Author: Харебаты Л.П.  

Tags: художественная литература  

ISBN: Издательский 1

Year: 2006

Text
                    ХАРЕБАТЫ ЛЕ0Н1АД
МÆ МЫСМНÆГТÆ


ХАРЕБАТЫ ЛЕОНИД МÆ МЫСИНÆГТÆ Цхинвал Рауагъдад «Ирыстон» 2006
^4 (Осет.) Харебаты Л. Мæ мысинæгтæ. - Цхинвал: Ирыстон, 2006. - 134 ф. Нæ зынаргъ чиныгкæсæг, ныртæккæ дæ къухмæ цы чиныг райстай, уымæн йæ автор у Республикæ Хуссар Ирыстоны иууыл бæрзонддæр хорзæх - «Кады Орден»-хæссæг, куысты ветеран, ССР Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг æмæ ССР Цæдисы Журналистты цæдисы уæнг, Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, поэт, прозаик Харебаты Петройы фырт Леонид. Харебаты Леонид йæ царды æвдай азы дæргъы цы фæндæгтыл рацыд, кæимæ куыд æмбæлд, кæимæ куыд цард, уыдæттæ снывæста ацы къаннæг, фæлæ цардæй ист хабæрттыл, æмæ чи- ныг рацыд, дæхæдæг æй куыд уыныс, афтæ, «Мæ мысинæгтæ», зæгъгæ, ахæм номимæ. Ныфс нæ ис, чиныджы автор йæ мысинæгтæ фыссын ноджы кæй адарддæр кæндзæн, æмæ уæд æххæстдæрæй разындзæн нæ фыссæджы миддуне. 18ВЫ - Издательский 1 © Издательство «Ирыстон», 2006
Мæ мысинæгтæ 5 АВТОРЫ РАЗНЫХАС Æз райгуырдпгæн Ирыстпонæй дард - Къахеты. Мæ хъæуы ном у Хуыцъе, уыцы ном мæ фыдæлтæ ахастой сæ фыдæлты зæххæй - сæ райгуырæн Хуыцъейæ. Уый ис Дзауы районы - Хуссар Ирыстоны. Æз цы Хуыцъейы кой кæнын, уый та ис Лагодехырайоны, иудзырдæй, Къахеты. Ам, ацы хурджын хъæуырайгуырдтæн æмæ дзы арвыстон мæ сабион азтæ. Æз хъомыл кодтон сидзæрæй, хæрз чысыл уыдтæн, афтæ амард мæ мад, хъуыды йæ кæнын фыны фенæгау, мæ фыд та трагикон æгъдауæй фæзиан, мæныл цыппæрдæс азы нæма цыд, афтæмæй. Мæмады амæлæты фæстæ мæ фыд æрхаста дыккаг ус-Æлборты Ксеняйы. Æртæлæппуйы йын амард æмæ ахицæн (йæхи ныхæстæм гæсгæ) йæ зæронд мойæ. Ахицæн эгмæиæ, мæ фыдбылызæн, хъысмæт æрхаста нæ хæдзармæ. Иæ фæзынды фыццаг бонæй мæн нæ бауарзта, æниууымæн йæ зæрдæ афтæрыст уыдис æмæ йæ бон нал уыд искæй сывæллоны бауарзын, уæлдайдæр та мах цыппар æфсымæр, цыппар сидзæры: Сограты, Людвигы, мæн æмæ мæ кæстæр æфсымæр Ва- сяйы. Мæ дыккаг мады кой уымæн ракодтон æмæуыимæ баст у, мæ чысыл удырæсугъд тæлмæн чи ныууагъта, ахæм ныв. Æмæуый та басту фыссæг Цоциты Резойы номимæ. Уæды рæстæджы кæдХуссар Ирыстоны фысджытæй искæмæн хорз ном уыд, уæд уыдонæй сæ иу уыд Резо. Уый уыд мæ дыккаг мады мад Цоциты Къатойæн йæ хæрз æфсымæр æмæ нæм Стыр Фыдыбæстон хæсты рæстæджы Хуссар Ирыстонæй æрцыд уазæгуаты. Резо рафидауын кодта канд нæ хæдзар нæ, фæлæ ма æгас хъæубæстæйы дæр. Мæ фыд æмæ Резо æмкартæуыдысты. Мæ фыдуыди 1904 азы гуырд æмæ Резо та -1906 азы. Мæ фыдæн æхсызгонуыдис Резойы æрцыд. Уæд æз хæрз чысылæй цыдæр дзымандытæ фыстон æмæмæ фыды фæндыдбазонын: æз цы архайын, уым исты ис æви нæ? Резомæм хатыд, цæмæй йынмæ са- бион фыстытæй истытæ бакастаин. Лæгъстæмын код- та, фæлæ æз мæ ныфс нæ бахастон æмæ Резо дæр мæнæн мæ ацы «хивæнд» ми «ныххатыр» кодта.
Харебаты Леонид
Мæ мысинæгтæ 7 О, фæлæуыцы сабион дугæй мæ зæрдæйы баззадрæсугъд тæлмæн, фыссæг мæм зæххон лæг нæ кастис, фыссæг мæ цæсты уыд цыдæр æрвон, зæд, Уастырджи... Æмæ уæ нæ бауырндзæнис, мæнæ мæ æвдай азмæ феввахс кæнын æмæ абон дæр мæ хъуыды нæ аивтон. Абон дæр мæм фыссæг кæсы куыд зæд, куыд æрвон, куыд сыгъдæг Уас- тырджи, афтæ. Кæд мæн фысджытæй бирæ чидæртæ тынг фæхъыг кодтой, уæддæр æмæ уæддæр мæ кæддæры хъыггæнджытæм мæ уарзт мæ уды иунæг мисхалы бæрц дæр нæ фæцудыдта æмæуæдæй, омаме ’взонджы бонтæй фæстæмæ бæллыдтæн, зæгъын, искуы куы «фесгуыхин» æмæ фысджытæй кæимæ куыд фембæлдтæн, кæимæ дзы куыд ацардтæн æмæ цæрын, уый цыбыр-цыбыр нывтæй куы равдисин. Уый тамæуымæн фæнды, æмæ фыссæгæн æдзух фыссæн стъолы фарсмæ бадгæйæ нæу, фæлæуый дæр адæймаг у, хуымæтæг зæххон лæджы æппæт домæнтæ æмæ æнкъарæнты хицау. Зæххон лæгау уый дæр уарзы уарзоны, мады, фыды, æфсымæрты, хоты, хъæбулты, æмгæртты, сыхæгты, хъæубæсты, æппæт комбæсты, цы зæххылрай- гуырд æмæ цы адæмы æхсæн схъомыл, æппæтуыцы адæмы, уыцы æвæджиауы Афтæ æмæ иннæтау фыссæгæн дæр зæххон царды æцæгæлон ницы ис. Стæй «ницы» нæ, фæлæма йæмуыцы æнкъарæнтæ æгæр бирæ дæр сты. Уы- цы зæрдæйыуаг йæуды æгæр кæй гуылф-гуылф кæны, чи зо- ны, фыссæг дæруымæн свæййы. Уыцы тыхджын æнкъарæн фыссæгæнуйæ генератор - йе ’нкъарæнтæ змæлынгæнæг. Уый йынрайсын кæны йæ къухмæ фыссæн æмæ кæд алы- хатт, адæм къухæй-къухмæ кæй фескъæфынц, ахæмуацмыс не сфæлдисы, уæддæр йæ зæрдæйы «тыппыртæ» суадзы. Уымæй йæудæнрадты æнцой, æхцондзинад. Мæхабæрттæ мын чи бакæса, кæнæ чи нæ бакæса, æмæ афтæмæй сæ мидисимæ, кæйдæр æвзагæй, чи базонгæ уа, уый æнæмæнг зæгъдзæнис: «ЦыуХуссар Ирыстон, æмæ стæй йæ фыссæг цыуыдзæнис?» Ахæм «схъæл» дзырдтæ схауынц, стыр на- цийы бæрзонд уæхсчытæй уæлейæ бынмæ чи фæфæлгæсы, ахæм цыбырзонд адæймæгтæй. Æниу æз ахæм адæймæгты тыххæй мæ къух уазал доны дæр нæ атулдзынæн. Æз мæ хабæрттæ фысгæйæ хъуыды кодтон æмæ кæнын хорз чиныгкæсæгыл, хорз æнкъарæнты хицау чи у, ахæм размæдзыд адæймæгтыл.
Харебаты Леонид
Мæ мысинæгтæ 9 Уымæн æмæ сыгъзæрин кæмразыны, уый стыр æмæ гыц- цыл хохыл баст нæу. Сыгъзæрин, гæнæн ис æмæуа, цæсты бынтондæр чи нæ ахады, ахæм чысыл обауы дæр. Мæнæ кæйдæрты цæсты Хуссар Ирыстон куыд нæ ахады, афтæ. Фæлæ-ма афæрс мæн, кæддæра мæнæн цыу Хуссар Ирыс- тон - æмсæр бæстæ, æмсæр хур кæмæн нæй, ахæм у мæнæн Хуссар Ирыстон, чысыл, фæлæрагон, тынграгон: бæстыл адæймагад йæхи куы базыдта, раст у уæдыккон мæ Хуссар Ирыстон. Гъемæ ахæмрагон Хуссар Ирыстонæн ис иу чы- сыл фæрдыгæнгæс горæт, кæцы хуыйны Цхинвал. Уæлдæр ма йæ загътон, æз райгуырдтæн Къахеты æмæ мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæд ме стыр бæллиц ссис Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын, йе столицæ Цхинвалмæ æрцæуын æмæ уый мæнæн бантыст. Къахеты гуырдзи- агау (нæ ирон скъола нын сæхгæдтой) астæуккаг скъола каст куы фæдæн, уæд мæ цæст дæр нæ фæныкъуылдтон, афтæмæй 1952 азы æрцыдтæнмæ фыдæлты артдзæстмæ æмæ уæдæй райдыдтон фыссын мæ абоны бонæг «Мæ мысинæгтæ» дæр. Ам, цыкурайы фæрдыджы хуызæн чи у, мæ уыцы горæты æз райдыдтон ме ’взонджы бонтæ æрвитын æмæ сындæг мæ цæст дарын райдыдтон нæ фысджытæм, нæ кулътурæйы зынгæ архайджытæм, стæй нæ интеллиген- цийы минæвæрттæм. Ацы хабæрттæ фысгæйæ æз мæ разы ахæм хæс не ’вæрын, зæгъгæ, кæй кой ракæнон, уыдонæн сæ уацмыстæ дæр иртасон, фæлгъауон. Уæхæдæг хорз зонут, уыдонæй чи цы сарæзта, кæмæн сæ цы бантыст, чи сæ цы сфæлдыста. Уымæн æмæ, мæ чиныджы хъайтартæй чи цы сарæзта, ууыл нæу мæ дзырды сæр. Мæ разы æвæрын ахæм хæс: фысджытæй, стæй нæ кулътурæйы архайджытæй кæимæ куыд фембæлдтæн, уыйраныв кæнын. Кæдмын бантыса, уæдХуыцауæй бузныг, кæнноддæр цы кæнон? Мæразы цы хæс æрæвæрдтон, уымæй фæстæ нал алæудзынæн! Ахæм фæлварæн нæ ирон литературæйы у фыццаг æмæ дзы кæд исты згъуыдтæуа, уæд мын чиныгкæсæг æмгæрттæ ныххатыр кæнæнт. Кæй кой дæн ракæнинаг, уыдон куыд хистæрæй не ’взарын. Æз сæ фыссын, царды сæ кæуыл куыд æмбæлдтæн, афтæ. 2001 аз
10 Харебаты Леонид МÆ ФЫЦЦАГ ФЕМБÆЛД Уый уыдис 1951 азы. Уыцы аз фæуд кодтон дæсæм кълас. Уалдзæджы, растдæр зæгъгæйæ та, марты каникул- ты æз фыццаг хатт æрцыдтæн Хуссар Ирыстонмæ, Фыс- джыты цæдисмæ. Æрхастон, нырмæ кæй фæфыстон, мæ уыцы æмдзæвгæтæ-дзымандытæ, кæд сын æмдзæвгæтæ схонæн уыдис, уæд. Къæмдзæстыггæнгæ бахызтæн Фыс- джыты цæдисы къæсæрæй. Уæд фысджытæ æмæ журнал «Фидиуæджы» редакцийы кусджытæ бадтысты Хетæгкаты Къостайы уынгыл, чингуыты магазины сæрмæ, дыккаг уæладзыджы (ныр уыцы бæстыхай нал ис, йæ бынаты сырæзт хицауады агъуыст). Фысджытæ мæм цыдæр æнахуыр кæстытæ кодтой æмæ мæхи цы фæкодтаин, уымæн ницы- уал зыдтон. Æрæджиау поэт Кавказаг фестад, бакодта мæ йæ цурмæ, бандон мын радта æмæ æрбадтæн. Кавказаг уыд, уый фæстæдæр базыдтон. Мæ зæрдæ дзы барухс, кæй мæ æрхъуыды кодта, уый тыххæй дæр æмæ мæ лыстæггай кæй фæфæрстытæ кодта, уый тыххæй дæр. Уым бадтысты жур- нал «Фидиуæджы» кусджытæ: Плиты Илья - журналы ре- дактор, йæ сæрыл хъуын нал уыд æмæ-иу улæфты минутты йæ рахиз къухы æнгуылдзтæй йæ сæры тенка къæрццытæ кодта, массаж ын арæзта. Цхуырбаты Иван - поэт - жур- налы бæрнон секретарь, Мæргъиты Къоста - Фысджыты цæдисы консультант, мыхуыргæнæн машинкæйыл кусæг Остъаты Женя. Куы мæ базыдтой, уæд мыл се ’ппæт дæр бацин кодтой. Кавказаг мæ бакодта Асаты Реуазмæ. «Уый Асаты Реуаз у - нæ Фысджыты цæдисы сæрдар», - Кавка- заг мын æй бацамыдта. Раст зæгъгæйæ, уыцы бон мæнмæ фæкаст фыныфенæгау. Реуаз мыл баузæлыд, сбадын мæ кодта. Уæдмæ йын Кавказаг загъта, зæгьгæ, ацы æвзонг лæппу у де ’мбæстаг, къахеттаг. Иннæтæн уæлдай нæ уыд, фæлæ мæ Реуаз афарста, кæцы Къахетæй дæ, зæгъгæ, æмæ йын куы загътон, Дæллаг Къахетæй дæн, уæд мын уый афтæ, æз та, дам, Уæллаг Къахетæй рацæугæ дæн, мæ фыд раджы ныууагъта Къахеты бæстæ, æмæ афтæ куы зæгъон æз ам схъомыл дæн, уæд рæдыд нæ уыдзæн, дæ фыдæлты зæхмæ æгайтма æрцыдтæ, уый хорз хабар у, Къахетæй нæм
Мæ мысинæгтæ 11 цъус фæсивæд цæуы, уæлдайдæр та фыссынмæ чи арæхсы, ахæм фæсивæд. Уыцы ныхæстимæ Реуаз фæдзырдта Мæргъиты Къостамæ æмæ йын загъта, зæгъгæ, ацы лæппумæ дæ хъус æрдар, ирон скъолайы нæ ахуыр кодта æмæ йæ бирæ бахъæудзæн йæхиуыл бакусын... Кавказаг сихор кæнынмæ куы цыдис, уæд мæ нал ныу- уагъта æмæ мæн дæр акодта. Сидзæр дæн, уый куы базыдта, уæд мын, сидзæрдæтты куыд схъомыл, уыдæттæ фæдзырдта. Кавказаг уæзбын лæг уыд. Хæдзармæ куы бацыдыстæм, уæд йе ’фсин Хъæцмæзты Верæйæн радзырдта ме ’рцыды хабæрттæ. Сихор бакæныны фæстæ мын Кавказаг балæвар кодта фынддæс чиныджы, ныффыста сыл, афтæмæй. Уыдон æхсæн уыд йæ поэмæ «Марта» дæр. Ныр дæр мын æвæрд у, кæд гуырдзиаг алфавитыл фыст у, уæддæр фыссæджы лæвар мæнæн уыд стыр хæзна. Æз хæрзæнцонæй кастæн уыцы алфавит, фысгæ дæр гуырдзиаг алфавитыл кодтон. Дыккаг бон мæ Мæргъиты Къоста йæ фарсмæ æрбадын кодта æмæ, цыма мæнæ йæ кæстæр æфсымæр уыдтæн, афтæ мемæ адджын ныхас кæнын райдыдта. Ме ’мдзæвгæтæ мын уырзæй æвзарæгау æвзæрста. Амыдта мын æмдзæвгæйы арæзт. Æрцæвæнтæ, ритм, рифмæтæ æмæ мæ сæр разылд, зæгъын, айæппæт чи бахъуыды кæндзæнис? Мæнæ, зæгъ, афтæ хъæуы фыссын. Мæ дзымандытæй-иу йæ зæрдæмæ чи фæцыд, уымæй-иу мын куы раппæлыд, уæд-иу фырцинæй мæ зæрдæ йæхи арвы милтыл асæрфта. Къоста мын иуцалдæр æмдзæвгæйæ загъта, зæгъгæ, адонæн мыхуыргæнæн ис. Остъаты Женямæ ме ’мдзæвгæтæй иу радта мыхуырмæ, æмæ уый машинкæйыл мыхуырæй куы федтон, уæд мæ цинæн кæрон нал уыд. Раст мын, цымачи- ныг рацыд, ахæм æхцондзинад дзы банкъардтон. Уыцы бон редакцимæ æрбацыд бæрзонд къæсхуыр лæг. Иæ дарæсы кондæй хицæн кодта; уæздан, йе ’лвæст уæнгтыл хæрзитугонд дзаумæттæ диссаджы дзæбæх фидыдтой. Мæхимидæг загъ- тон, зæгъын, фыссæг хъуамæ ахæм уа, æмæ æцæгæй фыссæг разынд. Къоста мын загъта, зæгъгæ, уыцы лæг у Гафез - Гаглойты Федыр Захары фырт, газет «Коммунист»-ы редак- цийы кусы. Уæдмæ та дуар æрбазыхъхъыр æмæ æрбахызт Гафезы цахъхъæн бæзæрхыгдæр лæг. Реуазмæ бахызт æмæ мæ цæстытыл ауад хосгæрдæг, куыддæр мын йæ къахайст
12 Харебат ы Леонид хосгæрдæджы мæ зæрдыл æрлæууын кодта. «Уый та Дзу- гаты Георги у, - уый дæр та мын бацамыдта Къоста, - уый дæр газеты редакцийы кусы». Мæхимидæг тынг фæцин кодтон, дыууæ боны дæргъы уый бæрц фысджыты мæхи цæстæй кæй федтон, ууыл. Ахæм уыдысты мæ фыццаг тæлмæнтæ. ... Нæхимæ Къахетмæ куы цыдтæн, уæд мын Реуаз мæ адрес айста æмæ мын бакодта стыр лæггад. Къахетмæ мын бандеролты æрвыста журнал «Фидиуæг», «Мах дуг», газеттæ «Коммунист» æмæ «Рæстдзинад». Ахæм кад мын скодта. Нæ хъæусоветы иууылдæр базыдтой, æз Хуссар Ирыстонæй «хуынтæ» кæй исын, уыцы хабар, æмæ-иу мæ уыдон дæр сбуц кодтой. Уæдæй ардæм дзæвгар азтæ рацыд, уырыссаг æмбисондау, хиды бынты бирæ дон аивгъуыдта. Аивгъуыдта ме ’взон- гад дæр. Мæныл уæд афтæ хæларæй чи амбæлд, мæ уы- цы хистæртæ ныр сæ дзæбæх кары бацыдысты æмæ мын æрымысынц мæ уыцы визит. Уæлдайдæр та Мæргъиты Къоста, Асаты Реуаз æмæ Цхуырбаты Иван, иннæтæ æгас нал сты. Нал ис Гафез, Дзугаты Георги, Плиты Илья, Кав- казаг. Мæ ацы мысинæгты сæ кой бирæ хæттыты уыдзæн, кæд мæ къухы исты бафта, уæд. УЫЙ МÆ НИКУЫ ФЕРОХ УЫДЗÆН Уæд куыстон газет «Советон Ирыстон»-ы (ныры «Хур- зæрин»-ы) редакцийы. Газеты редактор Куымæридтаты Александр мæм фæдзырдта æмæ мын бахæс кодта: - Абайты Уасо ис Цхинвалы, цæры уазæгдон «Ирыстон»-ы, цалынмæ йæм æндæртæ нæ фæразæй сты, уæдмæ дзы ды интервью райс. Александр, уыцы æндæрты кой кæнгæйæ, хъуыды код- та газет «Сабчъота Осетийы» редакцийы кусджытыл. Уæд махмæ цыдис областон газет гуырдзиаг æвзагыл. Ам æй банысан кæнон: Александр уæгъды батыхст «æндæртыл». Уыцы æндæртæ Абайты Уасойы тыххæй иу рæнхъ дæр нæ ныммыхуыр кодтой. Гъе, ахæм зæрдæимæ цардысты æмæ куыстой не ’хсæн.
Мæ мысинæгтæ 13 о о >> 3 I \о < \о ф
14 Харебаты Леонид Æхсызгон мын уыдис, редактор мын ахæм бæрнон хæс кæй бакодта, уыцы хъуыддаг, иннæмæй та дызæрдыг код- тон, зæгьын, Уасойы раз æрлæууын æмæ йæм цы фарстытæ хъуамæ раттон, уыдон йæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуой. Мæхи нал басастон. Æхсæвы фарстытæ бацæттæ код- тон æмæ дыккаг бон уазæгдонмæ ацыдтæн. Абайты Уа- со цард, уазæгдон «Ирыстон»-ы цытджын уазджытæн цы люкс уæттæ уыдис, уыдонæй сæ равзаргæдæры. Мæнæй- ма, Уасойы фыййауæй обкомы фыццаг секретармæ æдзух сæ къухтыл куы хастаиккой, уый сæ фæндыд. Уасомæ уы- цы уаз æнкъарæнтæ абон ноджы тыхджындæрæй разындыс- ты. Стыр ахуыргонд лæгæн йæ райгуырды сæдæ азы юби- лей нысанкæнгæйæ Хуссар Ирыстоны алы ирон дæр ацы стыр бæрæгбоныл æмбæлд æгæрон æхсызгонæй. Цхинвалы æвæрд æрцыд Абайты Уасойы цырт, йæ номыл ис майдан, бакондæуыд Уасойы хæдзар-музей, горæты уынгтæй иуæн раттæуыд Уасойы ном. Гъе ахæм номдзыд лæджы раз балæууын æнцон хъуыд- даг нæ уыд. Уазæгдоны йын йæ дуар куы бахостон, уæд мидæгæй райхъуыст: - Рахиз, чи дæ? Æз бацыдтæн, салам ын радтон. Уасо бадт кусæн стъо- лы фарсмæ æмæ каст газет «Советон Ирыстон». Уый мæм лæмбынæг ныккаст йæ кæсæнцæстыты бынты, мæ къух мын райста. Æрбадын мæ кодта. Æз ын мæхи куы бацамыдтон, уæд ын радзырдтон ме ’рбацыды аххосаг. - Тынг æнæвдæлон дæн, абон мæм дыууæ ранæй уыд хонджытæ. (Уыцы ныхасмæ æз ахъуыды кодтон, зæгъын, кæмдæр нæртон фынгтæм у хуынд). Пединституты æмæ зо- над-иртасæн институты мын фембæлд ис, иу ран студенттимæ, иннæ ран та ахуыргæндтимæ. Фæлæ иугæр æрбацыдтæ, уæд редакцийы хъыг кæнын нæ хъæуы. Æз уыцы бон Абайты Уасойæ цы интервью райстон, уый ныммыхуыр ис газет «Советон Ирыстоны», уыйуыд 1971 азы. Бестауты Гиуæрги мæ куы федта, уæд дзы раппæлыд, дæ ин- тервью, дам, тынг дзæбæх рауад, тынг хорз фарстытæ, зæгъ, бацæттæ кодтай, æмæ мах цæмæй «хъæрзæм», уыдонæн рад- та тынг хорз дзуаппытæ. Æппæлгæ нæ кæнын, фæлæ мæ уы- цы интервью абон дæр нæ фесæфта йæ нысаниуæг. Абон дæр дзуапп дæтты нæ уды сæвзæргæ ахсджиаг фарстатæн.
Мæ мысинæгтæ 15 Уый уыд Уасоимæ мæ фыццаг фембæлд æмæ абон дæр мæ цæстытыл уайы бæрзонд, дæргъдзæсгом, æлвæст, рæсугъд интеллигент Абайты Уасо. Дзырд куы фестæм, уæд ма мæнæн мæ зæрдæ агайдта иу ахæм фарст: зæгъын, дунейы адæмты эпосты æхсæн ирон адæмы Нарты эпос кæцы бынат ахсы? Абайты Уасойæн мæ хъуыды куы раргом кодтон, уæд загъта: - Эпостæ бирæ адæмтæм ис, уыдонæй авд сты сæ ахъаз- загдæртæ æмæ уыцы авдæй та Нарты эпос у фыццæгты- фыццаг, алцæмæй æххæст эпос никæцы адæммæ ис. Нæ эпосы ис Нарты равзæрд, нарты цард, нарты сæфт. Ис ын райдиан, ис ын кæрон... Абайты Уасойæ куы рацыдтæн, уæд мæ зæрдыл æрлæууыд Уасойы рæсугъд ныхас Хетæгкаты Къостайы тыххæй. Уа- со йæ иу уацы фыста, ирон зынгæ æхсæнадон архайæг Æмбалты Цоцкъо, дам, кæддæр райста Хетæгкаты Къос- тайы къух, æз та, зæгъ, Цоцкъойы къух æмæ, дам, мæм Цоц- къойы къухы фæрцы æрбахæццæ Къостайы къухы хъарм. Ныр, Цоцкъойы къух чи райста, уыцы номдзыд Уасойы къух та æз райстон æмæ цыдæр æнахуыр рæсугъд æнкъарæн сæвзæрд мæ уды. Мæнмæ дæр Цоцкъо æмæ Уасойы фæрцы æрбандæвта Къостай къухы хъарм. Дыккаг хатт Абайты Уасойы къух райстон Дзæуджы- хъæуы. Уæд куыстон Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къос- тайы номыл паддзахадон драмтеатры директорæй æмæ 1981 азы нæ театр гастролты уыд Дзæуджыхъæуы. Уыцы рæстæджы Уасо æрцыд Дзæуджыхъæумæ æмæ уый куы базыдтон, уæд æм хонæн билет арвыстон æмæ мæнæ зæды хуызæн лæг - Абайты Уасо^ йæ къæдз лæдзæг йæ къухы, афтæма • фæзынд театрмæ. Йемæ уыдысты йе ’фсин Цхуыр- баты Ксеыя æмæ йæ фæдисон, филологон зонæдты доктор Исаты Мæхæмæт. Уасойыл фæцин кодтон æмæ тынг райгондæй баззад, кæй йæ æрхъуыды кодта театры дирекци, уый тыххæй. Уа- сойы ме ’вджид чи уагъта, Дзæуджыхъæуы интеллигенци йæм сæхи æппæрстой, цин ыл кодтой... Мæнæн уыцы рæстæджы фадат фæцис, æмæ æдзух йæ кой кæмæн хъуыстон, фæлæ мын æнæзонгæ чи уыд, уы- цы зынгæ Исаты Мæхæмæтимæ лæгæй-лæгмæ базонгæ уæвынæн. Мæхæмæтмæ ахæм миниуæг бафиппайдтон,
16 Харебаты Леонид йæхи мæм афтæ æргомзæрдæйæ равдыста, мæнæ, цы- ма цалдæр азы зонгæ уыдыстæм... Рæстæг нын цъус уыд, фæлæ уæддæр дзæбæх, зæрдæйæ-зæрдæмæ аныхас кодтам. Мæ уыцы фембæлды рæстæджы мын балæвар кодта, Абай- ты Уасойыл цы чиныг ныффыста, уый. Спектаклы фæстæ Абайты Уасойы театрæй куы фæнда- раст кодтон, уæд мын æнæцæстмæ ныхасæй загъта: - Уæ актертæ тыхджын, курдиатджын сты, уыдонæн, зæгъгæ, уавæртæ ис, уæд сæ канд нæхи ирæттæ нæ, фæлæ уырыс дæр диссагæн фæхæссиккой... Ахæм рæсугъд тæлмæнтимæ ахицæн дæн уыцы изæр Абайты Уасойæ. БАЛО-ОТЕЛЛО Лæджы ном дардмæ хъуысы. Иры дзыхъхъæй та уый æнхъæл чи уыд æмæ хъæууон ирон лæппу, театралон институт каст кæмæн нæ уыд, уыцы ирон лæппу, йæ дисса- джы хъазтæй адæмыл дис бафтаудзæнис. Йæ кой кæндзысты Мæскуыйы, Ленинграды, Тбилисы, Киевы, Лондоны, Улан- Баторы æмæ сæ чи фæнымайдзæн, Бало-Валодяйæн йæ ном кæдæмты айхъуыст, уыцы горæттæ. Æмæ чи уыд уыцы æрдхæрæны гуырд? Уый уыд Тæ- бæхсæуты Бало. Цæгат Ирыстоны театры гастролтæм-иу нæ цæстытæ ныуурс сты, кæд æрбалæудзæн сæрд æмæ Цæгат Иры театр махмæ гастролты кæд æрцæудзæнис. Æмæ та мæнæ 1971 азы нæ уарзон театр ис Цхинвалы. Редакцийы мын бахæс кодтой, цæмæй æз интервью райстаин номдзыд артист, дунейыл йæ ном кæмæн ныхъхъæр, нæ уыцы уар- зон артист Балойæ. Балоимæ фембæлдтæн. Иемæ куы ныхас кодтон, уæд нын сусæгæй нæ къам систа нæ газеты къамисæг Æлборты Миша. Уыцы къам амæйразмæ фыццаг фарсыл ныммы- хуыр газет «Рæстдзинад»-ы. Мæ интервьюйы тыххæй нæ дзурдзынæн, уый ныммыхуыр ис газет «Советон Ирыстон»-ы æмæ кæй хъæуа, уый йæ ссардзæнис æмæ йæ бакæсдзæнис. Мæн æндæр цыдæр фæнды зæгъын. Бæрзонд æмæ рæсугъд лæгуыд Бало, мæнæ йæ цыма æрдз театрæн сфæлдыста,
Мæ мысииæгтæ 17 а
18 Харебаты Леонид раст ахæм. Сценæйыл йæ сабыр ныхас дæр театры алы къуыммæ хъуыст. Бало мын радзырдта, Цæгат Ирыстоны театр Мæскуымæ гастролты куы ацыд, уыцы истори, уырдыгæй райдыдта номдзыд Балойæн йæ царды дыккаг эрæ. - Мæскуыйы зынгæ режиссер Завадский мæн Отел- лойы ролы хъазгæ куы федта, уæд мæм бахатыд, цæмæй æз ахъазыдаин Мæскуыйы МХАТы (Мæскуыйы Аивадон ака- демион театр). Æмæ мæнæ ралæууыд уыцы рæстæг дæр, артисттæ дзырдтой уырыссагау, æз та - Отелло - дзырд- тон иронау, æмæ диссаг куыд нæ уыдис, мæ алы дзырд дæр мын æмбæрста Дездемонæйы ролы хъазæг номдзыд артисткæ. (Бахатыр мьга кæнут, Бало мын йæ ном загъта, фæлæ мæнæй ферох). Афтæ уыд Лондоны, трагеди «Отелло» фыст кæм æрцыд, уыцы зæххыл дæр. Цалдæр хатты ахъазыдтæн Лондоны Отеллойы ролы æмæ мæ англисаг Дездемонæ иунæг хатт дæр никуы фæкъуылымпы кодта, мæнæ, цыма махмæ хохы сыгъдæг ирон æвзагыл схъомыл, афтæ мын мæ алы дзырд дæр цыма æмбæрста, никуы фæкъуыхцы. Бало Англисы тыххæй дзырд куы фæцис, уæд æй афар- стон, зæгъын, Монголимæ та куыд афтыдтæ? - Уый дæр афтæ, мæ хъазт мын куы федтой Монголийы паддзахадон хицæуттæ, уæд мæ фæхуыдтой, æмæ уым дæр дзырдтон иронау, Дездемонæ та дзырдта монгойлаг æвзагыл. Æппæлгæ нæ кæньга, фæлæ мын фæстæдæр «Дездемонæ» загъта, æз, дам, Гомбосурэнæй (Гомбосурэн хъазыд Отел- лойы ролы) дæ алы ныхас хуыздæр æмбарын. Цас раст уыд, уымæн хæйрæг йæ зонæг, фæлæ мьга мæ зæрдæ кæй балхæдта, уый бæрæг уыд. - Бало, уæдæ иугæр Монголийы уыдтæ (цыдæр цыми- дисон фарст мæм сæвзæрд æмæ йæ æнæбафæрсгæ нал ныу- уагътон), уæд, дæхæдæг хорз зоныс, алантæ монгойлæгтимæ, чехаг фыссæг Ян Гусы ныхæстæм гæсгæ, фæхæцыдысты дыууиссæдз азы. Æппьга абоны монгойлæгтæн уыцы исто- рион хабар сæ зæрдыл нал лæууы? - Леонид, раст дьга куы зæгъон, уæд ахæм хъуьвды мæ сæрмæ не ’рцыд. Фæлæ аланты хорз чи зыдта, иу ахæм мон- гойлаг историкимæ ныхас кодтон, зæгъын, монгойлæгтимæ
Мæ мысинæгтæ 19 хæсты, бæрæг зонæнтæм гæсгæ, алантæй бирæ ацыд мон- гойлаг æфсæдтимæ, æмæ ма дзы абоны бонмæ исчи баззад? Уыцы историкты ныхæстæм гæсгæ, аланты байзæддагæй уым ис æмæ ныр дæр цæрьгац монгойлæгты зæххыл. Кæм, уый дæр мын загъта, фæлæ æз уыдтæн бæрæг рæстæджы, бæрæг фæлгæтты æмæ мын нæ уыд ахæм диссаджы хаба- ры фæдыл æрзилыны фадат. Ахæм ныхас рауад мæн æмæ номдзыд Балойы æхсæн. Уыйфæстæ мæм иу Ног азы Бало æрæрвыста мæнæ ацы фыстæг Ногазон арфæтимæ: «Мæ зынаргъ Леонид! Ног аз дын æрхæссæд бирæ хъæлдзæг бонтæ, бирæ сгуыхтдзинæдтæ. Цыдæриддæр царды хорздзинадæй ис - æнæниздзинадæй, уæлахиздзинадæй, хорз чингуытæй æмæ уарзондзинадæй - се ’ппæтæй дæрут хайджын ды дæр æмæ цы ’мбæлттимæ кусыс, махыл афтæ тынг чи фæцин кодта, махæн ахæм стыр кад чи кодта æмæ кæны æдзухдæр, уыцы æмбæлттæ дæр; уыцы хуссайраг хæларзæрдæ адæмæн зæрондæй, ногæй - се ’ппæтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад æмæ уæлахиздзинæдтæ. Раттмæнæй зæрдиаг салæмттæ Дз. Паулейæн, Саулохты Никъалайæн, уе ’ппæты хицау Джу- сойы фыртæн æмæ йе ’мбæлттæн. Стыр хæларзæрдæйæ уæхи Тæбæхсæуты Бало». Балойы ма фæстаг хатт лæгæй-лæгмæ федтон æстайæм азты, уæд нæ театр гастролты ацыд Цæгат Ирмæ. Бало театрмæ æрбацыд номдзыд режиссер Хуыгаты Георимæ. Балойы куы федтон, уæд æм бацыдтæн, бацин ыл кодтон, уый мæ исдуг нал хъуыды кодта, стæй йын Геор мæн куы бацамыдта, уæд мыл атыхст. Балойы фендæй мæ зæрдæ фæрыст. Балойы тых уалдзыгон митау тадис бонæй-бонмæ æмæ уый фæстæ бирæ нал ахаста... А дунейæ Балойы ацыд фæзынд канд театрыл нæ, фæлæ æгас Ирыстоныл дæр. Рухсаг у, Бало! Бало ирæтты тыххæй цы информаци ныууагъта, уымæ, чизоны, искуы нæ фидæны историктæй исчи бацымыдис кæна, æмæ монгойлæгты зæхмæ ацæуа аланты фæдтæ агурæг.
20 Харебаты Леонид «СÆЛИМÆТ»-ы АВТОР Фыссæг развæлгъау никуы фæзоны, цы уацмыс вæййы ныффыссинаг, уымæн цахæм айзæлд уыдзæни, кæмæн æй фыссы, уыцы адæмы æхсæн. Æниу æй йæ мид-зæрдæйы банкъары, фæлæ йæ уæддæр фидарæй нæ фæуырны. Афтæ у сфæлдыстадон кусæджы хъысмæт. Къубалты Алыксандр «Æфхæрдты Хæсанæ» куы фыста, уæд зыдта, хорз цыдæр кæй фыссы, фæлæ йæ уацмыс æгас Ирыстоны кæмтты нæргæ ацæудзæн, æмæ йæ адæм къухæй-къухмæ исдзыс- ты, уый æнхъæл нæ уыд. Фæстæдæр уый тынг куы бан- къардта, уæд ма ныффыста цалдæр кадæджы, фæлæ йын уыдон райгуырдысты фынæйæ æмæ абон дæр нæма рай- хъал сты. Æгæр бирæ дзурын Къубалты Алыксандрыл - мæ дзырды сæр Плиты Харитон у. Раст уымæ дæр ахæм стыр амонд æрхаудта «Сæлимæт»-ы ныффысгæйæ. Æвæджиауы стыр кад æрхаста Харитонæн нæ литературæйы цыкурайы фæрдыг поэмæ «Сæлимæт». Хæрз саби уыдтæн, афтæмæй бакастæн ацы диссаджы поэмæ. Æдзух ме ’взаджы цъуппыл бадтысты мæнæ ацы рæнхъытæ: «Ресы хох - хæхтæйбæрзонддæр, Дардыл ныз- зылди уæрæх. Диссаг куыннæ у йæ конд дæр! Иууыл - цъæх айнæг къæдзæх». Мæ сабибонтæй фæстæмæ бæллыдтæн, зæгъын, тæхуды, искуы уыцы Ресы хохы бын æрлæуу æмæ йын йæ айнæг къæдзæхтæм скæс. Уый æнхъæл та кæцæй уыдтæн, æмæ искуы Харитонимæ фембæлдзынæн. Æмæ мæнæ æрцыд уыцы амонд йæхи къахæй. ...Уæд а’гуыр кодтон Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты цыппæрæм курсы ирон литературæ æмæ æвзаджы хайады. Æз æмæ ме ’мбал Джиоты Хъаз- бег цардыстæм Цхинвалы, Хъоцыты Къостайы уынгыл, Хæбæлатæм, иу чысыл хатæны. Уыдис нæм иу цъæтджын сынтæг, лежанкæ, стъол æмæ æртæ бандоны. Институты нын Джиоты Хазби (рухсаг уæд) кастис лекцитæ æмæ нæм Плиты Харитонимæ «хæдзармæ» æрбацыдысты. Нæ цинæн кæрон нал уыд. Алцы æнхъæл уыдтæн, фæлæ Харитон ис- куы мæ хæдзары уа, уый æнхъæл никуы уыдтæн. Мæгуыр студенттæ уыдыстæм, фæлæ нæм уæд цыдæртæ разынд. Хаз- бийы афарстон, зæгъын, нуазгæ цы бакæндзыстут? Хазби загъта, зæгъгæ, фæндзæм номыр сæнæй æппæлынц. Махæн
Мæ мысинæгтæ 21 æмбæрстгонд уыд. Нæ фынг тагъд сцæттæ. Харитонæн хъуыддаг йæхи бар бакодтам æмæ фынгæн æгъдау уый лæвæрдта. Куывта æмæ йын йæ куывдмæ хъусынæй не ’фсæстæн. Нæ зонын, цас фæбадтыстæм (уæд æз нозтмæ æввахс нæма цыдтæн), фæлæ Харитон чысыл куы бахъæлдзæг, уæд сыстад æмæ сынтæгыл хуыссæнты сæр уæлгоммæ æрхуыссыд. Цъæтджын сынтæгыл схъиуæгау кодта æмæ йæхи авдæны узæгау уызта æмæ уыцы æхцонæй сывæл- лонау «æгъы, æгъы, æгъы» кодта. «Марадз-ма, Хазби, ды тыхджын дæ, ауз мæ». Хазби йæм бакаст æмæ йæм дзуры: «Ахъаз, ахъаз, Хадо (Харитоны фырбуцæн Хадо хуыдтой). Мæнæ ма иу-дыууæ аназон æмæ дæ стæй ауздзынæн». Хадо йæ астæу куы араст кодта, уæд ногæй фынджы фарс- мæ æрбадт, иу агуывзæ ма анызта æмæ стæй сдзырдта: - Хазби, цæуын нæ хъæуы, мæ хо та мæм загъд кæндзæ- нис, уæлæ Богирийы цæры, Тедеты чындз у, фынг æвæринаг уыд. Лæппутæ, уæ лæггад мын мæрдты фидинаг ма уæд, бацархайдзынæн, цæмæй уын ам балæггад кæнон, - æмæ нын фæйнæ чиныг балæвар кодта. Афтæ фембæлдтæн мæ уарзон поэт Плиты Харитон- Хадоимæ. Уæдæй ардæм дзæвгар азтæ рацыд, фæлæ, цыма уыцы хабар знон уыд, афтæ нæ фембæлды нывтæ зæрдæ æмæ цæстытæй нæ рох кæнынц. ДЗЕСТЫ КУЫДЗÆГ Афтæ мæм кæсы, æмæ Гаглойты Федыры (Гафезы) хуы- зæн Дзесты Куыдзæджы сфæлдыстадæн ничи аргъ код- та. Æппæты фыццаг Дзесты Куыдзæджы «Хорхæссæджы» хорзы кой Гафезæй фехъуыстон. Уый уыд ме студентон аз- Т11. Уæд не ’хсæнады политикон царды хорзæрдæм бæрæг ивындзинæдтæ æрцыд. 1937-æм азты репресси чи баййæфта, уыдонæй ма æгас чи уыд, уыдон сæрибар кодтой. Дзес- ты Куыдзæг дæр уыд репрессигонд æмæ ахæстонæй нæма æрыздæхт, афтæмæй йæ уацмыстæ уайтагъд хур фенынмæ ратагъд кодтой, æмæ ууыл æппæтты тынгдæр чи бацархайд- та, уый уыд Гафез.
22 Харебаты Леонид Гафезы ныхæстæ мæ тынг сцымыдис кодтой æмæ, æцæг, «Хорхæссæг» куы бакастæн, уæд ноджы тынгдæр банкъард- тон нывæфтыд дзырды тых. Абон дæр æй нæ зонын, цы тых мæм разынд, куыд уыд, цы хуызы баскъæрдтон мæ ных Цхинвалы уазæгдон «Ирыс- тон»-мæ. Уæд Дзесты Куыдзæг хастæй ног æрцæугæ уы- дис æмæ куы фехъуыстон, Куыдзæг уазæгдоны ис, уæд æм схызтæн, дуар бакъуырцц-къуырцц кодтон æмæ райхъуыст, мидæмæ рахиз, зæгъгæ. Уæдмæ Куыдзæг йæхæдæг дуар ба- кодта æмæ мæн, æнæзонгæ лæппуйы, къæсæргæрон куы федта, уæд мæм цыдæр дызæрдыггаг кæстытæ æрбакодта, фæлæ йæхи нал басаста æмæ загъта: - Мидæмæ рахиз. Мæхи йын куы бацамыдтон, уæд мыл зæрдиагæй бацин кодта. Æхсызгон ын уыд, Сыбырмæ хаст куы уыдис, уæд ын ам та йæ уацмыстæ фæсивæд кæй кастысты, уыцы ха- бар. Мемæ бирæ фæныхас кодта, дзырд дзырды сайгæйæ мæнæн æркодта йæ «рецензенты» кой... Æмæ уый та уыд Куыдзæгæн йæ мад. Куыдзæг мын радзырдта, зæгъгæ, ис- ты куы ныффыссын, уæд æй фьщцаг бакæсын мæ мадæн, кæд мæм зæрдиагæй байхъусы, уæд мæхимидæг фæзæгьын, цыдæр дзæбæх ныффыстон. Кæд йæ митæм атагъд кæны, нæ мæ æвдæлы, фæзæгъы, уæд мæ уацмыс иуварс авæрын, нæ мын фесгуыхт, фæзæгъын æмæ йæ ныхъхъуытты кæнын. Нæ фембæлд нын бахъыг дардтой дыууæ ме ’нæзонгæ лæджы, уыдон уыдысты Куыдзæджы хонджытæ, мæнæн дæр дзырд- той, цом немæ, зæгъгæ, фæлæ æз семæ нæ ацыдтæн. МÆСКУЫЙЫ - ПЕРЕДЕЛКИНОЙЫ Плиты Грисимæ æввахс зонгæ нæ уыдтæн æмæ гъеныр æппæлон, зæгъын афтæ уыдтæн, уфтæ уыдтæн йемæ, уæд мæхицæй æфсæрмы кæндзынæн. Æнæуый йын йæ поэзи уарзтон æмæ уарзын, ныр куы амард, уæд ыл йæ хъузæттæ сæ къух ауыгътой. Нæ поэттæй Грисы хуызæн дзырдыл ни- чи(куыста, йе ’мдзæвгæтæй дзырд нæ сисдзынæ, куы сисай, уæд та мæнæ дурын къулæй стыр дур рафтаугæйæ къул куыд ракæла, афтæ хæлы Грисы æмдзæвгæ дæр. Бирæ дзырд цыдис, Грисы хорз кæй нæ фæндыд, уыдон æхсæн æмæ
Мæ мысинæгтæ 23 сæ хъæстæ æнхъæвзта кæстæр фысджытæм дæр. Студент ма уыдтæн, афтæ-иу куы кæмæй, куы та кæмæй фехъуыс- тон, Грис, дам, Болайы фырты трагеди «Чермен» радавта, йæхи фыст, дам, нæу æмæ бирæ ахæм цъыфкалæнтæ. Уыцы хъуыддаг Грис дæр зыдта æмæ та-иу йæ ныхмæдзурджыты фыдæнæн амæй-ай хуыздæр æмдзæвгæтæ ныффыста. «Æвзаг дур халы», - зæгъы ирон æмбисонд, куыдфæстагмæ Грисы æфхæрджыты ныхæстæ мæныл дæр бандæвтой, кæд никæй хъысмæт скъуыддзаггæнæг уыдтæн, уæддæр. Гъемæ бавдæлдтæн æмæ Ленинградмæ фыстæг арвыстон æмæ мын уырдыгæй, централон библиотекæйæ, æрæрвыстой Болайы фырты чингуытæ, уыдонимæ Болайы фыст «Чер- мен» дæр. Мæ зонд цас карста, уымæй лæмбынæг бакастæн ныр- ма Болайы фырты «Чермен», стæй та Грисы «Чермен», стæй та иннæрдæм: нырмауал Грисы «Чермен», стæй та Болайы фырты «Чермен». Æмæ уæ нæ бауырндзæнис: мæныл дис бафтыдис, зæгъын, Грисы æфхæрджытæн уымæй хуыздæр æмбудæнтæ нæй? Хорз æмæ æвзæр кæрæдзийæ амæй хъауджыдæр нæ хицæн кæнынц? Плиты Грисы «Чер- мен» æмæ Болайы фырты «Чермен» кæрæдзимæ уыдысты, мæнæ зæхх æмæ арв куыд сты, афтæ. Уæдæй фæстæмæ Грисы æфхæрджыты ныхæстæм мæ хъус нал дæр дардтон. Цас Грисы уацмыстæ тынгдæр кастæн, уыйас мæ тынгдæр фæндыд, искуы Грисимæ куы базонгæ уаин, фæлæ мын ни- куы бантыст. Грис цæуаг нæ уыд, никуы ’рцыд мæ хъустыл, зæгъгæ, Грис æрцыд Цхинвалмæ. Боныфæстагмæ мын фæцис Грисыл æртæ хатты фем- бæлыны фадат æмæ дзы æз ракæндзынæн, фыццаг хатт Грисимæ цы уавæрты базонгæ дæн, уый кой. Хабар уыд Переделкинойы - Фысджыты сфæлдыстадон хæдзары. Уыд рагвæззæг. Уым уыдтæн Козаты Исидоримæ. Иурайсом, аходæны хæдразмæ, æз æмæ Иссæ уынджы тез- гъо кодтам. Грис Иссæйы дзæбæх зыдта æмæ йæ куы ауыд- та, уæд йе ’рмттæ цæгъдгæ нæ размæ æрбацыд. Нæдæр са- лам радта, нæдæр иу, нæдæр иннæ, афтæмæй йæ хъæстытæ ракалдта: - Дысон уадтымыгъ сыстад, уадтымыгъ æмæ, чысыл ма бахъæуа, бабын уон.
24 Харебаты Леонид - Цы хабар уыд? - дисгæнгæ йæ афарстам. - Дысон, æхсæвæры фæстæ, мæ тæлмацгæнæг сыл- гоймагимæ мæнæ бæлæсты бын тезгъо кодтам. Кæцæйдæр ме ’фсин æмæ мæ фырт мæ разы февзæрдысты, мæ хъуын мын ацагътой æмæ фæтары сты. Ахæм таурæгъы фæстæ нын Грис нæ къухтæ райста æмæ уæд æввахсмæ базонгæ дæн нæ Ирыстоны (удæгæсты æхсæн) иууыл стырдæр поэтимæ. ЦОЦИТЫ НИНÆ - «ÆГОМЫГ» Нæуæг цъылын, дам, хорз мæрзы, зæгъы ирон æмбисонд. Ацы æмбисонды кой уымæн ракодтон, æмæ театры директорæй кусын куы райдыдтон, уæд номхыгъд сарæзтон æмæ, театры чи нæуал куыста, уыцы куыствæллад, номдзыд актертæм-сылгоймæгтæм Æстæм мартъы цытæн арфæйы фыстæджытæ арвыстон. Уæд Гуырдзыстоны ССР адæмон артисткæ Цоциты Нинæ (фæсномыгæй йæ Мысырхан хуыд- там) театры нал куыста, базæронд, дам, дæ æмæ йæ куыстæй суæгъд кодтой. Театры хъомыл Цоционæн уый тынг зын уыд, фæлæ цы бакодтаид. Сыстад æмæ йæ фыртмæ Уæрæсемæ ацыд, йæ фырт уым цард. Нæ ферох кодтон адæмæн уарзон артисткæ Цоционы. Арвыстон æм арфæйы фыстæг æмæ йæм бахатыдтæн, цæмæй фæстæмæ театрмæ кусынмæ æрцыдаид. Фыстон æм, зæгъын, æрцу æмæ театры кадыл хæрдмæ схæц. Цалдæр боны фæстæ Нинæйæ тел райстон, фæарфæтæ мын кодта, æмæ дзы мæ зæрдыл цы бадардтон: Нинæ фыста йæ телы: «Леонид, бузныг, æз разы дæн, театры уон, æндæр мæ ницы хъæуы, лæвар дæр дзы бакусдзынæн». Нинæйы æрцыд уыд стыр бæрæгбон. Фылдæр фæцин кодтой, Нинæ йæ азты хуыздæртæ цы номдзыд артисттимæ арвыста, уыдон: Цхуырбаты Барис, Таугазты Гаврил, Гаглой- ты Зинæ, Цæбиты Нинæ, Цоциты Къæдзæх æмæ Гæбæраты Дауыт. Иудзырдæй, театры æппæт коллективыл Нинæйы æрцыдæй базыртæ базад. Хатт-иу æй куы февдæлд, уæд- иу дзырдта йæ Уæрæсейы царды хабæрттæ, ам куыд уы- дис, уым дæр афтæ - хъæлдзæг. Артист алыран дæр ар- тист у. «Иу фæлтæры мæ дардмæ цæуын бахъуыд, - Нинæ æрымысыд иу хабар. - Сбадтæн автобусы æмæ æгомыджы
Мæ мысинæгтæ 25 æфсон скодтон. Автобусы мæ билет æркуырдтой æмæ æз мæ чыссæ систон æмæ йæ байгом кодтон, зæгъын мæм æхца нæй, шофырæн къухæй амонын. Шофыр адæмыл йæ цæст ахаста æмæ сæ чидæр мæн тыххæй загъта, зæгъгæ, æз бафиддзыыæн йæ бæсты. Уы- цы дзурæджы бафæзмыдтой иннæ бæлцæттæ дæр æмæ сæ дзыппытæм февнæлдтой. Æз - «æгомыг» - кæсын æмæ цинæй мæлын, уый тыххæй нæ, æмæ мын мæ фæндаджы аргъ кæй фыстой, æз цин кодтон, адæм ма адæм кæй сты, ууыл. Цыдæр хъæлдзæг номыртæ сын æвдыстон æмæ худæгæй тæнтæхæлд кодтой. «Ай хуымæтæджы æгомыг нæу. Æвæццæгæн артистуыд... Фæлæ цыдæр низæй фæрын- чын», - дзырдтой кæрæдзийæн. Мæ балцы кæрон куы ’рхæццæ, уæд ныхъхъæр кодтон: «Останови, шофер, я схо- жу!» Бæлцæттæ хорзау нал фесты. Баурæдта шофыр. Мæн тыххæй æхца чи бафыста, уымæн йе ’хца куы лæвæрдтон, уæд мæ йæ хъæбысы фелвæста. «Æгайтма æгомыг нæ дæ!» - загъта æмæ мын мæ русæн апъа кодта. Æз сын равдыс- тон, ГССР адæмон артисткæ кæй дæн, уый бæлвырдгæнæн, æмæ нымдзæгъд кодтой...» - Æгайтма ам кусыс, Леонид, - мæнмæ кабинетмæ куы ’рбацыд, уæд мыл бацин кодта, - фæлæ-ма мын зæгъ, «ацы æррадонмæ» дæ ныфс куыд æрбахастай? - Ницы кæны, Нинæ, мæхæдæг хуыздæр нæ дæн. Уыцы ныхæстæм мæ зæрдыл æрлæууыд, кæддæр мын Нинæ кæй радзырдта, театрмæ йæ куыд айстой, уыцы ха- бар: «Уæд, æвзонг чызгæй, типографы мæрзæгæй кусын райдыдтон æмæ, куыд уыд нæ зонын, фæлæ мæ цъылы- ны хъæд ацъæл. Æз æй æрæвæрдтон æмæ, цыма мæ ра- зы судзаггаджы мард уыдис, афтæ йыл бахъарæг кодтон. Нæ зонын, Тугъанты Махарбег - нæ номдзыд нывгæнæг - уым цы куыста, фæлæ мæ хъарæгмæ йæ сæр æрбадардта æмæ, цъылыны хъæдыл кæуын, уый куы базыдта, уæд йæ хъæлæсыдзаг ныххудт æмæ афтæ: «Райсом-ма 12 сахатыл театрмæ æрбацу». Дыккаг бон бацыдтæн, Махарбег мæ дык- каг уæладзыгмæ скодта æмæ мын афтæ зæгъы: «Мæнæ ацы стъолыл - уæлтæрхæг - уыдзæн «мард». Ды фыццаг уæладзыгмæ ныххиз æмæ уырдыгæй ардæм иронвæндаг æрбакæн». Мæнæн кæуын амонын нæ хъуыдис. Мæгуырæй схъомыл дæн. Куыд мын загъта, афтæ бакодтон. Стъолыл
26 Харебаты Леонид чидæр дæргъæй-дæлæмæ хуыссыд æмæ уый куы федтон, уæд мæ уромæг нал уыд. Тугъанты Махарбег мæ йæ хъæбысы фелвæста æмæ мын дзуры: «Фаг у, фаг!» Сæхæдæг дæр мæ кæуынмæ сæ цæссыгтæ фезгъæлстой. Фæстæдæр куыд ба- зыдтон, афтæмæй уым уыдысты театры нывгæнæг Цопан, Уанеты Захар, цыппæрæмы нæ бахъуыды кодтон». - Уыцы бонæй фæстæмæ мæ дыккаг хæдзар ссис театр æмæ кæсыс, Леонид, мæнæ та дæн, - загъта Нинæ. - «Гьа! Ныр ахст дæ, цъиу, фæлæуу, Нал аирвæздзынæ, Нал ауадздзыстæм ныр дæу, Махимæ цæрдзынæ!..» - Къостайы æмдзæвгæйæ йын дзуапп радтон æмæ Нинæ йæ амæлæты бонмæ театрæй нал фæхицæн. Афтæ уыд мæ фембæлд ирон адæмы уарзон артисткæ Цоциты Нинæимæ. НÆ ДЗУРИНÆГТÆ ФÆДЗУРÆМ... ый уыд Зары хъæуы. Мæ хорз кæстæр æмбал Козаты Павликæн йæ фыд Арчилы ток ныццавта æмæ комы аргъ лæг зæфцыфыдæй бабын. Арчилы æвæрæн боны Зармæ зианджынтæн тæфæрфæс кæнынмæ ацыдтæн. Зианмæ цы адæм æрцыд, уыдон зæххæн уæз кодтой. Уæлмæрды Арчи- лы тыххæй фыдохы æмбырды раныхас кодта ацы хъæуы зынгæдæр лæппутæй сæ иу - Цыбырты Людвиг. Людвиг афтæ рæсугъд дзырдта иронау æмæ йæм лæг тæхуды кодта. Уый æрдзырдта Арчилы лæгдзинæдты тыххæй æмæ стæй къухæй ацамыдта: - Ацы хъæд уынут, уый Арчилы хъæд у. Арчил ардыгæй суджы къæцæл хæссын дæр никуы никæмæн бауагъта æмæ махæй алчи дæр афтæ куы аудид æрдзыл, уæд нын цæрын уаид бирæ æнцондæр. «Арчилы хъæд», афтæ йæ хуыдтой йæ удæгасæй æмæ афтæ хуындзæнис йæ амæлæты фæстæ дæр. Уый уыдис иу-æртын азы размæ. Мæ зæрдыл бадардтон Людвигы æмæ фæстæдæр æввахс базонгæ стæм... Людвиг куыста бæстæзонæн музейы зона- дон кусæгæй, стæй зонад-иртасæн институты, фæстæдæр æй ахуыдтой пединститутмæ, æмæ дзы куыста деканæй, стæй ссис йæ ректор. Цæмæдæр гæсгæ Людвигмæ хица- у
Мæ мысинæгтæ 27 уады лæгтæ хъарм зæрдæ нæ дардтой. Уый æз тынг бан- къардтон, рауагъдад «Ирыстон»-ы сæйраг редакторæй куы куыстон, уыцы рæстæджы, æмæ мыл дис æфтыд. «Зæды хуызæн лæг, Ирыстонæн цы хуыздæр саразьгаыл йæ цар- ды бонтæ чи нывонд кæны, уыцы адæймагмæ ахæм цæстæй цæмæн кæсынц?» - фарстон мæхи, фæлæ абон дæр дзу- апп не ссардтон. Æвæццæгæн æм чидæртæ хæлæг кодтой æмæ сусæг-æргом хицауадмæ æвзаг хастой. Мах та ахæм адæм стæм æмæ анализ кæнынмæ нæ банхъæлмæ кæсæм, уайтагъд æрбадавæггаг дзырдтæй нæхицæн хатдзæгтæ ацаразæм æмæ: «къæрцц!» Уæлдæр майæ загътон, рауагъ- дады темпланы-иу Людвигы ном куы федтой, уæд-иу сæхи сæнцъылдтытæ кодтой, æндæр нæм ничиуал ис, зæгъгæ-иу, фæкодтой. Дзырд дардыл цæуы, фæлæ ралæууыд иу ахæм рæстæг, æмæ æз æмæ Людвиг æхсæв-бонмæ фæбадтыстæм фынджы фарсмæ æмæ кæрæдзийæн нæ дзуринæгтæ фаг фæдзырдтам. Уый та уыд афтæ. Нæ зоньга, кæцæй рацыд, фæлæ 1988 азы адæм сыста- дысты уæды обкомы фыццаг секретарь Санахъоты Фе- ликсы ныхмæ. Уынгтæ змæлæг систы, адæм æмбу кодтой, лæбурдтой, обкомы дуæрттæ цъæл кодтой. Чысыл-иу ба- сабыр сты, æмæ та-иу стæй зæйыскъуыдау фенкъуыстыс- ты Феликсы ныхмæ. Иуахæмы нæм обкоммæ фæдзырдтой, зæгъгæ, ньга баххуыс кæнут, адæм уæм кæд байхъусиккой, басабыр сæ кæнут. Æз æмæ Людвигæн иу бынатмæ загъ- той, сымах, дам, уым хуыздæр сарæхсдзыстут. Фæлæ ма цæй фæтк æмæ цæй цыдæр. Цы бынаты лæууыдыстæм, уым адæм афтæ разæй кодтой, æмæ ма сæ къæхты бынæй тыххæй аирвæзтыстæм. Уыцы æхсæв Санахъоты Феликс йæ «гæрзтæ» æрæвæрдта. Загъта: «Кæд уæ нæ хъæуын, уæд уын цы кæнон, сымах - бирæ, æз - иу». Феликсы ацыды хабар нæ уыд хорз. Кæд ма уыд, æмæ обкомы секретары адæм арвитой йæ куыстæй? - Леонид, ам цыдæр хабар ис, - дзуры мын Людвиг, - цом мæнмæ хæдзармæ æмæ ацы æхсæвы хабар банысан кæнæм. Иуæй мын хъыг у, иннæмæй æхсызгон, æгайтма адæм сæ сæрыл схæцынхъом сты. Хетæгкаты Къостайы уынгыл, ныхæстæгæнгæ, æрхæццæ стæм централон аптекæйы цурмæ.
28 Харебаты Леонид - Æз разы дæн, æрмæст нæ æввахсдæр чи цæры, уый хæдзармæ ацæуæм. - Хорз, - загъта Людвиг æмæ мемæ фæцæуæг. Æхсæвы бирæ фæныхас кодтам. Людвиг историк у æмæ, æвæццæгæн, ацы фарстытыл уый размæ дæр бирæ фæхъуыды кодта... Æхсæвы куы хицæн кодтам, уæд Людвиг загъта: - Леонид, цыдæр æвзæр хабар цæуы, фæлæ канд махмæ нæу афтæ, нæ паддзахады бындуртæ змæлын байдыдтой, уый адæмы хорзмæ не ’ркæндзæнис... Рацыд ма дыууæ азы æмæ, Людвиг цæмæй тарст, уый æрцыд: Горбачев, Яковлев æмæ Шеварднадзе сæхи хуызæн гадзрахатæй цæуджытимæ Советон Цæдисы ныууæй код- той. Фехæлд ССР Цæдис. Хуссар Ирыстоны туджы зæйты бын фæкодтой не зноны «гуырдзиаг коммунисттæ». Æмæ мæнæ абон дæр Хуссар Ирыстон йæ цæфтæй хъæрзы. Æрцыд Цыбырты Людвигы ныхас, фæлтау æй куы нæ загътаид, æниу æрцæуинагæн нæй æнæрцæутæ. ЦЫТДЖЫН ИЗÆР Уыдис журнал «Фидиуæг»-ы бæрæгбон. Нысан ын кодтам йæ «райгуырæн» бон. Æрвылхатт-иу куыд уыд, афтæ изæры цæттæ уыд нæртон фынг. Фынгмæ хуынд уыдысты хицауады лæгтæ дæр, се ’хсæн ахæмтæ дæр уыд, журнал йæ цæрæнбонты йæ къухмæ чи нæ райста. Фæлæ æгъдау афтæ уыд: иугæр хицауады стыр бандон ахсы, уæд уый у æппæтзонæг æмæ-иу хъуамæ уæлейæ рабадтаид. Дзырд дар- дыл цæуы, фæлæ кувæг уыд Гафез. Уый размæ Гафез нæ разы кодта, кувæг, дам, фынджы куыдз у, уый рæйы æмæ иннæтæ минас кæнынц, зæгъгæ. Фæлæ йæм куы бахаты- дысты, уæд сразы. А ныр фыццаг сыкъайæ Хуыцау æмæ Уастырджийæн скува, афтæ Нафи зарæг ныццæлхъ ласта. Гафез æм кæсгæйæ баззадис. «Фæлæуу уал, Нафи», - дзу- ры йæм, фæлæ марадз-зæгъай! Дзугаты Георгиимæ сæ зард хорз бадтис, æмæ йæм Нафи хатыд, къухæй йын амыдта, ома мын аххуыс кæн. Æмæ Георги дæр базарыд...
Мæ мысинæгтæ 29 «ЛÆППУ, ФЫНГ ДÆУМÆ КÆСЫ» & /Гах, ирæтты хуызæн, æддагон лæгæн кад кæнын ничи зо- Л^ Л-ны. Мæнæ абон Цхинвалы Абайты Уасо æмæ Тæболты Сергейы ном цы уынг хæссы, уый раздæр уыд Джапаридзейы уынг, фæлæ гуырдзымæ уый цъус кастис, хуыздæр уын- джы аккаг, дам, у нæ Алеша Джапаридзе. Гъемæ абон мах бавдæлдыстæм æмæ гуырдзы сæ сæрмæ цы уынг нæ хастой, уый дыууæ дихы акодтам, æмæ ныр уынгæн йе ’рдæг Абай- ты Уасойы ном хæссы, иннæ ’рдæг та Тæболты Сергейы ном. Тæболты Сергей трагикон æгъдауæй бабын, йæ амæлæт кæй фæндыд, уыдон азарæй. Сергей цъус рацард, фæлæ бирæ лæгæн сæдæ азы дæр нæ бантысы, уый йæ цыбыр царды цас сарæзта, уый бæрц. Хуссар Ирыстон уæззау уавæры куы бахауд, уæд кæйдæртау сур ныхæстæй нæ, фæлæ уд æмæ зæрдæйæ стыр æххуыс бакодта Хуссар Ирæн. Йæ бæллиц уыд дыууæ Ирыстоны иумæ иу паддзахадæй фенын, фæлæ йын уый нæ бантыст: фыдгулты азарæй бабын. Цалынмæ Хуссар Ирыстоны ацы уæззау трагеди не ’рцыд, уæдмæ æввахсмæ базонгæ дæн Тæболты Сергеимæ. Уый та уыд афтæ. Æз куыстон рауагъдад «Ирыстон»-ы сæйраг редакторæй, Гæбулты Мелитон (рухсаг уæд) та уыд рауагъдады директор. Гъемæ нæм иу дзæбæх бон Тæболты Сергей æмæ Тыджыты Юрий æрцыдысты. Фæндыд сæ нæ хъуыддæгтимæ æввахсдæр базонгæ уын. Тæболты Сергей куыста Цæгат Ирыстоны Мыхуыр æмæ полиграфион комите- ты сæрдарæй, Тыджыты Юрий та куыста рауагъдад «Ир»-ы директорæй. Сергей фæндон бахаста, цæмæй чингуытæ ивта- иккам, ^ ^гъæм, Цæгат Ирыстоны чи цæры, уыцы фыссæгæн йæ чинь Хуссар Иры рауадзын æмæ иннæрдæм. Баныхас кодтам æмæ уал баивтам дыууæ поэты чингуытæ. Плиты Феликсы æмбырдгонд рацыд Цæгат Ирыстоны æмæ Уалы- ты Лавренты æмдзæвгæты æмбырдгонд та - Хуссар Ирыс- тоны. Хъыгагæн, ууыл амард нæ уыцы рæсугъд фæндон. Уазджытæ, кæм федтай, ахæм уазджытæ, æмæ Мелит- онимæ баныхас кодтам. Æз сæ нæхимæ хæдзармæ фæхуыд- тон æмæ Сергей дæр мæ ныхасыл дыууæ нал загъта. Куыд уыд, цы уыд, фæлæ Сергей куыддæр нæ хæдзары къæсæрæй æрбахызт, афтæ мын мæ хъусы æрбадзырдта:
30 Харебаты Леонид - Леонид, уазалы фæмæлын, сихæн кодтон æмæ мæ схъарм кæнут. Æцæг Сергейы цæстæнгасыл фæзынд: лæппу нæу йæ мады фæндиаг. - Ууыл мын дæ сæр дæр ма сриссæд, - загътон ын æмæ йæ хъарм хуыссæнты арф ньганыуæрстон. Сергей ма тæвд цай дæр ахуыппытæ кодта æмæ стæй, æвæлмон сывæллонау, тæгæрфынæй ацис. Уæдмæ мах цæуылдæрты ныхас код- там, æмæ æфсин фынг куы сцæттæ кодта, уæд Сергеймæ хатæнмæ бахызтæн. Уый мæм хъæццулы бынæй скастис. - Куыд у, æгæр афынæй дæн? - афарста мæ. - Куыд дæ, ихæн ма кæныс? - Уæллæ-гъи, ногæфтыд айчы хуызæн адæн. Æвæццæ- гæн, фæндагыл фæллайгæ дæр бакодтон... - Уæдæ æгайтма афтæ радзæбæх дæ, ныр фæцырд кæн, лæппу, фынг дæумæ кæсы, - загътон ын æмæ рахызтæн хатæнæй. Чысыл фæстæдæр Сергей дæр рахызтис, йæ къухтæ сæхсадта æмæ йæ фынгмæ æрбакодтон: - Кæм дæ фæнды æмæ дæ куыд фæнды, афтæ æрбад. Гæбулты Мелитон кувæг уыдис. Юрий, йæхиуыл хæцыд, æви цы уыд, чысылгай нуæзта. Уыйхыгъд Сергей рæвдздæр уыд. Арахъхъ нæ банызта, ам дæр та арахъхъ нуазон, зæгъгæ, цæгаты дзы мæ игæртæ сфыхтысты æмæ дзы ам уæддæр баулæфон. Уыцы бон Сергей, Юрий, Мелитон æмæ æз аскъуыд- дзаг кодтам дыууæ рауагъдады æхсæн фидар бастдзинад саразын. Нæ уыцы фæндон дæр царды нæ ацыд бæрæг аххосæгты тыххæй - гуырдзыйы агрессийы аххосæй. Æниу æххæст афтæ дæр нæ уыд, - Сергей бабьга, Юрийы æндæр куыстмæ акодтой æмæ... Сергей загъта, зæгъгæ, цадæггай райдайæм иу кæнын: фысджытæ - фысджытимæ, нывгæнджытæ - нывгæн- джытимæ, композитортæ - композитортимæ. Кæсут, нæ журналисттæ хорз сæнгом сты, уыдон æрвылаз дæр æмбæлынц иумæ. Хорз традици ныффидар нæ ирон театр- ты æхсæн дæр. Уæдæ сæ хъуамæ мах дæр бафæзмæм. Д ыккаг хатт ма фембæлдтæн Тæболты Сергеимæ Д зæу- джыхъæуы, уырдæм куысты фæдыл куы ацыдтæн, уæд. Тыджыты Юрий фыс акусарт кодта æмæ нæ йæ дачæмæ фæхуыдта.
Мæ мысинæгтæ 31 Сергей фæстиат кодта æмæ мах бадтыстæм цæттæ фынджы фарсмæ. Уæдмæ Сергей дæр фæзынд: уæздан, хиуылхæцгæ лæппу-лæг. Фæцинтæ кодтам нæ кæрæдзийыл. - Уæллæ-гъи, уæд мын сымахмæ цас антыст æмæ мын куыд хорз батад... - æппæлыд мын. Фынджы сæр куы ’рбадт, уæд сæр æмæ бæрзæймæ фæкомкоммæ æмæ сдзырдта: - Адон афтæ чи æрæвæрдта, ныр уый сау хъус нæу! - æмæ бæрзæй йæ бынаты æрæвæрдта. ТОГОЙТЫ ГИОРГИ 1989 азы 23 ноябрь. Хæдзармæ мын фехъусын кодтой: зынгæ ирон историк, историон зонæдты доктор Тогойты Гиорги, дам, фæзиан, абон æй æвæрынц æмæ сæрмагонд автобусыл цæуæм Каспы районмæ, Тогойты хъæумæ, Гиоргийæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ. Ахæм уæззау хабар фехъусгæйæ, æз хорзау нал фæдæн. Гиоргиимæ схæлар дæн цыбыр рæстæгмæ, фæлæ, цыма иумæ схъомыл стæм, афтæ кæрæдзийыл не ’ууæнк бафтыд- там. Стыр зонды хицау уыд Гиорги. Хуыцау æй сфæлдыста, цæмæй ирон адæмæн хъæбулы лæггад бакодтаид. Гиорги райгуырд æмæ схъомыл гуырдзыйы æхсæн, æцæг, хъæу, Тогойты хъæу, сыгъдæг ирон хъæу уыд, сæ алфæмбылайы хъæуты гуырдзы цардысты æмæ ам цæрæг ирæттæ бар-æнæбары фылдæр дзырдтой гуырдзиагау, æгæрыстæмæй Гиоргийæн йæхи хæдзары дæр. Æндæр, уый бынаты, йæ цард саразыны кой кодтаид æмæ йе стыр зонд æмæ а^уырдзинады фæрцы гуырдзиаг «важбатъонитæй» хуызда ^æй дарддæр фæсте ницæмæй фæлæууыдаид. Фæлæ, куыд загътон, афтæ Гиоргийы Хуыцау радта, цæмæй стъа- лыйау йæ рухсæй Ирыстоны тарæй æмбæрзт историйы къуымтæ ньфрухс кодтаид. Гиоргиимæ куы базонгæ дæн, уæд куыстон рауагъдад «Ирыстон»-ы. Сындæггай-сындæггæй кæрæдзийæн нæ хъуыдытæ дзьфдтам æргомæй. Кæддæриддæр нæ дзырдысæр уьщ Ирыстон. Æппæлыд, гуырдзиæгтæй æппæлыны аккаг чи уыд, уыцы ахуыргæндтæй, фæлæ уыйхыгъд туджы хъаст кодта «æрмæст Гуырдзыстон цæра» чи хъæр кодта, уыцы гуырдзиаг «ура патриоттæй». Уæлдайдæр та сын М. Гор-
32 Харебаты Леонид бачевы хуызæн къæпдзых «коммунист» стыр бартæ куы радта, уæд. Арт æмæ фæнык нал уыд Марикъа Лордкъи- панидзе, Нодар Натадзе æмæ уыдон æмсæр фидиссаггонд «ахуыргæндтæн». Афтæ сæ фæндыд, цæмæй Тогойты Гиор- ги дæр уыдон зарæг куы кодтаид, æмæ уыцы хъуыддаг сæ къухы куы нæ бафтыд, уæд сусæг-æргом йæ ныхмæ рацы- дысты. Фæлæ йын уыцы мыдзбыртæ цы хъом уыдысты! Ги- орги иуран нæ бадтис, уый гуырдзыйы архивтæ лæмбынæг сахуыр кодта. Иухатт нæм В. Миллеры тыххæй дзырд æрхаудта. Æз ын æркодтон, В. Миллер «Картлис Цховреба»-йы дымгæмæ куыд ныддардта, уыцы хабар. Миллер фыста, зæгъгæ, «Карт- лис Цховреба» у аргъау, иу хабар дæр дзы факттæй ба- фидаргонд нæ цæуы... Уæд мын Гиорги загъта: «Леонид, Миллер раст у. «Картлис Цховреба», Миллер куыд зæгъы, раст афтæ у. Куы йæ фенис. Цал гуырдзиаг «патриот» æй рафæлдахы, уал æм йæхи ивындзинæдтæ бахæссы æмæ уый адыл иууылдæр у хъулæттæ. Цы дæ фæнды, ахæм адæм сты. Ома Гуырдзыстонæн пайдауæд, уый йеддæмæ, факттæ раст сты æви нæ, уый мæт нæ кæнынц». Гуырдзыстоны фысджыты æмбырды Иосеб Нонешвили Иракъли Абашидзейы хынцфарст куыд кодта (дæлдæр кæ- нын йæ кой), уыцы хабар æмæ Четиты Рубены таурæгъ Шота Руставелийы тыххæй йын радзырдтон. Гиорги мæм дзæбæх байхъуыста (чизоны йæ зæгъын аив нæу, фæлæ Гиорги цъус уæзхъус уыдис æмæ йемæ ныхас кæнгæйæ чысыл хъæрæй- дæр хъуыдис дзурын) æмæ загъта: «Æз уыцы хъуыдымæ раджы æрцыдтæн, поэмæ «Стайыцармдарæг» æмæ Нарты эпос куы бакастæн, уæд ын сарæзтон параллельтæ. Ахъуыды- макæн: «Нартæ» сты æртæ Нарты, «Стайыцармдарæджы» дæр паддзахадтæ сты æртæ. Тариел дары фыранчы царм, йе рагъæй йæ не ’ппары. Фыранк у ирон адæмы герб. Та- риел уый зоны æмæ йæ ирондзинад уымæй фидар кæны. Поэмæйы иу ран дæр никуы ис Гуырдзыстон æмæ гуырдзиаг лæджы кой, бауырндзæнис дæ, Леонид, æмæ гуырдзиаг по- эт ахæм стыр уацмыс фысса æмæ Гуырдзыстон æмæ гуыр- дзиаг лæджы кой ма скæна? Æнæмæнг скодтаид, уымæн æмæ уæды поэттæ Чахрухадзе, Шавтели, Мосе Хонели æмæ æндæртæн сæ уацмыстæй Гуырдзыстон æмæ гуырдзи- аджы тæф цæуы. Куыд гоймаг, афтæ Шота Руставели ни-
Мæ мысинæгтæ 33 куы уæвынад кодта, уыцы ном æмæ мыггаг сæ «патриоттæ» æрымысыдысты, уымæн æмæ поэмæйы автор у Дауыт-Со- слан. Дауыт-Сослан тауыдис ирон æмæ сæ уыцы хабар ма- ры æмæ сæ æргæвды. Ахъуыды-ма кæн, Тбилисы Тамар паддзахы номыл ис проспект, Тамары цырт... цæуылнæ дæттынц уынг Дауыт-Сосланæн? Кæд æмæ Гуырдзыстонæн Тамар æмæ Сослан -лæг æмæ ус - иумæ кодтой разамы- над, уæд? Уæдыккон гуырдзиаг æхцайыл уыдис Тамар æмæ Сосланы нывтæ? Тамар æмæ Сосланы фæстæ Гуырдзыс- тоны паддзæхтæ уыдысты ирæттæ. Уымæн æмæ Сослан æмæ Тамарæн уыдис зæнæг, чызг æмæ лæппу, Лаша Ге- орги æмæ Русудан. Русуданæн цот нæ уыд. Цот уыд Лаша Георгийæн æмæ уыдоны цоты цоты цот паддзахиуæг код- той Гуырдзыстоны. Æниу ном Тамар дæр скифаг кæй у, уый дызæрдыггаг нæу. Абайты Уасо раст фыста, абон Гуырдзыстоны хъалтæ ирон адæммæ уæлейæ дæлæмæ кæсынц æмæ сæм æгад кæсы, ома ацы «æнæрæгъыдзыд» адæмы хъæбул куыд хъуамæ уы- даид Гуырдзыстоны паддзах. Гъемæ ныр тырнынц, цæмæй Дауыт-Сосланы сгуырдзиаг кæной. Стæй канд уый дæр нæу. Чахрухадзе Дауыт-Сосланы арвыл æвæрдта, йæхи хуыд- та Сосланы къæхты рыг. Афтæ зæгъдзæнис зондджын лæг йæхицæй курдиадджындæр поэтæй, фæлæ поэт цыфæнды стыр паддзахæн дæр никуы зæгъдзæнис: «Æз дæуæн дæн дæ къæхты рыг». Гиоргийæн Дауыт-Сосланы тыххæй чиныг фыст уыдис, радта йæ «Фидиуæгмæ» æмæ йæ «Фидиуæджы» редактор - рухсыбадинаг Гаглойты Валодя сæрæй кæронмæ ныммыхуыр кодта ирон æвзагмæ тæлмацæй. Æз ын загътон, зæгъгæ йæ махмæ дæр радт, æмæ мын афтæ загъта: «Ам уырыссагау куы ныммыхуыр уа, уæд уын æвзæр куы уа, дæлейæ уæм куы сных уой. Ардыгæй сæм ис дзырдхæсджытæ æмæ куы фехъусой, уыдон сусæгæй ахæм æмæ ахæм чиныг мыхуыр кæнут, уæд чиныг æрæхгæндзысты, сымах та æфхæргæ бакæндзысты, хуыздæр у Цæгат Ирмæ йæ аласон...» Фæстæдæр Цæгат Ирыстоны рацыд Гиоргийы диссаджы чиныг «Дауыт-Сослан», фæлæ Гиорги йæ чиныг нал федта, æнæнхъæлæджы а дунейæ ахицæн. Æмæ ныр мах, Хуссар Ирыстоны интеллигенцийы ми- нæвæрттæ, цæуæм Ирыстоны уарзон хъæбулæн фæстаг з*
34 Харебаты Леонид хæрзбон зæгъынмæ. Дæлæмæ цæугæйæ Цхинвалы уынгтæ уыдысты æхгæд. Æрбайхъуыстис нæм, абон, дам, гуырдзыйы экстремисттæ: Звиад Гамсахурдиа, Нодар Натадзе æмæ уы- дон хуызæн куйхортæ хъуамæ Цхинвалы стыр митинг ауа- дзой. Фынæй нæ кодтам мах дæр, æрбацæуæн фæндæгтæ æрæхгæдтой нæ сагсур лæппутæ æмæ мах ацæуын бахъуы- дис Никозы хъæуыл. Гурмæ куы ныхæццæ стæм, уæд нæ сæрыхъуын арц сбад- тис. Фæндæгтæ æрæхгæдтой, Хуссар Ирыстонмæ митинг аразынмæ чи цыд, уыцы адæмы автобустæ, рог машинæтæ. Æрмæст дзы «Икарус»-тæ банымадтон æхсайæ фылдæр, стæй «ЛАЗ» æмæ «ПАЗ» автобустæ, уыдонæн банымайæн нæуыд. Цыдысты æмæ цыдысты Хуссар Ирыстонмæ, мах та Каспы районмæ, Тогойты хъæумæ - Гиоргийы бавæрынмæ. Гиоргийы зианмæ æрцыд тынг бирæ адæм. Раст зæгъын хъæуы, Гиоргийæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æрбацыд Тбилисæй, Гиоргийы зонд æмæ курдиатæн стыр кад чи код- та, уыцы гуырдзиаг ахуыргæндты къорд. Фыдохы митинджы махæй хæрзбоны ныхæстæ загъ- той Джусойты Нафи, Цыбырты Людвиг æмæ Цхуырбаты Иван. Æхсæвы фæстæмæ куы ’рбаздæхтыстæм, уæд Цхинвалмæ æрбахизæны гуырдзы æмбу кодтой. Нæ лæппутæ сын сæ фæндаг æрæхгæдтой æмæ сæ мидæмæ не ’рбауагътой. Хуымæтæджы нæ цæрддзу кодта Тогойты Гиорги йæ ирон адæмыл, зыдта сын сæ хъару æмæ сын йæ уд снывонд кодта. Цыдæр ма мын баззад дзуринаг Гиоргийы тыххæй, фæлæ уый ацы темæмæ нæ хауы æмæ йæ æндæр хатт ныффысдзынæн. ФОНДЗ СОМЫ Нæ ирон фысджытæй Джиоты Дауыты хуызæн уæззау уавæры ничи бахаудта: йæ астæуыстæг асаст æмæ йæ къахыл нал слæууыд. Æдзух уыд уатон рынчын, фæстагмæ медицинæйы фæрцы Дауытæн йæ бон бацис инвалидон коляскæйы бадын. Цы ма йæ урæдта, æдзух æрдзы хъæбысы куы уыдаид, уый йæ фæндыд. Æрдзæй уыд æнæниз уæнгты хицау, йæ астæу ма йæ куы нæ хъыгдардтаид, уæд йемæ
Мæ мысинæгтæ 35 схæцын никæй бон бауыдаид. Тынг бирæ уарзта шашкæтæй хъазын. Йæхи-иу «фаг» куы аирхæфста, уæд-иу Театралон фæзуатæй комкоммæ хæдзармæ никуы ацыдаид, хъуамæ йæ фæндаг акодтаид уазæгдон «Ирыстон»-ы рестораныл. Иуахæмы хъазт йæ тæмæны куы уыд, уæд театры сæрмæ цы стыр репродуктор уыд, уый райдыдта фæстаг хабæрттæ дзурын. Дзырд цыдис, Украинæйы культурæйы бонтæ Тби- лисы кæй хъуамæ райдыдтаиккой æмæ сæ делегацийыл кæй фембæлдысты гуырдзиаг интеллигенцийы минæвæрттæ, фысджытæ... Арфæйы ныхас сын украинаг æвзагыл загъта гуырдзиаг литературон критик Бесо Жгъентъи. Дауыт Бе- сойы хорз зыдта. Бесо уыд цæстцух æмæ-иу гæххæтмæ каст зулмæ. Дзырд куы фæцис, уæд Дауыт йæ армытъæпæнæй йæ уæраг æрцавта æмæ катайгæнгæ сдзырдта: - Ау, уæдæ мах куыд æнамонд фестæм, уæдæ махмæ дæр куы ис иу уый хуызæн... Дауыт кæй кой кодта, уый абон дæр мæ бон нæу зæгъын. Бирæ нал банхъæлмæ каст. - Цæугæ, Иссæ, цом, Леонид, мæ коляскæ мын тул, - уы- цы ныхæстæм Дауыт йæ риуы дзыпмæ нывнæлдта æмæ дзы фондз сомы систа: - Адон фаг сты бын æрæвæрынæн, стæй та фендзыстæм. Махмæ дæр уыд цыдæр капеччытæ, фæлæ нын Дауытæн йæхи фондз сомы дæр нæ бахардз сты. Куыддæр фынджы фарсмæ æрбадтыстæм, афтæ нæм фæйнæрдыгæй хуынтæ фервыстой. Дыккаг бон мæм Дауыт хæдзарæй куыстмæ фæ- дзырдта: - Леонид, фæцæуын, ме зноны фондз сомы мæхимæ сты, Исидормæ дæр фæхабар кæн... Ахæм фембæлдтытæ уарзта нæхи дзæнæттаг Дауыт. «ХЪУЫТАЗ» Ахæм ном радтон, сывæллæттæн цы æмдзæвгæты цикл ныффыстон, уымæн. Уæд журнал «Фидиуæджы» редак- торæй куыста Дзугаты Гиорги. Æмкарæнтæ нæ уыдыстæм, Гиорги мæнæй иу-ссæдз азы хистæр уыд, фæлæ, цыма иу кæрты схъомыл стæм, афтæ æмбæрстам нæ кæрæдзи. Мæ
36 Харебаты Леонид ацы æмдзæвгæтæ Гиоргимæ куы бахастон, уæд мæм дык- каг бон фæдзырдта телефонæй: - Лео (фысджытæ уарзтой мæнæн мæ ном фæцыбыр кæнын, уыдонимæ Дзугаты Гиорги дæр), де ’мдзæвгæтæ дын бакастæн, куыдз бахæрай, сывæллæттæн ахæм дзæбæх æмдзæвгæтæ фыссын дæ бон у æмæ нырмæ цы ми кодтай? Мæ зæрдæмæ дын фæцыдысты, æнæмæнг сæ «Фидиуæджы» ныммыхуыр кæндзыстæм. Гиорги йæ дзырдæн кæддæриддæр уыд хицау: уыцы æввахс рæстæджы журналы ныммыхуыр сты ме ’мдзæвгæтæ. Æз ма уый фæстæ ноджыдæр бафæлвæрдтон æмæ нæ чы- сыл хуртæн иу чысыл чиныг рауагътон, «Хъуытаз», зæгъгæ, ахæм номимæ. - Лео, де ’мдзæвгæтæ канд сабитæн не сты фыст, фæлæ сæ алкæй мидæг дæр тæлфы ирон адæммæ уарзондзинад, хъуыдытыл æфтауынц чиныгкæсæджы, - дзырдта мын Ги- орги æмæ ма йæ ныхæстæм бафтыдта: - Дæ роман «Уарзт æмæ денджыз» дын къухфыстæй бакастæн, ис дзы дызгъуын бынæттæ, аредакци сæ хъæуы, фæлæ æмткæй хорз фыст у. Батæхуды дæм кодтон. Ды иу хабарæй иннæ хабармæ афтæ æнцонæй ахизыс æмæ уый фыссæгæн бæллиццаг миниуæг у. Æз исты хабар куы фæфыссын, уæд дзы мæхи атонын нал фæфæразын. Ахæм ныхæстæ фехъусын, йæхи чи нæ уарзы, уый йеддæмæ хъыг никæмæн уыдзæн, кæй зæгъын æй хъæуы, Гиоргийы хуызæн фæлтæрд поэтæй ахæм æппæлд мæнæн уыд Ленины ордены хуызæн. - Цæй, дæ «Хъуытаз»-æн акувæм, цом «Дзау»-ы хæрæн- донмæ. Ацыдыстæм. Гиорги хæдзармæ бацыдис (цардис 8-æм Июны уынгыл). Фæстæмæ тагъд фездæхт, йæ къухы уыд, афтæ æртæ-цыппар литры сæн кæм цыдаид, ахæм дурын. Гиорги йæ гоцъоби хуыдта, фæлæ гоцъоби чысыл у. Уыцы бон фаг фæныхас кодтам нæ цард æмæ не сфæлдыстады тыххæй. ФÆЙЫÆ УИСЫ МА... Æрæджы зынгæ ирон фыссæг Букуылты Алыксийы рай- гуырдыл сæххæст æстай азы. Бирæ арфæтæ райста ацы
Мæ мысинæгтæ 37 диссаджы хорз лæг йæ райгуырæн боны куыд æмгæрттæй, афтæ хицауады ’рдыгæй дæр. Нæ Президент Цыбырты Люд- виг æм ныффыста сæрмагонд арфæйы фыстæг, схорзæхджын æй кодта майданæй æмæ уыцы аудындзинадæй чысыл йæ рыст зæрдæ барухс. Ацы бонты фембæлдтæн Алыксийыл, кæрæдзийыл фæцинтæ кодтам. Æз ын æрымысыдтæн нæ «хос кæрдыны» хабар. Цæвиттон, Алыкси уарзта изæры сатæг уæлдæфмæ тезгъо кæнын. Æрымысыд-иу йæ хъизæмайраг бонтæ æмæ- иу мæ уæд уæгъд нал суагъта, Леонид, цом иу-дыууæ уисы та æрхæссæм, зæгъгæ. Ныр ын йæ «уистæ» куы ’рхъуыды кодтон, уæд мын дзу- ры: - Æмæ ды Гуыцмæзты Михалы стъолы бынты куы бы- рын кодтай, уæд уый та куыд уыдис? Æцæгдæр, уый рæсугъд, хъæлдзæг хабар уыд. Æз æмæ Алыкси цалдæр азы бадтыстæм иу кабинеты, куыстам газет «Советон Ирыстон»-ы. Алыкси уыд бæрнон секретарь, æз та йæ хæдивæг. Иу бон, куыст фæуынхъус уыдис, афтæ нæм нæ хæлар, фыссæг, драматург Гуыцмæзты Михал æрбацыд. Шашкитæй хъазын бирæ уарзта æмæ æрдомдта, цæмæй мемæ иу-дыууæ хъазты акодтаид. Алыкси шашкитæй хъа- зын зыдта, фæлæ сæ хъазгæ нæ кодта. - Ауадз нæ, Михал, фембылды уыдзынæ æмæ тæригъæд дæ, - Алыкси хъазыд. - Нæ дæн тæригъæд, - йæхи нал сæтты Михал, - æртæ хъазты акæнæм æмæ чи фембылды уа, уый стъолы бынты абырæд! Бафарста мæ: разы дæн æви нæ? Нал дзы уыд æндæр гæнæн, сразы дæн. Алыкси нын уыд тæрхонгæнæг! Михал хорз хъазыд, фæлæ йыл гъеуæд цы ’рцыдис, уый абон дæр нæ зонын, æртæ хъазтæн дæр фембылды. Михал йæхимæ смæсты, шашкитæ цыппæрæм хатт æвæры æмæ йын Алыкси дзуры: - Михал, æз тæрхонгæнæг дæн? - Дæ! - зæгъы Михал. - Уæдæ кæд тæрхонгæнæг дæн, уæд фембылды дæ æмæ стъолы бынты абыр, кæннод цæугæ кæнын. Михал не сразы. Æз дæр «хæрæгыл» сбадтæн æмæ дарддæр хъазыныл нал сразы дæн.
38 Харебаты Леонид - Фæлæуут, кæд ма уын чингуытæ рауадзон, - Михал нæм бартхъирæн кодта. Æцæг уæд рауагъдады куыста редакторæй æмæ нæ хъазыд, æндæра уый ахæм хъуыддаг кæм сарæзтаид, фæлæ ма йæ сæрæн уый зыдта æмæ нæ ахъавыд амæстæй марын. Михал фæтæргай æмæ ацыд. Алыкси æрæнкъард, Ми- хал тæргайæ кæй ацыд, уый тыххæй. - Ныр нæ тæфтыл нал ацæудзæнис, - маст кодта Алык- си. - Ма йын тæрс, йæ куыдзы зæрдæ та нæ фæлæудзæнис, - загътон æмæ мах дæр нæ хæдзæрттæм ацыдыстæм. Дыккаг бон, изæрæй, аныр кабинеты дуар сæхгæнæм, афтæ къæсæрыл æрбалæууыд Михал, худы æмæ дзуры: - Фенæм гъеныр, дысон стъолы бынты кæй бырын код- тат? Гъе афтæ уыд Алыксиимæ мæ фембæлд, «уистæ» æрхæс- сын æмæ Михалы стъолы бынты абырыны хабар дæр уымæн æрымысьвд. Ныр дæр мæнæ иумæ цæуæм æмæ «уистæ» хæссæм Ста- лины уынгыл Абайты Уасойы уынгæй Харебаты Исахъы уынгмæ. Алыкси дзуры æмæ чысыл иуырдæм куы фæкæсын, уæд мын мæ фарс йæ рæмбыныкъæдзæй фæцагайы: - Дзæгъæл ма кæс, цы дын зæгъон, уый зоныс?.. -Æмæ та дарддæр йæ фæлмæн æвзагæй нывæнды йæ диссаджы царды хабæрттæ. Мах цыдыстæм æмæ хастам «уистæ»... Мæнæ, цымахос карстам, афтæ. «МИНАС КÆНÆМ ДЫУУÆЙÆ: ÆЗ ÆМÆ МÆХÆДÆГ» Поэт Хъайтыхъты Георы йæ чингуытæй дзæбæх зыдтон, уарзын ын йæ хъæлдзæг юмор, ифтонг сатирæ... Æз æнкъардтон иу хабар: ацы поэтикон рæнхъыты хицауæн æвзæр зæрдæ ма хъуамæ уа... Фыста эпиграммæтæ дæр. Иу дзы уыд Камалыл: «Уæларвмæ нывзылдта Йæ лæдзæг Ка- мал, Йæ сæрæн нæ зыдта Бынтондæр амал». Ацы эпиграммæ мын Алагиры радзырдта Хъайтыхътæй иу бæрнон кусæг, лæппу-лæг, Камал, дам, Геормæ бахатыд, мæнæ, зæгъ, мæ
Мæ мысинæгтæ 39 лæдзæг хæрдмæ фехсдзынæн, æмæ цалынмæ зæхмæ хауа, уæдмæ, дам, мыл эпиграммæ ныффысс æмæ, дам, ын йæ фæндон сæххæст кодта. Гъемæ ахæм поэты фенын æмæ йемæ аныхас кæнын мæн рагæй фæндыд. Ме ’взæрдзинадыл басæттон: цæуаг нæ дæн. Цæгат Ирыстонмæ куы ахауын, уæддæр редакцитыл никуы фæзилын. Абон дæр æй нæма зонын, журнал «Мах дуг»-ы редакци кæм ис, уый. Æниу, мæ цæгаттаг уарзон фысджы- тыл иугай-дыгай иууылдæр фембæлдтæн, æгæрыстæмæй, базонгæ дæн Цæрукъаты Алыксандримæ дæр. Фæцис мын нæ фысджыты хистæр фæлтæры минæвар Хъайтыхъты Георимæ фембæлыны фадат дæр. Уый тауыд афтæ: Ручъы тъунел куы фегом, уæдæй фæстæмæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмтæн Къостайы райгуырæн хъæу Нар ссис кувæндон, æмæ ныр æрвылаз дæр 15 октябры, Къос- тайы райгуырæн боны, æгас Ирыстоны раззагон дзыллæтæ вæййынц нæ национ кувæндон Нары. Ацы бонмæ йæхи тынг бацæттæ кæны Цæгат Ирыстоны базарады министрад: хæрд, нозт дзы вæййы фаг. Дæ бон у æмæ дзы дзæбæх фæминас кæнай, æцæг, фæстаг азты ацы хъуыддаг фæцудыдта. Уый Кавказы æнцойад кæй нал ис, уый аххосæй у. Дзьфд дардыл цæуы, фæлæ æз иунæгæй Нары хидыл æрбацыдтæн, хъуамæ Къостайы хæдзар-музей федтаин. Кæсын, æмæ тæккæ фæндаджы хъæбæрыл иу нæртон лæг къуыдырфых дзидза, дыууæ авджы нозт, цæхх, дзул æмæ ма чысыл цыдæртæ йæ разы æрæвæрдта, галиу къухæй æркæны æмæ рахизæй аназы. Æввахс æм бацыдтæн, æмæ мæнæ Хъайтыхъты Геор (Геор кæй уыд, уый йæ къаммæ гæсгæ базыдтон) йæхæдæг йæхиимæ минас кæны. «Мæ цу- ры æрбад», - мæхи йын нæма бацамыдтон, афтæмæй мæм бахатыд. «Уæртæ дын бандон, æз æмбал агуырдтон, æгайтма фæзындтæ». Æз бандонмæ куы рацыдтæн, уæд буфетæй иу авг арахъхъ мемæ райстон. Георæн мæхи куы бацамыдтон, уæд мыл тынг бацин кодта. - Хуссарæй нæм чингуытæ рæстæгыл нæ хæццæ кæнынц, фæлæ дæуæн де ’мдзæвгæтæ кастæн. (Кæд дзы ницы кас- тис, уæддæр мын мæ зæрдæ алхæдта.) Ныр дæ æгайтма æввахсмæ базыдтон, минас кодтон мæхæдæг мæхиимæ, ныр та - мæхæдæг дæхиимæ.
40 Харебаты Леонид Афтæ уыд Нары мæ фембæлд Хъайтыхъты Георыл. Уæдæй ардæм дзæвгар азтæ рацыд, фæлæ, цыма уыцы хабар знон уыд, уыйау мæ цæстыты раз февзæры, Георы æмдзæвгæты чиныг мæ къухмæ куыддæр райсын, афтæ. «АЙ УЫЦЫ СÆНÆЙ НÆУ...» Бахъаты Нугзар, куыд дзы дзурынц, афтæ «чъынды» нæу: стæм хатт фæхоны, стæм хатт æрæвæры æмгæрттæн фынг. Стæй йын йæ къух аразы йæ хорз æмкъай Нарты- хон дæр. Иуахæмы та Нугзар сфæнд кодта йæ хæдзары фынг æрæвæрын æмæ фæхуыдта Дзугаты Георгийы, Хацырты Сергейы, Козаты Исидоры æмæ мæн. Куыд фæзæгъынц, фынгыл маргъы æхсырæй дарддæр алцыдæр уыдис. Нугзарæн йæ фыдæй Бахъаты хъæуы дзæбæх бынтæ баззад: хæдзар, сæндон, дыргъдон æмæ сæ йæ фыды амæлæты фæстæ фæцудын нæ бауагъта, зыл- дис хæдзармæ, сæндонмæ, дыргъдонмæ æмæ йæ къуымы кæддæриддæр уыд алцыдæр, уыдонимæ сырх сæн дæр. Уы- цы бон йæ хуыздæр сæныл нæ бацауæрста: йæ ныккæндæй, иу-ссæдз литры кæм цыдис, ахæм дзаг гарз схаста æмæ йæ лоджийы æрæвæрдта. Сæнæй иу дурын нозт куы фæцис, æмæ Нугзар æд ду- рын сæн хæссынмæ куы ацыд, уæд æз «æвзаг бахастон», зæгъын, ацы Нугзармæ ис иу æвзæр миниуæг: «Фыццаг дын йæ дзæбæх сæнæй бадардзæн, стæй, ома, чи ма йын цы базондзæн: йæ сылыйы хуызæн сæн райдайы дарын». Ха- цырты Сергей æмæ Исидор хорз зыдтой ме ’взаджы ахаст æмæ мæ ныхæстæ ницæмæ æрдардтой. Уыйхыгъд Дзуга- ты Георгийы мæ «дам-дум» бауырныдта æмæ ног дурынæй рæгъ куы рацыд, уæд Георги акуывта (кувæг уый уыдис) æмæ цыдæр йæхи фенцъылдта, фæлæ зæгъгæ ницы кодта. Дыккаг рæгъы фæстæ Георги йæхи нал баурæдта æмæ мæм æрбадзырдта: «Лео, раст дæ, ай уыцы сæнæй нæу...» Нугзар къæрцхъус у, уайтагъд йæ «антеннæтæ» скуыс- той, фæлæ хъуыддаг дзæбæх не ’мбæрста æмæ, цыма ни- цы фехъуыста, йæхи афтæ равдыста. Георги Нугзары уы- цы хиуылхæцындзинад æнæбафиппайгæ нæ фæцис æмæ
Мæ мысинæгтæ 41 та мын сабыргай дзуры: «Кæсыс, Нугзар йæхи куыд ныхъ- хъус кодта?» Æз хъуыддаг фергом кодтон. Нугзар ацыд æмæ йæ хъæбысы æрбахаста, æнæхъæн пут сæн ма кæм уыд, ахæм стыр дзаг гарз æмæ дзуры: - Уæд æз лæг мауон, кæд фыццаг дурын дæр ацы сæнæй нæ уыд. Леонидмæ ма хъус, уый барæй «змæнты». Нугзар сæдæ проценты раст уыд, фæлæ Георгийæн уæддæр уыцы сæн фыццаг сæны ад нал кодта. Афтæтæ зыдтон æз дæр. «МÆ ЦАРД МÆ КЪАХÆЙ АССОН-АССОН КÆНЫН» 1937 азты карз рæстæг фысджыты хистæр фæлтæры афтæ тынг фæтæрсын кодта, æмæ сæ сыдæй чи мар- даид, уый дæр йæ амæлæтмæ «стонгæй мæлын» зæгъын дæр нал уæндыд. Уыдонмæ хаудта поэт Плиты Илья дæр... Иуахæмы Илья йæ ног æмдзæвгæтæ журнал «Фидиуæг»-мæ бахаста. Мæн дæр мæ къæхтæ кæдæм нæ бахæссынц, уыцы уысм æз дæр фæдæн уым. Уæд журналы редакторæй куыс- та Дзугаты Георги - нæ разагъды поэттæй сæ иу. Зæгъæн ис, Георги æмæ Плиты Илья æмбæйттæ уыдысты, цалдæр азы йеддæмæ нæ уыд се ’хсæн. Дзугаты Георги къæрцхъус поэт уыд æмæ ног дуджы уды цæф уайтагъд бамбæрста æмæ поэт фыста йæ уды сагъæстæ, йæ зæрдæ йæм куыд дзырдта, афтæ. Плиты Ильяйыл бацин кодта, аныхæстæ кодтой æмæ стæй Илья йе ’рбацыды хабар загъта: «Мæнæ дæм, Дзугаты Георги, ног æмдзæвгæтæ æрбахастон». Дзу- гаты Георги сæ бакаст æмæ дзы иу æмдзæвгæйыл «ныцца- уызта». Уым уыд ахæм рæнхъытæ: «Мæ цард мæ къахæй ассон-ассон кæнын». Ацы рæнхъытæ Георгийы зæрдæмæ нæ фæцыдысты, фæлæ дзургæ ницы скодта. «Хорз, уадз сæ, ноджы ма сæм æркæсдзынæн æмæ...» Ахæм дзуапп фехъусгæйæ, Плиты Илья сыстад, Георгимæ æввахс бацыд æмæ йын йæ хъусы дзурæгау бакодта: - Дзугаты Георги, иу-фондз сомы дæм нæ уыдзæнис, мæ сывæллæттæ сыдæй мæлынц...
42 Харебаты Леонид Дзугаты Георги, сабыр-сабыр, æнæ юмор нæ уыди æмæ Ильяйæн афтæ зæгъы: - Плиты Илья, цæй æхца мæм зоныс, æз ма дæуæй куы уыдтæн хæс райсинаг. Мæнæ де ’мдзæвгæйы дæхæдæг куы фыссыс: «Мæ цард мæ къахæй ассон-ассон кæнын», зæгъгæ, куыд дæ бамбарон, ахæм царды хицау чи у, уый ма æхца ку- рын йæ сæрмæ хæсгæ та куыд кæны? - Дзугаты Георги, уый поэзи у æмæ дзы æндæр гæнæн нæй, кæннод æй ды нæ ныммыхуыр кæндзынæ. Афтæ йæхи рæстытæ кодта, кæддæры карз дугæй тарст поэт! «...НУАЗÆМ, УÆД ЛÆГАУ!» Гафез Фысджыты цæдисы сæрдарæй куы куыста, уæд царды уавæртæ æвзæр нæ уыдысты, фæлæ уый фагыл нæ нымадта æмæ архайдта, цæмæй алы фыссæг дæр афæдз иу хатт баулæфыдаид. Гъемæ иу бон æз æмæ Мæргъиты Къостамæ (уæд нæ дыууæ дæр куыстам газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы) фæдзырдта: «Бирæ цæрат, бирæ фæкуыстат æмæ ныр та улæфгæ бакæнут. Мæнæ уын Ялтæмæ Фысджыты сфæлдыстадон хæдзармæ балцæгтæ (путевкæтæ) æрцæттæ кодтон». Мæнæн тынг æхсызгон уыдис, фæлæ Мæргъиты Къос- та чысыл базивæг кодта. Гафез Къостайы зæрдæйы уаг бамбæрста æмæ йæ агитаци кæнын райдыдта: «Ма зивæг кæн, мæнæ ма дзы Леонид иухатт улæфыд æмæ тынг райгрндæй баззад. Хъырым кæддæр нæ фыдæлты зæхх уыдис. Иæ фе- ныны тыххæй дæр аккаг у æмæ уырдæм ацæуай». ... Хъьфыммæ æртахтыстæм. Симферополæй Ялтæмæ цы- дис троллейбус æмæ ууыл афардæг стæм. Ам æрæййæфтам ирон фысджытæ Букуылты Алыкси æмæ Пухаты Пъетъ- рейы. Фæцинтæ ныл кодтой. .Уыдон фæстæмæ, нæхимæ, цæуынхъус уыдысты æмæ нын «фæндæгтæ» бацамыдтой: райсомæй цафон хъуамæ сыстай, автобус цал сахатыл ацæуы денджызы былмæ æмæ æндæр лыстæг хъуыддæгтæ. Иубон Къостаимæ сфæнд кодта, цом æмæ, зæгъ, ден- джызон нау «Осетия» фенæм. Æцæг ыл уый размæ Голо- ты Валодя фыста, фæлæ хи цæстæй фенынæн æндæр аргъ
Мвг мысинæгтæ 43 ис. Улæфæн хæдзары ма уыдис, немæ хæрз æнцонæй чи базонгæ, иу ахæм белорусаг фыссæг Прошка. (Иæ ном ын нал хъуыды кæнын). Уыцы рæстæджы белорусаг адæмæй фæсарæнмæ чи ахаудта, уыдонæн Минскы цыдис газет. Прошка уыдис уыцы газеты сæйраг редактор. Мæнгæй нæ фæзæгъынц: «Халон халоны дардмæ уыны». Цыма нæ ных- тыл уыдис фыст, редакцийы кæй кусæм, уыцы хабар, уыйау нæ базыдта æмæ йæхи махимæ сбаста, фæлæ йын хорз нæ рауад кавказаг лæппутимæ «æмдзæхдон кæнын». Хъуыддаг уыд афтæ. Райсомæй-иу, аходæн бакæныны фæстæ, автобусыл ацыдыстæм денджызы былмæ хуры ваннæтæ исынмæ æмæ нæхи найынмæ. Фæстæмæ цæугæйæ та-иу нæ фæндаг ракодтам колхозон базарыл. Базар та дзы ахæм уыд, æмæ-иу лæджы уырдыгæй рацæуын нал фæндыд. Уæлдайдæр та, уым цы сæны боцкъатæ уыд, уыдон фенгæйæ. Хъуамæ-иу хæрды размæ Къостаимæ фæйнæ бæгæнынуазæн кружкæ «ныццавтаиккам». Иу ахæм рæстæджы немæ æрбаиу Прошка дæр æмæ йæ суазæг кодтам, банызтам фæйнæ кружкæ сæн. Къостамæ афтæ фæкаст, Прошка ма иу бана- зид. Бахатыдыстæм Прошкамæ æмæ ма ноджыдæр фæйнæ банызтам. - Уæдæ кæд нуазæм, уæд лæгау, - загъта Прошка æмæ дзаг гарзмæ бавнæлдта. Дыккаг бон мæм Къоста дуар хойы. Ракастæн æм. - Дæумæ ничи лæбурдта?- фæрсы мæ Къоста. - Чи мæм хъуамæ лæбурдтаид? - Дысон Прошка лæгæн нал сбæззыд, цыдæр лымæн сылгоймаг йын ис æмæ йæ афтæмæй куы федта, уæд мемæ загъд-замана самадта, къултыл мæ фæхоста... - Æмæ ныр куыд у? - афарстон æй. - Хуыссы нæ коллегæ, дыууæ гæрахы фаг йеддæмæ не ссис, - загъта Къоста æмæ аходæн хæрынмæ атындзыд- там. Аходæны фæстæ Къоста денджызы былмæ ацыд, æз бадтæн, кæрты цы сабæлут бæлæстæ уыд, уыдонæй иуы бын. Уыд фæззæг, октябры мæй, сабæлут згъæлдис. Кæсын, æмæ мæ цурмæ æрбацыд иу уæздан зæронд лæг, салам мын радта, салам ын радтон æз дæр. - Де ’мбалæй куыд фæхицæн дæ?
44 Харебаты Леонид Лæджы уыцы фарстæй бæрæг уыд, йæ цæст ныл кæй æрæвæрдта. Денджызмæ ацыд, ын куы загътон, уæд мæ фарсмæ фæхсбандоныл æрбадт, æрфарста мæ, чи дæн æмæ кæцæй дæн. Æхсызгон ын уыдис, ироы кæй разындтæн, æгайтма дзуттаг нæ дæ, зæгъгæ. - Æмæ дзуттæгтæ цы кæнынц? - афарстон æй. - Кæнгæ ницы кæнынц, - зæгъы мын зæронд лæг, - фæлæ сæхи йеддæмæ никæимæ хæццæ кæнынц. Ацы лæджы ныхæстæм мæ зæрдæ фæкъæпп кодта иу хабармæ. Номдзыд фыссæг Паустовский дæр ам улæфыд, йемæ зонгæ дæр бадæн, фæлæ æмхиц никæимæ уыд, иннæ улæфджытае-иу æнæхъæн бардзæй амбырд сты улæфæн хæдзары фоейы æмæ кæс ды уыдонмæ. Ацы хабар куы радзырдтон, уæд мын зæронд лæг загъта: - Уый дæр уыдонæй у, никæимæ хæццæ кæны. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй мæ ног хæлар ра- зынд зынгæ хъазахаг фыссæг Сабит Муканов. Йæ ном æмæ мын йæ мыггаг куы загъта, уæд мын «фæсаууонмæ» зонгæ разындис. Уый размæ йæ цалдæр хаты бавдыстой Лени- ны премимæ, фæлæ йын æй никуы радтой. Ацы хабар æз газеттæй зыдтон æмæ йæ бафарстон, зæгъын, ды уыцы Са- бит Муканов дæ? - Афтæ уыд, уый æз дæн, - загъта мын æмæ йæ ныхæстæм бафтыдта: - Уым дæр уыдон сты æмæ сæхи йеддæмæ никæй уадзынц размæ. Фæстæдæр Сабит Мукановы базонгæ кодтон Къостаимæ æмæ тынг схæлар сты. Иу райсом æм цæмæдæр бацыдтæн, йæ дуар чысыл зыхъхъыр уыд æмæ йæ ламазгæнгæ куы ауыд- тон, уæд æнæдзургæйæ фæстæмæ раздæхтæн. Фæстæдæр æй бафарстон (ламазгæнгæ йæ федтон, уый йын нæ загъ- тон), зæгъын, пысылмон коммунисттæй ма исчи ламаз кæны? Сабит Муканов мын æнæ дæлæ-уæлæйæ загъта: -Æз коммунист дæн, фæлæ иу бон дæр мæ ламаз кæнын нæ ныууагътон. Иу æвзæр миниуæг мæм ис: хурныгуылдæй фæстæмæ уæлмæрдты ацæуын нæ уæндын, афтæ мæм фæкæсы, цыма мæ мæрдтæ мæ фæдджийæ сæхимæ фæцæй- ласынц. Амæйразмæ фехъуыстон, зæгъгæ, Хъазахстаны адæмон фыссæг Сабит Муканов фæзиан. Рухсаг уæд! Фæлæ, мæ-
Мæ мысинæгтæ 45 гуырæг, цæмæй тарстис, уый йæ баййæфта. Мæлæтæй ирвæзæн нæй. Ялтæмæ мæ ацыдæй тынг райгондæй баззадтæн: мæ- хи цæстæй федтон Паустовскийы, йемæ базонгæ дæн, фæлæ не схæлæрттæ стæм. Базыдтон Сабит Мукановы - схæлæрттæ стæм. Цыбыр рæстæгмæ ардæм йæ бирæ усты- ты чызджытимæ улæфынмæ æрцыд Константин Симонов. Даргъ сурдымæн æдзух дардта йæ дзыхы. Уый Паустов- скийы хуызæн нæ уыд. Константин Симонов хæццæ код- та адæмимæ. ЛÆВАР ТАМАКОТÆ æ театры чи куыста, уыдонæй Еналдыты Вахтангы хуызæн æмгæрттыл ничи аудыдта. Иу бон мæм æрбацыд æмæ мын цыдæртæ фæдзырдта, æз æм хъуыстон, фæлæ хатыдтæн, ацы уæздан лæгæн, ныр цæуылты дзуры, уы- дон не сты йæ дзырды сæр, æмæ йæм бахатыдтæн, зæгъын, дæ ныхас фергомдæр кæн. Чали (афтæ йæ хонынц) ных- худт æмæ: - Петрович, цæмæй йæ базыдтай? - фæдисау. - Цас зонын мын æй хъæуы, дæ ныхасы уагæй бæрæг у, кæйдæр тыххæй та тыхсыс. - Раст дæ. Ацы аз Джыккайты Ростикыл æхсай азы æххæст кæны, хъуамæ пенсийы ацæуа æмæ фылдæр мызд куыд иса, исты ахæм ын куы саразиккам? - Цы хуызы йын ис аразæн, дæ хъуыды мын æргомæй зæгъ. -Æз мæр æй нæ хатын, - дзуры Чали, - æндæр куыстмæ йын ракæнæн нæй, театры музыкалон хайы кусы, уымæй дарддæр æндæр ран не сфидаудзæн. Раныхас-баныхас æмæ æз загътон, зæгъын, нæ мызды фонды фæлгæтты, куыд фронтовик, афтæ йын йæ мыздмæ бафтауæм. Мæ хъуыды тынг фæцыд Чалийы зæрдæмæ. Ростик уы- цы хабар зонгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй йын йæ мыздмæ бафтыдтам. Гъемæ Ростик йæ мызд куы иста, уæд хыгъдæгыл (ведомостыл) йæ къух нæ фыста, æз уыйбæрц нæ истон, æмæ н
46 Харебаты Леонид кæд бухгалтер фæрæдыд, зæгъгæ. Хабар куыд уыдис, уый куы базыдта, уæд мæм Ростик бузныг зæгъынмæ ’рбацыд. - Кæд бузныг зæгъинаг дæ, уæд Чалийæн раарфæ кæн, - загътон Ростикæн. - Гъе, Леонид, Чали иунæгæй ницы сарæзтаид... Фæстæдæр Ростик пенсийы ацыд æмæ йын 120 сомы снысан кодтой, уæд уыцы æхца тыхджын уыдис, лæг дзы 60 килойы фьщызгъæл æлхæдта. Абон, цæмæй Цхинвалы уал килойы фыдызгъæл балхæнай, уый тыххæй дæ пенси хъуамæ уа 6000 сомы. Пенсийы ацæуыны фæстæ мæм Ростик æрбацыд, домдта, ныр, зæгъ, мæ пенсийы фарста алыг æмæ мын фæстæмæ мæ фыццаг мызд фид, фæлæ æз уыцы хъуыддаг нæ сарæзтон. Ростик кусгæ дæр кодта æмæ йæ пенси дæр иста æмæ-иу æппæлыд, æлдары цард, дам, кæнын... Иухатт та мæм Чали кабинетмæ æрбацыд, йæ къухы та- макойы пачкæтæ. - Цы сты уыдон, тамако куы нæ дымыс, уæд дæ цæмæн бахъуыдысты? - фæрсын æй. - Дæлæ Цæбиты Ростикмæ уыдтæн. Рынчын у, уатон рынчын, æмæ хуыссæны дæр тамако дымдта, æз ын йæ тамакотæ байстон æмæ сæ дæуæн рахастон. Æз бахудтæн æмæ йын афтæ зæгъын: - Æмæ сæ мæнæн дохтыр рафыста? Чали ныххудт æмæ сдзырдта: - Гъе, ууыл нæ ахъуыды кодтон, гъе. Ахæм хабæрттæ дæр-иу уыдис, æз театры директорæй куы куыстон, уæд. ХОХЫ СÆРМÆ СХИЗГÆЙÆ Газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы кусыны рæстæджы уырдæм кусынмæ цы æвзонг фæсивæд æрбацыд, уы- дон æхсæн хицæн кодта цæрæццаг Икъаты Владимир. Уыд куыстуарзон, хæдæфсарм, арæхст редакцийы алы куыстмæ дæр. Фыста уацтæ (нуарджын, чизоны, æгæрнуарджындæр- ма, ахæм уацтæ уæд модæйы нæ уыдысты), очерктæ, репортажтæ, хорз арæхст тæлмац кæнынмæ дæр. Иæ фондз æнгуылдзау зыдта растфыссынады фæткойтæ. Иудзырдæй,
Мæ мысинæгтæ 47 уый-иу цы æрмæг бакаст, уымæ зæрдæ нал æхсайдта. Нæ фыццаг фембæлдæй тынг садджын стæм, сихор хæрынмæ дæр фылдæр иумæ цыдыстæм, æхцайыл чъынды нæ уыд. Уæд райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ, æви мауый размæ дæр фыста, уый нæ зонын, фæлæ ам равдыста поэзимæ йе ’взыгъд- дзинад дæр, йе ’мдзæвгæтæ сындæггай-сындæггай сæ гаччы бадтысты. Сур дзырдтæй хизын райдыдта поэтикон хъуы- дытыл нывæст æмдзæвгæтæ фыссынмæ. Уыцы миниуæг йæхæдæг хорз бамбæрста æмæ ноджы лæмбынæгдæр ку- сын райдыдта æмдзæвгæйы арæзтыл. Уæлдæр ма загътон, сихор кæнынмæ фылдæр иумæ цыдыстæм. Бирæ уарзта хинкъалитæ, бафсис ын сæ нæ уыд, æмæ йæ уый тыххæй Къобалайы æртæгуыбынон сæгъ хуыдтон. Гъемæ-иу сихорафон куыддæр æрхæццæ, афтæ-иу мæм дуарæй йæ сæр æрбадардта: «Леонид, де ’ртæгуыбынон сæгъы «уасын» нæ хъусыс, сыдæй дын мæлы...» Æмæ та-иу нæ фæндаг хинкъалигæнæнмæ акодтам. Иухатт уыд ахæм хабар æмæ мах хуынд уыдыстæм «Рæстдзинад»-ы редакцимæ. Æнæхъæн автобусы дзаг адæм алы ныхас кодтой, стæй цæуыл дзырдтаиккой, уый сын уыд. Уæд Ручъы тъунел гом нæмауыд, æмæ фалæмæ цыдыстæм Арвыкомыл. Млеты рагъмæ куы схæццæ стæм, уæд автобус æрлæууыд, йæ мотор, дам, стæвд ис, æмæ аулæфа... «Хуы- цау дæ саразæд!» - Владимир сцин кодта. Рахызтыстæм зæхмæ. Нæ цæст хæссæм дардыл, лæг уыцы уæлвæз хохмæ кæсынæй не ’фсæст. Валодя иу стыр къæйдуры сæрмæ схызт, фæйнæрдæм акаст æмæ сдзырдта: - Леонид, ам чи райгуыра, уый кæнæ хъуамæ поэт уа, кæннод ра фыййау... Уæда -т ардæм бирæ азтæ рацыд, Валодя нал ис, фæлæ йæ ныхæстæ мæ зæрдæйæ не ’фтынц. «НАЛ НÆ ДЗЫ ФÆУЫДЗÆНИС» рон периодикон мыхуырмæ йæ хъус чи дары, уыдон хорз зонынц, чи уыд Нартыхты Григол, фæлæ йæ мæнæн уæддæр æнæзæгъгæ нæй: 1952 азы базонгæ стæм Цхинва- лы. Уый ардæм æрцыд Уæллаг Къахетæй, æз та - Дæллаг Къахетæй. Абон дæр æй нæ хъуыды кæнын, нæ кæрæдзийыл и
48 Харебаты Леонид нæ цы хъысмæт фембæлын кодта; нæ фембæлды фыццаг бонæй фæстæмæ, цыма æфсымæрдзинадыл ард бахорд- там, афтæ саддждын стæм, уыцы бонæй ацы бонмæ нæ кæрæдзийæ нал фæхицæн стæм. Уæлдæр ахуырдзинад дæр райстам Цхинвалы. Григол мæнæй раздæр цыд дыууæ курсы (чысыл мæ хистæр уыд). Æмæ уын уый дзырдтон: Григол у журналист, прозаик, фæстаг азты йæ тыхтæ бафæлвæрдта драматургийы дæр æмæ йын дзæбæх цыдæртæ бантыст, дыууæ драмæ йын сæвæрдта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон театр. Йæ иу драмæ: «Ох, ацы зæрæдтæ»-йæ ма мæн фыдбылызы дæр фæцæйæппæрста. Уæд куыстон Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмтеатры директорæй. Иу стыр бæрæгбоны театры бал- къоныл бакодтам афишæ: «Ох, ацы зæрæдтæ». Уыцы хабар уыд Фыццæгæм Майы бæрæгбонты æмæ театры уæлейæ бал- къоныл бæрзонд æвæрд æрцыдысты Маркс, Энгельс æмæ Ленины стыр портреттæ. Чидæр, фыдбылызджын, Советон хицауадыл тынг «æнувыд» чи уыд, ахæм, сусæгæй обкоммæ фæдзырдта, театры, дам, диссæгтæ цæуы... Бæрзонд, зæгъ, сæвæрдтой Маркс, Энгельс, Ленины портреттæ æмæ, дам, сын сæ быны ныффыстой: «Ох, ацы зæрæдтæ». Уайтагъд мæм обкоммæ фæдзырдтой æмæ хъуыддаг æнæ фыдбылы- зæй ахицæн. Уыцы изæр афишæ театры фасадæй рафтыд- там æмæ Советон хицауадыл «æнувыд» чи уыд, нæ уыцы «хæрзгæнæг» худæгæй мард. Дзырд дардыл цæуы, фæлæ Григол, канд цы ранымадтон, уый нæ, фæлæ ма уыдис дæсны кæсагахсынмæ дæр. Уый та рабæрæг 1987 азы Гаграйы, Фысджыты сфæлдыстадон хæдзары куы улæфыдыстæм, гъеуæд. Æнгуырæй кæсаг ахс- та æмæ-иу изæры æхсæвæр хæрынмæ нал ацыдыстæм. Ног- ахст кæсаджы цур æхсæвæр хæрынмæ кæцы æдылы ацы- даид? Иу ахæмы та Григол кæсаг ахсы, æз дæн мæ кусæн уаты æмæ цыдæртæ архайын. Уæдмæ чидæр дуар æрбахоста æмæ мæнæ къæсæрыл лæууы Скифирон (Тедеты Рюрик). Фæцин кодтам кæрæдзийыл, стæй мын загъта, далæ уыцы лæгмæ дæр фæдзур, æцæг мæм зулдзых у, фæлæ ам афтæтæ гæнæн нæй, мæнæ иу-дæс литры сæн æрхастон æмæ дзы акувæм, зæгъгæ. Ацыдтæн Григолмæ, уый йæ къæхтæ ныццавта, уыцы лæгмæ, дам, нæ дзурын, æмæ зæгъ, уæхæдæг «æй» кæнут.
Мæ мысинæгтæ 49 Нæ мын сразы. Дыккаг бон та мæм Рюрик æрбацыд, Гри- гол та уæддæр ахста кæсаг. Дзурын Григолæн, зæгъын, Рюрик ахæм «куыдзы тугæй- æхсад» у æмæ махмæ нæ фенхъæлмæ кæсдзæнис, цом, нал нæ дзы фæуыдзæнис, сæн баназдзæнис. Боныфæстагмæ Гри- гол сразы, йæ кæсæгтæ рахаста, афыхта сæ æмæ афтæмæй бацыдыстæм Рюрикмæ. Дыууæ «хылойы» кæрæдзи къухтæ райстой æмæ Григол сæны мигæнæнмæ бакаст. Стæй мæм æрбадзырдта: «Æцæг раст дзырдтай, æрдæгмæ йæ ныскъæрдта». Рюрик ног æрцæугæ уыд, цыдæртæ ма йæм уыд æмæ тынг адджын рæстæг арвыстам. Григол æмæ Рюрик бафи- дауыны охыл иумæ «хылычъы нуæзт» бакодтой. Афтæ дыууæ «туджджыны» бафидыдтой. ÆФСЫМÆРОН ФЕМБÆЛДТЫТÆ Сабыр, уæзбын лæгæй базыдтон газет «Рæстдзинад»-ы редактор Хъесаты Валодяйы, зонгæ та баистæм, нæ дыууæ дæр директортæй куы куыстам, уæд. Валодя куыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры директорæй. Æз та куыстон Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмтеатры директорæй. Валодя Цхинвалмæ æрцыд, цæмæй Цæгат Ирыстоны театр гаст- рольты æрцыдаид Цхинвалмæ. Хъуыд рæстæг равзарын гастрольтæ ауадзынæн. Бадзырдтам: мах ацæудзыстæм фалæмæ, уыдон та æрцæудзысты махмæ. Валодя нæ æмæ нæ разы кодта, фæлæ йæ æз нал ныу- уагътон æмæ йæ сихор хæрынмæ акодтон Хуыцъемæ - «Го- лубой Дунаймæ» (уæд афтæ хуынд, Леуахийы былыл цы ресторан уыд, уый). Валодя уæд фыццаг хатт уыдис Дзауы комы æмæ тынг фæцыд амы æрдзы сконд йæ зæрдæмæ. Уæд Ручъы тъунел гом нæмауыд. Мæ рæстæджы Валодя театры бирæ нал акуыста, акодтой йæ Цæгат Ирыстоны обкоммæ, агитаци æмæ пропагандæйы хайадмæ. Дыккаг хатт дæр та нæ хъысмæт «сиу» кодта. Валодяйы ракодтой газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторы бынатмæ æмæ уымæй чысыл фæстæдæр та мæн снысан кодтой газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторæй. Ам мах бынтон сæнгом 4*
50 Харебаты Леонид Хъесаты Валодя («Рæстдзинад»-ы раздæры редактор) æмæ Харебаты Леонид.
Мæ мысинæгтæ 51 стæм, æрвылаз дæр нæ коллективтæ кæрæдзимæ цыдысты æмæ кæрæдзийæн дзырдтам нæ риссаг фарстатæ. Хорз хуынимæ нæм æрцыд Валодя газет «Хурзæрин»-ы рацыдыл æвдай азы цытæн юбилеймæ. Йæ арфæйы ны- хасы радзырдта, кæмæндæрты тынг æхсызгон чи нæ уыд, ахæм хабар. Мæ кой кæнгæйæ æрымысыд, зæгъгæ, мæн «Рæстдзинад»-ы редакторæй куы снысан кодтой, уæд иу бæрнон кусæгимæ ацыдтæн Мæскуымæ - Абайты Васомæ зондагур: цы хъæуы саразын, цæмæй мæ куыст æмæ газет адæмы зæрдæмæ цæуой. Уасо нын фæдзырдта лæмбынæг æмæ нæм стæй æрхаудта дзырд литературæйы тыххæй æмæ нын æнæкæсгæйæ радзырдтаХаребаты Леониды æмдзæвгæ «Мах хуызæн». Леонидæн Уасойы цæсты ахæм кад кæй ис, уый мын æхсызгон уыд æмæ йæ сымахæн дæр уымæн дзу- рын, зæгъгæ, йæ ныхас балхынцъ кодта Валодя. Æгъдау куыд амоны, афтæ юбилейы бон фынг æнæмæнг у, уæлдайдæр та, газеты рацыдыл æвдай азы сæххæсты бон. Ленингоры районы администраци нын стыр лæггад бакодта, нæ фынгæн нын гал аргæвста. Фыццаг бон хорз рæстæг арвыстам не ’рхонгæ уазджытимæ, ам уыдысты нæ республикæйы хицæуттæ æмæ районты разамонджытæ. Кувæг уыдис филологон зонæдты кандидат, куырыхон Харе- баты Димитр, уый алкæй тыххæй дæр загъта хъарм ныхас, фæлæ уыцы хъарм ныхæстæй æппæтæй фылдæр æрхауд Хъесаты Валодямæ. Мæнмæ куывды бар куы ’рхаудта, уæд цыбыртæй загътон, зæгъын, нæ газеты фæндæгтæ иу ранмæ цæуынц, ацы хъуыддаджы Хъесаты Валодя кæны стыр куыст æмæ уый руджы нæ коллективтæ кæнынц æнгомæй- æнгомдæр. Валодяйæн раарфæ кодтон йæ хорз хуыны тыххæй - æрласта нын электрон мыхуыргæнæн машинкæ, уыимæ кæттагыл конд диссаджы æрдзы ныв. Нæ уыцы фембæлд рауадис тынг хорз: хъарм æмæ рæсугъд. ЧЕТИТЫ РУБЕН Ирон театралон аивадмæ лæмбынæг йæ хъус чи дары, уыдонæн Четиты Рубены амонын нæ хъæуы. Рубен Тби- лисы цæргæйæ бирæ тых бахардз кодта Тбилисы ирон театр
52 Харебаты Леонид йæ къахыл слæууын кæныны тыххæй. Ам йæ фарсмæ уыдыс- ты Тбилисы цæрæг театры меценат, Бестауты Гиуæргийы æмкъай Зозыраты Сæлимæты фыд Зауырбег, Къудухты Ни- къала æмæ æндæртæ. Стыр хорз хъуыддæгтæ саразын бан- тыст ирон театры режиссер Къусраты Оляйæн. Рубен адæмон театры кусгæйæ Тбилисы фæцис театра- лон институт, аспирантурæ, фæстæдæр бахъахъхъæдта дис- сертаци æмæ ссис театрзонæдты кандидат. Цхинвалимæ йын уыд æнгом бастдзинад, тынг схæлар фыссæг Хацырты Сергеимæ, фæстæдæр мах дæр, Сергейы фæрцы, базонгæ стæм Рубенимæ æмæ нæ хæлардзинад абон дæр ис йæ ты- хы. Æз бацархайдтон æмæ йын рауагъдад «Ирыстон»-ы рацыд чиныг. Рубен фыссы пьесæтæ, скетчтæ, критикон уацтæ. Иудзырдæй, активон куыст кодта, фæлæ гуыр- дзы Хуссар Иримæ ног хæст куы расидтысты, уæд Рубены хуызæн ирон интеллигенттыл Тбилисы цуан кодтой. Ру- бен æмæхсæвæджы сыстад æмæ æд бинонтæ ацыд Цæгат Ирыстонмæ. Ныртæккæ цæры Дзæуджыхъæуы. Рубен Тби- лисы цæргæйæ активон хайад иста Тбилисы культурон цар- ды: цыдис Гуырдзыстоны театралон æхсæнадмæ, фысджы- ты æмбырдтæм. Иу ахæм æмбырды тыххæй мын радзырдта тынг цы- мыдисон хабар æмæ йын нæй æнæ зæгъгæ, нæй йын æнæ ныффысгæ... Цæвиттон, Шота Руставелийы тыххæй Гуыр- дзыстоны зонадон кусджыты æхсæн ныффидар ахæм хъуы- ды, зæгъгæ, Шота Руставели куы базæронд, уæд ацыд Иерусалиммæ æмæ йæ царды фæстаг бонтæ уым арвыста, куы амард, уæд, зæгъ, æй Иерусалимы баныгæдтой æмæ, зæгъ, ныр дæр йæ ингæн ис уым. Ацы хъуыды сбæлвырд кæныны тыххæй Гуырдзыстоны хицауад сарæзта паддзахадон къа- мис æртæ лæджы скондæй æмæ сæ уыцы хабар сбæлвырд кæныны тыххæй арвыстой Иерусалиммæ - Израилмæ. Къа- мисы уæнгтæ уыдысты Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Иракъли Абашидзе, академиктæ Гиорги Шанидзе æмæ æртыккаг, æнхъæлдæн, уыдис Цъеретели. Фæстæмæ куы æрыздæхтысты, уæд фысджыты æмбырды Иракъли Абашидзе йæ балцы тыххæй ныхасы рацыд æмæ, зæрдæ цæуыл фæлæууыдаид, ахæмæй кæй ницæуыл фæхæст сты, уый тыххæй дзырдта тынг æнкъардæй.
Мæ мысинæгтæ 53 -Æмбырды улæфты рæстæджы, - дзуры Рубен, - фойейы ныхасгæнгæ раййæфтон Иракъли Абашидзе æмæ Иосеб Но- нешвилийы. Нонешвили æрдзæй тынг цымыдис уыд æмæ фæрсы: «Маинц ра мохда, батъоно Иракъли?» («Уæддæр цы хабар уыд, æлдар Иракъли?») Иракъли Абашидзе Ио- себ Нонешвилийæн йæ хъусы дзурæгау сабыргай загъта: «Дауыт-Сослан гуырдзиаг уыдис, уый цалынмæ сбæлвырд кæнæм, уæдмæ Руставелийы агурын уæгъды у». Иракъли- йы ныхæсты хъуыды уыд здæхт иу нысанмæ: поэмæ «Стайыцармдарæджы» ныффыссæг у Дауыт-Сослан. Рубены ацы ныхæстæй чысыл рæстæг куы рацыд, уæд гуырдзиаг «историктæ» сæ дыстæ басчъил кодтой æмæ, иу хъæуы куыйтау, æмбу кæнын райдыдтой: «Дауыт-Сослан гуырдзиаг уыд! Дауыт-Сослан гуырдзиаг уыд!» Уыцы рæстæджы æндæр дзырд нал уыд гуырдзымæ. Фæлæ, сæ бындар фæуой, марæн кард сæхимæ разынд. Да- уыт-Сосланы æмдугон поэт Чахрухадзе йе ’мдзæвгæты тынг арæх кæны Дауыт-Сосланы кой æмæ йæ арвыл æвæры. Уый фыста: «Ос дидман Дауит! Ос дидман Дауыт, ме мтъвери вар шенс пехта цъина!» («О стыр ирон Дауыт, о стыр ирон Дауыт, æз дæ цуры дæн дæ къæхты рыг!») Гуырдзы Чахрухадзейы ацы рæнхъытæ ахуыргæнæн чингуытæй систой, фæлæ сын уæддæр сæ уæцъæф лæгуын кæны сæхи рагон поэт Чахрухадзейы ацы æмдзæвгæ. Æниу канд Чахрухадзе нæ уыд, Дауыт-Сосланы ирон чи хуыдта. Поэт Сандро Шаншиашвили ноджы арфдæр «аныгъуылд» ацы дзырддаг хъуыддаджы. Дыууыннæм аз- ты Сандро Шаншиашвили Сергей Есенин æмæ æндæр поэт- тимæ фембæлды рæстæджы æргом загъта, зæгъгæ, Шота Рус- тавели куыд адæймаг, афтæ никуы уыд, уый у æрымысгæ. Поэмæ «Стайыцармдарæг»-æн йæ автор у Тамар паддзахы мой - ирон Дауыт-Сослан. Дауыт-Сосланы тыххæй ма тынг хорз факт æрхаста зынгæ ирон историк, историон зонæдты доктор Тогойты (То- гош^или) Гиорги дæр. Мемæ ныхас кæнгæйæ, Гиорги иу хатт æрхаста ахæм цæвиттон: «Поэмæ «Стайыцармдарæг»-æн йæ автор ирон кæй у, уый уымæй дæр у бæрæг æмæ поэмæйы сæйраг хъайтар Тъариел йе ’рагъæй никуы раласы фыран- чы царм, фыранк та у ирон адæмы герб».
54 Харебаты Леонид Ацы фарстайы тыххæй æз бирæ фæныхас кодтон То- гойты Гиоргиимæ æмæ мын бирæ цыдæртæ фæдзырдта, фæстæдæр сæ лæмбынæг ныффысдзынæн. Ныр та уал Четиты Рубенæн æз зæгъын бузныг йæ кæддæры тынг цымыдисон информацийы тыххæй. Афтæ базонгæ дæн Рубенимæ, фæстæдæр мах арæх дзырд- там ахæм цымыдисон хабæрттыл... УÆД УЫДТÆН СТУДЕНТ 1937 азты азарæй чи басыгъд, уыдоны нæмттæ стырæй, чысылæй зындгонд уыдысты æмæ сты, йæхи интелли- гент чи хоны, æппæт уыдонæн. Институты ахуыр кæнгæйæ, (1953-57 азты) ирон æвзаджы дæсны, нæ дзæнæттаг лектор Бекъойты Димитр Гаврилы фырты фæрцы мах иугай-ды- гай базыдтам, уыцы уæззау азты репрессигонд чи æрцыд, нæ уыцы разагъды фысджыты, интеллигенцийы хуыздæр минæвæртты, партион æмæ советон органты кусджыты нæмттæ. Æппæт уыдонæй Димитры зæрдæмæ уæлдай æввахсдæр уыд Тыбылты Алыксандр. Уæд фыццаг хатт фехъуыстон фысджытæ Хъороты Хъазбег, Хъуылаты Си- къо, Фæрниаты Къоста æмæ иннæты нæмттæ. Беджызаты Чермены мын амонын нæ хъуыд. Йæ чиныг «Мæсгуытæ дзурынц» махмæ уыд хæдзары (Къахеты) æмæ йæ зыдæй бакастæн, кæсын куы базыдтон, уæд. Бекъойты Димитр нын æдзухдæр сæ кой афтæ зæрдиагæй кодта æмæ сæ мах, студенттæ, фæсаууонмæ бауарзтам. Уæдмæ æрбалæууыд Хрущевы эрæ æмæ ссæрибар кодта, «троцкисттæй» ма удæгас чи уыд, æппæт уыдон. Иннæтæн та сæ нæмттæ сыгъдæг кодта. Уæд фыццаг хатт федтон, Кавказы хæхтау, бæрзонд æмæ урсхил Дзадтиаты Пъаулейы. Уый дæр уæд æрцыд хастæй. Стæм хатт-иу рацыд Театралон фæзуатмæ æмæ йыл зонгæйæ, æнæзонгæйæ æмбырдтæ кодтой. Иæ бакаст цæсты тынг ахадыдта. Цыма йæ кæмдæр паддзахиуæг кæнынмæ бацæттæ кодтой æмæ йын уый тыххæй сæрмагонд ахуыргæнджытæ уыдис, раст ахæм тæлмæн уагъта йæ ба- каст æмæ йæ дзыхы дзырд адæймагыл. Пъаулейы фенгæйæ мæ зæрдыл æрлæууыд: 1920 азы Цæгат Ирыстонмæ Къуын-
Ызг мысинæгтæ 55 дыхаты Муссæйы фырт Бекир Сами Бей, Турчы Æддагон хъуыддæгты министр, йæ фыртимæ куы æрцыд, уæд æрдомдта, кæимæ дзурон, ахæм лæг, дам, мын фенут. Бе- кир Сами Бей уыд профессор Æлборты Барысбийы уазæг æмæ йæм Барысби Пъаулейы барвыста. Уыцы рæстæджы, дам, Пъаулейæ хуыздæр дарæс ничи дардта, стæй ма уыимæ уыд дзырддзæугæ дæр... Æмæ æрлæууыд ахæм сау дуг æмæ уыцы хорз ирон лæг, искæмæн йæ уынд, йæ конд, йæ зондæй равдисынæн чи бæззыд, уыцы Пъауле разынд «знаг» æмæ йæ Ирыстонæй дард фæхастой. Ныр æрцыд, æрцыдысты, удæгас ма сæ чи баззад, уыдон дæр. Æрцыд рынчынæй пролетарон по- эт Хъороты Хъазбег æмæ кусын райдыдта типографы директорæй. Æз уыцы аз уыдтæн цыппæрæм курсы сту- дент æмæ типографы фæсивæдмæ уыдтæн пропагандистæй фидаргонд, уыцы уавæрæй пайда кæнгæйæ, æз æввахсмæ базонгæ дæн Хъазбегимæ. Чизоны, Хъазбег лæппуйæ уыд хъæдмæцъисы хуызæн, фæлæ ацы ныллæг, фысы хуызæн сабыр, бæзæрхыг Хъазбегыл хасты азтæ æгæр стыр фæд ныууагътой, бынтондæр уыд зæрдæсаст, уæнгуагъд, царды цины рухсы цъыртт йæ зæрдæмæ никуыцæйуал каст. Хъазбег мæ куы базыдта, уæд цардæфхæрд поэты зæр- дæ мæнмæ райхæлд æмæ-иу мæм йæ кабинетмæ арæх фæдзырдта. Иухатт мын радзырдта: «Мæ чысыл æфсымæр, абон дæр æй нæ зонын, кæм æмæ цы фæрæдыдтæн. Зын мын у мæ уарзон Цхинвалы царын. Зын мын у, уымæн æмæ æз уынгты уынын, мах чи ахста, ахæстоны нæ æнæтугæргæвст чи кодта, уыдæтты. Зын мын у Цхинвалы уынгты цæуын... Знон мыл амбæлд иу милиционер æмæ мæн куы федта, уæд иннæрдæм азылд. Æндæр рæтты акодта йæ фæндаг. Уый мæ ахæстоны афтæ тынг фæнадта æмæ, дæ фарн бирæ, туг фæмызтон, ницыуал æмбæрстон, стæй мæ мæ къæхтæй ныккæндмæ нылласта æмæ куыдзы марды куыд баппарай, афтæ мæ ныккæнды баппæрста æмæ дуарыл стыр гуыдыр сæвæрдта. Уыцы ныккæнд уыд, мæнæ гъеныр Цхинвалы районы райком æмæ райæххæстком кæм ис, уыцы агъуыс- тыныккæнд». Уыцы ныхæстæм Хъазбег йæ цæссыгтæ нал баурæдта, стъолыл йæ сæр æркъул кодта. Æз æй афтæмæй ныууагъ- тон. Æмæ мæм абон дæр афтæ кæсы, цыма нырма дæр
56 Харебаты Леонид Хъазбег бады йе стъолы фарсмæ æмæ кæуы... кæуы йæ ив- гъуыдыл, кæуы йæ хъысмæтыл, кæуы Ирыстоны лæгмарты цæфтæй... Уæдæй ардæм рацыд дзæвгар рæстæг... Хъазбег ма цъус ацард Цхинвалы, стæй Ленинградмæ ацыд æмæ цардæф- хæрд поэт уым а дунейæ ахицæн. Джусойты Нафи куы нæ уыдаид, уæд ын абон дæр йæ ингæн ничи зонид. Æниу мах ахæм адæмы мыггаг стæм æмæ нæхи ницæуыл тыхсын кæнæм. Хъазбеджы риуыл дидинджытæ ничи æрæвæры - нæ йæ райгуырæн боны, нæ йæ амæлæты боны. Æниу дардмæ цы цæуæм: мæнæ нæ разагъды фысджытæ Гафезы, Дзуга- ты Георгийы, Джиоты Дауыты, Бекъойты Елиозы, Цоци- ты Резойы, Нартыхты Михалы, Бестауты Гиуæргийы, Ко- заты Исидоры, Гуыцмæзты Михалы, Гæбулты Мелитоны, Тедеты Рюрикы, Гуыцмæзты Алешы æмæ Нартыхты Гри- голы ингæнтæ рохуаты куы баззадысты. Ахæм фысджытæ бирæ нацимæ сæдæгай азты дæр нæ вæййы, мах та уыцы стыр разагъды фысджыты ацы фæстаг фынддæс азы се ’ну- сон бынатмæ арвыстам. Ноджыдæр ма йæ зæгъон: ахæм адæм стæм мах. «ЛЕОНИД, ФЫНГ ДЫЛ ÆМБÆЛЫ!» Гаглойты Федыр (Гафез) кæйдæртау йæ дæндæгтæ зыхъ- хъырæй нæ дардта, нæдæр дын митæй мæсгуытæ амад- таид, уыйхыгъд йæ бон цы уыд, уымæй архайдта йе ’мбал фысджытæн исты хорзы бацæуыныл æмæ йын æнтысгæ дæр кодта. Иуахæмы (уый уыд 1966 азы) мæм Гафез хæдзармæ телефонæй æрбадзырдта: - Лео, бирæ цæрай (Гафез афтæ дзураг уыд, йæ хорз зæрдæйыл-иу куы уыд, уæд), хæдзары дæ? - Хæдзары дæн, уæдæ мæ телефон мемæ искуыдæм ахас- тон? - фарстæн фарстæй дзуапп радтон. - Хъуамæ дын æхсызгон хабар зæгъон. Абон æз æмæ Дзугаты Георги уыдыстæм Тбилисы, уыд Фысджыты прав- ленийы æмбырд, æмæ нæ куы бафарстой, зæгъгæ, уæ кæй фæнды уæ фысджытæй мæнæ комкоммæ Фысджыты правле- нийы райсæм, æрбавдисут нæм искæй, уæд, цыма æмдзырд
Мæ мысинæгтæ 57 бакодтам, афтæ Дзугеримæ дæ кандидатурæ бахастам æмæ дæ æнæ дæлæ-уæлæйæ Фысджыты цæдисмæ айстой. Алцы æнхъæл уыдтæн, фæлæ ахæм цины хабар фехъу- сын æнхъæл нæ уыдтæн, æмæ мыл æхсæв ныддаргъ, нал æмæ мыл нал бон кодта, мæхимидæг дзырдтон: «Кæд сбон уыдзæн æмæ Гафезы лæгæй-лæгмæ кæд фендзынæн?» Æмæ мæнæ Гафезы кабинетмæ бахызтæн. Гафез мыл тынг бацин кодта æмæ стæй загъта: - Леонид, фынг дыл æмбæлы! Ахæм хорз хабарæн аку- вын хъæуы. Гафезы æмæ ма ноджы цалдæр фыссæджы фæхуыдтон хæдзармæ æмæ Гафез гаджидау куы рауагъта, уæд мæ куыд нæ базыдтаид, афтæ йын магнитафоныл йæ хъæлæс ныф- фыстон. Диссаджы рæсугъд ныхæстæ загъта мæ номыл! Гафезы удæгасæй уый диссаг нæ уыд, фæлæ æз æнхъæ- лын, æмæ Гафезы хъæлæс Иры зæххыл æрмæст мæнмæ ис фыст, æмæ уый тыххæй уый у уникалон. Искуы ма кæд нæ радио эфиры ацæуа, уæд мæ фæнды, Гафезы хъæлæсы фыст радиокомитетæн балæвар кæнын. БЕСАТЫ ТАЗЕЙЫ ДЗУАПП Бесаты Тазейы лæгæй-лæгмæ нæ зыдтон, нæ мын фæцис йемæ фембæлыны фадат, æрмæст журнал «Мах дуджы» кæй куыста, уый зыдтон, æмæ институты цыппæрæм курсы куы ахуыр кодтон (1957 азы), уæд «Мах дугмæ» арвыстон иуцалдæр æмдзæвгæйы. Бирæ рæстæг нæ рацыд, æмæ мæнæ Бесаты Тазейæ райстон фыстæг, фæарфæтæ мын кодта, ме ’мдзæвгæтæ мын кæй бакаст, уый тыххæй дæр фыста, æмæ дзы мæнæн æппæты æхсызгондæр хабар цы уыд? Тазе мæм хъусын кодта цыбыртæй: «Де ’мдзæвгæтæй дын иуцалдæр равзæрстам æмæ мыхуыр уыдзысты журнал «Мах дуджы» æввахсдæр номыртæй иуы»... Уæдæй ардæм, мæнæ 2005-æм азы дæр æнхъæлмæ кæсын журналы номыртæй иумæ, фæлæ ме ’мдзæвгæтæн сæ кой дæр никуыцæй хъуысы. Æз уæдæй абонмæ журнал «Мах дугмæ» иу рæнхъ дæр никуыуал арвыстон. Уæддæр мын Тазе мæ зæрдæ балхæдта йæ хъарм ны- хæстæй. Ме ’мдзæвгæты æмбырдгонд «В горы, в горы»
58 Харебаты Леонид Мæскуыйы мыхуырæй куы рацыд, уæд ыл газетмæ ныф- фыста хъарм рецензи. Æз ахæм хъарм ныхæстыл ахуыр нæ уыдтæн æмæ дзы бузныгæй баззадтæн, мæ чиныгæн мын ахæм хорз аргъ кæй скодта, уый тыххæй. Рухсаг у, Тазе! «УАРЗ ДÆ БÆСТÆ...» Уарз дæ бæстæ, уарз дæ Фыдыбæстæ бирæ...» - поэт Плиты Ильяйы ацы рæнхъытæ мæ зæрдыл æрлæу- уыдысты, Цырыхаты Михалыл хъуыдыгæнгæйæ. Михалимæ фыццаг хатт фембæлдтæн, газет «Советон Ирыстон»-ы (ныры «Хурзæрин») куы куыстон, уæд. Михал газеты куыста культурæйы хайады хицауæй. Æвзæр нæ куыс- та, ничи дзы хъаст кодта. Æрдзæй рахаста фæлмæнзæрдæ. Уарзта адæмы, уарзта æмгæртты, фæлæ æппæтæй фылдæр тауарзта фысджыты, культурæйы фронты æппæт къабæзты кусджыты. Уымæ йæ тынгдæр æркодтой, газеты цы хайа- ды куыста, уый домæнтæ. Дыккаг хатт Михалыл куы фембæлдтæн, уæд куыста Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдарæй. Уыд дзæбæх, хъарм сæрдыгон бон. Æз улæфыдтæн Аб- хазы, Пицундайы - Фысджыты сфæлдыстадон хæдзары. Уым улæфыд Цырыхаты Михал дæр. Фыццаг бон ницы, фæлæ стæй, ме ’гъдау куыд у, афтæ æрфæрстытæ кодтон, зæгъын, ацы хæдзары Цæгат Ирæй исчи ис, æви нæ? Æмæ мын куы загътой, зæгъгæ, уым æмæ уым «цæры» Цырыха- ты Михал, уæд иу авг коньяк мæ къухы айстон æмæ Миха- лы дуар бахостон. Михал чысыл раздæр æрбацыд денджы- зы былæй æмæ мæм халаты рахызт. - Мидæмæ, мидæмæ! Леонид нæ дæ? - фæрсы мæ. - Уый хуызæн дæн, - загътон ын. Кæрæдзийыл ацинтæ кодтам. - Фехъуыстон Михал, дам, ам ис æмæ дæм уынынмæ фæзындтæн. - Ацы Хуссар, - дзуры Михал, - тых ныл кæнут, гъеныр мæнæн мæ хъуыдыйы не ’рцыд, ам ма исчи ирон уыдзæн, уый бафæрсын. Арафæрс-бафæрс кодтам нæ кæрæдзи, фæйнæ агуывзæ коньяк банызтам. Нырма сихор хæрынмæ иу сахатæй фыл- дæр хъуыдис æмæ кæртмæ æрхызтыстæм.
У1зг мысинæгтæ 59 Ныхас кодтам нæ цардыл, не сфæлдыстадон хъуыддæг- тыл. - Гафезы уæ нæ хъуыд раивын. - Михал комкоммæ хъуыддагмæ рахызт. - Гафезы тæфаг Цæгат Ирмæ дæр хæццæ кодта. Æз ын хъазгæйæ загътон, зæгъын, Цæгæраты Макси- мы дæр нæ хъуыд раивын, фæлæ йæ раивтат, афтæ у цард. Дзырд нæм æрхаудта Цæгат æмæ Хуссар Иры фысджытæ кæрæдзимæ æввахс кæй нæ лæууынц, уый тыххæй, Михал никæй раст кодта, азым хаудта дыууæтæм дæр. Фæстагмæ Михал йæ дзырдтæм бафтыдта: -Æнамонд адæм стæм, фыдæлтæй нын фæткæн нæ баз- зад, цæмæй нæ кæрæдзимæ æнгом лæууæм... Уыцы ныхæстæ мæ зæрдæмæ фæцыдысты æмæ йын Пли- ты Ильяйы æмдзæвгæ «Уарз дæ бæстæ.. .»-йæ цалдæр рæнхъы радзырдтон. Михал дзырдта, зæгъгæ, æз бацархайдзынæн, цæмæй нæ фысджыты сæнгом кæнон, Цæгат æмæ Хусары æхсæн ауæдз «бахуым кæнон». Канд уыцы бон нæ, фæлæ уый фæстæ дæр ахæм темæйыл арæх дзырдтам, фæлæ Михалы ныхæстæй царды ницы ацыд. Никуыдæр бафæлвæрдта, цæмæй мах, нæ Иры фысджытæ, иумæ тымбылæй фембæлдаиккам. УÆД ФЫСТОН РОМАН Ацы хабар уыд 1966 азы. Æз æмæ курдиатджын фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Гæбулты Мелитонмæ æрхаудта ахæм амонд, æмæ нæ дард балцы цæуын бахъуыд иумæ. Рад- той нын туристон балцæгтæ æмæ Тбилисæй хæдтæхæгыл атахтыстæм Краснодармæ. Уым нæм аэропорты æнхъæлмæ кастысты нæ фысымтæ - турбазæйы кусджытæ. Нæ балцы æмгъуыд уыдис дыууын цыппар боны. Уыцы бонтæ дих уы- дысты хицæн æмæ хицæн турбазæтыл, кæм-иу фестæм цып- пар боны, кæм дыууæ, кæм та æхсæз. Æппæтæй фылдæр баззадыстæм Ашейы. Уым лæггадгæнджытæн сæ фылдæр уыдысты уырыссаг сылгоймæгтæ, фæлæ се ’хсæн уыдис ады- гейаг чызджытæ дæр. Мелитон-иу алкæйдæр афарста: «Уы- рыссаг дæ æви адыгейаг?» - æмæ-иу чызджытæ адыгейæгтæ куы разындысты, уæд-иу Мелитон йæ бæзджын æрфгуытыл
60 Харебаты Леонид хæрдмæ схæцыд æмæ-иу загъта: «Мах стæм хотæ æмæ æфсымæртæ. Мах та ирæттæ стæм, ома æз æмæ Леонид». Уыцы ныхæстæм-иу нæм чызджытæ цыдæр æнахуыр хъарм ахаст равдыстой. Уæдыонг Адыгейы кой хъусгæ кодтон, фæлæ лæгæй- лæгмæ адыгейагыл никуы фембæлдтæн. Базонгæ дæн ады- гейаг нæлгоймæгтимæ дæр. Уым, Ашейы цардис, сæдæ æртын азы кæуыл цьщ, ахæм зæронд ус, æмæ йæм туристтæ уынынмæ цыдысты. Иæ уынынмæ ацыдтæн æз дæр, æмæ мын йæ царды хабæрттæ куы радзырдтой, уæд мæм цыдæр рæсугъд æнкъарæнтæ сæвзæрд. Мæхимидæг алыг кодтон: «Хъуамæ ацы хæларзæрдæ æмæ хъæбатыр адæмыл иу ра- дзырд кæнæ уацау ныффыссон...» Мæ балцæй куы æрыздæхтæн, уæд мæ мæ зæрдæйы фæнд уæгъд нал суагъта. Мæ хъуыдытæ радзырдтон ре- дактор Куымæридтаты Александрæн, сразы мын, æрмæст мæ бафæдзæхста: «Газеты номæй дæ æрвитын æмæ дæ ма ферох уæд, нæ газеты иу фарсы фаг æрмæг демæ куыд æрхæссай...» Æз иу фарсы фаг æрмæг нæ, фæлæ уацтæ æрхастон газеты æнæхъæн номыры фаг. Иу ахæм та дзы арвыстон Адыгеймæ - Майкъопмæ æмæ дыууæрдыгæй дæр ныммыхуыр сты хæлардзинады нысанæн фæйнæ номыры Адыгей æмæ Хуссар Ирыстоны цардæй. Мæ уыцы балцы нысан уыд, цæмæй Адыгейы адæмимæ æвахсмæ базонгæ уыдаин, цæмæй мæ фидæны уацмысæн æрмæг æрæмбырд кодтаин. Мæ нысан мæ къухы бафтыд. Адыгейы мын ме ’рцыды хабар куы базыдтой, уæд мæ зæххыл бадын дæр нæ уагътой, иу мæй дзы фæдæн æмæ-иу стæм бонæй дарддæр мæн алыхатт дæр хъуамæ уазæгдоны исчи абæрæг кодта- ид. Цы бирæ хæлæрттæ мын дзы фæзынд, уыдонæй мæм æппæтæй æввахсдæр æрбалæууыд филологон зонæдты кан- дидат, поэт Аскер Гадагатль. Аскер тынг хорз æмдзæвгæты цикл ныффыста Хетæгкаты Къостайыл. Уыцы æмдзæвгæтæ тæлмацæй бакастæн уырыссаг æвзагыл. Хъыгагæн абоны онг дæр мын нæ бантыст уыцы æмдзæвгæтæ ирон æвзагмæ раивын. Дыккаг хатт куы æрцыдтæн Майкъопмæ, уæдмæ Дскер йе ’мдзæвгæты æмбырдгонд ныммыхуыр кодта хицæн чиныгæй уырыссаг æвзагыл. Мæнæн та мæ хъуыддаг афтæ рауад, æмæ мæ уацау фæндыры тæнтау айвæзт - романы хуыз исын байдыдта. Мæн та ногæй æрцæуын бахъуыд
Мæ мысинæгтæ 61 Гæбулты Мелитон æмæ Харебаты Леонид.
62 Харебаты Леонид Адыгеймæ. Уый уыд ме ’ртыккаг балц. Аскер мемæ бын- тон схæлар, канд уазæгдоны нæ, фæлæ мæ цалдæр хатты хæдзармæ дæр фæхуыдта, фысы фыдæй мын физонджытæ фæкодта. Мæ фыццаг æрцыдæй æз цымыдис кодтон Адыгейы историмæ, фольклормæ, литературæмæ. Аскер мын балæвар кодта, Майкъопы цалдæр азы размæ чи рацыд, сæ уыцы аргъæутты иутомон. Уыцы аргъæутты чиныг ныр дæр ис мæ библиотекæйы. Уыцы чиныджы сты мыхуыр адыгейаг Нарты эпосæй æнæхъæн сæртæ. Уыцы рæстæджы Аскер йæ цард снывонд кодта адыгейаг Нарты эпос æрæмбырд кæнынæн, цæмæй йæ авд томæй рауагътаид. Фæстæдæр фехъуыстон: Аскерæн йæ бæллиц йæ къухы бафтыд. Сæ эпос «Нартæ» авд томæй рауагъта æмæ йын уыцы стыр куыст бакæныны тыххæй радтой филологон зонæдты докторы ном. Уæдмæ мæнæн дæр мæ роман «Уарзт æмæ денджыз» рацыд рауагъ- дад «Ирыстон»-ы æмæ дзы Адыгеймæ цалдæр экземпляры куы ныххастон, уæд Аскер тынг фæцин кодта æмæ домдта, цæмæй мæ роман уырыссаг æвзагыл дæр рауагътаин. Сæххæст Аскеры уыцы фæндон: цыппор мин экземплярæй ныммыхуыр мæ уыцы роман уырыссаг æвзагыл æмæ Аскерæй райстон цыбыр, фæлæ диссаджы хъарм æмæ æппæлæн фыстæг. Иухатт нын Аскеримæ, йæхи хæдзары, рауад ахæм ны- хас. - Аскер, - дзурын ын, - ды мын цы аргъæутты чиныг балæвар кодтай, уым æз тынг æхсызгонæй бакастæн, уæ Нарты эпосæй дзы мыхуыр цы уыд, уыдон. Уыцы тексттæм гæсгæ Нарты эпосмæ адыгейæгтæ ницы бар дарынц... Аскер хорзау нал фæцис, мæнæй цæхгæр ахæм ныхæстæ фехъусын æнхъæл нæ уыд æмæ мæ афарста: «Уæд цæуылнæ, цæуылнæ у Адыгейаг эпос?» Æз ын загътон: «Адæмон аргъæутты хъайтар ацæуы, цы адæм æй сфæлдыстой, уы- цы адæмы номæй æмæ фембæлы, уыцы адæмæн знаг чи вæййы, ахæмтыл. Уæ Нарты эпосы хъайтартæ та ацæуынц æмæ фембæлынц фыдгæнæг нæртон адæймæгтыл... Ахъуы- ды-ма кæн, уæ эпосы нартон лæг уæ адæмæн антипод цæмæн у?..» Мах уыцы фарстатыл бирæ фæдзырдтам, авд томы дæр рауагъта Аскер, фæлæ уæддæр æмæ уæддæр Аскеры бæллиц
Мæ мысинæгтæ 63 царды нæ ацыдис, зынгæ францаг ахуыргонд Жорж Дю- мезиль сбæлвырд кодта, зæгъгæ, Нарты эпос сфæлдыстой ирæттæ æмæ у ирон адæмы. Гъе, ахæм фембæлдтытæ æмæ мын ахæм быцæутæ уыд мæ хорз хæлар Аскеримæ. МÆ ФЫЦЦАГ ЧИНЫГ Уый уыдис 1961 азы. Уыцы аз рацыд ме ’мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Æхсæрдзæн». Æз мæ чингуытæй балхæдтон иу æртыны бæрц æмæ сæ хæдзары къуымты рарæгъ кодтон, фæндыд мæ, дун-дуне мæнмæ куы ’ркæсид æмæ мын мæ циныл куы цин кæнид. Æз зылдтæн хæдзары къуымты æмæ мæ чиныгæн йæ алы экземплярæн дæр уарзон чызгау пъатæ кодтон. Мæ цин афтæ æгæрон уыд æмæ арвы бын нал цыд. Æз абон дæр дис кæнын мæ уыцы уавæрыл. Цымæ ма исчи банкъары ахæм стыр цин? Мæ ацы ныхæстæм мæ зæрдыл æрлæууыд нæ раздæры Президент Цыбырты Людвиг. Уый мын радзырдта, мæ фыццаг уац, дам, газеты куы ныммыхуыр, уæд æй слыг кодтон æмæ йæ хастон мæ риуы дзыппы, æхсæв-иу æм талынджы дæр æркастæн... Иудзырдæй, мæ риуы дзыппæй, дам, мæм мидæмæ афтæ тынг æндæвта æмæ мын мæ риу сыгъта. Чиныгкæсæг, ахъуыды-ма кæн, газеты мыхуыргонд уац ахæм цин кæм æрхаста йæ авторæн, уым мæнæн мæ фыц- цаг чиныг цахæм цин банкъарын кодтаид! Рауагъдады æрымысыдысты, зæгъгæ, дæ фыццаг чиныг «Æхсæрдзæн» хъæуы «схуылыдз кæнын». «Схуылыдз кæнын» та нысан кæны, с та йын хъæуы акувын. Æртыккаг бон рауагъдады кусджыты хæдзармæ фæ- хуыдтон, уыдон нымæцы, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ буц редактор Плиты Ильяйы дæр. Фынгыл бирæ гаджидæуттæ уыдис, иу ма мæ Пушкин, Байрон, Къоста не схуыдтой, уый йеддæмæ æз фестадтæн, нæ зонын, цы. Илья мын мæ цæрæнбоны тыххæй куы куыв- та, уæд раппæлыд мæ иу æмдзæвгæйæ æмæ стæй, йæхицæй ныббуц уæвгæйæ, загъта: «... Фæлæ Харебайы фырты чи- ныджы уыд цухдзинæдтæ дæр. Зæгъæм, иу ран фыста: «Æз поэзийы судзынæй тарстæн... Афтæмæй та мæм не ’рцыд
64 Харебаты Леонид æввахсдæр». Мæ редакторы ацы ныхæстæм мæ хъустæ фæхъил кодтон, зæгъын, алæ-ма, куыд мын æй «сраст» код- та, фæлæ уæдмæ сдзырдта: «Дзырд «поэзийы» æз фæивтон «поэзийæн»-æй». Уыцы ныхæстæм мæ сæрыхъуынтæм фæлæбурдтон. Уæдмæ мæ чиныджы уыцы рæнхъмæ кæсгæ дæр не ’ркодтон, æз æй бакастæн, куыд æй ныффыстон, афтæ, æмæ ног редакцигонд дзырдыл мæ цæст не схæцыд. Иуныхасæй, дзырдты хъæрнывтæм нал кастæн. Ныр мын цы бакодта мæ «буц» редактор Плиты Илья? Æмдзæвгæйы мидис ын куы радзырдтон, куы йын æй бамбарын кодтон, зæгъын, æз мæхæдæг мæхицæн тарстæн поэзийы басудзынæй, уæд æрфæсмон кодта, фæлæ ма цафон... Уымæй ме ’мдзæвгæйы мидис йæ гаччы нæ абадт. Плиты Ильяйы уыцы ныхæстæм мæ зæрдыл æрлæууыд иу ахæм хабар: уæд газет «Хурзæрин» хуындис «Коммунист». Карз æмæ тызмæг, йæ куыстыл æнувыд, Джиоты Соло йын уыд редактор. Иу райсом раджы куыстмæ куы ’рбацыд, уæд æрвылхатт куыд уыд, афтæ ныр дæр йæ газет кæсын райдыдта. Уæдмæ йæ цæст андæгъд газеты уацы сæрыл: «Зынгæ композитор Бæхы райгуырдыл сæххæст...» Соло йæ цæстытыл нæ баууæндыд, ай миййаг хин у, зæгъгæ, чи сарæзта Бахæй Бæх? Мæстæй судзы, йæ сæрыхъуынтæ то- ны.^. Йæ тæккæ мæстыйыл куы уыд, раст уыцы рæстæджы дуар байгом æмæ Тъехты Амыран (газеты корректор), йе ’рмттæ цæгъдгæ, æппæлгæ æрбахызт: - Соломон Васильевич, дысон цæй стыр рæдыд фæцæй- ирвæзт, цæй стыр! Соло йæ хъустæ фæхъил кодта, ома амæй стырдæр рæдыд ма цы уыдзæн? - Цы рæдыд сраст кодтай? - афарста Амыраны. - Чидæр «Бæх»-ы бæсты кæд ныффыста «Бах»! - Æмæ йын ды цы ми бакодтай? -Æз æй сраст кодтон, Соломон Васильевич, «а»-йæ «æ» сарæзтон. Уый ма хъуыд Солойы, фæгæпп кодта æмæ йæ аныр аскъуыдтæ кæна, афтæ, Амыраны амондæн, редакцийы (кусджытæй чидæр Соломæ бацыд æмæ Амыран фыдбылы- зæй фервæзт. Гъемæ Солойæн Амыран цы «лæггад» бакодта, раст ахæм «лæггад» мæнæн та бакодта Плиты Илья.
Мæ мысинæгтæ 65 «МАХИМÆ ÆРБАИУ УТ» Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны журналистты æхсæн фыц- цаг иу рæсугъд традицийæн бындур чи æрæвæрдта, уы- дон уыдысты газет «Рæстдзинад» æмæ «Советон Ирыстон»-ы редактортæ Хъаныхъуаты Валодя æмæ Куымæриттаты Алек- сандр. Ацы дыууæ куырыхон лæджы баныхас кодтой, æмæ æрвылаз дæр дыууæ газеты журналисттæ æмбæлдысты иумæ. Иу аз Хуссар Ирыстоны, иннæ аз та Цæгат Ирысто- ны. Ацы фембæлдытæ бирæ ахъаз фесты канд журналист- ты æрбангом кæнынæн нæ, фæлæ ма уымæн дæр æмæ дыууæрдыгæй дæр адæм кæй райдыдтой цымыдис кæнын, зæгъгæ та кæд уыдзæнис дыууæ коллективы фембæлд. Нæ фембæлды нысан-иу уыд хицæн дзырдты раст фыссыны æмæ раст дзурыны фарстатыл, журналисты дæсныйадыл æрдзурын. Бирæ цæмæйдæрты ссардтам иумæйаг æвзаг, фæлæ мах Цæгаты нæ «басастам» æмæ уыдон та Хуссары. Мах уæд дæр æмæ ныр дæр домæм, цæмæй «наукæ» ма фыссой, фæлæ фыссой «зонад»; цæмæй «промышленность» мафыссой, фæлæ фыссой «сæудæджерад». Уыдон та домд- той, цæмæй мах «ныв» ма фыссæм, фæлæ фыссæм «къам» æмæ афтæ дарддæр. Нæ иумæйаг фембæлдтыты дзырдтам стилистикæйыл æмæ-иу дыууæрдыгæй дæр хастам газеттæй ист цæвиттонтæ. Нæ сæйраг нысан кæддæриддæр уыд нæ адæмы æхсæн хъæрмуддзинад байтауын, уыдон æрбангом кæнын. Нæ уыцы рæсугъд традици иурæстæджы байрох. Алек- сандры æндæр куыстмæ акодтой æмæ хуссайраг газеты ног редактор цæмæдæр гæсгæ ацы рæсугъд æгъдау нал адарддæр кодта. Рацыд цалдæр азы æмæ æз «Хурзæрин»-ы редактор куы сдæн, уæд баныхас кодтон диссаджы дзæбæх, уæздан лæг, газет «Рæстдзинад»-ы редактор Хъесаты Валодяимæ, æмæ «фыдæлты» традици сног кодтам. Фæстаг аз нæ фембæлд уыдис Хетæджы къохы. Алыхатт куыд вæййы, афтæ ацыхатт дæр, хъарм ныхæсты фæстæ уы- дис нæртон фынг æмæ нæ газеты кусджытæ-журналисттæ кæрæдзийыл фаг фæцин кодтой. Хъесаты Валодя кувæг уыд æмæ акуывта дыууæ Ирыстонæн, Хетæджы Уастырджийæн ныллæгъстæ кодта, цæмæй дыууæ Ирыстоны тагъддæр ба- иу уой. 5*
66 Харебаты Леонид Мæнмæ куывды бар куы ’рхаудта, уæд мæ ныхас хъа- зыны ’рдæм аздæхтон, зæгъын, цæй æмæ Цæгат Ирыстон Хуссар Ирыстонмæ æрбаиу уæд. Мах ныр уал азы стæм хæдбар паддзахад. Ис нын паддзахады æппæт атрибуттæ æмæ стæй уый фæстæ иугонд, тыхджын, стыр Ирыстон бацæуид Уæрæсейы дæлбазырмæ. Мæ гаджидаумæ мын зæрдиагæй байхъуыстой, æмæ куывд куы фæдæн, уæд тыхджын нымдзæгъд кодтой. Уыдон уымæй равдыстой сæ зæрдæйы æнкъарæн: ирон дзыллæйы бæллиц - дыууæ Ирыстоны иумæ иу тырысайы бын фенын- мæ тырнындзинад! Цымæ нын, Стыр Хуыцау, уыцы хорз Дæ цæст кæд бауарздзæнис? Кæд зæгъдзынæ, Стыр Хуыцау, - хъуамæ Хуссар Ирыстонæй хъæрзын мауал хъуыса! Табу Дын, та- бу! Фæлæ Дæм искуы нæ лæгъстæ фехъуысæд! «... УЫЙ РУХСАГ УÆД!» Нæ фысджытæй поэт, тæлмацгæнæг æмæ прозаик Нартыхты Михалæй хуыздæр зæрдæ никæмæн уыд, цæугæ-цæуын дæр æдзух йæ къæхты бынмæ каст: мацæуыл фæлæууа æмæ мацæй хъыджы бацæуа. Иу изæр Театралон фæзуаты лæууæм æз, Козаты Исидор æмæ Бахъаты Нуг- зар. Нырма «уæнгуытæ» уыдыстæм. (Уый Дзугаты Геор- гийы термин у, афтæ хуыдта æвзонг фысджыты). «Галтæ» нæ семæ нæма уагътой. Цæуылдæрты ныхас кодтам, афтæ нæ уæлхъус æрбалæууыд Нартыхты Михал. - Цы уæ æрæмбырд кодта? - афарста нæ, нæ къухтæ нын куы райста, уæд. - Афтæ тымбылæй уæ хонгæйæ дæр не ’ссардтаин. Цомут мемæ, фæнды мæ сымахимæ фæйнæ сыкъа баназын. Кæйдæртау тыхдзырд нæ уыдыстæм. «Иу «ацых»-æй сæгъ дæр не здæхы», - зæгъы ирон æмбисонд, фæлæ махæн дыккаг хатт «ацых» зæгъын нал бахъуыд. Рестораны ахæм бынат равзæрстам, æмæ нын ничи нæ дæлдæр абад загъ- таид, ничи уæлдæр абад. «Абон цыдæр капеччытæ райстон æмæ хъуамæ уемæ рæстæг арвитон», - зæгъы нын Михал цыдæр зæрдæхъæлдзæгæй. Æз дис кæнын, æдзух æнкъард, хауд-зæрдæ Михалыл абон цы ’рцыдис? Михал йæ царды фæстаг мæйты тынг æрæнкъард, цыдæр йæ хъуын цъæл уы-
Мæ мысинæгтæ 67 дис, фæлæ абон йæхи бахъæлдзæг кодта æви ньга хæрзбон кæнинаг уыд, уый мæ бон нæ уыд рахатын. Фынг сцæттæ. Бадæм цыппарæй - фынджы цыппар фарс. Æркодтам агуывзæты нозт æмæ кæрæдзимæ хатæджы каст кæнæм, ома, нæ ды акув, нæ ды! Михал агуывзæ систа: «Ам мæнæй хисдæр ничи ис æмæ сымахæй мæ разæй ничи акувдзæнис». Мах уый фенгæйæ базмæлыдыстæм, иугæр фынгæн кувæг ис, уæд хъуыддаг рæвдз у. Нæхи хъусынмæ æрцæттæ кодтам. - Уæдæ афтæ: традицион куывдтытæ нæ кæндзынæн, мæ зонд цы ахса, ме ’взаг цы кæрда, уый дзурдзынæн, уый кувдзынæн. - «Уазæг - фысымы къæбыла», - цы нæ бон у, дæ уазджы- тæ стæм æмæ дæм хъусдзыстæм, - Исидор нæ бæсты дæр йæ хъуыды балхынцъ кодта. - Цæй, уæдæ, мæ фыццаг агуывзæйæ æз кувын: махæй раздæр чи амæла, уый рухсаг уæд! Михалы ацы куывд нæ фæцыд нæ зæрдæмæ æмæ куыддæр фенкъард стæм. Уый не ’ртæйыл дæр йæ цæст ахаста æмæ сдзырдта: - Тæрсгæ ма кæнут, мæлæт куыд хисдæрæй у, афтæ нæ сфæлдыста не Стыр Хуыцау æмæ мæн тыххæй йе ’гъдау кæм аивдзæнис. Уыцы боны бадт Михалæн махимæ уыд фæстаг фембæлд. Мæй дæр нæма рацыд, афтæ нæ «арв ныццавта». Дзауæй нæм фæдзырдтой: дысон, дам, Нартыхты Михал йæхи фех- ста. Мах, фысджыты æнæхъæн къорд, Дзаумæ фæдисы ацыдыстæм. Михал хаудæй лæууыд пъолыл, йæ иу къах бæгъæмвад, йæ фарсмæ уыд, æрæджы Гуры цы дыууæхстон топп балхæдта, уый. Михал хæцæнгарз йæ риумæ сарæз- та æмæ йын бæгъæмвад къахæй йæ мæнгвæдæгыл æрхæ- цыд... Абон дæр бæрæг нæу, Михалы йæхи марынмæ чи ’ркод- та, уыцы чиновниктæй дзуапп цæуылнæ æрдомдæуыд?!. «ЕЛИОЗ, СУДЗАГ!» Æз æмæ Бестауты Гиуæрги бадтыстæм иу кабинеты, уый уыд рауагъдад «Ирыстон»-ы сæйраг редактор, æз та - редактор. Иу ахæм бон нæм чидæр хуын æрбахаста æмæ
68 Харебаты Леонид йæ фæсвæд æрæвæрдтам. Шурайы бафæдзæхстам, зæгъгæ, дард ма ацу, хъæуыс нæ. Шура Гиойы дæлгоммæ ныхас нæ бамбæрста æмæ кæдæмдæр ацыд, сихоры улæфты фæстæ куыстмæ дæр нал æрбаздæхт. Дыккаг бон нын æппæлыд, кæмдæр, дам, дзы «ныххаудтæн». Изæрæй куы ’рбадтыстæм, уæд Гио, арахъхъ, дам, фенон, æмæ дзы сарыд, ахæм карз разынд. Уыцы карз арахъмæ æрымысыд Цоциты Резо æмæ Бекъойты Елиозы хабар. Цоциты Резо, дам, иу бон Елиозы фæрсы, æдзух, зæгъ, дæм, Елиоз, арахъхъ куы вæййы, уæд, зæгъ, дæм кæцæй ис, арахъуадзгæ дæр дæ куы никуы фенын? Елиоз Резомæ зулмæ бакаст: - Алцы хъуамæ зонай? - Мæн дæр хъæуы, æз дæр дзы райсин, - зæгъы Резо. - Хорз, уæдæ, райсом дæ хъус дар, кæддæра гуырдзиаг ус мацъони куы ’рбахæсса, уæд куыд дзура. Дыккаг бон Резо тыргъы лæууы æмæ йæ хъус дары. Гуырдзиаг ус мацъони уæймæ æрбахаста æмæ хъæр кæны: «Мацъони! Мацъони! Елиоз, судзаг! Мацъони! Ма- цъони! Елиоз, судзаг!» Резо кæсы. Елиоз рацыд, гуырдзиаг усæй арахъхъ райста æмæ хæдзармæ фæцæуы. Резо йæм тыргъæй каст æмæ дык- каг уæладзыгæй бынмæ æрдзырдта: «Æй дæ мард фесæфа, Елиоз, кæд цæй сæрæн разындтæ...» Елиоз æм хæрдмæ скастис æмæ дзуры: «Резо, федтай, æрхиз æмæ ды дæр уыцы усы «снатлиа» кæн». Уæдæй фæстæмæ Резомæ æдзухдæр уыд арахъхъ - судзаг. Гиомæ арахъхъ æгæр карз фæкаст, æмæ Елиозы «судзаг» йæ зæрдыл уымæн æрлæууыд. Афтæ у, иууыл кусгæ нæ вæййы. Хæрд кæм ис, уым уырдыг дæр вæййы. Ахæм «уырдыг» уыд махæн нæ уыцы абадт. «ФÆЙНÆ УАДЫНДЗЫ САРАЗÆМ» Уый уыдис июны райдианы, бæрзонд хæхтыл нырма мит дзæвгар уыд, фæлæ мах кæдæм уыдыстæм цæуинаг, уым сыфтæр мысты хъусыйас фæзынд - нæ балц уыд, Итрапи- сы комыл бацæугæйæ, æфцгуытæм-лæгуынтæм.
Мæ мысинæгтæ 69 Хохы хъуыддаг афтæ у, бынæй йæм хæрдмæ куы скæсай, уæд лæг йæхимидæг зæгъы: «Уый сæрмæ схизынæн та цы хъæуы?..» Фæлæ йæм куы схæрд кæны, уæд лæгæн йæ хид фындзы хъæлæй фæсæх-сæх кæны. Афтæ уыд нæ хабар дæр. Æз, Бестауты Гиуæрги, Уанеты Шура æмæ Елбачиты Шалва схæрд кодтам Итраписы хохыл æмæ, кæс ды махмæ, нæхи нал састам, æндæра, уыцы хæрды цæугæйæ, нæ къæхтæ фырфæлладæй дыдæгътæ кодтой. Гиуæрги йæ къахæй уæд райдыдта хъæрзын æмæ лæдзæг хаста, фæлæ, мæгуыр, уæддæр йæ хъæдмæ цæуын нæ уагъта. Æрдзы хъæбысмæ цæуын уыд йæ уд, йæ дзæцц. Сабатмæ ма-иу хъуыд æртæ боны, æмæ-иу уæд райдыдта хъуыды кæнын, сабаты чердæм ацæуæм, зокъо фылдæр кæм уыдзæнис, зæгъгæ. Лæгуынмæ куы схæццæ стæм, уæд уыцы сатæг уæл- дæфмæ Гиуæрги Шурамæ дзуры: -Æз цалынмæ иу баназон, уæдмæ иу кæрдæджы сыфмæ дæр нæ февналдзынæн. Шура йæм зулмæ бакаст æмæ йæ мидбылты бахудт: - Уæдæ, тынг мын ныллæгъстæ кæн, æндæра дын не сразы уыдзынæн... Уыцы сатæг уæлдæфмæ фæйнæ арахъхъ куы анызтам, уæд не ’фсæртæ феуæгъд сты, цы ма нæ æфсæста. Шалва ацыд æмæ хуынчъыйы сæртæ æрбахаста: - Адонæй дæр ацаходут, æндæра мæн дæр ахæрдзыс- тут. Гиуæрги йæм скаст æмæ сдзырдта: - Æй, æз дын амæлон, Шалва, æмæ æз пысылмон куы дæн (ома, хуыйы фыд нæ хæрын). Шалва хъуыддаг нæ фембæрста æмæ дзуры: - Гио, æмæ пысылмон хуычъыйы сæр кæдæй нырмæ нал хæры? Мах куы ныххудтыстæм, Шалва уæд ацахста Гиойы дæлгоммæ ныхас æмæ уый дæр бахудтис. Уыцы бон нæ нæ къæхтæ кæдæмты нæ ахастой: фæфæнд кодтам Итраписы комыл ахизын Чъехы коммæ æмæ, нæ хызынтæ не ’ккой, афтæмæй Чъехы рагъыл æрцыдыстæм. Хъæу нæм куы разынд, уæд Шура, аулæфæм, дам, загъ- та, æмæ иу дзæбæх æрдузы нæ уаргъхæссæн хызынтæ æрæвæрдтам æмæ аныр æрбадæм, афтæ Гиуæрги иу дзæбæх уагъылыйы къутæрмæ фемдзæст:
70 Харебаты Леонид - Цы, уый зонут, цæй æмæ уагъылыйæ фæйнæ уадын- дзы саразæм. Фыййау нæ фылдæр чи фæцыд, уымæн йæ уадындз хуыздæр рауайдзæнис. Ацы фæнд нæ зæрдæмæ фæцыд æмæ райдыдтам уадын- дзтæ аразын. Уайтагъд æз мæ уадындзæй сцагътон, Шура та уадындзæн йæ хъæлы апп сыгъдæг дæр нæма фæцис. - 0, о! - арсы каст мæм æрбакодта, - куыд тагъд дын сцæттæ ис? - фæрсы Мæ Шура, - бæрæг у, фыййау цæугæйæ бирæ къæбæртæ кæй ахордтай. Уæдмæ Гиойы уадындз дæр ноггуырд сæныччы уаст скодта - Мæ зокъотæ æмæ хуычъыйы сæртæ Ацæмæзы æппын- дæр не ’ндавынц. Уый, Лео, ахсæв цас фæцин кæндзæн, уый зоныс? (Ацæмæз уыд Гиойы чысыл фырт, афтæ бирæ йæ уарзта æмæ йыл зæрдæхъæрмттæ кодта.) Иæ чысыл лæппуйы коймæ нын радзырдта иу ахæм ха- бар. -Æз дæр, - дзуры Гио, - бафæзмыдтон хъалты æмæ фа- рон сæрды æд бинонтæ Хъырыммæ ацыдтæн улæфынмæ. Куыд, цы уыд, абон дæр æй нæ зонын, фæлæ лæппу ден- джызы былыл рохуаты аззад, нæ зæрдыл куы ’рлæууыд, уæд мæн дæр æмæ Сæлимæты (Гиуæргийы æфсины) дæр ферра кæнынмæ бирæ нал хъуыд. Лæппу никуыцæй зыны. Гъе, уый дын хъуыддаг. Æррайау разгъор-базгъор кодтон, мæхи цы фæкодтаин, уымæн ницыуал зыдтон. Денджызы был чи уыд, уыдон загътой, зæгъгæ, донмæ иу сывæллон дæр нæ бацыд. Уый мын чысыл ныфс уагъта мæ зæрдæйы, фæлæ цас. Ахæм бæлас, ахæм къутæр нал баззад, æз сæрвасæнæй фасæгау кæй нæ ныккодтон. Нæй æмæ нæй, сывæллон никуыцæй зыны. Сæлимæт дæр зилы, агуры æмæ ноджы мæн ахæм тыхстхуызæй куы уыдта, уæд йæхицæн бынат нал ардта. Уалынмæ кæсын, æмэе уæлæ иу йæхи цахъхъæн чысыл чызгимæ узгæ-узгæ æрцæуынц. Мæхи йæ размæ аппæрстон, фелвæстон æй мæ хъæбысмæ æмæ кæс ды мæнмæ. Мæ уы- цы сонт митæм Сæлимæт æнцад-æнцойæ дзуры: - Гио, афтæ æнхъæлыс æмæ æз нæ мæт кодтон? - Мæт ыл кодтай, фæлæ мæ дæ мæт бынтондæр нал æндæвта... Гъемæ ныр йæ уыцы лæппуйæн «уæхскуæзæй» аразы уадындз, Куы йын сцæттæ, уæд сывæллонау сцин кодта:
Мæ мысинæгтæ 71 - Годжиты хъæуы æз дæр дзæгъæлы нæ сæфтон мæ сабибонтæ, фыййау цæугæйæ æз дæр арæзтон уадындзтæ, фæлæ мыл, Леонид, ды уæддæр фæтых дæ, ^æ уадындзæн йæ хъæлæс цъæхснагдæр у. Æри, баивæм сæ, - дзуры Гиуæрги, - фæлæ нæ, мæхи арæзт уадындз хъуамæ балæвар кæнон мæ чысыл Ацæйæн. - Æз дын мæ уадындз дæттын, мæнæн мæ лæппутæ ныр стыртæ сты æмæ ахæмтæй нал хъазынц, - загътон Гиуæргийæн æмæ йын мæ уадындз радтон. Чъехмæ куы ’рцыдыстæм, уæд, фæйнæ уазал бæгæны аназыны æфсон, Чъехы хæрæндонмæ бацыдыстæм æмæ фæйнæ бæгæныйыл нал æрлæууыдыстæм. Дыккаг бон Шура худтис, афтæмæй дзырдта: «Дысон мæ Аза мардта (йе ’мкъайæ дзырдта). А, горæты, дам, дæ де ’мгæрттæ банозтджын кæнынц, фæлæ уын хъæдмæ дæр ресторан уæ фæстæ арвитынц?..» Фæцæй мæ рох кодта. Итраписы рагъыл куы схæрд код- там, уæд Гиуæрги йæ къахы рыст æрымысыд æмæ афтæ дзуры: - Мæ риссаг къах хъуамæ Евелинæйæн раттон (Теде- ты Евелинæ куыста Хуссар Ирыстоны гидрометбюройы хицауæй), йæ прогнозтæ хатт раст нæ фæвæйынц, уый æмæ дын мæ къах, ницæй тыххæй фæрæдийы. Райсом цыхуызæн бон уыдзæн, уый мын æнæкъæрццæй базонын кæны. Афтæ рæсугъд рауад нæ уыцы боны балц æрдзы хъæ- бысмæ. Фæлæ мæгуыр Гиуæргийы бабын кодта уыцы æнæхайыры къахы низ... ДЗАБОЛАТЫ ХАЗБИ *.* Иæ фыццаг æмдзæвгæтæй Хазби уайтагъд чиныгкæс- джыты йæхимæ æркæсын кодта. Æз ын йе ’мдзæвгæти- мæ базонгæ дæн журнал «Мах дуг»-ы фæрцы. Уæд журнал хæст уыдис раст позицийыл æмæ уæрæх фæндаг лæвæрдта курдиатæн. Иу ахæм уæрæх фæндаг йæ фæрстыл радта Дза- болаты Хазбийы поэзийæн дæр æмæ Хазби цыбыр рæстæгмæ йæ хъарм, арфмидисджын æмдзæвгæтæй чиныгкæсæджы зæрдæйы ссардта аккаг бынат.
72 Харебаты Леонид Иуахæмы Дзаболаты Хазбийы йæ уарзæгой зæрдæ æрхаста Цхинвалмæ. Уыцы бон æз чингуыты магазины æвзæрстон чингуытæ æмæ уырдæм æрбацыдысты Дзабо- латы Хазби æмæ литературæйы меценат Къодоты Махар. Махаримæ ног зонгæ уыдтæн, кæрæдзийыл ацинтæ кодтам æмæ мын стæй Махар дзуры: - Леонид, ацы лæппу дæр у де ’мсисон, кæд ын йе ’мдзæвгæтæй исты кастæ - Дзаболаты Хазби у. Æз чи дæн, уый дæр загъта Махар æмæ Хазбиимæ нæ кæрæдзийыл фæцин кодтам. Æз Хазбимæ бахатыдтæн, зæгъын, нæхимæ, хæдзармæ ацæуæм, фæлæ мын уый не сразы. Цыдæр хъуыддæгтæ æрымысыд... Нæ фембæлды фæстæ Хазби бирæ нал ацард, трагикон æгъдауæй бабын. Абон дæр бæрæг нæу Хазбийы марæг. Афтæ радзырдтой, цыма Хазби йæхи амардта, фæлæ уый никæй бауырныдта. Хазби нал ис, фæлæ уыйхыгъд цæрынц йæ уацмыстæ, йе ’мдзæвгæты æмбырдгонд мæ библиотекæйы ахсы сæрмагонд бынат. Чиныг йæхиуыл рыг абадын нæ уадзы, уымæн æмæ æдзух мæ къухы вæййы... РЕЗО - КЪАХЕТЫ Уæлдæр, мæ разныхасы, æз ракодтон зынгæ ирон фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Цоциты Резойы кой æмæ мæн фæнды мæ уыцы кой адарддæр кæнын. Резо уæд нырма йæ тыхы уыдис, æниу куы амард, уæд дæр нæ уыд мæлыны аккаг, нырма фидар уыд, фæлæ удхæссæджы ныхмæ цы уæйыг фæлæудзæн. Хæсты рæстæджы Резойыл цыппор азы дæр нæма цыда- ид, фæлæ мæнæн (сывæллоны цæст) хистæр адæймаг - Резо уыд «фыдæлтыккон». Ие ’рцыды фыццаг бонæй фæстæмæ Резо мемæ тынг схæлар. Нæ хъæу Хуыцъейы рæзты цыдис Леуахийы хуызæн дон, хуыдтам æй Къабалдон. Махмæ, Къа- хеты, сæрдыгон хур афтæ тынг æндавы æмæ дзы сулæфæн- тæ нæ вæййы. Резо нæм æрцыд сæрды тæмæны. Ахæм дзæгæрæггæнæг хуры тæвдыл ахуыр нæ уыд æмæ æдзух йæ хид лæмæрста,
Мæ мысииæгтæ 73 бынтондæр нæ фæрæзта уыцы тæппалгæнаг хурмæ. Æдзух йæхи æппæрста Къабалдонмæ. Донмæ иунæгæй нæ цыдис, æдзух мæн кодта йемæ. Резо-иу къуыргæйы ныххызт, йæ къæхтæ-иу ставд дурмæ скомкоммæ кодта, йæ чъылдым-иу сыздæхта къуыргæ донмæ æмæ акæс ды уымæ, йæ сæрты- иу цыхцырæгау, растдæр зæгъгæйæ та, æхсæрдзæнау кал- дис дон æмæ-иу уæд Резо уыцы хъæлдзæгæй донимæ абу- хын райдыдта, йæ къæхтæ-иу скъæдз кодта, ставд дурмæ-иу йæхи баввахс кодта æмæ-иу стæй цæрдæг фæтынг кодта йæ къæхтæ, дон-иу арвмæ фæхаудта, æмæ-иу уæд Резо ноджы хъæлдзæгдæрæй райдыдта донимæ абухыи. Уазал дон нæм уыд стыр проблемæ, æдзух мæнæн хæс кодта, цæмæй йын æз уазал дон хастаин суадонæй. Хæсгæ та йын кодтон, нæ хæдзармæ дыууæ километрæй дарддæр чи уыд, уыцы уазал сатæг суадонæй. Уыцы суадон уыд цъа- лайы, адæм æй хуыдтой Гæбæраты цъала, æмæ уым уы- дис уыцы диссаджы суадон. Иухатт Резойы æрфæндыд, æз ын дон кæцæй хастон, уыцы суадон йæхи цæстæй фе- нын. Фæйнæ донгарзы айстам æмæ араст стæм Гæбæраты цъаламæ. Резо сындæг цыдис, йæ иу къахæй чысыл чиуд- та, фæлæ йыл фидыдта, Байрон дæр, дам, чиудта, йæхи- иу уымæй буц кодта. Резо хæрзарæзтæй цыд æмæ-иу æм хъæубæсты адæм кæсынтыл фесты. Канд йæ дарæсы, йæ фадыварцы тыххæй нæ, фæлæ адæммæ диссаг каст удæгас фыссæджы фенын. Ахуыргæнджытæ, Резо ам ис, уый куы базыдтой, уæд æм уынынмæ цыдысты, рахон-бахон æй код- той. «Нæй, ам лæджы сæнæй ныххурх кæндзысты...» - иу хатт хъаст кодта мæ фыдæн. «Ницы кæны, адæм дыл цин кæнынц, уый æвзæр нæу», - загъта йын мæ фыд. .Мæнæ, гъе, æрхæццæ стæм Гæбæраты цъаламæ. Ам за- дис ахæм бæласы мыггаг, æмæ нæ хæрис бæлас уыд, нæ фæрв, нæ гæды бæлас. Нæхимæ йæ хуыдтой лапани. Цы- дис тынг бæрзонд, уыд тасаг, сусхъæдау, фæлмæн... Резо суадон куы федта, уæд ыл, сывæллонау, фæцин кодта: «Ай, мæнæ аргъæутты суадон куы у, аргъæутты», - дзырдта æмæ сатæг уазал суадонæй нуæзта æмæ ыуæзта. Ацы суадонмæ цы миниуæг ис, уый йын куы радзырдтон, зæгъын, зымæг басур вæййы æмæ куыддæр уалдзæджы схъарм вæййы бæстæ, афтæ разыны, уæд æй мæ ныхас нæ бауырныдта.
74 Харебаты Леонид Фæлæ йын мæ фыд суадоны хабæрттæ лыстæггай куы ра- дзырдта, уæд æй æцæг бауырныдта. Уыцы бонæй фæстæмæ Резо мæн донмæ иунæгæй ни- куыуал ауагъта, æдзухдæр цыдис мемæ. Фæстæдæр, куы рахъомыл дæн, уæд уыцы хабæрттæ Резойæн æрымысыдтæн æмæ мыл фæцин кодта. Хъыгагæн, Резо æгæр раджы амард æмæ йемæ ахаста бирæ рæсугъд фæндтæ. ЦЫТДЖЫН ХЪАРАГЪУЛЫ Ис адæймæгтæ æмæ цы фехъусынц, цы фенынц, уый цы- ма компьютеры ныффыстой, афтæ йæ тæппæй-тæпмæ бахъуыды кæнынц. Æз уыцы адæймæгты къордмæ нæ ха- уын. Тынг мæ рох кæнынц нæмттæ, æмæ хабар кæд æрцыд, уыцы азтæ, мæйтæ. Мæнæ æз цы хабар дæн ныффыссинаг, уымæн дæр йæ аз æмæ мæй нал хъуыды кæнын. Фæлæ рохгæнæн нæй иу цауæн: æз æмæ Козаты Исидор улæфыдыстæм, Мæскуыйы цур фысджытæн Переделкино- йы цы сфæлдыстадон хæдзар ис, уым. Æнхъæлдæн, æмæ уый уыдис 1976 азы. Райсомæй мæм Исидор дуар æрбахоста æмæ йын дуар куы бакодтон, уæд мын загъта: - Мæскуымæ нæ цæуын хъæуы. Цы хабар у, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд мын загъта: - Дысон мæм поэт Цхуырбаты Иван (Иссæ йæ Вано хуыд- та, Иван цард æмæ ныр дæр цæры Мæскуыйы) фæдзырдта, армийы инæлар Хетæгкаты Георгий, дам, фæзиан æмæ йæ абон æвæрынц. Нæхи ацæттæ кодтам æмæ фæдисы цыдæй ацыдыстæм Мæскуымæ. Георгийы марды чырын æвæрд уыд Советон Æфсады Централон хæдзары стыр залы. Уыд асæст, фæлæ уаргæ нæма кодта. Нæ фæзындмæ æнхъæлмæ каст Иван. Уый мардæвæрæн къамисæн фехъусын кодта, зæгъгæ, мард бавæрынмæ æрцыд Хуссар Ирыстоны хицауадон делегаци. Иван нæ куыддæр федта, афтæ нæ размæ рацыд æмæ нын хабар бамбарын кодта, зæгъгæ, уе ’рбацыдмæ æнхъæлмæ кæсы мардæвæрæн къамис, куыд Хуссар Ирыстоны деле- гаци, афтæ.
Мæ мысинæгтæ 75 Ирыстоны з7арзон хъæбулæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æнæаскъуыйгæйæ цыдысты æмæ цыдысты алыхуызон делегацитæ, æфсæддон хæйттæ. Иван нæ афæдзæхста, зæгъгæ, дзы Хуссар Ирыстонæй сымах йеддæмæ ничи ис æмæ, дам, ма фæтыхсут. - Уый та куыд? - диссаг мæм фæкаст. - Махæн ничи бахæс кодта, æмæ ацы хабар, зæгъгæ, мах делегацийы минæвæрттæ уыдыстæм, Хуссар Ирыстоны хицауадмæ куы ныхъхъуыса, уæд цы зæгъдзысты? - фæрсын Иваны. - Ныр уый рæстæг нал у, ницы кæны, - зæгъы Иван. Уæдмæ нын нæ цæнгтыл цытджын хъарагъулы цытæн лентæтæ бакодтой æмæ Исидоримæ слæууыдыстæм нæ ном- дзыд инæлары табæты уæлхъус. Мах нæ хæс куы сæххæст кодтам, æрмæст уæд æрцыдыстæм не ’муд. Алы делегаци дæр æрбацыд венокимæ, дидинджытимæ, мах та афтидæй... Георгийы табæты фарсмæ зынгæ бынаты æвæрд уыдис диссаджы рæсугъд венок, йæ уæлæ фыст уыдис «От Ко- сыгиных», зæгъгæ. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй Косыгины (Косыгин уыд ССР Цæдисы Министрты Сове- ты Сæрдар) бинонтимæ Георгий цард тынг хъæрмудæй. Марды уæлхъус бадтысты Георгийы цардæмбал æмæ йæ фырт. Мард æвæрыны рæстæджы фæндæгтыл машинæтæ ныллæууыдысты Новодевичьейы уæлмæрды, цыдæр дис- сагæн къæвда ныссæх-сæх кодта, къæртайæ калæгау кодта. Георгийы фырт йæ мады къухæй зонтик райста æмæ дзы йæ фыды цæсгом æрæмбæрзта. Уæлмæрды митинг чизоны бирæ ахастаид, фæлæ сæ къæвда бахъыг дардта. Мард бавæрыны фæстæ ингæныл уый бæрц веноктæ æвæрд æрцыд æмæ сæ, сагойæ цъери куыд амайай, афтæ самадтой... Æз, Иссæ, Цхуырбаты Иван æмæ Гæззаты Ладийы фырт (Гæззаты Лади уыд дохтыр, куыста Цхинвалы медтехникумы директорæй, рухсæг уæд) булкъон, азылдыстæм уæлмæрды, федтам инæлар Харебаты Алексийы ингæн, номдзыд Мам- сыраты Хаджи-Мураты æмæ æндæрты ингæнтæ. Ам ныгæд ис НикитаХрущев дæр, цыдæр хъулон-мулон мрамор дурæй уыд амад йæ цырт. Уырдыгæй нæ Цхуырбаты Иван комкоммæ акодта сæхимæ. Переделкиномæ нæ нæ ауагъта. Георгийæн, дам, рухс зæгъæм. Иван æцæг бацархайдта, ирон зианы фынг
76 Харебаты Леонид куыд вæййы, афтæ фынгыл рухс зæгъынæн уыд алцы дæр. Мах цæуын хъуыд Переделкиномæ æмæ нозтæй нæхиуыл фæхæцыдыстæм, уыйхыгъд дзы нæ булкъон - Гæззайы фырт йæхимæ фæкаст æмæ нæм дыккаг бон Иван фæдзырдта, ды- сон-бонмæ, дам, æй йе ’фсымæр агургæ кодта, мæ зæрдийæ, кæмдæр фæсвæд йæ машинæ баурæдта æмæ уый мидæг бафынæй, афтæмæй йæ ссардтой. Макуыдæм ацæут, зæгъгæ, фæдзæхста нæ Иван æмæ нæм дыууадæс сахатыл фæзынд. Иемæ уыд поэт Владимир Цыбин, базонгæ нын æй кодта. Цыбин разынд тынг æргом, хæларзæрдæ. Æппæлыдис нын Булкъаты Михелы арахъхъæй, иу лалым, дам, мын чъа- чъайы арахъхъ æрласта. Цыбин уæд уыдис журнал «Сме- на»-йы редколлегийы уæнг æмæ йын Михал йæ ном ссард- та, балæггад ын кодта... Уыцы бон нын Цыбин бирæ цыдæртæ фæдзырдта, Сы- быры сфæлдыстадон командировкæйы куы уыдис, уæд Со- ветон Цæдис æмæ Китайы арæнтыл цы хабæрттæ цыд, уыдæтты тыххæй. Цыбин нын æппæлыд, нæ ирон литературæйæ тæлмацæй цы бакаст, уыцы уацмыстæй, хицæн автортæй. Баныфс нын æвæрдта, ирон поэзийы тæлмац кæныны хъуыддагмæ йæ хъус тынгдæр кæй æрдардзæн, уыцы нымæцы æз æмæ Иси- доры поэзимæ дæр. Нæ фембæлд ахицæн сабыр, нæртон фынгæй. Исидор уыд хъæлдзæг. Цыбин тынг фæцыд йæ зæрдæмæ, фæстæдæр мын цалдæр хатты ракодта йæ хорзы кой. Цыбины, дам, Хуссар Ирмæ фæхуыдтон æмæ, дам, мын баныфс æвæрдта, æз æмæ, зæгъ, Иван æнæмæнг æрцæудзыстæм Хуссар Ирыстонмæ. Цыбин зæгъгæ кодта, фæлæ уыцы аз Иван фæрынчын æмæ Цыбинæн Хуссар Ирмæ æрцæуын нæ бантыст. Гъе афтæ æнæнхъæлæджы æз æмæ Иссæ систæм æнæ- официалон делегаци, æниу уыцы æнæофициалондзинад зыд- там æрмæстдæр не ’ртæ: Цхуырбаты Иван, æз æмæ Иссæ. Уыцы бонты обкоммæ Георгийы æвæрæн къамисæй æрцыд фыстæг, цы ран бузныг загътой, уæ делегаци, дам, армийы инæлар Хетæгкаты Георгийы бавæрыны хайад кæй райста, уый тыххæй. Фæлæ диссаг куыннæ уыд: нæ обкомæй ничи бацымыдис кодта, уыцы делегацийы уæнгтæ чи уы- дысты, уый базонынмæ.
Мæ мысинæгтæ 77 ИСИДОР, НУГЗАР ÆМÆ СЕРГЕЙ Историйы кой та чи кæны, фæлæ кæд не ’ртæйæ искæй цардмæ фидæны фæлтæрæй исчи бацымыдис кæна, уæд ын мæ информаци чысыл истæмæн бабæздзæнис. Ко- заты Софроны (Гæндилы) фырт Исидор уыд хъорнисаг, уы- дысты фондз æфсымæры æмæ иу хо. Исидор фыдырдыгæй хæрз сабийæ баззад сидзæрæй æмæ уыйæппæт сывæллæттæ хъомыл кæныны хъуыддаг иууылдæр æруæз кодта йæ мад Хъотайты Текълейы чысыл, æфхæрд уæхсчытыл. Уыцы уæззау дуджы мады бон бацис сывæллæтты раст фæндагыл бафтауын. Лæппутæй дыууæйæ, Исидор æмæ Хазби, райс- той уæлдæр ахуырдзинад. Алеш, зæнæджы хистæр, куыста Хуссар Ирыстоны бастдзинады управленийы, уыд хæдахуыр инженер. Ацы фадыджы уый цы нæ зыдта, ахæм дзы ницы уыд. Зауыр хъæууон цард равзæрста æмæ йе ’фсымæртæн сæ фыдыуæзæг цæрдхъомæй дары. Мери куыста горæт Цхинвалы сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнæгæй. Сæ кæстæр, Петя, ныртæккæ цæры Абхазы, Гудауты. Бахъаты Иликъойы фырт Нугзар дæр, Иссæйау, рай- гуырд Знауыры районы, Бахъаты хъæуы. Иæ мад æмæ йæ фыд хорз фæцардысты. Нугзарæн йе ’фсымæр Федыр уыд Стыр Фыдыбæстон хæсты хайадисæг, фронтæй йæ сау гæххæтт æрцыд, фæлæ стæй бирæ рæстæджы фæстæ удæгас разынд, йæ хотæ Фрося, Авенка æмæ Нино сты дзæбæх, фæлмæнзæрдæ, царды сæрыл тохгæнджытæ. Нугзары фыд Иликъо кусаг æмæ кæрдзындæттон лæг уыдис, ныр дæр ма йæ æрымысынц хъæубæстæ. Æз мæхæдæг та райгуырдтæн Къахеты, Лагодехы райо- ны, Ху цъейы хъæуы. Мæ фыд Харебаты Пъетро уыд йæ дуджы дзырддзæугæ лæг, куыста колхозы сæрдарæй, бригадирæй, парторгæй. Мæ мады нæ хъуыды кæнын - ра- джы амард, уыдис Джуссойты Хыбийы чызг, йæ ном Раич- ка. Уыдыстæм фондз æфсымæры æмæ иу хо. Нæ кæстæр æфсымæр Доги (Гиорги) æмæ хо Ленæ уыдысты мæ дыккаг мадæй. Доги фæзиан. Фæзиан мæ иннæ кæстæр æфсымæр Вася дæр. Баззадыстæм ма æртæйæ: Сограт, колхозон, кæрдзындæттон æмæ æнувыд хиуæттыл; йæ кæстæр, Люд- виг, цæры Дзауы районы Хуыцъейы хъæуы - нæ фыдæлты уæзæгыл, ис ын хæдзар, бинонтæ, сывæллæттæ, у кусаг,
78 Харебаты Леонид цæрдхæцин; Ленæ чындзы фæцыд æмæ уый дæр йæхицæн цæры. Æфсымæртæн æз уыдтæн сæ астæуккаг, дыууæйæ мæ хистæртæ уыдысты, дыууæйæ та - мæ кæстæртæ. Æз хæрз æвзонгæй астæуккаг скъола каст куы фæдæн, уæд æрцыдтæн Хуссар Ирыстонмæ æмæ уæдæй абонмæ цæрын Цхинвалы. Цхинвалы цард Исидор дæр, фæлæ æнафоны амард, ныгæд ис, йæхи фæдзæхстмæ гæсгæ, сæ хъæуы уæлмæрды фыдæлтыккон тулдз бæласы бын. Цхинвалы цæры Нугзар дæр æмæ йын царды ис дзæбæх æнтыстытæ, кусы, фыссы... Мах, æз æмæ Нугзар, институтмæ куы бахаудыстæм, уæд Исидор уыд æфсады. Æфсадмæ йæ акодтой институтæй. Æфсадæй куы ’рцыдис, уæд æрбаздæхт институтмæ, фыц- цаг курсмæ. Ныллæг, саулагъз, рæсугъд лæппулæг, бæзджын æрфгуыты бынæй цæхæр калдтой йæ сау дыууæ цæсты. Абон дæр æй нæ зонын, цæмæн (æгæрыстæмæй йæ йæхæдæг дæр нæ зыдта), фæлæ аудиторимæ куы ’рбахызт, уæд аракæс- бакæс кодта æмæ комкоммæ мæ цурмæ æрбацыд æмæ мæ фарсмæ æрбадт. Уæдæй фæстæмæ цыппар азы дæргъы, иу æфсондзы бын дыууæ галы куыд фæкусынц, афтæ нæ кæрæдзийæ нал фæхицæн стæм. Иссæ æфсадмæ ацæуыны агъоммæ дæр фыс- та æмдзæвгæтæ æмæ æфсады ноджы фæныуарджындæр йæ хъæлæс. Ахуырмæ уыд тынг рæвдз. Иæхи равдисыныл ни- куы архайдта, фæлæ афтæмæй дæр зындис алыранмæ дæр. Уæлдай рæвдздæр уыдис ирон æвзагмæ. Нæ уарзон лектор, филологон зонæдты кандидат Бекъойты Димитр Гаврилы фырт-иу æвзаджы хъуыддаджы искæцы фæткойыл куы фæтыхст, уæд-иу уæззаугай разылд фыссæн фæйнæджы цурæй æмæ-иу афтæ бакодта: «Ды та куыд хъуыды кæныс, Козайы фырт?» Æмæ-иу Исидор бирæ хæттыты райхæлдта «æлхынцъ». Не ’хсæн бадтис Ирыстоны номдзыд зарæггæнæг Джык- кайты Аким, уый махæй бирæ хистæр уыд. Аким арæх пай- да кодта Иссæйы тетрадæй æмæ-иу кæддæриддæр «моло- дец» рамбылдта. Лектор-иу Акимы хæдфæстæ Иссæйы куы бафарста, зæгъгæ, гъеныр та дæ рад у, уæд-иу Иссæ ницы- уал сдзырдта, бахатыр мын кæн, зæгъгæ, абонмæ мæхи нæ бацæттæ кодтон.
Мæ мысинæгтæ 79 Иссæ институт каст фæцис сырх дипломимæ, иста Ле- нинон степенди, стæй ахуыр куы фæцис, уæд дыууæ азы æгуыстæй фæбадт, уæды хицæуттæ сфæлдыстадон кусæгæй сæ удхæссæг уьщтой. Æндæр уыд Нугзары уавæр, иуæй хæдзары ’рдыгæй рæвдз уыд, иннæмæй йын йæ хо Фросяйы фæрцы уыд цæрын æмæ ахуыр кæнынæн хорз фадат, горæты цæрæн бынатыл нæ тыхст. Нугзар дæр, Иссæйау, мæнæй нæ ахицæн, ахуы- ры фыццаг аз мæ фæстæ сбадт æмæ суанг институт каст фæуынмæ йæ бынат никуы аивта. Лектортæн не ’ртæ дæр цыдæр адджын, уарзон уыдыстæм, фæлæ ныл рухсы бадинаг Бекъойты Димитры хуызæн ничи цин кодта, æнкъардтам ын йæ аудындзинад. Ракодта-иу нæ тыргъмæ æмæ-иу не ’ртæйæн нæ къамтæ иумæ систа, уыцы къамтæй иу экзем- пляр абон дæр ис мæ архивы. Не ’ртæйы хæлардзинад ноджы арфдæр уидæгтæ ауагъ- та, институт каст куы фестæм, уæд. Нæ цыд, нæ бадт уыд æдзух иумæ. Фæстæдæр немæ æрбаиу Хацырты Сергей æмæ кæд махæй бирæ хистæр уыдис, уæддæр нæ нал фæхицæн. Фæстагмæ нæ фысджытæ «группа» дæр схуыдтой. Фæлæ цæмæн, уымæн дзуапп ничи лæвæрдта. Группа фæхонынц ахæм къорды, кæцы йæ разы æрæвæры цыдæр конкретон хæс, махмæ ахæмæй ницы уыд. Ахæмæй нæ, фæлæ искæмæн æвзæр ракæныныл хъуыды дæр никуы акодтам. 1986 азы Иссæ фæхъуыд, Хацырты Сергей нын фæзæронд, адæмы æхсæнмæ нал цæуы, баззадыстæм ма æз æмæ Нугзар... Гъе, ахæм цыбыр истори ис Иссæ, Нугзар, Сергей æмæ мæнæн. Нæ истори нæма фæцис, уый фæуыдзæн, мах Иссæйы фæстæ а дунейæ куы ацæуæм, уæд. Цых ызæн фысджытæ стæм, уый тыххæй та рæстæг йæ ныхас зæгъдзæнис. Алы критикæй дæр рæстæг тыхджындæр у. Уымæн уæхæдæг, нæ фидæны фæлтæр, уыдзыстут æвдисæн. ЗАУЫР ДЗЫ КУЫ НÆ ЗÆГЪА... Дзауы район хъæздыг у йæ рæсугъд æрдзон бынæттæй, сæрдыгон дзы кæдæмфæнды ма фездæхай, лæджы уырдыгæй рацæуын нал фæфæнды, уæдæ йæ сатæг суа-
80 Харебаты Леонид дæттæ, уæлдæф, йæ уазал суæрттæй зæгъай... дардыл ныхъхъæр нæ минералон дæтты кой, стæй нæ рæсугъд, арф, уынгæг кæмттæ. Цæуыс сæ хуылфы æмæ дæ зæрдæ агуры ноджы арфдæр бацæуын, ноджы бæрзонддæр схизын. Иæ æгæндæг тар хъæдтæм кæсынæй лæджы цæст не ’фсæды; æппæт уыцы рæсугъддзинæдты æхсæн сæрмагонд бынат ахсы Шихантуры бæрзонд æфцæг æмæ йæ арвыл æмбæлæг наз æмæ тæрс бæлæстæ. Адон афтæ рæсугъд нæ уаиккой, ам алыхуызон зокъо æмæ дыргъ уалдзæгæй фæззæгмæ куы нæ заид, уæд. Чизоны алкæмæн афтæ адджын нæу, уымæн æмæ иуæй- иу, фæныкгуызау, йæ цæрæнбонты хъæды дзыхы никуы ба- цыд æмæ йын йæ рæсугъддзинад никуы банкъардта. Ахæм лæгæй цы домыс? Уый æмæ дын мах: Уанеты Шура, Бес- тауты Гиуæрги, Нартыхты Григол, Джиоты Шота, Хъази- ты Мелитон, Къæбысты Зауыр, Елбачиты Шалва æмæ æз - Ирыстоны цы нæ хох, цы нæ къуылдымæй акастыстæм, ахæм нал баззад. Æмæ та мæнæ иу уалдзыгон боны араст стæм Шихантуры æфцæгмæ зокъо тонынмæ. Ам уалдзæджы мит нæма батайы, афтæ зæронд тæрс бæлæстыл æмæ кæлдымтыл ныззæбул вæййынц уæрыччы фыдау хæрзад зокъотæ. Къæбысты Зауыр уæд фыццаг хатт рацыд немæ, æмæ нæ куыст куы бакодтам, нæ фаг куы ’ртыдтам зокъо, уæд рагъмæ, фæндагмæ схызтыстæм. Шу- ра нын «къамандир» уыд æмæ ныл скъамандæ кодта: гъе- ныр, дам, баулæфæм, къæбæр дæр ахæрæм æмæ стæй нæ фæндаг цыбыр кæнæм. Уыцы ныхасмæ Зауырыл хур ракаст, фæхъæлдзæгдæр. Цы хабар у, уымæн ничи ницы бамбæрста. Хъæды дзыхмæ бацыд æмæ фæстæмæ куы раздæхт, уæд йæ бæзджын ри- хийы бынæй фæхуд-фæхуд кæны: «Ай диссаг нæу, ацы стыр хъæды лæг фæсвæд кæдæм фездæха, уый дзы ма хъуамæ уа?» «Цы дæ хъыг дардта?» - фæрсæм Зауыры. Æмæ йæхи раст кæны: «Зæгъын, æмбæлтты куыд бауромон, тарстæн, куы уæ фæхицæн уыдаин, æмæ мыл, кæсут, ныр худут». Иннæ хатт та куыстæй афæнд кодтам, Тъбеты быдырты мæнæуы хуымты чи фæзыны, уыцы кæрдæг тонынмæ. Ацы ’ кæрдæг тынг хорз у цæхджын кæнынæн, хонынц æй къуы- рынцхы. Уалдзæджы мæнæуы хуымтæ куыддæр базмæлынц, афтæ фæзыны къуырынцхы дæр. Йæ райдианы вæййы тынг
Мæ мысинæгтæ 81
82 Харебаты Леонид гыццыл, хъуамæ йæ карды бырынкъæй къахай, уымæн æмæ йæ уидагимæ у дыууæ хатты хæрзаддæр. Иугæр сфæнд кодтам, уæд ма нæ цы баурæдтаид, Джио- ты Дауыты зарæг «Уанаты къанау»-ы рæнхъытау: «Мах тых- джын стæм, мах цы сфæнд кæнæм, уый нын бантысы...» Æмæ мæнæ, уалдзæджы фысты дзуг хуссарыл куыд апырх вæййы, афтæ æмбæлтты къордæй мæнæуы хуымы апырх стæм, агурæм, тонæм... Зæрдиагæй аразил-базил код- та Зауыр дæр æмæ стæй йæхи ауæдзмæ айста. - Кæдæм? - фæрсæм æй. Зауыр зæхмæ ныккаст æмæ къуырынцхы кæрдæг стыд- та æмæ йын ахъаззаг «арфæтæ» ныккодта. Дæу, дам, фыц- цаг хатт чи ’ртыдта, уымæн афтæ æмæ уфтæ... Æз æй фæлæмæгъдæр кодтон, æндæра йæ Зауыр хъæбæрдæрæй загъта. - Уæдæ ай цы у, ныхысæрыйас æмæ йæм лæг цал хат- ты хъуамæ æргуыбыр кæна? Афтæ ахицæн Зауыры къуырынцхыйы тынды хабар. - Иæ хæрын ын бирæ куы уарзыс, - Шура баздæхт Зауырмæ. - Æмæ хæрын чи нæ уарзы...- фæцырд Зауыр дæр. Ахæм балцыты ацыдтæн фыссæг Къæбысты Зауыримæ. Уæдæй дзæвгар рæстæг рацыд, фæлæ æмгæрттæй нæ рох кæнынц Зауыры дыууæ балцы хабар. Нæ рох кæнынц мæнæй дæр. «СТАЙЫЦАРМДАРÆГ» Тогойты Гиоргийы кой кæм кæнын, уым мæ иу мы- синаджы дзырд цыдис Шота Руставелийы поэмæ «Стайыцармдарæг»-ыл. Тогойты Гиоргийы хатдзæгтимæ базонгæ уæвыны фадат нæ фæцис «Стайыцармдарæг»-ы тæлмацгæнæг Бестауты Гиуæргийæн, фæлæ Гиуæрги дæр, Тогойы фыртимæ æмдзырд бакæнæгау, уыйау кæй хъуы- ды кодта, уыцы хъуыддаг дызæрдыггаг нæу. Уый бæрæг у, ацы поэмæйы тæлмацæн Гиуæрги цы чысыл разныхас ныф- фыста, уымæй. Цалынмæ мæ сæйраг дзуринаг нæ райдыдтон фыссын, уæдмæ уал мæ фæнды дыууæ ныхасы зæгъын поэмæйы
Мæ мысинæгтæ 83 тæлмацы тыххæй: Бестауты Гиуæрги уыдис æнæлаз æмæ ирд курдиаты хицау. Уæлдæр ма йæ кой ракодтон: кæддæр мын Джансугъ Чаркъвиани дзырдта, зæгъгæ, Гиуæрги гуыр- дзиаг æвзаг зыдта иттæг хорз. Поэмæйы тæлмац кæныныл Гиуæрги бирæ тых бахардз кодта, йæ цардæй цалдæр азы снывонд кодта ацы æвæджийау поэмæ тæлмац кæнынæн. Поэмæ «Стайыцармдарæг» Гиуæргийы размæ ратæлмац кодта Саулохты Мухтар. Мухтар гуырдзиаг æвзаг нæ зыдта, дæлрæнхъон тæлмац ын сарæзта Хуссар Ирыстоны хъуыст- гонд рухстауæг, гуырдзиаг-ирон дзырдуат саразæг Санахъоты Пъауле. Мухтар тынг курдиатджын уыд æмæ йæ бон бацис ацы поэмæйы иронау сдзурын кæнын. Мухтары размæ уы- цы поэмæйыл сæ тыхтæ афæлвæрдтой Хозиты Яков, Пли- ты Харитон, Хъайтыхъты Геор æмæ æндæртæ, фæлæ сæ хъуыддаг кæронмæ Мухтары йеддæмæ ничи ахæццæ кодта. Бестауты Гиуæргийы нæ хъуыд дæлрæнхъон тæлмацы сæр, уый поэмæ тæлмац кодта комкоммæ текстæй æмæ кæронмæ бахъахъхъæдта поэмæйы «бæрзонд» æмæ «ныллæг» шаи- рийы техникæ. Æз уыдтæн тæлмацы редактор æмæ тæлмацы арæх æмбæлдтæн ахæм бынæттыл, кæцытæ гуырдзиаг тексты нæ уыдысты. Æз текст æмных кодтон Мухтары тæлмацимæ дæр, стæй Нуцубидзейы (уый йæ ратæлмац кодтауырыссаг æвзагмæ) текстимæ дæр. Бирæ хатт-иу Бестауæн цæвиттон æрхастон, зæгъын, мæнæ ацы ирон рæнхъ гуырдзиагау æндæр цæуылдæр дзуры... Фæлæ-иу ыл иумæ куы ахъуы- ды кодтам, уæд-иу æрцыдыстæм иу хъуыдымæ. Гиуæргийы тæлмацы хорздзинад уый мидæг ис, æмæ Гиуæрги тексты ца- гъар нæ уыд: уый йæ уд хъардта, авторы текст иронау куыд хуыздæр радæтта, ууыл æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Тæлмацы разныхасы тыххæй нæм рауад ахæм полемикæ: Гиуæрги фыссы, зæгъгæ, ацы поэмæ тæлмацгæнгæйæ, æз ам уыдтон цыдæр нæ ирон адæмы историйæ. Иæ ацы хъуыдыйы тыххæй йæ куы бафарстон, зæгъын, дæ уымæй цы зæгъын фæнды, уæд мын загъта: «Лæг алцы нæ ныффысдзæнис æмæ нæ зæгъдзæнис, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма поэмæ фыст у нæ историйыл, ома ирон адæмы историйыл. Фидарæй мæ уырны: ацы поэмæ чи ныффыста, уый æнæмæнг лæмбынæг зыдта, нæ адæм сæрыстыр кæмæй сты, нæ уыцы Нарты эпосы мидис. Уый дæр ма мæ уырны æмæ поэмæ гуырдзиаг
84 Харебаты Леонид лæджы фыст нæу. Æз гуырдзиаг адæмы удысконд хорз зо- нын. Гуырдзиаг лæг ахæм поэмæйы гуырдзыйы æмæ Гуыр- дзыстоны кой ма скодтаид, уый уырнинаг нæу, поэмæйы та иу ран дæр, уырзæй агургæйæ дæр, не ссардзынæ гуырдзи- аг лæджы æмæ Гуырдзыстоны кой». Бестауты Гиуæрги æгæр раджы ахицæн а дунейæ, æн- дæра абон цы литературæ фæзынд «Стайыцармдарæг»-ы алфæмблай, уыдæттимæ куы базонгæ уыдаид, уæд но- джы ирддæрæй æмæ бæлвырддæрæй загътаид йæ хъуы- ды. Æниу амæй дæр бæрæг уыд Гиуæргийы позици поэмæ «Стайыцармдарæг»-мæ. ГУЫРÆН БОН Æвæццæгæн, нæ дыууæ дæр мæгуырæй, сидзæрæй кæй схъомыл стæм, уый нæ сбаста кæрæдзийыл, æндæра Нартыхты Михал Уæллаг Къахеты райгуырд, æз - Дæллаг Къахеты, нæ сабион бонты бынтондæр кæрæдзийыл никуы фембæлдыстæм. Цхинвалмæ Михал мæнæй раздæр æрцыд, æз институтмæ цы аз радтон бацæуыны фæлварæнтæ, раст уыцы аз Михал райста йæ диплом. Ничи нæ базонгæ кодта, афтæмæй нын нæ кæрæдзийы фенд фыццаг бонæй фæстæмæ цыдæр фæадджын æмæ нал ахицæн стæм. Иухатт мæм фæдзырдта: «Леонид, хъæуыс мæ, макуыдæм ацу». Æз никуыдæм ацыдтæн. Куы фембæлдыстæм, уæд мын загъта: «Ды уарзыс æви нæ ме ’мдзæвгæтæм хъусын?» «Уарзын, ууыл дызæрдыг ма кæн», - загътон ын. «Уæдæ цом мемæ хæдзармæ, хъуамæ дын мæ ног æмдзæвгæтæ бакæсон». Ацыдыстæм æмæ цæй ног æмдзæвгæтæ æмæ цæй цыдæр. Михалы æмкъай Гæбæраты Зинæ диссаджы хæринæгтæ фæцарæзта æмæ нæртон фынг æрæвæрдта. Уæдмæ Нафи æмæ Бестауты Гиуæрги дæр фæзындысты. (Æртæ дæр цар- дысты уыцы иу корпусы). Нафи уыд кувæг æмæ фысымты Хуыцау æмæ Уастырджийæн куы бафæдзæхста, уæд дык- каг рæгъыл рабæрæг: Михалы райгуырдыл сæххæст цыппор азы æмæ фынг уыдис уый фæдыл. Фæкуывтам ын, Миха- лы уæды хуызæн хъæлдзæгæй никуы федтон. Михал тынг курдиатджын уыд, хорз арæхст музыкалон инструменттыл цæгъдынмæ дæр æмæ нын æвдыста йæ дæсныйад...
Мæ мысинæгтæ 85 Иннæ хатт æз областон рынчындонæй рацæйцыдтæн. Михал мыл сæ хæдзары цур, магазины дуармæ, амбæлд æмæ мын дзуры: - Кæм уыдтæ, уымæй дæ нæ фæрсын, фæлæ цом æмæ иу нæхи хуызæн мæгуыр поэты абæрæг кæнæм, чысыл хъæрзгæ у æмæ йын йæ низ асурæм. -Чиу? - Нæ мæгуыр æфсымæр? - дзуры мын. - Уыцы мæгуыр æфсымæр у Хъодалаты Герсан. Магазинмæ бацыдыстæм æмæ дзы цыдæртæ балхæдтам, кæй зæгъын æй хъæуы, сæн æлхæнын дæр нæ нæ ферох. Æз, Герсан кæм цард, уый нæ зыдтон, æмæ Михал уыд «фæндаггæрдæг», «колумб». Куыд нæ алы ирон фыссæг, афтæ Герсан дæр йæ ногæрхаст æмкъай Наниты Асиатимæ цардысты иу кæйдæр ныккæнды. Сылгоймаг уæддæр сыл- гоймаг у, æмæ Асиаты æрмдзæф фæзынд хатæныл: уыд хæрзæфснайд. Нæ бацыдыл нын тынг бацин кодтой. Герсан, æцæг, хъæрзгæ уыд, фæлæ мах куы федта, уæд схъæлдзæг, фæныхæстæ кодтам, фæфарстам кæрæдзи. Мæ зæрдыл æрлæууыд, Герсан сæхимæ Захъхъормæ усгур куыд ацыд, уыцы хабар, хонджытæ арвыста: изæры, дам, йеуал æмæ йеуал сахатыл чындзæхсæв кæнын æмæ мæм фæзынут, зæгъгæ. Уæд Герсан æххуырсты цардис Гæбæраты Викторы хæдзары æмæ йæхимæ цы уыд, фæлæ Виктор æмæ йе ’мкъай Герсанмæ хъæбулы цæстæй кастысты. Иæ чындзæхсæвы хæрдзтæ йын сæхимæ айстой. Дзырд дардыл цæуы, фæлæ нæ удтæ суæлæнгай сты æнхъæлмæ кæсынæй, изæры авд са- хаты ссис, ссис аст, фараст, дæс, иуæндæс... Фыццаг сахаты æрдæгæй ахызт æмæ уæдмæ чындзхæсджытæ фæзындысты. Букуылты Алыкси уыд къухылхæцæг, тынг хорз арæхст, стæй уæд йæ тæккæ тыхыл уыд æмæ уазджыты дæр æмæ фысымты дæр буц кодта йæ уæздан мидбылхудт æмæ йæ хъарм ныхасæй. Фæдзурынц, æнафоны хæрд, дам, нæ тайы, фæлæ уый мæнг у, уыцы æнафоны хæрдæй иу фыссæг дæр йæ ахсæнæй не схъæрзыдта. Герсанмæ чысыл абадыны дзырдæй бацыдыстæм, фæлæ куыд фæзæгъы ирон æмбисонд: де ’рбацæуын дæ бар у, æндæра дæ ацæуын дæ бар нал у. Герсаны æвзонг æмкъай йæ къуымты хорзæй ницыуал ныууагъта, фынгмæ сæ æрхаста. Канд нæ къухы кæй айстам, уыдон нæ, фæлæ ма
86 Харебаты Леонид Герсан йæ сæны æвæрæнтæм дæр бавнæлдта. Михал уыд кувæг æмæ мæлгъæвзаг фестад, æнæуый дæр уæздан æмæ сыгъдæгзæрдæ уыдис, мæнæ афтæ кæмæй фæзæгъынц, æгасæйдæр у зæрдæ, зæгъгæ, раст уыд ахæм. Сафгæ дæр æй йæ уыцы æнкъараг зæрдæ фæкодта. Алкæмæндæр æй хорз фæндыд æмæ-иу æддагонæй уый куы нæ банкъардта, уæд-иу мæтмæрдтæ кодта. Герсанæй куы рацыдыстæм, уæд мын дзы Михал райдыд- та æппæлын: «Леонид, нæ райдайгæ фысджытæй Герсанæй рæсугъддæр иронау æмдзæвгæ ничи фыссы, ахæм кæстæры уарзын хъæуы, ахæм кæстæрæн фæндаг дæттын хъæуы». Михал мæнæн уыцы ныхæстæ куы кодта, уæдæй ардæм дзæвгар рæстæг рацыд, æмæ куыд тынг банкъардта Герса- ны курдиаты фидæн. Рæстæг рацыд, æмæ Герсан нæ ирон литературæйы бацахста аккаг бынат. Герсанимæ ныр мах æрвылхатт дæр æмбæлæм. Æмæ цы хатын Герсанмæ? Хъæр нæ кæны, хъæр кæнынц йе ’мдзæвгæтæ. Æмæ, Герсаныл хъуыды кæнгæйæ, мæ зæрдыл æрлæууыдысты поэт Светловы ныхæстæ. Уый дзырдта: «По- эт, хъæр ма кæн, адæм къуырма не сты!» Светловы уымæй зæгъын фæндыд: кæд дæм хорзæй исты ис, уæд, зæгъ, рох- уаты никуы баззайдзынæ. Ахæм фембæлдтытæ мын уыд Нартыхты Михалимæ æмæ Михалы фæрцы та дыккаг хатт - Хъодалаты.Герсанимæ. ФЕМБÆЛДЫСТÆМ ПИЦУНДАЙЫ аарчиты Дауыты ном æз фехъуыстон Къахетмæ. Уый уыд афтæ: цæвиттон, Дауыты фыццаг æмкъайы хо Цхуыр- ы Нинæ цард нæ хъæуы. Дауытæй уыд тынг сæрыстыр, арæх-иу фæкодта йæ кой, фыссæг, дам, у æмæ нын радзырд- та ахæм хабар: «Дауыты фырт Иналыл Плиты Харитон ныф- фыста æмдзæвгæ æмæ нын æй куы бакаст, уæд бахъуыды кодтон уыцы æмдзæвгæйæ цалдæр рæнхъы: «Нана Иналмæ дзæбæх фæзилы, Хъæрмуст доны йæ дзæбæх фæнайы...» Уæдæй ардæм дзæвгар рæстæг рацыд. Раджы аивгъуыд- той мæ сабибонтæ дæр. Алы маргъы лæппын дæр йæ ахстонæй куыд атæхы, афтæ æз дæр ратахтæн мæ фы- ды арæзт хæдзарæй æмæ 1952 азы æрцардтæн Цхинва- лы - мæ фыдæлты зæххыл. Ам райстон уæлдæр ахуырдзи-
Мæ мысинæгтæ 87 н ° а^ К м о р 82 3# ^И 1» я* ** й& У А я^ Д н *8 &Р 11 Рц 8 Й а« ^ ^ &э 8 1 со 3 м ° й © УЧ Рч н эй й Й « р^хо н и П & Й 03 РнХ
88 Харебаты Леонид над, ам слæууыдтæн мæ къахыл, ам ныммыхуыр сты мæ фыццаг æмдзæвгæтæ, ам мæн уæнгæй айстой Фысджыты цæдисмæ. Рæстæг куыд цыдис, афтæ зонгæ кодтон куыд Хус- сар Ирыстоны цæрæг фысджытимæ, афтæ Цæгат Ирысто- ны цæрæг фысджытимæ дæр: кæм лæгæй-лæгмæ, кæм та сæ уацмыстимæ. Цхинвалмæ хицæн рæстæджыты æрцыдысты фысджытæ Гаджиты Георгий æмæ Мæрзойты Сергей. Гад- житы Георгий Цхинвалмæ куы ’рцыдис, уымæй цалдæр мæйы размæ «Мах дуг»-ы ныммыхуыр кодта, Францы кæй уыд, уый фæдыл æмдзæвгæты цикл. Георгийы ацы цикл тынг фæцыд мæ зæрдæмæ æмæ Цхинвалы куы базонгæ стæм, уæд ыл фæцин кодтон. Мæрзойты Сергей тауыд «Мах дуг»-ы сæйраг редактор, уый мæ нал хъуыды кæндзæн, фæлæ мæн Сергейимæ базонгæ кодтой Цоциты Резо æмæ Хацырты Сергей. Уæд Мæрзойты Сергей нырма æвзонг уыд, мæ зæрдыл ын бадардтон йæ фæлмæн уарзæгой цæстытæ æмæ йæ уæзбын ахаст. Æмæ та мæнæ ралæууыд ног зонгæ кæныны рæстæг. Æз æмæ Нартыхты Григол æрцыдыстæм Пицундамæ, Фысджыты сфæлдыстадон хæдзармæ æмæ ам æрæййæфтам поэт Дарчиты Дауыты, уый уыд йæ дыккаг æмкъаимæ (Цхуырбианæй раджы ахицæн). Дауыт ныл тынг бацин кодта, куыддæр нæ базыдта, афтæ махæй нал ахицæн, ме ’мдзæвгæтæй мын æппæлыд. Æз ын уый тыххæй иу æмбисонд æрхастон, зæгъын, «цæстæмхъус ныхас фыдбылыз хæссы...» Дауытыл ацархайдтам, фæндыд нæ, исты йын куы балæггад кодтаиккам, фæлæ нын ресторанмæ не сразы, нозт мын нæ бæззы, зæгъгæ, æмæ къæбæр хæрынмæ тауырдæм цæмæ цæуæм, ам мæнæ лæгæн йæ къæхтыл дæр гуыбынтæ куы уаид... Фæстæдæр Дауыты бафæндыд, цæмæй нæ къамтæ иумæ систаиккам, æмæ афтæ дæр бакодтам. Ныр мæнæн мæ архивы ис Дауытимæ иумæ ист къам. Афтæ базонгæ дæн уæздан ирон поэт Дарчиты Дауытимæ. Дзæнæты бад, Дауыт! УАРЗЫ «ЛЫСТÆГ СЫРДТЫЛ» ЦУАН КÆНЫН Иу райсом раджы мæ хатæны айзæлыд телефоны дзæнгæ- рæг. «Чи уыдзæнис?» - мæхимидæг хъуыды кæнын, афтæмæй систон телефоны хæтæл: «Хъусын дæм». «Ле- онид, - дзуры мæм, - æдзух ме ’фсымæримæ фæцæуыс
Мæ мысииæгтæ 89
90 Харебаты Леонид хъæдмæ, абон ма мæн дæр исчердæм акæнут!» Базыдтон æй, уый Уанеты Шурайы æфсымæр Владимир у. Мæнæн уыцы бон мæ зæрды ничердæм уыд цæуын, фæлæ мæм иугæр ба- хатыд, уæд ын сразы дæн, кæм хъуамæ фембæлæм, ууыл дæр бадзырдтам. Æниу мæн- Владимиримæ хъæдмæ цæуын нæ фæндыд, уымæн æмæ йын зонын йе ’гъдау: хъæугæрæтты фæзилы, дард, бæрзонд хæхтæм ацæуыны кой йын кæддæрты скодтон æмæ йæ къæхтæ ныццавта, нæ мын сразы, алы æфсæнттæ фæкодта. Æмæ ныр, иугæр фæндон йæхицæй у, уæд мæхи- мидæг загътон: «Ацы лæг йæхиуыл æрхудтис, боны фæстагмæ йæ æрфæндыд «ставд сырдтыл» цуан кæнын». Æз, афтæтæ хъуыдыгæнгæйæ, фыццаг уæладзыгмæ æрхызтæн æмæ мæ фæдисон æмбал Джиоты Шотайæн хабар радзырдтон. Сразы мын æмæ автостанцы фембæлдыстæм Владимиримæ. Бацин ныл кодта æмæ йæ куы афарстам, зæгъгæ, нæ маршрут кæдæм у, уæд бахудт: - Мæнæн мæ бон дардмæ цæуын нæу, уæртæ Куртайы сæрмæ дзедыр æртонæм, æз уым бынæттæ зонын æмæ афтидæй не ’рцæудзыстæм. Шота мæм æрбакаст, ахъавыд фæстæмæ аздæхынмæ, фæлæ ме ’фсæрмæй йæхи нал басаста. Куртайы сæрмæ Владимир, æцæг, дзедыр хорз кæм задис, ахæм бынæттæ зыдта, æмæ уырдæм йæ фæдыл баздæхтыстæм. Фæлæ куыд фæзæгъынц, бирæгъæн, дам, йæ каст хъæдмæ у, мах сай-майты, дзедыр «тонгæ» нæхи айстам Чъехы сæрмæ - стыр хъæдмæ. Æрхастам хъæддаг дыргътæ, фæхæст стæм зокъойыл дæр æмæ нæ балцæй хъæстаг нæ фестæм. Æхсæвы мæм Владимир дзуры, цы фестут, зæгъгæ, æмæ йын радзырд- тон нæ хабæрттæ. Уый ныххудтис æмæ мæм дзуры: - Æз æй æнæуый дæр зыдтон, сымахæн уæ каст уыд стыр хъæдмæ. - Цы бадæ? - фæрсын æй æмæ мын раппæлыд, иу вед- ра, дам, дзедыр æртыдтон. - Хорз бакодтай, уым дæ фагæй фылдæр нæдæр уыд æмæ нæ кæрæдзи дзедыры къутæрыл бахордтаиккам, - уый йын куы загътон, уæд мæм дзуры: - Нæй, сымахæй мæнæн æмбæлттæ нæй, æз уæ катего- рийы лæг нæ дæн, фæлтау цæут Шураимæ, уый дæр хохы бæрзæндтæ уарзы...
Мæ мысинæгтæ 91 Ахæм хуынд нæ фæкодта нæ хорз хæлар Владимир йæ уарзон бынæттæм. Куртайы сæрмæ нæ кæрæдзийæ куы фæхицæн стæм, уæд мæ Шота Владимирæй афæрстытæ кодта æмæ йын куы загътон, Шурайы кæстæр æфсымæр у, зæгьгæ, уæд ныддис кодта: - Бынтондæр сын ницы иудзинад ис, ды мын æй куы нæ загътаис, уæд мæн никуы бауырныдтаид, адон æфсымæртæ сты, иу мады гуыбынæй рацыдысты! Æз ын загътон, зæгъын, ды раст дæ, кæрæдзийæ хицæн кæнынц, канд сæ бакастæй нæ, фæлæ сæ зондахастæй дæр. Æмæ йын радзырдтон Владимиры хабæрттæ. Уый ирон æвзаджы сæрыл куыд стох кодта, куыд æй æрцахстой, Сыбырмæ йæ куыд фесæфтой, стæй куыд ссæрибар æмæ ныртæккæ стыр хъуыддæгтæ кæй аразы. Кусы Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты хистæр зонадон кусæ- гæй, у филологон зонæдты кандидат, фыссы радзырдтæ, драмæтæ... Æппæт адæттæ Шотайæн куы ранымадтон, уæд мын уайдзæфы хуызы афтæ зæгъы: - Ахæм лæг у, уый æнхъæл нæ уыдтæн, нæ йæ хъуыд иунæгæй ныууадзын. Æз фæхудтæн æмæ йын загътон, зæгъын, уый афонмæ цинæй мæлы, мах æй немæ кæй нæ ракодтам, ууыл. Уымæн æмæ у «фæныкгуыз», дардмæ цæуын нæ уарзы. Уæдæй фæстæмæ хъæдмæ цыдыстæм, фæлæ Владими- ры кой нал кодтам. Уымæн æмæ уый уарзы «лыстæг сырд- тыл» цуан кæнын... АЛЕШЫ ФЫЦЦАГ ÆМДЗÆВГÆТÆ Гуыцмæзты Михал хистæр фысджыты ’рдыгæй рæвдыд никуы баййæфта... Æндæр исчи ахæм рæстæджы æнæ- уынон цæстæй акæсы канд йæ дæлджинæггæджытæм нæ, фæлæ ма æнæаххос кæстæртæм дæр. Михалмæ уы- цы миниуæг нæ уыд, йæхицæй зыдта, куы ничи дыл ауда, уæд куыд зын вæййы уыцы хъуыддаг, æмæ кæстæрты рæвдыдта. Михалыл хъуыдыгæнгæйæ, мæ зæрдыл æрлæууыд иу ахæм хабар: нæ фидæны курдиатджын фыссæг, гуырдзыйы
92 Харебаты Леонид судзгæ нæмыгæй мард фæуæг Гуыцмæзты Алеш ныр- ма сæхимæ, Уанаты астæуккаг скъолайы куы ахуыр код- та, уæд, скъолайы партæйыл бадгæйæ, фыссын райдыдта æмдзæвгæтæ, фæлæ сæ æвдисгæ никæмæн кодта: йæ цæсгом нæ хъæцыд. Гуыцмæзты Михалæн Алеш йæ хæрз æрвад уы- дис æмæ лæппуйы хабар йæ хъустыл куы ’рцыдис, уæд æй æррæвдыдта, æмæ йын Алеш дæр йæ сусæгдзинад раргом кодта. Михал райдианы йæхæдæг дæр фыста æмдзæвгæтæ, кæддæр мын Михалы æмдзæвгæтæй Гæбулты Мелитон æппæлыд... Фæлæ Михал тагъд бамбæрста, æмдзæвгæтæ фыссын нæу йæ ныхыфыст æмæ прозæмæ ныггуыбыр кодта, стæй фæстæдæр драматургийы дæр йæ тыхтæ бафæлвæрдта æмæ йын дзæбæх цыдæртæ бантыст, фыста нæ цардæй ап- паринаг чи ис, нæ уыцы судзаг фарстатыл. Гъе æмæ иу бон Михал мæнмæ æрбацыд, уæд куыстон «Советон Ирыстон»-ы редакцийы бæрнон секретары хæдивæгæй, йæ дзыппæй сласта æмдзæвгæты къона æмæ мæм сæ радта. Адон-ма, зæгъгæ, бакæс æмæ мын дæ хъуыды зæгъ. Æз сæ бакастæн æмæ йын цалдæр æмдзæвгæйæ загъ- тон, зæгъын, адонмæ æвналын нæ хъæуы, мыхуырæн бæз- зынц. Мæ хъуыды загътон газеты культурæйы хайады гæс Мæргъиты Къостайæн, уый дæр сæ бакаст æмæ сæ райгондæй баззад. Æртыккаг бон Алешы фыццаг æмдзæв- гæтæ фæзындысты мыхуыры. Ацы хабар Михал Алешæн радзырдта æмæ йæ бафæндыд мæ фенын. Мæ цæстытыл ауайы, бæрзонд, рæхснæг лæппу куыд нымдгæнгæ æрбахызт редакцийы къæсæрæй æмæ, мæгуыр, уыцы цардуарзаг фыссæг афтæ сабыргай ацыд цардæй дæр. Кæйдæртау Алеш хъæр нæ кодта, хъæр код- той йæ фыстытæ - йæ уацмыстæ. «ГОРÆТЫ ФЕМБÆЛДТÆН ЧЫЗГЫЛ...» Уый уыдис 1953 азы. Уæд Къахетæй уыдтæн ног æрцæугæ. Областон бастдзинады управленийы хистæрæй куыста, кæддæр Кърозы чи райгуырд , фæлæ хъысмæт Ирыстонæй кæй баиртæста, ахæм инженер, журналист Тыбылты Сер- гей (рухсагуæд). Гъемæ Ирыстонмæ æрыздæхгæйæ, Сергей иронау нал зыдта, фæлæ туг æмæ стæгæй ирон кæй уыд,
Мæ мысинæгтæ 93 уый тагъд рабæрæг, цыбыр рæстæгмæ сахуыр кодта ирон æвзаг, æмæ кæд алы дзырд нывыл нæ дзырдта, уæддæр цхинвайлаг «суырыссаггонд» ирæттæн цæвиттон æвдыста. Мæнæ базæронд дæн æмæ мыл, Сергей йæ мадæлон æвзаг куыд тыхджын уарзта, дыккаг ахæм ирон лæг нал фембæлд, æгæрыстæмæй нæ иуæй-иу «фысджыты» æхсæн дæр. Æппæт адæтты кой уымæн кæнын, æмæ Сергей йæ мадырвадæлтæм - Кокойты Рамантæм - уазæгуаты уыд, æмæ уым патефоныл æз ацагътон Хацырты Сергейы зарæг «Горæты фембæлдтæн чызгыл». Зарыд æй Балаты Володя. Ныффыссæн нæй, Сергеймæ уыцы зарæджы ныхæстæ æмæ фæлмæн мелоди цы диссаджы тæлмæнтæ равзæрын код- той, уымæн. Фысымты нæртон фынг ферох кодта æмæ мын авд хатты ацæгъдын кодта ацы рæсугъд æхцон зарæг. Раст куы зæгъон, уæд ацы зарæгмæ мæхæдæг дæр хъусынæй не ’фсæстæн. Уæдмæ ма ацы зарæг æз фехъуыстон нæхи, Хуссар Ирыстоны, радиолæвæрды. Заргæ та йæ кодта, абон Хуссар Ирыстоны адæмон артисты ном чи хæссы, нæ уыцы курди- атджын артист Зæгъойты Ростик. Ростик уæд æвзонг уыдис æмæ йæ йæ хъæлæс дæр амыдта. Ныр пластинкæ мæ къухы куы бафтыд, уæд мæ цас фæндыд, уый бæрц æй зылдтон æмæ зылдтон. Тыбылты Сергей фæстæдæр куыста газет «Сове- тон Ирыстон»-ы, йæ халдих цыдис уырыссаг æвзагыл æмæ уыд уыцы халдихы редактор. Сывæллонау мын балæгъстæ кодта, цæмæй йын зарæджы текст рафыстаин... Сергей ууыл хъуыды дæр никуы акодта, æмæ ацы æввахс рæстæджыты зарæджы автор Хацырты Сергейыл Цхинва- лы фембæлдзæн æмæ иумæ минас кæндзысты. Уьшы бонты Хацырты Сергей цæрынмæ æрцыд Цхин- валмæ I мæ дыууæ Сергей кæрæдзи куы базыдтой, уæд «иу хæдоны абырыдысты». Æхсæв-иу сбон кодтой шахмæтты фæйнæджы фарсмæ бадгæйæ. Сæ дыууæ дæр рæсугъд хъазыдысты, фæлæ Хацырты Сергей тактикон æгъдауæй рæвдздæр уыдис æмæ-иу уый сарæзта фылдæр очкотæ. Дзырд дардыл цæуы, фæлæ мæнæ дзæвгар рæстæджы фæстæ Мамсырайы фырты уынджы, Хацырты Сергей кæм цард, уыцы корпусы кæрты хъазынц, азтæ сæ уæз кæуыл æруагътой, мæ уыцы зыпгæ ирон фыссæг Хацырты Сергей æмæ журналист Тыбылты Сергей. Куы сæ федтон, уæд сæ цурмæ бацыдтæн, фæцин мыл кодтой æмæ стæй сæ хъазт
94 Харебаты Леонид адарддæр кодтой. Æз сæ фарсмæ æрбадтæн æмæ мыл дис æфты. Сомы ракодтой? А, Хацырты Сергей хъазгæ-хъазын дзураг нæу, фæлæ Тыбылты Сергейы цы уромы, алы цыдæн дæр-иу хъуамæ йæ ныхмæлæууæгæн исты юморвæлдæхт æлхынцъ ныхас загътаид. Ныр, марадз-зæгъай, йæ дзыхæй сыбыртт нæ хауы. Уый размæ фехъуыстон, хъазгæ-хъазын, дам, фæбыцæу сты æмæ, дам, ныр цалдæр мæйы кæрæ- дзимæ нæ дзурынц. Æз сындæггай базарыдтæн: «Горæты фембæлдтæн чызгыл, зæрдæмæ тынг...» - дарддæр ницы- уал схъыпп-сыпп кодтон æмæ Тыбылты Сергей йæхи нал баурæдта æмæ зарæджы автормæ нæ бакаст, афтæмæй база- рыд: «Ныр æмÆрыдонмæ курынмæ цæуын...» «Æй, æй!» - Хацырты Сергей дæр йæхи нал баурæдта æмæ Тыбылты Сергеймæ дзуры: - Æз мæхæдæг кæдæм ацæуон, уый куы агурын! Уыцы ныхасмæ дыууæ «зæронд фыры» кæрæдзимæ ба- кастыстысты, сæ кæрæдзимæ бахудтысты æмæ сæ къухтæ радтой. Афтæ иу рæсугъд зарæг бафидауын кодта дыууæ Сергейы... - Гъеныр макуыуал фæзулдзых ут, æз уын кæннод уы- цы зарæг нал азардзынæн. -Хорз, хорз, марадз-ма, Лизæйæн зæгъ, дæлæ, дам, бафи- дыдтой æмæ, дам, фынг ацæттæ кæн. (Лизæ у Хацырты Сер- гейы æмкъай, тынг хæларзæрдæ æмæ кæрдзындæттон). Схызтæн цыппæрæм уæладзыгмæ æмæ Лизæ дæр фæцин кодта дыууæ Сергейы бафидыдыл. «ЕФРЕЙТОР» Сабыр-сабырæй Козаты Исидор зыдта хъæлдзæг номыртæ аппарын. Æз æфсады никуы службæ кодтон: нырма - астæуккаг скъола, стæй - уæлдæр скъолайы цыппар азы æмæ баззадтæн, æфсадмæ нæ ацыдтæн, фæлæ хицауадæй ницы рох кодта: иухатт мæ æрхъуыды кодтой. Уæд куыс- тон газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы. Уыдис мын ■ бинонтæ, сывæллæттæ... Фæлæ мæ уæддæр æртæ мæйы æмгъуыдмæ акодтой, æвæццæгæн, загътой, зæгъгæ, уадз æмæ уый дæр æфсæддон касæй фæхъæстæ уа. Кæнгæ та
Мæ мысинæгтæ 95 мæ акодтой сæрды, Гардабанмæ. Уый та ис Гуырдзыстоны, горæт Рустаумæ хæстæг. Рацыд иу мæй, дыккаг, æртыккаг мæй дæр йæ тыхы ба- цыд, афтæ Козаты Исидор æрымысыд редакцийæ «ахъазын» æмæ мæ номыл тел радта газеты редактор Куымæриттаты Александрмæ: «Поздравьте меня с присвоением звания еф- рейтора... Харебаты Леонид». Редактор тел куы райста, уæд ууыл бынтондæр нæ ахъуыды кодта: алæ-ма кæцæй æрвыст у, зæгъгæ. Æхсызгон ын уыдис «ме ’нтыст», уый дæр æфсады никуы службæ кодта æмæ йæм «ефрейтор» фæкаст цыдæр стыр цин. Уайтагъд коллективы æрбамбырд кодта æмæ сын райдыдта мæ хорзы кой, мæнæй æппæлын. Кæсут, дыууæ боны йеддæмæ нæма ис æфсады æмæ мæнæ цы стыр цин райста, зæгъгæ, æмæ сын Исидоры тел хъæрæй бакаст... Æфсадæй куы ’рцыдтæн, уæд мын Исидор хабар ра- дзырдта, æмæ йыл фаг фæхудтыстæм. «УД СЫГЪДÆГГÆНÆНЫ» Коммунистон парти Советон паддзахадæн разамынд куы лæвæрдта, уæд бынатмæ лæджы нæ барвыстаиккой, цалынмæ-иу ын нæ базыдтой йæ ивгъуыд, йæ абон... Ацы хъуыдытæ мæм хуымæтæджы не ’рцыдысты. Мæ дзырды сæр дæр ууыл у. Цæвиттон, хицæуттæ мæн театрмæ директорæй æрвитын куы сфæнд кодтой, уæд сæ ферох дæн, стæй та сæ зæрдыл æрлæууыдтæн... Гъемæ Мулдарты Таймуразæн (уый уæд куыста обкомы агитаци æмæ пропагандæйы хайады инструк орæй) бахæс кодтой, цæмæй мæн «ссардтаид» æмæ хицаумæ бацыдаин. Уæд обкомы фыццаг секретарæй куыс- та Санахъоты Феликс. Схызтæн хицаумæ, мемæ уыдис Мулдарты Таймураз (уый мæ размæ куыста театры директорæй æмæ хъуыддæгтæ хорз зыдта). Феликс сыстад, мæ размæ рацыд, мæ къух мын райста, стæй мæ йæ разы æрбадын кодта, æрбадын кодта Таймуразы дæр, Таймураз æрбадт мæ ныхмæ. Кабинеты стæм æртæйæ, æддагон дзы ничи уыд æмæ уайтагъд Фе- ликс мæнæн райдыдта характеристикæ дæттын, алцæмæй дæр мæ феппæлыд, фæстагмæ йæ ныхасы банысан кодта,
96 Харебаты Леонид уыцы хорздзинæдтимæ, дам, нозт нæ кæныс. Æз æм уæды онг дзæбæх хъуыстон, фæлæ афтæ куы загъта, зæгъгæ, нæ нуазыс, уæд мæ мидбылты бахудтæн, Феликс мæм æрбакаст, афарста мæ, зæгъгæ, раст нæ зæгъын? Уый цалынмæ ницы сдзырдта, уæдмæ æз фæразæй дæн: - Гъе уым раст нæ дæ, аназын дзы... Феликс фæхудт æмæ мын дзуры: -Æмæ æз нæ нуазын? Цал дзæбидыры сыкъа равдæлон кодтон, уал амонды мæ куы уаид. Нуазын дæр дзы хъæуы. Æрмæст хъуамæ зонай: кæд, кæм æмæ куыд. Феликсæй рацыдтæн, æмæ дыккаг бон артисттæ æмбæл- дысты сæ ног директорыл - мæныл... «ДУРЫНЫ ДОН НАЛ ИС...» Уанеты Александр (Шура) канд хорз нывгæнæг нæ, фæлæ мауыд хорз æмгар дæр. Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты æхсæн Шурайæн уыд сæрмагонд кад. Уый ыæ уарзта искæй кой кæнын, искæуыл дæлæмæ хæцын. Цас йæ бон уыд, уымæй архайдта тыхст æмгарæн хорзы бацæуыныл. Уыимæ Шурауыд æрдзы хæлар. Уалдзæджы фыццаг хъарм бонтæй стыр æрæгвæззæгмæ æрвылсабат дæр Шура хъуамæ уыда- ид æрдзы хъæбысы. Хæдзармæ хаста, цыдæриддæр æрдз лæвæрдта хæрынæн бæзгæ, æппæт уыцы зайæгойтæ æмæ дьфгътæ, фæлæ æппæтæй тынгдæр Шура уарзта зокъомæ цæуын. Иуахæмы та æз æмæ Шура уыдыстæм Знауыры районы Уахтъанайы хъæуы сæрмæ стыр хъæды зокъомæ. Дзæбæх цыд фестæм, цас нæ хъуыд, уый бæрц баййæфтам зокъотæ, æмæ хæдзæрттæм куы раздæхтам не ’ргом, уæд нæм дзырд æрæфтыд мæ ног фатерыл. Шура мæ бафарста, цы ми йын кæныс, зæгъгæ. Æз ын радзырдтон, у тынг цалцæггæнинаг, кусæг æххуырсыны æхца мæм нæй, зæгъгæ, мæхæдæг та, уыныс, «хъæдынбæх» дæн, ницæмæ арæхсын. Шура мæм байхъуыста æмæ æрæджиау сдзырдта: - Мæ хæдзар мын федтай, мæхæдæг æй сцалцæг кодтон, ма тыхс, фæкæсдзынæн дæм æмæ пугæр куы айтынг уай, уæд дæ уромæг уромын нал бафæраздзæн...
Мæ мысинæгтæ 97 Рацыд рæстæг, æмæ мæнæ Шура æрбалæууыд къæсæ- рыл, йемæ уыд нывгæнæг æмæ адæмæн уарзон Джуссой- ты Лео. Шура фæхуд-фæхуд кæны. Лео хæдзары къултыл йæ цæст куы ахаста, уæд сдзырдта: - Гъæй, дæ хъуын скæла (афтæ дзураг уыд), хæдзары къултæ цæттæ куы сты, æрмæст ма сæ хъæуы шпалер. Шура Леомæ зулмæ бакаст æмæ сабыргай сдзырдта: - Æрæвналæм уал æмæ стæй бæрæг уыдзæн. Иудзырдæй, мæ хæлæрттæ хъуыддагмæ æрæвнæлдтой зæрдиагæй. Къултæ ноджыдæр барæстытæ кодтой, грун- товкæ сæ скодтой, стæй сыл газеты гæххæтт ныхасын рай- дыдтой... Иуахæмы куыстæй рагацау æрцыдтæн. Шура мæ куы ауыдта, уæд мæм уыцы мæгуырхуызæй æрбакаст æмæ сдзырдта: - Леонид, нæ дурыны дон нал ис. Æз ме ’фсинмæ фæдзырдтон, зæгъын, адæмы дойныйæ цæмæн марыс? Уыцы ныхасмæ Лео йæ дзыхыдзаг ныххуд- тис, Шура дæр бахудт. - Уый дæ дон нæ агуры нæ, дурыны цы вæййы, уый кой дын кæны, ома сæн... - бамбарын кодта Лео. Ме ’фсин ницыуал сдзырдта, пъадвалмæ ныццыд æмæ дурын сæнæй йедзагæй схаста. Шура дурынмæ бакаст æмæ йæ мидбылты бахудт. Афтæ ацыдысты мæ фатеры ремонты бонтæ. Ныр Шура нал ис, нал ис Лео дæр, - æнæнхъæлæджы ахицæн сты а дунейæ, æмæ нæ уыцы дурын цал хатты фе- нын, уал хатты Шурайы ныхæстæ мæ хъусты айзæлынц: «Леонид, дурыны дон нал ис...» Рухсаг у, Лео! Рухсаг у, Шура, нæ Иры уарзон хъæбул! Дæ хæтæн бынæттыл ныр æз æмæ Джиоты Шота иумæ азилæм æмæ дæ фæмысæм. Дæ къахвæдтæ дын фенæм алы зокъойы цурдæр. ÆМБИСОНДÆН БАЗЗАД Нæ областон газеты бакуыстон фынддæс азы. Фыццаг дзы æнæфæцухæй фæкуыстон дæс азы, стæй газеты редакторæй фондз азы. Фыццаг дæс азы кусгæйæ æз уыдтæн «7*
98 Харебаты Леонид «ногдзау» æмæ редакцийы кусæг мæнæн мæ цæсты уыд, куыд дзуары лæг, афтæ... Æниу, канд уæд нæ, фæлæ мæнæ базæронд дæн, пенсийы ацыдтæн æмæ уæддæр мæ удæн ме ’мкусджытæ цыдæр адджынæй баззадысты. Мæнæ Голоты Валодя (кæддæр, студент ма куы уыд, уæд дзы Максим Горь- кий æппæлыд), бæрзонд, бæзæрхыг, чысыл сырхцъар Вало- дя æгас коллективæн уыд сæ уарзондæр æмкусæг. Иухатт редакцийы хицæуттæй кæимæдæр фæхъæлæба. Уый хица- уы кабинетæй рахызт æмæ фæстæмæ бадзырдта: - Ам кусæн нал ис, æз цæугæ кæнын. Хицау хорзау нал фæцис, йæ фæстæ рахызт: - Кæдæм цæуыс? - фæрсы йæ. -Æз цæуын, дæ хъæлæба кæм нæ хъусон, ахæм ранмæ. - Уыцы ныхæстæм Валодя йæ дæгъæлтæ, цы стъолы фарсмæ бадтис, уырдæм баппæрста. Æмæ диссаг куыннæ уыдис: дæгъæлтæ цыдæргъуызон хъен алæууыдысты. Уыцы ныв Валодямæ худæг фæкаст, фæстæмæ баздæхт, дæгъæлтæ сисы æмæ сæ стъолыл æрæппары, фæлæ хъен нал æмæ нал лæууынц. Æрбадт æмæ сæ къухæй хъен лæууын кодта, фæлæ йын уæддæр уыцы хъуыддаг саразын нал бантыст. Валодя дæгъæлтыл фæцис æмæ уæдмæ йæ маст ацыд, ку- сын райдыдта. Валодяимæ куыста Къудухты Георги. Бæрзонд, рæсугъд, æгъдауджын лæг. Лæппуйæ зæронды бонмæ фæкуыста га- зеты æмæ стæй уæзданæй ацыд пенсийы. Георгийыл хъуы- ды кæнгæйæ мæ зæрдыл æрлæууы йæ базырджын ныхас. Уый та уыд афтæ: иу бон та газеты ног номырыл афæлгæст куы уыд, уæд редактор Куымæриттаты Але (Александр) ба- фиппайдта: Георги, дæ уац хуыздæрхъуаг уыдис, зæгъгæ, хъуыдис ма йыл акусын. Георги дзырды бар райста æмæ афтæ зæгъы: - Александр Георгийы фырт, статьяйы хъуыддаг у хуыйы хуызæн, хуыйы цас фылдæр ныхай, уыйас ныхынæй не ’фсæды. Георгийы уыцы ныхæстæ редакцийы кусджытæй алчи- дæр бахъуыды кодта æмæ-иу талф-тулфæй фыст уацы автортæ сæхи уымæй раст кодтой. Нæ зонын, Георгийæн мæнæй йæ зæрдæмæ цы цыдис, фæлæ мæнæ фыд йæ фыртмæ цы уарзон цæстæй фæкæсы, ахæм аудгæ ахаст мæм дардта.
Мæ мысинæгтæ 99 1 3 р< о ч \о е хо Я е
100 Харебаты Леонид Иубон Важа Пшавелайы уынгыл (ныр Дзабиты Геина- дийы уынг) Гуыцмæзты Михалмæ ацыдтæн (уый дæр уы- цы уынгыл цард). Михал хæдзары нæ уыд æмæ фæстæмæ раздæхгæйæ Георгийы йæ хæдзары дуармæ раййæфтон. Нал мæ ныууагъта, хæдзармæ мæ хæссæгау бакодта: - Леонид, хъуамæ дын «бугъайы (куыры) туг» бадарон (сыгъдæг сырх сæн Георги «куыры туг» хуыдта). Хæдзары нæхи йеддæмæ ничи ис, уый хуыздæр у, ничи нæ бахъыг дардзæн, - загъта æмæ мыл сæнæй бацин кодта. Уыцы бон мын Георги йæ цардæй бирæ диссæгтæ фæ- дзырдта. Æппæт уыдæттæ баззадысты æнæфыстæй, нæ куырыхон Георги сæ ахаста мæрдтæм. Фыссинаг сæ уыд æмæ йын нал бантыст... «ÆЗ ÆЙ РЕДАКЦИ КÆНЫН НÆ УÆНДЫН» Советон хицауад ма йæ тыхы куы уыдис, уæд гуырдзы немæ тынг «слымæн» сты, æнæ мах къæбæр сæ дзыхмæ нал истой. Чи загътаид, æмæ ацы «хуыцауысконд» адæм дыууынæм азты ирон мæдты риутæ тæвд уæхстытæй сыгъ- той, авдæны сабитæн авдæнмæ сæ гуыбынты æрцытæ тъыс- той... Диссаг у адæймаджы сконд, æниу, иууыл иухуызон не сты адæмтæ, бирæтæ мастхæссаг сты æмæ цалынмæ сæ маст райсынц, уæдмæ æхсæв сæ базыл æнцад-æнцойæ ни- куы бафынæй кæнынц. Уый æмæ дын мах, ирон адæм, ис- чи нæм йæ дæндæгтæ фæзыхъхъыр кæнæд, уый йеддæмæ нæ марæг, не ’ргæвдæг нæ дарæг фесты. Рæуæууæнк адæм стæм æмæ нæ уый сафы, алкæуыл дæр æууæндæм, æндæра йæхи ирон лæг чи хоны, уый ма хъуамæ гуырдзиаг лæджы тæфтыл ацыдаид? Мæрдты рухсаг уай, Беджызаты Чермен, ирон адæмы ныффæдзæхста: «Дыууынæм аз махæй кæмæй фæуа рохы, уый не ’хсæн æлгъыст фод фæлтау!» Мах зондмæ хъусæг адæм не стæм. Поэты ацы фæдзæхст ферох кодтам, æмæ та мæнæ нæуæдзæм азты гуырдзы сфæлхатт кодтой дыууынæм азтæ. Уæдæ, ахæм адæм стæм мах, æмæ уыцы адæмæй дæн æз дæр. Мæхи цасфæнды æфхæрон, уæддæр нæ туджы цы ис, уый йæ кæнон кæны. Уæлдæр ма йæ загътон: сове- тон дуг нын бирæ цыдæртæ ферох кæнын кодта, алкæмæн
Мæ мысинæгтæ 101 нæ, æрмæст махæн - ирæттæн. Уыйхыгъд гуырдзы цæттæ уыдысты ирон лæджы туг баназынмæ. Афтæ куы нæ уа- ид, уæд гуырдзиаг поэт, нæ раздæры обкомы фыццаг сек- ретарь Санахъоты Феликсы хæлар, Джансугъ Чаркъвиа- нийыл фæндзай азы куы сæххæст, уæд æй Феликс фæхуыдта Ирыстонмæ æмæ йын йæ куывды гал аргæвста, стæй йын балæвар кодта æртææхстон топп. Æмæ цы сарæзта нæ «юби- ляр»? Нæуæдзæм азты, гуырдзы та ирон адæмæн ног геноцид куы расидтысты, уæд Джансугъ Чаркъвиани Санахъоты Фе- ликсы лæвар топп радта йæхихуызæн гуырдзиаг лæгмарæн æмæ йæ рарвыста ирæтты цæгъдынмæ. Диссаг куыннæ у, уыцы æхсæнгарзы хъæлæсæй цы судзгæ нæмгуытæ ратахт, уыдонæй бирæтæ ныссагъдысты, Санахъоты Феликс кæм цард, уыцы хæдзары къулты!.. Гъе, афтæ зонынц гуырдзы хæларæн «йæ зæрдæ сса- рын»! Уыцы хæцæнгарзы хъæлæсæй цы нæмгуытæ ратахт, уыдонæй иутæ ныссагьдысты, Бестауты Гиуæрги йæ царды фæстаг бонтæ кæм арвыста, уыцы хæдзары къулты. Æмæ мæнæ Бестауы коймæ мæ зæрдыл æрлæууыд, иу-ссæдз азы размæ Джансугъ Чаркъвианиимæ куыд фембæлдтæн, уы- цы хабар. Джансугъ Чаркъвиани уый аккаг нæу, æмæ æз йæ кой кæнон, фæлæ иу хабар баст у Бестауы уацмыстимæ æмæ йын æнæзæгъгæ нæй. .. .Уый уыд æвдайæм азты. Гуырдзыстоны æвзонг сфæл- дыстадон кусджытæн уыд республикон фембæлд Боржомы районы Бакъурианийы хъæуы. Уырдæм мæн æмæ Цхуырбаты Виталийы дæр (æрæджы йын радтой РХИ-йы адæмон нывгæнæджы кадджын ном) фæхуыдтой. Раст нæу, нæ нын балæггад кодтой, зæгъгæ, афтæ дзурын. Нæ дыууæ дæр уыдыстæм нæ фысымты хъусдарды бын, цух нæ ницæмæй уагътой. Æз уым базонгæ дæн Нодар Думбадзеимæ. Тынг фæцыд мæ зæрдæмæ. Уыдис цардæфсæст, хъæлдзæг, æмгæрттæн уарзон. Уым æввахсмæ базонгæ дæн Джансугъ Чаркъвианиимæ дæр. Афтæ рауад, æмæ иу банкеты фæрстæй-фæрстæм бадт фестæм. Куыддæр базыдта, чи дæн, афтæ мемæ схæлар. Нуазынмæ рæвдз уыд æмæ чысыл куы фæсыкъадзæф, уæд мын радзырдта ахæм хабар. Æз æмæ, дам, поэт Бестауты Гиуæрги тынг хорз хæлæрттæ стæм, тынг стыр аргъ кæнын йæ курдиатæн. Гиуæрги, зæгъ, гуырдзиагау цы æмдзæвгæтæ ныффыста, 8*
102 Харебаты Леонид уыдон, зæгъ, æвзаджы ’рдыгæй афтæ рæвдз сты, афтæ хорз фыст сты æмæ, дам, дæ, Леонид, нæ бауырндзæнис, æз Бес- тауты Гиуæргийы гуырдзиагау фыст æмдзæвгæтæ редак- ци кæнын нæ уæндын, уыдонæй иу дзырдæн дæр фæивæн нæй. Джансугъ мын Гиуæргийæ кæй раппæлыд, уый мьга уыд æгæрон æхсызгон. Уымæн æмæ мын Джансугъ уый размæ та нæ поэттæй иу кæмæйдæр дзырдта, зæгъгæ йын зæгъут, æмæ гуырдзиагау æмдзæвгæтæ фыссын ныууадза, кæннод мæм ахæм хъуыды æвзæры, цыма уыцы поэт иро- нау дæр афтæ лæмæгъ фыссы. Гъемæ ныр Гиойæ афтæ куы феппæлыд, уæд ын раарфæ кодтон. Цхинвалмæ куы ’рцыдтæн, уæд Гиуæргийæн Джансугъы хабар радзырдтон, æмæ йын æхсызгон уыд. Ныр мæнæ уыцы Джансугъы хæцæнгарзы нæмгуытæ сагъдæй лæууынц Бестауты Гиуæргийы хæдзары къулты... Афтæ зонынц гуырдзы... Ахæм адæм сты... УЫМÆН ФЕРОХГÆНÆН НÆЙ... Уæд ахуьф кодтон фæндзæм къласы. Мæхистæр æфсы- мæр Людвиг математикæ бирæ уарзта. Йæ къласы йыл ничи тых кодта, ноджы ма, уый æмрæстæджы, бирæ уарз- та аивадон литературæ кæсын дæр. Нæ хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй куыста Козаты Георги. Уый Хус- сар Ирыстонмæ арæх æфтыд, ахуыр дæр уым фæцис æмæ уьфдыгæй Къахетмæ хаста бирæ ирон чингуытæ. Къласы- иу искæцы аивадон уацмысæй цыдæр хабар загъта æмæ-иу стæй афтæ бакодта: «Мæнæ уын чиныг æмæ йæ дарддæр уæхæдæг бакæсут». Иухатт ахуыргæнæг Мамсыраты Дæбе- йы радзырдты чиныг «Царды къæпхæнтæ» ме ’фсымæрмæ радта. Людвиг чиныг мæнæй цæрдæгдæр кастис æмæ-иу чи- ныджы иу фарс куы фæцæйфæлдæхта, уæд-иу ын лæгъстæ кодтон, зæгъын, фæлæуу, æмæ йæ æз дæр каст фæуон. Мах уыциурæстæджы чиныг кастыстæм дыууæйæ. Цы гæнæн уыд ме ’фсымæрæн, хъыг æм каст мæ «хивæнд» ми, фæлæ быхста. Уæд фыццаг хатт фехъуыстон Мамсыраты Дæбейы кой, фыццаг хатт ын бакастæн йæ радзырдты æмбырдгонд æмæ мæ уды ныууагътой æгæрон рæсугъд тæлмæнтæ. Уæдæй фæстæмæ Дæбе мæнæн ссис аргъæутты диссаг,
Мæ мысинæгтæ 103 цыфæнды ма ныффыстаид, уæддæр æй кастæн зыдæй. Цалдæр хатты бакастæн Дæбейы «Æхсарбег», фæстæдæр ацы диссаджы романæн йæ ном аивта, фæлæ роман мæнæн уæддæр баззад «Æхсарбегæй». Бирæ хæттыты мæ фæндыд, зæгъын, искуы Дæбейы дардмæ уæддæр куы фенин. Дзæуджыхъæуы дæр-иу уыдтæн, фæлæ Дæбейыл никуы фембæлдтæн. Æмæ мæнæ диссаг, Козаты Исидоры кæстæр æфсымæр Хазби мæм æрбацыд æмæ мын дзуры: - Леонид, Дæбейы фенын дæ нæ фæнды? - Куыннæ мæ фæнды, æз уымæ бæлгæ куы кæнын... - Уæдæ цом æмæ дæ Дæбеимæ базонгæ кæнон. Æз Хазбиимæ фæцæуæг дæн. Дæбемæ бацыдыстæм уазæгдон «Ирыстон»-мæ, фæлæ уым нæ разынд. Дæбе йе ’фсинимæ кæртмæ рахызт æмæ Сталины уынгыл тезгъо код- та. Уайтагъд æй рауардтам. Бацыдыстæм йæ размæ. Чысыл дæрддзæф æрлæууыдыстæм. Дæбе нæм æрбакаст æмæ Хаз- бийы мæнæй афарста, уый та дын чи у, зæгъгæ. Æмæ йын Хазби мæн куы бацамыдта, уæд мыл тынг бацин кодта. - Ныр уын цы акæнон? - фæрсы нæ. - Ды ницы, фæлæ нын кæд сразы уай, уæд хæрæндонмæ цом немæ. - Уый чи æмбæлы, ахæм хъуыддаг у, - загъта Дæбе æмæ немæ фæцæуæг. Йе ’фсин æй нозтæй тынг хызта æмæ ацархайдта йæ бакъуылымпы кæныныл, фæлæ Дæбе Дæбе нæ уыдаид, Дæбейы митæ куы нæ кодтаид, уæд. Уый уыдаид боны фыццаг сахатыл, ресторан гом нæмауыд, фæлæ уыйхыгъд йæ фарсмæ буфеты уыд алцыдæр. Уырдæм бацыдыстæм æмæ Дæбе иу сабыр къуым равзæрста: - Ам нын ничи нæ дæлдæр абад зæгъдзæнис, ничи - уæлдæр абад. Раст нæ зæгъын? - Раст дæ, Дæбе. Æгайтма ацы бынат дæ зæрдæмæ цæуы. Æрæвæрдтам фынг æмæ Дæбе иннæ куывдтыты ра- зæй акуывта Ирыстонæн æмæ сæрмагондæй та - Хуссар Ирыстонæн. - Уый æнхъæл нæ уыдтæн. Цхинвал тынг срæсугъд, рагæй дзы нал уыдтæн. Куыд кæсын, афтæмæй мæ ам
104 Харебаты Леонид хæдзæртты къултæ дæр зонынц, - æмæ радзырдта, адæм æй куыд рахон-бахон кæнынц, уыцы хабæрттæ. Уыцы бон нуазгæ уый бæрц ницы бакодта, хæрынмæ дæр рæвдз нæ уыд, гуыххæл лæг уыд. Дзауы суаримæ арахъхъ хæццæ кодта, фæлæ дзы уæддæр фæсыкъадзæф. Радзырдта нын «Æхсарбег»-ы йын куыд хъавыдысты сре- дакци кæнынмæ, фæлæ, дам, мыл нæ фæтых сты. Дæбе мемæ ныхас кодта, мæнæ, цыма иумæ схъомыл стæм, афтæ æргомæй. Загъта мын: - Исты куы фыссай, уæд макуы архай йæ къæбæлдзыг кæныныл. Ды сюжет ссар æмæ цымыдисон хабар къæбæл- дзыг кæнын нæ хъæуы, фысс, критиктæ дын куыд дзурынц, афтæ нæ, фæлæ дæм дæ зæрдæ куыд дзуры, афтæ, æмæ уæд нæ фæсайды уыдзынæ. Ахæм рæсугъд фембæлд мын уыд номдзыд Дæбеимæ! «АРСЫ» ГУЫМ-ГУЫМ Гуыцмæзты Михал æвзæр прозаик нæ уыд, стæй, куыд дра- матург, афтæ йын уыцы фадыджы дæр дзæбæх цыдæртæ бантыст ныффыссын. Драмæтæ бирæ ныффыста, фæлæ йын æппæтæй хуыздæр ном скодта йæ комеди «Бирæгьтæ». Михал фыссынмæ куыд арæхстис, афтæ арæхстис редак- ци кæнынмæ дæр. Æппæт йæ уыцы хорз миниуджытимæ йæм уыд иу цухдзинад: æдзух йæ цонг «хъилæй» дардта. Чысыл ницæй тыххæй дæр-иу дын ахæм цыдæртæ акалд- таид æмæ дæ куыйтæ дæр нал хордтаиккой. Æз адджын уыдтæн Михалимæ. Æвæццæгæн, мах кæрæдзийыл баста нæ сидзæры хъысмæт. Михал дæр мæнау сидзæрæй схъо- мыл, æвзонгæй мæгуыры бонтæ бирæ фервыста æмæ цард йæхæдæг куыд дæрзæг уыд, афтæ сдæрзæг кодта Миха- лы дæр. О, фæлæ кæд хæлæрттæ уыдыстæм, уæддæр-иу мæм куы фæмæсты, уæд-иу мæ адресыл йæ сасир лыстæг нæ луæрста, мæныл дæр-иу йæ пырх акалдта. Иу ахæм фæхъæлæбайы фæстæ æз расомы кодтон, цалынмæ мæ ха- тыр ракура, уæдмæ йæм нал сдзурдзынæн. Уый иу бон ба- быхста, дыккаг, æртыккаг... Кæсын æм æмæ мæ алывæрсты йæ «къуди» тилгæ рауай-бауай кæны.
Мæ мысинæгтæ 105 Раст иу ахæм рæстæджы мæ кабинеты кæимæдæр шашкæтæй хъазыдтæн. Михал æрбахызт, уый куы фед- тон, уæд, зæгъын, ацы фыд-зонды куы нæ амæстæй марон, æмæ-иу хъазгæ-хъазын барæй, æмбылды цæмæй фæуыдаин, ахæм шашкæмæ æрцæйæвнæлдтон. Уый-иу дзургæ ницы скодта, фæлæ-иу арсау «багуым-гуым» кодта. Æз-иу барæй «рæдыд» цыд сарæзтон æмæ-иу уæд мæстæй йæхицæн бы- нат нал ардта. Афтæ йын фæхъазыдтæн йæ нервтыл, стæй бафидыд- там. «НЫР ДЫН МÆ ЦÆТТÆ ХЪАЗТ КУЫ РАТТИН!» Хуссар Ирыстоны фысджытæй шахмæттæй иугай адæй- мæгтæ хъазыд æмæ хъазы. Уыйхыгъд шашкæтæй хъазы- дысты æмæ хъазынц се ’ппæт дæр. Æгæрыстæмæй-иу Гафе- зы дæр куы февдæлд, уæд-иу «йæ дыстæ басчъил кодта»: - Гъеныр уæ хуыздæр лæппу чи у, уый мæ ныхмæ æрбадæд! - загъта-иу æмæ-иу æцæг Гафез рæсугъд ахъа- зыд. Шашкæты низæй, куы ма йæ загътон, нæ фысджытæ «фæрынчын» сты, фæлæ дзы уæддæр Нартыхты Михал æмæ Пухаты Шура куыд «уæззау рынчын» фесты, уымæн æмбал нæ уыд. Михал рæвдздæр хъазыд, Шура арæхдæр æмбылды кодта, фæлæ уæддæр æнæ кæрæдзи нæ фæрæзтой. Иухатт фæдæн иу ахæм хабарæн æвдисæн: Шура-иу куы ’мбылды кодта, уæд-иу тынг стыхстис, уæлдайдæр та æвдисæны цур. Хъазт йæ тæмæны бацыд, кæсын æмæ Ми- хал æмбылды кæны, мæнмæ фæрсæджы каст æрбакодта, ома мæ хъуыддаг хорз нæу. Хъазыдысты лæугæйæ, стъолы фарсмæ. Михал хæйрæгдæр уыд æмæ шашкæты фæйнæджы алыварс сындæггай-сындæггай æрзылд æмæ Шурайы бы- нат бацахста, Шура та - Михалы бынат. Шура фæсæццæ, кæцытæй хъазыд, уый дзы айрох æмæ сдзырдта: - Мæн дзы кæцытæ сты? Михал фæцырд æмæ йæм дзуры: - Уæдæ, ныр дын мæ цæттæ хъазт куы раттин! Афтæ «рамбылдта» Михал Шурайы.
106 Харебаты Леонид ПЪАМИДОРТÆ Уый уыдис 1976 азы, уалдзæджы. Кооперативон магазин- ты фыццаг хатт фæзынд джитъри æмæ пъамидор. Мах, рауагъдад «Ирыстон»-ы кусджытæ: Бестауты Гиуæрги - сæйраг редактор, Уанеты Шура (Александр) - нывгæнæг, - рауагъдады аивадон редактор, Къæбысты Зауыр æмæ æз - редактортæ, сфæнд кодтам уалдзæджы фыццаг тыллæгæй ацаходын. Æз æмæ Бестауты Гиуæрги иу кабинеты бадтыстæм. Улæфты рæстæг æрхæццæ, афтæ нæ дуар фæзыхъхъыр æмæ Шура йæ сæр æрбадардта, дзургæ ницы скодта, ду- ар бакодта æмæ æнæдзургæйæ ацыд. Бестау цыдæр фыста æмæ йæ сæрыл куы схæцыд, уæд мæ афарста: - Лео, уый чи уыди? - Шура уыди, - загътон ын. - Уæдæ тагъддæр цæуæм, уый ахæм «зонды» хицау у æмæ махмæ нал фæлæудзæн. Ацыдыстæм Шурайы фæдыл, акодтам Зауыры дæр. Балхæдтам пъамидортæ æмæ джитъритæ: сæ дыууæтæй дæр фæйнæ кило. Æгæр зынаргъ уыдысты æмæ нæм æхцауый бæрц нæ уыд. Ныр нæ мæт ссис, цæм сæ скæрддзыстæм. Æз универмагмæ бацыдтæн æмæ дзы иу стыр алюмин тæбæгъ балхæдтон (уыцы тæбæгъ абон дæр ис нæхимæ - хæдзары). Бацьвдыстæм «Дзау»-ы хæрæндонмæ. Бестау йæхи салат аразæг фæкодта æмæ йын куы сцæттæ, уæд сæ, карды кар- стау, цыппар дихы акодта. Уалдзæджы фыццаг тыллæг зæрдæйæн æхцон у. Зæр- диагæй ахордтон мæ тæбæгъы цы пъамидортæ уыд, уы- дон, джитъритæм нæ бавнæлдтон. Чысылæй фæстæмæ джитъриимæ нæ дæн хъæрмуд. Кæсын æмæ Бестау джитъри- тæ бахордта, фæлæ йæ пъамидортæм нæ февнæлдта. Æз афтæ ахъуыды кодтон, зæгъын, æвæццæгæн, ацы Годжиты хъæуккаг лæппу пъамидор нæ уарзы, æмæ йæм бахатыдтæн: - Гио, кæд пъамидор нæ уарзыс, уæд дын мæнæ мæ джитърийы хæйттæ æмæ мын ды та дæ пъамидоры хæйттæ ратт. Гио йæ цæстытæ фæхъоппæг кодта æмæ уыцы тыхстæй загъта:
Мæ мысинæгтæ 107 - Цытæ дзурыс, Лео, мæнæн сæ мæ цæст хæрын куы нæ уарзы, уæд мын сæ ды джитъритыл куыд ивыс? Иудзæвгар ницыуал сдзырдта, стæй йæ хъуыды бал- хынцъ кодта: -Æз æдзух Сæлимæты (йе ’мкъайы) уымæй фæдзæхсын, зæгъын, искуы куы амæлон, уæд-иу мын мæ риуыл пъами- дортæ ныссадз... НОГАХСТ КÆСÆГТÆ Уæд ма бæстæ сабыр уыдис, цард дæр цыма нывыл уыдис, фæлæ мах - мæгуыр фысджытæ: Козаты Исидор, Бахъа- ты Нугзар æмæ æз сфæнд кодтам ногахст кæсæгтæй аминас кæнын. Цхинвалы, «куыйты» хæрæндон кæй хуыдтой, уыцы ресторанæй чысыл дæлдæр, Леуахийы ’рдыгæй, уыд коопе- ративон магазин. Бацыдыстæм æмæ дзы баййæфтам ногахст кæсæгтæ, бацин сыл кодтам, æмæ нæм цы æхцайы муртæ уыд, уыдонæй дзы дыууæ кило æмæ æрдæг балхæдтам. Нуг- зар йæ дзыпмæ нæ нывнæлдта, æхца мæм нæй, зæгъгæ, уый æфсонæн. Кæсæгтæ райстам æмæ нæм Нугзар дзуры: - Ацæут, æз дæр уæ феййафын. Рацыдыстæм, развæлгъау дзырд куыд уыдыстæм, афтæ - мæнмæ хæдзармæ. Уæд æз Тельманы уынгыл цардтæн æмæ сфæнд кодтон, зæгъын, сæ хæдзары сфыцдзыстæм (асламдæр слæууыны тыххæй). Хæдзары ме ’фсин, Кокойты Раисæ, уайтагъд хъуыддагмæ æрæвнæлдта, мах та - æз æмæ Иси- дор - шахмæттæй райдыдтам хъазын. Уæдмæ Нугзар дæр фæзынд. Исидорæн йæ зæрдæ цыдæр фæкъæпп кодта, дзургæ ницы скодта, афтæмæй мын йæхи барæй фембыл- ды кодта. Нугзар куыддæр уый федта, афтæ Исидоры бы- наты мæ ныхмæ æрбадт. Æз æй мæстæй мардтон, зæгъын, демæ хъазгæйæ мæ рæстæг дзæгъæлы цы сафон. Нугзар, шахмæттæй хъазты фыццаг къахдзæфтæ кæнын уæд рай- дыдта. Мах аныгъуылдыстæм шахмæтты... Исидор ауылты- ууылты æмæ æрбацæуæны - къæлидоры Нугзары тыхтон абæрæг кодта. Нæ фæстæ Нугзармæ æхца разынд æмæ дзы æртæ кило ногахст кæсæгтæ балхæдта. «Дæ сæгъ мæ скæн, дæ сæгъ», - йæхимидæг загъта Исидор æмæ къухнæмæ ба- цыд æмæ ме ’фсинæн бамбарын кодта:
108 Харебаты Леонид Харебаты Леонид æмæ Бахъаты Нугзар.
Мæ мысинæгтæ 109 - Адон нын миййаг куы нæ сфаг уой æмæ ма сæм æххæст мæнæ иннæтæй дæр куы афтауис. Иæхæдæг Нугзары тыхтонæй цалдæр кæсаг систа æмæ сæ ме ’фсинмæ радта. Ме ’фсин цæмæй зыдта, уыдон Нуг- зары сты æмæ уыдон дæр цуронфых скодта. Хæдзары мæм уыдис сæн, арахъхъ, цæхджынтæ, дзул, цæхх æмæ дисса- джы рæсугъд фæбадтыстæм... Дыккаг бон Нугзар йæ дзыхæй нал дзырдта. Цæвиттон, хæдзармæ куы ’рцыдис, уæд йе ’фсин Нартыхты Норайæн æппæлыд, федтай, æдылыйы фæндаггæгтæ раздæр ахæ- рынц, зæгъгæ, фæлæ тыхтон куы райхæлдта, уæд къафетт ахæрæгау фæцис. Кæсæгтæй фæхъуыд, уый куы базыдта, уæд Исидорæй афтæ, уый та, дам, уыдаид. Афтæ, дам, уы- цы хуыцауыкъах æргæвдæгæн бантыстаид, æндæра, дам, Леонид йæ бынатæй стгæ дæр не скодта... Мастæн гæрах дæр - æгъгъæд. Дыккаг бон Исидорæн алывыд акалдта. Исидор æм фехъуыста æмæ йæ стæй афар- ста: - Ме ’фсымæр, æмæ дæм æхца куы нæ уыдис, уæд нæ фæстæ æхца лыг ракодтай, науæд куы минас кодтай, уæд цæуыл хъуыды кодтай? Нугзар дæр ницыуал загъта. Афтæ ахицæн ногахст кæсæгты хабар. «... ÆМÆ ИУ ЧЫСАЙНАГ» Рагæй фæстæмæ Исидоры йе ’взаг «нæ фарста». Иу изæр,* фæскуыст Хацырты Сергей мæнмæ телефонæй æрбадзырдта: - Лео, Исидорæн дæр загьтон, абон мæм цыдæр капеччы- тæ æрбахаудта æмæ уæ хонын. Исидоры загъдау, «Фæйнæ шуша баназæм». (Исидор-иу афтæ дзураг уыд: «Цомут, лæппутæ, фæйнæ шуша (ома фæйнæ авг) баназæм».) Нæ фысджытæй Хацырты Сергейæ рæдаудæр ничи уыдис æмæ у, йæ цæхх æмæ йæ кæрдзын йæ армыдзыхъ- хъы дардта. Куыд нын загъта, афтæ ресторан «Ирысто- ны» фембæлдыстæм. Рестораны æртæйæ иу сабыр ран æрбадтыстæм. Сергей йæ зонгæйы федта æмæ уыимæ дзуры- ныл сбæндæн. Уæдмæ официанткæ нæ уæлхъус æрбалæууыд
110 Харебаты Леонид æмæ нæ афарста, цал стут, зæгъгæ. Уымæй официанткæйы фæндыд базонын, ома цал лæгæн æрæвæрон фынг. Сергей уыцы лæгимæ афтæ зæрдиаг ныхас кодта æмæ йæ фарсмæ цытæ цыд, уымæ йæ хъус «нæ дардта». Исидор дзырдарæхст уыд æмæ официанткæмæ дзуры: - Цал стæм зæгъыс? Дыууæ лæджы æмæ иу чысай- наг... Æхсæвы дыууадæс сахатмæ фæбадтыстæм æмæ ралæу- уыд нæ «тæригьæдтæ» суадзыны рæстæг: хъуыдис фын- джы хæрдзтæ фидын. Ноджы нæ Сергей разæнгард код- та, зæгъгæ, уæ зæрдæ цы куры, уый хæссын кæнут, æмæ афтæмæй нæ фынг тынг зынаргъ слæууыд. Официанткæ нæм хæрдзты гæххæтт куы ’рбахаста, уæд нæ цæстытæ Сергеймæ ныццавтам. Уый дæр ма æндæр цы хъуыдис, æрдæбон цы дзырд «нæ фехъуыста», уымæй рай- дыдта: - Бафидут, цæуылнæ сæ фидут, лæгтæ, чысайнагмæ уæ цæстытæ цы ныццавтат, уæ дзыппытæм февналут! Исидор тынг ныххудтис æмæ йын дзуры: -Æмæ æрдæбон дæхи æнæхъусæг куы скодтай, уæд дæм ныр, фидыны рæстæджы, байхъуыст? - Дæ ныхас дын ацы уысммæ æвæрдтон, - загъта Сергей æмæ нæ фаг куы фæхъазыд, уæд æхца бафыста. ЗЫНГ АХУЫССЫН КÆНУТ!.. Иу сæрдыгон изæр, хур фæцæйныгуылди, афтæ мæм кæртæй цыппæрæм уæладзыгмæ Уанеты Шура схъæр кодта: - Рахиз-ма дæлæмæ, Уастырджи нæ дæ, иууыл бæрзонд мабад. Æрхызтæн сæм. Нæ кæрæдзийыл ацинтæ кодтам. Шура- имæ уыдысты зынгæ скульптор, ГССР-ы адæмон нывгæнæг Кокойты Уасил æмæ ГССР-ы сгуыхт нывгæнæг Турманты Митъо (Димитр). - Дæ хæдзары цурты куыд ацыдаиккам, - дзуры Уасил, - мæнæ фæйнæ бæгæны баназæм. Сæ ахастыл зындис, чысыл нæ, фæлæ «Чермены цæссы- гæй» сæхимæ дзæбæх кæй фæкастысты. Уым æввахс нæм уыд бæгæныуæйгæнæн дукани æмæ дзы цыппар кружкæйы
Мæ мысинæгтæ 111 фынккалгæ бæгæны райстам. Уасил кружкæ йæ былтæм куы схаста, уæд ын йæ цæнгтæм фæкомкоммæ дæн. Цæнгтæ æгасæйдæр уыдысты арыд (Уасилыл уыдис цыбырдыс хæдон). Мæн дзурын нæ бауагътой, афтæмæй мын Шура радзырд- та Уасилы къухты арыды хабар. Цæвиттон, ацы «æртæ муш- кетеры» уынджы рамбæлдысты, ирон культурæйы кусджыты бирæ чи уарзта æмæ уæды рæстæджы горæххæсткомы сæрдар чи уыд, уыцы Дыгъуызты Шалвайыл. Афтæ тымбылæй, дам, уæ хонгæйæ дæр не ссардтаин. Æмæ сæм бахатыд, цомут, зæгъгæ, мемæ, хæдзары мæм сымах аккаг «Черме- ны цæссыгæй» æвæрд ис, æз дæр фæллад дæн æмæ иумæ аныхæстæ кæнæм. Шалва сын фынг æрæвæрдта, минас кæнынц æмæ Уа- сил афтæ бакодта: - Дæ арахъхъ мæм фæлмæнгомау кæсы, мæнæ, цыма джызæйлаг арахъхъ у, афтæ. Шалва бахудтис æмæ Уасилæн загъта: - Бафæлвар æй, мæнæ дзы тæбæгъы æркæн, мæнæ дын спичкæ дæр æмæ йæ дæхи цæстæй фен. Уасил дæр афтæ бакодта, арт бафтыдта, фæлæ арахъхъ уыйбæрц карз уыд, æмæ арты æвзæгтæ æддæмæ нæ зындыс- ты. Уасил афтæ фенхъæлдта, омане ссыгъд æмæ æнарæхстæй тæбæгъмæ февнæлдта, афтæмæй судзгæ арахъхъ йæ гом цæнгтыл спырх. - Судзын, судзын! - дзуры, фæлæ йæ уыдон ницæмæ дардтой, ома хъазгæ кæны, уæдмæ Шалва (йæ арахъхъы æгъдау зыдта) цыдæр хæцъил фелвæста æмæ дзы аныр Уа- силы цæнгтæ атуха, афтæ Уасил дзуры: - Мæ папирос мын мæ дзыхæй аппарут, мæ ахсæн ныпъпъæртт кæндзæн! - Гъе, ахæм фембæлд нын уыдис Шалваимæ, - йæ ны- хас балхынцъ кодта Шура. «КÆД ÆЙ ÆВÆРУТ?» Областон газеты редакторы хæдивæг Джиоты Къоста йæ фыды уæззау рынчынæй, хуыздæрæн, Къахетæй Цхин- валы рынчындонмæ æрбаласта, фæлæ йын ницыуал бах- хуыс, афтæ диссаджы хорз ирон лæг а дунейæ ахицæн.
112 Харебаты Леонид Мах, фысджытæ, хабар куы фехъуыстам, уæд Гафез, Дзу- гаты Гиорги, Гаглойты Владимир, Гæбулты Мелитон, Пу- хаты Шура (Алыксандр) æмæ Букуылты Алыкси зианджын хæдзармæ ацыдыстæм, Къостайæн тæфæрфæс ракæнынмæ. Къоста ныл æнкъардæй фембæлд, æгъдау куы радтам, уæд ныхас кæнын райдыдтам. Дзугаты Гиорги Къостайы афарс- та, зианы, дам, Къахетмæ кæд ласут? Къоста загъта, зæгъгæ, йæ райсом хъуамæ аласæм. Шура кæимæдæр ныхас кодта æмæ дзырд цæуыл цыд, уый æххæст нæ ацахста, афтæмæй Къостайы афарста: - Комкоммæ йæ хъуамæ аласат? Къоста иудзæвгар ахæм фарстæн дзуапп раттын не сфæ- рæзта, стæй хъазгæмхасæн загьта: - Нæ, хъуамæ йæ Гуфтамæ баласæм, стæй йæ уыцы фæрсты хъуамæ рахизын кæнæм æмæ йæ уыйфæстæ Къа- хетмæ аласдзыстæм... Ахæм дзуапмæ мард дæр æнæбахудгæ нæ фæуыдаид, уæлдайдæр та Дзугаты Гиорги, юморы мидис ацахсынмæ йын æмбал нæ уыд. Рацыдис чысыл рæстæг, æмæ та Гафез Къостайы бафарста, зæгъгæ, кæд æй стут бавæринаг? (Га- фез хъуыды кодта, ома зианджынтæм фыдохы телтæ арви- тын хъæудзæн æмæ сæ уæдмæ айсдзысты æви нæ). Гафезы фарстæн Къоста загъта, ома йæ хъуамæ бавæрæм иннæбон. Шура та ам дæр фæцырд æмæ Къостаиы афарста: - Бонæй? Æмæ та æрæджыйау Къоста дзуапп радта: - Нæ, Лагодехæй æфсæддон часть æрбахондзынæн æмæ йæ æхсæвы дыууæ сахатыл прожекторты рухсмæ бавæрдзынæн. Мах та нæ худын нал баурæдтам, Къоста йæхæдæг дæр фæхудтис. Нæ худынмæ Шура дæр фæхудтис. Афтæ рауад нæ тæфæрфæсы хабар уыцы изæр. ÆФСЫМÆРАУ СÆ АДИХ КОДТА Газет «Хурзæрин»-ы рагондæр кусæг, журналист, фыссæг Нартыхты Григол мæм иу изæр телефонæй æрбадзырдта: - Райсом сабат у æмæ цы кусдзынæ? - Дæу цы фæнды? - афарстон æй.
Мæ мысинæгтæ 113 -Æфцæгмæ куы ацæуиккам, бæласы зокъо кæд уаид! Ньфтыхы фырт афтæтæ арæх нæ кодта, æмæ хъуыдыты ацыдтæн, зæгъын, ацы лæджы цы «сæрра» кодта? - Дæ хъуыды мæ зæрдæмæ цæуы, хъарм уалдзæг у, æмæ ныр хъуамæ уа бæласы зокъо. - Цæуæм, æрмæст чердæм? - Мæ хъуыдымæ гæсгæ, цæуын хъæуы Шихантуры тар хъæдтæм. - Уый æгæр дард у, фæлæ дæ иугæр уырдæм фæнды, уæд æз дæр разы дæн, - сразы Григол æмæ ма йæ ныхæстæм бафтыдта: - Чи ма уыдзæн немæ? Зæгъын, Елбачиты Шалва. - Тынг хорз, - æхсызгон ын уыдис Шалвайы кой (Елбачи- ты Шалва куыста рауагъдад «Ирыстон»-ы экономистæй). Дыккаг бон райсомы 8 сахатыл мах бадтыстæм Дзау - Къуайсайы автобусыл. Шихантуры бын æрхызтыстæм автобусæй æмæ уайтагъд фæхæрд кодтам. Уый уыд рай- сомы фарасты æрдæгыл, иуæндæсы æрдæгыл уыдыстæм хъæды дзыхы. Къæбæрæй нæхи фæсайдтам, арахъхъ нæм уыд æмæ дзы нæ фæндагæн акуывтам, нæхи бынаты фарн æмæ сыгъдæг Уастырджийæн бафæдзæхстам, афтæмæй бацыдыстæм тар хъæды дзыхы. Цуангæнджытæй алчи сырд нæ амары. Махæн дæр афтæ рауад. Æз æмæ Шалва ницæуыл фæхæст стæм, чы- сыл цыдæртæи дарддæр. Уыйхыгъд Нартыхты Григол йæ уаргъхæссæн стыр хызын байдзаг кодта уыцы ногдзыд бæласы зокъойæ. Раздæхтыстæм хъæдæй, Григол уаргъы бын, мах йæ цур- ты æхситгæнгæ цæуæм æмæ йын йе стыр хызынмæ зулмæ бакæс-бакæс кæнæм. - Цы баистут? - нæ хызынтæм нын æрбакаст æмæ нæ мидбылхудгæ афарста. - Куыд нæ уыныс, афтæ, - дзурæм ын. - Фæлæ тынг нæ мæт кæнæм. - Уæд цæуылнæ? - Григол сцымидис. - Уымæн æмæ кæд Уанеты Шурайы æгъдау нæ ферох кодтам, уæд сæ æмхуызон адих кæндзыстæм дæууæттæ дæр æмæ нæхæдæг цы ’ртыдтам, уыдон дæр. Григол, цыма уыцы ныхасмæ æнхъæлмæ каст, уайтагъд йе стыр хызын йæ уæхсчытæй зæхмæ æриста:
114 Харебаты Леонид - Уæдæ уæм кæд ахæм традици ис, уæд ма уын уæ хæйттæ æз цы æптъухон... цуангæнджытæй алчи сырд нæ амары, фæлæ сæ иучидæр куы амары, уæд æй æмхуызон адих кæнынц. Уыцы ныхæстимæ Григол цъæх нæууыл йæ зокъотæ æртæ дихы акодта. Мах æм кæсгæйæ баззадыстæм, æз ма йын дзырдтон, зæгъын, хъазгæйæ ракодтон Шурайы кой, уый афтæ нæ фæкæны. - Омæ афтæ кæй нæ кæны, уый раст нæу, - загъта Гри- гол æмæ нын нæ хызынтæ зокъойæ байдзаг кодта. Григолы къах нын фæхорз. Махæн традицион цы æгъдау нæма уыд, уымæн Григол бын æрæвæрдта æмæ уæдæй фæстæмæ уыцы æгъдау фæткæн баззад. Æрмæст-иу хатт Шалва æрæнкъард, дæ зокъотæ Григолы дих акæн-иу ын куы загътам, уæд. «АНГЛИСАГАУ ЦЫХТ ЦЫ ХУЫЙНЫ?» у райсом, куыстмæ ацæуыны агъоммæ, аходæн кæнæм æз æмæ ме ’фсин Кокион. Фынгыл цыдæртæ æрæвæрдта, фæлæ йæ фынгмæ цыхт æрхæссын ферох. (Чиныгкæсæг мын бахатыр кæнæд, фæлæ ме ’фсин æрæджы уыд Америчы нæ кæстæр фыртмæ. Гъемæ тынг банкъардта, англисаг æвзаг зо- нын фæндагыл куыд ахсджиаг у, уыцы хъуыддаг. Фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд, фыццаг къласы ахуыргæнинагау, æдзух каст уырыссаг-англисаг, англисаг-уырыссаг дзырдуæттæ æмæ хицæн дзырдтæй бирæ цыдæртæ базыдта). Æз ын ни- цы загътон, афтæмæй йæ бафарстон, зæгъын, англисагау цыхт цы хуыйны? Уый сыстад æмæ дзырдуæттæ къахын райдыдта, æрæджыйау мын загъта: - Англисагау цыхт хуыйны «чиз». - Уæдæ ма уым дæ дзырдуатмæ æркæс: «чиз» фынгмæ рахæссын та куыд у? Ме ’фсин стъолмæ æркаст æмæ æрмæст уæд бамбæрста мæ хинæйдзаг фарст. - Дæ хъиутæ бахæр, кæд мæ цы тухæнæй мардтай, - æмæ ацы фарстыл йæхæдæг дæр фæхудт Афтæ ацы ног æмбисонд дзыхæй-дзыхмæ ахæлиу Цхин- валы. и
Мæ мысинæгтæ 115 «ДЗЫККАЙЫХЪУС» Уæд куыстон Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы но- мыл паддзахадон театры директорæй. Изæрæй хъуамæ Къуайсайы равдыстаиккам спектакль - Хуыгаты Георы ко- меди «Сæтти æмæ Бæтти». Уыцы рæстæгмæ Гуырдзысто- ны ССР адæмон артист Таугазты Гаврил куыста театры дæр æмæ Къуайсайы та уыд культурæйы хæдзары драмкъор- ды аивадоы кьухдариуæггæнæг. Цыбыр рæстæджы Гаврил ацы театр йæ къахыл афтæ слæууын кодта æмæ йын радтой адæмон театры ном. Театрæн канд нæ областы иæ, фæлæ æгас Гуырдзыстоны дæр йæ ном ныхъхъæр ис. Гъемæ Гав- рил дæр Къуайсамæ цыд немæ. Æз бадтæн йæ фарсмæ æмæ Чъехы нарæгæй куы бахызтыстæм, уæд фæндаджы былыл лæбьфдмæ фæкомкоммæ æмæ дисгæнгæйæ сдзырдта: - Акæс-ма, Леонид, лæбырды фæхстæ куыд йедзаг сты æмбисонды хосы кæрдæг «дзыккаиыхъусæй». Афтæ хуындис уыцы кæрдæджы мыггаг. Æз æдзух хъæд- ты фæхæтын æмæ уыцы кæрдæгыл арæх æмбæлдтæн, фæлæ йын йæ хорз миниуджытæ нæ зыдтон æмæ йæм мæ хъус никуы æрдардтон. Габо (фырбуцæн Гаврилы йе ’мбæлттæ афтæ хуыдтой) мын радзырдта, ацы кæрдæг, зæгъ, хорз у, туджы æлхъывдад ныллæг кæнæ бæрзонд куы уа, уымæн - рæстæмбисмæ йæ æркæны. «Сфыц æй æмæ йын йæ дон ну- аз, - загъта мын Габо. - Ацы кæрдæджы тыххæй лæмбынæг фыссы йæ чиныг «Балц æнæниздзинады бæстæмæ» Киши- невы паддзахадон университеты лектор Тотраты Бесæ». Уыцы фæндагыл мын Гаврил радзырдта, фыццаг хатт Цхинвалмæ куы æрцыд, уæд театры артисттæ цы зындзит æдтæ æвзæрстой, уыдон тыххæй. Хъемултайы хъæумæ куы бахæццæ стæм, уæд Габо йæ къухæй ацамыд- та Котантойы хъæуырдæм: - Уæлæ уыныс, уыцы хъæумæ иухатт нæ декорацитæ не ’ккой схастам, уый раджы уыд æмæ нын хъæу дæр стыр лæггад бакодтой, гал нын аргæвстой... Мæнæ Цоциты Къæдзæх фыццаг хатт уæд фæхъæстæ «Чермены цæссыгæй», æмæ уыцы бонæй фæстæмæ кæрæдзи афтæ бирæ бауарзтой, æмæ æрдæгæхсæв дæр сæ кæрæдзи æрцагурынц. Цоциты Къæдзæх нæ фæстæ бадт æмæ йæм Габо ба- дзырдта:
116 Харебаты Леонид - Раст нæ зæгъын, Къæдзæх? Къæдзæх, цыма йæ фынæйæ райхъал, уыйау сдзырдта: - Раст зæгъыс, раст, Габо, фæлæ сыкъа кæмæ ис, мæнæ мæм иу авг ис æмæ цæугæ-цæуын нæхи Уастырджийæн бафæдзæхсæм... - Сыкъайы тыххæй ницы ауадздзыстæм, - Гуырдзысто- ны ССР адæмон артист Цхуырбаты Барис йæ риуы дзыпмæ нывнæлдта, чысыл, рæсугъд арахъхъы сыкъа дзы систа æмæ йæ Къæдзæхмæ балæвæрдта. - Айс сыкъа, Къæдзæх, æрмæст æгæр чысыл у æмæ арахъхъимæ дæ хъуыры ма аирвæзæд, амæй бирæ лæггæдтæ зонын. Æмæ Барис радзырдта: - Мæ тæккæ тыхыл ма куы уыдтæн, уæд базармæ арæх цыдтæн, æмæ-иу арахъхъ «æвзаргæйæ» мæхи ацы чысыл сыкъайы фæрцы «сджитъри» кодтон, - Барис уыцы ныхасмæ зæрдиагæй ныххудт æмæ йæ дзырд балхынцъ кодта: - Æрмæст мæм арахъхъæй ма бахат. Къæдзæх хорз зыдта, Барис фæстаг дæс азы нозт йæ дзыхмæ кæй нал хаста. Уыцы изæр тынг хъæлдзæгæй арвыстам Къуайсайы. «МÆ ХЫЗЫН МЫН НÆ РАХАСТАТ?» Уый уыдис 1988-æм азы. Куыд бадзырдтам, афтæ сабаты райсомæй мах уыдыстæм автостанцы æмæ æнхъæлмæ кастыстæм Къуайсайы автобусмæ. Диссаджы дзæбæх фæззыгон райсом уыд. Хур йæ фæлмæн зæлдаг тынтæ ай- тыгъта æгас Ирыстоныл æмæ кæрæдзийы цинæй радысты. Не ’нхъæлмæ каст ма уыд Нартыхты Григолмæ. Уалынмæ уый дæр фæзынд. - Сбадæм, - загъта Уанеты Шура æмæ мах не цыппар: Джиоты Шота (мæ уацы йæ кой арæх уыдзæн æмæ йæ хъуамæ чиныкæсæг зона. Шота у мæ хорз сыхаг, цæрæм иу корпусы Тельманы уынгыл, 7-æм хæдзары, фыццаг подъез- ды. Уый цæры фыццаджы, æз та цыппæрæм уæладзыджы. Шотау аразæг, йæ дыууæ къухæй бирæ хæдзæрттæ рацыд, стæй ссис арæзтадон бригадæйы бригадир. Фæлæ уый ахæм куыстытæ нæ уарзта, гъеныр, дам, адæмимæ дæ сæр цъæл кæн, бригадиры куыст ныууагъта æмæ та кусын райдыдта йæ дæсныйадыл).
Мæ мысииæгтæ 117 Уыцы бон сфæнд кодтам къабузæг æрхæссын. Къабузæг та уыцы аз Шихантуры æфцæгыл афтæ æрзад, æмæ зæх- хæнуæз кодта. Æрхызтыстæм Шихантуры хъæуы бын æмæ схæрд кодтам. Уанеты Шура нын радзырдта, ардæм фыццаг хатт Бестауты Гиуæрги æмæ дохтыр Джусойты Викторимæ зокъомæ куыд рацыдысты, уыдæттæ. - Уæд дæр раст ахæм фæззæг уыд, - дзуры йæ хабæрттæ, æмæ уæззау къахдзæфтæй нæ фæндаг цыбыр кæнæм, - нæууы зокъо баййæфтам ахæм-ахæм æмæ раст къутуйыйæс- тæ уыдысты. Гио уæд фыццаг хатт рацыд зокъомæ æмæ йæ цас хъуыд, уымæй фылдæр æртыдта, миты къæрттау, урс- урсид шампиньонтæ. Æниу, «шампиньон» у францаг дзырд æмæ нысан кæны «зокъо», æндæр ницы, мах æй райстам, æмæ нæм нæууыл цы хæрзад зокъо зайы, æрмæстдæр уьга схуыдтам «шампиньон», æмæ афтæмæй не ’взаджы баззад. Гъемæ, дам, Гиойæн æхсæвы зокъо æгæр хæрд фæцис æмæ райсом талынгæй дзуры: -Шура! - Цы кæныс? - фæрсын æй. - Удæгас ма дæ? - райхъуыст Гиойы рыст ныхас. - Уæдæ цы дæн? - Æз удæгас нал дæн. - Уæдæ уый чи дзуры, дæ сих у? - Мæ сих нæу, мæхæдæг дæн, фæлæ дысон-бонмæ мæрдтыл бафтыдтæн. Мæ зокъотæй ма чи баззад, уыдон акалдтон... - Æй, Хуыцау дын æй ма ныббара, исчи ахæм зокъотæ калгæ кæны, мæнæ сæ куыстмæ рахастаис æмæ сæ ам чызджытæ сфыхтаиккой. Ахæм ныхæстæ, стæй ма сæм алчидæр цыдæртæ æфтыд- та æмæ чæс сахаты нæма уыд, афтæ Шихантуры хъæды къабузæгджыны бацыдыстæм. Не ’гъдау куыд уыдис, афтæ ныл Шура скомандæ кодта, фæйнæ къæбæр, зæгъгæ, ахæрæм æмæ нæ зæрдæ хæрынмæ куыднæуал æхсайа. Иу стыр тæрс бæласы бын æрбадтыстæм æмæ «не ’хсаргæрдтæ» нæ хызынтæй фæцъортт ластам. Шура ныл радгай йæ цæст ахаста æмæ сдзырдта: - Цы кæнут уыйбæрц арахъхъæй, иу æрдæгавг баназæм æмæ нæ хъуыддагмæ æрæвналæм. - Бон даргъ у, нæ хъуыддаг дæр ничердæм алидздзæнис, - æмæ фыддæрадæнгæнæгау Нартыхты Григол æнæхъæн
118 Харебаты Леонид * литры дзаг арахъхъ «фынгыл» æрæвæрдта. Мæ зæрдыл æрлæууыд поэт Плиты Феликсы æмдзæвгæ æмæ сдзырд- тон: - «Уæдæ кæд хуым кæнæм, уæд къамбецтæй!» Фæйнæ банызтам, стæй дыккæгтæ, æртыккæгтæ æмæ нæ кæрæдзийæн, цы уыдыстæм, уымæй дæс хатты фæадджын- дæр стæм... Арахъхъы æвгтæ нæ сæхимæ нылвæстой. Дыууадæс сахат ссис æмæ уæдмæ нæ æвгтæ фæлдæхтысты иугай, уыйхыгъд нæхæдæг дæр иумæ афæлдæхтыстæм. Кæд нæ æвгтæ тыхджын уыдысты, уæддæр сæ «ныббырстам». Цас аулæфыдыстæм, нæ зонын, фæлæ Шура афтæ бакодта: - Цæй, нæ хызынтæ не ’ккой цы ратæр-батæр кæнæм, ам сæ уадзæм. Мах не ’ртæ нæ хызынтæ не уæхсчытыл баппæрстам, фæлæ Шура йæхи нал басаста æмæ æд ведра бацыдис къабузæгджынмæ. Къабузæг тонынæн нал уыдыстæм, фæлæ уæддæр чысыл цыдæртæ æртыдтам, цæмæй нæ изæры нæ бинонтæ хæдзæрттæм бауагътаиккой. Хур акъул, афтæ æз æмæ Шота рагъмæ схызтыстæм. Кæсæм, æмæ Нартыхты Григол æмæ Уанеты Шура нæ разæй цæуынц. Нæ хъæлæба нын куы фехъуыстой, уæд Шура æрлæууыд æмæ нæм фæстæмæ радзырдта: - Мæ хызын мын нæ рахастат? Шура йæ хызынмæ нал баздæхт æмæ йын Шихантуры хъæды баззад. Дыккаг бон Джиоты Шота изæры фæлладæй æрцыд. Фæрсын æй, зæгъын, кæм уыдтæ, цы фæдæ? - Кæм уыдтæн? Шихантуры! - цыбыр дзуапп радта. - Уæдæ цы ми бакодтаин, Шурайы хуызæн комыйаргъ лæгæн йæ хызын уым куыд ныууагътаин? Афтæ ахицæн нæ къабузæджы тынд уыцы нæртон фæззæджы. ХЪАЗИТЫ МЕЛИТОНЫ ÆВГТÆ Уалдзæг сындæггай йæ тыхы бацыд, уый та Хус- сар Ирыстонмæ афтæ рæсугъдæй æрбацæуы æмæ кæмдæриддæр хуызджын дидинæг фæзыны, иууылдæр сæ махмæ - Ирыстонмæ æрхæссы. Гъемæ ахæм цардæфсæст уалдзæджы сабатбоны хæдзары цы зæрдæ фæлæудзæн!
Мæ мысинæгтæ 119 Райсомы æхсæз сахатыл мæм Уанеты Шура телефонæй дзуры: - Леонид, абон цы ми кæнæм? - Цы дæ фæнды? - фæрсын æй. - Хъазиты Мелитонмæ дæр фæдзырдтон æмæ авд саха- тыл автостанцы фембæлæм. - Хорз, фæлæ нæ балц чердæм у? - Итраписы хъæуы сæрмæ, æфцгуытæм, лæгуынтæм. Ныр хъуамæ исты уа: хуырхæг, цъоза, хуычъыйысæр, саджы- къах, бæласы зокъо, кæд афтидæй не ’рыздæхиккам. Шура уый бæрц цыдæртæ фæнымадта æмæ ныр, дзæбæх лæппу дæ, æмæ фæстæ фæлæуу. Уайтагъд мæхи ацæттæ кодтон æмæ мæ хызынимæ автостанцы балæууыдтæн. Уым баййæфтон Шура æмæ Мелитоны. Мелитон уæд нырма хæрзæвзонг уыдис, стæй арæх нæ цыд хъæдмæ, æмæ йæ куы федтон, уæд мын æхсызгон уыд, нæ «низ» таууыл дæр бахæцыд, загътон мæхимидæг æмæ сын сæ къухтæ райстон. Мелитонæн йæ хызынæй цыдæртæ зынд, æвæццæгæн æй æрфæндыд хохы дауджытæн йæхи снатлиа кæнын, йæхи бафæдзæхсын. Итраписы хъæуы æрхызтыстæм æмæ хъæуæй ахизгæйæ комы бацыдыстæм. Æмбисондæн баззад, цуанон, дам, цы ком нæ басгары, уый сырдджын æнхъæлы. Шура дæр уыдонæй уыд. - Цæй, комы арфы бацæуæм æмæ стæй фæхæрд кæн- дзыстæм, чизоны хæрдмæ цæугæйæ адгуыты кæлдымтыл зокъотæ уа... - загъта æмæ йын мах дæр йæ фæндыл дыууæ нал загътам. Иу-æртæ километры бæрц бацыдыстæм комы, стæй дзы фа гдаг нал зынд, æмæ нæхæдæг гæрстам фæндаг. Цыдыстæм Итраписы доны былтыл. Мелитон-иу арф хуы- дым куы федта, уæд-иу æрлæууыд. - Ныр, Шура, ам кæсаг ма уа, уый гæнæн нæй. Шура дæр, цыма знон ардыгæй иу пут хъулон кæсаг (къалмахи) аласта, уыйау сдзырдта: - Хъулон кæсагæй бæз-бæз кæны, - уыцы ныхæстæм Мелитоны йæ къах размæ нал хаста, кæсаг ахсын æй æрфæндыд. - Амæй дарддæр нал, ныр хъуамæ схæрд кæнæм, - загъ- та Шура æмæ иу стыр æхсæры къутæры бын йæ хызын йе
120 Харебаты Леонид уæхсчытæй æриста. Мах дæр æй бафæзмыдтам. - Мæнæ мын Аза (йе ’мкъайы кой кодта) иу авг арахъхъ нывæрдта æмæ дзы нæ ног æмбæлццонæн акувæм. - Уæдæ иу авг та мæнæн нывæрдта Рая (æз та ме ’мкъайы кой скодтон). - Уый лæппутæ фендзысты, - Мелитон йæ хызыны дзых байгом кодта: иу авг арахъхъ æмæ дыууæ литры сæн æрæвæрдта. Шура йæ цæстытæ æрцъынд кодта æмæ хъазы: - Адон куы баназæм, уæд ницыуал æрхæсдзыстæм, нæхæдæг хæссинаг фæуыдзыстæм. - Тæрсгæ ма кæнут, æз уæ ахæсдзынæн, - Мелитон нын баныфс æвæрдта æмæ сыкъа Шурамæ радта. Раныхас-баныхас, ракув-бакув æмæ нæ æвгтæ, расыг лæгтау, ныффæлдæхтысты. - Хорз сын фестæм, ныр цæугæ, - Шура ныл скомандæ кодта. - Нæ, афтæ нæ, - зæгъын æз. - Ацы æвгтæ æвгъау сты æппарынæн. Æз æхсæр уистæн сæ цъуппытæ алыг кодтон æмæ арахъ- хъы æвгтæ уыдоныл æрсагътон. Уыцы бон нæхицæн ницы уыд, фæлæ нæ расыг сæрты аххосæй нæ къæхтæ уынгæджы фесты. Уæд ма нæ ты- хыл уыдыстæм æмæ чердæмдæрты схæццæ стæм рагъмæ. Бацыдыстæм хуссарварс иу æрдузмæ æмæ нæ цæстытыл ныххæцыдыстæм: цъоза, хуырхæг, хуычъыйысæр æмæ нæ саджыкъах куы «ауыдтой», уæд нæм алырдыгæй сæ «къухтæ тилын райдыдтой». Æз саджыкъах цæхджын кæнын нæ зыдтон, æмæ æнхъæл кæмæй нæ уыдтæн, нæ уыцы «пионер» Мелитон нын ра- дзырдта йæ цæхджын кæныны рецепт. Хур ма уæлейау уыдис, афтæ Итраписы хъæумæ æрхæц- цæ стæм. Кæлдымтæ дæр нæ «нæ фæхъыг кодтой»: зокъотæ нын ныккодтой нæ хызынты. Æмæ уыцы райгондæй æрхыз- тыстæм трассæмæ, Дзау-Цхинвалы фæндагмæ, æнхъæлмæ кæсæм Дзауы автобусмæ. Уæдмæ нæ цуры дыууæ лæппуйы сæ велосипедтимæ æрбалæууыдысты. Мæныл сæхи æрбап- пæрстой æмæ мæ, рагон зонгæтау, афарстой: - Зынтъыры нæма фæзынди?
Мæ мысинæгтæ 121 Æз Шурамæ бакастæн. Бæрæг уыдис, уый дæр кæй нæ бамбæрста хъуыддаг, фæлæ йæхи нæ басаста æмæ лæппутæн мæ бæсты дзуапп радта: - Фæзынд, фæлæ нырма хæрз чысыл у. Лæппутæ дзуапп куы фехъуыстой, уæд сæ хистæр чи уыд, уый афтæ: - Мæ фыд дæр афтæ хъуыды кæны. Шурайы дзуапп, куырмы топпыхстау, йæ нысанщл сæмбæлд. Уæд нæдæр Шура æмæ нæдæр æз зыдтон, зын- тъыры цы у, уый... Лæппутæ нæм æрбакæстытæ кодтой, хурмæ дæр скас- тысты æмæ стæй кæстæр мæнмæ æрбахатыд: - Леонид, цомут махмæ, мæ фыд хъыбыл аргæвста æмæ физонæг бахæрут. - Ацы дзæбæх лæппу, мæ ном та мын кæцæй зоныс? - афарстон æй. - Нал мæ хъуыды кæныс, фарон нын дæлæ Леуахийы былыл, тухгæ хъæд кæмæн уыд, ахæм æнгуыр æд хъил куы балæвар кодтай... Уыцы ныхасмæ мæ зæрдыл æрлæууыд фароны хабар: уæд Итраписы бынмæ мæ каис Кокойты Раман, ме ’фсин æмæ мæ дыууæ фырты Ацæмæз æмæ Аланимæ нæхи ирхæфсынмæ ацыдыстæм æрдзы хъæбысмæ - Леуахийы былмæ, æмæ гъеныр йæхи хонæг чи скодта, уыцы цæринаг лæппу Алик мын тынг бабæллыд ме ’нгуырмæ æмæ йæ хæдзармæ нал рахастон, лæппуйæн æй балæвар кодтон. - Кæд уæ афтæ фæнды, уæд цæуæм, æрмæст ма нын зæгьут: «лæгтау» уын уазæг фæхоныны бар ис æви нæ? - Ис, ис! - æмдзыхæй сдзырдтой æфсымæртæ. - Хорз, кæд уæ афтæ фæнды, уæд уæ иу разæй ацæуæд æмæ уæ фыды бафæдзæхсæд, кæд нæ размæ лæдзæгимæ рацæуа, уæд æм нæ чъылдымтæ фездахдзыстæм, фæлæ йын уæддæр йæ физонæгæй бахæрдзыстæм. Нæ фысым уыд Хуыгаты Раман, Къуыдарæй ардæм æрцыд цæрынмæ, йе ’мкъай та уыд Хъуылымбегтæй, усæн йе ’фсымæр театры куыста шофырæй æмæ дзы æз та ди- ректор уыдтæн, уырдыгæй зонгæ разындыстæм. Иудзырдæй, нæ фысымтæ нæм цыма бæхджын хонджытæ арвыстой, афтæ ныл фæцин кодтой, нæхæдæг дæр нæ 9*
122 Харебаты Леонид зокъотæй цурынфых скодтам æмæ фынг рауад нæртон, кæм федтай, ахæм. Стæй нæ фысым йæ машинæйыл Цхинвалмæ æрласта. Уый фæстæ Мелитон бирæ хæттыты æрымысыд нæ уыцы балцы хабар æмæ та-иу мæ афарста: - Леонид, зынтъырымæ кæд цæуæм? Йæ зæрдыл-иу æрлæууыдысты нæ чысыл хонджытæ æмæ нæ уыцы рæсугъд фынг. Иу-дыууæ азы фæстæ ма бафтыдтæн уыцы бынатмæ. Æмæ диссаг куыннæ уыд: æхсæры уистæ хæрдмæ фæцы- дысты æмæ Мелитоны æвгты арвмæ систой. Уыцы хабар Мелитонæн куы радзырдтон, уæд мæм бахатыд: - Цом, æмбæлттæ ма сын сæвæрæм. Фæлæ нын уырдæм ацæуын нал æмæ нал бантыст. Цымæ ныр куыд сты Мелитоны æвгтæ, æцæг мæ сæ фенын æрфæндыд, чи зоны, зынтъыры дæр уа... «..ÆРДÆБОН ЦЫДÆР КУЫ ЗАГЪТАЙ!» Ирыстоны цы рæсугъд бынæттæ ис, уыдонæй иу у Хъор- нисгом. Уæдæ дын йæ равæрд, уæдæ йæ хъæутæ, лæг сæм кæсынæй не ’фсæды, уæлдайдæр та сæм Гомарты æфцæгæй куы ракæсай, уæд. Гъемæ мах: æз, Уанеты Шура æмæ Джиоты Шота Цхинвалæй абалц кодтам Гомарты æфцæгмæ - бæласы зокъомæ. Автобусæй куы ’рхызтыстæм, уæд нæ фæндаг акод- там Уахтъанайы хъæуы иувæрсты. Дзæвгар суайын нæ бахъуыд. Боны дыууадæс сахат чысыл цух уыд, афтæ Гом- арты æфцæгыл хъæды дзыхмæ бахæццæ стæм. Шура махæй хистæр уыдис, фæлæ цæугæ-цæуын «баулæфæм» никуы загъта. Уыцы иугъæдон цыдæй цыдис, хæрды дæр æмæ уырдыджы дæр. Ныр нæ хызынтæ не ’ккæйттæй æристам, не ’гъдау куыд уыд, афтæ хъуамæ чысыл ацаходыдтаиккам. Æрæвæрдтам нæ фæндаггæгтæ. Æхсынæм цыдæртæ. Шурайы фæрсын, зæгъын, фæйнæ нæ аназиккам? - Нæ! Цытæ дзурыс, нозт та нæ йæ фæдыл асайдзæн. Æз ницыуал сдзырдтон. Мæ хъус дарын æмæ Шурайы хъуыры къæбæр нæ хизы, йæ комдзаг æрдзæм-æрдзæм
Мæ мысинæгтæ 123 кæны. Мæхиуыл ныххæцыдтæн æмæ ницы дзурын. Шура ма чысыл бафæрæзта æмæ стæй йæхи нал баурæдта: - Леонид, æрдæбон цыдæр куы загътай! - мах ныххуд- тыстæм, бахудт йæхæдæг дæр. Нæ дыууæ авджы банызтам æмæ хъæды хъæбысы бацыдыстæм. Чи зоны исчи фенхъæла, ома Шура æнæ зокъо нæ фæ- рæзта. Бынтондæр нæ, йæхи-иу дзы кæд фæхъæстæ кодта, уæд хорз. Фæлæ уыйхыгъд уыдис зокъоты фæдыл æнахуыр диссаджы цуангæнæг. Мæн, дзырдта-иу, ацы хъуыддагыл фæцайдагъ кодта нæ рауагъдады раздæры директор Гасситы Эдуарды фырт Виктор. Уымæн уыд уырыссаг ус æмæ Вик- тор Уæрæсейы цæргæйæ фæцалх зокъотæ тоныныл æмæ Уанеты Шурайыл йæ «низ» бахæцын кодта, Шура та мах фæрынчын кодтауыцы «низæй». ТЕКЪЛЕЙЫ АРАХЪХЪ Уæдæй ардæм бирæ азтæ аивгъуыдтой, лæг сæм фæстæмæ куы акæсы, уæд бирæ цыдæртæ, уæды царды нывтæй, цæстытыл ауайы. Ныр дæр та ивгъуыдыл мæ цæст ахас- тон æмæ мæ хъуыдытæ æрæнцадысты иу ахæм хаба- рыл. Советон хицауад нырма йæ тыхы уыд, йæ тыхы нæ, фæлæ уый уыд Никита Хрущевы паддзахиуæг кæныны рæстæджы, адæм куыдзы уавæрмæ æрхаудтой. Ницы- уал æххæссыд адæмыл, уæдæ кусгæ дæр дзæбæх кодтой, фæлæ сæ куыст, сæ фыдæбонæй ницы уыдтой. Хрущевы рæстæг цас даргъдæр кодта, уыйас адæм кодтой мæгуырæй- мæгуьфдæр. Адæмæн кæрдзын бахæрынæн нал уыд. Хи- цауады хивæнд митæн кæрон нæ уыд. Сæхгæдтой-иу скъолатæ æмæ ахуыргæнинæгты сæ ахуыргæнджытимæ код- той колхозтæм тыллæг æфснайынмæ. Уыцы хъуыддаг ноджы кодта карзæй-карздæр. Æрбанхъæвзта горæты уагдæттæм дæр, ахъæр-иу ныл кодтой: уырдæм æмæ уырдæм бегарамæ хъуамæ рацæуат, зæгъгæ, æмæ дын фæстæ фæлæууæн нæй, хъуамæ цæуай разæй, кæннод хорз коммунист нæ дæ... Иу фæззыгон бон мах дæр амбырд кодтой Хъорнисы хъæумæ нартхор тонынмæ. Изæры фæскуыст, хур ма уæлейау уыд, афтæ Хацырты Сергейы зæрдыл æрлæуыд Козаты Исидор. Исидор уыд отпусчы æмæ уый фылдæр хатт йæ улæфты
124 Харебаты Леонид бонтæ æрвыста сæхимæ - Хъорнисы. Сергейы æрфæндыд нæ хæлары фенын: Дзугаты Гиорги, Бестауты Гиуæрги, Хацырты Сергей æмæ æз Сихиатæй (Джиоты Дауыты райгуырæн хъæуæй) къахæй араст стæм Хъорнисы сæрмæ. Цæуæм, фæлæ кæм ис, фæндаг ныддаргъ. Мæны йеддæмæ, Исидоры райгуырæн уæзæг кæм уыд, уый ничи зыдта. Афтæ æмæ сын æз уыдтæн Магеллан-фæндагамонæг. Фæззæг ба- цыд йæ тыхы, æнгуз згъæлдис. Бестауты Гиуæрги æмæ æз, куыд лæппутæ, золонкъатæ, дуртæ æхстам фæндаджы был- тыл стыр æнгуз бæлæстыл æмæ, æнгузтæ хæргæ, мах, цып- пар æнæхонгæ уазæджы, балæууыдыстæм Исидорты кæрты. Исидоры мад, диссаджы уæздан сылгоймаг, мæн куы фед- та, уæд мыл мадау бацин кодта (Исидоры æмгæртты бирæ уарзта). Æз ын не ’рбацыды хабæрттæ куы радзырдтон, уæд фенкъард æмæ нын загъта, Исидор, зæгъ, чысыл раздæр иу машинæ суг аласта æмæ ацыд Цхинвалмæ. Фæлæ уын уæд æз нæ амардтæн, мæгуырæй уæ нæ ауадздзынæн, Исидор хæдзар йемæ нæ ахаста, рахизут нæм мидæмæ. Дзугаты Гиорги хæдзармæ бацæуыныл не сразы, мах дæр йе ’вварс рахæцыдыстæм, æмæ уæд Текъле йæ фай- нуст Кисамæ фæсидт æмæ нын фæндаджы хъæбæрмæ ра- хастой хъарм торнетæ, цыхт, цæхх, цъæхыгтæ, Исидоры «уæлдæйттæй» мачи аззад, уыцы дзидзайы кæрдихтæ, æмæ кæс ды махмæ. Уæлвæндаг цъæх нæууыл æрбадтыстæм, æмæ нæ дыууæ сылгоймаджы хъорнисаг арахъхъæй хъор- нисаг «мард» акодтой. Хур фæцæйныгуылд, афтæ цæуын æрымысыдыстæм, æмæ Текъле бадиссæгтæ кодта, ацафон ма, дам, кæдæм фæхæццæ уыдзыстут, ахсæв ам лæуут æмæ райсом раджы ацæудзыстут. Кæм ис, загътам, уæд загътам. «Уæдæ уын кæд æндæр гæнæн нал ис, уæд уæ фæндаг раст, фæлæ фæфыдæбон кæндзыстут, Цхинвалмæ къахæй цæуинаг фæуыдзыстут». Уæддæр ын нæ басастыстæм. Киса иу стыр ведра дыргътæ рахаста æмæ нын сæ æнгузтимæ нæ хызынты ныккодта. Цæуæм. Схызтыстæм Рустаумæ, нырма цæст дзæбæх æвзæрста, рахызтыстæм Зарæй æмæ ныл æрталынг. Цæуæм æмæ Хацырты Сергейыл, хæдзармæ тагъд чи кодта, нæ уыцы Сергейыл, йæ фæллад æмæ йæ арахъхъ æртæфстысты. Дзугаты Гиорги æмæ Хацырты Сергей сæ дыргътæй чердæм фервæзтаиккой, уымæн ницыуал зыдтой, æмæ сæ æз
Мæ мысинæгтæ 125 æмæ Бестауты Гиуæргийы хызынты ныккалдтой. Æхсæвы дыууадæс сахатыл Цхинвалмæ æрхæццæ стæм. Дзугаты Ги- орги сæхирдæм фездæхт æмæ мæм дзуры: - Лео, Къостайæн мын иу-дыууæ гага мæ дзыппы авæр. (Къоста у Гиоргийы фырт, уæд нырма чысыл уыд). Ахæм балцы фæстæ æртæ боны нæ къæхтыл слæууынхъом нал уыдыстæм. Уый фæстæ ма-иу Хацырты Сергей Хъорнисы кой куы фехъуыста, уæд-иу иннæрдæм азылд, афтæ фæцъæх йæ зæрдæ нæ уыцы балцæй. Нæ балцы хабар нын Исидор куы фехъуыста, уæд маст кодта, мæ къах, дам, куы асастаид æмæ уыцы бон куы нæ рацыдаин. Уæдæ, «Мах тыхджын стæм», Джиоты Дауыт æнæхъуаджы нæ фыста. ЗОНКЪАРЫ ЦАД Цхинвалы районы Зонкъаргомы, ацы диссаджы æрдзы хъæбысы, нæ хицауад æрымысыд кæнгæ цад саразын, цæмæй сæрды мæйты Чысыл Леуахийы дон æххæсса æппæт донхъуаг зæххытыл, донæй сæ æфсада... Гъемæ иу бон сфæнд кодтам мæ каис Раманимæ уырдæм æд бинонтæ ацæуын. Сфæнд кодтам, уæд сфæнд кодтам... Раман ма йемæ ракодта йæ фырты чысыл чызг Ингайы дæр. Ме ’фсин Рая æмæ мæ каис Раманы æмкъай Аннæ ацы алæмæттаг æрдз куы федтой, уæд сæ дисæн кæрон нал уыд: рæсугъд æрдз, бæрзонд хæхтæ, сæ цъуппытæй цъититæ быдырмæ кæсынц, хæхты фæхстæ æмæхгæд сты алыхуызон бæласы мыггæгтæй. Дыууæ азы размæ ацы æгайнæг хъæды ауагътой хъæддаг хуытæ, стæй ма пухкъæдзил тыртынатæ. Хуытæн ницы зонын, фæлæ тыртынатæ нæ сæрмæ, бæлæсты къалиутыл, акробатты фæзмæгау, къалиуæй-къалиумæ гæппытæ кодтой, Ноджы ма Зонкъары цад-доныл ацы фарсæй иннæ фарсмæ цæст не ’ххæссы, иудзырдæй, чысыл «денджыз» æрдзы хъæбысы фæйлауæнтæ кæны. Ахæм диссаджы нывтæм кæсгæйæ, æхцонæй сулæфыдысты Рая æмæ Аннæ дæр. Мæнæй-ма, хæдзары цыппар фисынмæ кæсынæй сæ зæрдæ сцъæх ис. Ныр кæс æмæ ды уыдонмæ, алы къудзи, алы кæрдæджы халыл дæр цин кодтой. Диссаг та нæ чысыл Инга уыд, йæ хынцфарстæй нæ «уынгæджы кодта». Фаг куы атезгъо код-
126 Харебаты Леонид там, уæд æрымысыдыстæм æрдзы хъæбысы Хуыцау æмæ Уастырджийæн сæ ном ссарын. . Раман цардбæллон лæг уыд. Алцæмæдæр цымыдис кодта, хохы райгуырд æмæ йын хох йæхи бауарзын кодта, горæты ацы диссаджы нывтæй фæиртæст, æмæ ныр ам скуыста йæ фантази. Ацы ран ис ахæм аразæн, уым ахæм æмæ цады бы- лыл иу афтид бынат нал ныууагъта, уый дзы парк, хъазæн фæз, кæнæ ахæм æндæр исты кæм нæ «ацарæзта»! Афтæ уыд йæ зæрдæйы сконд, Раман уыд романтик. Раман бухгалтер уыд, бирæ фæкуыста Цхинвалы райо- ны, стæй горæты рухсады хайады сæйраг бухгалтерæй. Уыд хæдахуыр бухгалтер. Афтæ зæгъон, æмæ цæрын нæ зыдта, уæд раст нæ уаин. Хъаст дæр-иу ыл бакодтой, хæры, дам, æмæ та Тбилисæй ревизи, æмæ та Тбилисæй ревизи. Дыгай къуыритæ-иу булкъау фæкъахтой, фæлæ-иу æм ницы азым ссардтой. Иухатт та иу ахæм ревизийы рæстæджы Раман куыстмæ æрбацыд. Ревизор гæххæттыты йæ фындз нытъ- тъыста æмæ агуры, агуры... Ревизор Раманмæ фæкомкоммæ, æнкъардæй бадгæ йæ куы федта, уæд æй афарста: - Цæуыл æнкъард дæ, цæуыл хъуыды кæныс?! - Куыннæ æнкъард кæнон, куыннæ ныхъхъуыды кæнон, ды агурыс, æз цы бахордтон, уый, æз та хъуыды кæнын, цы бахæрон, ууыл. Ревизормæ Раманы хъæлдзæг, æргом дзуапп диссаг фæкаст, фаг ыл куы фæхудт, уæд æм дзуры: - Демæ æз ницы бакæндзынæн, цом къæбæр бахæрæм æмæ дæ амонд хорз, æз Тбилисмæ хъуамæ аздæхон. Дыууæ къуыри мын фаг уыд дæу булкъау къахынæн. Афтæ ахицæн Раман йæ хорз ревизорæй, уæдæй фæстæмæ ревизор Раманы куыст бæрæггæнæг никуыуал æрбацыд, Тбилисæй, дам-иу, мæм радзырдта, мæнæ, дам, акт сарæзтон æмæ, дам, чысыл исты хъæндзинæдтæ зæгъ... Гъе ахæм Ра- ман Зонкъары цады былыл, æрдзы хъæбысы кувынтæ рай- дыдта... Куывд йæ тæмæнмæ куы бахæццæ, уæд æм чысыл Инга дзуры: , - Дада, гъеныр ам бирæгъ уыдзæнис?! Раман йæ кувын фæуагъта æмæ Ингайæн дзуры: - Кæд бирæгътæ, ам дæн, уый базоной, уæд сæ тас нæу...
Мæ мысинæгтæ 127 Сывæллон Раманы дæлгоммæ ныхас кæм бамбæрста, фæлæ мах фаг фæхудтыстæм... Изæры Цхинвалмæ куы ’рцыдыстæм, уæд Раман рай- гондæй дзырдта: - Абоны бон мæрдты мемæ уæд! Уæдæй ардæм дзæвгар азтæ рацыд. Раман æнæнхъæ- лæджы цардæй ахицæн, ахицæн цардæй йе ’мкъай Аннæ дæр, фæлæ Зонкъары цад мæ зæрдыл куы ’рлæууы, уæд мæ цæстытыл, худæвæрдау, ауайынц цады былыл Рама- ны «арæзтæдтæ», кæм парк, кæм доны станц, кæм хъазæн фæз, кæм фыццаг къласы хæрæндон, кæм туристон базæ, æмæ се ’ппæты чи фæнымайдзæн. Афтæ уыд цардбæллон Раман, Стыр Фыдыбæстон хæс- ты ветеран, фæлæ йын цæрын нæ бантыст, 63 аздзыдæй а дунейæ ацыд... БАЛЦ ЕРЦЪОЙЫ ЦАДМÆ Уæлдæр ма йæ загътон, Раман райгуырд Дзауы районы Чъимасы хъæуы. Хъæу та афтæ æвæрд у æмæ йæм иу хатт чи схауы, уый уырдыгæй йæ къах нал фæхæссы. Хæххон уæлвæз быдыртæ, æгайнæг хъæд, айнæг къæдзæхтæ... Къæдзæхты фæрстæй алыхуызон дидинджытæ рæсугъд чызджытау лæгмæ сæ мидбылты бахудынц. Æрдзы нывтæй цæст бафсæды. Ацы хъæуы цæрджытæ, Кокойтæ, табу кæмæн кæнынц, æрвылаз йæ номыл кусæрттæ кæмæн фæкæнынц, уый у сæ уарзон дзуар - Мичрилийы дзуар, зæгъгæ, афтæ йæ хонынц Кокойтæ. Ацы дзуары бынмæ цæугæйæ дæ цæст схæцдзæнис æрдзы алыхуызон алæмæттаг нывтыл, лæджы бафæнды, алкæмæ дæр сæ бацæуа æмæ куыд удæгас адæймагæн, афтæ йын салам ратта, баузæла йыл, йæ къух ын райса. Æппæт адæттæ уымæн дзурын æмæ Раман, хæстæй æрыздæхгæйæ, куыста бухгалтерæй æмæ æгасæй дæр аныгъуылд йæ куысты мидæг... Æмæ-иу ын æрдзы хъæбысмæ ацæуыны фадат куы фæци, уæд кæс, æмæ дыуымæ... Афтæ уыд уыцы бон дæр, сфæнд кодтам, уæд ын фæивæн нал уыд. Автобусæй Ерцъойы цады был æрхызтыстæм. Акæс дардыл айдæны хуызæн цадмæ, йæ алфамбылай угæрдæнты
128 Харебаты Леонид кæрдæг цъæх адардта æмæ, цыма цады алыварс исчи га- уыз айтыгъта, афтæ рæсугъдæй худт хуры тынтæм. Мах бацыдыстæм цады былты хъæды, сатæг уæлдæф ныл йæхи æппæрста, цинæй нæ хордта! Мæнæ, гъе, иу дзæбæх кæлдым, нæлхуыйы хуыст скодта æмæ йæ цыма исчи нымæтæй æрæмбæрзта, афтæ æмæхгæд уыд зокъотæй. Раманæн ницы уыд, иугæр мемæ хъæдмæ рацыд, уæд афтæ æнхъæлдта, цы- ма мæнæн зокъодæттæг бæлæстæ нысангонд сты: бацæуын æмæ сæ ралыг кæнын йеддæмæ ницы хъæуы... Фæлæ ахæм ныв фенгæйæ, мæн фырцинæй ферра кæнынмæ бирæ нал хъуыд. Хатт-иу афтæ уыд æмæ æгас бон фæзылдтæ Гомар- „уы æфцгуытыл, Шихантуры хъæды æмæ ницæуыл фæхæст дæ... Ам та мæнæ диссаг, чи куывта, уый махæн. Мæ уаргъхæссæн æфсæддон хызынæй иу æрдæг авг арахъхъ систон, сыкъа байдзаг кодтон æмæ Раманæн загъ- тон: - Мæ традици мын ма фехал, афтæ дзырд стæм Уанеты Шура, Бестауты Гиуæрги, Елбачиты Шалва æмæ Джиоты Шотаимæ. Хъуамæ нæ фыццаг æмбæлæгæн акувæм. Раман дæр «нæ» нал загъта, зæрдиагæй акуывта æмæ мæм кувæггаг авæрдта. Æз дæр акуывтон, анызтон æмæ йæм дзаг сыкъа радтон. - Нæй, æгæр тагъд фембæлдыстæм нæ «амæттагыл», - цыдæр бамæт кодта, - ныр дæу ардыгæй дæ къах нал ахæсдзæн, мæн та цады былтыл мæ зæрдæйы фæндиаг фæзилын фæндыд. - Ууыл ма тыхс, - загътон ын, - æрыдзаг кæнæм нæ хызынтæ, искуы сæ бафснайæм æмæ нын ацы даргъ боны æндæр цы куыст ис. Мæ ацы ныхæстæй Раман райгондæй баззад. Æрыдзаг кодтам нæ хызынтæ æмæ куыд баныхас кодтам, афтæ цады былтыл æрдзы нывтæм кæсгæйæ зылдыстæм. Цъуйтæ та куыннæ федтам, æз дæр æмæ Раман дæр, фæлæ амы хуызæн цъуй никуы зайы, фæхстæм куы акастаис, уæд лæг загъта- ид: «Ай циу?». Мæнæ цыма хохы фæхстæ хæмпус митæй æмбæрзт сты, афтæ цъуйы урс дидинтæ фыррæсугъдæй цæхæртæ калдтой хуры тæмæнкал рухсмæ. - Диссаджы фенддаг бынат у, - дзуры Раман, - ардыгæй лæджы йæ къах нал ахæсдзæн.
Мæ мысинæгтæ 129 - Ды ацы бынат фæззæджы куы фенис: хохы фæхстæ, цыма Æвдæм ноябры сырх тырысатимæ рацæйцæуынц, уыйау ссырх вæййынц. Мах, ирæттæ, ахæм зайæгой ницæмæ дарæм, уыйхыгъд Имеретæй гуырдзы æрбацæуынц, цъуйы гагатæй бæхы уæргътæ скæнынц æмæ афардæг вæййынц, - дзурын Раманæн. - Æмæ цæмæн, цы кæнынц цъуйы гагатæй? - фæрсы мæ Раман. -Æз дæр æй дзæбæх нæ зонын, стæй мæ æххæст уырнгæ дæр кæ кæны, фæлæ мын фарон фæззæджы иу гуырдзиаг дзырдта, сæн, дам, дзы аразæм... Раман мæ ныхæстæм тынг сцыбæл: - Уæдæ ай цæттæ сæндон куы у, уæд æм Къуыдары цæрджытæ куыд лæууынц? - Лæууынц æм, стæй гуырдзы цъуйæ сæн куы саразынц, уæд æй уыдонæй стыр аргъæй фелхæнынц. Цъуйы дон нæхи боцкъаты «не ’нхъизы». Изæры Раманы сæхимæ нæ ауагътон, ме ’фсин Кокион зокъотæй диссаджы физонæг скодта, æмæ ма ды дæр уым куы фæуыдаис. «ТАМАДОБА» КÆЙ НÆ ФÆНДЫ? æ мадыфсымæр Джуссойты Хъайтыхъо Къахеты Ареш- пераны хъæуы цард. Джуссойтæ уырдæм, Къахетмæ, Знауыры районы Нагутнийы хъæуæй ацыдысты цæрынмæ. Уæд Хъайтыхъойы фыд, Хыба, уым сыгъзæринæй зæххытæ балхæдта æмæ æд бинонтæ уырдæм цæрынмæ фæцыд. Хъ- айтыхъо нырма саби уыд, фæлæ æдзух йæ фыд Хыбайæ хъ- уыста фыдæлты уæзæджы кой æмæ зæрырдæм æрымысыд йæ Фыдыбæстæ фенын. Æрцыд Нагутнимæ, уым ыл тынг фæцин кодтой æмæ Къахетмæ ацæуыны агъоммæ мæн дæр, йæ хæрæфырты, абæрæг кодта. Æхсæвы Раманмæ фæдзырдтон, фынг æрæвæрдтам æмæ Хъайтыхъо кувын райдыдта. Раман æнхъæлдта, ома Хъайтыхъо уазæг у æмæ кувæг æз уыдзынæн, фæлæ йæ йæ фын фæсайдта. - Ай мæ хæрæфырты хæдзар у æмæ кувæг æз хъуамæ уон. Раман дæр ма цы загътаид. Хорз фæбадтыстæм. м
130 Харебаты Леонид Дыккаг бон райсомæй Раман Хъайтыхъойы бæрæггæнæг æрбауад. Кæрæдзийыл фæцин кодтой, æмæ та фынгыл куы æрбадтыстæм, уæд Хъайтыхъо дзуры Раманмæ: - Дысон дæ, цыма «тамадоба» фæндыдис? Раман дæр йæхи нал басаста æмæ худгæйæ Хъайтыхъомæ дзуры: - Æмæ фьщцаг лæг уæвын кæй нæ фæнды, фæлæ хорз бакодтай, æз кувынмæ дæ хуызæн нæ сарæхстаин. Раман уый уæздандзинадæн загъта, æндæра хохы ном- дзыд кувæг Кокойты Кимайы æфсымæры лæппу уыд æмæ йын кувын амонын нæ хъуыд. - Дысон дæ нæ бафарстон, - Раман дзуры Хъайтыхъомæ, - дæ Фыдыбæстæ куыд фæцыд дæ зæрдæмæ? Исчи ма дын ис уым хæрз æрвад? - Раман, цы дын зæгъон, Къахеты æвзæр нæ цæрын, фæлæ мæ иу цонгхаудæй ам, фыдæлты уæзæгыл, куы ’рцæуид мæ мæлæт... Мæ бар куы уаид, уæд æз Нагутнийæ никуыдæм ацæуин. Фæлæ мах, ирон адæм, афтæ стæм: иу æхситт ныл фæкæн æмæ фæстæмæ дæр нал фæкæсæм, афтæмæй былæй акæлæм. Афтæ уыд мæ фыд Хыба æмæ йе ’рвадæлты хъуыддаг дæр, æндæра кæдæм цæуыс, ам чи баззад, уыдон сыдæй кæд нæ амардысты, уæд дзы мах амардаиккам?.. - йæ ныхас æнкъардæй балхынцъ кодта Хъайтыхъо. Уæдæй ардæм Хъайтыхъойы ныхæстæ мæ зæрдæйы баз- задысты æмæ мын æнцой нæ дæттынц. Æвæццæгæн, мæнæн дæр ахæм хъысмæт кæй уыдис, уый тыххæй...
Мæмысинæгтæ 131 ЧИНЫДЖЫ ИС: Авторы разныхас 5 Мæ фыццаг фембæлд 10 Уый мæ никуы ферох уыдзæн 12 Бало-Отелло 16 «Сæлимæт»-ы автор 20 Дзесты Куыдзæг 21 Мæскуйы- Переделкинойы 22 Цоциты Нинæ - «æгомыг» 24 Нæ дзуринæгтæ фæдзурæм 26 Цытджын изæр 28 «Лæппу, фынг дæумæ кæсы» 29 Тогойты Гиорги 31 Фондз сомы 34 «Хъуытаз» 35 Фæйнæ уисы ма 36 «Минас кæнæм дыууæйæ: æз æмæ мæхæдæг» 38 «Ай уыцы сæнæй нæу...» 40 «Мæ цард мæ къахæй ассон-ассон кæнын» 41 «Нуазæм, уæд лæгау!» 42 «Лæвар» тамакотæ 45 Хохы сæрмæ схизгæйæ 46 «Нал нæ дзы фæуыдзæнис» 47 Æфсымæрон фембæлдтытæ 49 Четиты Рубен 51 Уæд уыдтæн студент 54 «Леонид, фынг дыл æмбæлы!» 56 Бесаты Тазейы дзуапп 57 «Уарз дæ бæстæ...» 58 Уæд фыстон роман 59
132 Харебаты Леонид Мæ фыццаг чиныг ,...,... 63 «Махимæ æрбаиу ут!» 65 «...Уый рухсаг уæд» 66 «Елиоз, судзаг!» 67 «Фæйнæ уадындзы саразæм» 68 Дзаболаты Хазби 71 Резо - Къахеты 72 Цытджын хъарагъулы 74 Исидор, Нугзар æмæ Сергей 77 Зауыр дзы куы нæ зæгъа 79 «Стайыцармдарæг» 82 Гуырæн бон 84 Фембæлдыстæм Пицундайы 86 Уарзы «лыстæг сырдтыл» цуан кæнын 88 Алешы фыццаг æмдзæвгæтæ 91 «Горæты фембæлдтæн чызгыл...» 92 «Ефрейтор» 94 «Уд сыгъдæггæнæны» 95 «Дурыны дон нал ис...» 96 Æмбисондæн баззад 97 «Æз æй редакци кæнын нæ уæндын» 100 Уымæн ферохгæнæн нæй 102 «Арсы» гуым-гуым 104 «Ныр дын мæ цæттæ хъазт куы раттин!» 105 Пъамидортæ 106 Ногахст кæсæгтæ 107 «... æмæ иу чысайнаг» 109 Зынг ахуыссын кæнут! 110 «Кæд æй æвæрут?» 111 Æфсымæрау сæ адих кодта 112 «Англисагау цыхт цы хуыйны?» 114 «Дзыккайыхъус» 115 «Мæ хызын мын нæ рахастат?» 116 Хъазиты Мелитоны æвгтæ 118
Мæмысинæгтæ __Н «...Æрдæбон цыдæр куы загътай!» 122 Текълейы арахъхъ 123 Зонкъары цад 125 Балц Ерцъойы цадмæ 127 «Тамадоба» кæй нæ фæнды? 129
Леонид Петрович Харебаты Воспоминания Редактор З.В. Бежанова Техредактор И.В. Голоева Корректор Л.Л. Туаева Комп. верстка А.А. Козаее
Сдано в набор 09.03.2006. Подписано в печать 27.10.2006. Формат бумаги 60x84 716. Печать офсетная. Бумага№ 1. Гарнитура шрифта «СепШгу». Уч.-изд. л. 7,5. Усл. печ. л. 8,25. Тираж 500 экз. Заказ 51. Цена договорная. Издательство «Ирыстон». 383570, РЮО, г. Цхинвал, ул. Ленина, 3. Полиграфическое производственное объединение РЮО. 383570, г. Цхинвал, ул. Московская, 5.