæ, Ирыстоны æцæг хъæбулы уарзтæй чи уарзынц æмæ уарзой, уыцы адæмы зæрдæтæ. ХЪАЗИТЫ Мелитон
14 Ирон литературæйы антологи ИРЫСТОН - РАИГУЫРÆН КЪУЫМ МÆ ИРЫСТОН Æз дæу мæ зæд, мæ раттæг Хуыцау хонын, - Дæ зынгуарзт арф мæ зæрдæйы æвæрд... Фыртау дын æй куыд равдисон, нæ зонын, Уый равдисæд дæ сæрвæлтау мæлæт!..
Икъаты Владимыр. Æвзæрст уацмыстæ 15 ^^^^^щр^^^^^щ^щ^^^^^^^^^ МÆ КÆСÆГМÆ Фыццаг уарзтау, мæн иу бæллиц рæвдыдта: Нæртон поэт куы басгуыхин, дæттæй!.. Фæлæ поэт мæн иу лæг дæр нæ хуыдта, - Нæ уыдтæн буц мæ рагбонты фæндтæй!.. Уæддæр мæ ныфс нæ асасти кæронмæ, Мæ рухс бæллицтыл не систон мæ къух, - Нæ бакастæн æз «критиктæн» сæ коммæ, - Къуыттыйау удмид зарыдтæн æдзух... Мæ хорз кæсæг, ныр мæнæ сты дæ разы Мæ зарджытæ, рæсттæрхон сын - дæ бар!.. Кæд сæ ирон, цæрæццаг уд нæ хъазы, - Уæд-иу мын æй æфсымæрау ныббар!..
16 Ирои литературæйы антологи ФЫДЫБÆСТÆ Уарзын дæ, Фыдыбæстæ, - цæмæн? - Дзуапп ыссарын нæу мæ бон мæнæн. Ам ысхæссæм сабийæ мах рæз, Фæлæ æрдзæн ахæм у йæ хæс. Ам банкъарæм цин æмæ рæвдыд, Раттынц нын сæ буц мад æмæ фыд. Ам ыссарæм уарзты зынгæй хай, - Уый та нын ысхуын кæны чызгай... Ам ысдзурæм фыццаг зæлтæ мах, Царды размæ авæрæм нæ къах... Фæлæ уый дæр цас диссаг у, цас?! - Уый тыххæй йæ, ау, дæ удау уарз?! Уарзын дæ, Фыдыбæстæ, - цæмæн? - Дзуапп ыссарын нæу мæ бон мæнæн!.. Расыг дæн дæ уарзты ронгæй, зон, О, Фыдызæхх, ды - мæ цард, мæ бон!!!
Икьаты Владшшр. Æвзæрст уаг\мыстæ 17 Щ^яффф^^ НÆРАТТÆГЗÆХХ Нæ раттæг Зæхх! - цæмæн фæдзурæм афтæ? Нæ дарæг Зæхх! - цæмæн вæййы нæ дзырд? - Дзæбæх ма йыл ныхъхъуыды кæнæм хъавгæ, - Куы йыл цæрынц нæ мад æмæ нæ фыд!.. Нæ раттæг Зæхх! Цæмæн дæ кæнæм сомы? Нæ дарæг Зæхх! Цæмæн дæ хæрæм ард? Хъæбулау нæ дæ дынджыр фарн цы домы? Кæнæм дæ уæлæ снæмæтæй нæ цард?! Цæрой ма немæ ноджыдæр нæ хотæ, Нæ хъæбултæ, æфсымæртæ, æрвад?.. Æрвитæм иумæ хъæлдзæгæй нæ бонтæ, Нæхи фæндиаг аразæм нæ цард?! Нæ раттæг Зæхх! - цæмæн фæдзурæм афтæ? Нæ Хуыцау та, зæгъут-ма, уæд кæм и? Æви уый раджы бафиппайдтой нартæ, Æмæ Хуыцаумæ стигъ кодтой сæхи?! Йæ ныхмæ тохмæ рабастой сæ гæрзтæ Æмæ æрцыд сæ бынысæфт бынтон, Фæлæ ма баззад махыонг сæ хъæстæ Æмæ фæхонæм ныр нæхи нæртон. Нæ раттæг Зæхх! О, Стыр Хуыцау - дæхæдæг, Дæ мидæг ис Хуыцауы фарн æмбæхст. Мах - адæм та - дæ хъæбултæ, дæ зæнæг, Дæуæй ыстæм нæ Хуыцруау фæдоæхст,
18 Ирон литературæйы аитологи Нæ раттæг Зæхх! Мах сабитау рæдийæм, Ды - не ’ппæтæн нæ иу Хуыцау - нæ Мад. Мах сабитау нæ лæмæгъ зондæй чиуæм, Æмæ æххæст нæ фæхынцæм дæ кад. Нæ мадау дæ нæ хъæбысы нæ тухæм, Æнæмæтæй дæ хъысмæтмæ кæсæм, Дæ фыдгултæн нæй не ’вналæм сæ хурхмæ, - Нырыонг сын сæ фыдмитæ быхсæм! О, хорз адæм, сымахмæ у нæ ныхас, Кæдмæ кæнæм сæрхъæн митæ, кæдмæ? Ныццæгъдæм-ма фæдисы бон нæ хъуытаз, Æрцæуæм-ма, цæй иу фарны фæндмæ! Нæ Мад-Зæххæн нæ кады дугътæ уадзæм, Нæ Мад-Зæххæн Хуыцауы куывд кæнæм, Нæ Мад-Зæххæн зæрин талатæ садзæм, Нæ Мад-Зæххæн фæцæрайæ цæрæм! Хæстмондагæй йын чи судзы йæ буар, Йæ хæзнатæ йын чи кæны хъæстæ - Мыггагмæ сын нæй, мауал уæд дзырды бар, Фыдызæххæн сын мауал уæд бæстæ! Уадз бамбарæд, цы нысан кæны Мад-Зæхх! Цы æмбулынц йæ дон æмæ уæлдæф! Уадз, базонæд нæ Мад-Хуыцауы хорзæх, Кæнæ та сын - йæ фыдæх æмæ цæф! Нæ Мад-Зæххæн нæ кады дугътæ уадзæм, Нæ Мад-Зæххæн Хуыцауы куывд кæнæм, Нæ Мад-Зæххæн зæрин талатæ садзæм, Нæ Мад-Зæххæн фæцæрайæ цæрæм!
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 19 ^^^^^^^^^^Щ^^^^^^^Щ^^^ ИРЫСТОН - ДЫРГЪБÆЛАС Ирыстон бæлас у - дыргъбæлас, Йæ фырттæ - йæ къабузтæ - дардыл. Ирыстон уæд уыдзæн æнæлаз, Нæ удтæ куы хъарæм йæ цардыл. Ирыстон бæлас у, - нæ раттæг,- Æнæ зæнг йæ къабуз нæ цæры. Ирыстон нæ ныфс у, нæ дарæг, Нæ уарзт нын йæ риуы æвæры. Бæлас дæр йæ къабузты уарзы, - Æнæ къабуз хурмæ нæ рæзы. Йæ амонд йæ къабузты хъазы, Сæ цъуппытæй дардмæ фæлгæсы. Бæласæн тыллæг та цы къабуз Нæ хæсса - нæ вæййы цæринаг... Цы къабуз тыллæг хæсгæ бахус, Гъе, уый та - æнустæм фæзминаг!..
20 Ирои литературсейы аитологи ÆЗ ИРОН ЛÆДЖЫ БАЗОНЫН АЛКÆМ Æз ирон лæджы базонын алкæм, - Дард Цæгаты уа æви Карпатты, Мин лæгимæ йæ иу рæнхъы ракæн, Гъе, уæддæр æй мæ зæрдæ фæхаты. Хурæргом у цæсгомæй йæ бакаст, Зæрдæйы равгæн - цæстытæ айдæн, Уарзт, лæгдзинад сæ барджынæй бацард, Мисхал не свдисынц хин æмæ сайдæй... Уæд йæ фæхудт та - дидины худтау, - Маст, æнкъарддзинад зæрдæйæ суры, Цин, рæвдыды хос байтауы хуртуан, Фарны удыхъæд баивдзæн хуры... Гъе, куыд арæхсы фынгыл лæггадмæ, - Уазæджы фæзынд уымæн - бæрæгбон, Кусарт акæндзæн, дзурдзæн сыхагмæ, Зарæг самондзæн, - уый йын цæрæнбон. Уæд йæ фезмæлд та - сгасæй цæхæр арт, Тох зындзинады тасын нæ комы, Бахъуыды сахат фесты цæугæ уарт, Никуы басæтдзæн ардбахæрд, сомы... Иууыл диссаг та - дунеты уарзты, - Никæй бафæрсдзæн: «Чи дæ, цы наци?» - Уырыс, гуырдзыйы, сомих, абхазы... Уарзы снæ хинæй, йе сфсымæр - алчи!..
Икъаты Владтшр. Æвзæрст уацмыстæ 21 Фæлæ арæхстгай... зоны хæрам дæр, Ма йæ бахъыгдар - маст дæм хæсдзæни, Йемæ уый бæсты уарзонæй рацæр, - Тохы, царды дæм амонд кæсдзæни... Æз ирон лæг дæн, ирæтты зонын, Буц, сæрыстыр дæн се ’гъдау, сæ номæй, Се ’хсæн амондджын æз мæхи хонын, Зарын ирæттыл, зарын уæндонæй!..
22 Ирон литературæйы антологи чр<ртр$«^^ ИРЫСТОНЫ ФЫЙЙАУ ЛÆГÆЙ ФÆЦÆРОН Ирыстоны бынтон гæвзыкк куы уон, Æнæ хæдзар, æнæ дуар куы фестон, Уæддæр ын буцæй дзурдзынæн йæ ном, Уæддæр мæ царды иунæг Хур - Ирыстон. Ирыстоны бынтон гæвзыкк куы уон, Куынæ дзы уа мæ ингæнæн дæр фаг зæхх, Уæддæр йæ дзыхъхъы, уадз, æмæ цæрон, - Хуыцау, кæм дæ! - хуыздæр амонд мын ма зæгъ! Ирыстоны æнæныфс лæг куы уон, Æфсымæр, хо, æрвад мын дзы куынæ уа, Уæддæр мæ ныфс, мæ хъæздыгад - йæ ном, Йæ сæрвæлтау мæ мæлæт, уадз, æрцæуа! Ирыстоны æнæном лæг куы уон, - Уæддæр йæ номæй «номджын дæн» зæгъдзынæн, Йæ сæрвæлтау, уадз, басудзон бынтон, - Æртхутæгæй йæ сыджытмæ æфтдзынæн!.. Æндæр бæстæйыл æз паддзах куы суон, Куы уой мæ тых, мæ хæзнатæ æгæрон, Уæддæр æргом мæ рыгъд бæллиц зæгъон: Ирыстоны фыййау лæгæй фæцæрон!..
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 23 ^^^^^^^^^^^^Р^^Р^^^Р^^^ ФЫЦЦАГ - МÆ МАДÆЛОН ÆВЗАГ Ис дунетыл алгъуызон æвзæгтæ, - Номдзыд ’мæ æрдхæрæны хъæздыг. Зæрдæйæн - æхцон сæ дзырд, сæ зæлтæ, Æз лæууын сæ кады раз уырдыг!.. Фæлæ мын мæ зæрдæйæн æхцондæр Басгуыхти мæ мадæлон æвзаг. Æз куы хъусон абон æмæ сом дæр Уый адджын дзырд, уый нæртон зæлланг, Уæд уыдзынæн амондджын æнусты, Дзыллæты раз алхатт дæр - нымад. Никæмæ нæ кæндзынæн тæхуды, - Хъуысдзæнис мæ ингæнæй дæр зард!..
24 Ирон литературæйы антологи фффф^ КЪАХЕТТАГ ИРОН АДÆМЫ ФЫДÆЛТÆН Куы лыгъдыстут уæ райгуырæн хæхтæй, Кæугæ-ниугæ уæ къуылдымтæ куы уагътат: «Æвадат - хох, мæгуыр ыстæм зæххæй, Бæстæагур фæфардæг уæм!» - куы загътат, Ыстыр сагьæс æфхæрдта уæд сымах, - Фыды уæзæгæй хи тонын зын уыди, Нæ уæ хаста лыгъды, балцы уæ къах, Уæ къобор гал, нæй, æфсондзмæ нæ цыди... Фæлæ быдыр, алæмæты быдыр Хъуыди ыссарын - домдтой уавæр, фидæн... ’Мæ бакодтат уæд Къахеты «гуыдыр», - Сæ хъул фæсах хъысмæтæй æфхæрд Ирæн. Мыггаджы хистæр систа уæд сыкъа, Ныффæлгæсыд нæ кæмттæ ’мæ нæ хæхтыл, Цæссыгæмбæхст, æрхæндæгæй куывта - Дзуары лæгау ахæцыд йæ тæрттыл: «Йæ ахстон, дам, у маргъæн дæр зынаргь, Уæнгсаст сырд дæр йæ лæгæтмæ фæтындзы, Æндæр бæстæйыл лæг куы суа паддзах, Уæддæр йæ дон, йæ фыдызæхх фæмысы... Æмæ нын цард цæмæй æхцондæр уа, Нæ ног бæстыл ирон дзырды зæл хъуыса, Фыдыбæстæ нæ ныхасы цæра, Йæ фæдон дзы сæрыстыр æмæ буц уа,
Икьаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 25 Гъе, уый тыххæй, кæдæмфæнды цæуæм, Уæддæр йæ уарзтæн никуы ис ныууадзæн, Йæ фæлгонц ын нæ зæрдæты хæссæм, Йæ номыл ын зæрин талатæ садзæм...». Нæртон хæзна, - уæ мадæлон дзырдтæ, - Фыдыбæстæм æгъуыстаг уарзты ’вдисæн - Уæ хъæуты нæмттæ ахастат цыртæн Уæ ног бæстæн, уæ ног саразгæ Ирæн...
26 Ирон литературæйы антологи щтттщщщщщ^ ХÆЛАРДЗИНАДЫ ОРДЕНДЖЫН ИРЫСТОН Ирыстоны адсемты Хæлардзинады Орденæй схорзæхджын кæныны цытсен Мæ Ирыстон, дæ дард ивгъуыд - уæззау, Дæ истори - кард, уартæй гæрст фæндæгтæ... Нæ састæ тохы Прометей-лæгау, - Зæхх, Хурæмдых дæ хъару уыд, дæ зæрдæ... Кæм-иу уыдис мæлæты тас дæуæн, Гъе, уым дæр-иу, сæрджын сагау, лæууыдтæ... Дæ уд, дæ цард лæвæрдтай ды рæстæн, Нæртон гуырдау уæлахизмæ фæцыдтæ... Ныр - амондджын, тæхудиаг дæ бон, - Ыстыр Цæдисы дидинæг æфтауыс, Дзыллæты æхсæн айхъуыстис дæ ном, Æфсымæр, хойау, алкæй дæр рæвдауыс. Хæлардзинад - дæ уæлахизты фарн, Дæ быдыртæ, дæ хæхты цард - æрдхæрæн... Дæ риуы ис лæгуарзон зæрдæ, хъарм, - Æппæт адæмтæн уарзты хос æвæрæн!.. Дæ хæрзтæн - кад, ыстыр хорзæх - лæвар! Дæ риуæй, уадз, æнус-æнус æрттива, Хæлардзинады фарнимæ йыл зар, Дзыллæтимæ дæм рухс амондмæ сида!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 27 ^^^^^^^^^рр^^^^^^^^^^^^^ ХАТЫР Раттæг хæхтæн загътон æз хæрзбон, - Рухс горæтыл баивтон мæ цæрæн. Фæлæ нæу сæ рох кæнын мæ бон, - Нæй сæ уарзтæн асфальты ныгæнæн. Ам райгуырдтæн, ам ысхастон рæз, - Хæхтæ мын сæ хъæбулы ном радтой, Ам уыдис мæ авдæнузæн къæс, Ам мæ номыл гаджидаутæ уагътой: «Басгуыхæд дзыллæты фарнæн лæг, Хъæубæсты дзуг сой сæрвæтты хизæд!... Зиугуысты йæ февнæлд уæд бæрæг, Тохы бон дзы йе знæгтæ-иу ризæнт... Рацæуæд лæгау-лæгты рæгъы, Басгуыхæд нын зарæджы хъæргæнæг, Хор нын тауæд ногфæлдæхт мæры, Зад фæтæнты ма хæлæд йæ цæвæг... Хæхты уарзтæй ма зонæд фæллад, Мады ’хсыр ын - сё ’хсæрдзæнты урс фынк, Бахъуыды бон - раттæд сын йæ цард, Хæхты номæй макуы райсæд мур хъыг...». Ахæм уыдис гаджидауты сидт, - Фарны ’гъдауæн баззадис нæ хæхты, - Ноггуырд кæд сæ фæндиаг цæрид Æмæ ’ййафид адæмы хуыздæрты.
28 Ирон литературæйы антологи Фæлæ мæ цæй лæг рацыд, цæй лæг?! - Удæнцойæн горæтмæ фæлыгътæн, Сау асфальтыл нал разынд мæ фæд, - сНæ цæхæр, къуырма зныхау, фæсыгътæн... Ницы бацис басгуыхын мæ бон, - Хъал сæнттæ мæ горæты фæсайдтой... Хæхтæн ма куыд дзурон ныр сæ ном?!- Уыдон мæ хуыздæр лæгæн куы радтой... Фæлæ сайд мæ иунæг аххос нæу, - Хæхтæй лидзын цард хаста, æмбарут! Цардимæ кæй бон у, кæ, быцæу?! - Æмæ мын мæ сонт рæдыд ныббарут...
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 29 Щ^^^^^^Щ^^^^^^^^^^^^^^^ ХÆХТЫ САГЪÆС... Мæн куы бафæрсы исчи: «Кæцон дæ?» - Уæд фæтыхсын: дзуаппæн цы зæгъон? - Æз мæ равзæрдæй хохаг ирон дæн, Фæлæ хæхтæ ныууагътон - цы кæнон! Иунæг лидзæг сæ, нæ, æз нæ уыдтæн: Уæд ивылдыстæм хæхтæй æмхуызон... Ахуыр, цардвæдыл горæтмæ ’рцыдтæн, - Нал банызтон нæ хохаг рæсуг дон. Афтæмæй та мæ зæрдæ ис хæхты, Уым мын алцы дæр, мадау, зынаргъ у. Мæн мæ адджын фын уырдæм фæхæссы, Хæхты сагъæс мæ зæрдæйæн уаргъ у. Ныр мæ раттæг хъæу баззадис сидзæр, Бацис иууылдæр ’гасæй хæдзаруат, - Нал дзы райхъуысы зарæг-фæндырзæл - Атахт быдырмæ, горæтмæ атахт...
30 Ирон литературæйы антодоги ÆДЗÆРÆГ ИРОН ХЪÆУ 1961 азы ссерды цалдсер сембалимсе хсехтыл къахсей ахызты- стсем Цсегат Ирыстонмсе. Фсендагыл бирсе рсетты федтам федзсерсеггонд ирон хъсеуты бынæттсе. Фыййсеуттсе нын куыд радзырдтой, афтсемсей ссе цсерджытсе XIX сенусы сембисы хуы- здсер цардсенхъсел алыгъдысты Туркмсе Къуындыхаты Мусссейы ардыдсей. Дзæгъæлзад уæзгуытæ... Дзæгъæлзад уæлмæрдтæ... Æмырæй дзыназынц, хъæрзынц... Фыдæлтыккон мæсыг, Фыдæлтыккон аргъуан Фырмæстæй ыскъуыдтæ кæнынц... Хæдзаруат ирон хъæу, Ыстæгдарау, - гомгæрцц, Йæ къона - æдзæрæг, зынгхуыст... Йæ бындартæ сайдæй Фæлыгъдысты Туркмæ, Сæ заман - Хуыцауæй æлгъыст!.. Хъысмæты фæндагыл Фæхастой ма семæ Хæзнайæн - сæ ирон æвзаг, Сæ ирон æгъдæуттæ, Сæ нæртон ирон «Симд», Сæ «Хонгæ», - зæрдæйы хæрзуаг!.. Сæ хъарæг, сæ зарæг, Сæ хæхты сагъæстæ, - Фæстаг ныфс - сæ удтæн æвæрд...
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 31 Æцæгæлон бæстыл, Кæйдæр адæмы ’хсæн, Уадз, семæ сæ удтау цæрæнт!.. Куы уыдис фыддæр дуг, - Куы нæм бырстой гуннтæ, Арабтæ, уæд монголтæ, зæгъ, - Ирон лæг нæ лыгъдис, Ирон лæг нæ тарстис, - Нæ уагъта йæ дон ’мæ йæ зæхх!.. Фæлæ сæ Къуындухон Хæрзæнхъæл фæсайдта, Фæци нын æлгъыстаг - йæ ном! Йæ уæзæг сæ алчи Дзæгъæлæй ныууагъта, Дзыназгæ йын загъта «Хæрзбон!..» Бæрæг ма ныр дарынц Сæ пырхæнты фæдтæ - Ам раджы нæртон адæм цард!.. Фос дардтой, зæхх састой, Хуыцауы ном ардтой, Нæ тасыд фыдтохты сæ кард!.. Зынынц ма бæрæгæй: Сæ хъазæн фæз-мусуат, Сæ ирон Ныхасы бынат... Сæ хъугæмттæм бакæс: Цæндауæдзтæй - дихтæ, Сæ кæрæтты хъил дуртæ - сагъд. Сæ суадон - фалдæр, Къæдз-мæдзы - йæ фæндаг, - Ирон чызджы къахуырзтæй - над.
32 Ирои литературæйы антологи Сæ дзуары бæлас - Сæ кувæндон - рындзыл, Ам хордта ирон намыс ард... Ныр дзуры ирон хъæу Йæ сагъæстæ дардыл, - Сæ мысын, сæ радзурын - зын!.. Кæй зонд сæ æрцахсдзæн, Кæй къух сæ ныффысдзæн, Æз уымæн йæ гуырдмæ бæллын!.. ФÆДЗÆХСТ Æз чи дæн, чи! Ирыстон мын куынæ уа?! Мæ Ирыстон - мæ уды иу лæууæн!.. Мæ мæлæт кæд æндæр зæххыл æрцæуа, - Фæдзæхсын дын, мæ хорз кæстæр, дæуæн: Бæх фæлдисын, ыстыр цырт дæ нæ домын, Нæдæр мæ номыл карз арахъхъæй рæгъ... Фæлæ мæ цард, мæ рухс бонтæ кæм тонын, Ысбар-иу уым мæ ингæны фаг зæхх!..
«Æз ирон лæджы базонын алкæм» Нывгæнæг Джуссойты Инал
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 33 црффДО^^ ИРЫСТОНЫ ЗÆРДÆ Ирыстон, дæ зæрдæ куыд арф у, куыд æмбæхст, - Цæуын æм, фæлæ йæм нæ арын фæндаг. Дæ номыл, дæ кадыл мæ зарæг - уæнгæргъæвст, - Мæ сагъæс - дæ кадæн нæ комы аккаг!.. Ирыстон, дæ зæрдæ куыд уаз у, куыд сыгъдæг! - Мæ уды нæ арын æз уый æмсæр уарзт. Нæ фæдæн Къостайау дæуæн æз нæртон лæг, - Нæ хъуысы дæ риумæ мæ фæндыры хъазт!.. Ирыстон, дæ зæрдæ - æнкъараг, æнæхин, Фæлывд фæндæгтыл æм ныххизæнтæ нæй, Фæнды мæ, хъæбулау, йæ къуымы куы цæрин, Фæлæ дын цæй фырт и, цæй салдат мæнæй!.. Дæ сæрыл мæлæтмæ нæ цæуын фæдисæй, Нæ хизын дæ дзугтæ сæумæйæ лæвар. Нæ кæрзын, хъæбулау, дæ мастæй, дæ рисæй, Нæ мын ис дæ номыл мæ кувæн дзуар. Ирыстон, дæ зæрдæ - зæххы къори ’гасæй, Дæ уарзт дзы æхсиды цæджджинагау раст. Нæ йын тарстæ никуы фæуынæй, фæлхасæй, Хæлæрттыл, дзыллæтыл - парахатæй уæрст... Ирыстон, дæ зæрдæ болат у, цæрдвæраз, Æнусты дæргъы дæр æййафы рæхуыст!.. Уæддæр дын нæ фæхъæн, уæддæр дын - æнæлаз. Зындоны арты дын фæлтæрдта, æхсыст!..
34 Ирон литературæйы аитологи Лæгдзинад - йæ бæллиц, сæрибар - йæ зарæг, Мæлæтмæ дæр худгæ, сæрбæрзондæй каст!.. Кæм ыскъуыд йæ мыггаг, кæм сæфтис йæ дарæг, Гъе, уым дæр нæ уагъта йæ зарæг, йæ хъазт!.. Ирыстон - лæгыстон, хъысмæтæй - æвдудон, - Дæ сæрыл фæзылди историйы цалх... Дæ тугæй нæ сау зæхх кæм нæ дары хъулон! - Фæлæ дыл дæ фыдгул, нæй, не ’ркъуырдта къах!.. Ирыстон, дæ зæрдæ уæлвонг у, - дæ армы, - Æнæвгъау ын тауыс дунетыл йæ уарзт, - Æдыхы, мæгуыры уæлдай буц рæвдауы, Нæ Уастырджыйæн дæр - хуыздæйрагæн барст!..
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 35 щппптптптт^ ИУ ИРЫСТОН ИС ЗÆХХЫЛ Æз нæ дихтæ кæнын Иры, - Иу Ирыстон уыд сæрæй. Цал нæмыджы уа æфсирыл, - Уал æфсиры зæгъæн нæй. Ир дæр иу æфсир у, иу бын, - Хуссар уа æви Цæгат. Ирæн - иу цин æмæ иу зын. Ирæн - иу къонайы арт. Ирæн Хуримæ ис барæн, - Хурау дардыл пырх - йæ хъарм!.. Хуссар уа æви Цæгатæн - Иу уд, иу зæрдæйы фарн... Ирæй - Къахеты дæр, Турчы, Сирийы, Уырысы, зæгъ... Ир кæм нæ цæрынц нæ дуджы, - Ирæн а-дуне - уæрæх!.. Ирæн алчидæр æфсымæр, Ирæн алчидæр - хæлар, - Уæд æрмæстдæр уый ныфсы лæг, Царды немæ та - æмбар. Фæлæ Ир мыггагæй иу у, Иу Ирыстон ис Зæххыл. Иры дихтæгæнæг чи у, Уый нæ нымайын лæгыл!..
36 Ирон литературæйы антологи Ирæн иу кувæндон, иу зæд, - Фестæд Хетæджы дзуар. Уый нæ фыдбылызæй хизæд, Знаг нæм макуы дарæд бар!.. Тауæд Иры цотыл хорзæх, Дидинтæ куыд тауы май... Дих нæ кæд ныккодта сау зæхх, - Уарзт нын иудзинадæн - хай. Иу куыд басгуыха нæ зарæг, Иу - нæ симды фæз, нæ цин. Иу - нæ удты мæт, нæ хъарæг, Иу - нæ тырыса, нæ дин!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 37 «^РГ^^ ФЫДЫБÆСТÆ Фыдыбæстæ, цæмæн зынаргъ дæ уагæр? Дæ уæзгуыты цавæр фарн и æмбæхст? Дæттæй, дæ риуыл ахæм цардæй рацæр, Æмæ йæ бамбар, базон æй æххæст! Фыдыбæстæ, нæ удлæууæн бынат дæ, Ам сулæфæм фыццаг уæлдæфы цъыртт... Фыдыбæстæ, нæ фыд æмæ нæ мад дæ, Дæуæй зонæм ныййарæджы рæвдыд. Фыдыбæстæ, нæ хур æмæ нæ арв дæ, - Нæ удты хъарм, нæ дыууæ цæсты рухс. Нæ ард хæрæн, нæ табуйаг дзуар дæ, - Нæ сой æмæ нæ адджын мыды къус! Фыдыбæстæ - нæ уромæг, нæ дарæг, Дæ хорзæхтæ - нæ лæгдзинад, нæ уарзт... Дæ лæвæрттæ - нæ цин æмæ нæ зарæг, Ды - зæрдæйæн йæ сæууон хурыскаст. Фыдыбæстæ, ды не ’взаг дæ, нæ намыс, Дæ фарнæй мах - дæ хъæбултæ - фæрнджын. Дæ зæрдæ нын дæ армы дзыхъхъы дарыс, Дæ фарнæй мах - цæрдхъом æмæ ныфсджын. Фыдыбæстæ, цæуыл дæ барæм царды? - Дæ цуры мæйтæ, хуртæ дæр - æгъуыз. Бæрзонддæр мах, о, февæрæм Хуыцауы, Фæлæ ды та нæ зæрдæты цæрыс!..
38 Ирон литературæйы антологи Фыдыбæстæ, нæ удлæууæн, нæ дарæг, - Нæ дзæнæты, нæ зындоны бынат. Фыдыбæстæ, нæ зарæг дæ, нæ хъарæг, Æнæ дæу - сайд, æнæмидис нæ цард!.. ИРЫСТОН, УЫЙ - ДÆ НÆРТОН УДЫ УАРЗТ Цы тыхæй дæн Кавказы хæхтæм баст, Цы мæ ’лвасы йæ хъæбысмæ, йæ риумæ?! - Ирыстон, уый - дæ нæртон уды уарзт, Ды мæ ’лвасыс, мæ ныййарæг, дæхимæ!..
Икъаты Владимир Æвзæрст уацмыстæ 39 ЦфффДО^^ УАЙДЗÆФ ИРЫСТОНÆН Ныммæл мын, Ирыстон, ныммæл мын фæсмонæй, - Дæ тохы хъæбулты куы кæнай ды уæй!!! - Дæ фыдгул сæ мары, æргæвды дæ номæй, Ныр ма сыл фæриссын куыд домæм, кæмæй?! Ды схæссыс дæ риуыл уæйгæнæг фыдлæгты, Æрцæуæг хæддзуйæ кæныс ды æлдар!.. Ды уадзыс æфхæрын дæ удгæсты, мæрдты, - Дæхи аххосæгтæ - дæ додой, дæ сар!.. Ныммæл мын, Ирыстон, ныммæл мын фæсмонæй, - Дæ хуызæн хъæбулсаф нæма фенд зæххыл! Æрвитынц дæ зæнæг сæ иу цард фыдбонæй, - Зын сахат сæ зæрдæ нæ дарынц дæуыл! Кæйдæр уæзгуытыл дын лæгиугай ныйисты, Ныууагътой сæ бæстæ, ныууагътой сæ дон. Кæмфæнды ысгуыхынц - зын тохы уа, куысты, Тырысайау дарынц лæджы сыгъдæг ном!.. Фæлæ сæ дæхæдæг æгадæй фæтоныс, Узæлд дæ нæ зонынц, рæвдауæн ныхас. Дæхи сын ныййарæг цы цæсгомæй хоныс, - Кæд не сты дæ зæрдæ, дæ зæхмæ æввахс?! Зæгъ-ма мын, Ирыстон, дæ уæйгæнæг чи уыд, Куы сыгътæ ды дыууынæм азты зынгæй? Лæгмар меныневиктæн сæ разæй-иу чи цыд Дæ кæмттæм, дæ хæхтæм? Зæгъ, чи сты, кæмæй?
40 Ирои литературæйы аитологи Гъе, æртынæм азты нымудзджытæ чи уыд? «Троцкисттæ», «ызнæгтæ» кæй хуыдтой, цæмæн? Сæ фæдыл мæнгардæй, нымудзæгæй чи зылд? Ау, ницы хæстæг дын уыдысты дæуæн? Дæ хуыздæр фыртты дын куы надтой, куы мардтой, Кæй къух сæм æххæссыд, кæй хахуыр æвзаг? Дæ ныфсы бындур дын куы къахтой, куы хæлдтой, Æнхъзелыс фыдгæнæг уыд иунæг ызнаг?! Дæхи хаст къæбыстæ, дæ хъæстæ уыдысты, Дæхи фыдæй кодтай зынджы хай, гæндон! - Сæ мыггаг, сæ номæй ирæттæ хуындысты, - Кæн сын ныр дæхæдæг дæ рæстаг тæрхон!.. Æркæс-ма дæ цардмæ: цы митæ фæкодтай? - Кæм хъуыдис, кæм нæ хъуыд, уым калдтай дæ туг! Ды афтæмæй цъусгай дæ хъæбулты хордтай, Зон, уымæй цæудзæни дæ бынсæфты дуг!.. Ныссæфтай, ныууагътай дæ дардыл зæххытæ, Дунайтæ, зæгъ, Донтæ дыл комдзог цæуынц!.. Ныр абон кæмæндæр - сæ «уазæг» дæ фырттæ, - Фыдæфхæрдæн сын æй фыдуайдзæф кæнынц!.. Æцæгæй та уазæг мах никæмæн не стæм: Ирон лæг йæ уæлæ кæд ма уагъта хæс?! - Лæггадмæ, æххуысмæ мах фыццаг цыдыстæм, Цæуæм, смæ цæудзыстæм, куы бахъæуа - кæс!.. Мах царды нæ фæндаг нæ риутæй ысгæрстам, Æндæрты сæрыл дæр фæкалдтам нæ туг... Нæ бирæ фæллæйттæ лæвæрдтам, фæуæрстам, - О, адæм, æрмæст, зæгъ, фæрнджынæй цæрут!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 41 Ныммæл мын, Ирыстон, ныммæл мын фæсмонæй, - Кæд ноджыдæр афтæ нæ базонай зонд! Кæд ноджыдæр уадзай фæкайын дæ номæй, Кæд дарддæр быхсдзынæ фыдæфхæрд, фыддомд!.. Нæ дзыхы фæмæлы нæ ирон æвзаг дæр, Кæйдæр æвзæгтыл æй ды ивыс куырмæй! Нæ бакæндзæн афтæ цыфыддæр ызнаг дæр, - Нæ бауæнддзæн афтæ Хуыцауы рæстæй. Фæлæ йын фыдтæрхон дæхæдæг нывæндыс, Нæ ирон æвзаг, зæгъ, кæй хъæуы, кæдæм?! Ды уымæй дæхи сæр æргæвдыс, ныгæныс, - Ау, нал ис нæ Иры иронæй цæрæн?! Хуыздæр уæд - нæ мæлæт, цы ма дзурæм дардыл: Скифтæ, алантæ кæй æндавынц уæд! Æрцæуæм, фæкæуæм нæ бынсæфт, нæ цаудыл, Æгады бæсты нын цытимæ - мæлæт!.. Æрхуд-ма, Ирыстон, æрхуд-ма дæхиуыл, Дæхи уд æргæвдын, рæдийын дын - фаг! Ныр батыхс дæ цотыл, сæ фидæн, сæ циныл, Дæтгæ та сын ракæн сæ ирон мыггаг! Кæйдæр мыггæгтыл сæ куыд фыссыс, куыд хоныс?! Цæй «швили», цæй «дзе»-тæ, цæй «ов» æмæ «ев»?! Æви ды нæ хатыс, æви ды нæ зоныс: Кæй кæныс сæ кадæн ды уымæй фыдцæф!.. Зæгъ-ма мын, Ирыстон, дæ фырттæ хъæрмудæй Цæмæннæ аразынц сæ иумæйаг цард? Кæд иу ысты рагæй ыстæг æмæ тугæй, Уæд уд æмæ зондæй цæмæн ысты дард?!
42 Ирон литературæйы антологи «Чысайнаг», «къуыдайраг» - цæмæн кæнæм фидис? Дыгурон лæгмæ та цæмæн хæссæм фау?! - Æфтауынц мæ удыл фæсмоны ыстыр дис: Кæмæй у, кæцæй у сæ фыдæхы тау?! Æппæт дæр дæуæй у, æппæт дæр дæ - аххос, - Дæ хъæбулты хъысмæт дæхиуыл у баст!.. Ды - иунæг сæ раттæг, сæ хицау, сæ сæрбос, - Дæумæ у нæ ныхас, дæумæ у нæ хъаст!.. Цы фесты дæ «хъоды», «куыдзæппарæн къæдзæх», - Фыдлæгтæн цыкарздæр, цырастдæр тæрхон?! Нæ уыдысты раздæр, гъе, уый тыххæй арæх, Нæ архайдтой абонау афтæ уæндон. Хæрам лæг фыдхин у, æмбæхсы йæ фæдтæ, Уæйгæнæг, нымудзæг нæ цæуы æргом. Рæстдзинады фарн та нæ дæтты йæ гæрзтæ, Фæхæссы кæддæрид йæ рæстаг тæрхон!.. О, рахæсс, Ирыстон, дæ тæрхон фыдлæгтæн: Уæйгæнæг, нымудзæгæн - хъоды, мæлæт!.. Уый хосау уыдзæнис дæ судзгæ хъæдгæмттæн, Фæрог дын кæндзæнис дæ цоты хъысмæт!.. Ныммæл мын, Ирыстон, ныммæл мын фæсмонæй, - Дæ уарзон хъæбулты куы кæнай ды уæй!.. Куынæ-иу сæ хизай фыдгул æмæ сонæй, - Дæхи азарæй дын æнæ сæфгæ нæй!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 43 ТУРКАГ ИРÆТТÆМ «Стамбулы цы ирæттсе (кавказæгтæ) цсеры, уыдон афседз иу хатт иумæ æрæмбырд всеййынц семсе куывд саразынц, фселсе сын уым дсер ссехи æвзагыл азарыны бар нсей. Зар туркагау. Æмсе хат- тсей-хатт зарынмсе ацсеуынц хъседмсе». «Рæстдзинад», 3 апрель 1963. Судзгæ зарæг талынг хъæдæй хъуысы, Сырдтæн дæр æм баризы сæ зæрдæ... Алчи сæ йæ хъарм хуыссæнæй сысты Æмæ, ниугæ, ахъуызы фæсвæдмæ... Чи сæнамонд, сайд кæуыл æрцыди? Чи фæци йæ хъысмæтæй фыдæнхъæл? ’Васт кæй бындур а-зæххыл ныззылди? Ау, кæй зæрдæ сагъæстæй ныддæнгæл?! Уый, чызгай, йæ сонт рæдыд нæ мысы, Туркагæн нæ амарди йæ хъæбул, - Уыдоны æрхæндæг зард нæ хъуысы, - Ирæттæ сты, ды, Муссæ, - сæ фыдгул!.. Асайдтай сæ цардагур дæ фæдыл, 'Цæгæлæттæн разындтæ æлхæд лæг. Нал ауæрстай се ’взаг мæ сæ фæткыл, Дзæгъæл ран сыл чи уыди фæхæцæг?! Дард - Ирыстон, фæндаг æм æхгæд у, Турчы ’гъдау сæ, архъанау, ныббаста... Се стыр сайд сын бафхæрдæн æгъгъæд у, Дæ фыдызнаг æндæр бæстæмæ хаст уа...
44 Ирон литературæйы антологи Æмæ, мæнæ, тар хъæды сæ фæсмон Судзгæ зарæг, маройæ нывæндынц... Чи сын у кавказаг ’мæ æмзæххон, - Алкæуыл æрмттæтыгъдæй æмбæлынц... «Ех, Ирыстон, ’нæ дæу ма куыд цæрон!» - Алкæмæн сæ райхъуысы йæ хæкъуырцц... Ам фæмысынц се ’гъдау мæ сæ кæнон, Ам, иронау, Ирæй ард фæхæрынц!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 45 ^^^^^^^^Щ^^^^^^^^^^^^Щ^^ СÆРДНÆХÆХТЫ Хур ыскасти, Дуне райхъал, - Цард æхсиды, цард... Дардыл зæлы, Нал æнцайы Мæргъты цины зард... Акæс хæхтæм, Акæс фæзтæм, - Мин хуызæй - фæлыст. Сæрды цинтæ, Сæрды хуызтæ Чи фæуыдзæн фыст!.. Дидинджытæ - Мингай хуызтæ, - Хъарынц тæф - æхцон.. Мыдыбындзыл Мыд хæссынæй Аивгъуыйы бон... Хъал хосдзæуттæ Даргъ фæтæнты Дасынц кæрдæг - зад... Ерыс куысты Хиды ’ртæхтæй Гуырынц амонд, цард... Фыййау зары - Уадындзхъæлæс, Бахъырны йын хох...
46 Ирон литературæйы антологи Бахъырнынц ын Сагджын кæмттæ, Урс бæрзыты къох... Сæгуыт хизы Дагъы рæбын, Сычъитæ - уæлдæр... Арс ныфсæсти Сæнк хæрынæй Арф комы кæмдæр... Дардмæ схъиуы Урс æхсæрдзæн Айнæджы сæрæй... Ныгъуыли цъиу Арвы цъæхы Базары хъæрæй... Сæрды рæвдыд, Сæрды цинтæн Иры нæй кæрон!... Базарæм сыл Уаз хъæлæстæй, Базарæм, мæ бон!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстсе 47 к^РЧР^^ МÆ ИРЫСТОН I. Мæ Ирыстон, чысыл мын дæ зæххыл, Фæлæ мæ удæн уыйбæрц та - зынаргъдæр! Ды мин хатты æфтыд уыдтæ мæрдтыл, Дæ сæрмæ-иу нытталынги цъæх арв дæр!.. Зын хъысмæт дæр тыхджынæн у нывгонд, Куы цæвы арв, уæд бæрзæндты фæцæвы! Мæ уд дæр дын, гъе уый тыххæй - нывонд, Дæ риуы ма дæ сахъ зæрдæ кæй тæлфы!.. Нæ уыдтæ, зонын, а-зæххыл чысыл - Ыскифтæ смæ аланты ном куы хастай!.. Кæфтæй-кæсæгмæ д’ арæнтæ - зæххыл, - Историйы дæ кадвæдтæ ныууагътай!.. Мæ зонд æмæ мæ зæрдæйæн - бæлвырд: Аллон æмæ биллоны тæф цы давы!.. Хæссы, æвæры уыцы фарн дæ фырт, - Æнусты сæрты рухс хурау æндавы!.. Фæлæ, уæууай, тæбæгъы донау - цард! - Куы нæ рæвдауы, гъе куы та - æвзоны!.. Цы ратты амонд - аскъæфы йæ хатт, - Хъысмæт, æрвдзæфау, карз æфхæрын зоны!!! Мæ Ирыстон, уæддæр мын ды - нæртон, Чысылæй дæр - æхсарджын æмæ кадджын!.. Мæ фыны дæр мæ былалгъыл - дæ ном, Дæ дон дæр мын, мæ мады ’хсырау - адджын!..
48 Ирон литературæйы антологи Дæттæй, дæ уарзтыл ахæм зард ныккæн - Ирыстонæй куыд айхъуыса дунетæм, Дæ кад, дæ номæн ахæм цырт ыскæн, - Зæххыл æмбал куыд никуы уа йæ фендæн!.. II. Мæ Ирыстон, куыд рагон дæ, куыд ’рыгон - Куырыхон æмæ тохвæллад хæстон. Скифон дæ, сарматон ’мæ аланон, Нæ кадджыты фырбуцæн та - нæртон... Хæссын мæ цæст дæ дард ивгъуыд, дæ цардыл, Лæгæн фырдисæй разилы йæ сæр, - Ныззылдысты дæ тохвæндæгтæ дардыл, Æнусты тар сæ бамбæрзы кæмдæр... Цы ’рцыд æмæ цы нæ ’рцыди дунейыл - Дæ уд сæ иууыл бавзæрста хъæрзгæ... Фæдис кæнын дæ рын æмæ дæ соныл, - Куыд удфидарæй баззадтæ цæргæ!.. Æнус-æнус фыддæр ызнаг, фыддæр бон Дæумæ ыздæхтой иууылдæр сæ ных: Дæу ныммарын, дæу фесафын - сæ тæрхон, Кæнæ - мыггагмæ асæтта дæ тых!.. Фæлæ дæуæн уæддæр нæ уыд æмбулæн, Ирон мад та - æмбисондаг бынтон. Йæ дзидзи дардта иу къухæй хъæбулæн, Йæ иннæ къухæй хъахъхъæдта йæ ном! Уæддæр фыдгулæн никуы уыд цагъарæй: - Кæнæ - сæрибар, гъе, кæнæ - мæлæт!.. Нæ ивта зарæг додой æмæ сарæй, Фæрдгуыты бæсты не ’ркодта къæлæт!..
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 49 Ныр нал тæрсын дæ амондæн, Ирыстон, - Дзыллæтимæ дын фарны хъысмæт - хай!. Нæ уыдзæн дуне атомæй гæныстон, - Æниу, æнустæм рухс фидæнмæ уай!.. МÆНЫЙЙАРÆГАДÆМ Æз уæ фырт дæн, мæ ныййарæг адæм, Мæн нæ байсдзæн сымахæй мæлæт. Æз - цырагъдар уæ номæн, уæ кадæн, Иры хуымты - мæ гутоны фæд!.. ДÆ НОМЫЛ КÆМ НЫССАГЪТОН ЦЫРТ?!.. Мæ раттæг Ирыстон, зæгъ-ма мын: Цы ныфсæй мæ хоныс дæ фырт?! - Дæ фарнæн хæрзиуæг цы тауын? Дæ номыл кæм ныссагътон цырт?!..
50 Ирон лытературæйы антологи Чффффф^^ ТЕМЫРБОЛАТЫ ФÆСТАГФÆДЗÆХСТ ТУРЧЫ ЗÆХХЫЛ Фест, мæ зæрдæ, маргъы мыггаг, - Атæх Ирмæ, атæх. ’Нæ Ирæй мæ цард - æлгъыстаг, ’Нæад мын у а-зæхх. Ды æрцæр дæ Фыдыбæстыл - Базырсаст, куырмæй дæр. Базар-иу нæ Иры хæхтыл, Хъусой дæм нæ фæлтæр!.. Басгуыхæд мæ зарæджы хъæр Рухс амондмæ хонæг. Уый уыдис мæ бæллицы сæр, - Иу хуыцау - йæ зонæг. Фæлæ нæу лæджы фæндонæй А-дунейыл амонд. Ам хæрын мæхи фæсмонæй, - Мухаджир лæг - царддомд!.. ’Нæ фыдызæхх нæй ингæн дæр, Уæд уæрм у, ныгæнæн. Не хъусы кæйдæр уды хъæр, Раст цыма фыдæнæн!.. Райгуырæн зæххыл ингæн та - ’Нусбонты цæрæнуат. Сау зындон æви дзæнæт уа - Сафдзæн дын дæ фæллад...
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 51 Фест, мæ зæрдæ, маргъы мыггаг, Атæх уарзон Ирмæ, Уадз, мæ буар фестæд туркаг, - Ды æрцæр нæхимæ!.. ФЫДЫЗÆХХÆН Æз уæ фырт дæн, уæ хъæбул, мæ адæм, Æз уæ фарнæй лæггадмæ - цæттæ. Æз куы бахъæуон тохы салдатæн, - Рæвдз - мæхæдæг, мæ хæцæнгæрзтæ!.. Æз - сæ фæдон ыскъифтæн, алантæн, Ныр Ирыстон - мæ ныййарæг мад. Ахуыр, куысты уа, тохы - йæ кадæн Æз хæсдзынæн нывондæн мæ цард!..
52 Ирон литературæйы антологи ^ЧРЧ^^^ ÆНУСТЫ БÆЛЛИЦ Æнус-æнус дыууæ ’фсымæры - хицæн, Кавказы хохыл - хордзенбаст - сæ хъысмæт. Цæры сæ афтæ алчидæр йæхицæн, Фæлæ сæ риуты бацарди ыстыр мæт: Кæрæдзимæ сын хæхтыл нæй фæцæуæн, Сæ уæзгуытæ та - хохæмбаст, æмарæн. Хъысмæты тæрхон афтæ у фыдæнæн, - Гъе, раст, цыма бæгъатыр Амыранæн!.. Сæ цин æмæ сæ хъыджы бон та иу у,- Сæрбахъуыды æрвгæрæтты фæцæуынц!.. Сæ бамбарæг, сæ фарсрахæцæг чи у, - Скиф-аланты схъистæ ма кæй хъæуынц?!. Сæ фæндаг хæхтыл, сæрсæфæнтыл хизы, - Сæрд уа, зымæг, ам маргъæн дæр - зын тæхæн! - Йæ кой, йæ тасæй адæймаг нырризы, - Фæйнæрдыгæй - зæйцæуæнтæ, сæрсæфæн!.. О, афтæ уыд хъысмæты тæрхон рагæй, Фæлæ ныззылди ыссæдзæм æнусы: Нæ номдзыд лæгты зонд æмæ æхсарæй Ныр хох фæкъæртти, - алчи дæр æй хъусы!.. Фæндаг нын байгом, фарны фæндаг абон, - О, Иры мад, фест фидиуæг, ныхъхъæр кæн!.. Ды дæр æй фехъус, дуджы æлдар - атом, - Фыдызнагæй, фыдбылызæй йæ хъахъхъæн!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 53 Нæртон рæсугъд, дæ ирон фæндыр рахæсс, - Æрцæгъд, æрсимæм, мæрдтæ дæр куыд растой; Дыууæ ’фсымæрæн фесæфти сæ сагъæс, - Сæ худтæ цинæй хохы сæрмæ фехстой!.. Нæ хæлæрттæн-фæндаггæрдджытæн - арфæ! - Гуырдзиаг уа, уырыссаг, украинаг... Цырт сын ныссадзæм, Кады цырт уæларвмæ, Куыд уа мыггагмæ дзыллæтæн сæ цинаг!.. Цæут нæм еныр, дунетæ, хæларæй, Ирыстон уын - нæртон фысым, æрдхæрæн! - Нæ уарзт, нæ цинтæ алкæмæн - æмбарæй, - Æнусты иумæ уарзонæй куыд цæрæм!..
54 Ирон литературæйы аптологи ЩВфффЩ^^ ИРЫСТОН-МÆЗАРÆГ Мæ Ирыстон, дæ нæртон фарн - мæ уды, Мæ рухс бæллиц, мæ ныфсы хох ды дæ. Мæ амонд мæм дæ урссæр хæхтæй худы, Зын радзурæн - цы хæрзтæ мын фæдæ!.. Мæ Хуыцау дæ, цæрæнбон мын ды радтай, Дæ хъæбысы æз байрæзтæн - нæртон. Батрадзау мæ ды байсæрстай зынг-артæй, Дæ ном мын у æрдхæрæйнаг, дæ ном! Зæххыл цы ис хæрзиуæг æмæ фарнæн, - Фæндаг мын сæм ды амоныс æмраст. Нæ цъæх уалдзæг, мæ дидинæгджын сæрдæн Ды байтыдтай æхсидгæ цинтæ, уарзт!.. Мæ бур фæззæг, мæ урс зымæг дæ номæй - Куырыхон мæ бæркадарæх, фæрнджын. Дæ номимæ рæстдзинадуарз иронæй Æз тохы дæр - æнæсæттон, бæхджын!.. Мæ Ирыстон, дæ нæртон фарн - мæ уды, Дæ ирон дзырд - мæ уды хъæр, мæ зынг, Мæ фидæн мæм иронау дзургæ худы, Лæууын лæгпосты уый кадæн уырдыг!.. Мæ Ирыстон, куыд бафидон дæ хæрзтæ? Дæ кад аккаг цы саразон? - зæгъ мын. Мæ зарды сæр - дæ урс хæхтæ, дæ фæзтæ, Дæ уарзт æмæ дæ сагъæстæй цæрын!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 55 ФФФЧрт^^ ТУЛДЗ БÆЛАС Тыхдымгæ сыстади нæ хæхты, Ныздухы бæлæсты, нылвасы, Цъæл дæр дзы акодта кæйдæрты, Фæлæ йын тулдзбæлас нæ тасы!.. Нæ тæрсы дымгæйæ, нæ ризы, Йæ уидаг фидар у, фæразон. Уый дымгæ не стоны, нæ исы, Кæны йыл сахъ цæргæс йæ ахстон. Домбай тулдз - бæлæсты сæрæндæр, Йæ цард - тæхудиаг, æнусон. Мæ бæллиц - тулдзбæлас мæнæн, Мæ бæллиц - тулдзбæлас мæнæн дæр, Йæ фарн кæд бацæуид мæ уды, Йæ тыхæй иучысыл кæд райсин. Куы уаин тулдзвидар, тæхуды, - Мæ тых Ирыстонæн æз раттин!..
56 Ирон литературæйы антологи НЫХАС ГАНИСИМÆ Ганис, ды куынæ радтаис Разагъды Секъа, Цомахъы, Уæд мæгуыр, рыгъд хъæу уыдаис Арагвийы донбыл, дагъы. Фæлæ радтай фарны гуырдтæ - Фыд ’мæ фырт Ирыстон-Мадæн... Иумæ самадтой мæсгуытæ, Ирæн сæ ныууагътой кадæн!.. Ныр куы фæцæуы бæлццæттæ Арвыкомыл - хохвæндагыл, Уæд сæ цæстæнгас рæвдаугæ Ганисыл фæхæссынц дардыл... ...Хъуыдытæ тæхынц ивгъуыдмæ, Сыстынц цæстыты раз нывтæ: Лæг-Хуыцау фæцæуы хуыммæ, Хос кæрды изæры рцъындмæ... Хизы фос, мæкъуылтæ ласы, Къæдзæхтыл фæндæгтæ ’гæрды... Æхсæв æй хуыссæг нæ ахсы, - Ирæн кадджытæ нывæнды... ...Кæс, сывылдз, æрхæндæг бæлас, Уæлмæрдæй дзыназгæ дзуры: «Ам - ныгæд Азау, Туймураз...» - Ног сын уарзыны бар куры...
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 57 Ам - бæрзонд, фыдæлты мæсыг - Рагон дудгæбæттæ мысы... Туг кæлы, уыраугæ цæссыг - Ерыстау-æлдæртты ’нусы... Берд æмæ Хъызмыдæ растынц, - Ингæны дуар сын гом у... Цæхх, кæрдзын бæлццонæн раттынц, - Алхатт дæр лæггад сæ бон у. Сабитыл фæкæнынц цинтæ, - Сабитæ - сæ хур, сæ бæллиц, - Сабитæн хæрынц сæ рынтæ, Сабитыл цæрддзу фæкæнынц... Бæлццæттæ та уайынц дарддæр... Арагви цæуы, нæ сысы... Се ’мбæлццон - Секъа, Цомахъ дæр, - Иры фарн сæ мысы, мысы!..
58 Ирон литературæйы антологи ффффй^ ЦÆМÆН ДÆН ÆЗ ÆГАД? Кæуынæн æмæ хъарæгæн Уæззау цæссыг хъæуы... Фыдызæххыл æгад лæгæн Йæ цæстæй туг цæуы!.. Æз дæр - æгад фыдызæххыл, Фæлæ мæ цæссыг - сур. Нæ базарын лæгты рæгъы, Мæ зæрдæ риуы - дур!.. Кæуынæн æмæ зарæгæн Гомер хъæуы, Къоста!.. Гæдылæг æмæ сау лæгæн, Ех, райгуырдтæн æз та!.. Нæ мæ хауы цæссыджы мур, Нæ мæм цæуы кæуын, - Мæ хæларæн йæ хъыджы цур Æз роботау лæууын!.. Цæмæн фæдæн æз ахæм гуырд, Цæй тыххæй цæрын уæд?! - Æви мæныл дæр хъарм рæвдыд Нæ ныууагьта йæ фæд!.. Мæ Фыдызæхх, о, бадом мæ, Дæ фырт дæн æз уæддæр!- Лæппын цъиуау дæ ахстонмæ Тæхын, хæссын мæ сæр!..
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 59 ЩЩЩрффф^ УАЙДЗÆФ ИРОН ЛÆГÆН О, ирон лæг, фынæй дæ, фынæй, Ды нæ бамбæрстай царды дæхи сæр. Афтæмæй дын æнæсæфгæ нæй, Демæ сæфдзысты де ’взаг, дæ дин дæр. Ды, ирон лæг, къуырма дæ, къуырма, Нæй, нæ дæм хъуысы Иры тыхсты хъæр. Мад Ирыстон æнусты куыдта, Æмæ ниуы, дзыназы ныр тынгдæр. Дуг ныллæууыд æгъатыр, тыхджын, Алкæуыл дæр йæ тыхтæ фæлвары. Чысыл адæмтæн царды фæзын, - Се ’взаг, се ’гъдæуттæм бархъомыс дары. Тас у, сомбон куы нал уой бынтон, Семæ сæфдзæн, цы уыди ирон дæр. Баззайдзæн ма уæлæуыл нæ ном, Уый хæсдзысты ма Терк æмæ Дон дæр. Фæлæ уымæй цы стауæм нæхи, Кæд ныххуысса нæ къона, нæ сау зынг?! Абон зæрдæйы уыцы мæт и, - Бахъуызы йæм нæ карз дуджы талынг... Ды, ирон лæг, бынсаф дæ, бынкъах, Никуы агуырдтай зæхх æмæ амонд. Рафхæрынмæ дæхионмæ хъав, - Æмæ уымæн дæ ’нæхицау, царддомд.
60 Ирон литературæйы антологы Араз де ’рвадæй фыццаг ызнаг, Хæлд ирон мæсыг хи дурæй алхатт. Ды - уæйгæнæг, нымудзæг, æлгъаг, Абон уымæн у Иры зæхх раууат! Ку, ирон лæг, дæ амондыл, ку, Никуы дын уыдис амонд бынтондæр. Кæн дæхи удыл æлгъ æмæ ту, Рухс амонд дын нæ уыдзæнис сом дæр! Кæд дæ фыртты дæхæдæг хæрай. (Сырд фæхæры йæ лæппынты афтæ), Зон, уыдзынæ ыссæст æмæ най, Дæу кæндзысты дæ фыдгултæ сафгæ. О, Ирыстон, ныссæфдзынæ тагъд, Кæд дæ фырттæ кæрæдзийыл бафтой, Кæд нæ ныууадзой хыл æмæ загъд, Кæд ингæнтæ кæрæдзийæн къахой! О, ирон лæг, ныббар мын, ныббар, Æз дæ разы кæй ысдзырдтон афтæ, Байс мæнæн дæр мæ цæрыны бар, Кæд дæ фырттыл фæкодтон æз даутæ! Иу рæдыд нын куы нæ у, куы фаг, - Уартæ æртынæм азты æмбисонд! Гъеуæд дæр ныл нæ фыддæр ызнаг Афтæ байтыдта сайдæй йæ хинзонд!.. Науæд сисæм нæ дыууынæм аз - Чи уыд меныыевиктæн уæд сæ раздзог?! Чи сæм хаста нæ Ирæй ныхас? - Чи сæм дардта æххуысмæ йæ сау цонг?!
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 61 О, Ыстыр Хуыцау, ракæс нæм ды, Ратт нæ адæмæн фарн æмæ амонд. Ма нæ бакæ фыдгулты бæрны, Ма ысхицау кæн сау лæджы сау зонд. Кæд нывондæн лæджы сæр хъæуы, Уæд хуыздæйрагæн баввæрс мæ сæрыл, Мад-Ирыстон ыссæстæй кæуы, сДзух дæллаг галау царды æфхæрды. Зæрдæ мастæй ныттыппыр, нындзыг, - Эх, цы уыдзæни райсом нæ кæстæр?! Кæд иронæн ныххуысса йæ зынг, Мауал разайæд зæххыл кæрдæг дæр! Кæд кæмæндæр у «уазæг», «ныхсдæр», Кæд æнустæм уыдзæни дæлдзиныг, Уæд ныййазæл фæстаг тохы хъæр, - Уадз рæстагæй ныххуысса нæ иу зынг!
62 Ирон литературæйы антологи чччрфф^^ «СИМД»-ы ЦАГЪД Æз куы фехъусын дæ зæлтæ, Уæд мæн атæхын фæфæнды, Риуы фырцинæй мæ зæрдæ Зарæг райдайы нывæндын. Цард дзы рахсиды æнæнтау, Хъуыды ахæссы мæн дардмæ... Уастæн а-зæххы хуыздæртау, Макуы амæла мыггагмæ, Дæу йæ къухуырзтæй фыццаг хатт Чи ысамыдта фæндырыл, Чи йæ рахуыдта «Ирон цагъд», Чи йæ байтыдта нæ Ирыл!.. Æз куы фехъусын дæ зæлтæ, Уæд зæгъын: «Дуне, мæн куы дæ!... Ис дзы махæн дæр нæ хæрзтæ, Ды мæ чысыл Ир, стыр дæ!..»
Икъаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 63 чдертдер^^ НÆ ТÆРСЫН МÆЛÆТÆЙ Æз мæ тохы нæ тæрсын мæлæтæй, - Не ’мбæлццон у, цæуы ныл йæ бар!.. Тохы сгуыхын нæ гакк у фыдæлтæй, Амондау нын - Хуыцауæй лæвар!.. Фæлæ ’нустæм куы нал уæм ирæттæ, Тох дæр ма-иу цæуыл кодтам уæд?! Рухс, сæрибар куынæ уа нæ бæстæ, Уæд йæ сæрыл æрцæуæнт нæ сæфт!..
64 Ирон литературæйы антологи ШОГРЕН АНДРЕЙЫ МОНОЛОГ Академик Шогрен Андрей цсестнизсей рынчынсей наздзырагъ семæ рагон ирон къонайы астсеуарты рухсмсе ныффыста ирон севзагæн фыццаг ахуыргсенсен чиныг - «Ирон севзаджы грамма- тиксе» «Æз уын мæ зонд, мæ цæсты рухс дæттын, Хæларæй сæ уæ хæрзиуæгæн айсут!.. Уæ хæрзæгæн мæ уд-зынтæ сæттын, Æмæ-иу мæ уæхи хъæбулау уарзут!.. Æз финаг дæн, фæлæ ысдæн уæ фырт, - Мæхи æвзагау бауарзтон æз уе ’взаг, - Рæвдауы мæ йæ алы зæл, йæ дзырд, - Нæртон дуне мæ разы айтыгъд - фенддаг!.. Ирон хæдзар мын кувæндонау - уаз, Ирон æвзаг - мæ айрæмпæн, мæ цырагъ. Мæ динчиныг - ирон лæджы ныхас, Ирон лæггад цæрдудгасæй - цырты аргъ!.. Хæрын иронау æз уæ разы ард: Хæссын мæ сæр уæ хъысмæтæн нывондæн! - Мæ рухсгæнæн - ирон къонайы арт, - Æз та - цырагъ уæ амондæн, уæ цардæн!.. Уырны мæ, хур ыскæсдзæни рæхджы, Ныррухс кæндзæн ирон хæдзар йæ тынтæй! - Æрдзæ хатты ысуыдзæни фæрнджын, Уыдзæни хызт хæрам æмæ фыдрынтæй!..
«Хатыр» Нывгæнæг Джуссойты Инап
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 65 Мæнæн дæр уæд ысцин кæндзæн мæ уд, - Дзæнæты уа æви зындоны - райдзæн!!! Ныр та мæ чиныг бауарзут, кæсут, - Ирон лæг дзы йæ рухс амонд ыссардзæн!!!» - Фæцис Шогрен йæ дзырд æмæ нынкъард, - Рынчын цæстæй ызды цæссыг æрхауди, Ног басхъаудта ирон къонайы арт, Æмæ та дарддæр рухс бæллицты хатти!.. Пехуымпар лæг зыдта бæрæг-бæлвырд, - Йæ чиныг тагъд нæ зонды рухс кæй фестдзæн, Кæй зæлдзæни ирон æвзаджы дзырд, - Ирон лæг дзы йæ рухс амонд кæй фендзæн!..
66 Ирон литературæйы антологи ЩЧЧ’ФФ^^ МЕ ’ВЗАГ - МÆ КАДЫ ЦЫРТ Куы рамæлон - æз кады цырт нæ домын, Мæ кады цырт мæ ирон æвзаг хонын!.. Кæд ыл, Къостайау, базарын нæ зонын, Уæддæр йæ кадæн дидинджытæ тонын!.. Мæ рыгъд стихы бавæрын мæ зæрдæ, Мæ сагъæстæ дзы гомгæрцæй æрттивынц. Скиф, алан кæм ныууагътой сæ фæдтæ, Мæ бæллицтæ уым фарнагур фæзилынц!.. Мæ ирон æвзаг - ды сæ уд, сæ зæрдæ, Сæ фаты цъуппыл абонмæ фæтахтæ... Сæ цирхъы цъорттау ферттивынц дæ зæлтæ, - Мæ удау мын адджын æмæ зынаргъ дæ! Ды мын куынæ уай - фехæлди мæ къона, Ды мын куы цудай - ахаудтæн мæхæдæг!.. Мæ фæдон дæ æнæбары куы зона, Дæ разы уæд æз басгуыхтæн фыдгæнæг!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 67 щфффф^^ ФÆДЗÆХСТ МÆ ФЫРТÆН Мæ фырт, лæджы ном мын фæхæсс, Цыфæнды уаргъы уæзæн ма уа!.. Мæ коммæ хорз хъæбулау кæс, - Нæртон фарн де ’мдзæрин æрбауа. Ирон ысгуыхт вæййы, дзырдхъом, Зын раны никуы зоны цудын, - Рæстылдзу, ’нæхин æмæ сргом, Йæ фыдгулы нæ уадзы худын!.. Æгъдау, рæстдзинад ын - зынаргъ, Йæ сæрмæ худинаг нæ хæссы, - Нæ быхсы ехс æмæ паддзах, Æнхъæлцау Хурмæ дæр нæ кæсы... Йæхицæн агуры хæлар, Хæларæй та æрдхорд ыскæны. Кæд мын æцæг фырт дæ, бындар, Уæд зон хæрзиуджытæ бæр кæнын!.. Лæгæн-иу макуы ыскæн маст, - Лæгау-лæг барон у, фæразон. Æмбулы алыхатт дæр уарзт, Æмæ рæвдауын, уарзын базон!.. Фыццаг дæ Фыдыбæстæ уарз, Ирон дзырд макуы ныууадз рохы!.. Дæхи дæ адæмыл ныхас - Сæ куысты уа, æви сæ тохы!..
68 Ирон литературæйы антологи Уæд мын æцæг фырт дæ, нæртон, Дæ ирон ном - дæ хотых, уартау... Куы басгуыхай - дæ цард, дæ бон Уыдзысты амонд æмæ фарнтау!.. БÆЛЦЦОН Фæллайын æз мæ нысанмæ цæуынæй, Фæлæ мæ ныфс - æнæсæтгæ, нæртон, - Нæ фæтæрсын мæ фæндагæн йæ зынæй, Ныфсы хос мын - йæ бæллиццаг кæрон!.. Поэтау æй цы рахонон? - нæ зонын, - Нæу кады худ, нæдæр зынг хуры скаст... Хуымæтæджы æвзагæй йæ æз хонын - Ирыстон æмæ Дун-дунейы уарзт!..
Икъаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 69 Фдодоц^^ ФÆСМОН Æрцыдтæн дæм, мæ Ирыстон, æрцыдтæн, Дæ уæзæгыл æрæвæрдтон мæ къах. Дæ хъæбысмæ мæ фынты дæр бæллыдтæн, Фæлæ салдатæн йе службæ - паддзах. Йæ бар мыл цыд, нæ мæ уагъта нæхимæ: Æз - денджызон, гъе, ам та денджыз нæй... Ныббастой мæ цъæх уылæнтæ сæхимæ, - Æфсæддон хæс цы нæ домы лæгæй!.. Дæ разы хъаст цы ракæнон? - нæ зонын... Службæ цыд... мæ хистæртæй мын - цыт... Уæддæр хæстоны амондджын нæ хонын, - Йæ цард æдзух - зæрдæдзургæ, æндыгъд... Мæ хæс ныр - фыст, булкъонæй дæм æрцыдтæн, Фæлæ дæ разы хæсджын дæн уæддæр: Ирон æвзаг нæ амыдтон мæ фыртæн, Мæхицæй дæр ма ферох ис кæмдæр... Лæг та, зæгъынц, æххæст лæг нæу йæ царды, Куынæ зона йæ мадæлон æвзаг, - Йæ адæмæн сæ дзырды фарн нæ хаты, Нæ хынцы раст сæ фæтк æмæ сæ уаг. Мæ Ирыстон, æз хæсджын дæн дæ разы, - Уæддæр мæм тигъæй ма равдис дæхи. Дæ уарзты монц мæ хæстон уæнгты хъазы, Хъæбулау дын кæнын нывонд мæхи!..
70 Ирон литературæйы антологи Щ№ФФ№ ХÆХТЫ - МÆ ЗÆРДÆЙЫ КЪÆРТТ Цас фæцыдтæн Иры хæхтыл Æз тæссар-мæссар!.. Хурау сын Мæ зæрдæйы хъарм Бакодтон лæвар!.. Абон дæр Мæ зæрдæйы къæртт Хæхты ис æвæрд, - Фендзынæ йын Ды, мæ хæлар, Алкæм дæр йæ фæд... Хохаг лæджы Фарны хуызы «Гас цу» дын зæгъдзæн. Хохаг мады Хъарм хъæбысы Сабийау тæлфдзæн... Хохаг чызджы Мидбылхудты Ферттивдзæн йæ фæд, Науæд та Йæ уаз зæрдæйы - Сусæг ран æвæрд... Хохаг фыййау - Уадындзхъæлæс,
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 71 Зардзæни хъæрæй, - Уый дæр ын Хъырндзæни цадæг Айнæджы сæрæй!.. Дидинджытæ Мингай хуызтæй Худдзысты сæумæ, Се ’хсæнæй Мæ уды къæртт дæр Бахуддзæн дæумæ! Хæхты сæрмæ Уадсур цæргæс Барджынæй тæхдзæн, Уый фарсмæ Мæ уды къæртт дæр Зилахар кæндзæн!.. Хæхты хуылфы - Арф хæзнатæ, - ’Нæфидигæ, цæнд... Уыдонау Мæ уды къæртт дæр Хæхты ис æвæрд!.. Хæхты фæхстыл - Къахвæндæгтæ, Алырдæм цæуынц, - Чи сыл цæуа, - Цардбæрзæндмæ Алкæй дæр кæнынц!.. Марадз, ауай Хохвæндæгтыл
72 Ирон литературæйы антологи Ды тæссар-мæссар, - Ратт сын, ратт, Дæ уды къæртт дæр, О, мæ буц хæлар! Бауарз сæ Ды дæр дæ мадау, Бабæзз сын фыртæн. Хæхты фарн Мыггагмæ махæн - Уарт æмæ цыртæн!.. ЦАРДЫЗАРÆГХÆХТЫ Алы райсом Хурыскастыл Æз кæнын мæ зард. Цард адджын у, Цард рæсугъд у, - Ма-иу кæн æнкъард!.. Райсом раджы Фест уæнгрогæй - Банкъар царды уарзт. Зивæг ма кæн, Сис дæ зарæг, Фен зынг хуры скаст!.. Афæлгæс Нæ уарзон хæхтыл Хъæлдзæг, арф кæмттыл. Базар, базар, Фосы дзугтыл, Урс æхсæрдзæнтыл!..
Икъаты Владымир. Æвзæрст уацмыстæ 73 Даргъ фæтæнты Хур йæ тынтæ, Фен, куыд нывæнды. Усгур фыййау Уарзон чызджы Фенынмæ бæллы!.. Цард æхсиды, Цард нæргæйæ - Хæхты, быдырты. Хурæн «Гасцу!» Зæгъ сæумæйæ, - Фарн - дæ хъуыддæгты. УАДЗ, РАКЕТÆЙАУ ИУТАХТЫСКÆНОН... Æз нæ бæллын мæ удæгасæй кадмæ, - Кад поэтмæ фæсмæлæт æрцæуы... Æз фæбæллын æрмæст æндæр цардмæ, Фæлæ цард дæр мæн ’гадæй нæ хъæуы. Уадз, ракетæйау иу тахт ыскæнон, Æмæ, судзгæ, ныррухс кæнон дардыл!.. Рухс таугæйæ, мæ чысыл цæрæнбон Æз æрхæссон Ирыстоны цардыл!..
74 Ирон литературæйы антологи ЧРФФУф^^ ИРÆЙ-ИРМÆ Ирæй-Ирмæ фæндаг ацыд. Мад дыууæ фыртыл ныттыхст. Зæрдæ зары, зæрдæ зардзæн. Амонд, амонд нæм æрцыд. Ракасти нæ сæрмæ иу хур. Иу нæ абон, иу нæ сом, Иу уыд иу кæддæр нæ бындур Иу уыдзæни, куыд æндон! О, нæ зарæг, хæхты зарæг! Риуы нал цæуы, тæхы, Ралæууыд нæ цины уалдзæг Рагон аланты зæххыл!
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 75 ЧрртрЧР^ РОХУАТ КЪУЫМ Маст æхсиды, Маст уырауы, Зæрдæ риуæй Тоны, хауы: Раттæг хъæу Фæцис æдзæрæг, - Нал дзы баззад Цъиуызмæлæг!.. Хъазæн фæз ныр Нал у къахнад, - Фæсивæдæй Баззад рохуат!.. Никуы уыд ам Афтæ сабыр - Фæндыры хъæр Аскъуыд, бамыр!.. Уæртæ къона, Бакæс, бакæс. - Бацардис дзы Хъоло, сау хæфс!.. Ам мæ авдæн Ды куы уызтай, О, мæ гыцци, Мæн куыд уарзтай!..
76 Ирон литературæйы антологи Ныр мæ къуым у Сидзæр, раууат, - Ех, йæ рæхыс Царæйрахауд!.. Сау сагъæс мæ Домы, домы, Зæрдæ риуæй Тоны, тоны!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 77 чфрфф^^ УАЙДЗÆФ МÆ ФЫДÆЛТÆН О, мæ тыхджын, тохæвзыгъд фыдæлтæ, Азым уæм мæрдты бæстæм хæссын: А-дунейыл алыран - уæ фæдтæ, Чингуыты сæ агурын, кæсын. Цардыстут Иран æмæ Кавказы, Волгæ, Доныл, Сау денджызы цур, Индийы уа, Ром æви Техасы, Арыдта уæ африкæйаг хур. Карз тохты уыл, бахæрон уæ рынтæ, - Адæмау куы нал ракасти хур!.. Абон дæр сымах бæсты уæ фырттæ Аразынц Ирыстонæн бындур. Чи уæ батыхст сомбоны фæлтæрыл, Чи хъардта ирон дзырдæн йæ уд?! Чи уæ кодта адæмы йæ фæдыл Цардамондмæ, уый ма нын зæгъут?!. Дзыллæтæ сæ сагъæстæ куы кодтой, Сомбонæн куы лæвæрдтой сæ цард, Ард Хуыцау, зæххы номæй куы хордтой, Уæд сымах та кодтат цыргъ уæ кард!.. Цæй, цы ’рцыдис - нал ын ис ыздахæн, Уайдзæф ма уын барджынæй кæнæм, Фарн хъаггæнын баззади ныр махæн, Хъаггæнæм æй, нал нын ис кæлæн!..
78 Ирон литературæйы антологи ФФФФЧ^^ ЦАРДЫ ФÆНДÆГТÆ Ис фидæнмæ фæндæгтæ бирæ, Ивгъуыдмæ иу фæндаг - мæлæт... Кæцыйыл дзы цæуын мæ Ирмæ, Кæцыйыл дзы зыны мæ фæд?! Æви дæм, Ир, фæндаг нæ зонын, Æмæ нæма разынд мæ фæд... Уæддæр мæхи фæндараст хонын, - Кæй дæ мæ зæрдæйы æвæрд!.. Фæрнджын лæгау мæхицæн зарын, Зæгъын: мæн ысты арв, уæд, зæхх... Мæхи паддзахы фыртыл барын, Мæ фæндаг мæм кæсы уæрæх!.. Ныббар, мæ Ир, кæд дын рæдийын: Фæндаг мын бацамон ды раст, Дæ фырты мауал бауадз чиуын, - Мæрдтæй ыздахæг мын - дæ уарзт!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 79 ТЕМЫРБОЛАТЫ ДЗУАПП ТУРКАГ ПАШАТÆН «Истинная любовь к своей стране немыслима без любви к сво- ему языку. Человек, равнодушный к родному языку, - дикаръ. Он вредоносен самой своей сути потому, что его безразличие кязыку объясняется полнейшим безразличием к прошлому, настоящему и будущему своего народа». Паустовский «Ферох кæн де свзаг, Аив дæ мыггаг, - Дзурынц Темырæн, - Карз у сæ дзырддаг. Туркаг ном равзар, Туркаг мыггаг дæр, Туркагау базар, - Цас зын у, уагæр?! Цард ис нæ къухы, Абон уа - райсом - Туркаг æмбулы, Бамбар æй, базон!.. Чиуиронта?! - Йе ’взаг кæй хъæуы?! - Бамбар: уæ хъысмæт Сæфтмæ фæцæуы!..» «Оххай, гуымиртæ, Дзуапп уын цы зæгъон?! - Нахуыр, хъæддаг у, Уе ’гъдау, уæ тæрхон!
80 Ирон литературæйы антологи Ме ’взаг, мæ мыггаг Дзаумæттæ не сты, - Нæй сын уæйгæнæн, Баивæн ’нусты!.. Туркмæ нæ ралыгъд Сайд у, - æмбарын, - Судзгæ фæсмонæй Æз мæхи марын. Фæлæ мæ мыггаг, Ме свзаг, ирон ном Мемæ цæргæ сты, Мемæ - æнусбон!.. Науæд куыд уæндут М’ адæмы ’фхæрын?! Ценнæ сæ уадзут Уе ’мсæр фæцæрын?! А-зæхх - æнусон, Æрдзы лæвар у, Ууыл цæрынæн Алчи æмбару!.. Зæхх йæ равзæрдæй Никуы уыд дихтæ, - Дих æй ныккодтой Сау лæгтæ, динтæ... Абон дæр зæххæй Бафсис нæ зонынц, - Балбирæгътау æй Алырдæм тонынц!..
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 81 Тонут æй афтæ, Тонут сымах дæр, Фæлæ ма искуы Бафæрсут мах дæр! Зæххы хъаймæгтæн Ир уыд сæ хицау, Фæлæ æрхауæд Махæн нæ хуыцау, - Тугкалæн дугтæ Адæмтæн радта, - Тохты сæфтæн та Мах рад æрхаудта!.. Не знæгтæ - бирæ, - Тугдзых, цыфыддæр: Арабтæ, гунтæ, Монголтæ, турк дæр... Махау уæ иу дæр Тохты нæ басгуыхт, Фæлæ нæ мыггаг Рафтыдис, аскъуыд!.. Иуæн - дыууæ, зæгъ, Алхатт æфсад у, Мах та дæсгæйттæн Састам сæ хъару. Скифты ыскойæ, Аланты ’хсарæй Зæхх дæр æнкъуысти, Айнæг - бындзарæй!..
82 Ирон лытературæйы антологи Доны быдыртæй Суанг Кавказмæ - Дардыл - нæ цæрæн, Мин азты размæ... Тохты цæхæрты Тасын нæ куымдтам, Кады истори Тугæй фæфыстам!.. Фæлæ ысфæлахс Тохты нæ фæринк, Фехæлд нæ фидар, - Бабын æд зæрин... Дардыл нæргæ кад Хурау фæкъул и, Рынау ныл бафтыд Не знаг, фыдтухи!.. Амонд, бæсты фарн Ирмæ фæтæргай, - Нал нæм æрхаудта Зæххæй рæстмæ хай Науæд кæй бон уыд Махмæ ысдзурын: «Ды æнæзæхх дæ, Æз дæу æмбулын!..» Фæлæ ивгъуыдæн Табу нæ кæнæм, - Дугтæн сæ хуыздæр Разæй æнхъæлæм...
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 83 Адæм хæларæй Иумæ кæм цæрой, Уарзон, æмбарæй Зарæг кæм кæной!.. Зоной, æмбарой Алы æвзæгтæ, Фарнæн сæ тауой Уарзты тæрхæттæ... Ме ’взаг дæр зонут, Райгуырд цæрынæн, - Нæй йын æмгъуыд бон Никæд мæлынæн!.. Ингæнмæ искуы, Зонын, цæудзынæн, Фæлæ ме ’взагыл Заргæ мæлдзынæн!.. Зары йе ’взагыл Барджынæй маргъ дæр Цæй-ма, цы зæгъут, Пашатæ, дарддæр?!.. Зонут: мæ мыггаг, Ме ’взаг, ирон ном - Мемæ цæргæ сты, Мемæ - æнусбон!..»
84 Ирон литературæйы антологи чртрчдер^^ НЕ’ВЗАГ-НÆХÆЗНА Мсе ирон севзаджы ахуыргсенсег, зынгсе ирон фысссег Галуанты Нинсейсен (Нигайсен) йсе райгуырды 60 азы бонмсе. «И если завтра мой язык исчезнет, То я готов сегодня умереть...» Расул Гамзатов Бирæ азтæ рацыдис уæдæй, Каст куы фæдæн ме скъола фæрнæй. Ферох ис мæ тæлмæнтæй дзæвгар, - Кæм мæ сонт уарзт, гъе, кæм та æмгар... Фæлæ дæу нæ рох кæны зæрдæ: 'Рымысын дæ, рымысын - кæм дæ?! Ног та дæн æз ахуырдзау, цыма, Цардурок нын ды дæттыс нырма... Къласмæ та ’рбахызтæ, æмæ Цинæй байдзаг алкæйы зæрдæ... Не ’ппæт дæр дæ фæзындæй - сабыр, - Алчи дæ æфсæрм кæны, хатыр... Райдыдтай нын царды уарзт дæттын, - Нартæ ’мæ Къостайы кой кæнын... Мадæлон дзырд зæрдæйæн - æхцон, Уый рæвдыдæн нæй зæххыл кæрон... Мады ’хсырау тугимæ фыцы, Мадау алцы буцдæрæй хынцы... «Уе ’взаг уарзут!» - де сулæфт, дæ дзырд, А-зæххыл хуыздæр хæзна нæ уыд...
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 85 Радта нын æй Дун-дунейы фарн, ’Нусбонты нæ батавта йæ хъарм... Буцæй йыл уæ зарджытæ кæнут, Уый номæй уæ ирон ард хæрут!.. » Уый нын уыд, нæхи Нига, дæ дзырд, - Не ’взагау, цæрой дæ ном, дæ цыт! Зарай йыл сæдæ азты хъæрæй, Хъуса дæм нæ Ирыстон фæрнæй!.. О, Хур, дæумæ кæнын тæхуды, - Йæ хъарм кæмæн тавы æдзух!.. Куы уаид ахæм хъарм мæ уды, - Зæххыл дзы никæй уадзин цух!..
86 Ирон литературæйы антологи ЧРЧртру^^ ÆЗ РАВЗАРИН БÆРЗОНД ХОХЫ ХЪЫСМÆТ Куыд зын у, куы, бæрзонд хохы хъысмæт! - Йæ сæрмæ арæх тар мигътæ фæбадынц... Цæрæнбонты - зымæг уа æви сæрд - Фыд тыхтæ йыл сæ хъарутæ фæлварынц... Цæвы йæ арв, нæ йыл ауæрды их, Тæрккъæвдатæ йыл «ардуантæ» фæуадзынц... Зæй-лæсæн дзы æррæдувы кæрдих, Нæдæр æй дымгæ, тымыгътæ рæвдауынц... Уæддæр мæнмæ бæрзонд хохы хъысмæт Тæхудиаг, бæллиццагдæр фæкæсы, - Нæ йæм дары, нæ, бархъомыс мæлæт, - Æнусбонты уæлахизæй фæлгæсы... Сæууон хуры тын уый фены фыццаг, Фæстаг хъæбыс ын уый кæны изæры, Йæ цъуппæй хъуысы зарæджы зæлланг, Йæ арф риуы цынæ хæзна æвæры... Цæстысыгау, йæ суадон - рæсуг, Йæ фæхстыл сæрд цынæ дидин æрттивы, Бæрзонд хох нын бæрзонд кæны нæ уд, Нæ хъыгтæ нын йæ уаз цинтæй фæивы... Бæрзонд хохыл - цæргæсбадæн бынат, Ам - удæнцой дзæбидыртæ, сычъитæн... Бæрзонд хохæн нывонд кæнын мæ цард, - Йæ зын хъысмæт æз равзарин мæхицæн.
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 87 ЩфЩрфф^^ X * * Зын ныгæнæн, зын басæттæн цы у? - Фыццаг уарзт ’мæ рæстдзинад. Зын фесафæн, зын ныгæнæн цы у? - Хæрам æмæ фыддзинад. Зын разæгъæн, зын ныффыссæн цы у? - Ныййарæджы ыстыр уарзт. Зын уромæн, зын бабыхсæн цы у? - Фыдызæххы стыр маст.
88 Ирон литературæйы антологи ЧТОЧРфИртр^^ МÆНÆН ФЫДЫБÆСТÆ КÆМ ИС? Къостайы ныхасХоранты Созырыхъоимæ Мæнæн Фыдыбæстæ кæм ис? - Гæндон - мæ Фыдыбæстæ - къахнай!.. Уæззау - йæ дзуринаг, йæ рис, Лæггуырдтæн - уды уаргъ йæ катай... Мæнæн Фыдыбæстæ кæм ис? - Зæххыл мæ барæвдауæг чи у? - Мæ бар, мæ уды цин - æмбис, Ингæн та алкæмæн дæр иу у... Мæнæн Фыдыбæстæ кæм ис? - Цæрæм дзы маст æмæ æфхæрдæй: Куы ссудзы хи зынгæй куырис, - Мæлы йыл худæгæй йæ бæттæн... Нæ цард, нæ фæндæгтæ - къуындæг, Гæххæттыл алцы дæр - æмхуызон, Фæкæнын барджынтæм хæлæг, Фæлæ куыд басгуыхон сæ хъузон?! Мæнæн дæу æмсæр бар кæм ис? - Нæ дæн мæхи къæсæн дæр хицау; Кæйдæр дзуг бонлæвар фæхиз, Фæкус мæстæлгъæдæй, æххуырстау... Дæ зæхх, дæ уæзæгыл - æбар, Дæ рыст кæй æндавы, кæй хъæуыс?! Мæгуыр, мæстæлгъæдæй дæр зар, Гъе, кæннод хицæутты æфхæрыс!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 89 Фынгыл дæр хъавгæйæ æрбад Кæронæй, ’нæ кувгæйæ баназ, - Куы кувай... расайдзæн дын загъд, «Дзæнгæда» рауайдзæн дæ ныхас... Мæнæн Фыдыбæстæ кæм ис? - Æмирон, ме ’рвад дæр - нымудзæг... Тыхст бон кæмæ дзурон фæдис? - Ызнаг куы басгуыха лæбурæг?! Мæнæн Фыдыбæстæ - мæ рис: Мæ мыггаг, ме ’взаг дзы рыгъд ысты, Ирон цыдæриддæр фæцис, - Дæуæн, дæ хуызæттæн - æлгъысты... Кæныс æхсины лæгтæн кад, - Сæ цуры саглæгтæ - дæлдзиныг... Зæгъ-ма, кæд ралæудзæн нæ рад, Кæнæ кæд ныххуысдзæн нæ иу зынг?! Мæнæн Фыдыбæстæ кæм ис? - Кæм ис мæ амондæн цырагъдар?! Созыр, кæд дæм рæстдзинад ис, Уæд мын мæ рис, мæ сагъæс бамбар!.. Мæнæн Фыдыбæстæ уыдис, - Кæддæр аланты ном куы хаста, Фæлæ мæрдтыл æфтыд фæцис, - Йæ сытæ карз тохты ныссаста!.. Мæнæн Фыдыбæстæ дæр ис, Ингæны хай бынтон нæ бацис!.. Мæ сагъæс ууыл у, мæ рис, - Йæ фидæн басгуыха уæлахиз!..
90 Ирои литературæйы аитологи НУЗАЛЫ АРГЪУАНЫ ЧИНЫГ УЫДИС... Куыд дзурынц, афтæмæй Ирыстоны азфысджытæ бадтысты Нузалы аргъуаны æмæ йын пæмбынæг фыстой йæ историйы чи- ныг, фæлæ, дам, ссе сехсæвыгон амардæуыд мæнгардæй æмæ чиныг та куынæг æрцыд. Нузалы аргъуаны чиныг уыдис, - Чиныг нæртон Иры цардыл. Чиныджы, айдæнау, алцы зындис... Чиныджы дзуринаг - дардыл!.. Нузалы аргъуаны чиныг уыдис. Ир æй нæ ивтой налмастыл - Донау, уæлдæфау нæ царды хъуыдис, - Авгау æй хастой фыд азты... Нузалы аргъуаны чиныг уыдис, - Иры историйы кадæг... Цæй-ма ныдздзыназ, мæ фæндыры хъис, - Чиныгыл самонæм зарæг!.. Суанг скифтæ, сарматтæ, зæгъынц, Алантæй иры онг - алцы Чиныджы азгай фыст уыди, æлхынцъ, - Мацы нæ ферохуа, мацы!.. Чиныг - нæ хæзна, нæ дзыллæйы фарн, Алкæуыл базыртæ сагъта. Уарзты цæхæртæ, нæртон уды хъарм Чиныг фæстагæттæн уагъта.
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 91 Науæд цы уыдзæн нæ ирон кæстæр - Йе стыр фыдæлты нæ зондзæн. Дун-дунетыл сæ кады ном - хъæр, - Уый та сæ ’нæ кадвæд хондзæн! Се хсар, сæ зондыл нæ бардзæн йæхи, - Хорз та фæзмгæйæ у рагæй... Хицау, æлдар ын кæндзысты сæхи - Цауддæртæ кадуарз мыггагæй. Дзурынц, ивгъуыд дуг - нæ сомбонæн ныфс, Фарн нын нæ фыдæлтæ уадзынц. Кæд ’мæ дæ фидæн рæсугъдæй уыныс, - Рухс дæм дæ фыдæлтæ дарынц... Махмæ фыдæлты рухс Нузалæй калд, Ир дзы рæвдыд æмæ буц уыд. Дардмæ æндæвта нæ къонайы арт, - Иры атагъаты рухс уыд... Фæлæ налат æмæ хинæйдзаг лæг Сау марг йæ зæрдæйы хаста, Нузалы чиныджы алцы - бæрæг, - Карздæр тæрхæттæ йын хаста: «Чи йæ фæфыста, гъе, чи йæ фыссы! - Мауал уа хъуамæ сæ кой дæр... Чиныг та - рамырхон! - рæстæг хъуызы, - Ферох ис абон дæр, сом дæр!..» Атылд хæрамы хъул, «басгуыхт» фыдлæг, Талынг æхсæв ын - æвдисæн... Фесты æнæ чиныг Иры зæнæг, Хабар та баззадис дисæн!..
92 Ирон литературсейы аитологи Нузалы аргъуаны чиныг уыдис, Чиныг нæртон Иры цардыл... Чиныг ныффыссæм! - йæ фарны фæд ис, - Басгарæм, агурæм дардыл!.. Хъузджы æмбæхстау, нæ удты дæр ис, - Уый та зæрдæйæ æнкъарæм... Чиныджы фарнамонд, рухс фидæн ис, - Нæмæнг æй хъуамæ ыссарæм!.. ИРЫСТОН, УЫЙ - ДÆ НÆРТОН УДЫ УАРЗТ Цы тыхæй дæн Кавказы хæхтæм баст, Цы мæ ’лвасы сæ хъæбысмæ, сæ риумæ?! - Ирыстон, уый - дæ нæртон уды уарзт, - Ды мæ ’лвасыс, мæ ныййарæг, дæхимæ!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 93 ЧГЧРЧ^Ри^^ РÆСТДЗИНАД. ЦАРД. САБЫРАД ЗÆХХЫЛ ЛÆГÆН БÆЛЛИЦЦАГÆЙ ЦЫ ИС? Зæххыл лæгæн бæллиццагæй цы ис? - Сæрибар, уарзт, хæлардзинад, рæстдзинад, Мæнæн ысты мæ цин æмæ мæ рис, Кæнынц мæ удæн мады схсырау иу ад... Кæнын сын табу, кувæг лæгау, æз, - Сæ бафхæрд сын Хуыцауæн дæр нæ барын, Мæ цин ысты, мæ зæххон царды ныфс, Хъæрæй сыл алхатт, хурыскастау, зарын!..
94 Ирон литературæйы антологи чрфчдерчот^ ÆЗ КУЫ ФÆКÆЛЫН... Æз куы фæкæлын, куы ахауын зæххыл, - Сау хæрамы цин ме знæгтыл бафты: «Фесæфт, бабын ис, нал лæууы къахыл», - Алчи дæр сæ йæ «диагноз» ратты... Фæлæ гобитæм иу хъуыды дард у: Царды ’нæ цудгæ, нæ кæлгæ чи у?! Зæххыл сæмбæлын, сыстын дæр цард у, Цард та ’гасæйдæр тох æмæ зиу у... Зæххыл ме ’рхауд, мæ фæкалдæн фарн ис, - Зæхх мын ног тыхтæ ратты, Антейау, ’Мæ та ме знæгтыл арын уæлахиз, - Тынгдæр базарын цардыл, Орфейау...
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 95 ЦАРД ХОХ У, МАХ ТА - АЛЬПИНИСТТÆ Цард хох у, хох, - бæрзонд хæхты бæрзонддæр, Мах, адæм та - ысгарæг альпинисттæ. Кæнæм нывонд нæ хъарутæ, нæ зонд дæр Йæ цъупмæ хизынæн - нæ кæрæдзийы исгæ!.. Бырсæм хæрдмæ бæндæнбæстытæй иумæ, Ысгарæм хъавгæ къæмбыртыл фæндæгтæ. Æдзух нæ сайы хохбæрзæнд йæхимæ, Цыма уым уарынц цардамонд зæд-лæгтæ... Кæрæдзийыл хæцæм нæ тых, нæ бонæй, Кæнæм тæрхон мæнгард удтæн уæндонæй, - Нæ цардбæрзæндмæ уарзгæйæ ысхизæм!.. Нæ бæндæнбаст, нæ рæнхъытæй сæ сисæм!.. Хæцын дыл, æмбал, æз иузæрдыг, хъæддыхæй, Мæ аххосæй нæ ахаудзынæ коммæ!.. Хæц мыл ды дæр: цæуæм, бырсæм æмдыхæй, - Уæлахизæй куыд фæхæццæ уæм соммæ!..
96 Ирон литературæйы антологи чрччр^^ БАЛЦЫ РАЗМÆ Н. Бараташвилимæ гæсгæ Нæ мæ ’ндавы, цы дзурдзысты мещантæ, Куы фæлидзон сæ хæрам бардзæй дард. Сæ хахуыртæ, сæ дам-думтæ, сæ даутæн Нæ разындзæн рæстаг удтæм бынат!.. Мæ саулохаг, ыскъæф мæ ды, цæргæсау, Мæ фæндаг хæхтæ, быдыртыл - уæрæх. Мæ маст, мæ хъыгæй алчи дæр - æгæссад, - Цæттæ нын хайæн - хъацæнджын хуымзæхх. Тæхгæ, тæхгæ, нæ дард балцы, мæ саулох, - Нæ риуты судзæд ’нæ ахуысгæ арт!.. Нæ хъысмæтыл, нæй, макуы суæм уæлæхох, Æвгъау ын макуы бакæнæм нæ цард!.. Дзыллæтыл, хурау, худгæйæ æрзилæм, Рæстдзинад, уарзтæн демæ - æз хуындзау... Сæ абонæй сæдæ хатты сæ фидæн Хуыздæр куыд уа, уый зæгъ ды дæр, Хуыцау!..
«Æдзæрæг ирон хъæу» Нывгæнæг Джуссойты Иная
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 97 ЧРЧРУ^^^ ЗÆГЪУТ-МА МЫН Мæнæн хæзнатæ нæй, нæдæр мын ис фæллæйттæ, Нæ мæ хъæуынц, нæ сын хъарын мæ уд. Мæ хæзнатæ - мæ бæллицтæ, мæ фæндтæ... Фæллойæн та - лæгау мæ сæрыл худ... Бæлццон лæг дæн, бæлццоны ма цы хъæуы? - Лæдзæг, хызын, - нæртон дзыллæйы уарзт... Мæ рухсгæнæн - мæ къухы рæвдз, фæцæуын, - Зæгъут ма мын: «Хæрзбон!.. дæ фæндаг - раст!»
98 Ирон литературæйы антологи ффффЦртф^^ ТÆППУД ЛÆДЖЫ ФÆСМОН Æз коммæгæс, æгады гуырд мæ дугæн, Мæ зонд - къуымых, мæ хъарутæ - æндзыг, Мæ аууонæй дæр хатт тæрсын мæ удæн, Уæллæй, ныххуысса ахæм лæджы зынг! Кæм хъæуы царды равдисын лæгдзинад, Рæстдзинадæн кæм хъæуы сæр нывонд, Æз уым æрмæстдæр хъахъхъæнын мæхи цард, Нæ мæм разыны нæ хъару, нæ зонд. Къозбаутæ чи сты - тонынц мæ æгадæй, Æдзух мæ сайынц гобийау æргом. Кæнынц хынджылæг сай-майты мæ цардæй, Фæдæтты сын мæ тæппуд зæрдæ ком!.. Фыдгæнджытæм фидыды зæрдæ дарын, Мæ амондæн мын къахынц кæд йæ бын, Сæ хорз дæр мын - фыдбылызæн, æмбарын, Фæлæ хæссын уæддæр сæ размæ хуын. Кæнын æмдзæгъд сæ галиу ми, сæ тохæн, Куы сыл амбæлын - фелвасын мæ худ. Сæ мыггаг нын фыдбылызæн, фыдохæн, Фæлæ сын судзын Иры зæдтау буд!.. «Цы аразын, уый не ’мбарын» - куыд зæгъон? Уæд та къуырма, къуытты лæг дæн бынтон, Æмбарын алцы - уый у, уый мæ фæсмон, Фæлæ кæм у лæгау дзурын мæ бон!..
Икъаты Владилтр. Æвзæрст уацмыстæ 99 Мæ куырм хицау ыстыр бынаты бады, Мæскуыйы дæр нымад лæг у, зæгъынц. Паддзах лæг та æдылыйæ дæр - барджын, Ды та йæ разы зондджынæй дæр - куыдз!.. Ныр цард - æндæр, хуыздæр заман æрцыди, Ис дзурæнтæ Рæстдзинадыл æргом. Фæлæ мæ зонд, мæ хъару дæр нындзыг и, Нæй нал цæуы лæгау цæрын мæ бон!.. Хуыцау, кæм дæ, мæ кæстæры мын бахиз Мæ амондæй, хуыздæр æгъдау ын ратт! Фæуæд - æгъгъæд æндзыгады уæззау низ, Куыд нал уа никуы джидзæггаг нæ цард!..
100 Ирон литературæйы антологи ЩффЩЩЧВФ^^ ДÆЛБАРЫ ДЗУАПП ЙÆ БЮРОКРАТ ХИСТÆРÆН Монолог Æз хъыцъыйы дон дæуæн дæн, Ды хъыцъыйы дон - мæнæн. Цæй-ма радзурæм хæлæрттæн: Чи у аххосджын, цæмæн?! Æз кæм рæдийын? - Нæ зонын, - Æз фыййау лæг дæн, хуымон; Амонд - хиды ’ртах фæхонын, Уый - мæ кад æмæ мæ ном. Цардæн, сау зæххæн фæкувын, Хатын раст æмæ зылын. Растыл цинимæ фæдзурын, Зылын - къæхты бын кæнын... Зæгъ ды дæр, мæ хур, дæ хъуыды, Зæгъ, цы мыггаг дæ? - æргом. Дзурын хорз зоныс æмбырдты, Фæлæ - нæпайда бынтон... Царды хидвæллой нæ зоныс, - Бадыс хатæны æдзух. Хионизм - дæ тых, дæ хъомыс, Уый дын - аразы дæ къух... Кафыс уый фæрцы мæнгардæй, Хинæй асадыс дæ фæд... Хъазыс пуртиау ды цардæй, «Ма кæн» - мачи дын зæгъæд!
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 101 Раст критикæ дæ рын у, ’Васт æй бакæныс ды хурх, - Чи дæм бауæнды - фыдгуырд у, - Цардыл ауигъæд йæ къух... Чи у мадзура дæ ныхмæ, Чи у коммæгæс, къуытты, Уадзыс уыдонæн рæгъытæ, - Демæ цардæфсæст ысты... Чи у хин æмæ фæлитой, Чи у цурон лæг, тæппуд, Уыдон «дидинтæ» фæтыдтой, Сойбас иу къусы цымут... Чи у растылдзог, æнæхин, Чи у тохы бон хæстон, Уыдон иууылдæр - зындзæрин, Æмæ додойаг - сæ бон: Царды макуы уæд рæгъыдзыд, Дзурын макуы уæд сæ бон... Мадæр банкъарæд лæджы цыт, Цъист сæ мыггагæн - тæрхон... Ехх, цы бакæной лæггуырдтæ, - Къух куыд ауигъой рæстыл?! Зæгъ, куыд ныббæттой сæ дзыхтæ, Зæгъ, куыд фæцæрой зæххыл?! Æви бастъæла дæ къона, - Къоппæй ракæла дæ сис, - Царды мауал уа дæ оба - Æмæ ма тауай фыдниз...
102 Ирон латературæйы аитологи Æз хъыцъыйы дон дæуæн дæн, Ды хъыцъыйы дон - мæнæн, Æмæ радзырдтон хæлæрттæн: Чи у аххосджын, цæмæн?! ФÆДЗÆХСТ МÆХИЦÆН Мæ уд, кæдæм тындзыс, Кæдæм тæхыс дæрдджынæй? Дæ хæтæнтæ, дæ фæндæгтæ - фæудхъус. Æви нæ бафсæстæ Дæ уарзынæй, бæллынæй, Æмæ цæрынæн дæу хъæуы æнус?! Нæ, ма бабæлл, Уый - халоны æмбисонд. Лæгау-лæгæн æрдæг æнус дæр - фаг. Цæй, уый бæсты Дæ фæстаг зарæг самон, - Кæд дын ныккæнид иу æхсон зæлланг!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 103 ЧГ^РФфир^^ ЦАРДЫ ХÆРЗТÆН УАРЗТЫ ЦИН - СÆ СÆЙРАГ Арын дзы курдиатджын поэты ном Æтт, мæ хæлар, иу зарæг-ма бакæн, Аджы былтыл къахфындзтыл æрсим! Райхъал мын кæн се ’стыр фарн алантæн, Банкъарæм сæ нæртон удты цин!.. А-дунейыл ницы ис хуыздæйраг, - Ницы сты сызгъæринтæ, æвзист... Царды хæрзтæн уарзты цин - сæ сæйраг, Макуы йыл уæм, макæдбон æрмист!.. Де стих дæр уæд сагайдзæни зæрдæ, Тохы бон уæд уыдзынæ хъайтар, Буцæй дын уæд зæгъдзысты нæ хæхтæ: «Ис дын ныр æнусон царды бар!..»
104 Ирон литературæйы антологи БАСГУЫХТÆ ТА НОГÆЙ... 1961 азы 12 апрелы майор Гагарин Юрий советон космикон на- уыл адсеймагады историйы фыццаг хатт ’зсеххы тымбылæджы алыварс серкодта цалдсер зылды семсе афтæмсей сербадт банысан- гонд бынаты. Газетæй Мæ Фыдыбæстæ, басгуыхтæ та ногæй, Нæ адæмыл уæлахизы хур ракаст: Уый космосмæ дæ ахуыргæндты зондæй Фыццаг дæ фырт уæларвон балцы араст!.. Мæ Фыдыбæстæ, о, зынаргъ ныййарæг. Нæ риуты цин, цæджджинагау, æхсиды... Æгас дунейыл айхъуысти нæ зарæг, Æмæ нæм размæ, ног амондмæ сиды!.. Æнусбонты лæджы хъуыды йæ царды Цæмæ бæллыд, цы «гауызмæ» тырныдта, Уый «уæфт» фæци, ’мæ атахти йæ балцы, - Гагарин нæм дзы космосæй æрдзырдта... Мæ Фыдыбæстæ, табу нын дæ кадæн, - Фыццаг тæхæг - нæртон гуырды ныййардтай, Фидыдады уæлахиздзау салдатæй Зæрин дæгъæлтæ космосмæ ды радтай!.. Мæ Фыдыбæстæ, басгуыхтæ та ногæй, - Дæ амондæн ныр кусы дуджы сахат. Æз расыг дæн дæ циндзинады ронгæй, - Дунейы цæсты ноджыдæр ысахад!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 105 ффффф^^ ГУТОНДАР Мæ сабибонты хуыммæ цæуын уарзтон, Фæкодта мын æй гутондар зынаргъ: Æз-иу ын сихор хызыны куы ’рхастон, Уæд-иу мæ разы фестади цырагъ: Хуыскъæл зæгъай, хуычъытæй мæ рæвдыдта, Фæкодта-иу сæ ме ’рцыдмæ æмбырд. Мæнæуи дæр сæ муцъигай æмпырдта, - Æрдæгыстыгъд, æрдæгсæрфтытæй цырд... Куы та-иу мæм йæ фæлмæн уис дæр радта, Æууæндыдис мыл галтæрæджы куыст... Мæ бецыкк мын йæ дæрзæг къухæй даудта, Йæ амонæн, рæвдыд ныхас мæм хъуыст... Фæскуыст та мæ йæ аргъæуттæй хынцыдта, Йæ хъисфæндырæй диссæгтæ дзырдта, Цæрæнбонты цы федта ’мæ цы зыдта, - Йæ кæстæрæн сæ дзуринаг хуыдта... Ныр дæр мæ зæрдæ уый рæвдыдæй райы, Мæ цардæн басгуыхт фарнхæссæг хуындзау, Йæ нæртон зонд мæ цины малы найы... Фæцис мын уарзон хи дзæбæх фыдау. Æфсæн гутон нæ хъугомы куыд сагъта, Куыд дзы тыдта цъæх уалдзæджы мæнæу, Мæ уды дæр мын ахæм фæд ныууагъта, Ныр дæр мæ бон йæ ферох кæнын нæу!..
106 Ирон литературæйы антологи щтттщщщщ^ КЪОЗБАУХИСТÆР Фæкуыстай мадзура, мадомайæ бирæ, Дæ цин, дæ мæт - дæ къæлæтджын æрмæст. Нæ хъыг кодтай ды хистæрты дæхимæ, - Дæ аууонæй дæр ды хызтай дæ цæст. Дæхи патриот, рæстаг лæгыл нымадтай, Æмдзæвгæтау нын лозунгтæ дзырдтай, Фæлæ фыркуыстæй, нæй, дæхи нæ мардтай, Дæ бæрнон хæс нын сай-майтæй фыстай!.. Лæгау кæм хъуыди тох кæнын, фæриссын, Уым алыхатт ды - мадзура, къозбау. Нæ дæ хаудис тæрхоны лæгау иу сым, Нæ царды хъæнтæм никуы хастай фау!.. Лæгмæ дæ маст дæр не свдыстай æргомæй, Хъæртæ нæ кодтай, архайдтай фæсвæд, Дæхи нæ хордтай, маст быхсгæ, фæсмонæй, Дæ «фыдгулæн» дын марæн кард - æвæрд!.. Дæ хæс мыздсайгæ, кадсайгæ, фæфыстай,х «Æз партийæн йæ хъæбул дæн», - дзырдтай. Дæ митæй та йын ды зиан фæхастай, Гъе, афтæмæй дыл сæххæст ис æхсай!.. Ныр пенсийы фæфардæг дæ цытимæ, Фæлæ та ’рдомдтай хъарм бынат уæддæр!.. Уæллæй, куы зонис ды кæсын дæхимæ, - Уырыйау зæххы бамбæхсис дæ сæр!..
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 107 фффЩРЧ^^ ЦЫ МЫН РАДТА ПОЭТИКОН ХЪУЫДЫ Цы мын радта поэтикон хъуыды? - Ирон авдæн, ирон мад. Цы мын радта поэтикон хъуыды? - Ирон хъарæг, ирон зард. Цы мын радта поэтикон хъуыды? - Ирон намыс - æнæлаз. Цы мын радта поэтикон хъуыды? - Ирон чызджы цæстæнгас. Цы мын радта поэтикон хъуыды? - Хæххон доны тæрк уылæн. Цы мын радта поэтикон хъуыды? - Йæ фыццаг тын зынг хурæн. Цы мын радта поэтикон хъуыды? - Цъæх уалдзæджы æрбалæуд. Цы мын радта поэтикон хъуыды? - Хæлæрттимæ фынгавæрд. Цы мын радта поэтикон хъуыды? - Ирон фæндыр, нæртон симд. Цы мын радта поэтикон хъуыды? - Нæ урс хæхты сæуæхсид. Цы мын радта поэтикон хъуыды? - Ирон уды цæхæр арт. Цы мын радта поэтикон хъуыды? - Нæ фыдæлты нæргæ кад.
108 Ирон литературæйы антологи ффффф^^ УÆДДÆР МÆ МАДÆЛОН ÆВЗАГ Ис дунетыл мингъуызон æвзæгтæ, - Номдзыд мæ - æрдхæрæны хъæздыг, - Зæрдæйæн - æхцон сæ дзырд, сæ зæлтæ, - Æз лæууын сæ кады раз уырдыг. Фæлæ мын мæ зæрдæйæн æхцондæр - Басгуыхти мæ мадæлон æвзаг... Æз куы хъусон абон æмæ сомдæр Уый адджын дзырд, уый ирон зæлланг, Уæд - уыдзынæн амондджын æнусты, Дзыллæты раз алхатт дæр - нымад. Никæмæ нæ кæндзынæн тæхуды, - Хъуысдзæнис мæ ингæнæй дæр зард.
Икъаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 109 ЧГ^^^и^^ АДÆМЫФАРНБИРÆУ Рацарсезты фарс рахæцыны тыххæй Хуссар Ирыстоны «Адсемон Ныхас»-ы сырæзты цытæн Ирон «Ныхас» ирон фарн у æгасæй, Нæ рæстдзинад, нæ хъуыддæгты тæраз. Зæххыл, дам, цард дæр райдыдта ныхасæй, Æмæ ыссис нæ удты бæллиц - уаз! Ирон «Ныхас» - ирон намысы айдæн, - Нæ быхсы сайын, не ’сæрфат æгъдау. Чызгæн, лæппуйæн чи райгуырд йæ мадæн,- Ыздахы йе ’ргом уыдонмæ рæдау. Æрцæут ардæм, фезмæлæм хæларæй, Нæ зонд, нæ уарзт дзы равдисæм æргом. Нæ цард, нæ бартæ чи хъыгдара барæй, - Кæнæм сын иумæ адæмон тæрхон!.. Сæ дуг фæцис куырмæджы митæн абон, Гæртæмттæй, сайын, давынтæн - кæрон! Ныккæнæд, уадз, хæрамы тыхтыл саубон, Сæ ныхмæ растад адæмон тæрхон!.. Йæ рухс нысан, йæ тырыса - Рæстдзинад, Нæ зоны сайын, хъулон ми, хатыр, - Нæ тæрсы ахстæй, марынæй, йæ иу цард - Æнусон хурау - адæмæн - хайыр!.. Æрцæуæм иумæ «Адæмон ныхас»-мæ, Нæ аргъуан, нæ ныфсы мæсыг - ам, Рæстдзинад иумæ агурæм, ыссарæм, Æрхæссæм иумæ Иры дзыхъмæ фарн!..
110 Ирон литературæйы антологи Щ^ЩЩЩЩЩЩП^ ÆЗ ЧИ ДÆН, ЧИ, АБОН? Къостайы фæзмгæйæ «Куыд зæхмæдзыд дæн, Куыд фыдуаг хæссын, - Мæ фыдæн фыртæн Цæуылнæ бæззын?!» Нæ фæдæн рæстмæ гуырд, Тæнтъихæг, Цола дæн. Нæ бæззын фыртæн æз Мæ фыдæн, Мæ мадæн. Мæ митæм мын бакæс - Фæзмæджы Цыдæртæ... Дзымандыты хуызæн - Мæ фæндтæ, Мæ сæнттæ... Нæртон фарн нæ хатын Мæ зонды, Мæ уды. Фæдисы бон тохы Мæ хъару Фæцуды. Тæппудау фæхæппæй Мæ удæн Фæтæрсын. Æмбæхсын, ныгъуылын,
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 111 Уынæргъгæ, Мæ къæсы. О, уастæн, мæ раттæг, Куыд æлгъин, Куыд карз дæ! - Цы ныфсæн мæ радтай Æгуыдзæгæй Афтæ?! Мæ фыдæлты фарнæй Æнæ хай Цæмæн дæн? - Æлгъыстау фæхаудтой Мæ хал ’мæ Мæ бæндæн!.. Æз чи дæн, чи, абон Скифтæн, Алантæн?! - Æви ис фыдæлты Ыстыр фарнæн Рафтæн?! Æви ныл æрцыди Фыдгулы Фыдæлгъыст: Æвзæрæй-æвзæрмæ Фæхизын - Нæ ныхфыст!.. Уый ма зæгъ, нæ Хуыцау, Уадз иунæг Æвзæрæй - Фæхизын æрмæст æз Нæ Иры Къæсæрæй!..
112 Ирон литературæйы антологи Чрт|Я|«^^ МЕ ’ВЗОНГАД Ратæх-ма мæм, ме ’взонгад, цæй, иу хатт, Сис-ма мæ дæ уаз базыртыл, сис. Науæд мыл æрцыдис азты ихуард, Æмæ ме суонг донзоныг ныццис... Царды сагъæс, азты уæз - мæ уæргътæ, Мæн сæ быны ныр æгæр кæнынц. Нал мæ хæссынц хохрындзтæм мæ къæхтæ, Сæр ысурс, зæронды даргъ - мæ фындз... Хур боны дæр асады мæ зæрдæ, Рухс цæсгомæй мидбылхудт хъуызы... Ме ’взонгад, цы мын фесты дæ хæрзтæ? - Зон, мæ уд сæ мысынæй хъæрзы... Иу хатт ма мыл, цæй, дæ фæндаг ракæн, Ма мыл сис цæрæнбонтæм дæ къух. Барджынæй мæ риуы дуар бакæн, - Ма мæ ныууадз, ма, дæ сæнттæй цух! Ратæх-ма мæм, къахфындзтыл æрсимæм, Иухаттау ныццæлхъ кæнæм нæ зард. Не ’фсургътыл тæхгæуадæй æрзилæм, Бандзарæм та уарзты судзгæ арт. Ацæуæм-ма хæтæны дæр иумæ, Хæхтимæ дæр бавзарæм нæ тых. Æз нæ тæрсын ницæмæй дæуимæ, Демæ æз - домбай æмæ хъæддых!
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 113 О, зæххы фарн хъазæн бонтæ раттæд Ме ’взонгад, мæнæн дæр-иу дзы - хай. Лæг цыфæнды тынг зæронд дæр бауæд, - Царды цин æм ма кæнæд тæргай!.. НАРЫ Æрцыдтæн, æрлæууыдтæн арфæйаг зæххыл, Улæфын йæ уæлдæф, ныуазын йæ дон. Къоста кæм райгуырд, гъе, уыцы уæзæгыл Иронау ысдзурын мæнæн дæр - мæ бон. О, бузныг хуыцауæн, кæй нын радта фарнæн Хетæджы мыггагæй æнустæм зæд-Лæг. Мах уый номæй абон нæ лæгдзинад барæм, Дунеты ’хсæн хорзæн нæ ном та - бæрæг. Нæ фæндаг - рæстмæйæн, Къостайы нывгондæй, Нæ йыл ис фæцудæн, нæ йыл ис кæлæн! Æмбулдзыстæм амонд йæ уарзт æмæ зондæй, Кæндзыстæм фыдгулты нæ тохы дæрæн!.. Нæ хотых - ирон дзырд, - Къостайы æмдзæвгæ, Нæ атом, нæ нейтрон - йæ «Ирон фæндыр». Нæ фæтæг, нæ дин та Къоста у йæхæдæг, Нæ хæзнаджын хох у, нæ хорджын быдыр!.. Æрцæуæм-иу алхатт, о, Иры дзыллæтæ, Къостайы уæзæгмæ, нæ кувæндон - ам. Цы айнæджы рындзыл ныууагъта йæ фæдтæ, Уым Иры мыггагæн æмбæхст и йæ фарн!..
114 Ирон литературæйы антологи ФдонфЧ^^ КЪОСТАЙЫ ТЫРЫСАИМÆ Ныхас Абайты Васоимæ ирон æвзаджы сомбоны хъысмæты тыххæй «Цымæ куыд уыдзæн не ’взагæн йæ хъысмæт? - Фæрсын дын иухатт Абайты Васойы, - Æвзарынц чысыл нацитæ ыстыр мæт, - Сæ зæрдæ сомбон се ’взæгтæм æхсайы...» Мæ фарстмæ фенкъард иучысыл нæртон лæг, Фæцыд, бæрæг уыд, дзуаппарæн хъуыдыты. Æвзæгты фарн, сæ миниуджытæ зонæг Рæстдзинад хъуамæ равдиса йæ дзырдты. «О, не ’взаг, ’цæгдæр, тасы ран - æмбарын, - Йæ ныхас сабыр райдыдта куырыхон, - Нæ карз дуг ыл йæ хъарутæ фæлвары, Фæлæ нын хъуамæ разына цæрынхъом. Ирон мад ыл йæ «Ало-лай»-йы зарæг Нывæнда хъуамæ авдæнмæ йæ хурæн, Ирон къона - йæ хъахъхъæнæг, йæ дарæг, Æмæ йыл хъуамæ бинонты ’хсæн дзурæм. Нæ бон кæм уа, кæм амона нæ фадат, Уым - фыццаг рад ирон дзырдæн - ныхасы, Кæд ыл нæ хъусы бардзырдтæ нæ салдат, Уæддæр йæ номæй тох кæнын фæразы!.. Фæлæ сæйраг: мах - амондджын æнусмæ, Ис не ’взагæн пехуымпар æмæ бардуаг! - Фæндаг ын тарæй айгæрста уый рухсмæ, Бæллиццаг абон уый фарнæй - нæ цардуаг!..
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 115 Къоста у уый - йæ тырыса йын сисæм, Æнгом æрлæууæм йæ алыварс хæларæй!.. Хæсдзысты не ’взаг дунетæ уæд дисæн, Фæрнджын уыдзыстæм иууылдæр йæ фарнæй!..» БАХЪАХЪХЪÆНÆМ ЗÆХХЫЛ САБЫРАД! О, дзыллæтæ, нæ бартыл тох кæнæм! - Зæххы къори - дунейы фарн - нæ къухы. Æнæ хылтæ, æнæ хинтæй цæрæм, - Хæстæндзарджытæн бахæцæм сæ хурхыл!.. Гъе, кæннод нæ æргæвддзæни фæсмон, Куы басудзæм зæхх атомы фыдæхæй, - Фæстагæттæн æлгъыст уыдзæн нæ ном, Куы-иу бахъæуа ард хæрын нæ Зæххæй!..
116 Ирон литературæйы антологи Чртртр^ МАХ ХЪÆУЫ САБЫРАД Кæй хъæуы дон? - дойны лæджы тынгдæр. Кæй хъæуы хос? - рынчын чи у, хъæрзгæ. Ыстонг чи у, гъе, уый хъæуы хæрын дæр, Кæсы, дам, фарн та уæд мæгуыр лæгмæ... Сабырад та кæй фæхъæуы уæд тынгдæр? - Кæмæн фехæлд хæсты фыдæй йæ цард, Кæмæн фæхъуыди карз тохы йæ хуыздæр, Кæуыл сирвæзти карз тохы зынг арт!.. Гъе, уыдон хъæуы сабыр амонд тынгдæр, (Æниу, æвæдза, кæй нæ хъæуы, зæгъут?!) Сабырад домынц дунетæн сæ фылдæр, Æргом ын хъарынц алыран сæ уд!.. Мах хъæуы сабырад тынгдæр, Æнус-æнус нæ сафæг уыди хæст!.. Нæ нæ-иу цагъта афтæ карзæй рын дæр, Куы уыдаиккам тугкалдæй фæдзæхст!.. ...Хæстон адæм...мæлæты тас нæ зыдтой, Цыдысты йæм лæгæй-лæгмæ аергом. Хуыцауæй амонд, сабыр цард нæ куырдтой, Фæлæ куыд даса се ’хсаргарды ком!.. Йæ иу цъыккæй ызнаджы сæр куыд тæха, Куыд лыг кæна æфсæйнаг æмæ дур... Æнæтасгæ, æнæсæттон кæй тых уа, Гъе, ууыл дæр куыд нытталынг уа хур!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 117 Сæ фат дæр хъуамæ иу æхстæн æмбæла Йæ нысаныл, фæивгъуыйын - мæлæт, - Ызнаг йæ цæфæй ахауа, ныммæла, Кæнæ хæсса цагъайраджы къæлæт!.. Сæ бæхæн дæр ысгуыхын уыди амынд, - Тæхгæ маргь уыд ыстæр-балцты бындар, - Араппаг дæр ын тохы ’мсæр нæ разынд, Фæлæ ма йын йæ мыггаг ныр ыссар!.. Гъе, ахæм уыд нæ сахъ фыдæлты цардуаг, Скиф, сармат, алан æви ирон - Сæ Хуыцау уыд æрмæст сæ тохы бардуаг, Нæ хыгътой царды иу хъуыды бæстон: Хæцаг галæн кæй асæтты йæ сыкъа, Тыхгæнæгæн кæй ныккæлы йæ бон!.. Уæззау хъысмæт сæ уый тыххæй æрсырдта Æмæ сын карздæр рахаста тæрхон. Бынсæфт фæцис сæ паддзахад æд бындур, Сæ нæргæ ном, сæ кады худ æрхауд!.. Сæ фæдонтыл ма ракасти дыдзы хур, Бынтон нæ аскъуыд а-зæххыл сæ цард!.. Ныр уымæн кæнын, кувæгау, мæ ныхас: Дунейы фарн, сабырдзинад нын ратт!.. Хъæрæй цæгъдæм сабыр цардæн нæ хъуытаз, Нæй, мауал фенæм хæсты судзгæ арт!..
118 Ирон лнтературæйы антологи КÆДДÆПОЭТ Кæд дæ поэт, уæд хъуамæ уай цæттæ Сæрбахъуыды рæстаг тохы мæлынмæ. Дæ адæмæн нывонд кæнай дæ сæр, - Фæдисон уай сæ цин æмæ сæ хъыгмæ. Кæд дæ поэт, йæ уаз ном ын хæссыс, Фæлитойтæн уæд макуы у æмдзæхтон, - Рæстдзинад дзур, рæстдзинад фысс, Нæй, макуы смбæхс дæ зæрдæйæн йæ хъæдгом! Кæд дæ поэт, - ды хъуамæ уай хъайтар, Уынай дæ фидæн талынджы дæр дардмæ, Зæрдæсудзгæ йæм Данкойау цæуай, - Куыд уа дæ ном æрдхæрæйнаг мыггагмæ!.. ЗАРЫН ЦАРДЫЛ Райсомраджы мæргътæ зарынц боныл, Райсомраджы базарын æз дæр. Æз фæзарын, адæймаг, дæ номыл, - Кæд дæ амонд басгуыхид хуыздæр. Кæд дæ ног бон хъæлдзæгдæр æрвитис, Кæд дæ зæрдæ хурау уаид рухс. Кæд бæрзонддæр царды зарæг сисис, Æмæ зæлид а-бæстыл æнус!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 119 О, САУТÆ, САУТÆ! Уыд райдзаст бон - лæджы фæндыд тæхын... «Фæцис, дам, хæст!» - нæ алкæй дзыхæй хъуысти, Фæлæ цæй хæст? - рæстдзинад уын зæгъын, - Мæ сæрмæ, марадз, ницыгъуыз нæ хызти... Лæгæн, зæгъын, йæ къухмæ лæдзæг ратт, Æфсæддон бæх, уæд у цæттæ - тæхдзæни, Йæ къухы - уис, уый та - хъама, кард, - Ызнæгтимæ лæгæй-лæгмæ хæцдзæни... Мæн сайдта уæд сывæллоны рæузонд, - Нæма зыдтон, лæджы куыд кæнынц маргæ? Нæма ’мбæрстон нанайы сауты сконд, - Йæ цуры дæр-иу балæууыдтæн заргæ... Кæцæй зыдтон, фыдызнаджы нæмыг Мæ фыды риуы ’нæмсæр тохы ахызт, Лæгау, хæцгæйæ, ахуыссыд йæ зынг, - Нанамæ дзы бæрæг хабар дæр нал хъуыст. Кæцæй зыдтон: фæсхæст дæр та мæ мад Нæ колхозы лæджы бæсты дæр кусдзæн!.. Идæдзы ном ыл сæвæрдзæни цард, - Йæ сусæг куыд æхсæв мæ уатмæ хъуысдзæн! Кæцæй зыдтон: дыккаг моймæ цæуын Мæ мад йæ сæрмæ нал бахæсдзæн, никуы, Фæлтау быхсдзæн йæ сау хъысмæт, йæ зын, - Кæд байрæзид йæ иунæг бындар искуы!..
120 Ирон литературæйы антологи О, байрæзтæн дæ фæндиаг, нана, Мæ бакастæй - мæ фыды сих - дыккаджы, Фæлæ дæ саутæ нæма систай, нæма, - Нæ сгад кæныс ирон уæздан мыггаджы... Мæхи нана, ныр бузныг дæн дæуæй! - Мæ фыды мын мæлæтбонмæ кæй уарзыс... Фæлæ ма иухатт сис дæ саутæ, цæй, Кæддæра мын цахæм уаид дæ уаз хуыз!.. ÆРДЗ - НÆ ФЫЦЦАГ МАД Куыд нæртон дæ, нæ раттæг æрдз, куыд рæсугъд!- Нæ фыццаг мад ды басгуыхтæ нæ царды. Ды сфæлдыстай лæджы буар, лæджы уд, Дæ сæрвæлтау æз басудзин цъæх арты!.. Дæттæй, мæ зард дæ кадаккаг куы уаид, - Дæ уарзт, дæ фарныл зарин æмæ зарин. Мæ зарды цинæй салд цъити куыд таид, - Æз та мæ амонд йе ’ртахы ыссарин!..
Икъаты Владииир. Æвзæрст уацмыстæ 121 ЩЯЩП^^Щ^ ЙÆ ХЪÆУМÆ ’РЫЗДÆХА САЛДАТ Нæ дуг уæззау дуг у, тызмæг, - Нæ сæрмæ атомы тас бады... Кæм дæ, æппæты Хуыцау - Лæг, Йæ постæй рауæгъд кæн салдаты. Йæ хъæумæ ’рыздæха фæрнæй, Хæстон кад музейæн æрхæсса... Фæллойыл базара хъæрæй, Нæ сойджын хъугæмттæм æркæса. Ныххæца гутоны къæдзыл, - Салдатæй кадджындæр - хуымгæнæг. Йæ хъомыс бафтауа зæххыл, - Лæгмар куыд никуы уа, фыдгæнæг. Йæ цæвæг рагъæны хæдзæй Æриса, рацæгъда йæ ногæй... Мæкъуылджын фæтæнты рæвдзæй Хæсса фæтæн уистæ уæнгрогæй. Æдзæрæг макуы уа йæ къуым, - Æхсæв дæр райдзаст æмæ рухс уа... Зæла дзы ноггуырдты кæуын, - Сæ фарнæн атом дæр куыд куса!..
122 Ирон литературæйы антологи ЧртОРчр^ ИРОН ХЪÆБАТЫРЫ НЫХАС НЕМЫЦАГ КОНЦЛАГЕРЫ ДОХТЫРИМÆ Мæныл нæ тых кæны уæ марг, - Мæнæн уæлдай дозæтæ раттут, Ызнаг кæддæриддæр - ызнаг, - Хуыздæр мæ зæрдæмæ ныхъхъавут! Уым - уарзт - мæ Фыдыбæсты уарзт, Уæ маргæй - мин хатты тыхджындæр!.. Куы ’рцæуа карды быны карст, - Нæ уæм дзы фехъуысдзæн хъæрзын дæр!.. Уæд рафыхт фриц дохтыры маст, Йæ цæсгом туджы мидæг разылд, Йæ къухы ампулæ фæсаст, - Патриотæн ма йæм уый фæстаг уыд!.. Фашист фæсонтау и æваст,- Йæ зæрдæ аскъуыди йæхицæн!.. Фæтых ис марг судзиныл уарзт... Æмбисонд та цæрæд ныр дисæн!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 123 ффффф^^ ЦÆРГÆСТÆ - «ЗООПАРЧЫ» Ахст цæргæсты бардз - хохаг, быдираг, Иуæй иннæ - цæхæрцæст, уæндондæр. Ам сыл бакъуындæг стыр зæххы зиллакк, Тар æхсæвау - сæ уалдзыгон бон дæр. Телхызæмбонд æртыхсти сæ алыварс, Диссаг! - арвмæ та се стæхæн гом у... Ауу, цæмæн афтæ?! - дардыл мæ ма фæрс, - Дзуапп бынтондæр хуымæтæг, æргом у: Се срвон базыртæ - снæ сис, бынæлвыд, Ихдзагъдау ма сын базгуытæ аззад... Къæхты ныхтæ дæр афтæ быныл лыг, - Се срдзон ’нусон цин цæстыты батад... Æтт, зæгъгæ ма! - сцæйисынц гуыртæ, Фæлæ атæхын нал у сæхи бар... Тонынц фырмæстæй, тонынц, мæгуыртæ, - Нал и базыртæ, нал и сæрибар!..
124 Ирон литературæйы антологи щрффущрц^^ БАКÆНУТДУÆРТТÆ Дуæрттæ сæхгæдтам - Англисаг гуыдыртæй, - Къухы æфтгæ ысты, Къухы ыстыр зынтæй... Дуæрттыл бакодтам Авгын дзыназæнтæ, - Бамбарут, немæ уын Нал ис ныр хъазæнтæ!.. Мидæмæ ма цæут, - Тыргъы ис дзæнгæрæг: Бахæц йæ джыбыйыл, - Чи дæ, цы хæрзгæнæг?! Фысым дæм ракæсдзæн Авгын дзыназæнæй, Милмæ исæгау дæ Фендзæни хатæнæй... «Чи у, цы йæ хъæуы?» - Хи уал æрфæрсдзæни, - Авгын дзыназæныл Иу цæст нындæгъдзæни... Цалынмæ буц фысым Рахата, баууæнда.... Дуар бакæнын æй, Гъада-гъа, бафæнда... Уазæг та къæсæрыл Сагъдауæй баззади,
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 125 Сæфсæрм, ысдыгъуырццæг, Ныхы хид акалди... сРæджиау дуар дæр Цадæггай байгом и, Фысымы цæсгом дæм Разынди, раргом и... «Мидæмæ рахиз» дын Уайтагъд нæ зæгъдзæни, Къæсæры сæрты дæ Хабарæй ’рфæрсдзæни: «Рухсы минæвар дæ? Газы? Хæдзаркомы? Æви зынгсирвæзты? - Чи сæ цынæ домы!..» - Ракæн дæ хабæрттæ, - Фысым дæм байхъусдзæн, Бамбардзæн алцы дæр, Фæлæ нæ бахуддзæн!.. Демæ уæздан ныхас, Ма снхъæл, фæкæндзæни, Газыл та хæринаг Рафыхт, фæкæлдзæни... Гъæй-джиди, срымысын Хохаг ирон хæдзар: Уазæг, æрбацæуæг Уымæн - хуыцауы смбар... Фысым дæм ракæсдзæн, Хурау дæм бахуддзæн: «Мидæмæ, мидæмæ!..» - Йе сртты дæ атухдзæн...
126 Ирои литературæйы антологи Кусарт дын ракæндзæн, Сыкъа дæм ратдзæни, Физонæг, хæбизджын Фынгыл æвæрдзæни... О, фæлæ горæттаг Адæм цытæ кæнынц? - Уазæг, сæ сыхагæй, Уагæр, цы æмбæхсынц?! Хæдзæртты дуæрттыл, Зæрдæты дуæрттыл Сæвæрдтой гуыдыртæ, - Хъазынц мæ нуæрттыл!.. Ноджы ма дуæрттыл - Авгын дзыназæнтæ, - Семæ зæрдæбынæй Нал ис ныр хъазæнтæ!.. Дзурæм æргомдæрæй: Дарддæр цы кæндзыстæм? Æви нæ дуæрттæ Ноджы ныхгæндзыстæм?!. Ма кæнут, ма кæнут, - Басгуыхæм уарзæттæ!.. Дуæрттæй рафтаут Авгын дзыназæнтæ!.. Бакæнут дуæрттæ - Хæдзæртты дуæрттæ!.. Бакæнут дуæрттæ - Зæрдæты дуæрттæ! Бакæнут!.. Бакæнут!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 127 ЧРФФФ*^^ ФÆНДАРАСТ Уæ ахуыр фестут, зонынæдтæ райстат, Йæ цардвæндаг ныр алкæмæн - йæ бар. Ыскъолайы «уаргъ» уал азы фæхастат, Æмæ уын - гом ныр амондмæ дуар!.. Фæрнæй йыл хизут, царды цинæй райут, Хуыздæр цы ис - æппæтæй дæр уæ хай. Ныфсджынæй размæ, рухс фидæнмæ уайут, Куыд нæ уат дугмæ, амондмæ тæргай!.. Цы у фыдхæст куыннæ зонат уæ царды, Куыд куса атом амондæн æрмæст, Куыд нæ судза мæнæуы хуым йæ арты, Куыд уат æдзухдæр царды рохтыл хæст!.. Фæлæ цыфæнды ма рамбулат, зонут: Фыццаг хæзна - уæ Фыдыбæсты уарзт! Цытæн уæхи уæ чысыл Ирæй хонут, Нæ урссæр хæхтæм алыхатт - уæ каст!.. Уæ зæрдыл дарут, чи уæм сидти цардмæ, Йæ зонд, йæ тых уын чи кодта хæлар... Цæуат Мæскуы, Ташкент æви Цæгатмæ, - Сæ ферох кæнын никæмæн ис бар!.. Фæндараст еныр, атæхут цæргæстау, Уæлахиздзаутæ басгуыхут - нæртон!.. Уæ зарæг хъуысæд алкæм дæр алантау, Цæрæд æнустæм а-зæххыл уæ ном!..
128 Ирон литературæйы антологи Чртдер^ф^^ ЦЫУПОЭТ Цы у поэт, иронау æй цы схонон? - Дæсны дзурæг, хъайтар æви пехуымпар? Мæхицæй дæр æз ахæм фарн куы домон, Уæд мæм бынтондæр не ’мбæлы дзырды бар!.. Фæлæ поэт æцæг хъуамæ уа ахæм, - Мæлгъæвзаг æмæ удуæлдай нæртон лæг. Йæ рæдыд дзура комкоммæ паддзахæн, Уа адæмæн сæ уромæг, сæ дарæг!.. Хъаймæты бон дæр макуы зона тасын, Бырса зын тохы адæмæн сæ разæй, Дунейы зынтæ уа йæ бон фæразын, Цъæх артау судза адæмы фыруарзтæй!.. Поэты номæй ахæмыл дæн разы, Фæлæ кæй бон у уый фæхæссын уазæй?! Къоста, ды лæууыс ахæм уысм мæ разы, - Бырсыс, Данкойау, фидæнмæ нæ разæй!..
«Тулдз бæлас» Нывгсенæг Джуссойты Инал
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 129 ^уч^ря^^ ÆВЗАДЖЫ ЦÆРÆНБОН - АДÆМЫ ЦÆРÆНБОН Æвзаг - нæ удты фæлгонц махæн, Æвзаг - нæ зондайдæн, нæ гакк. Æвзаг паддзах æмæ цагъарæн Кæны æнæхъулон лæггад. Тæссаг - куы баныгæнæм не ’взаг, Тæссаг - куы нын бауа мæрдрох. Мæлдзæн ныл сау худæгæй не знаг, Æваст нæ байафдзæн фыдох. Нæ къона фехæлдзæн бынтондæр, Нæ артыл ауадздзыстæм дон, Нæ фыдæлтæн, бецау, сæ ном дæр Ныстъæлдзæн абон æви сом. Фыдвæстагæй - хуыздæр æвæстаг, - Нæртон лæгæн уыдис тæрхон. Мæ рис мын бамбарут, мæ хъæстаг - Мæ фæдзæхст расидон æргом: Хæцæм нæ фыдæлты æвзагыл, Хæрæм йæ сыгъдæг номæй ард, Æндзарæм суг-ысхъис йæ артыл, Бæллиццаг басгуыха йæ цард. Æвзаг - нæ ирон фарн, нæ рæхыс, Нæ Симд, ирон фæндыры цагъд. Æвзаг - нæ фат æмæ нæ хæдæхс, Æвзаг - нæ цирхъ æмæ нæ уарт.
130 Ирои литературсейы аитологи Æвзаг - нæ адæмæн сæ уазном, Сæ уд, сæ зонды мыхуыр - фыст, Куы ферох уа, - ныккалд нæ хъал бон, Нæ ном та - фидиссаг, æлгъыст. Нæ хъысмæт, ахæмæй нæ бахиз, - Ирон æгадæй тарст æнус, Радт не ’взагæн хъару, уæлахиз, Йæ фидæн, рухс амондæн кус! ПОЭТÆМÆСАЛДАТ Мæ къуым, мæ Ирыстон хъæздыг у, Йæ зæрдæ - хурæргом, парахат. Мæ хъуырыл даринаг фæрдыг у, - Æз та - йæ поэт ’мæ йæ салдат! Куы хъæуа - тохы бон хæцдзынæн, Поэтау сисдзынæн мæ зарæг!.. Куы хъæуа амæлын - мæлдзынæн, - Æрмæст мын баззайæд бындарæг!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 131 ЧГОРЧР^^^ ЭКСТРЕМИСТЫ ХЪУЫДЫТÆ «Ай, цы хорз рæстæг æрцыди! - Радта нын парти сæрибар. Адæймаг уымæ бæллыди, - Араз алцы ныр дæхи бар!..» - Дзуры экстремист фырцинæй, Æмæ закъæттæм лæбуры... Хъазы не ’гъдау, зæгъ, нæ динæй, - Алцы дзуры, ’мæ лæхуры. Рацарæзт æмæ æргом дзырд Уый йæхирдыгон æмбары: Ацы дунейыл цы нæ ’рцыд? - Хур дæр ферттивы мæйдары!.. Демократи та - йæ гамхуд, Хинвæнд уый аууон æмбæхсы, Фæлæ гомгæрцæй йæ тæрк уд Маст, фыдбылызтæ æрхæссы!.. Марадз, бамбара йæ азым, - Домы: басгуыхауæгъдидон!.. Царды ницæуыл нæу разы, У йæхи цæсты уæлбикъон!.. Стыр Хуыцауæй дæр бæрзонддæр Хи сæр, хи уды æвæры, Ма уæд иннæтæн сæ кой дæр, - Къамбец, галау сыл лæгæрды!..
132 Ирон литературæйы антологи Цæг хæрзгæнæджы ныфсытæй Адæм - нацийы «рæвдауы»... Хъавы - искæйты тæрсынтæм, Алкæй, алцыдæр фæфауы!.. Фæлæ уарзт æмæ рæстдзинад Нæй йæ зæрдæйы, йæ фæндты... Дард у ахæммæ лæгдзинад, Фарн æм рахиз къух нæ дæтты!.. Дуне абон у уæлгоммæ, - Лæг нæ бамбæхсдзæн къæссайы... Цард нæ бакæсдзæн йæ коммæ, Фын дæр ахæмты фæсайы!..
Икъаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 133 МА ДЗУР, ИРОН КÆЙ ДÆ... Дзуапп газет «Советон Ирыстон»-ы 1988 азы 27-сем декабръ æмсе 1989 азы 7-семянвары номырты ныммыхуыргонд уацтсен, цыран нсе интеллигенци сенсебындурсей азымджын цсеуынц национализм семсе экстремизмсей. Ма дзур Ирыстоныл, Ма дзур йæ хъуыддæгтыл, - Бауæд æгасæй гæндон!.. Уарзыс дæ адæмы, Уарзыс дæ фыдæлты, - Уæд националист у дæ ном! Ма дзур, ирон кæй дæ, Скифтæй, алантæй дæ, - Ауигъ сæ номыл дæ къух!.. Ма зон дæ ивгъуыд, Ма уарз дæ фидæн, Абоны фарнæй дæр - цух!.. Ма дзур Рæстдзинадыл, Ма дзур Лæджы бартыл, - Науæд фыдуаг дæ, экстремист! Цæстдарды бахаудтæ, Тæрæнты сирдзынæ, Адæмæй, дугæй - æрмист!.. Ма ку, куы дæ нæмой, Ма хъæрз, куы дæ ’ргæвдой, - Бауром, бафæраз, быхс!.. Науæд дæ ’рфæрсдзысты: «Чи дæ, цы хъæр кæныс?! Галиу цæмæн дæ, цъылыс?!
134 Ирон литературæйы антологи Адæмы ардауыс, Нациты агайыс, - Хъоды, æлгъыстаг - дæ ном!.. Дамтæ дыл мысдзысты, Куыстæй дæ сурдзысты, Ахæстон дæр дын - тæрхон! Оххай, куыд ма кæнæм, Оххай, куыд ма цæрæм, О, Хуыцау, исты нын зæгъ! - Ратт нын лæджы бартæ, Ратт нын цæрыны хос, Ратт нын мыггаджы ном, зæхх!.. Науæд «ныхсдæры» кад, Науæд дæлдзиныг цард Нал у фæразын нæ бон!.. Рацарæзт - дуджы фарн, Рацарæзт - алцы дæр, Науæд нæ хъысмæт - зындон!.. Дзурæм Ирыстоныл, Дзурæм йæ амондыл, Домæм Рæстдзинад æргом! Мысæнт ныл дам-думтæ, Ахсæнт нæ, сурæнт нæ, - Адæм кæндзысты тæрхон!.. Зарæм хæдбарадыл, Зарæм сæрибарыл, Уарзæм нæ бæстæ, нæ дон! - Адæм æмбардзысты, Адæм нæ зондзысты, Адæм нын ратдзысты ном!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 135 ФОНДЗ МОНОЛОДЖЫ I. ГÆРТАМЫ МОНОЛОГ Фыдбоны гуырд - Гæртам дæн æз, Гæртам, Мæ ном дæр зонын, худинагыл дзуры. Нæ мын исынц лæгау-лæгтæ мæ арм, Мæн Закъон царды алы къуымæй суры... Мæ фæдыл зилы, туджджынау, æдзух, - Æфхæры мæ æгъатырæй, æвзоны. Йæ зæххон хъыгтæй никуы уыдтæн цух, - Тæригъæд мын æрдуйы бæрц нæ зоны. Цынæ бавзæрстон Закъоны фыдæй?! - Мæ иунæг сæрыл разылди куырой дæр... Сыбыры мардтæн уазалæй, сыдæй Æд хъадамантæ, - чи кодта мæ кой дæр!.. Нæ-иу уыдис мæ адзалы бон дард, - Мæлæт-иу хатт мæ нывæрзæн æрбадти... Фæлæ мын, зонут, авд уды ис, авд, - Уæддæр та-иу мыл хуры цæст ыскасти... О, ме ’сфæлдисæг, табу дын кæнын: Дæ фæрцы сæфæн никуы ис Гæртамæн, - Уидæгтæ уадзын, ноджыдæр сæрын, - Куыннæ уа тас мæ билцъ æмæ мæ тауæн... Хуыснæгау, хъавгæ, аууæтты цæуын, Мæ царды фæндтæ сусæгæй нывæндын, Куыннæ мын у «дæластæрдон» куыст зын, Фæлæ уæддæр мæ зын фæндæгтæ ’гæрдын...
136 Ирон литературæйы антологи Гæртамисæгмæ, хурау, у мæ каст, - Æз ыл æфтауын, Уастырджийау, ме ’ууæнк: Зылын хъуыддагæй ацаразы раст, Зын раны мæм æрбадары уый йе уæхск... Йæ уды ныхдур уымæн дæр Закъон, - Фыдбылызæн ысфæлдысти нæ царды. Дæттæй, уæдта куынæ уаид зæххон, Кæнæ бынтон куы басудзид цъæх арты... Æнæ Закъонæй бады сах мæ хъул, - Æз аразын хъуыддæгтæ ’мæ дзинæдтæ... Мæ хæлæрттæн мыды фæтулын дзул, Æфтауынц дидин парахат мæ фæндтæ... Æз аразын лæгмарæй дæр рæстуд, Ингæны былæй раздахын дзæммарды... Лæгæн цыфæнды карз тæрхон хæссут, Мæ бон цæуы - ысраст æй кæнон царды... Сæрхъæны сæры атъысдзынæн зонд, Зондджыны та ыскæндзынæн æдылы... Дæлдзиныг уды сисдзынæн бæрзонд, - Цæрдзæн, паддзахау, раст, цыма, йæ фыны... Дæ хивæнд фырт кæд ахуырмæ нæу рæвдз, Тæрсгæ йын ма кæн - «ахуыр лæг» уыдзæни, Гæртамы фæрцы институтыл хæц, Хуыздæр амонд æм ноджыдæр кæсдзæни... Æз кадртæ дæр равæрын куысты, Нæ сын кæсын сæ зонынад, сæ рангмæ... Кæд дзыппытæ æхцайæ къуыпп ысты, - Ныфсджынæй цу хуыздæр бынатмæ, размæ.
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 137 Æртасын кæнын Закъоны дæр хатт, Æрбадæм фынгыл, иумæ сæн нуазæм... Æхца дæр айсы, - арæхстгай йын ратт... Æмæ дæм ма уа иу мисхал дæр азым... Фæрнджын дæн уæдæ а-зæххыл, фæрнджын Хæрзиуæг, амонд парахатæй тауын... Фæлæ уæддæр æз Закъонæй - мæстджын, Æмæ мæ хъысмæт ницæйагæй фауын!.. II. ХАЛТУРÆЙЫ МОНОЛОГ Мæ цард мæнæн дæр нæу æдас, - Закъон, Рæстдзинады хæлæрттæ, Кæнут мыл тохы бон æвварс, - Уæ дудгæбæттæй - рыст мæ зæрдæ... Фæлæ уæ асæй æз уæддæр Мæ кæнон зæнгыл дæр нæ уадзын. Зын раны бахизын мæ сæр. Æмæ та ног уидæгтæ уадзын... Æндзарын сайыны монц, арт, Æгæрдын алырдæм фæндæгтæ... Кæцæй нæ райхъуысы мæ зард, Уым судзы цæхæрыл мæ зæрдæ... Æппæт дæр арæхстгай, хынцгæ, Бынат æрцагурын пайдаджын... Халтурæ диссаг у, уæвгæ! - Æмæ дзы бирæтæ фæхайджын:
138 Ирон литературæйы антологи Халтурæ ресторанты фæрс, Халтурæ магазинты - хицау, Халтурæ æфтауцдæттæн - гæс, Халтурæ шофыртæн - сæ хуыцау... Халтурæ ахуыры дæр ис, Халтурæ арæзтады бацард... Уый завод, фабрикæн - сæ рис, Цæттæ йын рынчындоны хъарм уат... Халтурæ мыхуыры дæр ис, Халтурæ сценæмæ дæр бахызт, Халтурæ диссæгтæ фæцис, - Йæ ном хæрзæджы номау айхъуыст... Кæм кусынц метр ’мæ тæраз, - Мæ цæст, мæ къухархайд - æмбисонд: Ыссивын, сайын... æмæ цас!? - Цæйбæрц мын амоны мæ цыргъ зонд.. Кæм кусынц «гоппи» æмæ сис, Халтурæ уым цæры æввонгæй, - Уæлдæр бынатмæ дзы ысхиз Æмæ дзы рафæлгæс бæрзондæй... Æппæт дæр банымай бæстон: Æфтиаг дзы кæцæй смæ цас и?.. Кæйдæрты «балхæнын» дæр зон, Æмæ дæ ма хъыгдара мачи... Дæрдтыл дæ хæдзæрттæ ныззил, Сæ мидæг дзаумæтты хорз - къухнад. Йæ руль дæ «Волгæ»-йæн æрзил, - Цæттæ дын - нæ ’фыдæбон бухъ цард..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 139 Ныр ын йæ фидар рохтыл хæц, - Æвæр сæрбахъуыдмæ хæзнатæ... Закъоны афхæрдыл дæр хъæц, Фæлæ йын макуы ратт дæ бартæ!.. III. БЮРОКРАТИЗМЫ МОНОЛОГ Закъон, рæстдзинад - ме знæгтæ мæнæн дæр, Сæ койæ дæр мæ зæрдæ - рыст, кæуы... Хызт сæ фæуæнт дæ фæдонтæ, дæ фæлтæр, Мах ’нæзакъон, нæхи бар цард хъæуы... Уæддæр табу, о, ме скæнæг, дæ фарнæн! - Мæнмæ цыбыр у уыдонæн сæ къух, - Сæ гæнæнтæн бæрц дæр ис æмæ арæн: Кæйдæртау мæн нæ бакæндзысты хурх. Æз дæр цæрын, мæ хъарутæ фæлварын, - Æфтауын пъæззы хъуыддæгтыл, рæстыл... Фæлывдæй гамхуд адæмы ’хсæн дарын, Æргом мæхи нæ фефтауын цæсты... Мæ галиу мын бæлвырд æмбарынц адæм, - Мæ ныхмæ дзурынц, хъоды мыл кæнынц, Цæрын, хæрын мæ никуы уадзынц адæн, Мæ ныхмæ карз уынаффæтæ хæссынц... Фæлæ айдагь уынаффæ циу? - дзæнгæда, Мæнæн та уый фæцаразы мæ къух, - Хъуыддагæн дæ йæ фехалын куы фæнда, Кæн ыл æрмæстдæр сур ныхас æдзух...
140 Ирон литературæйы антологи Уыдзæн дын царды ахæм æгъдау гамхуд, Йæ мидæг бабыр, хъаны цард дзы кæн... Куы дæ æфхæрой, гъе, уæддæр сæм бахуд, Фæлæ дæ зæрдæ ма равдис лæгæн. Дæхимæ царды макуы райс бæрндзинад, Дæ хъуыддаджы зын иннæтыл æвæр, Æхсæны царды ма агур рæстдзинад, Фæлтау дæхицæн удæнцойæ цæр!.. Фæдисы бон дæр ма акæс къæсæрæй, Дæ кабинеты дуарæхгæдæй бад, - Хъæлтæ фæхауæд телефон дæ хъæрæй, Фæлæ дын уый дæр кад уыдзæни, кад!.. Дæ хистæрты раз басгуых-иу сæрныллæг, Дæ худ сын ис, дæ ронбастмæ сын тас!.. Дæ дæлдæртимæ - карз æмæ æрхуым лæг, - Дæ иу фендæй дæр, уадз, æвзарой тас!.. Ызмæнт, фæлдах гæххæттыты рæдзæгъдтæ, - Сæ мидæг агур хи пайдайæн фыст... Нывæнд, тынау, дзымандытæ, мæрдвæндтæ Æмæ уый хон ды паддзахады куыст... Хал хъавгæ, хинæй Закъонæн йæ бындур, - Æргомæй йемæ макуы расид тох. Æппæл дзы барæй алхатт дæр йæхи цур, Фæсвæд та дæ йæ халын ма уæд рох!.. Кæд дзырд æрхауд дæ мæлинаг хъуыддæгтыл, Фылдæр сæ ныхмæ ды дæхæдæг дзур... Кæронмæ хæц дæ иузæрдыг хæлæрттыл, Æххуыс та Закъон, Хицауадæй кур!..
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 141 Зон, исчи дын фæзындзæни ныфсы лæг, Дæ хæрзиуæгæн айгæрддзæн фæндаг... Хъысмæты раз нæ баззайдзынæ иунæг, Дæ зарæг та кæндзæни ног зæлланг!.. Кæд ма дæ хъул нæуæг хорзæхтæ ’мбула, - Цыма æмбæлынц, афтæ-иу сæ райс... Рæстдзинад дæ куы фæхата, куы ’рсура, Уæд та дæхи æндæр бынатмæ айс!.. IV. ХИОНИЗМЫ МОНОЛОГ Æз - арфæгонд ыстыр хуыцауæй, - Нæ тæрсын Закъонæй бынтон. Кæд мæм ыссарай исты фауæй, - Мæхи ысраст кæнын - мæ бон, Æз хиуæттыл хæларад тауын, Хæларæй, уадз, æмæ цæрой... Уадз, се ’хсæн макæй уадзой хауын, Фæрнæй адджын къæбæр хæрой... Цы уыны Закъон уым зыгъуыммæ, Цы дзы ис адæмæн зиан?! Фæлæууæд исчи ма мæ ныхмæ, - Ыссардзæн къляузник йæ ран!.. Мæнæн - зын базмæнтæн мæ хъуыддаг, Мæ хинтæ арф ысты дæлзæхх... Фæлæ мæ сргом дзырдмæ фæхуыдтат, Æмæ мæм байхъусут дзæбæх:
142 Ирон литературæйы антологи Нæ домын æз фыццаг гæртæмттæ, Нæдæр сæ искæмæн дæттын, - Æз дарын хиуæттыл мæ зæрдæ, - Æууæнк, хæрзæнхъæлæй цæрын... Куы бахауы сæ иу бынатмæ, Куы слæууы хъуыддагæн йæ сæргъ, Уæд кæс æрвад æмæ мыггагмæ - Тылаттатау фæуарынц зæхх... Хуыздæр бынæттæн номхыгъд - арæзт, Æфтиаг дзы кæм уыдзæн, цас?.. Сæ къух дзы алкæдæм дæр баххæст, Нæ уадзынц иннæты æввахс... Æфсымæр, хо, æрвад уа, каис, Хæрæфырт, файнуст, чындз, сиахс, - Хуыздæр бынæттæй сын сæ хай ис, Ыссив, æмпул æмæ нуаз... Сæ ныхмæ чифæнды ысдзура, - Цæгъдынц кæрæдзимæ хъуытаз... Нæ зонынц ахæм раз халтура, Кæнынц ыл се ’ппæт дæр æвварс... Сæ бодз-фæтæг æвдисы уаз хуыз, Цыма, уæздан, сыгъдæг зæд у. Фæлæ нæ дуджы ды кæй сайыс?! - Йæ хиуæттæн æлхæд лæг у... «Лæвар» дæр исы æмæ «’фстау» дæр - Æхца, сыгъзæрин уа, налхъуыт... Нæ раздахдзæн хъыбыл, гъе, карк дæр, Æрмæст ын сæ, куыд хион, ратт...
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 143 Уыдзысты йын хæларæй тайæн, - Æргом сæ чи схондзæн гæртам?! Ис Закъонæн дæр афтæ сайæн, - Куы дыл æвæра хион арм... V. РÆСТДЗИНАДЫ МОНОЛОГ Зын у мæнæн дæр а-зæххыл цæрын, - Æдзух - фæдисон, посты лæуд салдатау, Салдатау, ард Фыдыбæстæн хæрын, - Кæй йын уыдзынæн бахъуыды бон уартау! Хæрамы тыхтæ карз ысты, мæнгард, - Цæуынц мæ ныхмæ хин æмæ кæлæнæй, Кæм ис ыссарæн амонд æмæ цард Рæстагæй, уым дæр басгуыхынц фыдвæндæй. Гæртам, Халтура, барджын Хионизм, Сæ бюрократ хæлæрттæ дæр ма семæ, - Æфтауынц царды уаз буарыл низ сМæ афтæмæй цæрынц нæ фарсмæ, немæ... Кæнынц нын хатт уынаффæтæ, тæрхон, - Сæ къухмæ нын нæ царды рохтæ райсынц, Сæхи, хæлæрттау, февдисынц æргом, Фæсвæд та нын нæ царды бындур халынц. Сæ фыдмитыл сæхæдæг дзырдтой ам, Æз ма сæм ноджы бадардзынæн азым; Сæ мæнгард удты бацардис хæрам, Æмæ сын фестад ’цæгæлон мæн уарзын...
144 Ирон литературæйы антологи Сæ фыдгулау кæнынц мæ ныхмæ тох, Сæ топпы кæсæн арæзт у мæ риумæ... Сæ ивгъуыд дæр мæ никуы фæци рох, - Хъуыды кæнын, цытæ мын кодтой иумæ... Сæ фарс - паддзах, сæ къухы уыд закъон, Мæн-иу рæстагæй хъизæмарæй мардтой... Фæуыдаид сын иучысыл æфсон, - Дæсгай азты мæ ахæстоны дардтой!.. Быдтой мæ алварс хахуырты хызæг, Мæ ном сын царды хъодыйаг ысгуыхти... Салам дæттын мын нал уæндыди лæг, - Мæ зæрдæ риуы фырмæстæй ыскъуыди... Фæлæ мæ уд мæлæтæн нæу йæ бар, - Нæ мын ис фехсæн, баныгæнæн, судзæн... Мæнимæ царды иу æвзагыл зар Æмæ дын тохы никуы ис фæцудæн!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 145 ЧРфЧРфяр^^ МÆФÆНДЫР Сис, мæ фæндыр, сис дæ зарæг тынгдæр, - Адæмæн сæ удты ристæ зæгъ. Уымæн хъæуы, уымæн мах фæндыр дæр, - Хъуса йæм сæрбахъуыды бон зæхх!.. Асура ныййарæгæн йæ сагъæс, Фесафа цæф хæстонæн йæ рыст, Саударæгæн раива йæ дарæс, Фенцон кæна гутондары куыст... Сис, мæ фæндыр, сис дæ зарæг тынгдæр, Хæсты зынгæн фесафæм йæ тас, - Сабыр цард æппæтæй дæр - адджындæр, Сабыр цард ныййарæг мадау уарз!.. Топпы хъæрты баивæнт дæ зæлтæ, Куывдты æмæ чындзæхсæвты зар, Ма фæллайæнт зарынæй дæ тæнтæ, Алкæй зæрдæ барæвдау, ыссар!..
146 Ирон литературæйы антологи фффф^^ ЗÆХХЫ РИС Хъæрзыс, мæ ныййарæг мад-зæхх, Фæлæ цæмæн? - бæлвырд нæ зонын. - Дæ рис, дæ сагъæстæ мын зæгъ. - Мæхи дæ фырт, дæ хъæбул хонын... - Мæ рис, мæ сагъæстæ - уæззау, Мæ хъæбул, бамбар-ма дæ мады... Мæ зæрдæ сагъæстæй ныссау, - Цы маст нæ бавзæрстон мæ царды!.. Ныр та - уæлдай катайаг, ныр: Мæ сæрмæ хæсты мигътæй - талынг, Мæ мæт мын балхъивы мæ хъуыр, - Тæрсын - куы ныххуысса мæ сау зынг!.. Фыдлæгтæ - снæсæрфат, уæууай, Зынг-хæстмæ рабастой сæ гæрзтæ! Фæцис, дам, карз атом нæ хай Æмæ йын бавзарæм йæ хъæстæ!.. Мæхи мæт никуы кодтон, нæ, Мæ мæтаг - хъæбултæ, сæ фидæн... Лæджы фарн, райхъал у, кæм дæ, Æркæс мæм, дунейыл дын иу дæн... Куы сæфон - фесæфдзæн æппæт. Æрцæудзæн сау хъаймæт мыггагмæ. Лæджы цард бауыдзæн æвæд, Мæ фырттæ, байхъусут уæ мадмæ!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 147 Тыхст дуджы басгуыхæд уæ зонд: Нæртон, уæлмонц фæндтæ нывæндут, Мыггагмæ разынут уæззонд, - Мæ риуыл уарзонæй фæцæрут!.. Ныддымут ног хæстæн йæ тас, Хæстæндзарæг йæ сæфт куыд ара, Хæцут сабыр цардæн йæ фарс. Æнустæм хæсты тас куыд нал уа!..
148 Ирон литературæйы антологи ЩРФЩРФО^^ ФÆДЗÆХСТ Сæууон хуры тын хохы цъуппыл хъазы, Ныррухс и дуне, цинтæ дын хæссы, - Дæ раттæг Æрдз æрмттæтыгъдæй - дæ разы. Йæ хъæбысæй дæм цардамонд кæсы... Ды дæр ыл атыхс, акæн ын хъæбыстæ, Хъæбулы уарзт ын ма бакæн хæлæг, Йæ фарнæн бакус, басчъил кæн дæ дыстæ, Дæ мад у Æрдз, йæ буц хъæбул дæ, Лæг!.. Ныссадз йæ мæры уалдзæджы дæ гутон, Дæ кусæн къухтæй дзуйлаг мæнæу тау, Тыллæджы хос - къæвдатæ æмæ хур бон, - Цы ма хæссыс дæ раттæг Æрдзмæ фау?!.. Ныссадз дыргъхæссаг талаты мыггæгтæ, Ныккæн сыл дон, - æрзайдзысты фæрнæй, Сæдæахæмæй райсом фыст - дæ хæрзтæ... Цы ма дæ хъæуы, Æрдзы Хъæбул, цæй?!.. Ыскæн ма фос, фыййауы зынтыл бахъæц, Æркæрд сын хос, фыд зымæг сын - æдас... Цæттæ дын - хæлц, дæ хъарм хæринаг, дарæс, - О, Адæймаг, дæ раттæг Æрдзы уарз!.. Цы ма дæ хъæуы? - Æрдзæй дын æппæт дæр, Цæрынæн равзар горæт кæнæ хъæу, Фæрнæй кæм цæра арвы бын дæ кæстæр, Быдыр уа, хох - сæ фæззæджы най - дæу!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 149 Хæрзиуæгæн дын - фабриктæ, заводтæ. Дæ фарнæн кусынц, хомыс дæр сын - фаг. Æгæрдыс шахттæ, амондджын дæ бонтæ, - Дæ Мад-Æрдзæй цæмæй ма дæ хъæстаг?!. Океантæ æмæ денджызтæн сæ арфмæ Ныххызтæ, ихджын полюстæ сæттыс, Ныфсджынæй хизыс космосмæ, уæларвмæ, Дæ гæрзтæ ног уæлахизтæм бæттыс!.. Дæ бар - дæхи, дæ ног хъуыддæгтæй байрай - Фæлвар, иртас, æндæр дунетæм хиз!.. Уæддæр хуымæтæг а-зæххонæй баззай, Фыдбылызæй та дун-дунейы хиз!..
150 Ирон литературæйы антологи Чртртртф^^ ЗЫНГХУЫСТСАЛДАТЫ МОНОЛОГ Тохы быдыр хъазты фæзуат нæу, Топпы нæмыг иуы дæр нæ фæрсы, Кæд мæлыс, уæддæр йæ разы лæуу. - Сау мæлæт дæ фæскъæбут æмбæхсы!.. Афтæ уыд мæ зынгхуыссæн бон раст, - Иу карз тохы абырстам мах размæ, Сау мæлæт нæ алкæмæ дæр каст, - Не знаг хъавыд ифтонгæй нæ размæ. Ихуарæгау рацыди ызды, ’Нæ мæлгæ нын нал уыди дзæвгарæй, Разæй бырстон, ирон нæ уыдтæн, цы?! - Нæй, нæ тарстæн тугмондаг ызнагæй!.. Цалдæры дзы барвыстон мæрдтæм. Равдыстон мæ тых æмæ мæ хъару. Фыццаг хатт æрмихæсты уыдтæн, Дыккаг хатт ма бацæуын кæй бар у?! 'Нæнхъæлæджы бахуыссыд мæ зынг. Топпы нæмыг ахызти мæ риуы. Ныр куы кæнат бирæ дæр ма хъыг, - Не знаг уымæй иу мур дæр нæ чиуы!.. Уый бæсты-иу ’рымысут мæ ном, сРæвæрут-иу дидинтæ мæ риуыл. Ам, мæрдты дæр, æз - ирон хæстон, - Иузæрдыг - мæ Фыдызæхх, мæ Ирыл!
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 151 «ГЧ^Р^Ф^^ БАЛ БÆЛАС Рæзтис хъæды бал бæлас йæхицæн, Хуры цинтæм, рухс арвмæ бæллыд... Мæргътæ æмæ сабитæ - æвдисæн. Балафон сæ алкæмæн - рæвдыд... Бакæсут ныр: бал бæлас цы кодта?! - Судзгæ цæссыг фестади лæсæн... Саубон ыл кæйдæр къухæй æркодта, Бафæрсут-ма, æмæ уæд - цæмæн?! Сæндуцæджы бахъуыди быркуыхсæн, - Балы цъар ын - диссаджы æрмæг, - Уый фарнæй хуыздæр уыдзæн йæ дыгъд сæн ’Мæ йын кардæй ’рыстыгъта йæ зæнг!.. Ныр кæндзысты бадт сæнæй рæгъытæ, Хъæлдзæгæй æрвитдзысты сæ бон... Гаджидаутæ цас уыдзæн дæргъытæ, - Бал бæласæн чи ссардзæн йæ ном?!..
152 Ирон литературæйы антологи Чрртрф^^ ЗÆРОНДЫ КАТАЙ Ныр мæ хъæлдзæг, мæ рухс бонтæ - дард, Зæрдæ - нынкъард... Ехх, куыд зæлыди иухатт мæ зард, Ме ’гъуыстаг цард!.. Ныр зæронд дæн, æнусы æмкар, - Нал и æхсар... Дары карз рæстæг махыл йæ бар, - Алкæй æлдар!.. Ног ма басхъауын уды цæхæр - Талынг изæр... Дардæй фехъусын ’взонгады хъæр: «Размææфсæр!.. Ма ратт, ма ратт æгадæй дæхи, - Ногтыхтæ ар!.. Цард-мæлæты ’хсæн арæн кæм и, Уым дæр ныззар!..».
Икъаты Владимир Æвзæрст уацмыстæ 153 РАСТЛÆДЖЫФАРС КÆД НÆ ХÆЦАЙ... Дысон-бонмæ æз мæ уаты 'Нæ хуыссæг фæдæн. Зæрдæ сыгъд уыраугæ арты, - Бафæрсут: цæмæн? Бафхæрдтой ызнон мæ цуры - Ме ’мбалы рæстæй... Алыхатт рæстыл кæй дзуры, Мастаг ын - уæвгæй! Чи йæ карз æлгъыст фæкæны, - Тавиц æм хæссы... Чи йæм дзургæ дæр нæ кæны, - Зулмæ йæм кæсы... Чи йæ «къляузник» ысхоны, Чи - «æрра, сæрхъæн»... Чи йæ ’нæсæрæнæй тоны, - Нæу, зæгъ, гуырд лæгæн... Чи та йæ æргом ысдауы: «Раст лæг дæ, бæгуы! Ахæмты хуыцау рæвдауы, Уарзы сæ Мæскуы...». Фæлæ йæ хæрам куы ’рсырдта Тæккæ ызнон карз, - Алчи сæ йæ дзых ныххуыдта, - Ничи радта фарс...
154 Ирон литературæйы антологи Уым уыдтæн æз дæр - йæ цуры, - Разындтæн тæппуд, - Не суæндыдтæн уый фарс дзурын, - Ныр куыд дарон худ?!. Ехх, мæ хуызæн гуырд, ныстъæлай, - Райгуырыс - цæмæн?! Раст лæджы фарс кæд нæ хæцай, Уæд мæлæт - дæуæн!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 155 1^«Г^^^ «ПАТРИОТТÆ» «Æз ирон дæн, ирон дæн!» - фæдзурынц Махмæ чидæртæ фынгыл хъæрæй. Кад, ыстыр ном Ирыстонæй курынц, Фæлæ бафæрсæм: чи сты, кæмæй?! Лæг йæхи удау, й’ адæмы уарзы, Зоны йе ’взаг, йæ фарны æгъдау, Уыдон рох кæнын никуы фæразы, Никуы дæр сыл æвæрдзæни фау!.. Фæлæ ацы тыхирæтты бафæрс Ды иронау: чи сты, кæмæй? - Бафтдзæни дыл зæрдæхалæн сагъæс, - Мисхал дæр сæм ирондзинад нæй: Дзурдзысты дын цыфæнды æвзагыл, - Ма сæ радом ирон дзырд æрмæст. Ды куы хæцай дæ ирон æгъдауыл, - Демæ сиддзысты загъд æмæ хæст!.. Ныр ды бамбар: чи сты, цы мыггаг? - Чи сæ басгуыхдзæн кады лæгæн?! - Фæлæ аразынц тынг хорз сæ хъуыддаг Иры буц номæй - Иры хъыгæн!..
156 Ирон литературæйы антологи ЩффЩфЮ^ УÆЙГÆНÆГ «Ирæн æз ныфсы лæг дæн», - зæгъыс, Иры номæй фынгтыл ард хæрыс... Фæлæ дын æргом ныхас зæгъон: Ирæн ды - æлгъыстаджы фæдон... Бахъуыды бон разыныс тæппуд, - Нал фæдарыс, нæ, дæ сæрыл худ... Расты сæрыл ферох кæныс дзырд, Иры тыххæй аивыс дæ куывд... Бамбæхсыс дæ хуыккомы мыстау, Марг тауын - дæ лыскъ уды æгъдау... Ехх, фæлтау куы уыдаис ызнаг, Уæд бæлвырд зыдтаиккам дæ уаг... Хастаиккам рагирон тæрхон, - Нал уыдаид а-зæххыл дæ ном...
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 157 Щффф^ КУСÆГ КЪУХТÆ Балладæ Кусæг къухтæ, Домбай къухтæ, Æз сымах алкæм дæр уынын. Уынын уæ: кусут, хъиамæт кæнут, - дунейæн фарн æмæ амонд хæссут... Райсомæй суанг изæрмæ гутоны къæдзыл хæцут, æмæ таут мæнæу... Гъе, та рувут нартхор диссаджы хор, - алчи дæр ын зоны йæ кад, йæ кæрдзыны ад... Кусæг къухтæ, тæппал къухтæ, алкæм дæр уыл ысхæцы мæ цæст, алкæд дæр æз уæ цинæй - æфсæст... Мæнæ, мæ разы - колхозы скъæт поездау ныддаргъ - фосæй - хæрздзаг, фисткалд сæ алчи. Уыдонмæ дæр зилут сымах, зилут сæм, холлаг сын арут,
158 Ирои литературæйы антологи уæ арæзт нукты сын царды хос - уазал дон дарут... Кусæг къухтæ, тæппал къухтæ, æз сымах алкæм дæр уынын. Уынын уæ: кусут, хъиамæт кæнут, дунейæн фарн æмæ амонд хæссут... Айнæг хæхты зилут бырæутæ, - æгæрдут дзы шахттæ - ызгъæрдон лæгæттæ... нæ сæудæджерадæн дзы астæумагъз - Царды хос арут, фæллой кæнын, хидкалгæ, уарзут. Кусæг къухтæ, Куыстдомд къухтæ, диссæгтæ, снахуыр диссæгтæ - алцы фæлдисут: аразут наутæ, - атомон наутæ, ракетæтæ мæймæ æрвитут... Аразут пълантæ - фондзазон пълантæ, адæммæ амонд - коммунæмæ сидут. Кусæг къухтæ, Уаз къухтæ,
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 159 нæ магазины ис бирæ хъуымæцтæ - сымах уæфт хъуымæцтæ. Чи сæ фæнымайдзæн? - ...бостонтæ, зæлдæгтæ... Кусæг къухтæ, зæрин къухтæ, æз сымахæй хæсджын дæн - зонын, царддæтджытæ уæ хонын. Сабийæ мæ кодтат-иу гаккæй, рæвдыдтат мæ адджын гагатæй... Фæскуыст-иу куы уыдыстут фæллад, кæнæ фæсрынчын - æдых, уæддæр-иу мæм уæхи дардтат тыгъдæй... Уæ цæрæнбон хъардтат мæ уды, мæ уарзты тыххæй... Кусæг къухтæ, домбай къухтæ, судзинæй ракетæйы онг цардæн алцы дæр сымах фæрцы куы рæзы... Бавдæлут-ма, Гъей, джиди, ’мæ иухатт Дунейæн сæ хæцæнгæрзтæ рисут. Иумæ сæ нæртон куырдадзы ногæй бадон кæнут, Ног ызгъæр сæ райсут Саразут сæ - рельсытæ, тæфластæ, -
160 Ирон литературæйы антологи рахонут сæ иумæйаг лæвæрттæ, æмæ сыл коммунæмæ хæларæй, уадз, æрцæуæнт Дунейы фæлтæртæ!.. ÆРÆГВÆЗЗÆДЖЫ НЫВТÆ Бур сыфтæр къалиуыл ризы, Арв дæр - æрхæндæг, æнкъард... Фосы дзуг цъæнутыл хизы, Тæрсхæрдæй бур арс ныннард... Комы дон ног чындзау - сабыр, Цæгæтты халас - æвæрд. Тар хъæды мæргъты зард бамыр, Оххай, кæд та уыдзæн сæрд?..
«Дæлбары дзуапп йæ бюрократ хистæрæн» Нывгæнæг Джуссойты Иная
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 161 Щффф^^ ÆМÆ-ИУ ДÆ ХЪÆБУЛЫ ФАРС ХÆЦ... Хъалтæн æз нæ басгуыхтæн сæ фæдон, Иу къусы нæ цымын семæ бас... Никуы мын у цины хос сæ фæндон, - Никуы кæнын семæ хъарм ныхас... Уый бæсты сын равзарын сæ фыдæх, Равзарын сæ топпы кæсæн - рæвдз... Нæй мæнæн æндæр фæндаг, Фыдызæхх, Æмæ-иу дæ хъæбулы фарс хæц...
162 Ирон литературæйы антологи ХЪÆБУЛЫ ЦЫРТ Фыдæн хъæбул ныссадзы цырт, Фæлæ ныззылд нæ хъысмæт: Æз дын - цыртаразæг, мæ фырт, Ды та æмбар фыды мæт: Нæ арын ахæм дур зæххыл, Дæ хуыз кæм уа ныффыссæн!.. Нæдæр нывгæнæг ис бæстыл Хуыздæйрагæн æххуырсæн!.. Дæ цæсгом хуры тынтæй конд, - Æдзæм дур сæ нæ ахсы!.. Нæдæр дæ хъæлдзæг худт, дæ зонд Цæст дурæн раттын уарзы!.. Хъæбул, ныссадздзынæн дын цырт: Дур фестдзынæн мæхæдæг, - Ныв дæ мæ мидæг ды, мæ фырт, - Мах нал хъæуы нывгæнæг!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 163 ФЧРР^^ РАТТ ЗÆРДÆЙЫ ХЪАРМ, ЧЫЗГАЙ! Ратт поэтæн зæрдæйы хъарм, ратт, - Фарнæн бафтдзæн музæйы цæхæрмæ, - Ногæй тынгдæр айхъуысдзæн йæ зард, Цард та ногæй бахуддзæн йæ хъæрмæ!. Науæд дуне сагъæстæй нынкъард, - Атомы тас зæрдæтыл æнцайы... Саслам и, ысдыгъуырццæг нæ цард. - Зæрдæ йæм æнæрæнцой æхсайы!.. Ехх, куыд хъæуы ахæм поэт ныр, - Дун-дуне кæй зарæгмæ ныхъхъуса, Атом дæр кæй зарæгæн фæндыр Самона, хæрзиуæгæн ыскуса!.. Хæст мыггагмæ фесæфа зæххыл, Фесæфой хæрам æмæ фыддзинад... Алчи ’ууæнда, архайа рæстыл, Тас фæцæуой уарзт æмæ сабыр цард!.. Ратт поэтæн зæрдæйы хъарм, ратт, - Фарнæн бафтдзæн зæрдæйы цæхæрмæ, Ногæй тынгдæр айхъуысдзæн йæ зард, Цард та ногæй бахуддзæн йæ хъæрмæ!.
164 Ирон литературæйы антологи ЧРРФЧртОТ^ УАЙДЗÆФМÆДУГÆН Мæ цæст дæ бафхæрын нæ уарзы, Мæ дуг, - мæ хъомылгæнæг дæ! - Хъæбулау хæсджын дæн дæ разы, Дæ хæрзтæ бирæ сты, уæвгæ!.. Фæлæ мын иу амонд нæ радтай - Æдас цард - удыйаргъ лæгæн!.. Тæссагдæр хотыхтæ цы ссардтай, - Мæ ныхмæ иууылдæр - мæнæн!.. Æвзидынц атомæй фыдгултæ, Сæ нысан - бастъæла нæ цард! - Сæ цуры ницы сты фыд гуннтæ - Дунейыл чи æфтыдта арт!.. Фæлæ сæ бомбæтæй тыхджындæр - Лæджы фарн - амонды гæнах!.. Дунетæн махимæ - сæ фылдæр, - Сабыр цард бахиздзыстæм мах!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 165 «1*^ф^Ф^ ИРОН МАДЫ ФÆСМОН Хъ. А.-йæн Мæ хъæбул, адæймаг рæдийы, - Æз дæр фæрæдыдтæн дæ разы. Мæ зæрдæ фæсмонæй мæ риуы Æдзух ныр уый тыххæй дзыназы!.. Тæригъæд ма бакæн дæ мадæн, - Мæ рæдыд судзаг у, уырауаг!.. Дæ цин, дæ райгуырдыл фæрадтæн, Мæ иунæг саударæг уромæг! Дæ дзыхæй мады риу нæ ластон, - Кæд тагъддæр байрæзис, мæ къона. Фæлæ дын иу амонд нæ хастон. - Нæ-иу дæм бадзырдтон иронау!.. Нæ-иу дын акодтон цы-цытæ, Нæ хъуыстай «Ало-лай» мæ дзыхæй, Ирон ыскъоламæ нæ цыдтæ, Нæ зоныс де ’взаг ныр мæн тыххæй!.. Хъаймæты сау рæдыд æруагътон, - Ныр мæм мæхи намыс лæбуры!.. «Лæг мын дæ, байрæзтæ» - куы загътон, Уæд мæм мæ ирон фарн ысдзуры: «Дæ фыртæн ’цæг амонд нæ радтай, Иртæст дын - мадæлон бындурæй... Йæ нæртон удæй йын фæкайдтай, Фæхуд дæхиуыл ныр цæрдудæй!..
166 Ирон литературæйы антологи Зæгъ-ма, ирон лæг æй куыд хоныс, - Кæд дын Къостайы ’взаг нæ зоны! - Æвзаг у нацийæн йæ хъомыс. Йæ фидыц - цины уа, зындоны!..» Мæ хъæбул, ацы сайд дæ мадæн, Фæдзæхсын, ма ныббар мыггагмæ, - Мæ сайд - æгады гакк дæ цардæн. Ныр кæс дæ мадæлон æвзагмæ!.. Зæгъ-иу мæ фæсмондзырд дæ усæн: Йæ хурæн «Ало-лай» куыд зара, Ирон дзырд фидæны æнусæн Тырыса хорзæхау куыд дара!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 167 фффДОВД САБЫРАДÆН НЫВОНДНÆСÆРТÆ Зæгьон мæ уды рис æргом: Фыццагау нал хъуысы мæ зарын, Æнкъардæй арвитын мæ бон, Мæхицæн удæнцой нæ арын!.. Цæмæн у афтæ тыхст мæ цард? - Хæринаг, дарæс цух куынæ дæн!.. Цы хæссын иудадзыг æнкъард? Æвыдæй катайаг цы фæдæн?! О, хæст, о ядерон зынг хæст! - Дæ тас мын акæрды мæ зæрдæ!.. Дæ зынгæй сабитæ - фæдзæхст, Сабырадæн нывонд - нæ сæртæ!..
168 Ирон литературæйы антологи фффцдоц^^ ÆЗ МÆ РУХС ГАЛУАН АМАД ФÆДÆН О, нæ дуне, куыд диссаг дæ, уагæр, Демæ диссаг - дæ хъæбул - æз дæр!.. Æтт, дæ хъæбысы иу æнус рацæр, Æмæ фарнæн дæ рынтæ фæхæр!.. Карз æнусы тæссаг хъыгтæ асур, Райгонд, буцæй дæ амондмæ кæс, Уарзт, хæрзиуджытæ дзыллæтæн агур, Æмæ сын сæ хъæбулау фæхæсс!.. Хин, фыдбылыз куыд нал уа сæ царды, Уарзты монцæй сын дойны куыд уа!.. Зæхх куыд нал судза хæсты цъæх арты, Арт дзы тавынæн, уадз, мæ кæла!.. Лæг хъæрмартæй йæ уæлæ куыд цæра, Туджджынтæ йыл куыд ысуой лымæн. Лæг, мæлгæйæ, йæхицæн куыд зæгъа: Æз мæ рухс галуан амад фæдæн!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 169 ирЧРРФ^ УÆЛАХИЗЫ ЗАРÆГ Лæг йæ фын нæма федта кæронмæ, Хурзæрин нæма сдардта йæ цæст, Афтæ фехæлд мах арæныл бомбæ, - Гитлер сайдæй бандзæрста фыд хæст!.. Б а з а р д: «Тох-фæдис, тох-фæдис!» - Арвы нæрдау хъуысти. Мах Цæдис, мах Цæдис Тохы бон ысгуыхти!.. Зæхх æнкъуысти, арв цæхæртæ калдта, Пиллон арты сыгъд мæнæуы хуым!.. Топпы нæмыг мингай удтæ хаста, Хъуысти марой, къæдзæхты хъæрзын!.. Б а з а р д: Тохмæ иумæ растадыстæм, иумæ: «Гъе, уæлахиз, гъе, кæнæ - мæлæт!..» Тох цыдис Ирыстонæй Берлинмæ, - Райгуырæн зæхх уыд нæ кой, нæ мæт!.. Б а з а р д: Чи басгуыхти карз тохы æнусмæ, - Чи радта Фыдызæххæн йæ цард, - Базарæм-ма уыдоныл, лæппутæ, - ’Нустæм сын - цæрæнбон æмæ кад!!!
170 Ирон литературсейы антодоги Б аз ар д: «Тох-фæдис, тох-фæдис! - Арвы нæрдау хъуысти. Мах Цæдис, фарн дæм ис, - Не знаг саст æрцыди!.. РÆСТАГТОХЫ... Рæстаг тохы æз никæмæй нæ тæрсын, - Алайнаг дæн, - алайнаг ма кæд тарстис?! Тæппуддзинад мæ сæрмæ æз нæ хæссын. Фыдæлты фарн, дæ фæдоны дзы бахиз!.. Фæлæ фыдлæг куы базоны мæ хъару, Уæд архайы фæлывд æмæ мæнгардæй, - Æргомæй мын - цæстфæливынæн табу... Фæсвæд та мыл нæ ауæрды йæ маргæй!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 171 ффффф^^ РÆСТДЗИНАД Мæлæт мын хай - рæстдзинады сæрвæлтау, Нæ царды фарн æнæ рæстдзинад - сæфт, Нæ бæллын кадмæ, исбонмæ кæйдæртау, Нæдæр быхсын цагъайраджы къæлæт. Æнæраст ми паддзахæн дæр нæ барын. Уадз, тас мын уæд йæ фыдæхæй, уæддæр Æз раст куы уон, æфхæрдæй дæр ныззарын, Мæ зарæг дæр - мæ рæстдзинады хъæр. Нæртон æгъдау - лæгау цæрын кæронмæ, - Мæ зæрдæйы, мæ уды къæйтыл фыст. Хæрам лæгтæн нæ кæсын æз сæ коммæ, Сæ ном, сæ кой мын - хъамайы рæхуыст. Æнæ растæй нæ Хуыцау дæр æгад у, Нывæндтæ æмæ уарзты аккаг нæу. Нæ зæрдæмæ, нæ уды фарнмæ дард у, Фæкæнæм йемæ уымæн дæр быцæу!.. Рæстдзинад ис? Уæд амондджын - нæ къона, Æрдхæрæйнаг - нæ цин, æмæ нæ уарзт. Нæ зæххыл нал ис уæд хæрам, тыхтона, Æрцыдысты нæ фыдызнæгтæ саст... Кæнæм нывонд рæстдзинадæн нæ удтæ, Нæ тугаргъæй йæ номæй ард хæрæм, Рæстаг лæгæн цæй, сисæм-иу нæ худтæ, Рæстаг лæгтæй ингæнмæ дæр цæуæм!..
172 Ирон литературæйы антологи ГÆЗДÆНТЫ АВД ÆФСЫМÆРЫ ЗАРÆГ Хор: «Тохмæ, тохмæ - Германы хæстмæ!» Райгуырæн зæхх сидт йæ хъæбултæм. Чи фæлæууа ахæм бон фæстæ, - Ма райгуыра мад-фыды фыртæн!.. С о л о-м а д: О, мæ хъæбултæ, О, мæ авд хуры, Мады зæрдæ уæ Судзгæ агуры... Хор: Сахъ Гæздæнты авд æфсымæры Кад æрхастой Мад-Фыдыбæстæн. Абон дæр Ирыстоны цæры Кады зарæг карз тохты фæстæ!.. Со л о-м а д: Иу уæ нал æрцыд Тохы быдырæй - Налдæр онгцухæй, Налдæр сохъхъуырæй!.. Хор: Базарæм-ма, базарæм хъæрæй Не ’фсымæртыл иууылдæр, уæй, тох!.. Амæлæн сын никæд бонты нæй, - Тохы гуырдтæ никуы вæййынц рох!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ \1Ъ С о л о-м а д: Иу уæ нал загъта: «О, мæ ныййарæг, Мæнæ срыздæхти Авдæй иу дарæг!..» Хор: Базарæм-ма, базарæм хъæрæй Не ’фсымæртыл иууылдæр, уæй, тох!.. Тохы гуырдтæ никуы вæййынц рох!.. Амæлæн сын никæд бонты нæй, - С о л о-м а д: О, мæ хъæбултæ, О, мæ авд хуры, Мады зæрдæ уæ Судзгæ агуры!.. Хор: Базарæм-ма, базарæм хъæрæй Не сфсымæртыл иууылдæр, уæй, тох!.. Амæлæн сын никæд бонты нæй,- Тохы гуырдтæ никуы вæййынц рох!..
174 Ирон литературæйы антологи Чртрчр^^ ДЫУУÆ ЦЫРТЫ Нæ уæлмæрдтæ... Зындон æви дзæнæт? - Уый аргъау у, фæлæ нæм кадджын - мард. Нæ дуджы нал, фæлæ нæ дард фыдæлтæм Сæ мæрдты номæй хордтой карздæр ард. Æз та сыл зилын мæнæ ныр æнкъардæй, - Сæ рухс нæмттæ дзы бирæтæн - уæлон... Ех, цас ацыд мæ зонгæтæй дæр цардæй, Ныр сæ æз мысын алкæмæн йæ ном... Хæссын мæ цæст сæ ингæнты цырт-дуртыл, Сæ фыстытæ, сæ нывтæм сын кæсын... Мæ зæрдæ хойы хи, мæгуырæг, къултыл, - Сæ хъысмæтæй дзы бирæтæн тæрсын!.. Дыууæ ингæны, мæнæ, гъе, - мæ разы: Сæ иу лæгмар уыд, иннæ та - фыссæг. Мæ цæст сæм иу ран бакæсын нæ уарзы: Куыд ныгæд ис зæд-лæджы цур сырд-лæг?!. Нæй, ахæм мард сæ уæлмæрдмæ нæ уагътой Нæ фыдæлтæ, нæ-иу ын сагътой цырт. Сæ ныхасы йын карздæр тæрхон хастой: Цæрдудгасæй йæ къæдзæхæй - дыввытт!.. Ныр та кæсын; йæ цырты цур - хуымæтæг - Фыссæджы цырт, аслам галуан - æфсæн... Фæлæ, бецау, цыгуырд уыди, цы зæд-лæг - Тæхудиаджы фарн æмæ ныфсæн!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 175 Дыууæ ингæн - дыууæ цырты - мæ разы, Сæ иу мын - талынг, иннæ - хуры скаст... Сæ иу мæ суры, иннæ мæ нæ уадзы, Сæ иу - мæ уæнгæл, иннæ та - мæ уарзт!.. ПОЭТЫ ЦЫРТ Поэт кæнгæ цыртæй цы хъавы?! - Нæ вæййы уый тыххæй йæ цард!.. Йæ зарæг адæмы кæд тавы - Цырт ын сæ зæрдæты и сагъд!..
176 Ирон литературæйы аитологи чручрч^ КАРЬЕРИСТЫ МОНОЛОГ Бынат, карьерæ! - Æнæ уыдон мæ цард Нæ нымайын лæджы цардыл бынтондæр. Фæкæнын сагъæс, Иудадзыг - æнкъард, Æнтъыснæг у мæ уалдзыгон цъæх бон дæр. Фæлæ карьерæ Афтæ кæнгæ нæу, - Куыд æнцон кæсы иуæй-иу сæрхъæнтæм. Дæ хицауы раз Кувæг лæгау лæу Кæронмæ хъус йæ дзæнгæда, йæ хъæртæм. Йæ зондыл цу, Дæхи «Æз»-тæ дын ма уæд, Дæхицæй араз коммæгæс къуытты!.. Гъе, науæд зон - Æмбылды кæныс царды, - Дæ ивгъуыд хæрзтæ иууылдæр - дымды. Лæмбынæг бадар Хицаумæ дæ хъус, - Цы фæуарзы, цæмæ бæллы тыхджындæр? Цы йын ис фаг, Цæмæй ма нæу æххæст? - Бæлвырддæр хынц дæ лæггæдтæ, дæ хуын дæр!.. Дæ фæндагыл Æнæмæнгдæр лæудзæн Дæхи хуызæн, - къозбау æмæ дымыстæр. Кæддæриддæр Дæ къуыхцытæм бæлдзæн, Дæ хъуыддæгты тъысдзæнис-иу йæ фындз дæр. Æргом æм ма хæц,
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 177 Фæсвæд æй æргæвд, Дæхицæн агур уый ныхмæ æмбæлттæ. Куыд никуы зона Рагацау дæ фæнд, Цæмæй дæ ныхмæ ма ссара фæндæгтæ... Дæ хæлæрттæй Лакейгæндтæ уыдзæн, - Дæ карьерист æмхуызон лæгтæ - семæ. Хæлæгæй дæм дзы Бирæтæ мæлдзæн. Фæлæ дæуæн дæ мæт уæддæр карьерæ!.. Ныууадз-иу сæ, Дæ хъуыддаджы сæ тæрс, - Цынæ вæййы - куы дæм феххæлой искуы... Дæ хистæрæн Йæ цæстæнгасмæ кæс, Хæсс ын йæ размæ бæрзæй æмæ ыскуы!.. Дæ дæлбар чи уа, Уыдон-иу æлхъив, Цыма дæ зæрдæ тынг риссы хъуыддагыл. Куы бахъæуа, - Дæ карз ахаст фæив, Æмæ æрсим политикæйы дардыл!.. Гæртæмттæ, Сылтæй бахиз уал дæхи, Æрцæудзæни дын уыдонæн дæр афон. Карьерæйæн Тæссаг ысты, æмбар, Æмæ-иу сæ цæстмæ фыдбылыз рахон. Æнæуи та Дæхæдæг зоныс ды, - Æппæт дæр араз арæхстгай ’мæ хъавгæ. Къæрных кæд дæ, Уæддæр нæ дæ къæрных, - Куынæ дæ ’рцахсой исты ахæм давгæ!..
178 Ирон лнтературæйы антологи Дæ усмæ дæр Дзæбæх æвзагæй дзур, Фæлæ йын дар дуарæхгæд дæ фæндтæ. Йæ хъусы йын Къозбау дзырдтæ лæхур, Куыд зона уый дæр, чи æмæ цы лæг дæ!.. Гъе, афтæмæй Ысбырыдтæ хæрдмæ, - Уыдзæни дын ыстыр бынат, карьерæ. Куы дын уой уыдон - Сæфтæй дæр лæг дæ, Æмæ уæд зар: «Уæууай-рира-уæрирæ!»...
Икьаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 179 Чртр^^Ч^^ ÆХХУЫС - СÆРБАХЪУЫ ДЫ Ис кæмæндæр циндзинад йæ хæдзары, Ис кæмæндæр циндзинад йæ риуы... Чидæр риссы... уый мæт та кæмæ хъары? - Иунæгæй дуарæхгæдæй ниуы... Базонæм-ма, бафæрсæм, мæ хæлæрттæ, - Уагæры йæ цавæр маст æхсыны?! - Бахойæм ын, бакæнæм йæ дуæрттæ, - Феххуыс ын уæм иучысыл йæ зыны!..
180 Ирои литературæйы антологи щщщтпч^щ^ РÆСТДЗИНАД УАЛ ДÆХИ УДÆЙ ÆРФÆРС «Цы у рæстдзинад, дунетыл кæм и?!» - Кæйдæрты фарстæн дзуапп дæттын мæхæдæг: Рæстдзинад домыс? - бафæрс уал дæхи - Куыд уай бынтондæр раст æмæ сыгъдæг лæг!.. Рæстдзинад, хурау, алкæй дæр хъæуы, Æнæ рæстдзинад бахуыссид нæ сау зынг!.. Рæстдзинадагур алчи дæр цæуы, - Куы ныххилы йæ царды рухсмæ талынг!.. Фæлæ рæстдзинад æрдзы лæвар нæу, - Йæхигъæдæй нæ райгуыры, нæ зайы... Рæстдзинад домы тох æмæ быцæу - Фыдлæгтимæ - сæ фыдми сын нæ тайы!. Рæстдзинадтауæг алыхатт дæр - лæг, Фæлæ, уæууа, йæ хурхгæнæг дæр лæг у!. Кæд агурыс зæххон рæстдзинад ’цæг, Уæд иу фæдзæхст æнус-æнус бæрæг у: Рæстдзинад уал дæхи удæй æрфæрс, Дæ царды йæ дæ уды къæрттау бауарз!.. Нæртонæй йæ, дæ кады худау, хæсс, - Фæцагайын æм паддзахы дæр ма уадз!.. Рæстдзинад гамхуд, сайæн ныхас нæу, - Нæдæр æрхъызы февзидæн ыссыр у!.. Рæстдзинады уæззау посты фæлæуу, - Нæ лæгдзинад, нæ намысы мыхуыр у!..
Икъагпы Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 181 1^^Ч^«^^ ÆЗ КÆЙДÆРТАУ НЕ ’МБÆХСЫН МÆ ХЪУЫДЫ Æз кæйдæртау не ’мбæхсын мæ хъуыды, Царды хъæнтыл комкоммæ фæдзурын, Хауын, арæх уый тыххæй æлхъывды, Фæлæ хатыр никæмæй фæкурын!.. Æз фæдомын барджынæй рæстдзинад, Уый та сайын, хатыртæ нæ зоны. Цардимæ мын иу ад кæнынц, иу ад... Иу фæндаг сæм иумæ ис - зындоныл!.. Нæй, уæддæр æз не ’мбæхсын мæ хъуыды, Цард нæ мад у, дзурын ыл хъæбулау. Кæд фæтыхсын, бахауын йæ зынты, Тавы та мæ уый уæддæр зынг хурау!..
182 Ирон литературæйы антологи «ртдоч^^ МАХ, ÆРМÆСТ НÆХÆДÆГ Домæм фæтк æмæ закъон, - Халæм сæ нæхæдæг!.. Ех, цы радзурдзысты сом Мах тыххæй нæ зæнæг?! Чи нæ рамбулы бынат, - Хъахъхъæны йæ бандон. Сараза карьерæ, цард, - Уый - йæ мæт, йæ фæндон. Иумæйаг хъуыддаг дзы - рох, Афтæмæй фæцæры... «Цæй, цæуыл ма кодтам тох?» - Фарст та лæг æвæры!.. Дзуапп нын чи ратдзæни раст? - Мах, æрмæст нæхæдæг, - Иу - нæ тохы нысан - карст: Фесæфæд фыдгæнæг..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 183 «РФЧРЧР^^ ФÆНДЗАЙ АЗЫ Сæххæст и фæндзай азы мæныл, Фæлæ сæ фæндзай боны æнхъæлын. А-зæххыл цы стыр хæс и лæгыл, Уый фидынхъом æз уæддæр нæ кæнын... Сисдзæни мæ фæллæйттæ мæлдзыг, Афтæмæй хъæмпы халыл ысхилдзæн, - Хъæмпы хал нæ фæтасдзæн уырдыг, Фæлæ йыл поэты зынг æрттивдзæн!..
184 Ирон литературæйы антологи ЩМЧФЧщд^^ УАЙДЗÆФ Зæгъон уын ме ’мбæлттæ, нæ бæззæм, Нæй не ’хсæн иу лæгау-лæг, нæй. Нæ риуты уарзты зынг нæ хæссæм, Кæнæм ыл дзургæ та хъæрæй!.. Нæртон фарн иумæ дæр нæ зыны, - Лæг нæ кæмæ ратта йæ къух? Мæ уд мын сау катай æхсыны, - Мæ фыдгул дзыхъхъы лæуд - æдзух!.. Уæд та нæ ирон кад цы фæци? Кæддæр нæ фыдæлтæм куы цард... Æви алайнаг кард фæкъæдз и Æмæ дзы мауал хæрæм ард!.. Къозбæуттæй ма кæнæм тæрхæттæ, Нæхи, цæй, равдисæм лæгтæй. Нывондæн буц Ирæн нæ сæртæ Æрхæссæм, цæйут-ма, фæрнæй!..
Икъаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 185 й&вфЧРЧ^^ АВТОРЫ ФÆДЗÆХСТ МЫХУЫРÆН Дысон-бонмæ æз хуыссæг нæ федтон, - Бонцъæхтæм мæ зарæг фыст фæдæн. Ныр ыздахын Иры хæхтæм ме сргом, Фервитын сын ног зарæг хуынæн... Ахæсс æй дæ уаз базыртыл, ахæсс. Мадау ын ысхай кæн амонд, цард; Ныхасы зæрæдтæн-иу æй бакæс, Дарддæр æй нæртон кæстæртæм ратт!. Кæд сæ риумæ уый фæндаг ыссара, Семæ фарнæн, амондæн цæра, Хохрындзæй йæ кæд фыййау ныззара, Удæхцонæн арф кæмтты нæра, Уæд мæнæн дæр басгуыхти мæ лирæ, Нал кæндзынæн мæт æмæ æнкъард... Дзыллæты æрхондзынæн мæ Ирмæ,- Фехъусой ирон лæппуйы зард!..
186 Ирон литературæйы антологи Ч(«^Ч|^^ ÆНÆАДÆММЫН ИНГÆНУМÆКЪÆС Æз стихтæ мæхæдæг нæ фыссын, Адæм мын сæ лæварæй дæттынц, - Кæд хъæбулау сæ рисæй фæриссын, Кæд сæ цинтæ мæ цинтæ вæййынц!.. ’Науæд æрдз дæр æгомыг, чъынды у, Цасфæнды йæм стихæнхъæл кæс!.. ’Нæ адæм мын зынг Хур дæр дымды у, - сНæ адæм мын ингæн у мæ къæс!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 187 ЧРЧртр^^ ХЪÆБУЛЫ ХÆС О, æз уæ хъæбул дæн, мæ адæм, Хъæбулыл бирæ хæстæ ис: Йæ лæггад бафида йæ мадæн, Йæ фыдæн фесафа йæ рис!.. Æфсымæр, хойæн фарн æрхæсса, Йæ рæвдыдæй куыннæ уой цух, Тыхст лæджы зæрдæмæ ныккæса, Æххуысмæ йæм дæтта йæ къух, Фæцæуа мæгуыртæн фыййауæй, Ысгуыха сидзæртæн фыдæн, Йæ зæрдæ алкæмæ рæдауæй Йæ армы бадара хуынæн!..
188 Ирон литературæйы антологи Ффущщ/ч^^ МÆАДÆМÆН СÆ УАЙДЗÆФÆЙ ТÆРСЫН Мæ сæр фæурс, æнкъардæй йæм кæсын, Ныр бацыдис мæ хурхæтæн йæ тыхы, - Цы сарæзтон, цы мын бантыст? - фæрсын, Цæуыл дзурынц æнцъылдтытæ мæ ныхыл?.. Хуымæтæджы хæххон лæппу уыдтæн, Хызтон-иу фос, ластон-иу мæкъуылтæ, Хъæууон фæндæгтыл ахуырмæ цыдтæн, Фæлвæрдтон царды асинтыл цæуынтæ... Лæгау нырмæ цы сарæзтон? - фæрсын, - Цæмæй уон буц? - ницæмæй бынтондæр!.. Мæ адæмæн сæ уайдзæфæй тæрсын, - Куы уа хъæстаг мæ ивгьуыдау мæ сом дæр!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 189 ’ЩФФФЧЮ^ ИУПОЭТÆН Пародийы бæсты Ды поэт дæ? - Уæд, цæмæй?.. Рифмæтæ кæныс, уæллæй... Арыс иуæггай дзырдтæ Æмæ сæ кæныс хæлттæ!.. Рауайы сæ куы куплет, Гъе, куы та цæнкуыл сонет, Æмæ райдайыс хъæрæй: «Нæй мæнæй поэтдæр, нæй!.. Кувут мын ныллæг сæрæй, Бадт арахъхъ æмæ сæнæй .. Æз цыдæриддæр фыссон, - Тагъд сæ мыхуыры кæсон... Æз - поэзийы лæггуырд, - Тагъддæр мын ныссадзут цырт!.. Уæд мæ уд æнцой уыдзæн, Музæ та хъæрæй зæгъдзæн: Ис рæстдзинад, ис цæрæн, - Кад, æгъдау нæм ис лæгæн! - Науæд ницæйаг у цард, - Сау ингæнау - тар, æнкъард!..» Цæй, «поэт», æрбайхъус ныр: Уæнт дын алцы дæр хатыр, Фæлæ иу фæдзæхст æмбар: ’Нæхалтурæ куыст ыссар, - Бинонты, дæхи дзы дар, Уæд нæ Ирæн - ды хæлар!.. Науæд та дæхицæн зар, - Кадмæ мацы хъомыс дар!..
190 Ирон литературæйы антологи ффффй^^ ТУЛДЗ БÆЛАС Хохы, айнæгыл тулдз бæлас сырæзт, Арф йæ уидæгтæ айгæрстой къæйты... Цал æвирхъау фыдбылызæй фервæзт, Цал сау халоны тахти йæ сæрты!.. Тымыгъ æй хоста, уад æй ыздыхта, Зæй йæ ыскъуыдта... Удмарæн тухи... Фæлæ - ’видигæ, хурау, йæ тыхтæ Æмæ йе знæгтыл уæлбылæй худти... Диссаг! - абон дæр тулдз бæлас сгас у, - Сахъ, уæлахизæй дардыл фæлгæсы, Уый мæ зæрдæйæн цин æмæ уарзт у, Мæн мæ рухс бæллиц уымæ фæхæссы...
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 191 «|«Чртр$^ МУЗÆ КУЫ СДЗУРЫ... Хатт æнафоны фестын мæ уатæй, ’Нæнхъæлæджы мæм музæ куы сдзуры... Сисын раст нысан гъеуæд мæ фатæй, Æмæ рамбулын, - зæрдæ цы куры... «Ма кус ’нафоны, - дзуры мæ мад та, Уый мыл базыртæ иннæрдæм садзы, - Цардрафæлдисæг æхсæвулæфт радта Æмæ баулæф, чи дæ нæ уадзы?!.» «О, мæхи нана, бамбар дæ фырты, - Музæ дын æм фыд-зæрдæ нæ хæссы, - Уый - мæ цæдæмбал ме ’нæнцой куысты, Алхатт дæр мын уæлахиз æрхæссы... Æз куы зарын, уæд музæ фæзары, Фарнамондæн кæрды мæ ыссивы... Зон, поэзийы амонды стъалы Арвæй ’нафæтты тынгдæр æрттивы...
192 Ирон литературæйы аитологи чртфЯртЮ»!^^ ИРЫ КЪУЫДИППЫТÆН Породи «Æз - къуыдайраг, Ды - чысайнаг, Чи нæ у лæгау-лæг? Чи ныккодта, Чи ныккæндзæн Ирæн кады зарæг?! Æз - «Ш» - дзураг, Ды - «Ц» - дзураг, Чи нæ у уæздандæр?! Чи нæ вæййы Чи уæлахиз Царды алыран дæр?!» «Æз - нæртондæр. Æз - алайнаг, - Къуыдайраг фæраздæр. - «Ш» - бæркадджын «Ш» - нуарджын, Иу къах ын - уæлдайдæр Сирæгтæ - Мæ бæх, мæ байраг, - Дугъы уайынц разæй... Æз мæхæдæг та Æмбулын Фидар сæры магъзæй!.. Æз - къуыдайраг, Æз - сæрæндæр,
«Кафæг чызг» Нывгæнæг Джуссойты Инал
Икъаты Владамир. Æвзæрст уацмыстæ 193 Афтæ уыд æнусты!.. Æз - уæлбикъон, - Ды - дæлбикъон, - Бахизæд дæ хъусты!..» Æз - ирондæр, Æз - нæртондæр, Чи дæ ды мæ цуры?! Иры дзыхъхъы, Иры арвыл Баивдзынæн Хуры!..» * * * Уалынмæ дын Чысайнаг дæр Райдыдта дæрзæгæй! «Æтт, мæ ус Дæ цъындайы бос... Байхъус-ма æцæгæй: Æз - чысайнаг, Æз - хъочагъдæр, Бичъобайы - сагдæр!.. «Ц» - уæздандæр, «Ц» - нымаддæр, - Ис ын бинаг къах дæр!.. «Ц» - нæ фысты, «Ц» - нæ зарды, Алфавиты - раздæр!.. Кад ын кодта «Ш»-йæ тынгдæр Иры фырт Къоста дæр!.. Æз - чысайнаг, Æз - хъочагъдæр,
194 Ирон литературæйы антологи Ды - дæлтъур къуыдайраг! Искуы ма мæм Кæд ысуæндай, Уæд дæ къона - сайраг!..» Афтæмæй Сæ ныхас фесты Дыууæ сахъ къуыдиппы!.. Иры уарзт, Сæ фидистимæ Ахастой сæ риуты!.. Дыгурон та Дыууæйыл дæр Худы æмæ худы: «Ех, æмæ Æцæг ирон лæг Искуы фен, тæхуды!..»
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 195 ЧРФ*Р$«Г^ ДЗУАПП МÆ ФЫРТ ÆМÆ МЕ ’ФСИНÆН Мæ чысыл фырт ныр чингуытæ кæсы, Æнæзонгæ дзырдтæ йыл дзы æмбæлы, «Цы ысты адон?» - алхатт мæ фæрсы, Æнахъомæн сæ амонын æмбæлы... Фæрсы та мæ: «Цы у «хæрам», «мæнгард»? - Фæтыхсын æз: ныр сабийæн цы зæгьон?! Уæдта йын сæ куы бацамонид цард, Фæлæ тæрсын - куы фембылд уа мæ фæдон!.. Æмæ «æууилын» æз бæстон мæ дзуапп, - Фарн арæхстгай дæтгæйæ у кæстæрмæ... Кæй рæдийæм нæ хъомылады хатт, Уый ’рыздæхы фыддывæрæй нæ сæрмæ!.. Уæдмæ йæ мад нæ фæлæууыд, фæцырд: «Зæгъ сабийæн, цы нæ зоны, цы фæрсы, - Нæ фембары кæцыдæр иунæг дзырд: Æмæ йын хъуыды иууылдæр æмбæхсы!..» Æз дæр æргом уæд расидтæн мæ фæнд: «Куынæ уаид, ехх, а-дзырдтæн сæ кой дæр, Уадз, ма ’рцæуой мæ фырты зонды ’вæрд, - Уыдзæни мын уæд амондджын, нæртондæр!..»
196 Ирон литературæйы антологи Щфф№*^^ АМОНДДЖЫН У... Амондджын у, Уарзты ронгæй Чи фæвæййы расыг! Чи самайы Кад мæ ’радæй Амонды цырт-мæсыг! Амондджын у, Царды зынты Чи лæгæрды разæй! Чи басгуыхы, Чи рамбулы Зонд æмæ ныхасæй! Амондджын у, Мæты сахат Чи фæразы барын! Чи сарæхсы, Чи базоны Бахъуыды бон зарын! Амондджын у, Царды хæрзтæ Чи ары йæ куыстæй! Чи мæлы Йæ бæсты сæрыл Карз тохы ысгуыхтæй!
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 197 фДОфф^^ ЗАРÆГ Зарæг райгуыры зæрдæйы, Æмæ зæрдæтæм атæхы... Цард æнæ зарæг тар вæййы, Хур нæ фæтавы а-зæххы. Зарæг цины бон райгуыры, Дардыл атæхы цинтауæг... Калм æм хуыггомæй рабыры, сВаст æм батæфсы ихайнæг... Зарæг райгуыры сагъæсæй, Æмæ бафтауы сагъæстыл... Лæг нæ ирвæзы и ахæстæй, - Сонт домбайы дæр бабæтты... Тохмæ заргæйæ ацæуæм, - Зарæг уарт æмæ хотых у. Заргæ кадимæ амæлæм, - Зарæг цас хъару, цас тых у! Тохæй заргæйæ раздæхæм. Тохы чи амард - зарæм сыл. Зарæджы номæй ард хæрæм. Зарæг ма скъуыйæд макæуыл!.. Зарæг райгуыры, атæхы, Зардæй зæрдæтæ - схсарджынтæ... Ех, цы уаиккам а-зæххыл, - Лæг куынæ тауид зарджытæ?!..
198 Ирон литературæйы антологи фЦфф^^ МÆХИ ÆЗ АМОНДДЖЫН ФÆХОНЫН Мæхи æз амондджын фæхонын. «Нæртон, фæрнджын лæг дæн», - зæгъын, Лæгау рæвдауын, уарзын зонын, Лæгæн хæрзиуджытæм бæллын. Мæстджынæн асурон йæ хъыгтæ. Рынчынæн фесафон йæ низ. Мæрдджыны уадулыл цæссыгтæ Хæссой мæ зæрдæйæн дæр рис. Фæзынон сидзæртæн æххуысмæ, Фæхынцон мæгуырты фылдæр Лæгæн сæрбахъуыды йæ фарсмæ Фæдисон балæууон æз дæр!.. Мæхи æз амондджын фæхонын, - Хæрзтæ куы саразын фылдæр Цы радтон, уый фидын нæ домын, Нæдæр æй расидын кæмдæр. Мæ хорз æнхъæлцауæй куыннæ уа, Куыд цæуа афтæмæй бæсты: Хуыцауæй ратгæйау куыд фæуа, Куыд цæрон афтæмæй бæстыл. Кæд искуы ахауон, фæцудон, Хæлар куыд ’рымыса мæн дæр... Уæдмæ та уарзон, риссон, худон, Кæнон мæ хæрзиуджытæ бæр!..
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 199 ЩФФФГФ^^ АДÆЙМАГ Рæсугъд дæ, адæймаг, Æгасæйдæр - рæсугъд!.. Дæ фарныл зарынæн Æз ратдзынæн мæ уд!.. Куыд диссаг басгуыхтæ! - Дæ кады ном - бæрзонд... Æрттивынц рухс хурау Дæ бæллицтæ, дæ зонд!.. Цæуы дæ фæд, дæ фæд - Дæ фарнагур лæгæй, Дæуæй мын байуарæн, Фæхицæнгæнæн нæй!.. Мæ бон куы бауаид, - Ныззарин дыл хъæрæй, Хуыцау дæр саразин Лæджы хуызæн лæгæй!..
200 Ирон литературæйы антологи щщщтттщщ^ ЦЫ МЫН РАДТА ФÆЛМÆН ЗÆРДÆ? Цы мын радта фæлмæн зæрдæ? - Ирон авдæн, ирон мад. Цы мын радта фæлмæн зæрдæ? - Ирон хъарæг, ирон зард. Цы мын радта фæлмæн зæрдæ? - Ирон намыс - æнæлаз. Цы мын радта фæлмæн зæрдæ? - Ирон чызджы цæстæнгас. Цы мын радта фæлмæн зæрдæ? - Цъæх уалдзæджы æрбалæуд. Цы мын радта фæлмæн зæрдæ? - Ирон лæджы фынгавæрд. Цы мын радта фæлмæн зæрдæ? - Ирон фæндыр, нæртон «Симд». Цы мын радта фæлмæн зæрдæ? - Нæ урс хæхты сæуæхсид. Цы мын радта фæлмæн зæрдæ? - Ирон уды хæдæфсæрм. Цы мын радта фæлмæн зæрдæ? - Хъæбулы раз ыстыр бæрн. Цы мын радта фæлмæн зæрдæ? - Къостайы ном, йæ зын цард. Цы мын радта фæлмæн зæрдæ? - Нæ фыдæлты нæргæ кад. Цы мын радта хæрам зæрдæ? - Лæгмар æмæ йæ сау фæд. Цы мын радта хæрам зæрдæ? - Лæджы фыдкой, фыдæфхæрд!
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 201 крдоцрф^^ ЛÆДЖЫ ЗÆРДÆ Лæджы зæрдæ æвæрæн у, æвæрæн, - Æвæрæм дзы нæ цин æмæ нæ уарзт! - Нæхи хъæздыг, уæд амондджын æнхъæлæм, Нæ фæкæнæм нæ цардамондæй хъаст!.. Лæджы зæрдæ æвæрæн у, æвæрæн, - Æвæрæм дзы нæ хъыг æмæ нæ маст! - Нæ цардамонд уæд уый фæстæ æфхæрæм, Фæкæнæм дзы хæрамы охыл хъаст!.. Цæй, зæрдæты æрмæстдæр цин æвæрæм, Æфснайæм дзы æвдадзы хосæн уарзт!.. Нæ царды бонты уарзонæй фæцæрæм, Цæй, ма хæссæм нæ кæрæдзийæн маст!..
202 Ирон литературæйы антологи Чрущрфч^^ ЛÆГ-ХУРЫФЫРТ Сæумæйæ хур куы ракæсы зæххыл, Куы срухс кæны нæ быдыртæ, нæ хæхтæ, Бæллицты зæйтæ рацæуы мæныл, Æмæ мын дзуры барджынæй мæ зæрдæ: Лæг Хуры фырт у, Хуры æнгæс, зон, Йæ хæс дæр, хурау, рухс кæнын у, тавын... Лæджы фарнæн, æхсæв уа, æви бон, - Рæсугъд хъуыдытæ, царды хæрзтæ тауын!.. Дæуæн дæр, мæ хур, ахæм у дæ хæс, Æнхъæлмæ дæм кæсы, фыртау, дæ бæстæ. Дæ зонды рухс, дæ уды хъарм ын хæсс, - Æнусон фарн куыд ныууадзай дæ фæстæ!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 203 ффффртфЧ^^ МÆУДЫРУДЗЫНГ Мæ уды рудзынг - гом æдзух дунемæ, Хъæбулау æм æз барджынæй кæсын... Тæрын уæндонæй денджызы мæ чемæ, Мæ тæрк зæрдæйы уарзты зынг хæссын!.. Дæттын æй царды алкæмæн рæдауæй, - Хæссын нывондæн адæмæн мæ сæр. Мæн а-дунейыл ницы хъæуы дауæй, - Ды дæр, мæ хæлар, ’нæ дауæй фæцæр!.. Нæ фарн зæххыл куыд басгуыха æмбисонд, Нæ уарзт куыд уа æрдхæрæйнаг, нæртон. Куыд ахицæн уа а-дунейæ хинзонд, Куыд уа фидыдæй цард арын нæ бон!.. Куыд нал уæм дихтæ барджынтæ, æбартыл, Куыд нал дзурæм «мæгуыр» æмæ «хъæздыг», Куыд нал хæцæм æхсаргард æмæ уартыл, Куыд ныххуысса тæссаг атомы зынг!..
204 Ирон литературæйы антологи ЧРРЧР^ирт^ ÆРÆГВÆЗЗÆГ Хус сыфтæр къалиуыл ризы, Бæстæ - æрхæндæг, уымæл... Фосы дзуг цъæнутыл хизы, Тæрсы бын хъыбылтæн - цæл... Мыртгæ сырх-сырхид æрттивы, Мугæ рæгъæдмæ фæцис... Мыст ма цыдæртæ ыссивы, Марадз, кæм зоны æфсис!.. Комы дон ног чындзау - сабыр, Цæгатварс халас - æвæрд... Тархъæды мæргъты зард бамыр, Мысын æз буц уалдзæг, сæрд!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 205 ЧЮЯР^яр^ УАРЗОН ÆФСЫМÆРТÆ Ирыстон Уæрæсеимсе бархийæ куы баиу, ууыл 200 азы сæххæсты цытсен. Зондджын лæгтæ бадтысты ныхасы, - Иры фидæн уыд сæ мæты сæр... Арвыстой сæ минæвæртты балцы Дард Уырысмæ - тынг хъæуы йæ сæр. Б а з а р д: Уарзт, хæлардзинадмæ сидæм Иры урс хæхтæй, Уаз, хæлар фæндтæ æрвитæм Уырысæн фæрнæй!.. Цас бахъуыдис дард фæндагыл бонтæ, - Бæлццæттæн куыннæ фæллад сæ къах?!.. Амонд æмæ уарзттауæг хæххонтæн Кадджын фысым - Уырысы паддзах. Б а з а р д: Уарзт, хæлардзинадмæ сидæм Иры урс хæхтæй, Иу - Уырысимæ нæ фидæн, Иу - нæ цард фæрнæй!.. Уарзт æхсиды мах нæртон æнусы, Уырысимæ амондджын - нæ цард, - Не Стыр Цæдис иу зæрдæйау кусы, Хъуысы махæн дунетыл нæ зард!..
206 Ирон литературæйы антологи Б а з а р д: Уарзт, хæлардзинадмæ сидæм Иры урс хæхтæй, Иу - Уырысимæ у нæ фидæн, Иу - нæ цард фæрнæй!.. ÆЗ-ДÆЛЛАГГАЛ Мæн нæ фæнды - уон буц хъæбул мæ дугæн, Мæн нæ фæнды - уон тыхджынтæн æмбал... Алхатт дæр æхсызгон у мæ удæн, Исчитæ куы рахоны мæн гал!.. Дæллаг галыл - уæзы фылдæр, зонын, - Уымæн вæййы тæссæрты зындæр!.. Æз мæхи бынтон амондджын хонын, Дæллаг галæн кæд бæззын æз дæр! -
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 207 (^^«^4«^ НОГБОНЫ ÆХСÆВ Æхсæв æз нæ фынæй кæнын, - Хуыссæг мæ нæ ахсы. Хъæлдзæг дæн, фæндырæй цæгъдын, Цины рæгътæ нуазын!.. Ахсæв æз æнустæ цæрын - Ме ’мбæлттимæ иумæ. Алкæмæн сæ арфæ кæнын, Хонын сæ нæхимæ!.. Ахсæв æз нæ рухс фидæныл Самондзынæн зарæг. Бадт арахъхъ, ирон бæгæны Саккаг кæн, мæ уазæг. Ахсæв æз фыдæлты æгъдау Хъахъхъæндзынæн фынгыл, - Расимдзынæн нарт-иронау Аджы тæккæ былтыл!.. Æхсæв та мæм бахуддзысты Ме свзонгад, мæ ивгьуыд, Уарзты бар та ракурдзысты, Ракæндзысты иу куывд... Семæ æз бæркады фынгыл Райсдзынæн нуазæн: Разы дæн уæ фарны куывдыл, - Кадджынæй нуазæм!..
208 Ирон литературæйы антологи Æхсæв æз æнустæ цæрын, - Цард фæкъул и не ’рдæм!.. Ногбон, уый дæ ныфсæй зæгъын, - Амонд хæсс дунетæн!.. ЧЫРЫСТИ! Кæд зæд нæ уыд Чырысти, Лæг уыди кæд, зæххон. Уæддæр мæнæн ныххызти Мæ зæрдæмæ йæ ном. Ныууадзут мæ мæхи бар, - Мæ зæрдæйы цæра, Тæригъæдтæй сæрибар Мæ зæххон уд кæна!
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 209 ЧрфЧ^я^^ ЧИ УЫДАИД, ЧИ ЛÆГМАРÆГ? 1990 азы 4 январы Присы хъсеуы топпы нæмыгсей мард фæцис 9-мсейдзыд саби. Фсекодтой йсе ирсетты аххос гуырдзы. Йæ марæг та уыдис йсе фыд... Чи уыд сонт сабийы марæг, Чи йæм систаид йæ къух? Присыл чи бафтыдта хъарæг, Фарнæй чи разынди цух?.. Авдæнмæ кæй къух фæтасыд, - Цавæр дурзæрдæ лæг уыд?! - Саби «тæрхъустимæ хъазыд», «Ало-лай»-йы зард æм хъуыст... Саби ирæттæн - хæрæфырт, Гуырдзыйæн та хи туг уыд, Фæлæ а-зæххыл цы нæ ’рцыд, - Бацис авдæны зынгхуыст!.. Айхъуыст: марæг, дам, ирон лæг, (кæд бæрæг нæ уыд, уæддæр), Фæлæ стыр Хуыцау - йæ зонæг, - Арæх айхъуысы мæнг хъæр!.. Айстой авдæн дæр фæдисæй, Къухæй-къухмæ йæ дæттынц: «Уый мах рахастам Присæй, Тугæй ахуырст у!» - зæгъынц...
210 Ирон литературæйы антологи Фæлæ мæн уæддæр нæ уырны - Туджджын разына ирон, - Зылын рагацау фæтырны - Асыгъдæг кæна йæ ном!.. Ирæн баззадис фыдæлтæй; Тохы бон лæгдзинад, фæтк: Саби, мад æмæ зæрондæн Марæн мацæй тыххæй уæд!.. Уæдæ, гуырдзымæ дæр ахæм Хорз æгъдау кæд нæ уыд, зæгъ! - Иу хæдон уæрæх уыд махæн, Иумæ хъахъхъæдтам нæ зæхх!.. Иумæ «натлиатæ» кодтам, Чызг лæвæрдтам ’мæ куырдтам, Иумæ адджын къæбæр хордтам, Иу Хуыцауæн дæр куывтам!.. Чи ма уыдис, уæдæ, Присы Нахъом сабийы ызнаг? - Дуне чи бафтыдта дисы, - Ахæм чи разынд æлгъаг? Уый лæджы мыггаг нæ уыдис, Уый - сырды мыггаг æрмæст! Лæгмард уый къухæй æрцыдис, - Ир, гуырдзы та дзы - фæдзæхст!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 211 ЧРЧРЧРфчрт^ ФЫДÆЛТЫ ФАРН Æз агурын фыдæлты фарн мæ уды, - Цæмæй ма дæн скиф кæнæ алан. Мæ зæрдæ хатт махиуыл дæр фæхуды Цы хуызы сын æз хъахъхъæнон сæ фарн? Тыхы дут уыд æмæ тыхæй æмбылдтой, Тыхгæнæг сын нæ ардта тых зæххыл. Æмбулын, сайын се знæгтæн нæ куымдтой, Æфтыдтой сæ кæддæриддæр мæрдтыл. Сæ зæронд дæр йæ къахы фындзтыл кафыд, Æхсгæ-æхсын нæ ивгъуыдта йæ фат. Фыдызæххæн сæрбахъуыды бон уарт уыд Æрдхæрæйнаг - йæ зонд æмæ йæ кад. Сæ фæсивæд, сæ хæстонтыл цы дзурæм, Æгасæй дæр - тыхы къуыбар, цæхæр. Дыккаг æмбал, дыккаг сихтæ зынг хурæн, Сæ ном дунейыл алы ран ныхъхъæр. Сослан, Батрадз, Æхсар æви Æхсæртæг, Нæ уыдысты, нæ, аргъæутты æрмæст. Уыдис сын «Нарт» сæхи гаккæн фæсномыг, Сæ ’цæг нæмттæ та дардтой-иу æмбæхст. Ирон намыс, ирон æфсарм фыруæздан, Сæхи кадыл нæ фæрæзтой хъуыды. Сæ уды цин - сæ хæтæнты зындæр ран. Сæ кадбарæн «Нуазæн» та - куывды.
212 Ирои литературæйы антологи Тæлфы ма, цы, фыдæлты фарн мæ уды? - Цæмæй ма дæн сæ буц номæн аккаг? Æниу, фæзæгъынц, хох дæр, дам, фæцуды, Фæлæ уæддæр нæ фесæфы йæ уаг. Мæ нæртон ном ныр баивтон æндæрæй, Мæ фæсномыг ныр абон та - ирон, Фæлæ уæддæр скифтæй дæн, алантæй Æмæ уын æй, цæй, барджынæй зæгъон. Нæ царды фарн, нæ нæртон хотых - немæ, - Ирон æвзаг, уый удфидар нæртон, Нæ ингæнтæй дæр ферттивы дунемæ, - Нæхиау фидар, алхатт дæр - цæрдхъом. Куы уаин æз æндæр адæмы хаттæй, Куы нæ зонин ирон æвзаг бынтон. Уæддæр рæстæг æз ратонин мæ цардæй, Кæнин æй ахуыр, зонин æй бæстон. Уый диссæгтæ, æмбисæндты хæзнадон, Уырызмæджы, Сырдоны зонд дзы смбæхст. Къоста æмæ Васойы ’взаг у абон. Æвæрынц ыл пахуымпартæ сæ цæст. Мæнæн дæр уый мæ дзырдты хæзна бауæд, Нывондæн ыл мæ хъуыдытæ уæндон Мæ зонд цæхæр йæ нæртон зæлтæй калæд, Мæ царды дзы сæрыстыр, буц куыд уон!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 213 Щ№фф№^^ МÆ МÆЛÆН БЫНАТ Мæ мæлæн бынат рынчындоны нæй, Мæ мæлæн бынат - карз тохы цæхæры, - Сæйыны бæсты бабын уон лæгæй, - Лæгау-лæг та сæдæ азы нæ цæры!.. Мæ мæлæты бон æрдзæй кæнгæ нæу, - Кæд бахъæуа лæгнывæндтæ нæ Иры!.. Дæ фыдгулы раз тохы бон æрлæуу, Дæ цирхъ ын аскъæр фистонмæ йæ риуы!.. Мæ мæлæты ’фсон низы хатт дæр нæу, Мæ низæн дæр фæразон дæн - æвдудон. Мæ Ир, кæй уарзын судзгæ уарзтæй дæу, Гъе, уый мын у, фæлæ дын æй куыд дзурон!.. Хъæбулы хæс - æвæджиауы хæс, - Йæ бафидын - нæ хæднысан, нæ бæллиц! Мæ раттæг Ир, мæнмæ дæр ма фæкæс, - Кæддæра дын куыд хъахъхъæнон дæ къæбиц. Дæ фыдгулæн нæ ратдзынæн æз бар - Цæмæй дæ зæххыл барджынæй лæгæрда! Ыссæнда дын дæ хъугæмтты æвзар, Дæ сионты хуыздæрты дын æргæвда!.. Фæлтау мæлæт, æнæрады мæлæт, Мæ фыдгултæй куыд ахонон сæдæйы!.. Нæ тохвæзы куыд разына мæ фæд, Куыд æрцæрон ирон лæджы зæрдæйы!..
214 Ирон литературæйы антологи ФФФЦЩЧ^^ СЫФТÆРТЫ ХЪАСТ Фæззыгон сыфтæр къалиуыл дзыназы, - Йæ царды уысмтæ иуæггай - нымад... Фæстаг хатт ма дзы уазал уддзæф хъазы, - Рæхджы фæуыдзæн, аскъуыйдзæн йæ цард... «Хæрзбон мæ дуне!» - бæласæн зæгъдзæни, Ды-иу мæ фæстæ ма ныуу æнкъард!.. Мæн сау сыджыт дæ цæсты раз хæрдзæни, Фæлæ цы кæнон?! - Ахæм у мæ рад!.. ФÆСТАГЗАРÆГ Æз уæ фырт дæн, мæ ныййарæг адæм, Мæн нæ байсдзæн сымахæй мæлæт. Æз цырагъдар уæ номæн, уæ кадæн. Иры хуымты - мæ гутоны фæд!..
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 215 ФОФФЩ*^^ НОМАРÆН ÆМДЗÆВГÆТÆ КЪОСТАЙÆН Бæрзонд хохау лæууы Къоста нæ разы, Ирыстонæй дун-дунетæм кæсы... Йæ цæсгомыл сæууон хуры тын хъазы, Сæууон хурау ыл алчи дæр тыхсы!.. Æнæ Къоста - æнæ сæрбос Ирыстон, Æнæ Къоста - цардудкъахыр ирон. Къостаимæ мæ Иры дзыхъхъ - æмбисонд, Къостаимæ сæдæ хатты - цæрдхъом!.. Къоста - рæхыс, ирон хæдзары фарн у. Къоста - нæ ном, нæ тырысахæссæг, Къостаимæ нын ихы сæр дæр хъарм у, Къоста - нæ разæй - не ’нусон фæтæг!.. Къостайы номæй гуырæнт нæм лæппутæ, Къостайы номæй, хурау, ард хæрæм!.. Къостайы номыл сисæм-иу нæ худтæ, Къостайы номæй номджынæй цæрæм!.. Къостайы номыл уадзæм-иу нæ дугътæ, Къостайы номыл комгуывдтæ кæнæм. Къостайы номыл базарæм, лæппутæ, Къостайы номыл тохы дæр мæлæм!..
216 Ирон литературæйы антологи Щфффф^^ НÆ ИРЫ КАДÆН Абайты Васойæн Ратахт нæртон зарæг Нарæй, - Хæхтæ йæм цадæг ныхъхъуыстой; Зарæджы кад æмæ фарнæн Буцæй сæ урс худтæ систой!.. Адæм йæ уаз мыртæм райынц, Не ’фсæдынц хьусынæй зардмæ... Къобы йæ сисын фæлварынц. - Сыхъуыса суанг уæларвмæ!.. Зарæгæн - амондфыст - дард балц, - Иры атагъатæй ахызт... Цас хъару, цас тыхтæ бахардз, - Дунетыл айзæлыд, айхъуыст!.. Зарæг нæ риуты æрцæры, - Тавы нæ хур æмæ артау... Тохты нæ цуды, нæ кæлы - Номдзыд скифтæ, алантау!.. Не ’мдзæрин, не ’мбæлццон баци, Алкæй йæ базыртыл сисы... Махæй дзы - рухсзæрдæ алчи, Дзыллæты бафтауы дисы!.. Зары нæртон Къоста Нарæй, - Зары йæ сахъ фæдон Къобæй... Хох-лæгты зард æмæ фарнæй - Хайджын нæ Ирыстон - номæй!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 217 Номджынæй, буцæй цæрдзæни, Зарæг - йæ хотых, йæ фæллой... Зарæг иронау нæрдзæни, Цалынмæ арв æмæ зæхх уой!... ПУХАТЫ АЛЫКСАНДРÆН Кæнынц дæ рифмæтæ зæлланг, Поэты техникæ дæм - фаг. Фæлæ лыстæг сырдтыл цуан - Æдзух дæ бæллиццаг нысан! Фæлтау ма иу хатт бахæр ард, - Дæ риуы бандзар пиллон арт: Цæф хæстонау ныхъхъæрз, фæрисс!.. ’Мæ иу зарæг поэтау сис!..
218 Ирон литературæйы антологи щщщттпттттт^ ТЫБЫЛТЫ АЛЫКСАНДРÆН «Æтт! Ирон зарæг ма иу хатт!- Дзурынц ахст лæппутæ, - Науæд карз дуджы фыдихуард Фескъуыны нæ удтæ!.. Кæд æнæ мæлгæйæ нал у - Амæлæм иронау!.. Иу хатт ноджыдæр нæ хъару Ферттивæд æхсонау!.. Мах нæ рахондзæн фæсмойнаг Сомбоны нæ хъæстæ, - Не знаг, зонут æй, сæргойаг Бауыдзæн нæ фæстæ!..» ...Айхъуыст ныккæндæй ирон зард - Хъарæджы фæлхуызтæй!.. Диссаг басгуыхтæ, ирон мад, - Сахъ гуырдты хæссынтæй!.. Зарынц ахстытæ иронау - Сахъ ирон лæппутæ, - Тохы - ’нæсæттон æндонау, Иууылдæр сæ удтæ!.. Райсом, кæнæ та иннæбон Айхъуысдзæн сæ хабар... Макæ, ма-иу ку, сæ фæдон, Саутæ дæр сыл ма дар!..
Икъаты Владамир Æвзæрст уацмыстæ 219 «Заргæ мардыстæм фыдæлтæй, - Бадзуры Тыбылон, - Мачи ма хъæрзæд йæ цæфтæй Не знаджы тыхы бон!.. Зарæг акæнут кæронмæ, Науæд арв нытталынг... Кæд нæ ахуыссид ысбонмæ Не ’ппæтæн нæ сау зынг!.. Рох нæ уыдзæни нæ ингæн,- Ма тæрсут, мæ хуртæ! - Мах æрцыдмæ та нæ Ирæн Гуырдзæн сахъ лæппутæ!..»
220 Ирон литературæйы антологи фффф^ ЦЫРТЫ ДУР Арын дзы Гаглойты Рутены ном Æз куы рамæлон, уæд-иу мын Ма батыхсут хистыл. Фаг у зианджынæн иу зын, - Баввæрсут-иу куистыл. Дардыл ма-иу сидæд хонæг: О, Рутен, зæгъ, нал и, - Карз хъысмæты бар - зæххон лæг, Æрдзæн фæтк, æгъдау и!.. Ма-иу фервитут сæндзæуттæ, Ма-иу бафтут хардзыл... Мадæр-иу фæдарут саутæ Афæдзмæ мæ мардыл!.. Мадæр мын цыртыл ыстыхсут, - Кадуарзаг нæ уыдтæн. Иу цъæх дурыл-иу æрфыссут Ном, мыггаг уæ фыртæн! Фæлæ дур, фæдзæхсын, зонут: ’Нахуыр бæстаг ма уæд. Тынг кæуыл фæрыст ирон уд, Уый мæ цыртаг бауæд!.. Ирæй-Ирмæ хох кæм фæкъæртт, Фæндаг дзы кæм ахызт. Уым цъæх айнæджы фæзгъæр-къæртт Басгуыхæд мæ уаз цырт!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 221 ффффОД КÆДМАЛÆГДÆН... Дзуццаты Хадзы-Муратсен Хæлар, нынкъард дæн, нал мæм цæуы худын, Нæ Иры сагъæс зæрдæйы ныццæм и! Хъысмæты бон куыд зын у, куы, фæцудын, - Фæлæ хъысмæтæй хи хизын куынæ и!!! Ирон æхсаргард - карз тохы дыууæ дих, Нæ ирон къона ахаудта фæрчытæ... Кæнынц нæ хæхтæ нæ артæй мæрдон их, - Æмæ куыд хонæм уæд нæхи фысджытæ?! Нæ ирон æвзаг бандзыг и нæ комы, Мах нал ыстæм нæртон ирон ныхасæн, Фæлæ нæ уый æцæг лæгау кæй домы?! - Нæ дзыхтыл - цъутта, не уæнгтыл та - сахсæн?! Бынат, цытыл нæ рухс фидæны ивæм, Лæджы æцæг ном саслам и нæ цæсты, Нæ кæрæдзимæ туджджынтау æвзидæм, Нæхи æвдисæм дзæлгъæды ныхæсты!.. Рынау ныл бафтыд удрæдувæг тасниз, Фыдлæг, фыдæгъдау царды бартæй хъазынц!.. Хæлар, кæм ис дæ фарны дзырд, дæ рахиз? - Ингæн нын иумæ худгæйæ куы къахынц!.. Æви Къостайæн ничи ыстæм мур дæр, Нæ зонæм уыйау «Додойтæ» ныммырхын! Нæ сæрмæ арвыл нал æнкъарæм хур дæр, Мæрдон гуыдыртæ сауыгътам нæ дзыхтыл!?..
222 Ирон литературæйы антологи Хæлар, ныббогъ кæн, райхъал кæн мæ уды, - Мах не ’вдæлы æнкъарддзинад, кæуынмæ! - Кæд ма лæг дæн, - лæг хиуыл дæр æрхуды, - Фæцæуæм иумæ цард, кæнæ мæлынмæ!.. МÆРГЪИТЫ КЪОСТАЙÆН Поэты зынг дæм ис æцæг, Фæлæ кæм баивдзæни Хуры, - Йæ фарсмæ бадгæйæ дæр лæг Йæхицæн хъарм уæлæфтау куры...
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 223 МАМСЫРАТЫ ТЕМЫРБОЛАТÆН 0, Турчы зæхх, цæуын дæм æз мæ фынты, - Темырболатæн агурын йæ ингæн. Нæ урс хæхтæ нæ рох кæнынц сæ фырты, - Фæхъыг кæнынц, ныййарæгау, сæхицæн. Сæ буц хъæбул фæиппæрд ис сæ цурæй, - Фыдызæххæй фæхауæггаг мыггагмæ... Мылазон дуг... Æрхæмзæрдæ, сæркъулæй Хуыздæрæнхъæл уый ахаудта фыд ранмæ. Æлгъыст фæндаг: «Фæцу йыл æмæ ма срцу!» Йæ адзалæн нывгонд уыди хъысмæтæй... Цæй, ацу смæ бынсайд поэтыл ма ску, - Хъæддаг сырд дæр куы нынниудзæн йæ мæтæй.
224 Ирон литературæйы антологи ЩЩфффффф^ КЪОСТАЙÆН Ды, Къоста, фыййау уыдтæ, фыййау, Мæгуырты фос бонлæвар фæхызтай. Радта дын фыййауы ном хуыцау, Æмæ йæ нæртон лæгау фæхастай. Хъуыст дæ зарæг хохрындзæй сæумæ, Де ’ндон хъæлæс арыдта цъæх айнæг! Хæхтæ дæр-иу ’рыхъуыстой дæумæ, Салд цъити-иу батавта дæ зарæг. Ех, Къоста, ды амондджын фæдæ, - Æз бæллын дæ фыййауы лæдзæгмæ... Иу бон æй куы авæрис мæнмæ, Иу бон æй куы фæхæссин изæрмæ. Хохрындзтыл куы фæцæуин фыййау, - Æз дæ фарн куы банкъарин мæхимæ, Иу рындзæй куы ныззарин дæуау, Æмæ мын куы фехъуысид мæ Ирмæ!..
«Абадгæ чызджы сагъæстæ» Нывгæнæг Джуссойты Инал
Икъаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 225 Щфффф^^ МÆ НЫФСЫ ÆФСЫМÆР Эпитафи Арын дзы мсе зынгхуыст æфсымсер Кузъмайырухс ном Æз уарзтон цард, Лæджы фарнæн куывтон, Ирыстонæн нывонд уыди мæ сæр, Фæлæ мыл раджы аталынг мæ бон, - Мæ бæллиц уе ’вджид, Иры буц фæлтæр!.. Раст-ма иу хатт сау ингæнæй, Ме сфсымæр, кæм дæ! Ауу, куыд цæрыс сау иунæгæй, - Науæд та кæдмæ!.. Атъæпп уа мæлæты зæрдæ, - Уанцон сгъатыр нæу! - Аскъуыдта дæ царды фæндтæ, Аныхъуырдта дæу!.. Нал мын ис, нал, саг æфсымæр!.. ...Иунæг фыртæн - фыд... Ныййарджытæн - маст цыфыддæр, Дудгæ фыд æрцыд! Сау хотæм цæссыг дæр нал и, - Байсысти æгæр!.. Де смкъай - сау идæдз - æртади, - Амондсыгъд - зындæр!..
226 Ирон литературæйы антологи Иунæг нæ ды дæ æнæмæт, - Хайгонд дын дзæнæт... Сау ингæны цар ныккæлæд, - Ды кæм дæ ныгæд!.. ГАГЛОЙТЫ ВЛАДИМИРÆН Нæ редактор, бæрзондыл бад, Нæ Ирыл айхъуысти дæ кад... Дæ пьесæтæн сæ фæндаг - даргъ, Дæ романтæ - уæзгæ бæхуаргъ. Фæлæ дын æй зæгъæм æргом: Кæмдæрты сæ ысхъары дон!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 227 ЦртффВД^ АСАТЫ РЕУАЗÆН «Усед мсен бахæрсед цсецæн, Æз куы ныууадзон мæ хæцæн». Асаты Реуаз Хъазыс рифмæтæй уынгты дæр. Ис поэты туг дæ уæнгты дæр, Фæлæ цас бæрцæй, чи зоны? - Ахæм анализ чи домы?! Рифмæ дæ йемæ асайы, Хатт фыдбылыз дæр расайы: Хъуыды рохуаты аззайы Æмæ йæ архив бафснайы!..
228 Ирон литературæйы антологи ÆЗ ДЕ ’НГАСЫ УАРЗТЫ ЗЫНГ ФЕДТОН Румынаг поэтесссе Анна Бяандианæйсен. 1975 азы гуырдзиаг семсе белорусаг поэттимсе иумсе серцыд Цхинвалмсе семæ хайад райста Хетсегкаты Къостайы цыртыраз ирон поэзийы бсерсегбоны, бакаст дзы Кьостайыл йсехи семдзсевгсе дсер румынагау. Ды дардæй, Румынæй æрцыдтæ, Нæ Ирмæ æртахтæ, бæлонау, Нæртон лæджы фендмæ бæллыдтæ, - Къоста, дам, куыд дзуры иронау. Куыд зæлы, куыд нæры йæ хъæлæс - Нæ хæхты, нæ кæмтты хъуытазау, Куыд ыстахти арвмæ лæг-цæргæс, Куыд хæцыд хуыцæуттимæ нартау?!. Ды, Аннæ, æрцыдтæ поэтмæ, Бæсты хъарм æрхастай дæ уды, - Ды, Хурау, бæллыдтæ йæ фендмæ, Йæ лирæмæ кодтай тæхуды... Лæууыс ныр йæ цырты раз мæнæ, Йæ номыл ын дзурыс æмдзæвгæ: Нæ уд нын фæхастай, нæ зæрдæ, - Цы бæстæй æртахтæ, цы зæд дæ?!. Дзырдтай ды румынагау - зонын, Дæ цуры тæлмац дæр лæууыди, Фæлæ йæ уæлдай лæггад хонын, - Дæ цæстыты дуне куы зынди...
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 229 Æрттывтой хæлæртты рæвдыдæй, - Рæвдыдтой сæхæдæг дæр алкæй; Æрхызт сæм Къоста дæр йæ цыртæй Мæ бафсæст сæ цинæй, сæ уарзтæй!.. ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАНÆН Лæппу, æцæгæйдæр ыслæг дæ, - Фыссынæн басгуыхти дæ рахиз... Уæддæр дæм бадзуры нæ зæрдæ: Кæд уыдзæн иу ыстыр уæлахиз?!..
230 Ирон литературæйы антологи Ф№№ЩРЧ^^ РУКЪМÆ МАХ ÆНУС-ÆНУС ЦЫДЫСТÆМ... Хъаныхъуаты Владимирæн Мах фыццаг хатт фембæлдыстæм Ручъы - Æз ’мæ ды, мæ цæгаттаг æфсымæр! - Зæрдæ цинæй риувæйнæг рæмудзы, Уæнгты хъару райхъал ис, фæдывæр. Хур ныл иумæ ракасти фыццаг хатт, - Хох фæкъæртт ис, байгом ис нæ фæндаг Цæй, кæнæм æфсымæртау ирон зард, Айхъуыса дыууæ Ирыл йæ зæлланг!.. Фехъусой йæ ингæнтæм дæр мæрдтæ, - Фæндаджы мæт мауал уа сæ риуты. Чи æрхастой уый тыххæй сæ сæртæ, - Уадз, ныгъуылæнт уымы бæсты цинты!.. Цом, ныр та уал абадæм нæхимæ, Хуссар Иры алкæм дæр - дæ хæдзар. Райсдзысты дæ кад æмæ цытимæ, Ныхасы дын ратдзысты дзырды бар. Буц хистæр дын ракувдзæни фынгыл, Ратдзæни дæм буц кæстæр нуазæн, Буц æфсин нæ ауæрддзæн йæ къуымтыл, - Буц уазæгæн алцы дæр - фæлхасæн!.. Фыццаг кафт нæм хъазты дæр - дæ номыл, - Къахфындзтыл æрсим нæртон Сосланау! Рахызтæ нæм фарнвæндагыл - хохыл, Æмæ дыл фæцин кæнæм иронау!..
Икъаты Владкмир. Æвзæрст уацмыстæ 231 Махæн раджы ахицæн нæ хъысмæт, - Хæхтæй, кардау, баистæм дыууæ дих!.. Абон фесæфт не нусон стыр мæт, - Зарæм иумæ, ме ’фсымæр, мæ халдих!.. Зарæм уарзтыл, не ’нувыд хæлæрттыл, - Чи къæртт кодта хохайнæджы «арæн»! - Дардзыстæм сæ хæрзиуæг нæ зæрдыл, - Фæндаг та нын - иумæйагæй фарнæн!..
232 Ирон литературæйы антологи щщщщпт\9*т^т КОМПОЗИТОР ЧЫЗГ Арын дзы Плиты Жаннæйы ном I. Зæлы музыкæ - Удцагъаргæнæг. Зæлы ’нахуыр цагъд, Зæрдæ батæнæг... Адæм-дзыллæтæ Бадынц сабырæй, - Марадз, не ’фсæдынц Цагъдмæ хъусынæй. Къухтæ, уаз къухтæ, Ау, куыд рæвдз симынц, Гуырынц зарджытæ. Риуы ахизынц!.. «Чи дæ, цавæр чызг? - Зæгъ, кæй ном хæссыс? - Адæм-дзыллæты Ды куы ’рра кæныс!..» «Æз ирон чызг дæн, - Ма фæрс номхуындæй... Хъуамæ бахынцон Алкæй ног хуынтæй...». «Бузныг, Нарты чызг, - Хъуысы адæмæй, - Ды - нæ уарзты зынг, - Арфæ - алкæмæй!»
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 233 II Ехх, тæхудиаг, - Зарын чи зоны, Уарзон адæмты Зардмæ чи хоны. Зарæг - уарзты цин, Маргъау - базырджын; Зарæг - хурзæрин., Зарæг - кады хуын... Зарæг, - уды хъæр, Маст, уæд цины бон. Зарæг - царды сæр, Махæн - удæхцон... Зарæг, макуы мæл, Цудын макуы зон, Зарæг, немæ цæр Ды - æнусты бон!.. Ехх, тæхудиаг, - Зарын чи зоны!.. Уарзон адæмты Зардмæ чи хоны!..
234 Ирон литературæйы антологи Чртртфф^^ БОЛАЙЫ ФÆДОНТÆ 1987 азы дунейы чемпионтсе, æрдхæрæны ирон богæлттсе Фадзайты Арсен} Хседарцаты æфсымсертсе Аслан семсе Махарбег, семсе Хсебселаты Лерийæн. Уый аргъау нæу, легендæтæй нæм не ’рцыд, Нæдæр зæд у, гъе, Уастырджы - дыккаг. Фæлæ зæххыл цы уыд æмæ цы не ’рцыд: Зæххон гуырд у - ирон лæджы мыггаг. Тыхгæнæг ын нæ ары тых дунейыл, - Хæцы, бырсы, æмбисæндтæ фæци. Лæг дис кæны йæ ударты цыреныл, Уæвгæй, йæ ныхмæ чи фæлæудзæн, чи?! Бола æмæ Сосланы фарнæй - хайджын, - Тæхудиаджы разагъды фæдон. Нæ Фыдыбæстæ ахæмтæй у кадджын, Нæ адæмæн æрдхæрæйнаг - сæ ном. Арсен у уый - цыколайаг нæртон гуырд, - «Зæрин хъæбысхæцæн» та йын - лæвар. Нырмæ дунейыл уый райсæг нæ разынд, Ирыстон, ныр дæ фырты кадыл зар!.. Кæсут, тыхмæ йæм рахызти бæгъатыр, - Йæ бæстæйыл кæмæн айхъуыст йæ ном, Уый бердзенаг, Георгиас у, - сабыр; Йæ тых, йæ хъару уымæн дæр - нæртон.
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 235 Бæллыдис рагæй - фембæла Арсеныл, Ныр æм æрхауди ахæм тохы рад - Францаг сахар Клермоны-Ферраны, - Ныййазæлдзæн йæ кады зарæг дард... Фæлæ кæсы Арсены тохтæм раздæр, - Æниу ын уый ном снæуи дæр - зындгонд. Нæма фенди тыхджындæр æмæ сагдæр, - Фæйнæгфарс у, хъандзал нуарæй конд. «Æмбулдзæн мæ, цы ма хæцон ныр йемæ», Зæгъы йæхицæй бонзонгæ богал. Йæ къух ын райста Фадзайты Арсенæн, Æмæ йын загъта: «Уæлахиз дæ, æмбал!.. Ды иунæг иу Геракл дæ дунейыл, Нæма радта дæу æмсæр гуырд нæ зæхх! - Æз цин кæнын дæ хъару ’мæ дæ фендыл, Дæ фæндæгтæ мын - даргъ æмæ уæрæх!..» Ныр та кæсут Хæдарцаты уæйгуытæм, - Тæхудиаг сæ ныййарæг гыцци! - Æркæсын кодтой дунеты сæхимæ, Сæ дыууæйы дæр тохы фарн фæци... Аслан уал - хистæр - алкæй дæр ныббырста, Нæ йын разынд богæлтты ’хсæн æмсæр. Йæ кады ном историйы ныффыста, Æрвнæрæгау ын дунетыл ныхъхъæр!.. Йæ къобор кæстæр басгуыхти йæ фæдыл: Йæ ныхмæ чи ис - алкæй дæр бырсы, Æрæвæрдта сæ иууылдæр сæ уæнтыл, - Хуыздæр амонд æм ноджыдæр кæсы!..
236 Ирон литературæйы антологи «Æтт, амæлæд уын уыцы сахат Лери, - Хæбæлайы фырт бадзуры уæндон, - Куынæ рамбулон, уæд мæнæй цæй лæг и, - Куыд ма хондзынæн уæд мæхи ирон?!..» Æмæ хæцы, æдæрсгæйæ æмбулы, Нæ йын ласынц бæгъатыр гуырдтæ фарс. Куыд диссаг у: йæ иу уонг дæр нæ цуды, Нæ йын фæлæудзæн иу разылдæн арс!.. Уæлахиздзау... ныр кады худ æркодта, Ныфсджындæрæй йæ фидæнмæ - йæ каст. Нæ Цæдисон хъæбулы кад ыскодта, - Нæ фæцис тохы иуимæ дæр саст! Нæ Ирæн ныр цыппар майдан - сыгъзæрин, - Нæ дунейæн аккагуæвгæ дæсæй!.. Æз дуры цъупп, гъе, ихыл дæр фæцæрин, Ирон уæвгæ сæ кады ’мсæр лæгæй!.. Цы ма вæййы æндæр, уæдæ, сенсаци?! - Цыппар иронæн нæй зæххыл æмбал!.. Æмæ сын ноджы сахъ фæдонтæ цас и, - Болатæ ма нæм цал басгуыхдзæн, цал! Ау, чи сæ ары, цавæр зæхх, цы наци! - Хæрæм сæ номæй дунейы раз ард, - Цы фарн сæм и - уадз, базонæнт сæ алчи, Æнустæм сын цæрæнбон æмæ кад!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 237 ^^^^^^^^^Р^^^Р^^^^^^^Р^^^ НОЗТЫ ДУДÆГТÆ МАДЫ ФÆДЗÆХСТ ЙÆ НУАЗАГ ФЫРТÆН Баназ, мæ хур, баназ, Баназ мын мæ уд дæр, Чызджытæн та бауарз Се ’ппæты рæсугъддæр!.. Фæлæ дар дæ зæрдыл: Нозты хæлар ’гад у, Чи зила йæ фæдыл, - Цардамонд æм дард у... Ма дзы хау дзынгайау! - Алхатт дын фæдзурын, Ма-иу хæц фыркъайау, Ма-иу сис лæбурын!.. Бакæс-ма дæ фыдмæ, - Нал ысты йæ уатæй, - Нал хъусыс йæ дзырдмæ, - Не ’мбарыс йæ катай!.. Нозт дын - маст, фыдбылыз, Сæфдзынæ дзы, зон æй!.. Де свзонг уд ысхырыз Арахъхъ ’мæ ликерæй!..
238 Ирои литературсейы антологи Ма нуаз, мæ хур, ма нуаз, - Нозтæй нæй сайтандæр!.. Уый бæсты мын бауарз Чызджыты къахбайдæр!.. ÆРВОНГÆЙ ÆМÆ НОЗТДЖЫНÆЙ Æрвонгæй мын куыннæ сты, куы, рæсугъддæр Мæ гуырæн къуым, мæ хæлæрттæ, мæ цард... Рæдауæй сын нывонд кæнын мæ уд дæр - Сæ амондыл ныййазæлы мæ зард!.. Фæлæ мæ сæрмæ нозты фæлм куы бафты, Ыскъæрын хивæнд къамбецау мæ фæнд!.. Мæ мады уд мæнмæ кæсынæй рафты, - Мæнмæ та уæд куыннæ кæсы мæлæт?!.
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 239 «(«(РЧ^ НУАЗАГ ЛÆДЖЫ УАЙДЗÆФ ЙÆ ФЫДСЫЛ УСÆН Дæ тызмæг цæстытæ мын карз арахъхъ дарынц, Цывзыйау мæ судзы, - кæрзын... Мæ рухс бæллицтæ мын сæ ахæсты дарынц - Бецауаг! - уынæргъын, хъæрзын... Мæ уды тæрæзтыл дæ масты уæз барын, - Йæ быны фæцудын, кæлын... Уæддæр ма мæхицæн «Уæрæйдæ» ныззарын. Æд зарæг - æнцондæр мæлын!..
240 Ирон литературæйы антологи фффф^^ ФÆДЗÆХСЫН НОЗТУАРЗАГ ХÆЛÆРТТÆН Нуазгæ та куыннæ фæкæнынц адæм, Фæлæ йын æз бæрц, кæрон нæ зыдтон. Куы-иу ысмаст кодтон мæ мадæн, Куы та мæ къаймæ дæр æвзыстон!.. Куы-иу мæ куыстмæ дæр нæ цыдтæн - Хуыздæрæн къафетæ æвзæрстон... Куы-иу сын бафыстон мæ фынгтæн, Куы та «æууæнкæй» дæр нуæзтон... Нуæзтон, фынгыл-иу цы уыди. Кæм зыдтон: сыкъа у лæгмарæн... Фæсмон мæм ’рæджиау æрцыди, - Йæ сис куы фæтасыд мæ цардæн!.. Фæдзæхсын нозтуарзаг хæлæрттæн: Мæ рæдыд ма ’руадзут уæ царды. Кæрон куынæ зонат нуæзтæн, - Уæ сæртæ судздзысты йæ арты!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 241 Щфффф^^ НУАЗАГ ЛÆДЖЫ ÆФСÆНТТÆ Мах баназæм: базонут - цæй тыххæй? Фыднозтгæнджытæ не стæм, уый æмбарæм, Цæмæй чысыл фæиппæрд уæм нæ хъыгтæй Æмæ нæхицæн иучысыл ныззарæм!.. Гъе, кæннæуæд æнтъыснæджы бын фестæм, Уæззау ысты лæджы хæстæ - æмбарут, Фæлæ сын мах æнцон ныббырсæн не стæм Æмæ-иу нын нæ нуæзт дæр ныббарут!..
242 Ирон литературæйы антологи щптпттнтт^ ФÆСМОЙНАГ НОЗТ Баназæм, Баназæм, Баназæм! - Дзурынц мæ хæлæрттæ фынгыл, - Чи уыди, Чи уыди, Ахæм лæг, - Чи-иу нæ фæлæууыд зынгыл?! Банызтам, Банызтам, Банызтам, - Цас уыд нæ бон мæ нæ фадат!.. Нал зыдтам, Нал зыдтам, Нал зыдтам - Налдæр нæ хæдзар, нæ сæрвад!.. Ма нуазæм, Ма нуазæм, Ма нуазæм! - Дыккаг бон дзурæм нæ фæсмон... Кодтам ма Аххытæ, Оххытæ, - Никæуыл нæ уыд хуыздæр бон!..
Икъаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 243 Ма цæуæм, Ма цæуæм, Ма цæуæм, Ма цæуæм нозты æмгæрон!.. Науæд та Базонæм, Базонæм - Нозтæн æгъдау ’мæ йæ кæрон!..
244 Ирон литературæйы антологи ЧМфЩфЩ^^ НУАЗАГ ЛÆДЖЫ ФÆСМОН Цы рæстæг фесæфтон нуæзтæй! - Цы хæрзтæ банызтон сыкъайы!.. Ныр мæ куы уаиккой æххæстæй, Уæд сæ ысбуц кæнин нанайы... Фæсмон мæм ’рæджиау æрцыди, - Куы скастæн сыкъайæн йæ бынæй!.. Нæй, уырдæм рухс дуне нæ зынди, - Æмбæхсти карз нозты фыдрынæй!.. Уæллæй, куыд зынтæй дзы ысхылдтæн, - Йæ къултæ - ихайнæг, бырынцъаг!.. Цыма мæрдтыбæстæй æрцыдтæн, - Кæсы мæм уый хуызæн мæ хъуыддаг!
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 245 чдерчр^8^^ ÆФСИН ÆМÆ АРАХЪХЪЫ ХИН Æфсин дзуры уазæгæн: «Фынгмæ бабад æввахсдæр, - Хъаст нæ, мæ хур, ма ракæн, - Разындзæн нæм арахъхъ дæр... » Уазæг фынгыл æрбадтис, Дурын, сыкъа - йæ разы... Карз арахъхъæй нæ тарстис, - Дзæбидырыл дæр - разы! Уазæг кувы, нуазы, Нал ауæрды йæ удыл. Цъыртт сыкъайы нæ уадзы, - Ма йæм бакæн тæхуды: Арахъхъ сæры ысмидæг, Систа лæджы бырсынтæ: «Чи уыдзæни, цы тыхлæг - Баназа мæ æд бынтæ?!.» «Æз... æз...» - лæг ма фæлвары, Налдæр дзурын йæ бон у!.. Бады, цыма, мæйдары, - Афтæмæй та цъæх бон у!.. Куыст, хъуыддагыл нæ тыхсы, - Афтæ уыди ызнон дæр... Æфсин та йæм ыспыхс и: «Мауал дзур ныр дæ ном дæр!.»
246 Ирон литературæйы антологи Сынтæгмæ йæ фæласы, Бахауд масты фæлхасы... Ныр йæхи сæр æлгъиты, - Хъизæмæрттæ кæй фиды!.. НОЗТÆН Фынгæн йæ паддзах дæ ды, - Алкæй хынцыс смæ рæвдауыс, Цард дæ æгъдауæн дæтты, - Уарзты монц, циндзинад тауыс... Фæлæ тæссаг дæ уæддæр, - Хинæй рæстаг лæгыл зилыс... Чи свæййы де ’рдхорд æгæр, Уыдон та былæй æвзилыс...
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 247 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ УАРЗОНДЗИНАДЫ ЛИРИКÆ х- х- х- Нæ Иры номхæссæн чызджытæ, Дæттæй, уæ зæрдæ уын куы ссарин, - Поэты базырджын хъуыдытæ Уæ номыл барджынæй фæзарин... УАРДИ, МА МЫН КÆН, МА, УАЙДЗÆФ Уарди, ма мын кæн, ма, уайдзæф, - Алхатт дын кæй сæттын Æз дæ дидинтæ, æмæ сæ Иу чызгæн кæй дæттын... Фидæнмæ та, зонын, мæ хур, Суадздзынæ ды таутæ, Æмæ та сыл ногæй зайдзæн Дидин - судзгæ батæ... Фæлæ, зон, æцæг уарзонад Иунæг хатт æрцæуы, Æмæ йæ æппæт хæрзтæй дæр Сбуц кæнын фæхъæуы!..
248 Ирон литературæйы антологи щ*ФФ№^ ДОНХÆРИС КУРЫ Доны былыл донхæрис æртасыд: «Сабыр хъазут! - уылæнтимæ дзуры, - Уарзæттæ мæ аууонмæ æрбацыд, - Иу сыбыртт дæр не ’мбæлы сæ цуры... Дымгæ, курын ацы хатт дæуæй дæр: Басабыр кæн - сыфтæртимæ ма хъаз, - Ма хъыг дарæд уарзæтты дæ уынæр, - Уадз, зæгъой нымд зæрдæтæ сæ ныхас... Булæмæргъ, мæ фæдзæхст у дæуæн та: Ацы иу хатт ма ныззар æввахсæй, - Зардзынæ та уый фæстæ æнæнтау, - Уарзæттæ уал бафсæдой ныхасæй...
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 249 ^^Р^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ АМОНД У ИУМÆ ССАРГÆ Уалдзæг æрцыдис нæ хæхтæм, Дидинæг фестади æрдз. Акæс-ма, акæс, ды мæргътæм, Ахстæттæ иумæ кæнынц... Мах та кæрæдзийæ - хицæн, Не ’хсæн ивылд дон цæуы... Раттин мæ уд дæр æз хидæн, Фæлæ цы зæгъдзынæ ды?..
250 Ирон литературæйы антологи Цртртртфф^^ РАСЫГ КÆНЫН ÆЗ ÆНДÆР «НУÆЗТÆЙ» Нозтæй æз нæ расыг кæнын никуы, Ахæссын ирон фынджы уæз рогæй, - Чындзæхсæвы, куывды, гъе та зиуы Никуы цудын карз арахъхъ смæ ронгæй. Расыг кæнын æз æндæр «нуæзтæй», Уалдзæджы фенд, дидинты хæрздæфæй... Расыг кæнын музыкæйы зæлтæй, Уарзондзинад, маст æмæ фыдæхæй...
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 251 КАФÆГЧЫЗГ Æтт! - Ныййазæлыд музыкæ, Систой фæсивæд кафынтæ. Бакæс, бакæс-ма иу чызгмæ, - Маргъау ыл басагъд базыртæ: Кафы, зæххыл дæр нал хæцы, Къæхтæ, къухты айст - нахуыр ныв. Чызг зæдæнгæсæй ракæсы, - Фесты циндзинад, уарзты цырв... Æтт! - ныццамоны зарæг дæр - Уаззæл - бахъардзæн айнæгмæ. Бæхæй рахиздзæн барæг дæр Ахæм кафт æмæ зарæгмæ... Балхынцъ заргæ кафт, ахицæн, Банцад фæндыр дæр, бамыр и... Кады дидинтæ - артистæн, «Бистæн» басабыр нал уыди... «Иу кафт ноджыдæр, иу зард-ма!» Цины монц хъæртæ райхъуысы... Чызг та адæмæн акуывта. Æмæ, уаз фынау, ахъуызы...
252 Ирон литературæйы антологи МÆ ФÆРДЫГ Дæттæй, куы уаис ныр мæ цуры, Куы судзид риуы тынгдæр арт... Цъæх арвыл баивин зынг хуры, Рæвдауин, тавин дын дæ цард!.. Уадз, ’гасæй басудзон дæ уарзтæй, - Хæрзæгæн басгуыхдзæн мæ зынг... Фæлæ дын хай уыдзæн мæ мастæй, Мæ удыл ауындзæг фæрдыг! МÆУАРЗОНÆН Ды мæм куы кæсыс, - ферох кæнын Хуры, Ды мæм куы схудыс, - рох кæнын мæхи дæр., Мæ зæрдæ мæм къæхтыбынæй ысдзуры: Нæй дунетыл мæнæй амондджын иу дæр!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 253 «рфир^^ ИНГÆНЫ ОНГ ЗÆРДÆТЫ ХÆССÆМ! Уыцы ’хсæв нæ баивин æз боныл, Мах куы кодтам Терчы был ныхас... Иухатт ма куы ’рбалæууид, мæ боныл, Иухатт ма куы уаиккам æввахс... Фæлæ Терчы знæт уылæн куыд ацыд, Афтæ ацыд не ’взонгад дæр, зон... Ныр мæ удыл сусæг сагъæс бафтыд, - Нал æй уадзы нæ æхсæв, нæ бон... Байрæджы ис!.. Ехх, ныр ма цы кæнæм?! Аивтæй кæрæдзимæ кæсæм... Амондæн йæ цин æмæ йæ кæлæн Ингæны онг зæрдæты хæссæм!..
254 Ирон литературæйы антологи чртвчр^^ УАЛДЗЫГОН СЕРЕНАДÆ Уалдзæг æрцыдис нæ хæхтæм, Дидинæг фестади æрдз. Акæс-ма, акæс, ды мæргътæм, Ахстæттæ иумæ кæнынц... Мах та кæрæдзийæ - хицæн, Не - схсæн ивылд дон цæуы... Раттин мæ уд дæр æз хидæн, Фæлæ цы зæгъдзынæ ды?..
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 255 ЩРффЧФФ^^ НÆ ИРЫ НОМХÆССÆН ЧЫЗДЖЫТÆ Нæ Иры номхæссæн чызджытæ, - Нæ царды базырджын бæллицтæ! - Налхъуыт, налмасæй конд фæрдгуытæ, Уæ рынтæ бахæрон, уæ низтæ. Уæ фæкаст - хъавæгау, рæстдзæвин, Зынг фатау, зæрдæйыл æмбæлы... Уæ уарзт æнæлаз ’мæ æнæхин, Нæ цуды уд-зынты, нæ кæлы... Уæ фæхудт, уе сныхас - поэзи, - Цæхæр-арт лæппутыл æндзары... Зæххыл бæллиццагæй цы фенди, - Уæ удты бацарди, уæ тары... Уæ хъазт, уæ фæндыры æрцагъдмæ Нызмæлы айнæг дæр, нырризы... Уæ фидыц, уе ’гъдау смæ уæ уарзтмæ Уæларвæй Хуры фырт æрхизы... Уæд ахуыр, куысты, зæгъ, - хъазуатон, Уæ ном Ирыстоныл ныхъхъæр и... Уæллæй, тæхудиаг - йæ хъал бон, - Сымахæй къайы бар кæмæн и!.. Нæ Иры номхæссæн чызджытæ, Дæттæй, уæ зæрдæ уын куы ссарин, - Поэты базырджын хъуыдытæ Уæ номыл барджынæй фæзарин...
256 Ирон литературæйы антологи ЧРУЩЩФЧ^^ УРС КЪАБА Магазины иумæ ’лхæнæм Ме ’фсинимæ къаба. Иу фæндмæ хæстæг нæ цæуæм, Мара зæгъай, мара... Уый æвзары тарбын хуызтæ, - Урс къаба нæ фæрсы, Фæлæ йын мæнæн мæ зæрдæ, Курæгау, фæдзæхсы: Урс къаба уыдис дæ уæлæ - Ды чындзы куы цыдтæ... Уарзты, амонды бæрзæндмæ Уый мидæг ысхызтæ... Урс къаба - мысинаг махæн, Фыццаг уарзты монцау, Балхæнæм æй, ма йæ рох кæн, Не свзонгады бонтау.
«Кæугæ хæрис» Нывгæнæг Джуссойты Инал
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 257 чрчрчдери^^ ЧЫЗДЖЫ ЗÆНГТÆ Дыууæ зæнджы... дыууæ цырагъау худынц, Цæуынц мæ разæй, схъауынц риуы арт... Æмырæй мын сæ сусæг ныхас дзурынц: «Куыд рæсугъд у, куыд рæсугъд у, кæс, цард!.. Æз сæм кæсын, кæсджытæ ма сæм цас и! - Цæуын, кæнын мæ хинымæр тæрхон... Дæттæй, уæд та, куынæ сæм кæсид алчи, Кæнæ сæ æз куынæ уынин бынтон!..
258 Ирон литературæйы антологи ЩПЩЩЩЩЩЩ^^ ДОНХÆРИС Романс Донхæрис калы йæ пакъуы, Дымгæ йæ дардмæ хæссы... «Ма-иу мæ ферох кæн, макуы», - Хæрис дзыназы, хъæрзы... Пакъуы йæ цæссыг ызгъалы, Дзуры æмырæй «хæрзбон!»... Дымгæ та буцæй ныззары, Пакъуы фæхæссы уæндон... Раст ма мæ хъысмæт дæр демæ, О, чызгай, афтæ уыди, Афтæ «хæрзбон» кодтай мемæ, Афтæ мæ амонд сыгъди... Дымгæйау зарыди хъал гуырд, - Къайагæн уый хай фæдæ... Сагъæс мæ зæрдæйыл бафтыд, - Мысын дæ, фæлæ, кæм дæ?!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 259 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ СÆРДЫГОН ИЗÆРТЫ Сæрдыгон изæрты Æрттиваг хъæндилтæ Æз ахстон мæ сабион бонты... Сæ дзымдзыма ферттывд, Сæ рухсы фæлмæн тын Рæвдыдтой цыбæлзæрдæ сонты... Æмбырд-иу сæ кодтон Мæхи арæзт къоппы, Дзырдтон-иу: «Æрттивой мын сом дæр...» Фæлæ та-иу боны Фæсайды дæн алхатт - Сæ рухс-иу мын ахуыссыд, атахт... Ныр дæр та - ыстырæй - Æз иу хъæндил ахстон... Уыдтæн дзы сæрыстыр, зæрдæрай... Фæлæ та мын уый дæр Йæ зæрдæйы рухсæй Фæкодта мæ уды æнæ хай...
260 Ирон литературæйы антологи ^РфЧР^^ УАРЗОНЫ ФÆДЗÆХСТ Мæ царды рухс амонд - дæ бар, - Куыд дæ бон уа - рæвдау æй афтæ. Мæ сонт рæдыд-иу мын фæбар, Лæг бараг у - куы кæна уарзгæ!.. Мæ зын сахат мæ фарсмæ лæуу, Мæ цин дæр - иумæйаг дæуимæ!.. Лæджы цард афтæ æнцон нæу, - Фæлæ - адджын дыууæйæ иумæ!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 261 фЯфф^^ ДÆ ЗÆРДÆМÆ СÆДÆ ДУАРЫ КУЫ УАИД Дæ зæрдæмæ сæдæ дуары куы уаид, Сæдæ дуарыл - сæдæ гуыдыры ’вæрд, Уæддæр сын æз сæдæ дæгъæлы ссарин 'Мæ дын бæлвырдæй базонин дæ фæнд. Фæлæ ма æз цы агурон дæгъæлтæ? - Мæ разæй сæ æндæр чидæр ыссардта... Цы ма кæныс?! - Æрсабыр у, мæ зæрдæ, Дæуæн хъысмæт æндæр амонд нæ радта.
262 Ирон литературæйы аитологи чрчр^ч^^ РАГУАЛДЗÆДЖЫ Рагуалдзæджы иу бæлоны федтон, - Арæх-иу нæ дыргъдонмæ æртахтис. Бауарзтон æй... Зарджытæ йын кодтон... Уый дæр-иу мæм буц, рæвдаугæ кастис... «Сараздзæн нæ балдоны йæ ахстон», - Мисхал дæр ыл нал кодтон дызæрдыг, Ме ’рттæ-иу æм кувæг лæгау дардтон, - Уымæй-иу мæ ахицæн нæ фæндыд. О, фæлæ куы атахтис мæ бæлон Ахстон афон сыхæгты дыргъдонмæ, - Уым ыссардта цардамонд - йæ ахстон... Нæй, нæ бакаст ницæмæй мæ коммæ. Ахаста мын ме ’нцойад дæр йемæ, Ахæст цъиуы къахыл конд бæттæнау... Ех, æз ма бæргæ бæллын йæ фендмæ, Фæлæ мæм уый нал тæхы кæддæрау.
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 263 ^^^^^^Р^^^^^^^^^^^^^^^^^ ХЪУЫДЫТÆ, МÆ ФЫЦЦАГ УАРЗОН КÆМ ЦАРД, УЫЦЫ УЫНДЖЫ ЦÆУГÆЙÆ Ацы уынг, куыд рæсугъд уыдтæ иухатт, - Ам-иу уыд мæ зæрдæйæн чындзæхсæв, - Ардæм-иу мæ судзгæ зæрдæ ратахт, Арвыстам-иу тымыгъмæ дæр не схсæв. Фæлæ табу никуы кодтам артæн, - Судзгæ риуты пиллон арт фæйлыдта... сВзонгдзинад, куынæ дын уаид рафтæн, Нустæм-иу куынæ хуыссид дæ зынг та... сХсæв дæр нын уæд бонау уаид, бонау, - Дард уыниккой уарзæтты цæстытæ... Тар хъæды нæм уыг зынид бæлонау, Айдæнау æрттивиккой нæ уынгтæ...
264 Ирон литературæйы антологи ^?^Т^^^ ЦИНЫ ХОСÆН НÆ, ФÆЛÆ ХЪЫГÆН... Кæд дæ зæрдæ никуы сыгъди уарзтæй, Кæд фырмæстæй никуы хъуыст дæ зард, - Уарзт цы у - нæ базыдтай æххæстæй, Никуы кодтай удхар æмæ ’нкъард, Уæд дæ цард æгуыст лæгау фæтыдтай, - Ахæм уарзт - æнхъæлцсайæн æрмæст... Уарди-дидин дзæгъæлы фæтыдтай, - Ех, гормон, нæ дæм фехъуыст нæ хъæрзт!.. УЫЙ, ЧЫЗГАЙ, ДÆ УАРЗТЫ ЗЫНГÆЙ СУДЗЫ Зæрдæ тоны, риувæйнæг рæмудзы, - Бадомдта йæ сау сагъæс, æрхæндæг. Уый, чызгай, дæ уарзты зынгæй судзы, Фæлæ йын нæ уыныс ды йæ фæздæг...
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 265 ^^^^^^^ЩЩ^^^^^^^^^^^^^^^ ИУНÆГАМОНД... Æз - рынчын, æрхæндæгæй мæ уаты, - Зæрдæ дзуры низимæ æдзух... Дунетыл цы цæуы, уый нæ хатын, - Астма мын æрбалхъивы мæ хурх... Тар мигъ, цыма, сæхгæдта мæ фæндаг, Хуры рухс цæст нал худы зынгæй... Амонд мæм куыннæ касти хуыздæйраг, Фæлæ мæ нæ бахызта хъыгæй!.. Иунæг амонд! - иу цин ма - мæ дохтыр, Хостæ - ницы! Йе ’нгæс мын у - цард. Куринаг чызг... худгæ хур, мæ боныл! - Фест æнæниз... Уарзты зынг ын ратт!..
266 Ирон литературæйы антологи Чртртффярт^ МÆ ХЪУЫРЫЛДАРИНАГ ФÆРДЫГ Æрлæу-ма иучысыл мæ цуры, - Мæ удæн уарзты цæхæр ратт... Цъæх арвæй-ма ратон зынг хуры, - Тыхджындæр бандзар риуы арт!.. Кæронмæ басудзон дæ уарзтæй, Æртхутæг фестон, гъе, фæнык, - Мæ разы баззайдзынæ растæй, Мæ хъуырылдаринаг фæрдыг!.. НЫСТУАН ЧЫЗДЖЫТÆМ Кæмæн уæ раттон, чызджытæ, мæ уд? - Уый иунæг у, сымах та стут милуантæ!.. Æз æй дæттын - цыфæнды йын кæнут, Æрмæст ын уарзтæн ма байсут йæ бартæ!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 267 ЩфффЩ^ НЫР МА ЦЫ КÆНОН?!. Кæм уыдыстут, мæ цæстытæ, нырмæ? - Куыннæ уыдтат, ау, чызджыты рæсугъдты? Куы фæкъул и мæ хуры цæст бынмæ... Цæмæн судзут уæд уарзты зынг мæ уды?! Цы ма кæнон, куыд уынгæджы фæдæн? - Мæ чызджытæ, мæ лæппутæ - ыстыртæ!.. Куыд ма тонон ныр уардитæ, кæмæн? Куыд ныббыхсон дыккаг уарзты фыдзынтæ? Æви мæ уарзтыл ауигъон мæ къух, - Цæуон сæ цурты рæсугъдтæн куырм лæгау... Цы баййæфтон сæ судзгæ уарзтæй цух, Гъе, уый та давон сусæгæй хуыснæгау!..
268 Ирон литературæйы антологи щ§ЧФФФ^^ АБАДГÆ ЧЫЗДЖЫ САГЪÆСТÆ Ма мын дзурут: «Бацагур дæ амонд», Ма мæ домут чындзæхсæвæй хай. Кæд нæ фæдæн иу лæппуйæ райгонд, Амондмæ уæддæр нæ дæн тæргай... Кæд фæзына искæцæй мæ цæргæс, Рахæсса мæ зæрдæйæн йæ уарзт, - Нал хъæудзæн мæ амондæн «тæфæрфæс», Æз æмкъай ысуыдзынæн æваст... Науæд та рыгъд амондыл хъæцдзынæн, Хурыскаст мын уарзты цин хæсдзæн... Æз мæ чындздзон сæнттимæ цæрдзынæн, Амонд та мæм рухс фынты цæудзæн... ДÆЗАРÆГ-МÆНЫЛ... Мæ фыццаг зарæг райсомæй дæуыл у, Фæстаг зарæг дæр изæры - дæуыл!.. Дæуæн дæ зарæг, не ’мбарын, кæуыл у, - Куы йæ базарис, о, æрмæст - мæныл...
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 269 Щффф^^ ДЫ - МÆ ЗÆРДÆ... Нæй поэзи чингуыты, мæ хур, Нæй поэзи дидинты æнгасы, Ды - дæхæдæг - ’цæг поэзи, хур, Ды - зæххон зæд, иудадзыг - мæ разы!.. Мæн нæ уырны: ис ма дын æмсæр, Хур дæр иу у, нал ын ис æндæр сих!.. Зон, дæ уарзтæй разылди мæ сæр, - Демæ мын ис иу амонд - æнæдих!.. Ды - зæрдæ, мæ риуы дæ æвæрд, Ды мæ удау мемæ дæ æмбæлццон!.. Царды та æндæримæ - дæ фæнд... Ех, джиди, мæ хъысмæтыл куыд хъæцон?!. ДÆ ЦÆРÆНБОНÆН ФЫНЫ ДÆР КУЫВТОН Æз дæ мæхицæн уды хъарм куырдтон, Сыгътæн дæ разы иудадзыг цырагъау... Дæ цæрæнбонæн фыны дæр куывтон, - Ды та мæнæй ныппæррæст кодтай маргъау!..
270 Ирон литературæйы антологи ЧртРЧР^я^^ АМОНДЫ ДИДИНÆГ Лæппу дидинæг ратыдта, Чызг æй ауыдта, бахудти, - Хъазтæмхасæн æм бадзырдта: «Дидин ’нæхъуаджы бахус и...». Лæппу фефсæрмы адæргæй: Чызгæн дзуапп раттын бахъуыди... Уарзтæнхъæл дзырды фатдзæфæй. Нæй, йæхи адыл нал уыди... ’Нæхин цæстыты уарзты зынг, Арты пиллонау ферттывта, - ’Васт дзы басыгъди ’нахуыр чызг, - Къахдзæф акæнын нал зыдта... Лæппу хур-чызгмæ бацыди, Худгæ дидин æм бадардта, - Се ’хсæн цардамонд райгуырди, - Хъазтæмхиц чызг æй рауардта...
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 271 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ ИУ ЧЫЗГЫЛ НЫЦЦÆВДЗЫНÆН МÆ ХУД... Кæмæн уæ раттон, чызджытæ, мæ уд? - Мæ уд у иу, сымах та стут милуантæ... Цæй, иу чызгыл ныццæвдзынæн мæ худ, - Æрмæст мæ уарзтæн ма байсæд йæ бартæ!.. Æндæрты дæр дзы хай хъæуы, рæвдыд, Мæ уарзт мæ риуы хуры сих у, зонут! - Нæ фæуыдзæни иуы номыл сыгъд, - Уæ уарзт ’мæ дзы уæ рæвдыды хай домут... ÆЗ КÆСАГ ДÆН, ДЫ - КÆСАГДЗАУ Æз кæсаг дæн, ды - кæсагдзау, - Зон, дæ хызы хауд фæдæн... Судзыс мын мæ зæрдæ артау, - Нал бæззын бынтон лæгæн!.. Денджызæй дæ хыз нæ ласыс, - Æз йæ мидæг ахст - æдзух!.. Афтæмæй мæ удæй хъазыс, - Уарзтæн мын нæ дæттыс къух!..
272 Ирон литературæйы антологи фущщфф^^ ФЕХЪУЫСТОН МА БАЗЫРТЫ ПÆР-ПÆР Уарзондзинад хурау уыд нæ тавæг, Рагуалдзæджы зæрдæты сыгъдис!.. Кодтам ыл нæ дыууæ дæр нæ зарæг, - Амонд нæм цъæх нæууытыл цыдис!.. Фæлæ хурыл сау мигъы къæм абадт, - Арв ныннæрыд, акалдта цæхæр!.. Уарзондзинад хины маргъау атахт, - Фехъуыстон йæ базырты пæр-пæр!.. Сонт уарзт хивæнд у, ’нæрæмон, - Атахт, ме снцойад ахаста... Ныр мæ зæрдæйы - арф хъæдгом, - «Хорзæй баззай» дæр нал загъта!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 273 ЩЩрфУФф^^ САЙД ЧЫЗДЖЫ МÆТ Сайд чызг сусæгæй æркæуы: «Мæн æндæр амонд нæ хъæуы!..» Зæрдæ фырмæстæй рæдувы, Фæлæ уарзт фынты æрцæуы... Хивæнд зæрдæ та æртасы, Ног та дыккаг уарзтыл - разы... Ферох фыццаг уарзты судзаг, Фесæфт масты хæрам, дудаг... Сайд чызг ног амондыл зары, Къухыл ног къухдарæн дары... ЗАГС-ы ногæй къух æрфыста, Амондджын йæхи ысхуыдта...
274 Ирон литературæйы антологи щщщщщщ^^^ МАКУЫ-ИУДЗУР... Макуы-иу дзур, ма, чызгай: «Никуы ницы радавтон!» Ме снцойад мын адавтай, - Æз дæ уарзт куы банкъардтон!.. Макуы-иу дзур, ма, чызгай: «Никæй зæрдæ басыгътон!..» Ды мæ зæрдæ басыгътай, - Хъазты дæ куы базыдтон!.. Макуы-иу дзур, ма, чызгай: «Никæй къона фехæлдтон?..» Ды мæ къона фехæлдтай, - Хъазты дæ куы нал ардтон!.. Макуы-иу дзур, ма, чызгай: «Никуы, никæй амардтон!..» Мæн бынтондæр амардтай - Мемæ дæ куы нал уыдтон!.. Мауал-иу зæгъ, ма, чызгай: «Цардамонд нæм худдзæни?..» Мæн æндæрыл баивтай - Ныр мæ зæрдæ дуддзæни!..
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 275 ^^^^^^^^^Ж^^^^^^^^^^^^ НЫУУАДЗ МÆ О, уарзт, мæ зæрдæмæ та ма хъуыз, - Дæ зынгæй басыгътæн æгæр!.. Мæ цард, мæ къона та мын халыс, - Кæндзæн та сагъæссаг мæ сæр!.. Мæ царды цал хатты æз уарзтон - Сæ иуæй се ’ннæ уыд зынгдæр!.. Сæ цин, сæ хъыгтæ сын куы сбарстон - Уæд хъыгтæ мин хатты - фылдæр!.. Чызгай, ныууадз мæ ныр мæ адыл, Кæсыс - фæхалас и мæ сæр!.. Хæцон мæ бинонтæн сæ фарныл, - Фæсмойнаг ма фæуон фыддæр!..
276 Ирон литературæйы антологи щрущщщр^ ЕДЕЛВЕЙС Хæхты иу дидинæг зайы, Нæй йын ном иронау. Сæрды салд цъити кæм тайы, Худы уым цъæх бонау. Немыцагау æй уæзданæй «Еделвейс» хонынц. Хæхты цъуппытыл æй рагæй Уарзон чызгæн тонынц. Диссаджы рæсугъд у, ахæм Быдырты нæ зайы, - Равзарин æй æз паддзахæн Дидинджытæн майы... Алы сæрд дын æй лæварæн Ризгæ къухæй тонин, - Уарзты иунæг уаз æнкъарæн Царды бæллиц хонин!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 277 ЩрЩЩ^ЩЩ^ ÆЗ НЕ ’МБАРЫН... Æз не мбарын: цæмæн дарыс фæрдгуытæ? Чызгай, дæхæдæг - титыччы фæрдыг!.. Æз не ’мбарын: цæмæн сæрдыс дæ былтæ? - Æнæуи дæр ды тынг фидауыс, тынг!.. Æз не мбарын: цæмæн сæрдыс дæ рустæ? Цæмæн судзыс дæ уаз буар, цæмæн?! - Зæды сих дæ, ды аргъæутты рæсугъд дæ, - Дæ бакасты - зынг уарзты хин, кæлæн!.. Æз не мбарын: дæ цæстытæ цы сайынц? - Цæмæн сæ бахъуыд ахорæнты сæр?! - Сæ цуры хуртæ, стъалытæ ивайынц... Чызгай, æрдзонæй, нæ бибитæй цæр!.. Æз не мбарын: цæмæн дарыс бриллианттæ? Цæмæн дæ хъæуынц даритæ, цæмæн?! - Зæххон цардæн æнæуи дæр зынаргъ дæ, - Зын ыссарæн, зын æрхæссæн лæгæн!..
278 Ирон литературæйы антологи ЧР0чдерт0Ч^^ ХÆТАГУСГУРЫ ФÆСМОН Амондджын у, амондджын, - Иунæг иу хатт чи уарзта!.. Иунæг чызгæн уалдзæджы Дидинджытæ чи хаста!.. Ехх, мæнæн, мæгуыр мæ бон, - Цал рæсугъды бауарзтон!.. Цал хатты хъыцъыйы дон Æз сæ къухæй банызтон!.. Хорз агурæг хорз амонд, Нæй, хæтгæйæ не ссары!.. Амонд циу? - мæ сæры зонд Нал æмбары, не ’нкъары!.. Амондджын у, амондджын, - Иунæг иу хатт чи уарзта!.. Иунæг чызгæн уалдзæджы Дидинджытæ чи хаста!..
Икьаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 279 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ чызджы СÆРЗИЛÆНТÆ Фесæф, лæппу, фесæф - Тагъд мæ цæсты разæй! Рауай, лæппу, ратæх - Усгуртæн сæ разæй!... Бастъæл, лæппу, бастъæл, Æз нæ хъазын демæ!.. Фердæх, лæппу, ратындз, Ахуд, ахъаз мемæ!.. Амæл, лæппу, амæл, - Галиу дæ, мæлинаг!.. Басгуых, лæппу, басгуых Ды мæнæн цæринаг!.. Ма хæр, лæппу, ма хæр Ды мæнæн мæ хъиутæ!.. Рахæсс-ма мын, рахæсс Дидинджытæ, цинтæ!.. Ма цу, лæппу, ма цу Ме ’мгæрæтты, макуы!.. Басудз-ма мæ, басудз Уарзты судзгæ арты!.. Иуварс, лæппу, иуварс, Ма мæм æвнал армæй!.. Барæвдау мæ, бафсад Ды дæ пъаты хъармæй!..
280 Ирон литературæйы антологи Сабыр, лæппу, сабыр, Хъус-хъус бирæ ма дзур, Аивæй мын фæсфæд Ды мæ уд дæр ракур!.. Ацу, лæппу, ацу, Амонд дарддæр агур!.. Чызджыты хуыздæрæн Иунæг-иу мæн ракур!.. Макæ, лæппу, макæ, Ма мæ сай дæхимæ!.. Ех, дæ сæр æркъул кæн Иу базыл дæуимæ!.. Ма зар, лæппу, ма зар Амондыл æнкъардæй!.. Тар æхсæв мæ аскъæф, - Бафсæддзыстæм цардæй!..
Икьаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 281 ^^^^^^^^щщ^^^^^^^^^^^^щщ^^ КÆУГÆХÆРИС Балладæ Адæм мæн «Кæугæ хæрис» фæхонынц, Афтæ хуыйны, афтæ ныр мæ ном. Фæлæ ном куыд равзæрди? - нæ зонынц, Æмæ сын мæ рæстдзинад зæгъон: Æз кæддæр «Кæугæ хæрис» нæ уыдтæн, Царды цинтæй йедзаг уыд мæ риу Амæндтæн сæ хуыздæрмæ бæллыдтæн, Нæй, нæ зыдтон - масты судзаг циу!.. Рæзтæн буцæй, рухс арвмæ тырныдтон, Царды уаргъ мыл никуы кодта уæз. Карз тымыгътæн атасын нæ куымдтон, - Иунæг уарзтæн атасыдтæн æз!.. Уый та, мæ хур, раджы уыди, афтæ: Иу æлдарæн иу рæсугъд чызг уыд, Курджытæ йæм цастæ цыди, цастæ, - Зæрдæмæ дзы иунæг дæр нæ цыд. Ничи зыдта, аххосаг цы уыди, Разыйы дзырд никæмæн æнтыст. Хатт-иу æм йæ карз фыд дæр хæцыди, - Чызгмæ маст йæ зæрдæйы æхсыст: «Хъæздыджытæ, уæздæтты хуыздæртæ Иууылдæр дæумæ хатæг куы сты, Иуы дзы куыннæ исы дæ зæрдæ, - Хорз дын, зæгъ, куыннæ цæуы бæсты?!»
282 Ирон литературæйы аитологи Æви хивæнд сæвзæрдис дæ уды, Æмæ йæ нæма зоны дæ фыд. Равзар, мæ хур, уæздан гуырдтæй иуы, - Амонд, цардæй буц куыд уай, рæвдыд!..» Фыды ныхас чызгмæ, нæй, нæ хъардта, Иу хатт дæр ын никуы радта дзуапп, - Сусæгæй-иу цæстысыг фæкалдта, Сусæгæй йæ уарзты сæнтты хатт... Фыд нæ хатыд чызджы судзгæ сагъæс, Фыд нæ зыдта чызджы сусæг уарзт. Сидзæр лæппу - се ’ххуырст уыд йæ цæргæс, Цардамонд æм уый цæстытæй каст!.. Чызг дзынæзта, сусæгæй хъæрзыдта, Нал урæдта лæппуйы зынгуарзт, Фæлæ фыдæн иу дзырд дæр нæ дзырдта, - Карз уыди - æфхæрынæй дзы тарст. Мæгуыры хъул тар дуджы нæ тылди, Хорз фын дæр ын боныгон - фыдмæ. Лæппу дæр йæ уарзтимæ хæцыди, Фæлæ бауæнд æлдармæ дзырдмæ!.. Афтæ иумæ фыр уарзтæй сыгъдысты Дыууæ уды, - амондмæ куывтой, Рухс фынты йæм иумæ-иу цыдысты, Боны та фыдхъизæмар фыстой... Рафæнд кодтой уæд фæлидзын дардмæ, Сау мæйдар æхсæвмæ уыд сæ дзырд... Уарзт сæ кæд фæхæццæ кæнид цардмæ, Науæд дæр сæ амонд иумæ - сыгъд.
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 283 Иу ма уыди се смбарæг, сæ Хуыцау, Уый та басгуыхт æлдары бæхгæс. Цыма уый сæ фыд уыдис, сæ хицау, Уыйау иу бон бафыста йæ хæс. Равзæрста сын дугъонты хуыздæртæ: «Ныр, мæ хуртæ, амондмæ тæхут, - Загъта сын. - Уадз, сæххæст уæд уæ фæндтæ, Æмæ уарзгæ фарнимæ цæрут!.. Зонут æй, куы аивгъуыйат дæрддзæф, Уæд фæдис-хъæр сисдзынæн æз дæр, - Сау æлдар куыд æрбауа зæрдæдзæф, Афтæ хъуысдзæн алырдæм мæ хъæр: «Марадзут, абырджытæ фæзындис, - Адавтой мын ме ’фсургътæй дыууæ, Худинаг мæ урс сæрыл æрцыдис, - Тагъддæр иумæ фæдисы тæхгæ!..» Дзырд дзырд у: куыддæриддæр æрталынг, Саргъ, идонæй бæхтæ ныр - цæттæ, Бæхгæс сæм хъæбæрхорæй дæр базылд, - «Ныр - фæндараст, амондмæ - тæхгæ!..» Бабадтысты уарзæттæ сæ бæхтыл, Фесхуыстой сæ, акæс сæм - тæхынц!.. Фидар бадынц дыууæ дæр сæ сæргътыл, Тар æхсæвы цæстытæм кæсынц. Аивгъуыдтой, ахызтысты дардмæ, Хибар рæтты, фæсвæдты - сæ цыд. «Цæгæлон ран ’рæвналдзыстæм цардмæ», - Афтæ уыд сæ фæнд æмæ сæ дзырд.
284 Ирон литературæйы антологи «Ничиуал нæ ссардзæни ныр», - загътой, Æфсургътæн фæсабырдæр сæ цыд. Хъæдгæрон, сæхи, мæгуыр æруагътой, Нал хъуысы сæ хъæлæба, сæ дзырд... Уалынмæ дын бæхты хуыррытт райхъуыст, Хъæдгæронæй айзæлыд æмæхст. Чызг дын, мæгуыр, фесхъиудта мæ барызт, Лæппуйыл ма адæргæй ныттыхст!.. Чи бакæндзæн уарзæттæн тæригьæд?! Топпы нæмыг ’гъатыр у, мæнгард. Сау хъама дæр ахæм сахат - хивæнд. Аскъуындзæни уарзаг уды цард!.. Уарзæттæ æрбазгъордтой мæ бынмæ, Райдыдтой мын кувæгау лæгътæ: «Ацы бæлас, ракæс нын нæ тыхстмæ, Бахъахъхъæн нæ, ракæ нын хæрзтæ!.. Мардзысты нæ, нал нын ис ирвæзæн, Амбæхс нæ дæ хъæбысы, уæдта! Кæд зæрдæмæ ис æцæг ныккæсæн, Уæд ныккæс нæ зæрдæтæм ды та!..» Бахъардта мæм уарзæтты тыхст лæгъстæ, Бахъардта мæм сонт зæрдæты рис, Уайтагъддæр æркалдысты мæ цæнгтæ, Фестадтæн фæлмас, кæугæ хæрис!.. Амбæхстон дын уарзæтты мæ аууон, Нал сæ ссардтой фæдисонтæ, нал. Радтон сын мæйдар æхсæвы цардбон, Уарзты фарнæй ныр мæхицæн - хъал.
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 285 Еныр дæр мæ аууонмæ æрцæуынц Уарзæттæ, фæкæнынц дзы ныхас... Куы сæхицæн рухс фæндтæ нывæндынц, Гъе куы та сын ахицæнæй - тас!.. 'Намонд уарзтыл, зонут æй, фæкæуын, Уарзты хъыг цъæх дурæн дæр - уæззау. Уарзæг удтæн баххуысмæ æрцæуын, - Тасаг дæн, æнкъараг смæ рæдау... Уымæн хонынц мæн «Кæугæ хæрис» дæр, Уарзæтты цæссыгæй дæн æвдылд... Ма фæкæсæд макæмæ уый дис дæр, - Уарзты монц та ма сайæд рæдыд!..
286 Ирон литературæйы антологи ЧртрЗртуцрт^^ МÆ БОН ДÆ ФЕРОХ КÆНЫН НÆУ Дæ иу фенд дæр мын цасы аргъ уыдис! - Ды та мæм ’нæмæт, уазал цæстæй кастæ Мæ судзгæ риуы рагон уарзт фыхтис, - Ды та - дæ лæг дæ «ма фæхата» - тарстæ!.. Æцæг, дæ цуры, федтон æй, уыдис, Фæлæ æмбисонд: «Уарзондзинад - хивæнд!..» Мæ зæрдæ уарзты дард фæдтыл зылдис,- Куы ма нæм уыдис цардамонды иу фæнд... Дæуæй ныр алцы рагон фынтау - рох, Дæ уд рæвдауæг - мулк æмæ сыгъзæрин!.. Æз та фæмысын урс бæрзыты къох, - Мæрдтæй дæр æм дæу тыххæй ма æрцæуин!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 287 РОМАНС Цас диссаг у?! - иу сыгъд ма ыскæн, Ме ’взонгад, дæ фыццаг уарзты пиллон!.. Иу кафт ма дæ къахфындзтыл æркæн, Иу хатт ма дæ уардитимæ фенон!.. Иу хатт ма хæтæны дæр фæцу, Парчы ма дæ уарзонимæ абад!.. Уарзт фырадджын, судзаг дæр кæй у, Уый ма иу хатт бафæлвар ’мæ рахат!.. Цас диссаг у?! - Цъус куы цæры лæг, - Уарзт ын уæд цæмæн барæм тæрæзтыл?! Ма йæ кæнæм макæмæн хæлæг, - Тавæд хурау алкæй дæр нæ ’бæстыл!..
288 Ирон литературæйы антологи ЧРЧртрфЦ^^ ХЪÆЛДЗÆГ ЗАРДЖЫТÆ Адæмон мотивтæм гæсгæ Ракæс-ма, чызгай, уæ кæртæй. Ис мæ дæуимæ ныхасаг. Усгур лæппуты хуыздæртæй, Мæнæ дæ мадæн - сиахсаг!.. Фос мын нæ уыдзæн ирæдæн, Мадæр мæ чинтæй æрфæрсут. Уæздæттæй дæр æз нæ фæдæн, Иунæг хæрзиуæг - мæ рæстуд!. Мыдыбындз дардмæ фæтæхы - Дидины къускмæ мыдагур... Чызгай, мæ мад мын фæдзæхсы Усаг, дам, тагъддæр æрцагур!. *** Уарди сырх-сырхид æрттивы, Уарзæтты хоны йæхимæ... Никæуыл дæ æз нæ ивын, - Амонд мæм сиды дæуимæ!.. Хъæды - гуыркъотæ, æхсæртæ, Сатæг фæкæнынц сæ рады... Айс, чызгай, мæ уд, мæ зæрдæ, - Мауал фæрс дæ фыд, дæ мады!.. *** Мусы астæу мын - кæритæ, Бахъæудзæн ма сæ цыхауи... Бахæрон, чызгай, дæ рынтæ, Фæлæ мын дæуæй цы хай и?!.
«Гæды» Нывгæнæг Джуссойты Инал
Икъаты Владтшр. Æвзсерст уацмыстæ 289 *** Фæззæджы халас æппары, Уазал кæндзæни зымæг дæр... Атух мæ, чызгай, дæ тары, - Рацу, æруай мæм хæстæгдæр!.. Денджызы дон мын фæйлауаг, Фæлæ кæсæгтæ нæ ласы... Чызгай, æлгъин дæ, бындайраг, - Иу пъа мын дæ цæст нæ уарзы!. *** Хъазты астæу мын - бырæн хъил Сойæ сæрст æмæ зын бырæн... Ма разын, чызгай, æгæр хин, - Демæ фыдудæй мæлдзынæн!.. *** Хохаг æхсæрдзæн - пырхæндæг, Цъити æрттивы йæ сæрмæ... Оххай, мæ уарзон нырхæндæг, - Ма мын фæлидза æндæрмæ!.. Хъæдбыны кæрдæг - фæсалджын, Уымæн дзы бæттынц мæкъуылтæ.. Пъатæй цы хъал чызг фæхайджын. Уымæн æвдисæн - йæ былтæ!.. *** Чысаны хæхтæ - гæмæхтæ Бирæ фыййау сыл фæцыдтæн... Сайынц мæ, чызгай, мæ къæхтæ Алхатт дæ цурмæ, дæуыстæн!..
290 Ирон литературæйы антологи *** Уарзын сæрдыгон изæртæ, - Уарзты бæллицтæ нывæндæн... Басыгъд дæ уарзтæй мæ зæрдæ, Фæлæ дæ райгонд нæ фæдæн!.. *** Теман дзым-дзыма - дæ тары, Урс куырæттаг мын - хуыйынаг... Хъал чызг йæхицæн ныззары: «Абон мæм усгур - цæуинаг!..» *** Мигъы къæм арвыл - мылазон, Хуры цæст ’гасæй æмбæрзы. Чызджыты хуыздæр - мæ уарзон. Фæлæ мæ коммæ нæ кæсы!.. *** Уарзт кæмæн фæцис зæрдæрис, Уый чызгаимæ нæ хъазы... Цалдæр уарзоны кæмæн ис, Уый дзы иуы дæр нæ уарзы!.. *** Фыййæутты уæтæр - мæнгагъуыст, Уазал дымгæ дзы фæхъазы... Чызгай, дæ былтæ - сырхахуырст, Фæлæ сæм зæрдæ нæ хъазы!.. *** Уалдзыгон бæлас - цъæхфæлыст, - Зараг цъиутæ йæм тæхдзæни... Чызгай, мæ зæрдæ куы фæрыст: Усгуртæ, дам, дæм цæудзæни!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 291 *** Судзыс мын, чызгай, мæ зæрдæ, Фæлæ хъæцдзынæн мæ рисыл... Баиу уæнт æрмæст нæ фæндтæ, Иу баз нын фаг у - æмбисыл!.. *** Æфсины чъири фæкъæрис, Ацаход-ма дзы бæрæгæн... «Разы дæн», чызгай, куы зæгъис, - Риуыл дæ дарин æгънæгæн!.. *** Хорз лæджы хæдзар - бæркадджын, Гал дæр æргæвды фыримæ... Чызгай, дæ митæ - æгъдауджын, Цом-ма, кæнын дæ нæхимæ!.. *** Хæхтыл мын урс мит - нымæтау, Быдыры уонг дæр æххæссы... Чызгай, рæсугьд дæ æнæнтау, Уымæн дæм алчи фæкæсы!.. *** Ралæууыд фарны цъæх уалдзæг, Сæрд дæр æрцæудзæн йæ фæстæ... Бакæн мæ, чызгай, дæ уазæг, Бафиддзынæн дын дæ хæрзтæ!.. *** Сираг байраг, дам, куы ’лхæнай, Бафæрс ын раздæр йæ мады... Чызджытæй усаг куы кæнай, - Бафæрс дæ фыды, дæ мады!..
292 Ирон литературæйы антологи Рувасы хуыггом - зынарæн, Фæлæ йæ цуанон ыссары... Галиу лæппу, дам, зындарæн, Фæлæ йæ хорз чызг æмбары!. *** Уалдзæджы тала куы сагътон, Дон ыл æркæнын куы хъуыди. «Курын дæ, чызгай», - куы загътон, Гъеуæд мæ фæтагъд цы уыди?! *** Цардæн йæ зынтæй нæ тæрсын, Ма уон æрмæстдæр æгады... Ахæм чызг усæн нæ хæссын, - Чи-иу мын нæма мæ мады!.. *** Арс, дам, къæдзилæй - зынахсæн, Хъавынц ын арæх йæ хъустæм... Чызгай, кæрæдзи куы уарзæм, - Дуры цъуппыл дæр цæрдзыстæм!.. *** Хорз кард, дам, тохы нæ сæтты, - Хус æрчъиаг дæр фæдасы... Ма мæм кæс, чызгай, бæрзæндты, - Сахъ усгур лæууы дæ разы!.. *** Ма мæ фæрс, чызгай, мыггагæй, - Уæздæтты хыгъдмæ нæ хауын... Ма-иу мæ буц кæн æвзагæй, - Уарзын зæрдæйæ рæвдауын!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 293 *** Ма мæм кæс, чызгай, тызмæгæй, Науæд мæ зæрдæ ныккæрзы, Чи фæхъаст кæны йæ лæгæй, Хъуызи лæг уымæ фæкæсы!.. *** Хоры къуту мын - зæдагæн, - Ронг дзы кæндзыстæм, бæгæны... Иухатт мын, чызгай, ныпъпъа кæн, Науæд мæ зæрдæ хъыг кæны!.. *** Абадгæ чызг, дам, зын дарæн, - «Цæр» зæгъын дæр æм хъыг кæсы.. Сайд чызджы рæдыд зын барæн, - Усæн æй ничи фæхæссы! *** Хæхты хъæбысы - хæзнатæ, Мин азты фаг дæр уыдзысты... Уды хос, чызгай, дæ пъатæ, - Амондджын уыдзæн - кæй ысты!..
294 Ирон литературæйы антологи ЩЩЩ^ЩЩЩ^ В-йæн Цымæ æдзух цæмæн вæййыс æнкъардгъуыз? Æз не ’мбарын - дæ зæрдæйы цы маст ис... Дунейы мæт кæд иууылдæр ды кæныс, Уæддæр мæм иу хатт иу мидбылхудт равдис!.. Дæ царды хъæлдзæг, худæн бонтæ срымыс, Сывæллонау æргом зæрдæйæ бахуд!.. Зон, кæннод мын мæ цинтæ дæр фæсурыс, - Сæ фæстæ хастау баззайы мæ тæрк уд!..
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 295 НÆ ЧЫСЫЛ ХУРТÆН НЫСТУАН Уæ, мæ чысыл хуртæ, Рæзинаг хъæбултæ, Байрæзат, фæцæрат, Цинтæ нын фæхæссат. Чи уæ уарзы бирæ Аргъæуттæ, ыстихтæ, Уый мæнæн - мæ хæлар, Мæнæ йын мæ лæвар. Кæд йæ зæрдæ срухс уа, Кæд æмæ дзы буц уа, Райсдзæн та мæ номæй Ахæм хуын уæд ногæй.
296 Ирон лнтературæйы антологи ЧртуЧГ^и^^ ГÆДЫЛА Гино, гино, гæдыла, Ма-иу мын хæр мæ былла. Зæгъдзынæн æй бабайæн, Гъе, кæнæ та нанайæн, Æмæ дын над уыдзæни, Де срдиаг та цæудзæни... Нал сæ уыдзæн иргъæвæг, Асæтдзæн дыл цымлæдзæг. Уый фæстæ дæ уырднадæй Асурдзыстæм нæ уатæй. Тъизгæ, ниугæ кæудзынæ, Тыргъы рохæй цæрдзынæ. Уым дын уазал уыдзæни, Мила та дыл рæйдзæни. Нæ пецы бын дæ хуыссæн Баззайдзæни цъæх мыстæн!.
Икъаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 297 ^^^^^^^^^^^^^^^^Р^^^^^|^^ ТÆРХЪУС Тæрхъус, ма тæрс, Рацу ардæм, Иумæ хъазæм, иумæ, мах Зон, дæуæй мæ Никуы хæссы Никæдæм бынтон мæ къах. Ды рæсугъд дæ, Ды - зæлдагхъуын. Ды - цæрдæг æмæ хæлар. Мемæ ракаф, Мемæ расим, Мемæ ахъаз æмæ зар. Иумæ, иумæ, Мах, хæлæрттау, Хъæлдзæг арвитæм рæстæг. Галиу сырдтæ, Галиу мæргътæ Махмæ, уадз, кæной хæлæг.
298 Ирон литературæйы антологи ЧРЧртр^^^ МÆДЗИБАТÆ Дзибатæ, дзибатæ, - Хъулæттæ, бургæндтæ, Цинхæссæг, - уарзон мæнæн. Рауайут, ратæхут: Мæнæ, хæринæгтæ - Ног къæдор, хохаг мæнæу. Ахæрут, афсæдут, Иумæ мын айрæзут, Дардыл уæ хизæн - уæрæх. Рувасæй ма тæрсут, Цæргæсæй ма ’мбæхсут, - Хизы уæ цырддзаст Дзæрæх.
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 299 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^щ^^^ КЪÆРЦХЪУС Æз къæрцхъус дæн, - Алцы хъусын, - Сыфтæрты сабыр ныхас. Мæргъты зарды æмæ хъазты Цас зæрин мыртæ и, цас! Æз къæрцхъус дæн, - Фурдæй хъусын Делфинты æхцон уынæр. Æз кæрцхъус дæн, - Цардæй хъусын Зарæг, мин зарæджы зæр.
300 Ирон литературæйы антологи Чдертдор^^ РУВАС Рувас, рувас, рубикка, Кæркдонмæ та цы хъавыс?! Хъихъ-рихъо ’мæ хъуыдитта Арф ран ысты, - нæ хатыс?! Хъахъхъæны сæ нæ Мила, Ма сæм бацу æввахс дæр. Æндæра дæ куы суына, - Астигъдзæн дын дæ царм дæр.
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 301 ^ЧИРРФ^^ гино Гино, гино, гисс, Аргъæуттæ дæм ис, Ракæн нын сæ, цæй, Иууылдæр хъæрæй. Байхъусæм дæм мах, Ма сæ ныккæ даргъ, Науæд къуымы мыст, Заргæйæ, фæхызт.
302 Ирон литературæйы антологи СУСÆГХОР ГÆДЫ Гино, уасыс та нæ тыргъæй, Хæдзармæ - дæ бæллиц. Бинонтæ зæгъынц дæу тыххæй: «Сусæгхор у, ’нæфсис». У нана йæ тæккæ мастыл, - Бакодтай, дам, фæрссаг, Бахордтай та йын йæ гуымбыл, Разындтæ та ’нæуаг. Æмæ дын хатыр нæ уыдис, Баййæфтай уырды над. Сусæгæй хæрын нæ хъуыдис, - Уый хæссы ыстыр маст.
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 303 ГÆДЫ ÆМÆ КУЫДЗ Гæды ’мæ, дам, куыдз, Никуы сты хæлæрттæ. Ау, цæмæн афтæ зæгъынц: Хицæнтæ - сæ хæйттæ?! Ис мæнæн Хъуырна гæды, Ис мын сау Мила дæр, - Иумæ сæ цæрын фæнды, Иу ран ис сæ уат дæр. Ничи сæ кæны тæргай, Иумæ мын фæхъазынц. Иумæ бахæрынц сæ хай, - Тынг кæрæдзи уарзынц.
304 Ирон литературæйы антологи ЧНР^Ф^чр^ БÆЛОН Булæ, булæ, гæбулæ, Ратæх тагъддæр мæ цурмæ, Рахæсс-ма мын дæ зарæг, - Хуры тынтæ, цъæх уалдзæг. Урс бæмбæгау - дæ пакъуы, - Хъæрццыгъа дæм фæхъавы. Гинойæн дæр - йæ бæллиц, - Сусæгæй дæм куы ’ххæссид. Ма сыл æууæнд æппындæр, - Хъалы æмæ фыны дæр. Рауай, ахъаз мæнимæ, Рудзынджы цур, нæхимæ. Ратдзынæн дын баппатæ, Бур мæнæутæ, - гагатæ.
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 305 ^Р^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^Р ДЫУУÆУАСÆДЖЫ Уасæг уасæджы нæ уарзы, Уасæг уасæгмæ хæцы: «Ды дæлæсин дæ мæ разы, Ды лæгдзинадæй - къуыхцы!.. Ма цу бæдултæм хæстæг дæр, Семæ тезгъотæ ныууадз, Ма дæ фехъусон сæ кой дæр, Хи хуыцауы бар æруадз!.. Ма хæсс хъилæй, ма, дæ къоппа, Ма уас æмбонды сæрæй. Науæд додойаг - дæ къона, - Маст, фыдбылыз дын - мæнæй!..» «Банцай, рафыхтæн дæ хъæртæм, - Уасæг уасæгæн зæгъы, - Зон, дæхи хуызæн сæрхъæнтæ Хъуамæ ма цæуой рæгъы!..» Дзырд нæма фесты кæронмæ, Афтæ бакъобор и хыл... Чи дзы асхъиуы уæлгоммæ, Чи дзы авæййы фæрсыл! Иу дзы иннæйы сæр тоны, Иу дзы иннæйы хæры, Иу дзы иннæйы æвзоны, Иу дзы иннæйы тæры!..
306 Ирон литературæйы антологи Хизынц бæдултæ сæ цуры, Иу дæр сæ нæ кæны читт!.. Чи сæ цъырцъыраджы суры, Чи та даргъ уаллоны - фитт!.. Уалынмæ сæм æфсин сиды, Калы сын хæринаг-хор... Уæларт аджы дон æхсиды, - Уазæг сæм фæзынди хорз!.. Уасæг уасæджы нæ уарзы, Уасæг уасæджы тæры!.. Уазæг дыууæйы дæр уарзы, - Фынгыл карчыфыд хæры!!!
Цкьаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 307 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ БАЗОН-БАЗОН Базон-базон, циу? Мыст у æви цъиу? Ис ын къæхтæ, базыртæ, Бырынкъ æмæ даргъ ныхтæ. Быргæ кæны, цæугæ дæр, Мыстау кæны хæцгæ дæр. Бон нæ тæхы, нæ уыны, Æхсæвыгон фæзыны. Ахсы, хæры хъæндилтæ, Дыууæхуызон - йæ митæ. Базон-базон, циу? Мыст у æви цъиу? (Хæлынбыттыр)
308 Ирои литературæйы антологи ЧртРГ^ ГÆДЫ Гино, тагъд-ма сыст, Уæртæ къуымы - мыст. Мауал кæн фынæй, Тагъд æй рацахс, цæй, Науæд дын баба Нал ратдзæн баппа, - 'Ххормаг дын уыдзæн, Де ’рдиаг цæудзæн. Мыст дыл худдзæн, зон, Нал, дам, у йæ бон, Фæлæ тагъддæр сыст, Гъæйтт, фæхъуызы мыст?
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстсе 309 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ САБИ ÆМÆ ЗÆРВАТЫКК - Кæй дзиба дæ? - Сабиты. - Æмæ кæм уыдтæ зымæджы? - Афричы. - Уым цы арæзтай? - Цардтæн. - Ам дæр цардаис! - Тарстæн. - Цæмæй? - Уазалæй. - Æз дын радтаин! -Цы? - Хъарм уат. - Ноджы ма? - Еуу æмæ мæнæу. - Уанцон нæу! - Нæ уарзын, нæ барын!.. -Цы? - Искæй хъыгдарын.
310 Ирон литературæйы антологи ЧРЧР^^и^ КÆУАГ Кокка, кокка, кæуындзæг, Дæлæ тыргъы дзæгъындзæг, Хъулон-мулон йæ базыр, Сабитыл у æрмахуыр, Чи фæтъизы, фæкæуы, Нæуаг ми чи фæкæны, Уый уайтагъддæр ыссары, Йæ уæхскыл, дам, æрбады. Афæзмы йын йæ кæуын, Ахæры йын йæ кæрдзын, Аскъæфы йын йæ хъазæн, - Раппæлы, дам, йæ мадæн: «Æз коккаты ыссарын, Се ’рдиаг сын нæ барын»... Мах дæ уæддæр куы уарзæм, Кокка, иумæ, цæй, хъазæм.
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 311 ^^^^ШР^^^1^^Ш^^ гоко Гоко, гоко, 0, мæ гоко, Сиды махмæ Цъæх нæуу. Цом-ма иумæ Уырдæм тагъддæр, Уæлæ ’ввахс у, - Фæсхъæу. Уым фæкафæм, Уым фæхъазæм Тæрхъустæ дæр - Немæ. Зарæг мæргъты Дидинджыты Фенæм иумæ, Фенæм. Уалдзæджы цин, Уалдзæджы хур - Мах рæвдауæг Иумæ. Тас æрцæуой Алыхатт дæр Уарзон фысым - Ирмæ.
312 Ирон литературæйы антологи щрцфущр^^ АВДÆНЫ ЗАРÆГ Афынæй кæн, афынæй, мæ хъæбул, Уæлæ, арвыл ноггуырд мæй æрзæбул. Хуры хуыссæг акодта фæсхохмæ, Уым улæфдзæн сыуангдæр ысбонмæ. Гæды-гино ракодта йæ аргъау, - Бафынæй æнæмæтæй цъæх арсау. Гоко-уæрыкк бададта йæ мады Æмæ фыны тæрхъустимæ хъазы. Бæлонæн дæр бафæллад йæ базыр Æмæ хъæды бафынæй и бæрзыл. Иунæг ма дæ нана ис дæ цуры Æмæ дын йæ зарæджы уый дзуры: «Афынæй кæн, афынæй, мæ хъæбул, О, мæ цин, мæ удлæууæн, мæ рухс хур».
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 313 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ЩЩ^^ БИЗОН Базон-базон циу бизон? Тынг ыстыр у, тынг, уый зон. Къамбецхуыз цæмæйдæр у, Богъæнгæс та тынгдæр у. Къамбецау - йæ ных, йæ тыл. Богъау та - ыстыр йæ хъуыр. Разæй йе уæнтæ - хъуынджын, Тынг рæсугъд у, тынг тыхджын. Сæрды снтæф куы вæййы, уæд Къамбецау нæ кæны тæвд, - Уыйау не схуыссы цъыф ран, Галау у сабыр, уæздан. Дард - йæ хæтæнтæ, бæрзонд, Буц, сæрыстыр та - йæ конд. У йæ фыд адджын, хæрзад Æмæ ’рцыд йæ мыггаг цагъд. Хъæдты ма дзы баззад цъус, - Æмæ-иу сæм дар дæ хъус, - Уым ма фендзынæ бизон, Бирæ нæ, мæ хур, уый зон!..
314 Ирон литературæйы антологи чдеррчр^^ ЦЪИУТÆ ÆМÆ БОНЫХЪÆД Цъиутæ бæласыл - тыгуыр, Арвыл тар мигътæ - дзыгуыр. Цъиутæ уасынц, загъд кæнынц, - Боныхъæдæн аргъ кæнынц. Иутæ дзурынц: «Тагъд - къæвда», Иннæтæ та: «Гъада-гъа». Цъиутæм батахтис æндæр, Уац сæм бахаста хуыздæр: «Ма кæнут дзæгъæл быцæу, - Нæу къæвда боныхъæд, нæу». Мигъты асырдта уый дард, Нал къæвда уыд, нал зæгъуард. Цъиутæй иу зæнджындæр уыд. Æмæ уый ныхас æрцыд.
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 315 ^^^^^^^т^^^^^^^^^^^^щ^^ пони Пони, пони, чысыл пони, Сабыр дæ, хæлар. Балхæдтон дын æз, мæ къони, Саргъ, идон, дзылар. Зилдзынæн дæм хор, сысджыйæ, Алцæмæй-æфсæст. Ерыс-дугъы мын фæстейæ Ма баззай æрмæст. Рамбул-иу мын сираг бæхты, Уариау мын тæх. Саджы къæхты тых - дæ къæхты, О, мæ пони-бæх!.
316 Ирон литературæйы антологи фффф^ ÆРЦЫДИ УАЛДЗÆГ Гоко нæууыл кафы, Зæрдæ куры хъазт. Хур зæрин тын уафы, Райхæлд риуы уарзт. Фыййау райста уадындз, Самыдта дзы цагъд. Далыстæ дæр кафынц, - Æрдзæй ферох маст. Базарынц сын мæргътæ, Бахъырны сын хох. Дары сæм йæ тæрттæ Урс бæрзыты къох. Цардæмхиц бæллицтæн Нал ис, нал, кæрон. Хъæлдзæгдзинад, цинтæн, Цасу цас, сæбон!.. Базырджын маргъ фестад. Зæрдæ, - атахтис!.. Уарзон, раттæг бæстæй Цард хуыздæр кæм ис?!
Икьаты Владимар. Æвзæрст уацмыстæ 317 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ ног мит «Мит æруа-а-ары-ы-д!» Айхъуыст хъæр. Бæстæ фестад Цин, уынæр: «Дзоныгъ, тъепа, Фен, кæм ис! Тагъддæр, тагъддæр, Æйтт, фæдис!» Алчи згъоры, - Разæй уон, - Тагъддæр рындзæй Ратæхон. Чи фæлдæхы, Чи тыхсы, Чи ныссырх и, Чи хуыфы. Ног мит худы, Бæстæ - урс! Сабитæн Сæ зæрдæ - рухс!
318 Ирон литературæйы антологи ффффч^^ ДЕГЛА-ДЕГЛА Цьындæмбæхстытсей хъазты нымад Дегла-дегла, Мирман фехста. Нæмыг атахт, - Арс æрбамард. Арс æрластой Адæм загътой «Цæйут, уаргæ Хал - æппаргæ». Алчи - разы, Алчи хъазы, Чи ысхæлæг, Уый - цъындгæнæг.
Икъаты Владгшир. Æвзæрст уацмыстæ 319 РЕУА-ГÆДЫ Реуа-гæды, кæм уыдтæ? Мысты фæдыл кæм зылдтæ? - Хордоны цур, къæбицы - Хъылдым мыст кæм фæхизы!. - Зæгъ, дæ цуан куыд рауад? Мыст дæ цæстыл кæм ауад?.. - Ауайын та цы хонут? Рацахстон æй, нæ зонут?! - Нæ, дæ гуыбын тæбæкк у, Мыст та кæмдæр æфсæст у!.. - Æз нæ фæдæн хытъынджын, Фæлæ - сарат, фыртыхджын!.. Цæй, тыхфарст мæ цы кæнут? - Тигртæй дæн - уый зонут!.. - О, тигр у дæ фыдæл, - Кадджын æмæ тыхджындæр!.. Уый, гæдыйау, нæ уасы, Мысты къæдзил нæ ахсы... Саг-сæгуыттæм фæхъавы, Нарддæр тохъыл æрдавы!.. - Тигрæй æз - цæрдæгдæр, Зондджын æмæ сæрæндæр... Тынг хорз бырын бæласыл, Хъармы хуыссын мæ фарсыл... Даргъ аргъæуттæ фæмысын, Царды зынтæй нæ тыхсын!.. - Цæй, дæ цардæй цы ’ппæлыс? Ау, æфсæрм дæр нæ кæныс?! Зонæм, чи дæ, цы лæг дæ! - Сусæгхор дæ, - хуыснæг дæ!..
320 Ирон литературæйы антологы ЧртрчрЧ^^ САБИЙЫ РÆЗТ Сабитæ гуырынц, Сабитæ рæзынц, - Цард цæуы размæ... Сабитæ зондæй Æмæ хъуыдыйæ Акæсынц дардмæ... Хатт сæм цы кæсы Абон бæллиццаг, - Сом сын нæ бæззы. Хатт та сæм абон Худæг цы кæсы, - Сом уый ысбæззы. Ма фæтагъд кæнут, Ма-иу æппæлут Рагацау иутæй. Мадæр æфхæрут, Мадæр ыссæндут Рагацау искæй. Абоны зондæй Райсомы зонд, дам, Алкæд хуыздæр у. Сабитæ, хуртæ, Сахуыр уал кæнут, Ахуыр æппæт у, Уый фæстæ, мæ хур, Рабæрæг уыдзæн: Чи уæ цы лæг у.
«Тæрхъус-зынгхæссæг» Нывгæнæг Джуссойты Инал
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 321 ЧГ^^ЧР1^^ ЗОКЪОТÆТОНЫНМÆ «Зокъотæ тонынмæ цом, - Дзуры йæ мадæн Илас, - Зокъотæ тонын - æнцон, Радгай сæ къоппæй æлвас». «Зокъотæ тонын у зын, - Мад ын рæвдаугæ зæгъы, - Ма дæ фæсайæд дæ фын, - Зокъоты зонын хъæуы. Бирæ сты, бирæ - сæдæ... Зайынц бæласыл, зæххыл... Урсытæ, буртæ, цъæхтæ, Бадар сæ, бадар, зæрдыл. Тонæн дзы алкæмæн нæй, - Цал дзы ис маргджынтæ, цал! Уыдонæй бахæрæн нæй, Ма дæр сæм къухæй æвнал. Зокъотæ тонынмæ цом, - Дзуры Иласæн йæ мад, - Зокъотæй алкæй дæр зон, Науæд сын ма сгар сæ ад».
322 Ирон литературæйы антологи Щ/ФФФЧР^^ ХЪÆДХОЙ-ДОХТЫР Хъæдхой - дохтыр, Низтæ сафы, Бæлæстæн Кæны уый хос. Рынчын бæлас Тагъд ыссары Æмæ йæм Æркæсы хорз. Мидæгæй дзы Кæд фæзынди Низ - къуыдыргалм, Гъе, рæмпæг, - Даргъ бырынкъ дзы Зон, нынныхсти Бæласы Æмæ æцæг - Низ ыссардта, - Калмы скъахта, Рæмпæгæн дæр - Сар йæ сæр... Бæлас фервæзт, - Низ дзы фесæфт, Хъæдхойæн та Ног йæ хъæр
Цкъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 323 Тынгдæр айхъуыст, Фалдæр ахызт, - Агуры та Ныр æндæр. Афтæ зилы Бон-изæрмæ Хъæдхой, - хъæды Сахъ цæрæг. Низтæ сафы, Низтæ мары, Хъæдхой - хъæды Хосгæнæг.
324 Ирон литературæйы антологи фффф^^ МЕ ’МБÆЛТТЫ ÆЗ БИРÆ УАРЗЫН Ме ’мбæлтты æз бирæ уарзын, Нæй, нæ кæнæм никуы хыл. Семæ хъæлдзæгæй фæхъазын, Арæхстгай æмæ нывыл. Чи нæ саразы хæдзæрттæ Чи нæ архайы тæрхыл, Чи та рабæтты йæ гæрзтæ Æмæ рахъазы бæхыл. Чи нæ раскъæры, йæ уæрдон, - Чи нæ зарджытæ кæны, Чи та аразы «æмбæлццон» - Космос фенынмæ бæллы.
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 325 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^Щ^^ УАЛДЗÆГ 1. Хъæлдзæг уалдзæг, Ды - на уазæг. Гас нæм цæуай, сгас. Ды æрхастай, Ды ныссагътай Цас дидинтæ, цас! Цъиутæ зарынц, Цъиутæ кафынц, Райдзаст, райдзаст бон. Хæхтæ - гауыз, Кæмттæ - цардхуыз, Уайы, зары дон. Адæм кусынц, Адæм тауынц, Цард, бæркады хос. Нæууыл хъазынц, Кæрдæг дасынц Тæрхъустæ ’мæ фос. Хур, зæрин хур, Арвæй худы, Дуне - райдзаст, рухс. Зæрдæ риуæй Дзуры, дзуры: Уалдзæг уæд æнус!
326 Ирон литературæйы антологи 2. Ралæууыд уалдзæг, Райдзаст у бон. Бæстæ у хъæлдзæг, Базары дон. Хъарм бæстæй къордтæй Мæргътæ тæхынц: «Байрайат ногæй», - Махæн зæгъынц. Къуыбыр фæхудти, - Рухсмæ тырны. Дзывылдар кафы Ногконд хуымы. Цъæх нæууыл хъазы Пуххъуын уæрыкк. Абухы, уасы Фисткалд уæныг. Адæм фæдисæй Куыстмæ тындзынц, Уалдзæг, дæ цинæй Алкæй дæр хынц.
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 327 ^^^^Р^^^^^^^Р^^ МÆТАЛАТÆ Æз ныссагътон талатæ Уалдзæджы нæ кæрты. Базилын сæм алхатт дæр Райсом, гъе, изæрты. Рæзынц, таутæ рауагътой, Ныр рæсугъд - нæ разы, Кæс, цъæх фæлыст адардтой, Дымгæ семæ хъазы. Тагъд сыл зайын райдайдзæн Насыйас гагатæ, Зад фæззæг æрбалæудзæн, - Тондзынæн сæ заргæ.
328 Ирон литературæйы антологи фДОфф^^ КОСМОНАВТТÆ Сарæзтам нæхæдæг нау, Космикон ракетæ; Æз, Хазби æмæ Азау, Цыппæрæм - Заретæ. Ныр тæхынмæ мах цæттæ, Хур кæнæ та Мæймæ. Махмæ уым ыстыр хæстæ, Зон, кæсынц æнхъæлмæ. Чи нæ физик, чи хирург, Чи та нæ - æрдззонæг. Сахуыр кодта мах нæ дуг, Амондмæ - нæ хонæг. Космос ныр иртасæм рæвдз, Гæрдæм ног фæндæгтæ. Рацыд бон æмæ та кæс: Басгуыхт та нæ бæстæ. Буц, сæрыстыр дзы ыстæм, Дунетыл йæ фарн ис. Мах йæ тырыса хæссæм, Райгуырæн - уæлахиз,
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 329 ФЫСС ХЪАВГÆ, АРÆХСТГАЙ Хорз лæппу у, хорз Ахмæт, - Йе ’мбæлтты уый уарзы: Семæ аразы æппæт, Сабыр семæ хъазы... Ахуырмæ - бынтон æвзыгъд Цырд аразы рардтæ, Мадæлон æвзаджы дзырд Бамбары уайтагъддæр. Фæлæ иу хъуыддагæй - цух, - Алхатт уым фæтыхсы: Чеха-мехатæй æдзух Дамгъæтæ фæфыссы... Ис ын уымæн дæр фæрæз: Къух хъæуы фæлтæрын, - Дамгъæтæм лæмбынæг кæс, Уарз фылдæр ныв кæнын... Рауайдзæн дæ фыст бæззон, Нал æм уыдзæн мур фау: Цæстæн, зæрдæйæн - æхцон, Тæккæдæр - нывгондау.
330 Ирон литературæйы антологи ХЪОЗИ ДÆНДАГ Кæд ызмæлы Дæ дæндаг, - Ма у, мæ хур, 'Нæуæндаг, - Уый æфтауын Фæхъæуы, Тæригъæд ын Нæ хъæуы. Йæ бынаты Æндæрæн Бынат хъæуы - Хуыздæрæн. Кæннод нæуæг Фæтыхсы, - Йæ иувæрсты Ысныхсы. Уый та хъози Дæндаг у. Иннæты цур Æгад у. Зарæг дæр ыл Ыскæнынц ’Мæ йæ арæх Фæкæнынц: «Хъози-дæндаг, - Мылыкой, Ой, мылыкой, Мылыкой! Дæ иу дæндаг - Фæрсырдæм, Иннæ та дын -
Цкъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 331 Рæстырдæм! Худæг - хеха, Мылыкой, Ой, мылыкой, Мылыкой». ÆЛГЪИН Æлгъин, æлгъин, æлгъинхъус, Æрбадар-ма дæ иу хъус, - Ыстыр гакк ыл ыскæнæм, Æмæ дзы «гукк» ныккæнæм: Æлгъин ма у, зыдгæнаг, Æндæры хай ыскъæфаг, - Афтæ бирæгъ фæкæны, - Æппæтыл дæр зыд кæны... Æмæ нады фæвæййы, Фæхатыр ын нæ вæййы.
332 Ирон литературæйы антологи ффффф^^ АЛО-ЛАЙЫ ЗАРÆГ Афынæй кæн, ацыцы кæн, 0, нанайы хур, Бахъомыл у фыдызæххæн, О, мæ буц хъæбул. Узы дын сабыр дæ авдæн, Мæнæ, урс уæрыкк, Æмæ ды та фынæй акæн. О, мæ удвæрдыг. Адджын фын дæ барæвдаудзæн Хъарм, фæлмæн уаты. Мæйы рухс дын аба кæндзæн Æхсæвы тары. О, мæ хъæбул, мæ удлæууæн, Адджын фын дæ хай. Бахъомыл у фыдызæххæн, Хорз фырт ын куыд уай.
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 333 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ ЗОКЪО, ЗОКЪО, ЗЫКЪУЫРИ Зокъо, зокъо, зыкъуыри, - Райсом нæууыл фæзынди, Дыккаг бонмæ ныстыр и, Æртыккаг бон ысбыр и... Фæлæ, марадз, фæцырд ут, Раст, фæскъæвда, сæумæйæ Хъæдрæбынтæм фæзынут, Чыргъæдтимæ цæттæйæ. Зокъотæн уым - сæ бынат, Ратонут сæ нæуæгæй, Афыцут сæ - мыды ад Банкъардзыстут сæ хæлцæй. Фæлæ се ’хсæн куыд хатат - Маргджын зокъо бæрæгæй, Ивддзагæй йæ куы ссарат, Ма йæ скъуынут йæ зæнгæй. Уый хæрынæн нæ бæззы, Ма йын фæрсут йæ ад дæр, - Маст, фыдбылыз æрхæссы, - Ма йæм цæут æввахс дæр.
334 Ирон литературæйы антологи ФФФ№^^ НЫГЪУЫЛИ Уарзын æз, ныгъуыли, дæу, - Номхæссæн дæ уагæй. Сæрд мын зарджытæ рæдау Ды кæныс зæллангæй. Бакастæй ды дæ уæрцхуыз, Асæй та къаннæг дæ, Фæлæ тынг бæрзонд тæхыс, Зарджытæ нывæндгæ. Уæрццау ды нæ хæрыс хуым, Нард гуыбын нæ кæныс. Уæрццы уасынæн хъырнын - Ды сæрмæ нæ хæссыс. Уый тыххæй ма схуыдтой дæу Ноджыдæр «хæрдмæдзу». Уыцы ном фæсномыг нæу, - Кадæн дын лæвæрд у. Уымæн уарзын, уымæн дæу, Ныгъуыли - хæрдмæдзу! Уæрццы бæсты дын мæнæу Æз дæттин æнæсцух.
Цкъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 335 НОГАЗ Ног аз та нæм сгас æрцыд, Фарн та нын æрхаста. Мах йæ фæзындмæ - æмбырд, Алкæй къух нæ райста. Байуæрста нын хъазæнтæ, Адджинæгтæ - бирæ... Мах та йын æмдзæвгæтæ Бакæсæм цытимæ. Фæндырæй йын аив цагъд Хъæлдзæгæй æркæнæм. Назбæлас нæ разы - сагъд, Зарæг ыл ыскæнæм. Зæрдæ - рухс йæ фидыцæй, Дардыл тыгъд - йæ цæнгтæ Бакæсут æм: мин хуызæй Калы уый тæмæнтæ Махæй алчи райгонд Зарæм иумæ, хъазæм... Ног аз, алхатт гас фæцу, - Мах дæу бирæ уарзæм.
336 Ирон литературæйы антологи ФФФЩ/ф^^ ÆХСДÆХИ Райсомæй-иу æхс дæхи, - Алчи дæр æхсы йæхи: Адæймæгтæ, Цæрæгойтæ, Мыстытæ, Уæд мæргътæ. Алыхатт дæ зæрдыл дар, - Æмæ хорз фæдзæхст æмбар: Чъизи къухтæ, Чъизи къæхтæ, Чъизи хъустæ, Хъулон рустæ - Ничи уарзы, ничи, зон, Ничи сæ быхсы бынтон. Дон куынæ уа, Уæд æрбахæсс, Зивæг ма кæн, Коммæ бакæс, Дон у царды хос, мæ бон Æмæ дзы дæхи ’хсын зон. Уазал донæй Ма хиз арм, Пецыл-иу æй Ма кæн хъарм
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 337 Уадз, ысфæлтæра дæ быуар, ’Мæ ысфидар уа дæ ныуар. Зон æй, уæд уыдзынæ лæг, Лодыр нæ, фæлæ æцæг. НОГДЗАУ-АСТРОНОМ Бирæ уарзын æз кæсын Ирд æхсæвты арвмæ. Арв иртасынмæ бæллын, - Телескоп - мæ размæ. Бон мæм хорз зыны æрмæст Хур - зæрин хур, тавы. Фæлæ стъалытыл мæ цæст Нал ысхæцы арвыл. Ирд æхсæв зынынц дзæбæх - Фондзтигъон, æрттивгæ, Марс, Сатурн, Венерæ, зæгъ, Минтæ ысты, минтæ. Мæн сæ базонын фæнды, Балцы сæм тæхдзынæн, ’Мæ сæ хабæрттæ рæхджы Æз бæстон кæндзынæн.
338 Ирон лнтературæйы антологи ЧРЧртр^^^ УАСÆДЖЫ ФÆДЗÆХСТ Уасæг уасы: «Хъæхъ-ри-хъу-у!» - Кæрчытæн Мæ фæдзæхст у: «Уазæг, уазæг, Тагъд зындзæн, Карк ын аргæвдын Хъæудзæн. Æфсин та нæм Сиддзæн уæд, - Хинæйдзаг уыдзæн Йæ фæнд: Байзæрдзæн нын Еуу, мæнæу, Фæлæ уый Хæрзбонæн нæу! - Чи йæм бацæуа Хæстæг, Уый сæрхъæн Уыдзæн æцæг, - Рацахсдзæн æй, Æфсин цырд, - Фæрæты бын Къубал - рыпп... Тæвд доны Йæ пакъуы - фитт... Карз арахъхъæй Фынгыл - сидт... Уазæг карчыфыд Хæрдзæн. «Бузныг» -
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 339 Фысымæн зæгъдзæн. Махæн та Нæ мыггаг тагъд Афтæмæй фæуыдзæн Цагъд. Фæлæ лидзгæ 'Мбæхсгæ - дард, Бахъахъхъæнæм, Цæй, нæ цард!» УАЛДЗЫГОН КЪÆВДА Уары, уары, цы уары? - Уалдзыгон къæвда Мигъ йæ цæссыг лæмары, - Зæхх бынтон лæпъа. Фыййау рындзæй ныззары: «Фосæн фаг кæрдæг... Алцы рæзы, æвзæры, Къæвда - царддæттæг».
340 Ирон литературæйы антологи ффффПДО^ ÆЗÆМÆÆХСАР Æз æмæ Æхсар Сарæзтам хæдзар, - Сауцъиуæн цæрæн - Зымæджы тæмæн. Сæвæрдтам æй, зон, Кæрты иу кæрон. Иу бон æм, æцæг, Батахт цъиу хæстæг, - Разынди уæндон, - Федта йæ бæстон: «Хорз у, - загъта, - хорз, Карз зымæджы хос! - Хъарм бæсты цæрæн Нал хъæуы ныр мæн. Ам мæ хæлц, мæ дон, Сты цæттæ, мæ бон. Ныр рæвдз у мæ цард, - Хъуысдзæни мæ зард. Бузныг ногдзаутæн - Цъиуты хæлæрттæн!»
Икьаты Владилтр. Æвзæрст уацмыстæ 341 ^^^^Р^^^^^^^Р^^^^^^^^^^^ ЗЫМÆГ-НЫВГÆНÆГ Зымæг загъта: «Æз - нывгæнæг, Ис мæм ахорæн, цъылын, Сабиты куы срцахсы хуыссæг, Уæд æз та нывтæ кæнын. Рудзгуытæм сæумæйæ бакæс, Æвгтыл - цъылыны фæдтæ... Хъавгæ сыл дæ цæст ды рахæсс Æмæ фендзынæ нывтæ. Фендзынæ уым тар хъæды къох, Саппытæ æмæ рæгътæ, Айнæджы фахс, гъе, ыстыр хох, Алгъуызон хъæддаг сырдтæ. Мæнæ саг лæууы ысхъæлæй, сНæхин, аивæй кæсы, Домбайæн ныставд йæ бæрзæй, Иуран снæмæтæй хуыссы. Арс йæ лæппынтимæ хъазы, Иуæн дзы зæбул йæ хъус, Бирæгъ сæм йæхи ивазы, Фæлæ арс кæм у тæрхъус?!. Бакæс, фыййау дæр йæ фыстæ Къордæй раскъæры сæлдыл... Диссаг у, цынæ фæфыста Зымæг рудзгуыты æвгтыл!..
342 Ирон литературæйы антологи ЩРФУЩЩфф^^ ФЫЙЙАУ Ацæудзынæн æз фыййау, - Родгæс, гъе, уæлыгæс, Ничи мæм æрхæсдзæн фау, Зонын æз мæ буц хæс. Родтæ, гокотæ - æфсæст, - Зæлдзæн уæд мæ зарæг. Арсмæ бирæгъмæ мæ цæст Дардзынæн æз, цадæг. Кæд зыной лæбурæг, уæд Риздзысты мæ хъæрæй, Нал хæцдзæн сæ гæппыл цæст Судзгæ фыдæнхъæлæй. Гоко-уæрыккæн - сæухиз, Хъал родæн дæр - афтæ. Хъарм æхсыры къус мын ис, Заргæ æмæ заргæ!..
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 343 ^^^т^^^^^^^^Р^^^^^^^^ ХЪÆДЫ КАДÆГ Сабитæ хъæлдзæгæй Хъæдмæ фæцæуынц, Сабитæ дзагармæй Хъæдæй ыздæхынц. Цымæ цы фæхæссынц Сабитæ хъæдæй? Хъæдмæ цæмæн цæуынц Афтæ æмвæндæй? Бæйхъусут, радзурæм Хъæдæн йæ хæрзтæ, Минтæ, милуантæ сты Хъæды лæвæрттæ... Уалдзæг æрбалæууыд, Сиды нæм давон... Цæй-ма, хæрынæн дзы Хъæдæй æрдавон. Науæд арзачъела, Саджыкъах, цилтæ, Дзондзоли-дидинæг Сабитæн - цинтæ... Сæрд дæр æрбалæууыд Кад æмæ радæй. Æрыскъæф барæгъæд, Фен-ма йæ адæй.
344 Ирон литературæйы антологи Уый фæстæ - хъæлæрдзы, Мæнæргъы - ’рттиваг, Сабитæн алхатт дæр Уарзон хæринаг. Иннахæм саунæмыг, - Хос у гуыбынæн. Арс дæр дзы ратоны Ие сстонг лæппынæн. Дзедыр, зæгъ, къабузæг, - Фен сæ фæстæдæр. Арс æмæ мæргътæн дæр Сихор, æхсæвæр. Хъæды ма гагатæ Ноджыдæр бирæ, Мыртгæ, зæгъ, мугæтæ Хонынц сæхимæ. Цымæн йæ сæкæрвых Диссаг хæрынæн. Уагълы - æвдадзы хос Игæрæн, уыргтæн. Чи сæ æрнымайдзæн Хъæдæн йæ хæрзтæ?! Минтæ, милуантæ сты Хъæды лæвæрттæ. Фенæм-ма ноджыдæр, Фенæм, мæ хуртæ. Хъæдæн-иу алхатт дæр Сисæм нæ худтæ.
Икьаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 345 Цас и хъæддаг кæрдо, Цас и фæткъуытæ. Ноджы ма, ноджы ма Хъæды цы зайы?! Зокъотæ тонынмæ Чи нæ фæуайы!.. Зонут, дзуарса дæр Хъæддаг мыггæгтыл Хорзæн кæй фæкæнынц Арæзт дыргъдæтты. Науæд куыд рох кæнæм ’Нæхæдзар сырдты, - Хъæды куы фæхæссынц, Хъæды, сæ фыртты... Мæргътæ сæ ахстæттæ Хъæды фæкæнынц, Хъæдæй сæ зарджытæ Арвмæ ыстæхынц... Хъæд нын æппæт амал - Махæн цæрынæн, - Зараг суадæттæн Хъæд у сæ гуырæн. Хохвæхстæн, адгуытæн Хъæд у сæ фидыц, Хъæд сын куынæ вæййы, - Бонгай лæбырынц. Хъæд нын хæдзар дæр у, Хъарм æмæ дарæс.
346 Ирон литературæйы аитологи Хъæд нын - æвдадзы хос, Фæрæт æм ма хæсс!.. Чи сæ фæнымайдзæн Хъæдæн йæ хæрзтæ?! Минтæ, милуантæ сты Хъæды лæвæрттæ... Хъæд нæм, ныййарæгау, Дары йæ тæрттæ... Мах дæр æй, буц мадау, Уарзæм, хæлæрттæ!..
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 347 СÆРДЫГОН РАЙСОМ ХÆХТЫ Хур ыскасти, Дуне райхъал, - Цард æхсиды, цард. Дардыл зæлы, Нал æнцайы Мæргъты цины зард... Акæс хæхтæм, Акæс фæзтæм, - Мин хуызæй - фæлыст... Сæрды цинтæ, Сæрды хуызтæ Чи фæуыдзæн фыст? Дидинджытæ - Мингай хуызтæ, Калынц тæф - æхцон. Мыдыбындзæн Мыд хæссынæй Райдыдта йæ бон... Хос кæрдджытæ - Даргъ фæтæнты Дасынц кæрдæг - зад. Ерыс куысты Хиды ’ртæхтæй! Гуырынц амонд, цард. Фыййау зары - Уадындзхъæлæс Бахъырны йын хох.
348 Ирон литературæйы аитологи Бахъырнынц ын Сагджын кæмттæ, Урс бæрзыты къох. Сæгуыт ракаст Цъитиджынæй, - Сычъитæ дæр - уым. Арс ныфсæсти Сæнк хæрынæй - Арф комы рæбын. Дардмæ ’рттивы Урс æхсæрдзæн, - Ададжы тыгъдæй. Ныгъуыли цъиу Арвы цъæхы Базары хъæрæй... Сæрды рæвдыд, Сæрды цинтæн Нал ис, нал кæрон! Базарæм сыл Ног хъæлæстæй, Базарæм мæ бон!..
Цкъаты Владилтр. Æвзæрст уацмыстæ 349 ЗЫМÆГОН НЫВТÆ Дымгæ фелвасы рыг мит, ыссадау, Зилгæ, здухгæ йæ дардмæ фæхæссы... Бирæгъ баниуы хъæугæрон, тардау, Тæрхъус фыртасæй пыхсы æмбæхсы... Рувас, сæлавыр хуыккæмты - хаудæй, Арс - тыппогуыбын, лæгæтмæ бахылд... Саг йæ родимæ лæнчы - æнкъардæй, Ризынц уазалæй, - зымæг сыл сагъуыд!.. Халон - холыхор уасы цъæхахстæй, Холы нал ары хъæугæрон рагæй... Чи у ахæм уысм райгонд йæ цардæй? - Иунæг хъылдым мыст - хордоны нардæй!
350 Ирон литературæйы антологы *№&№*№ БАЛО ЦИРЧЫ Нал уадзы чысыл Бало йæ мады: «Акæн-ма мæ циркмæ, нана, акæн, - Фенон сырдты, клоун-акробатты... Тагъддæр, цæй, хуыздæр билеттæ балхæн!» ...Акодтой чысыл Балойы циркмæ, Бады разæй, манежмæ нымдзаст и, Ферох дзы сты иууылдæр йæ митæ, Цирчы цинæй рæзти æмæ ради... Уалынмæ дын æмбæрзæн дæр байгом, Арс дзы рахызт хъазгæ æмæ кафгæ, Адæмырдæм раздæхта уый йе ’ргом , Ракодта сын буц, рæвдаугæ арфæ. Уый фæстæ та велойыл фæбадæг, Саби - йе ’ккой, «ахиз» ын нæ зæгъы... Иудзæвгар сæм каст Бало дæр цадæг, Гъе, ыстæй сæм манежмæ фæтæхы... «Саубонтæ мыл...» - райхъуыст ма йæ мадæй, Фырты фæдыл манежмæ æрхизы... Баййафы йæ сырдгæсы цур сагъдæй, - Раскъæфы йæ, фырадæргæй ризы... Адæммæ куыннæ фæкасти худæг! Сырдгæс та дзы ракодта æппæлгæ: «Уарзы сырдты, рацæудзæн дзы хорз лæг, Дарут ыл, æнæмæнгдæр, уæ зæрдæ... »
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 351 Дарддæр хъазын маймулиты рад уыд, - Арæхстджынæй алцы дæр æвдисынц... Уыдон цурмæ та Бало дæр хъавыд, Фæлæ йын йæ «куырдиат» нæ исынц... Уалынмæ дын аренæмæ рахызт Пыл уæззаугай, саби бадт йæ фындзыл... Ныр кæрон Балойы цинæн нал уыд, - Хъазынц иумæ саби æмæ стыр пыл... «Ауадз-ма мæ, цæй, уæдта ныр пылмæ, - Мадæн та Бало кæны лæгъстæтæ, - Байхъус, нана, ацы хатт мæ дзырдмæ, - Ма мын тæрсæд мацæмæй дæ зæрдæ...» Мад та йæ ызмæлын дæр нæ уадзы, Фидар æй йæ хъæбысы ныттыхта. Дзуры йын рæвдауæн ныхас, алцы, - Саби та йын басæттын нæ куымдта... Удаистæй манежмæ тырныдта, Цалынмæ дзы сырдты хъазтмæ касти... Уый фæстæ дзы алцы дæр фæуыдта ’Нæсыбырттæй, сабырæй фæбадти...
352 Ирон литературæйы антологи Чртр^^ф!^ ГОРÆТÆЙ-ХЪÆУМÆ «Акæн-ма мæ хъæутæм, баба, Акæн демæ балцы, - Фенон уым æна, дадайы, Фенон хъæуты алцы... Фенон: хъуырру уасæг кауæй Уазæгхон куыд уасы, Бури карк йæ чысыл цъиутæн Уаллæттæ куыд ахсы... Фенон: дзæргъ йæ дæс хъыбылæн Уал дзидзи куыд дары, Хъæлдзæг фыййау хохы рындзыл Уадындзæй куыд зары... Фенон: фыстæ, уæрыччытæ Нæууытыл куыд хизынц, Галиу сæгътæ, сæныччытæ Къæдзæхтыл куыд хилынц... Фенон: райсом, уæд изæрæй Хъуццыты куыд дуцынц, Царв цæгъдын, цыхт бацахсыныл Ерысæй куыд кусынц... Лæппутимæ цъала-доны Хи дзæбæх фæнайон, Къабузæг, æхсæр тонынмæ Хъæдмæ семæ уайон...
«Рувас, бирæгъ æмæ домбай» Нывгæнæг Джуссойты Инал
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 353 Базонон бæхыл бадын дæр, Сифтындзон иу галты, - Ницы ис мæнæн бынтондæр 'Нæцымыдис царды... Акæн-ма мæ хъæутæм, дада, Акæн демæ балцы, - Фенон уым: æна, бабайы, Фенон хъæуты алцы...»
354 Ирон литературæйы антологи щрцщПФО^^ КЪÆВДАБОН Уары иудадзыг къæвда, Хур кæмдæр нымбæхсти. Аргъау дын кæны дада, - Хуыссæг дыл æртæфсти... Нал æм хъусыс ды дзæбæх. - Акувыс дæ сæрæй. Къæвда та кæны сæх-сæх, - Худы дыл хæл-хæлæй... Фæлæ ма фæхъыг у ды, Афынæй кæн, ахуысс. Къæвда банцайдзæн рæхджы, Æрдз ыскалдзæн хъал хуыз... Æмæ та ды дæр уæд ног Хъаздзынæ цъæх нæууыл... Царды цинтæ дын - æввонг, - Бадар сæ дæ зæрдыл...
Цкъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 355 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ ÆРÆГВÆЗЗÆГ Хъæд ысбæгънæг, Кæрдæг - хус. Дон ныттæнæг, Ком ныхъхъус. Мыртгæ рындзæй Дары сырх. Хус сыфтæртæ - Дардыл пырх... Нал райхъуысы Мæргъты зард, Атахтысты Хъарммæ дард. Хохы цъуппæй Ракаст мит. Алцы - ’фснайгæ, Хъуысы сидт. Фосæн садджын - Хос, цъæнут. Ныр уæ пецты Арт кæнут. Алцæмæн дæр Зонут рад, - Карз зымæджы Рæвдз - уæ цард!
356 Ирон дитературæйы антологи чрчрчрчр^ УАРЗЫН... Уарзын... Æмæ цы уарзын? - Сæ нымайын - Æгæр зын... Уарзын Дуне Æгасæй, - Райгонд, буц дæн Йæ асæй. Зонын, - Уым ис мæ бæстæ, Бирæ, бирæ - Йæ хæрзтæ... Уарзын... Уарзын Нæ хъæдтæ, Нæ къуылдымтæ, Нæ хæхтæ... Ды, мæ къона, Сахъ гуырд дæ, Де ’мбæлтты мын Рамбырд кæ. Иумæ хъæдмæ Ацæуæм, - Аргъ ыскæнæм Алцæмæн: Саг, сæгуыттæ Кæм цæрынц, Зымæг, сæрды Цы хæрынц?.. Арс ’нæмæтæй Кæм хæты
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 357 Æд хъыбылтæ, Цы рæтты?.. Тæрс, гуыркъотæ Кæм уидзынц, Хъæлдзæг, буцæй Кæм симынц?.. Хъæды дзых сын - Æмбæхсæн, - Ам сын нал ис Фæтæрсæн... Тæрхъус пыхсы Кæм хизы, Тасæй, мæгуыр, Куыд ризы!.. Цæргæс ахстон Кæм кæны? - Тулдзы цъуппыл - Нæ кæлы... Мæргътæн хъæды - Сæ цæрæн, Ам фæзарынц Хуыздæрæн... Уарзын... Хæхтæ, быдыртæ... Де ’мбæлтты мын Рамбырд кæ: Фенæм хæхты Хъал дæттæ, Уазал, саухъуыр Суадæттæ... Фенæм хæхты Суæрттæ - 'Нæнизы хос, Хæлæрттæ!.. Хæхты бирæ Хæзнатæ,
358 Ирон литературæйы антологи Хорздзинæдтæ сын Ракæ: Базон, арф сæ Цы ’мбæхст и - Дардыл сæ ном Ныхъхъæр и... Иу хохы дзы - Сыгъзæрин, Иннæ хохы Æндæр цин: Ис дзы къала, Æрхуы дæр, Никуы зыны Сæ бын дæр. Уарзын... Уарзын быдыртæ... Де ’мбæлтты мын Рамбырд кæ! Цом быдырмæ Хуымгæнæг, - Дæ гал-гутон - Хæрзгæнæг... Хор дзы тауæм, Хъæдур дæр, - Махæн кусы Зынгхур дæр... Ам - сыгъзæрин Фæткъуытæ, Хауынц нæрстæй Тъæппытæ... Ам - атъами, Кæрдотæ, Раст сæрыйас - Боботæ... Ам - æнгузтæ, Сæнæфсир,
Икъаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 359 Зæгъ, кæм ма и Хуыздæр Ир?! Уарзын... Уарзын... Цы уарзын?! - Сæ нымайын - Æгæр зын... Уарзын Дуне, Мæ бæстæ, - Бирæ, Бирæ - Сæхæрзтæ!..
360 Ирои литературæйы антологи ЩрффРфЩ^^ ЗЫМÆГОН ТÆРХЪУСЫ ХЪУЫДЫТÆ Тымыгъ, уазалæй нæ тæрсын - Гæпп, гæпп, гæпп!.. Бирæгъ, рувасæй æмбæхсын - Фæд, фæд, фæд!.. Салд къуыбыртæ мын - хæринаг Цырд, цырд, цырд!.. Æз нæ басгуыхтæн мæлинаг - Сырд, сырд, сырд!.. Федтон уырыдзы мæ фыны - Къæмс, къæмс, къæмс!.. Митæй къабуска фæзыны - Хæмс, хæмс, хæмс!.. Арын снæ тохæй, сабырæй - Цард, цард, цард!.. Чи у тугдзых сырд - мæ цурæй - Тард, тард, тард!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 361 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ ГÆДЫ, ХУЫ ÆМÆ КУЫДЗЫ БЫЦÆУ Гæды уасы фæрссагæй: - Миау, миау, миау, Чи фæхæры ’нæхсадæй - Хуыйау, хуыйау, хуыйау?! Æз мæхи сæумæрайсом Ахсын, ахсын, ахсын... ’Нæхсадæй нæ нуазын Æхсыр, æхсыр, æхсыр!.. Хуы фæмæсты гæдымæ: Къох, къох, къох!.. Рахъавыд æм ’ргæвдынмæ, - Охх, охх, охх!.. Куыдз сæм касти уæлбылæй: Æуу, æуу, æуу! - Кæд уæ бон æнæ хылæй Нæу, нæу, нæу! - Ахъуытты ут ардыгæй - Дард,дард,дард!.. Науæд та уæхи ныхсут - Тагъд, тагъд, тагъд!..
362 Ирон литературæйы антологи фффффф^^ ФЫНÆЙЫ ЗАРÆГ Аргъау, аргъау, Ратæх маргъау, - Ныр фынæйæн - афон. Урс бæлæтты, Урс тæрхъусты Демæ ардæм рахон. Рагæй нырмæ Мах - хæлæрттæ, Нæууытыл фæхъазæм, - Дидинджытæ, Царды цинтæ, Хуры тынтæ уарзæм!.. Аргъау, аргъау, Ратæх маргъау, - Ды нæ хæлар - махæн. Ног хабæрттæ, Ног диссæгтæ Ракæн бирæ, ракæн!.. Фæлмæн уаты, Зæлдаг уаты, Цæй, ныббырæм арфдæр. Чи нæ кæуы, Чи æрфынæй, Байрæздзæни тагъддæр!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 363 ^^^^^^ЩЩр^Щ^^^^1^^^^^^ ФАРСТÆН-ДЗУАПП - Мæкъуыл, куыд амад дæ? - Халгай... - Денджыз, куыд сæвзæрдтæ? - ’Ртахгай... - Мæсыг, куыд арæзт дæ? - Дургай... - Дуне, куыд кæнгæ дæ? - Мургай... - Æмбонд, куыд бигæ дæ? - Уисгай... - Хъисын, куыд уафгæ дæ? - Хъисгай... - Буар, куыд арæзт дæ? - Уонггай... - Лæппу, куыд байрæзтæ? - Бонгай!..
364 Ирон литературæйы антологи фДОфффОД ЧИ ЦАХÆМ У? Мæлдзыг - кусаг, Тæрхъус - хъусаг. Мыст - æфснайаг, Рувас - сайаг. Уари - сураг, Тути - дзураг. Уасæг - уасаг, Уæрыкк - хъазаг. Уæрцц - æмбæхсаг, Хуы - æвдæрзаг. Гæды - тонаг, Къуырттон - хонаг... Мæстджын - дзураг, Мæгуыр - кураг. Кæстæр - домаг, Хистæр - зонаг!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 365 ^^^^^^^т^^^^^^^^^^^^^^^ ТÆРХЪУС ÆМÆ УЫЗЫН Иухатт та дын рамбæлдысты иумæ Уызын æмæ гæппой тæрхъус цъассы. Тæрхъус дын куы ныззынид йæхимæ, - Уызыны хæрдмæ скæсын нæ уадзы: «Гъе, дæрзæг, уызыныхъо, сæмпæрчъи, Бакæс-ма фæрсырдыгæй дæхимæ, Фатырдынау де 1взæр гуыр ныкъкъæдз и, Зæгъ, мæ цуры, а-зæххыл ды чи дæ! Иудадзыг дæ царды бон - æнтъыснæг, Къутæрты бын, аууæтты лæзæрыс. Де ’ккой бадынц пъæззы æмæ хуыссæг, Уырынгонтæ, мыстытæм фæбæллыс...» Уызын хъусы гæппоймæ сабырæй, - Уый йæ сæрмæ фидистæ нæ хæссы. Гæппой та дын сæппæлы йæхицæй, Уызынмæ сæрбæрзондæй æркæсы: «Æз - сæрæн гуырд, алкæмæй уæздандæр, Диссаджы рæсугъд æмæ гуырвидыц. Амондджын, бæллиццаг у мæ цард дæр, - Авд хуры мæм арвы риуæй худынц. Иннæ ахæм - мæ ныфс æмæ мæ фердæхт, - Иу уысммæ дæр дунетыл æрзилын. Нæй, мæныл сæрæндæр гуырд нæ фембæлд, Кæд фæзына, тохмæ йæм æз сидын.
366 Ирон литературæйы аитологи Дзырд æххæст нæма фæцис нæ гæппой, Афтæ февзæрд уым йæ цуры сау калм. «Аирвæзт дын нал ис ныр, æппæлой, Зон, дæ бон дыл ныр кæндзæнис сау тар», - Бадзырдта йæм, æмæ тæрхъус бамыр, Ахаудта, дын, фыртæсæй фæсур и, Цæстытæ ма андæгъдысты арвыл, - Калмы дæр ма уæд æндæр цы хъуыди?.. «Ахæрон æй» - афтæ дын куыд загъта, Афтæ уызын баххуысмæ фæзынди, Калмыл уым йæхи хъазуат ныццавта, Уый дæр æм бæгуы тæлтæг фæзылди, Æмæ уадид уызыныл æртыхсти, «Аргæвдон æй» - архайы дзыхæй дæр, Фæлæ дзы сæдæ фаты нынныхсти Æмæ бабын афтæмæй йæ сау сæр. Уызын басгуыхт удуæлдай зын тохы, Мадзура гуырд разынди хъæбатыр. «Тæрхъус, дæу нæ ныууадздзынæн рохы», - Бауадис æм, бадзуры йæм сабыр: «О, мæ хæлар, мауал тæрс ныр калмæй, Акæс-ма йæм, мæнæ йæ ныммардтон. Сыст уæлæмæ æмæ цæр æдасæй, Æз дæуæн дыккаг цæрæнбон радтон». Тæрхъус дæр æрчъицыдта ’мæ рабадт, Федта тохвæд, бамбæрста, цы ’рцыди... Уызынмæ къæмдзæстыгæй уый бакаст, Фефсæрмы и, ууыл та цы дзырд и.
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 367 Сарæзта дзы натлиа, æрдхорд лæг, - Бацардысты хурджын фæзы иумæ... Ныр фæцæуы уызынмæ уый хонæг, Цины хуртæ бакастис йæ риумæ. КЪÆВДАБОН Уары, уары... Цы уары? - Мигъ йæ цæссыг лæмары... Уый - царды хос, рæсуг дон, Бафсæсти дзы нæ хъугом!.. Хор нын бирæ æрзайдзæн, Алчи дæр ыл фæрайдзæн... Хорæй йедзаг - нæ гонтæ, Хъæлдзæг, райдзаст нæ бонтæ!: Хорæй - бирæ гуккутæ, - Царды хос уын мæ хуртæ!.. Хорæй - кас, уæд дзыкка дæр, Цас дæ дзы хъæуы? - бахæр!.. Байрæздзынæ уæд тагъддæр, Цин кæндзæни дæ мад дæр?..
368 Ирои литературæйы антологи чрчдедер^ МÆ ГÆРÆМ О, мæ Гæрæм, кæм уыдтæ, Бон-изæрмæ кæм хызтæ? Де ’рцæуынмæ бæллыдтæн, сНæ ’хсырæй дын ыстыхстæн. Райсомæй мын кæй радтай, Уымæй фæдæн æнæ хай. Уæларты мын куы сфыхти, Аходæн мæ куы ’рхъуыди, Афтæ мын дзы нæ гæды Куы фæтъыста йæ дзæмбы, Акалдта йæ бынтондæр, Ферох дзы ис мæ кой дæр. Басыгъд дзæмбы, ысниудта, Адæргæй ма ысхъиудта. Рамæсты йæм нана дæр, Ракодта йæ цъæх над дæр, - Алыгъд, ниугæ, фæтарсти, Ме ’рдæм дæр ма кæм касти! Афтæмæй дын æнæ ’хсыр Баззадтæн æз къæбæртыл. Раст дын зæгъон, ыстыхстæн, Де ’рцæуынмæ бæллыдтæн. Цæй-ма, Гæрæм, кæм уыдтæ, Цæмæн ’рæгмæ æрцыдтæ? «Байхъус, уæдæ, мæнмæ дæр, Уыд зындзинад мæнæн дæр: Дард сæрвæтмæ фæцыдтæн, Хизæнагур фæзылдтæн. ’Рæджиау æй ыссардтон, Цæй, фæхизон, куыд загътон, Афтæ хур тынг ныккасти, Хид мæ уæнгтæй æртагъди,
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 369 Галбындзытæ мæ алварс Байдзаг ысты хылæмхас: Чи дзы сæрыл æрбадти, Чи дзы тæныл ныссагъди, Чи мæ хурхмæ ныхъхъавыд, Чи мæ рагъæй куы нал хызт. Райдыдтой мыл хæцынтæ, - Хæлиу-мæлиу - сæ дзыхтæ, Æз сæ ныхмæ къæдзилæй Тох фæкодтон фæдисæй. Фæлæ бирæ уыдысты, - Къордгæйттæй мæм цыдысты. Нал фæрæзтон сæ ныхмæ, Айстон мæхи уæд æрхмæ. Уым доны был - фæрвытæ, Тынг аууон уыд сæ бынмæ, Уæлдæф та дзы - хæрз сатæг, Галбындзытæн - сæ марæг. Алыгъдысты тæппудтæ, Бахъахъхъæдтой сæ удтæ. Мæн та фæндыд æрцæуын, Хъарм æхсыр дын æрхæссын. Фæлæ загътон: куыд цæуон, - Едзаг куы нæу мæ фæздон. Цæй, изæрмæ фæлæууон, Сæрвæтмæ ма ыссæуон, Хорз фæхизон зæрырдæм, Уайон ыстæй хъæуырдæм. 'Мæ та ногæй фæхызтæн... Мæнæ дæм ныр æрцыдтæн, - Фен-ма, - едзаг мæ фæздон, Тыххæй ма йæ фæрæзтон, Рахæсс, марадз, къæртатæ. Радуц тагъддæр - нуазгæ, сМæ айрæз, мæ хæлар, Гæдымæ та дæ цæст дар.
370 Ирон литературæйы аитологи щщщрФЧЧЮЩ^ БАЛЦ ÆНАХУЫР БÆСТÆМ Æз федтон фыны Æнахуыр диссаг: Мæ цуры февзæрд Кæцæйдæр иу саг. Мæн хоны йемæ Хæтæны, балцы, - Дæхи цæстæй, зæгъ, Фен мемæ алцы!.. Нæ тæрсын сагæй, Йæ фæндыл - разы... Мæ зæрдæ цинæй Уæрыккау хъазы... «Æрбад мæ рагъыл, Тæхдзыстæм иумæ, - Зын дын нæ уыдзæн, - Хæц мыл дæхимæ!..» - Зæгъы мын Гал-саг, Рæвдаугæ, сабыр. Æз дæр - йæ рагъыл, - Бæлццон, бæгъатыр!.. Фæндараст - иумæ, Фæлгæсын дардыл... Цæст ма кæм хæцы Нæ дугъ, нæ тахтыл!.
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ Ъ1\ Нæ зоны фурдтæ Нæ зоны адаг, - Тæхы сæ сæрты Мæ хæлар Гал-саг... «Ныр ам æрлæууæм, Зæгъы мын Гал-саг, - Дæхи цæстæй дзы Фен алцы диссаг!..» Æрцыд нæ тахтæн Уæдмæ йæ кæрон, - Æрæнцадыстæм Кæмдæр æрвгæрон!.. Æз дæр йæ рагъæй Цæрдæг æрхызтæн, Кæсын фæйнæрдæм Æнахуыр бæстæм!.. Цы ис, цы нæ ис, - Цынæ дзы федтон!.. Цæй, дзурон уын сæ, - Дзырдарæхст фестон!.. * * * Дардыл - ыстыр дыргъдон, Дидин æфтауы, - Алы бæлас дæр мæ Дисы æфтауы: Иу дзы рæгъæд кæны, Иннæ та - гага...
372 Ирон литературæйы антологи Маргъ уа, сырды мыггаг - Алкæмæн фаг уа!.. Тæрхъустæ, рувæстæ, Кæрчытæ - иумæ!.. Иу дзы нæ фæкæсдзæн Иннæмæ зулмæ!.. Хъазынц гæлæмытæй, Хъазынц гæппытæй... Райгонд - сæ цæрдтытæй, Райгонд - сæ фырттæй!.. Бирæгъ æмбисондæн Баззади сырдтæй, - Тугдзых, æнæфсис æй Хонынц йæ гуырдзæй... Хатт та кæрæдзийы 'Ргæвдынц зымæгон, - Кæд мæ сын нал вæййы Стонгæй æндæр бон!.. Ам та цытæ уынын? - Диссаг, æмбисонд! - Бирæгътæн, фыркъатæн - Иу ахаст, иу зонд!.. Иу бирæгъ уæрыккæн Амоны кафын, Иннæ та далысæн - Фæндырыл хъазын... Иу та дзы сæныччы Сæвæрдта йе ’ккой,
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 373 Дæркъ ’мæ сыл цæукъа дæр ’Нахуыр цин кодтой!.. Дарддæр цытæ уынын? - Ноджыдæр диссаг: Калм æмæ уызынæн - Иумæ сæ цинаг: Хъазынц сырх фæрдыгæй, Пуртийау, иумæ, - Чи сын нæ бакæсдзæн Дисæйсæцинмæ!.. Арс дæр куыннæ федтон - Сырддоны ахстæй... Дары дзы иу лæг та Мах хъæуы бастæй... Ацы ран æрсытæ Ахæмтæ не сты, Семæ - сæ хъыбылтæ, - Диссæгтæ фесты!... Бæлæсты цъуппытæм Нæзивæг хизынц, Бауигъынц гагатæ, - Хуытæ сæ уидзынц... Иу арс та бæласыл Мыдмæ ысхызти, - Хордта дзы ’нæмæтæй - Цас ын æнтысти... «Тас цæуай, ’гас, лæппыз! Чи дæ, цы бæстæй?» -
374 Ирон литературæйы антологи Дзуры мæм ’нахуыр арс - Мыдæй æфсæстæй... «Ма дзы тæрс, бацу йæм, - Гал-саг мæм дзуры, - Бахæр хъæддаг мыдæй, Ахъаз йæ цуры... ’Нæхин, æрмахуыр у, Сабиты уарзы. Семæ къуырриццытæй Буцæй фæхъазы!..» Бацыдтæн хонæгмæ, - Цинтæ мыл систа... Йедзаг мыды гуыл мын Мæрайæ систа... Марадз, зæгъ, бындзытæ Арсы нæ цæвынц; Ерысæй мæрамæ Ног мыд ыскъæфынц... Сæгуыттæ, сычъитæ, Даргъсы дзæбидыр Хизынц уæлвонгдæр ран Айнæджы тигъыл... Хаттæй-хатт, хъазæгау, Къуылдымтыл лидзынц: Се уонг хæцгæ низтæй Афтæмæй хизынц!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 375 Уайынц мæм сионтæ - Мадæл, сæныккæй... Ме ’рттæ мын астæрынц Се свзаг, сæ былтæй... Уымæй сæ циндзинад Иумæ æвдисынц... Уазæг-лæджы тасæй Фæсвæд нæ лидзынц!. Дарддæр та ацыдтæн, Диссæгтæ - ноджы... Абадти мигъы къæм Тасæй мæ уонджы! - Иу тигр хъамылæй Лидзы мæ размæ: «Оххай, хæрдзæни мæ!..» Дзурын мæ Сагмæ!.. «Ма фæтæрс, ма, мæ хур, Уазæг дæ - зоны, Æмæ дæм цинвæдис Йе ’мбæлтты хоны!..» - Дзуры мын сабырæй Ме ’мбæлццон Гал-саг. Уалынмæ хъамылæй Тигр-дзуг рафсад!.. Хъазынц нæ алыварс - Мадæй, лæппынæй... Зæхмæ нæ нал уадзынц Фырцинæй - хъуырæй!..
376 Ирон литературæйы антологи Тигртæй, марадз, зæгъ, Ничи тарст сырдтæй. Касти сæм цины рухс Се стыр ыссыртæй!.. Пыл æмæ домбай дæр, Мæнæ нæ разы... Уыдонæй алчи дæр Уазæджы уарзы!.. Чи мын хъæбыс кæны, Чи та мын - батæ... Чи мын кæрдзын хæссы, Чита- гагатæ!.. «Цæй-ма, нæ хорз уазæг, Махимæ баззай! - Хатынц мæм иууылдæр Бирæгъæй, арсæй!.. - Алчи дæ уарздзæни Буцæй, хæларæй, - Маст ды нæ фендзынæ Иу мур дæр махæй!..» Уалынмæ фехъал дæн Уасæджы уастмæ, - Хуры тын бакасти Хъазгæ мæ уатмæ!.. «Нал у фынæйафон!..» - Уасæг мæм хаты, - Чи уа фынæйгæнаг - Не ’ййафы царды!..»
Икъаты ъладимир. Æвзæрст уацмыстæ 377 КÆСАДЖЫ ФЫН Аргъау Кæсæгты знаг хос æвзары, Донмалмæ тырны. Арф комы рæсуг дон ары, Кæсаг фын уыны: Дельфин æй фæхуыдта куывдмæ, Хæрд, минас уым - хæрх. Алчи бабадт фарны фынгмæ, Хистæр сиды рæгъ: «Доны зæдтæй ут фæдзæхстгонд, Мин азты - уæ цард. Амæндты хуыздæр - уæ амонд, Макуы ут æнкъард. Фурдтæ, денджызтæ - уæ хæтæн, Ма уын уæд ызнаг. Кувæггаг та - хорз кæстæрæн - Фарны сыкъа - дзаг». Сидт та ногæй, - рæгъ дæсгæйттæй, Хъуысы цины зард. Уарзон дельфины фæрцы сæ Ничи у æнкъард. Афтæ цæл - минас фæкодтой, Раст кæркуасæнтæм. Ныр цæуыны фæнд ыскодтой Фарны хæдзæрттæм... Афтæмæй дын фехъал, фæлæ Цæл кæм уыд, минас? - Дон - ызмæст цæмæйдæр, мæнæ, - Нал уыны йæ раз. Марджы тæфæй нæй улæфæн,
378 Ирон литературæйы антологи Сæфдзæни - бæрæг... ...Æмæ сæ, æцæг, уысммæ дæр - Нал уыдис цæрæг. Иуæн дæр сæ нал бантысти Донмалы тæлфын... Афтæ дын, бецау, фæсайдта Кæсаджы йæ фын. ФАРСТÆН-ДЗУАПП - Зæгъ, сабитæ цы уарзынц? - Сæлдæг æмæ гаппетæ. - Тæрхъустæ та цы уарзынц? - Кæрдæг æмæ гæппытæ. - Зæгъ, зæрватыкк цы уарзы? - Хъарм бæстæ ’мæ сæрибар. - Уæд Гоко та цы уарзы? - Нæууыл хиза йæхи бар. - Уæд бæлон та цы уарзы? - Цъæх арвы риу, тæхæн бон. - Нана та, зæгъ, цы уарзы? - Хъæбулы цин, цæрæнбон.
Икьаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 379 ^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ САГÆМÆЛÆГ Легендæ Уарзтон бирæ аргъæуттæ чысылæй, Уарзын сæ æз абон дæр ыстырæй. Кодта мын сæ алыхатт мæ гыцци, Талынг-иу йæ сау бæхыл куы ’рцыди.. Байхъусут-ма, иу дзы уыди ахæм, - Радзурон æй ныр æз та сымахæн: «Раджы иу лæг цыуаны фæцыди, Сырдты фæдыл тар хъæдты фæзылди. Фæлæ нæй, сырды мыггаг нæ разынд, - Цуанонæн маст йæ риуы нал цыд. «Ныр куыд цæуон хæдзармæ афтидæй, Дзуры ’ мæ та афæлгæсы тигъæй, - Хъæубæстæ мыл худдзысты æвзæрæн: «Базæронд и, нал, дам, у йæ сæрæн. Топпы кæсæн нал уыны бынтондæр, Ма хæссæд цуанонæн йæ ном дæр!..» Уалынмæ дын хохрындзмæ фæкасти, Зæрдæ цинæй тæккæ йедзаг аци: Айнæджы сæр ралæууыд ыстыр саг, Раст уыдаид иу хъæуæн куывды фаг, Саджы буар сатæг уддзæф фасы, Хуры тын йæ фæтæн ныхыл хъазы. Царды цин йæ цæстытæй æрттивы, Адæймагмæ уый йæхимæ сиды:
380 Ирон литературæйы аитологи «О, Æфсати, бузныг та дæ фарнæй, Радтай та мын кусæрттаг рæдауæй. Саг мæ размæ хи къахæй æрцыди, Раст, цыма, мæ фенынмæ бæллыди!» - Загъта лæг, ’мæ саджы ’рдæм фæраст и, Нæзивæгæй къæбыртыл ысуади. Топпы дзых æм бадардта, ныхъхъавыд, Сырдæн, мæгуыр, аирвæзæн нал уыд. «Цæй, ныр фехсон!» - цуанон куыд загъта, Афтæ саг йæ цæстысыг æркалдта: «Ауу, мæ хур, дæ къух та мæм куыд тасы?! Мах мыггаг уæ мыггаджы куы уарзы. Зон, æз дæр лæджы фендмæ бæллыдтæн Æмæ рындзмæ уый тыххæй фæзындтæн. Ауыдтон дæ къæбыртыл æз уайгæ, Æмæ цинæй ратахтæн дæ размæ. Нал фæхызтæн, нæ, мæ хур, бынтондæр, Дойны мын уыд, нал банызтон дон дæр. Абон, зæгъын, бафсæдон дæ уындæй, Ницы домын æз хуыздæр дунетæй. Ехх, уæдта дæумæ æввахс куы цæрин, Æмæ дæм æрвылбондæр куы кæсин, Ме ’рагъыл дæ сабиты æнустæм Æз фæхæссин мæйтæ æмæ хуртæм. Фæлæ ’мбарын а-тæккæ дæ фæндон, Дарддæр нал ис ныр мæнæн цæрæнбон. Бауадз-ма мæ: иу уысм дæм фæкæсон, Уый фæстæ - иу сæххæст кæн дæ тæрхон.
Цкьаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 381 Ноджы курын; иу хъуыддаг ма бахынц: Уæлвæзы мæ дыууæ роды хъазынц, - Фаззæттæ сты, снахъомтæ, хæрз чысыл, Иу мæй дæр нæма цæуы сæ гуырдыл. сНæ мадæй мын баззайдзысты сидзæр, - Зон, рæстмæ нæма ’мбарынц сæхи дæр. Мады æхсыр мысдзысты, кæудзысты, Тар хъæды æххормагæй мæлдзысты. Курын дæ; уæхимæ-иу сæ акæн, Æмæ-иу сын хъуджы ’хсыр ысхай кæн: Загъта саг, ыстæй æваст нырхæндæг, Лæгмæ ноджы бацыди хæрзхæстæг: «Фехс мæ еныр, нæй, нæ мын фæрисдзæн, Сис мæ зæрдæ, ахæсс æй дæхицæн!» - Лæг фæджихау, сагъæсты уый ацыд, Саджы фехса, уый зæрдæ йæм нал уыд. Топп йæ къухæй сабыргай æрхаудта, - Йе с рттæ хурмæ, кувæгау, ысдардта: «О, зæрин хур, ды фæу æвдисæн, Фарны бонæн саг æмæ лæджы схсæн. Нал æй марын, зæрдæ йæм нæ тасы, - Базыдтон æй адæмы куыд уарзы!.. Æмæ немæ, уадз, ысуæд хæдзарон, Мах къухæй йыл мауал кæнæд сау бон», - Загъта лæг смæ саджы размæ бацыд, Хорз хæларау, йе сфцæгыл уый атыхст. сРакодта йæ æд лæппынтæ сæхимæ, - Абон дæр цæрынц хæларæй - иумæ.
382 Ирон литературæйы антологи Сагтæн тынг ысбирæ и сæ рæгъау, Ныр мæнæн дæр конд фæци мæ аргъау. Уый æрцыдмæ хъæлдзæгæй фæцæрут, ’Нæхъыг сырдтæн циндзинад фæхæссут. ЦЪЫНДГÆНÆГ Æз - цъындгæнæг, Æз нæ кæсын Алкæй дæр уæ Тынг фæдзæхсын: Тагъддæр, тагъддæр Цæй, æмбæхсгæ. Мачи лæууæд Ам мæ фæстæ... Æз фæцæуын, Зонут, мæнæ, Чи нæ фæцырд, Уый - фæтъæрæ!
Цкьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 383 ^^^^^^щ^щ^щ^щщ^щщ^^^щщщ^ ТÆРХЪУС-ЗЫНГХÆССÆГ Аргъау Уæд иухатт карз зымæг æрцыд, Бæстыл ма фезмæлæн кæм уыд! - Лæджы æмбæрц ныууарыд мит, - Зæлыди тымыгъы фыдниуд. Лæбурдта хæдзæрттæм тыхæй, Æххормаг бирæгъау, - зыдæй. Æппæлыд, алкæмæн дзырдта: «Мæ разы чи фæнды фæуа, Уый хъæпæн, миты бын уыдзæн, Фыдихæн, уазалæй мæлдзæн. Хатыр нæ зонын аба-бау, Мæнæн ис ахæм карз æгъдау». * * * Уыд алчи зымæгмæ цæттæ, - Зыдта йын йе ’гъатыр фæндтæ. Уыдис ын хъарм хæдзар, фæрныг, Гъе, дарæс, дзабыртæ - уæфс хуыд. Нæ дзы тарст Гино дæр æппын, Уыдта нæ пецы бын рæу фын, Мила дæр рохуаты нæ уыд, - Лыстæн ын байтыдта мæ фыд. Нæ галтæ, хъуццытæ - æфсæст, Сæ бынтæ - сур æмæ хæрз сæрфт. Сæхицæн ’нæмæтæй цæрынц. Фæсхæрд адджын сынæр цæгъдынц. Уæд сырдтæ? - Сырдтæй мæ фæрсыс? - Æрбайхъус, дзурын дын æппæт, Зæххыл дæ фæндиаг цæрæнт!
384 Ирон литературæйы антологи Зын уыди зымæджы сæ цард, Сæ фылдæр - тыхст æмæ æнкъард. Сæ паддзах - домбай, нæу тæппуд, Фæлæ уый бафснайы йæ уд, - Фæфардæг, хъарм бæстæм ныфтыд, Йæ мад дæр уым цæры, йæ фыд, Фæлыгъд сæ ноджыдæр дзæвгар, Йæ цард сæ алкæмæн йæ бар. Ыстай дæр афардæг, ыстай, Ыссардта хъарм бæсты йæ хай. Цæрынц ма уыцы ран нывыл, - Жираф уа, Зебра æмæ Пыл... Фæрсыс мæ ды, фæрсыс уæддæр, Æндæр сырдтæ - дæ мæты сæр. Сæ тыхджынтæй ма баззад арс, Нæ уарзы уый дæрдтыл ныхас, - Куыддæр ныууарыд мит дзæвгар, Гъе, афтæ ма йæ ды ыссар! - Кæмдæр та лæгæты нымбæхст, Æддæмæ нал дары йæ цæст, - Нæ хæссы ахæм цардмæ фау, Йæ дзæмбы асдæры, мыдау, Æмæ та стæй кæны фынæй, Æндæрты мæт уый мур дæр нæй. Сæ сæртæ бафснайдтой дзæбæх Зыгъарæг, рувас дæр - дæлзæхх, Сæлабыр, æхсæрæг - тæппуд, Фыр тæсæй ауайы сæ уд, - Фæцыд, зæгъгæ, фæдисы хъæр, Сæ иу дæр не сдардзæн йæ сæр, - Ысты сæ хуыккæмтты æмбæхст, Нæ сыл ысхæцдзæни дæ цæст.
«Цæмæн байуæрстой арс æмæ лæг?» Нывгæнæг Джуссойты Инал
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 385 Фæрсыс мæ ноджыдæр, фæрсыс. Ды сæгтæ, сæгуыттæн тæрсыс, Дзæбидыр, тæрхъустыл - дæ мæт, Æнæ хæдзар, æнæ лæгæт. Фыд зымæг уыдонæн - тæссаг. Сæ мыггагмæ æмхиц - ызнаг; Æмæ дын уый зæгъон æз дæр, Цы нын баисты, цы, уæддæр?! Сæрджын саг - се ’ппæты сæрдар, Хъуыдыджын, нæзивæг, хæлар, Сæрæнтæ ахæм ис ыстæм, - Фæсидт дын йе смхæлар сырдтæм: «Мæ хуртæ, карз дуг ныл æрцыд, Фæлæуут иумæ фидар, цырд. Фыд зымæг сгъатырæй бырсы, Фæлдзæгъдæн, миттымыгъ хæссы, Уысммæ дæр хохыйас хъæпæн, Æвæры - нал нын ис хæтæн; Цъæх кæрдæг - елкаси кæм и? Бынтондæр миты бын фæци. Хæринаг сыстæм ис, ысцух, Æййафæм ’ххормæгтæ æдзух. Нæ лæппынтæ тыхсынц, кæуынц, Æрмæст ма салд къуыбыр хæрынц. Фæлæ нæ фыдгултæй уæддæр Ысты нæ хæлæрттæ фылдæр, - Æххуысмæ снæзивæг цæуынц, Тыхсты бон махимæ вæййынц. Æз еныр Стыр фæзы уыдтæн, - Хæринаг агурæг зылдтæн, Æмæ цы федтон? - Нахуыр цау: Нæ хæлæрттæ та нын, - рæдау,
386 Ирон литературæйы аитологи Ысхастой хæрд æмæ минас - Уырыдзы, къабускæ, зæгъ, нас, Цъæх хос, нартхоры хъæд - цæттæ, - Сæ фендæй рухс кæны зæрдæ. Æмæ, цæй, уырдæм тагъд цæугæ, Нæ сихор - рæвдз, æрмæст - хæргæ; Фæуыдзæн алкæй дæр йæ фаг, Хæлæгæй нæм мæлдзæн ызнаг. Æрмæст ма иу хъуыддагæй - цух, Кæм ма уыдзæн æххуысы къух?! - Нæ лæппынтæ æргъæвсынц тынг, - Ыссарын нæ куы хъæуы зынг. Фæрынчынæй сын тынг тæрсын, Куыд кæнæм, цæй? - сымах фæрсын!» Йæ ныхас загъта саг æмæ Уый дзуапмæ каст, фæлæ кæмæ?! * * * Уæд тæрхъус фестади цæрдæг, Æмæ йæм бауади хæстæг: «Æз уын ыссардзынæн зынг та», - Ныфсджын, сæрыстырæй дзырдта, - Æмæ дын хъæуырдæм фæраст, Зынгагур нæзивæг уый тахт. Йæ хæлар хъæдгæс у - Дзæрæх. Фысым ын алхатт дæр дзæбæх: Уырыдзы, къабускæ, кæрдзын, - Æрмæстдæр уæд дæ бон хæрын. Ыскодта йын хуын дæр дзаджджын, Хæссынæн - рог æмæ адджын. Ныр хъæдмæ здæхти, заргæ тагъд, Йæ зарæджы хъæр арвмæ тахт. Зыд бирæгъ дарддзæст у, - зæгъынц, Кæм нæ фæтъысдзæни йæ фындз! - Ысуыдта тæрхъусы фæсхъæу,
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 387 Хъæр æм кæны: «Фæлæу, фæлæу, Ирвæзæн дын ныр нал ис, нæ, - Ныртæккæ мын минас - цæттæ. Дæ размæ æрхмæ, кæс, тæхын, - Хæрдзынæн дæ æд царм, æд хъуын!» Куы зæгъид бирæгъ, мæ уайтагъд. Йæ разы февзæрди - мæнгард! * * * Нæ фæтарст тæрхъус, нæ, æппын, - Уый митыл февæрæг йæ хуын. Куы йæм ныхъхъавыд бирæгъ, уæд Цæттæ уыди йæ зондджын фæнд: Йæ дзагъыр цæстыты йын раст Уый цæхæр бакалдта æваст. «Ау-у-у» - йæ ниуын ма фæцыд Æмæ цъыс-цъысгæнгæ ыссыгъд. Лæбурдта ма, уæларвмæ хауд, Фырмæстæй йе свзæр сæт дæр калд, Фæлæ цы йæ бон уыд куырмæй, Куыд райстаид йæ маст, кæмæй?! Уæд ниуын райдыдта æваст: «Æз дæ, зон, райсдзынæн мæ маст, - Ныртæккæ ме ’мбæлттæ дæсæй Уыдзысты ацы ран рæвдзæй Æмæ мын додойаг - дæ сæр, Æрбайсæфдзæн дæ кой, дæ хъæр!» * * * Уæд тæрхъус фембæрста уайтагъд, Фыдбылыз æм кæй нæ уыд дард. Æмæ дын айста цырд йæхи, Хæрзгæнæг йе ’мбæлттæм фæци. Лæмбынæг сын уый загъта ’ппæт, - Куырм бирæгъы тæссаг фыдвæнд.
388 Ирон литературæйы антологи Сæрджын саг дзуры уæд хъæрæй: «Ызнаг зындзæн, æнæ тох нæй, Тæрсын нæ хъæуы, тас - мæлæт. Ыскæнæм иу нæ дзырд, нæ фæнд. Кæсут, нæ цуры - айнæг хох, Тыхсты бон æй нæ кæнын рох. Йæ цъуппыл фæз, хæцæн бынат, Йæ фæхстæ та - цыргъ къæдзæх, кард. Ысхизæм уырдæм - иумæ цырд, Æххæст кæнут æрмæст мæ дзырд: Нæ тохæн ис бæрæг æгъдау, - Æрзилдзыстæм дæрдтыл, цæгау, Нæ тыхджынтæ - фæдисонтæ, - Нæ хъахъхъæнæг - саг-сионтæ - Æддейæ уæнт, сæрæй хæцæнт, Нæ фыдгулты дæрæн кæнæнт. Нæ лæппынтæ - æдас ран, хызт, - Нæ астæу сæ ыскæнæм цырд!» - Нæма фæци сæрджын саг дзырд, Гъе, афтæ кæс! - Хъаймæт æрцыд: Зыд бирæгътæ цæуынц, бырсынц. Сæ дзыхтæ - гом, хæлиу хæссынц. Сыкъаджын саг фæзылд цæхгæр: «Мæ фæдыл - тагъд! - фæцыд йæ хъæр, Нæ хæлæрттæ, нæ тох - æмвæнд, Кæннæуæд та æрцыд нæ сæфт!..» Сæгуыт, зæгъай, тæрхъус, сычъи, Уæд дзæбидыр - цæттæ уыди, - Æмæ æцæг ныннæрыд тох, Сæ гуыппытæй нызмæлыд хох. Саг-сионтæ сæрæй хæцынц, Зыд бирæгъты дæрæн кæнынц, Рæдувынц сын сæ царм, сæ хъуын, Нæ сæ уадзынц дзыхæй хæцын. Ыскъахынц дзы кæмæн йæ цæст, Кæмæн та - гуыпп, мæлæтдзаг дзæхст,
Икьаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 389 Уæлхохæй сæ дыввытт кæнынц, Уым арф комы сæйгæ мæлынц... Гъе, афтæмæй фæстаджы онг Зыд бирæгъты кæрæф æрдонг Ыскъуыд фæци, æрцыд сæ сæфт, - Уæлхох фæзы ныссабыр хæст. * * * Мæнæн дæр ныр мæ аргъау, зон, Йæхицæн домы бæрц, кæрон. Æрмæст ма дын уæддæр зæгъон, - Цæуыл фæци фыдхъызт, фыдбон? Нæ сагтæ, ’мæ нæ сионтæ, Сæ хæлæрттæ, сæ хионтæ Арт бандзæрстой, гуыр-гуырон арт, - Йæ пиллонæй мит-хъæпæн тад, Цъæх адардта йæ алыварс нæуу, Æрдз бахудти, - йæ хорзæх дæу. Ыскодтой куывд æмæ сæ зард Ыстыр фæзæй нæрыди дард, - Хъæбатыртæн - уæлахиз, цыт! - Сæ уалдзæг сыл фæрнæй æрцыд.
390 Ирон литературæйы антологи ^фЩ^^^^ЩН^ЩЩЩРф^ЖР^^^МР^ ÆНÆКЪУДИ РУВАС Аргъау Руби дæн æз, рубæга, Хъавгæ, хъавгæ æрсимын... Саразын мæ цы фæнда - Кæрчытæн æй нæ сидын... Тали-тули - уæлæты, Хъæугæрæтты æрзылдтæн... Тали-тули - дæлæты, Кæркдонмæ дын фæзындтæн... Кæркгæс кæрты нæ зыны, Хъуынджын Мила ныффынæй. Ныр мæн уындзæн йæ фыны, Бафæллайдзæн рæйынæй... Уасæгмæ дын фæлгæсын, - Кауы сæрыл нæ бады... Милайæ ма цы тæрсын, - Ма рабадæд йæ уаты! Бауадтæн дын æввахсдæр, Кæркдоны дуар - зыхъхъырæй... Кæрчытимæ - цъæх хъаз дæр, - Бады тæккæ рæбынæй. Зæрдæ цинæй ыскафыд: Ныр цæттæ у мæ минас... Карчы фыдмæ мæ хъавд уыд. - Хъаз ыссардтон фысыйас!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 391 Цалдæр бонваг уыдзæни, - Мæ лæппынтæн, мæхицæн, Алчи дæр нæ хæрдзæни Нард фыдызгъæл æфсисæн... Айтæ-уыйтæ нæ зонын, - Иу тæррæст æм фæластон... Хин мæргътæй йæ нæ хонын: Уайтагъд къубал æрцахстон!. Алхъывтон æй ахъаззаг, Иу «хъиау» дзы нæ сирвæзт. «Цом, мæн демæ - ныхасаг! - Загътон, - сæххæст мæ хинвæнд!..» Фæлæ амонд куыннæ ис?! Фæсдуар къуырттыл фæкалдтæн. Къуырттон карк дын фæфæдис, - Фесхъиудтон тынг, фæтарстæн!.. Систон лидзын, тæхынтæ... Хъаз мæ дзыхы - зæбулæй. Дысон федтон фыдфынтæ, - Мардтæн æрхы фыдудæй: Ахауд, цыма, мæ къуди Раст йæ тæккæ рæбыныл, Уасæг-иу мыл ныххудти: Дар, дам, æй ныр дæ хъуырыл!.. Уалынмæ дын мæ хъустыл Куыйты рæйын ыссыди, - Балæууыдтæн мæ рустыл: Ныр ме ’намонд æрцыди!
392 Ирон литературæйы антологи Тасæй ме ’уонг нырризы, Хъаз мын фестад ызды-уаргъ... Хид мæ уæнтæй æнхъизы, Ме стыр къуди ныддыдагъ!.. Уалынмæ дын иу-цалдæр Пора-куыдзы - мæ цуры. - Семæ - хъуынджын Мила дæр, Алчи дæр дзы мæн суры!.. Ныр хуысдзæни мæ сау зынг, - Нæй æмбулæн сырддыхæй... Боны рухс мыл нытталынг, Хъаз æрхауди мæ дзыхæй!.. Ахæм сахат мæ къуди Куыйты сайæн цъылын у. Амонд ме ’рдæм фæкъул и, Цард мын худæг, рæуфын у... Сайгæ-майгæ, æвыдæй Æз ирвæзын мæхæдæг... Базыдтон уый мæ мадæй, Зондзысты йæ мæ «зæнæг»... О, фæлæ мыл цы ’рцыди, Уый уын зæгъон бæлвырдæй: Куыйты дзыхы мæ къуди Баззад быныл рæдывдæй!.. Раирвæзт ма мæ къоппи - Уый дæр - æргæвст, тындтытæй. ’Намонд сырдыл цы бон и?! - Тонын мæ цард мæгуыртæй!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 393 Науæд уымæн фæразин, Цард - хæрдтæ ’мæ уырдгуытæ, Хъылдым мысты æрцахсин, - Фидар ысты мæ ныхтæ!.. Фæлæ иу мæт - мæ марæг: Кæркдоны ис мæ къуди. Кæрчытæ йыл сæ зарæг Зарынц афтæ, зыд руби: «Ой, рубæга, рубæга, Карчы бæсты дæ къуди Рацу адав, æндæра Ам æвзары фыд тухи. - Кæркгæстæ йыл фыдæнæн Кæрчытæн къуыртт æвæрынц, Уасджытæн та - æлгъгæнæн - Худæгæй йыл фæмæлынц!..» Ех, цы кæнон, куыд цæрон? - Карчы фыд ма куыд хæрон?!. Цæй, ныууадзон мæ кæнон, - Уæд мæ уагæн йæ кæрон!..
394 Ирои литературæйы антологи ^^рр^^^^^^^^т^^^^^^^^^ ХÆФСÆН ЙÆ ЛÆППЫН - ХУРЫ ТЫН Иухатт Хæфсæн фесæфти йæ лæппын, Агуры йæ, нæй æмæ нæ зынд. Хъуысы, бецау, йе ’рдиаг, йæ кæуын, - Баххуысмæ йæм алчи дæр фæзынд. Мады рисæй айнæг дæр фæриссы, Бахатынц æм: «Радзур нын йæ хуызтæ, Ацæудзыстæм иууылдæр фæдисы Æмæ дын ыссардзыстæм дæ хъæстæ». «У мæ хъæбул Хуры тын, - Хæфс дзуры, - Дунетыл рæсугъддæр гуырд нæма уыд. Рамбæлди уыл ахæм рæсугъд, - курын: Ракæнут æй, хайыр уын - мæ рæвдыд»... Фæдисонтæ алыран ысгарынц, - Хуррæсугъдтæ цас фенынц хъæбултæй!.. Фæлæ иу дæр ахæм гуырд нæ арынц Æмæ та æрыздæхынц сæркъулæй... Уалынмæ дын диссаджы цъæх фæзмæ Бафтыдысты, - Хуры фырт уым хъазыд, Бацæуынц æм аивæй хæстæгмæ, Бацин кæнынц: «Мæнæ, гъе, кæм разынд!..» Фелвæстой йæ ’виппайды хъæбысмæ, Хæфсмæ йæ æрхæццæ кодтой тагъдыл: «Цины хабар! - Ракæс-ма дæ фыртмæ, У сæрæгас, мауал тыхс йæ цардыл!..»
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 395 Мад æй фены, адæргæй ныккæрзы: «Нæ, гормæттæ, сайгæ кæнут, сайгæ! - Ау, бынтон уæм худинаг нæ кæсы: Чи ма кæны мады фарнæй хъазгæ?!. Ницы йæм ис мисхал дæр мæ фыртæй, Уый кæйдæр къæбæда у, сæмпæрчъи. Æз тæрсын æцæгæйдæр йæ уындæй... О, хуыцау, мæхи фæрдыг цы фæци?!» Ногæй та дын агурынц уæд дарддæр Фæдисонтæ; алыран ысгарынц, Нал зонынц ыстонг æмæ фæллад дæр, Фæлæ Хæфсы удвæрдыг кæм уарынц... Уалынмæ та рамбæлдысты æрхы Саджы родыл, бакæс æм - зæрдæскъæф. Уддзæф хъазы сабыргай йæ ныхыл, - Удлæууæн, уæздан æмæ æнæрцæф. «Мæнæ разынд! - Уый уыдзæн æнæмæнг, - Разынди кæдæй-уæдæй нæ хургуырдз, - Ацы хатт нæ агуырд дæр нæ фæмæнг», - Фæдисонтæ, цингæнгæйæ, сдзурынц. Уый дæр та æрхæццæ кæнынц мадмæ, Бадзурынц æм: «Мæнæ, гъе, дæ хъæбул!» Уымæн дæр та рауайы йæ размæ, Фæлæ та йæм байхъусæд дæ фыдгул: «Ахæм гуырд куыд уыдзæни мæ хъæстæ?! - Æз тæрсын йæ хъуынджын царм, йæ къæхтæй. Иу каст дæр нæ акæнин йæ фæстæ, - Ма йæ уынон иу уысм дæр мæ цæстæй!»
396 Ирои литературæйы антологи Фæдис та дын денджызмæ фæраст и, - Уым дæр - бирæ буцхасттæ, рæсугъдтæ... Иу сæм дзы зæрдæхсайгæ фæкасти, Æмæ сисынц амондæн сæ худтæ: «Уастырджы, фæрæстмæ ис нæ фæндаг, - Разындис ныййарæгæн йæ фæрдыг... Ныр нæ къухты бафтыдис нæ бæстаг, Акæнæм æй, нал хъæуы дызæрдыг!..» Æмæ та дын Мад-Хæфсмæ æркодтой Кæсаджы зæринбазыр хъæбулы. Фæлæ та йæ масты хай фæкодтой - Ног та дын сæм карздæрæй уый дзуры: «Бакæсут æм: ’нæкъах æмæ ’нæкъух, Гоби-къуытты, иу зæл дæр нæ дзуры... Гъе, ыстæй куыннæ уыдзæни зондцух? - Ма йæ уынон иу уысм дæр мæ цуры!.. Ехх, мæ хъæбул! - Уый куыд аив зарыд, Дуне-иу æм ’гас æхсæвты хъуыста... Иннæахæм къахкъухтыл куыд кафыд, - Хъазты-симды алкæй дæр æмбылдта... Ахæм гуырд æрдзы кондæй нæ уыди, Хуры тын, зæрин фæрдыг-цыкура. Фæлæ йыл цы фыдбылыз æрцыди?! Сау æхсæв мæ арвы зынг æркъуыра!..» Уалынмæ та цины хъæр фæцыди, - Мадмæ та æрбатахти хæрзæггур: «Уæртæ цъыфæй иу цъингуыр ысхылди, Æмæ хоны уый йæхи дæ хъæбул.
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 397 Бакастæй - æгасæйдæр дæ хуызæн. Алцæмæй дæ бакодта цæрмыстыгъд, Æмæ, цæй, ныхъхъæбыс кæн дæ фыртæн, Махæн та - дæ хæрзиуæг - ыстыр куывд!..» Мад фæхауы фырцинæй уæларвмæ: «Мæнæ, гъе, мæ сæфт хуры тын разынд!..» - Разгъоры æрмттæтыгъдæй йæ размæ, - Амондджындæр дун-дунетыл нал уыд... Мадæн хур у алхатт дæр йæ хъæбул, Алхатт дæр ын рухс хурау æрттивы, Сохъуыр уа, къуырма æви фырдæлтъур, - Гъе, уæддæр æй никæуыл нæ ивы!..
398 Ирон литературæйы антологи ^^^^^^^^^^^^^^^^^Р^^^ БУЛÆМÆРГЪЫ ЗАРÆГ Легендæ Булæмæргъ - нæ уарзон маргъ, нæ цин, Хъæлдзæгæй нын зарджытæ нывæнды, - Ме ’ртты йæ цæрæнбонты хæссин, Фæлæ афтæ, нæй, йæхи нæ фæнды. Ау, уæдæ ма чи суæндыд зæгъын: Мæргътæй, дам, æй иунæг дæр нæ уарзы, Алкæмæн сæ удхæссæг у, рын, Алчи дæр сæ уый фендæй ныккæрзы... Афтæ дзуры рагон таурæгъ, зон, - Иухатт мын æй ракодта мæ дада, - Уымæй хъуыддаг базыдтон бæстон. Арф фæд мын мæ зæрдæйы ныууагъта... х- х- х- «Зарæг царды махæн у нæ фарн, - Буц дада мын райдыдта йæ таурæгъ, - Хурау, махыл байтауы йæ хъарм, Батæфсы йæм, хурыскастау, салд зæхх. Зарæгимæ тохмæ дæр цæуæм, Æмæ заргæ рахæссæм уæлахиз. Бахъуыдыбон заргæйæ мæлæм, - Зарæджы æгъуыстаг удты фарн ис...». Ацы хабар рагæй у бæлвырд, Мæргътæ дæр æй диссаджы хорз зонынц, Æмæ иухатт рафæнд кодтой куывд Зарды цытæн, - алкæй дæр æм хонынц...
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 399 Фынг ыскъобор, алцыппæт дæр - хæрх, Циндзинад дзы денджызау, æхсиды, Куывддзауты, нæй, нал уромы зæхх... Цæргæс-паддзах алкæмæ дæр сиды: «Абон нын бæрæгбон у - нæртон, - Зарды цытæн гаджидаутæ сидæм, Фæлæ куывд нæ уыдзæни æхцон, Кæд нæ зарæг арвы онг нæ сисæм... Зардзæн алчи ерысæй бæстон, Иннæтæ йæм хъусдзысты æмырæй. Уый фæстæ нæ иумæйаг тæрхон Аргъ кæндзæни алкæмæн бæлвырдæй. Чи басгуыха зарынæй хуыздæр, Уымæн - кад, ыстыр лæвæрттæ райсдзæн, Уый уыдзæни паддзахы æмсæр, Æмæ ’нустæм амондджынæй зардзæн». Дзырд фæцис уæздан паддзах æмæ Мæргътыл буцæй афæлгæсыд дардыл: «Чи райдайдзæн? - ма кæсут мæнмæ, Иугъуызон æз аудын уæ бартыл... ». «О, нæ паддзах, фыццаг бар - дæуæн! - Алырдыгæй бахъæр кодтой мæргътæ, - Ахæм æгъдау рагæй ис куывдæн, Алхатт дæр æй хъахъхъæдтой фыдæлтæ...». «Хорз, уæдæ, мæнæй райдайгæ уæд», - Загъта цæргæс æмæ дын ныррыхыд... Удаистæй бацархайдта кæд, Гъе, уæддæр ын расайдта ыстыр дзырд:
400 Ирон литературæйы антологи Чи йын тасмæ акодта æмдзæгъд, Чи та загъта: «Азарæд-ма ногæй...». «Азарыдис æмæ йын - æгъгъæд!» - Годжицъиу сæм бадзырдта уæлвонгæй. Рамæсты йæм карз - паддзах бæргæ, Фæлæ куывды маст райсæн кæм уыди?! Алчи дæр сæм баззади кæсгæ, Цыма се ’хсæн туджы калд æрцыди... Дарддæр зарæг бахъæр кодта уыг, - Алкæмæн дæр бауынгæг йæ зæрдæ, - Хъарæджы æнгæсдзинад æм уыд, Æмæ йын æй бадардтой йæ цæстмæ. Мæлхъ дæр дын фæцъиах кодта ’васт, Бирæтæ фæтарстысты йæ уастæй. Уари, цъиусур, хъæрццыгъа дæр раст Ахæм уагыл зарыдысты ’гасæй. Уыдонæн дæр тæрхоны уæнгтæ Рафаудтой сæ аивад - сæ зарын. Дарддæр иннæ базырджын мæргътæ Райдыдтой сæ курдиат фæлварын... Хиуа, чъырттым, халоны хъæлæс - Айхъуыстысты растæндæр фæзмæгау. Хæфслас, хърихъупп - уыдон дæр сæ хæс Бафыстой, æнæ мардæй кæуæгау. Уæрцц, ныгъуыли, уасæгоймæ хъус, - Барухс кодтой бирæтæн сæ зæрдæ. Зæрватыкк дæр азарыди цъус, - Рамбылдта æмдзæгъд æмæ фæхъæртæ...
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 401 «Нæй уæддæр æцæг курдиат, нæй!» - Мæстæй дзурынц тæрхоны бæрнджынтæ, - Раппæликкам, гъе, фæлæ кæмæй?! - Аивад нæ фæуарзы мæнг дзырдтæ...» Уалынмæ дын урс бæрзы сæрæй Булæмæргъ ныццæлхъ кодта йæ зарæг, - Айзæлыди, айхъуысти хъæрæй, Уастæндæр бындар фæуа йæ раттæг!.. Мæргътæ иууыл баисты æмыр, Бахъырнынц ын хъæдтæ æмæ дæттæ... Бахъырнынц ын аивæй сабыр Дидинджытæ, фосæмбæрзт сæрвæттæ... Зарæг хъуысы, алырдæм тæхы, Циндзинад йæ базыртыл фæхæссы... Барæвдауы царддæттæг зæххы. Салд цъити йæ узæлдæй æртæфсы... Афтæ дын йæ уаз зарæг фæцис Бул-булæйæн, - басгуыхти æмбисонд. Уымæн ма дзы ныр æмбал кæм ис?! - Нал æй радта а-зæххæн æрдзы конд... Дунейы лæвæрттæ йын кæнынц, Фыццаг лæвар - зарды паддзах басгуыхт, Фырбуцæн æй къухты дæр хæссынц, - Амондджындæр а-дунетыл нал уыд... Фæлæ мæргътæм уый æгад æркаст, - Се ’ппæты кæй рамбылдта йæ зардæй. Бацарди хæлæг зæрдæты маст, Марг сын фестад булæ цъиу рæстагæй.
402 Ирон литературæйы антологи Рахастой йын ’гъатырæй тæрхон Тугдзых мæргътæ - сусæгæй ныммарын, Мауал цæра а-бæстыл йæ ном, Мауал хъуыса арвы бын йæ зарын... Фæлæ дын æм баххуысмæ фæзынд Тулдзыты къох, амбæхста йæ тары. Зарæг цъиуæн ’нусон цард æрцыд, - Хорзгæнæг та хорздзинад ыссары... Бул-булæмæргъ уымæн уарзы ныр Хъæды къохтæ - рагон хорз сæ дары, Хъæды къохтæн уый цæгъды фæндыр Æмæ сын æнусы бонтæм зары... Афтæ рауад зарæджы хъысмæт, - Балхынцъ кодта буц дада йæ таурæгъ, - Зарæг ныр уæ фæндиаг цæрæд, Булæмæргътæ уæнт дунейыл арæх!..»
Икъаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 403 ^^^^^^т^^^Щ^^^^^^^^^^^^ СЫРДДОНЦЪИУ ÆМÆ БÆЛÆСТÆ Адæмон аргъауы мотивмæ гæсгæ Иухатт фæззæг ралæууыди раджы, Уазал дымгæ райдыдта бырсынтæ... Рындзыл хизгæ ’рæййæфта цъæх саджы Суры йæ, ыздухы йын йæ сытæ!.. Бæлæсты ысцæйтоны бындзарæй, Нал сыл уадзы нæ сыфтæр, нæ хихтæ... Мæргъты уасын, се ’рдиаг, сæ сарæй Бæстæ кодта фырадæргæй джихтæ. Хъарм бæстæм фæтæхæг ысты къордтæй, - Архайынц - зымæгиуæг ыссарой... Дымгæ та фыддæр нынниуы сонтæй, Хъуысы рындзтæй йе ’рдиаг, йæ марой!.. Сырддонцъиу та хъарм бæстæм нæ тæхы, Фæндаггæрон къутæры бын баззад... «Ех, цы кæнон?! - адæргæй фæзæгъы, - Карз зымæгмæ баззадтæн æвадат!.. Нæй хæринаг, уазалæй мæлдзынæн, Ничи ис ныфсы хæлар мæ цуры, Хин рувасы холыйаг кæндзынæн, Нал фендзынæн уалдзæджы зынг хуры!.. Фехæлди мæ ахстон дæр бындзарæй, - Дымгæ мын æй алырдæм фæхаста... Нал дæн рæвдз хъару æмæ æхсарæй, - Цъиусур мын мæ иу базыр ныссаста!..
404 Ирон литературæйы антологи Басгуыхт ма мын зæрватыкк хæрзгæнæг, - Ме знагæн уый бафтыдис йæ фæдыл, Фарны маргъæй тынг тæрсы фыдгæнæг, - Никуы уæнды, абабау, йæ тæфтыл!.. Ацы хатт дæр уый хъæртæй фæтарсти, Феуæгъд ма дæн афтæмæй йæ ныхтæй, - Амонд мæм дзæбæх цæстæй æркасти, Фæлæ ныр куыд цæрдзынæн быгъуытæй?!. Цæй, уæдта-ма, афæрсон хæлæртты, Мæнæ, бæрз... о, æммыст мын цы зæгъдзæн?! - Дымгæтæн фæразон у, нæ сæтты, Уазалæн дæр, ау, куыннæ фæлæудзæн?!» - Загъта цæф цъиу æмæ бахылд фæзмæ, Бахатыд æм: «Бакæ мæ дæ уазæг, - Бавæр мæ дæ хъæбысы, дæ фарсмæ, Цалынмæ нæ ралæууа цъæх уалдзæг...» Бæрз фæтызмæг, ракасти йæм зулмæ: «Чи дæ, чи уый? - айс дæхи мæ цурæй!.. Æз мæхæдæг хъарммæ бæллын, хурмæ, Фервитын æгас зымæг сæркъулæй!.. Науæд мæм куыд бахастай дæ ныфс та? - Æз - уæздан бæрз, бæлæсты рæсугъддæр, Дæу мæ мыггаг раджы дæр нæ зыдта, - Мацы мæ дом баххуысæнхъæл мур дæр!..» Цъиу нынкъард и, сагъæсты та бахауд, Хъæдгом та йын риссы æмæ риссы... Нал æнцайы уый фыдæнæн карз уад, Маргъ æгасæй фырадæргæй ризы...
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 405 «Тулдз - бæгъатыр, бæлæсты домбайдæр, - Цæй, мæ хъысмæт уый бæрны ыскæнон, Тулдз - сыфтæрджын, хъарм уыдзæн, гъай-гъайдæр, Зымæджы гуыркъотæ дæр фæхæрон!.. - Дзуры цæф маргъ, дарддæр та фæхилы Тулдз бæласмæ - базырсаст, æнкъардæй. Арæхстгай йæ алыварс æрзилы, Бадзуры йæм сабыргай, ныфссастæй: «Тулдз, бæгъатыр, хатын дæм мæ тыхстæй: А-зымæг мæ исты хуызы бавæр, Бахъахъхъæн мæ уазал æмæ хъызтæй, Базырсаст дæн, бамбар мын мæ уавæр...» Тулдз дæр та йæм ракасти тызмæгæй, «Нæу мæ хъæбыс цъиудзæрæн зымæгон, - Давдзынæ мæ гуыркъотæ мæ тæрттæй, Зонын æй - былцых маргъ дæ, æгæнон!..» «Нæй мын фадат, - тæрсбæлас дæр загъта, - Æз тæрсын мæ тæрсытæн хæрынæй!..» Сырддонцъиу йæ сæр, мæгуыр, æруагъта, - Тас фæтынгдæр уазалы мæлынæй!.. Зилы дарддæр сыфтæрджын бæлæстыл: Куры сæ рæдау æххуыс зымæгон... «Чи дæ, чи? кæд фæкалдтæн дæ хæрзтыл? - Демæ, ау, цæмæн кæнон фыдæбон?!» - Ахæм дзуапп æм нæмæтæй æрдзурынц - Тæгæр, фатхъæд, сывылдз зæгъай, уисхъæд. Сырддонцъиуы судзгæ маст нæ сурынц, - Иу дæр ын нæ фæкæны тæригъæд!..
406 Ирон литературæйы антологи Маргъ дын, бецау, уæд бынтон нынкъард и, Сагъæсты зæрдæсудзгæ ныгъуылы: «Мæргътæй алчи хъарм бæстæм фæтахти, Ам мæныл та царды хур ныгуылы!..» Фехъуыста уæд ацы дзырдтæ цъæх наз, Базмæлыд, æд уидæгтæ, нынкъуысти, - Цъиуы рис æм бахъардта, фæфæлмас, Мадау ыл, рæвдаугæйæ, æртыхсти: «Ма тæрс, мæ хур, амæлæд мын де знаг, Рацу ардæм, мæнæ дын - мæ хъæбыс... Карз зымæгæн махыл у йæ фæндаг, Фæлæ ма тæрс, царды зынтæн бабыхс!.. Иумæ буцæй, хъæлдзæгæй цæрдзыстæм, Уазалæй дæ бахиздзæн мæ хъæбыс: «Мах нæ тæрсæм! - зымæгæн зæгъдзыстæм, - Цард ныфсæй у, науæд æй цы ’нхъæлыс?!» - «Ма фæтæрсут, ам æз дæр - уæ фарсмæ! - Нæзы дæр сæм бадзуры ныфсджынæй, - Тымыгъ уæм нæ уадздзынæн æввахсмæ, Карз зымæг ныл ацæудзæн фæрнджынæй!..» «Хорз, уæдæ, мæнмæ та йын - гагатæ», - Æхсæлы дæр февзæрди сæ цуры, - Цардамонд хæларæй у ыссаргæ, Фендзыстæм та хъарм бонтæ, зынг хуры!..» Уалынмæ та дымгæ ног нынниудта, Бæлæсты сыфтæртæ та рæдувы, Акæс æм - йæ уæлныхты сæ систа, Карз фæззæджы ралæудæн ныккувы!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 407 «Багъæц! - хъуыды ацахста фæстагмæ, - Ис мæнæн дæр бафæрсинаг хистæр, Ма смæсты уа уый мæнæн мæ уагмæ, Бафæрсон æй, хабар зоны уый дæр. Хистæр-ихæн хохы цъуппыл бады, Дзуры йын ызнæт дымгæ йæ фæндон: «Бæлæсты нæ уарзын æз мæ царды, Хъуамæ сын фыдæбæттæ фæкæнон!.. Арсау сын ныцъцъæл кæнон сæ хихтæ, Зæхмæ сын æрызгъалон сæ сыфтæр, Мах тæсæй-иу ризгæ кæной, джихтæ, Зымæджы-иу аивой сæ хуыз дæр!..» Байхъуыста йæм ихæн дæр лæмбынæг, Бамбæрста тыхдымгæйæн йæ фæндон... Абадтис ма иудзæвгар æдзынæг, Гъе, ыстæй сын рахаста йæ тæрхон: «Иу сыфтæр дæр ма ныууадз сæ уæлæ 'Нæмæт, хиуарз сыфтæрджын бæлæстæн, - Райдай цъуппæй тонынтæ дæлæмæ - Сыуангдæр сæ дæлвæччиты тæрттæм!.. Уадз æргъæвсой зымæджы бæгънæгæй, Бавзарой тыхстдзинæдтæ, фыдæбон!.. Иу цъиу кæд нæ бавæрдтой уæнгцъæлтæй, Мах сæ уæд куыд æвæрæм зымæгон?!.. Назтæ æмæ нæзытæн та - арфæ! Зымæджы дæр дарæнт-иу цъæх-цъæхид, Æхсæлы дæр арфæгонд - сæ фарсмæ, Сырддонцъиу та - се уазæг кæддæрид!..
408 Ирон литературæйы антологи Мауал тæхæд хъарм бæстæм зымæгон, Иумæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвитæнт! - Афтæ уæд цæрæнбонтæм мæ тæрхон, Хорз та алчи хорз фæуынæй фидæд!..» Уымæн дарынц зымæг дæр цъæх-цъæхид Наз, уæд нæзы, се ’рвадæл бæлæстæ... Сырддонцъиу та хъарм бæстæм нæ тæхы, Хъæдты ары цардбоны фæрæзтæ!.. Уазæлттæн дæр басгуыхти фæразон, - Ныр зымæг дæр ам фæрнæй æрвиты. Хихджын хъæдтæ, æхсæлы - йæ уарзон, Рагон хорз сын иузæрдыгæй фиды!..
Икъаты Владилшр. Æвзæрст уацмыстæ 409 ,^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^^ РУВАС, БИРÆГЪ ÆМÆ ДОМБАЙ Аргъау Домбай дзуры бирæгъæн: «Цал аназыс иу рæгъæн? - Иу?.. Дыууæ?.. Æртæ?.. Зонын æй зыд дæ!.. Сæн, арахъхъ, бæгæны, ронг - Нæу сæ афæразын рог!.. Руви мын дзырдта ызнон, Расыг, дам, уыдтæ бынтон!.. Куыстмæ бацыдтæ уæддæр, Не ’мбæрстай дæ фад, дæ сæр!.. ’Нæуаг дзыхæй, дам, дзырдтай, - Де ’мбæлтты «куыйтæ» хуыдтай... Пылмæ, дам, ныффыстай хъаст, - Хистæрты нæ хоныс раст!.. Давынц, дам, хæрынц æппæт, Фæлæ бамбæрзынц сæ фæд!.. Ахæм хахуыртæ дæуæн Чи ныббара, уый - сæрхъæн!.. Дзур: куыд фæрасыг дæ, кæм?! Ау, куыд ныл æвæрыс къæм?! Зон æй, не ’хсæн ныр - гæрæн, Хи къухæй дын къахт - ингæн!..» «О, нæ буц хистæр, фæлæуу, - Зæгъ, кæд ма нæ уарзтон дæу? Æз - дæ коммæгæс дæлбар, Ме ’ргом зæрдæ мын æмбар... Æз - дæ сæрвæлтау нывонд, Никуы банызтон мæ зонд!.. Чи дæм бахаста æвзаг, Уый нæ дыууæйæн - ызнаг!..
410 Ирон литературæйы антологи Нозт цы у - нæ зонын æз, Нæ - йæ ад, нæдæр йæ хуыз. Зон, йæ койæ дæр тæрсын, - Марджы цæстæй йæм кæсын!.. Рувас - хинæйдзаг, гæмми - Цæй, фæдзурæм æм, кæм и?! Алцы бакæнæм бæрæг, - Чи у аххосджын, гæнæг!.. Кæд зæххыл рæстдзинад и - Хонын ’нæаххос мæхи!.. Руви - сау хинты дзæкъул, - Тулы алыхатт йæ хъул!.. Бафтыд, сагъуыд и мæныл, Зилы м’ алыварс дæрдтыл, Тауы хахуыртæ - хъыгаг, Афтæ ма кæны ызнаг!.. Ацы маст фыццаг хатт нæу, - Рагæй мæм кæны быцæу!.. Къахы мын фæсвæд ингæн, Нал дæн уый мастæй сæрæн!.. Фæлæ хорз зоныс ды мæн, Æз дæ рахиз цонг кæй дæн!.. Хъуыддаг та куыд уыд, уæвгæй, Уый дын радзурон сæрæй: Руви каркдзуаны фæцыд, Къæбицмæ кæмдæр ныфтыд, Гомæй - арахъхъаджы сæр, Федта дзы йæхи хъæбæр!.. Тулгæ расыг дзы фæци, Райста ма куыддæр йæхи, Фæлæ нал фæцыди дард, - Фæсхъæу къутæрты ныххауд!..» Домбай фелхæд-зæрдæ ныр, Дзурын райдыдта сабыр: «Рувийæн - мæгуыр йæ бон, - Уый фæбæрæг уыдзæн сом!..
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 411 Кæд дæ ныхас уа бæлвырд, Сæнамонд бынтондæр сырд!.. Мах къордæй æрцæудзæн тард, Нал фендзæн мæ къухы цард!.. О, фæлæ мын зæгъ ды дæр: Хъуыддаг бамбарон хуыздæр - Фæсхъæу ц’ арæзтай ды та, Руви дæ кæцæй уыдта?!.» «Æз нæ фæсайдзынæн дæу, Уый мæ раст уды бон нæу!.. Мæн мæхи хъуыддаг уыдис, - Уым фырыты дзуг хызтис... Хорз зоныс мæ фæтк мæнæн: Иу фыр мæ хъуыдис дæуæн, Иннæ та - мæхицæн барст, - Дзурын алцыппæт дæр раст!.. Фыййау фосы цур нæ зынд, - Æтт! - цы хорз фадат æрцыд! - Февзæрдтæн сæ уæлхъус цырд, - Бирæгъ дæн, ыскъæфаг сырд!.. Иу дзы фергæвдæг дæн тагъд, Ифф!.. Куыд ыстыр уыд, куыд нард!. Апырдтон æй уонггай цырд, - Афтæ зоны, афтæ, сырд!.. Дыккаг рацахстон дæуæн, - Ноджы - тохъылдæр, сæрæн!.. Фæлæ руви - хин, кæлæн, Алхатт масты хос - мæнæн: Хъæуæй фысты æрдæм лыгъд, Дардæй мæм егаргъуыз зынд, Бамбар мæ - фæтарстæн тынг, - Ма ’рцæуа фыдбылыз, хъыг!.. Фыры феппæрстон уайтагъд, Лидзын хъæды дзыхмæ тагъд!.. Уалынмæ кæсын, уынын: Рувийы къæдзил зылын!..
412 Ирон литературæйы антологи Ме ’рдæм, цудтытæгæнгæ, Лидзы, къутæртыл кæлгæ!.. Иу ран цъыфдзасты фæсагъд, Ахауд, раст цыма - ’дзæммард. Бауадтæн æм æз уайтагъд, Ффу!.. Цæй марджы тæф дзы калд!.. Сау расыг!.. Йæ сæр, йæ фад Не ’мбæрста, цыма уыд мард!.. Систон æй - æххуыс ын хъуыд, Науæд йе ’намонд æрцыд!.. Нал кодта æрвонг сæрæн, Хастон æй, æрдæг фæдæн!.. Ныр ды зæгъ: зылын кæм дæн, - Нал у баргæйæ мæнæн!..» «Хорз, дæуæн æппæт дæр - барст, Разындтæ бынтондæр раст. Руви - хахуыргæнæг, хин, Не ’мбал нæ, фæлæ у зин!.. Фестади мæ удæн марг!.. Нал мæ хъæуы уымæй карк, Нал дæр - гогыз, нал дæр - хъаз, Нал дæр - иу фынджы минас!.. Фесæфæд йæ кой, йæ хъæр, - Ды дæхи фæндиаг цæр!.. Фæлæ иу фæдзæхст æмбар Æмæ йæ дæ зæрдыл дар: Иу кусарт куы уа дæуæн, Иннæ та хæсгæ - мæнæн!.. Фæлæ де ’взаг сабыр дар, Зондджын хистæры æмбар!.. Афтæмæй мын хиз ’мæ нæрс, Макуы макæмæй фæтæрс!..» Афтæ «рухс» фидæн быдтой, Ома, никуы ис сæ кой. Пыл та уыдоныл дзырдта, Куыстæй Домбайы сырдта.
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 413 ^^^^^^^^^^^^^^Р^^^^^^ ЦÆМÆН БАЙУÆРСТОЙ АРС ÆМÆ ЛÆГ? Аргъау Ацы хабар раджы уыд, мæ хуртæ: Лæг ’мæ Арс æфсымæртæ уыдысты... Фæлæ ивтой рæстæджытæ, дугтæ, - Алырдæм сæ фæндæгтæ цыдысты... Æфсымæртæн раздæр - иу сæ цæрæн, Лæгæты айдагъ лыстæн - сæ хуыссæн. Арт нæ зыдтой, хъарм дарæс... сæ сæрæн Агуырдтой хуыздæр амал æххуысæн... Иумæ арæх цуаны цыдысты Сырдты фæдыл, хордтой-иу кæрдæг дæр, Гагадыргътæм бæлæстыл хызтысты, Лæг æмбылдта - разынд-иу сæрæндæр. Уыимæ ма ноджыдæр - хъуыдыджын. Нал цыди йæ зæрдæмæ сæ лæгæт. Арс - тыппо, бæргæ уыди фыртыхджын, Фæлæ - гоби, магуса, æнæмæт... Лæджы мæтаг алхатт дæр - хъызт зымæг, Фезмæлæн, хæлц арæн-иу куы нал уыд. Ахæм дуджы Арс нæ уыд ныфсы лæг, - ’Нæмæтæй-иу хъарм лыстæны батылд... Лæг æвæрдта зымæгмæ хæринаг, Сарæзта-иу лæгæты дæр хъарм уат, Хæлц-минас-иу бафснайдта йæхи фаг, Фæлæ Арсмæ ахæмтæй ды ма хат!..
414 Ирон литературæйы антологи Уарзта ’ввонгæй алцы дæр æрпирын, Лæгыл ма-иу худæгæй дæр марди: «Æз, дæуау, фыдбойнагæй нæ хилын, Зон, мæнмæ хуыздæр амонд æрхауди!..» Лæг уæддæр фæллоймæ здæхта йе ’ргом, Кодта бонгай армы куыстыл ахуыр... Арс фылдæр йæ даринаг уыд, йе ’ргъом, Уайдзæфтæй дæр нал сæфта йæ ахуыр. Иухатт дын æм дзуры Лæг уæзданæй: «Нæй, Датикъо, афтæ нæй цæрæнтæ, - Иумæ кусæм ’нæ хинæй, хæларæй, Ма худæд кæрæдзийыл нæ зæрдæ. Науæд бакæс, бакæс-ма дæхимæ: Магусайæ - фиуæвæрд дæ тæнтæ, Афтæ мын зын цæрæн у дæуимæ, О, ме ’фсымæр, худы дыл мæ зæрдæ...». Арс фæмæсты, иу богъ ыл ныккодта: «Гъей, Лæджыхъо, бирæ дзурын ма уæнд! Науæд хъахъхъæн де ’рчъиаг, дæ гоппа, - Разындзæн сыл а-тæккæ сæ надвæд!..» Лæг хъæстгæнæг Хурмæ уæд фæцыди, Радзырдта зæрдæнкъардæй сæ хабар... Хур - рæстæвзар, Арсмæ дæр фæсидти, Дзуры йын уæзданæй æмæ сабыр: «’Нæ кусгæйæ уарзыс ды æввонг цард, Нæй дын бафсис хæрд æмæ фынæйæ, Де ’фсымæр та кусаг у, цæугæ уарт, - Иумæ уын зын уыдзæни цæргæйæ...
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 415 Зымæгмæ цы бафснайы, цы ссары, Уыдон ын æввонгæй ды фæхæрыс, Ахæм ми та иу уд дæр нæ бары, Хи ысрастæн, цæй, мæ хур, цы зæгъыс?!» Раст уайдзæфмæ Арс æваст нынкъард и, Ницы зоны, дзуаппæн ма цы зæгъа?! Лæг дæр æм, тæригъæдгæнгæ, касти, Фæлæ йемæ афтæ дæр куыд цæра?! Хурзæрин, ды не ’хсæн у фидауæг, - Дзуры сабыр кусæг Лæг æнкъардæй, - Уарзын Арсы, фæлæ, зæгъ, йæ дарæг, Ау, кæдмæ уон ’гас зымæг тыхст армæй?!» «Бамбæрстон уæ: ныр уæ хъысмæт - хицæн, Алчи уæ йæхи фарнæй цæрдзæни... Уе ’хсæн иунæг иу æз та - æвдисæн, Амонд уæм мæ тæрхонæй кæсдзæни...». «Кæн дæ тæрхон, разы йыл уыдзыстæм, - Лæг ’мæ Арс æмхъæлæсæй ысдзырдтой, - Нæй фидыд? - Уæд хицæнтæй цæрдзыстæм», Тæрхоныл æртæйæ къух æрфыстой... «Тæрæзтыл дыууæ амонд æвæрын, 'Фсымæртау сыл бафидаут, курын: Зымæджы кæй бафæнддзæн фæцæрын сНæ кусгæйæ? - Хур сын дарддæр дзуры, - Хъæды дæр уый баззайæд цæргæйæ, Карз зымæг-иу арвитæд лæгæты, 'Ххормагæн фæразæд-иу фынæйæ, Асдæрæд-иу хатт æрмæст йæ дзæмбы...
416 Ирон литературæйы антологи Уалдзæг, сæрды, гагаджын фæззæджы Зилæд хъæдты, æрдузты хæлцагур, Фаг æййафæд - æрдзæй йын цы фæччы, Хæсджынæй дзы ма баззайæд хъарм Хур. Иннæмæн бынтон æндæр - йæ хъысмæт: Саразæд хæдзар, къæбиц йæхицæн, Хъарæд æм фæллой æмæ куысты мæт, Ма йын уæд кæрон та-иу сæ цинæн... Уый ма ноджы иу хæрзиуæг айсæд: 'Нустæм ын зынджы хъарм та - мæ тыхæй, Уазал бон æм, уадз, йæхи-иу тавæд, Тайæн-иу ын уæд йæ хæлц зынгвыхæй... Ныр уæхæдæг амæндтыл фидаут, Сомбон сæ куыд ничи уа фæсмойнаг... Кæд рæдийын - ма мын æй ныббарут, Ма уæм уæд кæрæдзийы фыдкойаг...». Хур йæ фæндтæ æфсымæртæн загъта, Ницы сæ уыд мисхалы бæрц хинæй, Равзæрсты бар Арсæн фыццаг радта, Лæг дæр - разы, бахудт æм фырцинæй. «Фыццаг амонд мæн фæуæд, - Арс загъта, Куыст æмæ фæллой кæнын нæ уарзын, Зынджы кой дæр тас мæнæн æрхаста, Зымæджы та ’нæ хæдзар фæразын... ». «Хорз, уæдæ уал фыццаг амонд - Арсæн, - Хур сабырæй Лæгмæ хатгæ дзуры. Уæд хъæддаг сырд, фæлæ-иу æй уарзæм, - Уый та дæ хæлары хуызы курын...».
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 417 Арс йæ амонд Хуры къухæй райста Диссаджы бæллиццаг æм фæкасти. Кафгæ, заргæ, хъæдмæ йæхи айста Æмæ дзы æнæмæтæй æрцарди... Абон дæр Арс магуса, хъæддаг у, Куыст æмæ фæллойы цин нæ зоны. Кусæнгарзæй, зынгæй дæр тæрсаг у, Нал дæр Лæджы йе ’фсымæр фæхоны. Хур-Хурзæрин дыккаг фарны амонд Бахай кодта ’нусы бонтæм Лæгæн, - Разынди, пехуымпарау, йæ амынд, Зынджы фарн дæр басгуыхти æрдхæрæн... Лæг ыстахти базырджынæй арвмæ, Хуры рæвдыд. Зæххы уарзтыл зары. Космосæн ыслæгæрста йæ арфмæ, Уым дæр амонд, царды цинтæ ары
418 Ирон литературæйы антологи щ^Щ^^^ НÆХИ ДАДА О, дада, буц дада, Хатæм дæумæ: Ракæн нын аргъæуттæ, Ракæн - сæдæ. Азар нын зарджытæ, Азар хъæрæй, Ракæн нын кадджытæ Нартыл фæрнæй. Мæнæ, дæ цуры стæм, Не ’ппæт - тыгуыр. Иумæ дæм байхъусæм, Иумæ нывыл. Зæрдыл сæ бадарæм, Зæрдыл - бæстон. Мах дæр сæ ракæнæм Искæмæн сом.
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 419 чрчррчр^^ ГÆППОЙ-ÆППÆЛОЙ Хъæды иу тæрхъус-гæппой Царди - хъуыстгонд у йæ кой. Уыд æппæлой, уарзта кад, Фынгыл-иу рæбынæй бадт. Алкæмæн дзырдта хъæрæй: «Нæй, мæнæй лæгаудæр нæй, - Диссаг у мæ тых, мæ бон, Дур дæр акæнин æз дон. Ризы ме скойæ ыстай, Лидзы ме ’хсарæй домбай. Науæд чи сты бирæгъ, арс, Рувас?! - Саразин сæ кас! Иу æргъом мын сæ ыскæн, Хордзенты мын сæ нывæр, - Бамбули мæнæн - сæ уæз, Ме ’ккой дзы ыскæнин дæс! Гъе, куы бахъæуа, уæд та Пыл дæр у мæнæн дзынга, Абырсин æй уайтагъд æз, Нæй дзы тых - æрмæстдæр хуыз. Асæттин ын æз йæ уон, Гъе, йæ бæрзæй - сау йæ бон!» - Цас ма ахастаид, цас, Гæппойы æппæлд ныхас, Фæлæ миткъуыбар æрхауд, - Тæрхъусы фындзыл æруад Æмæ - хъæр, æрдиаг: «Ох! Рафæлдæхт мыл айнæг-хох! Науæд та æркалди арв Æмæ тагъд æмбæхсгæ - арф!» Афтæ дын фæуагъта уым
420 Ирон литературæйы антологи Йе ’мбæлтты æмæ - хуырым, - Топпы нæмыгау тæхы, Гæпп, сæрбихъуырой кæны... Афтæ дын кæмдæр йæ уд Бафснайдта гæппæй-тæппуд. БЫНДЗ Сабыр, сабыр, бындз фæтæхы, Байхъус æм - кæны гуыв-гуыв. Бындз нæ бæззы, кæд нæ хæссы Уарзон сабитæн мыд-гуыл. Ахæм бындзæн ма кæн хатыр, - Цырд ын бындзмарæнæй - хæфт. Уый æфтауы низтæ махыл Æмæ йæ хъæуы бынсæфт.
Икьаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 421 Чртдер^ЧР^^ БЕСО, БЕСО, БЕСОЛА! Аргъау сывæллæттæн Уæлæ Бесо æруайы, Сырдты нæмттæ нымайы, Бакæсут æм - сæмпæрчъи, Æрзæбул и йæ фæччи. Бесо, Бесо, кæм уыдтæ? Бон-изæрмæ кæм зылдтæ? Радзур-ма нын дæ хабар, Байхъусын та уадз мах бар. Бесо дзуры фæлладæй, Тарстгъуыз æмæ æнкъардæй: «Æз сырддзуан фæцыдтæн, Хæхты, хъæдты фæзылдтæн. Рамбæлди мыл сæрджын саг, Сыгъзæринау - æрттиваг. Галæй уыди ыстырдæр, Даргъкъах æмæ гуыппырсæр. Зæрдæ хурмæ ыскафыд, Цины зæй мыл куы рацыд. Фæлæ цадæг фæджих дæн, - Уæнгты азылд фыдихæн. Бакæс: диссаг йæ сытæ, - Растдæр, цыма, æрцытæ. Æмæ йын сæ фæтарстæн, Æндæр рæтты фæраст дæн, Топп æхсынмæ нæ райстон, Иуварс мæхи æз айстон. Æрхæй дзæвгар куы суадтæн, Уæд фæрсырдæм фæкастæн: Саппыл хызти цъæх тæрхъус, Февзæрдтæн дын йæ уæлхъус.
422 Ирон литературæйы антологи Пуххъуын уыди, ыстырдзаст, Богъгалау уыд йæ фæкаст. Топп æм хъавгæ ныддардтон, «Мардзынæн æй» - куы загътон, Афтæ ме ’рдæм фæраст и, - Мара зæгъай, кæм тарсти. Радзуры мæм: «Кæй æхсыс, Æви мæнæй нæ тæрсыс? Æз нæ хъæуы æлдар дæн, Нæй дзы иу дæр мæ кадæн. Уым мæ тасæй фæризынц, Ме скойæ дæр фæлидзынц». Æмæ æз дæр фæджих дæн, Бæласыл дын ысхызтæн. «Фехс æй, Бесо, ныр», - загътон, Сампал цадæг æруагътон. Æхст фæцыди æрвнæрдау, Ком ныннæрыд æнæнтау. Тæрхъус арвмæ фæхаудта, Хох ыл ракалд - æнхъæлдта, Систа лидзын, сæрбихъуырой, Уыд, хæрæгау, йæ хъихърой. Фæлæ нæмыг фæиппæрд, Нæй, нæ сæххæст мæ хин фæнд... Дарддæр кодтон мæ фæндаг, Зæрдæ дæр та фæуæндаг. Æрхджын хъæдмæ ныфтыдтæн, Арæхстгай дзы æрзылдтæн. Уым бæлæстæ дзæвгар и, Бирæ дыргъ сыл æрзади. Иу кæрдомæ фæзындтæн, Раст, мыдау, уыд, зæххыстæн. Ахæрон дзы, цæй, загътон, - Топп уал бынæй фæуагътон. Тæккæ цъупмæ ысхызтæн, - Тасæй та ног ныррызтæн:
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 423 Арс уым бадти - тъæпæн бадт. Дис фæкодтон - куыннæ хауд! Ракасти мæм дзагъырæй: «Айс, цæй, дæхи ардыгæй! Ай мæ дыргъ у, мæ бæлас, Ыссардтон æй æндæраз. Чи дæ ды та, кæцон дæ? Гъе, æххормаг бæлццон дæ?! Уæд фæндаджы æгъдауæн Уазæгæн нæй хъыгдарæн. Ратон, бахæр рæгъæдтæ, Байдзаг дзы кæн дæ рæттæ, Æмæ уайгæ дæ балцы, - Хатыр ракур мæ разы. Науæд зонын мæсты дæр, - Æрдзæй фæдæн мæстыгæр. Æмæ дын над уыдзæни. Де ’рдиаг мыл кæлдзæни», - Загъта карзæй мæ фысым Æмæ райхъуыст йæ гуым-гуым. Æз фæтарстæн, цы ’мбæхсон, - Зæхмæ мæхи æрæхстон. Топп уым нал уыд, - фæтары. Загътон: «туг мыл ныр уары, - Арс æрхиздзæн мæстыйæ, Сурдзæни мæ фæстейæ, Хотых ма мын кæм уыдзæн, Абон мæ цард фæуыдзæн»... Æрдузы ’рдæм фæкастæн, Нал уыд кæрон мæ мастæн: Рувас хъазыд уым топпæй, - Амбылдта мæ уый зондæй. Сифтыгъта йæ нæ гæмми, Хъавыди дзы фыдæх ми, - Радардта йæ мæнырдæм, - Ахауд йе ’мбис мæ тыхæн...
424 Ирон литературæйы антологи Сæр, куыройау, ныззылди, Тасæй мæ хуыз фæцыди, Райстон мæхи фæстæмæ, Тахтæн, фатау, нæ хъæумæ. Æмæ ’рцыдтæн афтидæй, - Ницы рауад мæ митæй. Ныр хæрзбон ут, мæ хуртæ, Ма мын исут уæ худтæ, Ацы хабар фæдзурут, Иууылдæр мыл фæхудут: Бесо, дам, уæд Бесола, Ды тæппуд дæ, хæрз цола, - Сырддзуаны фæцæуыс, Фæлæ сырдтæм нæ уæндыс, - Адавтой дын дæ топп дæр, Мауал дзур ныр дæ ном дæр. Ацу, бамбæхс дæ къæсы, Худинаг дæм нæ кæсы!?
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 425 ЧГ^Ч^Р^^ КЪÆВДА БОН Уары иудадзыг къæвда, Хур кæмдæр нымбæхсти. Аргъау дын кæны дада, - Хуыссæг дыл æртæфсти... Нал æм хъусыс ды дзæбæх, Акувыс дæ сæрæй. Къæвда та кæны сæх-сæх, - Худы дыл хæл-хæлæй... Фæлæ ма фæхъыг у ды, Афынæй кæн, ахуысс. Къæвда банцайдзæн рæхджы, Æрдз ыскалдзæн хъал хуыз... Æмæ та ды дæр уæд ног Хъаздзынæ цъæх нæууыл... Царды цинтæ дын - æввонг, Бадар сæ дæ зæрдыл...
426 Ирон литературæйы антологи Ч0ЧРЧРФ<^^ ТАЛАТÆ САДЗГÆЙÆ С. Маршакмæ гæсгæ Мах куы садзæм талатæ, Уæд цы садзæм, зонут? Хъæд кæмфæнды ма фенат, - Тала-иу æй хонут. Хъæд та махыл алæбон, Алыран æмбæлы... Хъæд - нæ фарн, нæ цæрæнбон, - Зарæг ыл æмбæлы... Хъарм хæдзар уын - зымæджы, - Уазал уæм нæ уæнды... Ыстъолы цур - къæлæтджын, Пъол, паркет - уæ уæтты... Ыскъоламæ бацæут, Партæтыл æрбадут, Фæйнæгыл рард ракæнут, Къæбæлтыл нымайут... Ралæууыди Нæуæг аз, - Назбæлас æрттивы, Алчи уæ йæ алыварс Хъæлдзæгæй æрсимы... Науæд фурдтæ, денджызтыл Науты ленк куы кæнут, Поезд араст рельсытыл, - Балцы та фæцæут...
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 427 Хæдтæхæгыл райгондæй Рухс арвмæ куы стæхут, Уæд æнæ хъæд уыдонæй Исты ис, æнхъæлут?!.. Мах куы садзæм талатæ, Уæд цы садзæм, зонут? Хъæд кæмфæнды ма фенат, Тала-иу æй хонут... Тæрхъустæ, æхсæрджытæ Тар хъæды фæцæрынц, Булæмæргътæ зарджытæ Бæлæстæй фæкæнынц... Сæрд куы стыхсæм фыртæвдæй, - Хъæдбынтæм фæтындзæм, Хур æмбæрзæм сыфтæртæй, - Аууондар фæлындзæм... Сатæг уæлдæф - царды хос, - Хъæды къохты гуыры... Хъæд ныфсы быцæу у хорз, - Хох куыддæр лæбыры... Суадæттæ, къадатæ ’Нæ хъæдæй ныстъæлынц... Фурдтæ æмæ денджызтæ ’Нæ уыдон нæ цæрынц... Алкæмæн йæ дыргъдоны - Бал, кæрдо, фæткъуытæ... Алчи дæр æй хорз зоны, - Хъæдыл зайынц дыргътæ...
428 Ирон литературæйы антологи Мах куы садзæм талатæ, Уæд цы садзæм, зонут?! Хъæд кæмфæнды ма фенат, Тала-иу æй хонут... Æмæ садзут талатæ, Садзут, садзут, садзут!..
Икъаты Владшшр. Æвзæрст уацмыстæ 429 ЧРртР^*^^ ГУЫМЫДЗА ЦÆУЫ ÆМБИСОНД Иу сæгъ дын куы ныййарид сæныкк, Сау нæл сæныкк, мадзура, гуымыдза. Мадæн уый куыннæ уыдаид хъыг. Фæлæ, цæй, йæ хъысмæтыл ныхъхъæца... Ахæмтæ дæр рацæуы гуырдзæй. Удæй цауддæр иннæтæй нæ вæййынц. Цух вæййынц æрмæстæндæр сытæй, Æмæ тохмæ никæдбон фæбæллынц. О, фæлæ йæм ацы гуырд бæллыд, - Цæукъатыл-иу уый йæхи ныххуырста... Тох та, мæ хур, ’нæ сытæй кæд уыд?! - Æмæ-иу æй алчи дæр ныббырста... Афтæмæй ыстыр сытæм бæллыд, Алæбон къæхтыбынæй хъæрзыдта, - Нал æм уыдис, нал æм уыд ысдзырд, Тар æхсæв ма кæртмæ дæр кæм куымдта. Хицау дын æй уæд фæрсы бæстон: «Радзур, мæ хур, иудадзыг цы хъæрзыс? Тъизгæйæ цы æрвитыс дæ бон, Де ’мбæлттæм хæрам цæстæй цы кæсыс?!» «Ме смбæлттæн мæнæй уæлдай - сытæ, Бакæс сæм - иттæг аив фидауынц, Гъе, ыстæй нæм рауайы хылтæ, Æмæ мын мæ фæрсчытæ нымайынц...
430 Ирои литературæйы антологи Ратт мæнæн дæр ахæм сытæ, ратт, Æмæ сæ мæ уæлныхты æрисон, Алкæмæй сæ райсон æз мæ маст, Сæрвæты хуыздæр рæтты фæхизон...» «Бамбæрстон дæ, фæлæ нæу мæ бон. Сытæ, мæ хур, Æрдзы Фарн фæдæтты, Бахъаст æм кæн - рахæсдзæн тæрхон, - Райсом æм фæфардæг у мæ бæсты». Гуымыдза йæм уайтагъддæр фæраст, Дыккаг бонмæ февзæрди бынаты. Æрдзы Фарн Ыстыр ныхасы бадт, Æмæ дын æм удаистæй хаты: «О, нæ раттæг, табу дын кæнын. А-зæххыл дæ цæрайæ цæрдзынæн, Æмæ бамбар ацы уысм мæ зын - Баххуыс мын кæн, арфæ дын кæндзынæн. Ме ’мбæлттæн мæнæй уæлдай - сытæ, Бакæс сæм - иттæг аив фидауынц. Гъе, ыстæй нæм рауайы хылтæ. Æмæ мын мæ фæрсчытæ нымайынц... Ратт мæнæн дæр ахæм сытæ, ратт, Æмæ сæ мæ уæлныхты æрисон. Алкæмæй сæ райсон æз мæ маст. Сæрвæты хуыздæр рæтты фæхизон...» «Гъе, мæ хур, нæ дæ хъæуы быцæу. Хыл, уæд загъд - фыдбылызтæ æрхæссынц.. Афхæрдта дæ боцъоджын цъæх цæу - Уый та, мæ бон, туджджын лæгау, ма хынц.
Икъаты Владштр. Æвзæрст уацмыстæ 431 Уый бæсты сабыр дæхицæн бад, Сытæ дæр фыдбылызтæ æрхæссынц: Баййафынц хылы рæстæджы саст. Галиутæ сæ гоппатæй фæхъæрзынц...» «Ууыл ма тыхс, - дзуры та йæм цæу, - Даргъ сытимæ амондджын уыдзынæн. Арвмæ дæр сæ дардзынæн быцæу, Бирæгъты сæ цъуппытыл хæсдзынæн... » Æрдзы Фарн дын хъуыдыты фæцыд, Цæуы хъаст æм тынг аив нæ фæкаст, Фæлæ йын куыннæ ыскæна цыт?! - Авд хохæн æм фаллаг фарсæй рараст... «Уазæгæн æрвитæн нæй хъыгæй, - Мæнæ дын ыстыр сытæ, пæлæхсар. Мисхал дæр сæм фау æрхæссæн нæй, Гъе, æрмæст сæ маст дæхицæн ма ссар. Хъахъхъæн-иу сæ тохы бон дæхи, Макуы расид тох фыццаг дæхæдæг. Тохсидæгæн снамонд хъысмæт и, Ма йæм бабæлл, макуы у тыхгæнæг!..» Гуымыдза йæ мидбылты фæхудт: «Амондджын дæн ныр, - йæхицæн загъта, - Æтт, хъæмпхортæ, ныр мæнмæ кæсут!» Æмæ сæрыл даргъ сытæ æрсагъта... Афтæмæй дын дзугмæ уый фæзынд, Райдыдта сæ алырдæм мыхъхъытæ: «Багъæцут мын, уе ’намонд æрцыд, - Тох уын сидын: бавзарæм нæ тыхтæ!..»
432 Ирон литературæйы аитологи «Сабыр, мæ хур, - хицау ын дзырдта, - Де смбæлттимæ мауал кæн хылкъахæн, Ахæм уаг дын расайдзæн фыдтæ, - Адджын салам нал дæтдзысты махæн». Цæу та дын æм фырмæстæй ыссыгъд: «Дæу нæ фæрсын, зонын æз мæхæдæг, - Алкæмæн дæр гуыпп æмæ рæхуыст, - Нал разындзæн ныр мæнæн тыхгæнæг!» «Хорз, мæ хæлар, абоны зонд - дæу, Райсомы зонд - мæн, æмæ-иу фенæм... Цард быцæу, хылæй аразгæ нæу, - Ацы дзырдтæ бахъуыды кæн сенæн». Ууыл се ’хсæн ахицæн ныхас. Нæй, нæ басаст не зноны гуымыдза: Бон-изæрмæ цас ызмæста, цас! - Æхсæвы дæр, марадз зæгъ, æрхуысса... Йе ’мбæлттæн нæ лæвæрдта æнцой. ’Нахъомты дæр ’гъатырæй ысхуыста, Алкæмæн дзы уыд йæ уд йæ кой, Алчи дæр дзы судзгæ маст æвзæрста... Афтæмæй йыл рахæтыди дзуг, Къахдзæфмæ дæр ничиуал цыд йемæ, Иу къоппайæ баззади йæ уд, Ничиуал нæ бæллыди йæ фендмæ. Хицау дæр æм нал дардта йæ хъус, Æмæ хъæды райдыдта хæтынтæ... Уыд æнхъæл: фæцæрдзæн уым æнус, Фæлæ сайынц ахæмы йæ фынтæ...
Икьатпы Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 433 Нал æрхаста загъдкъахæг йæ сæр, - Бирæ йын нæ бантысти хæтынтæ... Бахордта йæ цъæх бирæгъ кæмдæр, Разындысты ма æрмæст... йæ сытæ... ÆСТÆМ МАРТ Абон æстæм март у, - Уалдзæджы бон - рухс. Цин æмæ нын уарзт у, - Тас цæуа æнус. Абон æстæм март у, - Амонды цырагъ. Алкæмæн æхцон у, Алкæмæн - зынаргъ. Алхатт дыл фæцæуа 'Нæнизæй, фæрнæй. Цинтæ дын фæхæсса, Арфæтæ - мæнæй.
434 Ирон литературæйы аптологи чрФЧРЧГО^ САБИ-ХУР Саби хъазы, Гæпп кæны, - «Æз тæрхъус дæн! - Хъæр кæны. - Æз - рубæга, Рувас дæн, Карчы фыд Æрхъæуы мæн». Къухтæ дардыл Тыгъд, фæкæс, Саби дзуры: «Æз - цæргæс. Ирд, цъæх арвыл Ленк кæнын. Дун-дунтæм Дард тæхын...» Саби дзуры: «Æз - гуымæг», «Гу-гу!» - айхъуыст, Зон, æцæг. Саби дзуры: «Бирæгъ дæн, Фос фæкæнын Æз цæгъдæн!..»
Икъаты Владилтр. Æвзæрст уацмыстæ 435 Саби арсау, Кæс, цæуы, Сæнк, гыркъотæ Уый хъæуы... Саби хъазы, Гæпп кæны: «Æз цы нæ дæн?!» - Хъæр кæны. Фæлæ саби Алцы нæу, Ма фæтагъд кæн, Ма, фæлæуу. Зонын, саби Нæу тæрхъус, Бирæгъ, рувас, Арс-хъуынхъус... Саби хур у, Хуры скаст, - Уарзон хъæбул - Мадыуарзт!..
436 Ирон литературæйы антологи щ*№№№№№^ ТАГЪДДЗУРЫНÆН Тæрхъусы хуыст - хъилхъусæй, Хæлæртты хæрд - иу къусæй. Хъеллау, хъеллау, хъæлæрдзы, Хъармæй-хъарммæ - дæ кæрдзын. Хъæбæр къæбæр - зынныхъуырæн, Хъæмпы цъына - мысты бырæн. Хъæриуы хох - хъæбæр дурæй, Хъæр фæцыди Заманхъулæй. Нарты Сырдон хæйрæг уыди, Санаты Сем нæ рæдыди. Хъусджын хъуырау - быламыхъдон, Хъæдуртæ дæр дзы афыхтон. Тæрс, тасмачъи, бызычъи, Ичъи кæрцыл ныйичъи...
Икъаты Владимир. Æвзæрст уацмыстæ 437 щщ^щщщ^^ БЕГÆМÆДЗЕГ Хъазынц иумæ цъæх нæууыл Бег ’мæ Дзег хылтæй... Иу сæ сабыр нал лæууы, - Гуыпп кæнынц сытæй... Беджы сæрыл - маскæ конд, Раст - цæукъайы ’нгæс. Сытæ ’рсагъта тынг бæрзонд, Дарддæр хъазтмæ кæс!.. Дзег фæлæууы фæстæгтыл - Æмæ Бегæн - къупп... Бег фæлдæхы цъæх нæууыл, Хъуысы хъæлдзæг худт... Ног та хъазт фæцырындæр: Гуыпп æмæ та - зыпп... Маскæ, кæс, ныззылынтæ, Дзег бынтон æвыд... Бег уæддæр нæма сæтты, Дарддæр сайы хъазт. Дзег йæ гæрзтæ рабæтты, - Нал ис хатыр, барст!.. Беджы карз ныкъкъупп кæны, Дуды, дуды тыл. Бег уæддæр нæ чъил кæны, Хъазт нæ хоны хыл...
438 Ирон литературæйы антологи Дзег та уыйбæрц не ’мбары, - Ног та - гуыпп сæрæй... Бег йæ маскæ феппары, - «Ныр - фидаугæ, цæй!..» Бегæн хъазт нæ батади, - Фындзы туг цæуы... Дзег та джихæй баззади: Ахæм хъазт хъæуы?!
Сæргæндтæ Агуырдта фыдæлты фарн йæ уды 3 ИРЫСТОН - РАЙГУЫРÆН КЪУЫМ 14 Мæ Ирыстон 14 Мæкæсæгмæ 15 Фыдыбæстæ 16 Нæ раттæг зæхх 17 Ирыстон - дыргъбæлас 19 Æз ирон лæджы базонын алкæм 20 Ирыстоны фыййау лæгæй фæцæрон 22 Фыццаг - мæ мадæлон æвзаг 23 Къахеттаг ирон адæмы фыдæлтæн 24 Хæлардзинады орденджын Ирыстон 26 Хатыр 27 Хæхты сагъæс 29 Æдзæрæг ирон хъæу 30 Фæдзæхст 32 Ирыстоны зæрдæ 33 Иу Ирыстон ис зæххыл 35 Фыдыбæстæ 37 Ирыстон, уый - дæ нæртон уды уарзт 38 Уайдзæф Ирыстонæн 39 Туркаг ирæттæм 43 Сæрд нæхæхты 45 МæИрыстон 47 Мæ ныййарæг адæм 49 Дæ номыл кæм ныссагътон цырт?! 49 Темырболаты фæстаг фæдзæхст Турчы зæххыл 50 Фыдызæххæн 51 Æнусты бæллиц 52 Ирыстон - мæ зарæг 54 Тулдз бæлас 55 Ныхас Ганисимæ 56
440 Цæмæн дæн æз æгад? 58 Уайдзæф ирон лæгæн 59 «Симд»-ы цагъд 62 Нæ тæрсын мæлæтæй 63 Шогрен Андрейы монолог 64 Ме ’взаг - мæ кады цырт 66 Фæдзæхст мæ фыртæн 67 Бæлццон 68 Фæсмон 69 Хæхты - мæ зæрдæйы къæртт 70 Царды зарæгхæхты 72 Уадз, ракетæйау иу тахт ыскæнон 73 Ирæй-Ирмæ 74 Рохуаткъуым 75 Уайдзæф мæ фыдæлтæн 77 Царды фæндæгтæ 78 Темырболаты дзуапп туркаг пашатæн 79 Не ’взаг - нæ хæзна 84 О, Хур, дæумæ кæнын тæхуды, - 85 Æз равзарин бæрзонд хохы хъысмæт 86 Зын ныгæнæн, зын басæттæн цы у? 87 Мæнæн Фыдыбæстæ кæм ис? 88 Нузалы аргъуаны чиныг уыдис 90 Ирыстон, уый - дæ нæртон уды уарзт 92 РÆСТДЗИНАД. ЦАРД. САБЫРАД 93 Зæххыл лæгæн бæллиццагæй цы ис? 93 Æз куы фæкæлын 94 Цард хох у, мах та - альпинисттæ 95 Балцыразмæ 96 Зæгъут-мамын 97 Тæппуд лæджы фæсмон 98 Дæлбары дзуапп йæ бюрократ хистæрæн 100 Фæдзæхст мæхицæн 102 Царды хæрзтæн уарзты цин - сæ сæйраг 103 Басгуыхтæта ногæй 104 Гутондар 105
441 Къозбаухистæр 106 Цы мын радта поэтикон хъуыды 107 Уæддæр мæ мадæлон æвзаг 108 Адæмы фарн бирæ у 109 Æз чи дæн, чи, абон? 110 Ме ’взонгад 112 Нары 113 Къостайы тырысаимæ 114 Бахъахъхъæнæм зæххыл сабырад! 115 Мах хъæуы сабырад 116 Кæд дæпоэт 118 Зарын цардыл 118 О, саутæ, саутæ! 119 Æрдз - нæ фыццаг мад 120 Йæ хъæумæ ’рыздæха салдат 121 Ирон хъæбатыры ныхас немыцаг концлагеры дохтыримæ..122 Цæргæстæ - «зоопарчы» 123 Бакæнут дуæрттæ 124 Фæндараст 127 Цыупоэт 128 Æвзаджы цæрæнбон - адæмы цæрæнбон 129 Поэтæмæ салдат 130 Экстремисты хъуыдытæ 131 Ма дзур, ирон кæй дæ 133 Фондз монолоджы 135 Мæфæндыр 145 Зæххырис 146 Фæдзæхст 148 Зынгхуыст салдаты монолог 150 Бал бæлас 151 Зæронды катай 152 Раст лæджы фарс кæд нæ хæцай 153 «Патриоттæ» 155 Уæйгæнæг 156 Кусæгкъухтæ 157 Æрæгвæззæджы нывтæ 160
442 Æмæ-иу дæ хъæбулы фарс хæц 161 Хъæбулы цырт 162 Ратт зæрдæйы хъарм, чызгай! 163 Уайдзæф мæ дугæн 164 Иронмады фæсмон 165 Сабырадæн нывонд нæ сæртæ 167 Æз мæ рухс галуан амад фæдæн 168 Уæлахизы зарæг 169 Рæстагтохы 170 Рæстдзинад 171 Гæздæнты авд æфсымæры зарæг 172 Дыууæцырты 174 Поэты цырт 175 Карьеристы монолог 176 Æххуыс - сæрбахъуыды 179 Рæстдзинад уал дæхи удæй æрфæрс 180 Æз кæйдæртау не ’мбæхсын мæхъуыды 181 Мах, æрмæст нæхæдæг 182 Фæндзай азы 183 Уайдзæф 184 Авторы фæдзæхст мыхуырæн 185 Æнæ адæм мын ингæн у мæ къæс 186 Хъæбулыхæс 187 Мæ адæмæн сæ уайдзæфæй тæрсын 188 Иупоэтæн 189 Тулдзбæлас 190 Музæкуы сдзуры 191 Иры къуыдиппытæн 192 Дзуапп мæ фырт æмæ ме ’фсинæн 195 Амондджыну. 196 Зарæг 197 Мæхи æз амондджын фæхонын 198 Адæймаг 199 Цы мын радта фæлмæн зæрдæ? 200 Лæджы зæрдæ 201 Лæг - хуры фырт 202
443 Мæудырудзынг 203 Æрæгвæззæг 204 Уарзон æфсымæртæ 205 Æз - дæллаг гал 206 Ногбоны æхсæв 207 Чырысти! 208 Чи уыдаид, чи лæгмарæг? 209 Фыдæлты фарн 211 Мæмæлæн бынат 213 Сыфтæрты хъаст 214 Фæстагзарæг 214 НОМАРÆНÆМДЗÆВГÆТÆ 215 Къостайæн 215 НæИрыкадæн 216 Пухаты Алыксандрæн 217 Тыбылты Алыксандрæн 218 Цырты дур 220 Кæд ма лæг дæн 221 Мæргъиты Къостайæн 222 Мамсыраты Темырболатæн 223 Къостайæн 224 Мæ ныфсы æфсымæр 225 Гаглойты Владимирæн 226 Асаты Реуазæн 227 Æз де ’нгасы уарзты зынг федтон 228 Хъодалаты Герсанæн 229 Рукъмæ мах æнус-æнус цыдыстæм 230 Композитор чызг 232 Болайы фæдонтæ 234 НОЗТЫДУДÆГТÆ 237 Мады фæдзæхст йæ нуазаг фыртæн 237 Æрвонгæй æмæ нозтджынæй 238 Нуазаг лæджы уайдзæф йæ фыдсыл усæн 239 Фæдзæхсын нозтуарзаг хæлæрттæн 240 Нуазаг лæджы æфсæнттæ 241 Фæсмойнаг нозт 242
444 Нуазаг лæджы фæсмон 244 Æфсин æмæ арахъхъы хин 245 Нозтæн 246 УАРЗОНДЗИНАДЫ ЛИРИКÆ 247 Уарди, ма мын кæн, ма, уайдзæф 247 Донхæрискуры 248 Амонд у иумæ ссаргæ 249 Расыг кæнын æз æндæр «нуæзтæй» 250 Кафæгчызг 251 Мæфæрдыг 252 Мæуарзонæн 252 Ингæны онг зæрдæты хæссæм! 253 Уалдзыгон серенадæ 254 Нæ Иры номхæссæн чызджытæ 255 Урскъаба 256 Чызджы зæнгтæ 257 Донхæрис 258 Сæрдыгон изæрты 259 Уарзоны фæдзæхст 260 Дæ зæрдæмæ сæдæ дуары куы уаид 261 Рагуалдзæджы 262 Хъуыдытæ, мæ фыццаг уарзон кæм цард, уыцы уынджы цæугæйæ 263 Цины хосæн нæ, фæлæ хъыгæн 264 Уый, чызгай, дæуарзты зынгæй судзы 264 Иунæгамонд 265 Мæ хъуырылдаринаг фæрдыг 266 Ныстуан чызджытæм 266 Ныр ма цы кæнон?! 267 Абадгæ чызджы сагъæстæ 268 Дæ зарæг - мæныл 268 Ды - мæ зæрдæ 269 Дæ цæрæнбонæн фыны дæр куывтон 269 Амонды дидинæг 270 Иу чызгыл ныццæвдзынæн мæ худ 271 Æз кæсаг дæн, ды - кæсагдзау 271
445 Фехъуыстон ма базырты пæр-пæр 272 Сонт уарзт хивæнд у, ’нæрæмон, 272 Сайд чызджы мæт 273 Макуы-иудзур 274 Ныууадзмæ 275 Еделвейс 276 Æз не’мбарын 277 Хæтагусгуры фæсмон 278 Чызджы сæрзилæнтæ 279 Кæугæхæрис 281 Мæ бон дæ ферох кæнын нæу 286 Романс 287 Хъæлдзæг зарджытæ 288 В-йæн 294 НÆ ЧЫСЫЛ ХУРТÆН 295 Ныстуан 295 Гæдыла 296 Тæрхъус 297 Мæ дзибатæ 298 Къæрцхъус 299 Рувас 300 Гино 301 Сусæгхор гæды 302 Гæды æмæ куыдз 303 Бæлон 304 Дыууæуасæджы 305 Базон-базон 307 Гæды 308 Саби æмæзæрватыкк 309 Кæуаг 310 Гоко 311 Авдæнызарæг 312 Бизон 313 Цъиутæ æмæ боныхъæд 314 Пони 315 Æрцыди уалдзæг 316
446 Ногмит , 317 Дегла-дегла 318 Реуа-гæды 319 Сабийырæзт 320 Зокъотæ тонынмæ 321 Хъæдхой - дохтыр 322 Ме смбæлтты æз бирæ уарзын 324 Уалдзæг 325 Мæталатæ 327 Космонавттæ 328 Фыссхъавгæ, арæхстгай 329 Хъози дæндаг 330 Æлгъин 331 Ало-лайы зарæг 332 Зокъо, зокъо, зыкъуыри 333 Ныгъуыли 334 Ногаз 335 Æхс дæхи 336 Ногдзау- астроном 337 Уасæджы фæдзæхст 338 Уалдзыгон къæвда 339 Æзæмææхсар 340 Зымæг - нывгæнæг 341 Фыййау 342 Хъæды кадæг 343 Сæрдыгон райсом хæхты 347 Зымæгон нывтæ 349 Бало цирчы 350 Горæтæй -хъæумæ 352 Къæвдабон 354 Æрæгвæззæг 355 Уарзын 356 Зымæгон тæрхъусы хъуыдытæ 360 Гæды, хуы æмæ куыдзы быцæу 361 Фынæйызарæг 362 Фарстæн - дзуапп 363
447 Чи цахæму? 364 Тæрхъус æмæ уызын 365 Къæвдабон 367 Мæ гæрæм 368 Балц æнахуыр бæстæм 370 Кæсаджы фын 377 Фарстæн - дзуапп 378 Сагæмæ лæг 379 Цъындгæнæг 382 Тæрхъус-зынгхæссæг 383 Æнæкъуди рувас 390 Аргъау 390 Хæфсæн йæ лæппын - хуры тын 394 Булæмæргъы зарæг 398 Сырддонцъиу æмæ бæлæстæ 403 Рувас, бирæгъ æмæ домбай 409 Цæмæн байуæрстой арс æмæ лæг? 413 Нæхи дада 418 Гæппой-æппæлой 419 Бындз 420 Бесо, бесо, бесола! 421 Къæвдабон 425 Талатæ садзгæйæ 426 Гуымыдза цæуы æмбисонд 429 Æстæммарт 433 Саби -хур 434 Тагъд дзурынæн 436 Бегæмæ Дзег 437
Ирон литературæйы антологи Икъаты Владимир Æвзæрст уацмыстæ Проекты автор - Хъоцыты Андрей Редактор - Хъазиты Мелитон Тех. редактор - Икъаты Олег Нывгæнæг - Джуссойты Инал Корректор - Козаты Рена Версткæ - Икъаты Олег Сдано в набор 10.01.2015 г. Подписано к печати 05.06.2015 г. Формат бумаги 60x84 1/16. Гарнитура Мтюп Рго. Печать офсетная. Уч.-изд. л. 18,47 Тираж 300 экз. Заказ №31 ООО «Республика» 100001, Республика Южная Осетия, г. Цхинвал, ул. Московскя, 7