Text
                    доцоты зоя
Дзæгъæлдзу дымгæ
Радзырдтæ
ЧИНЫГУАДЗÆН „ИР“
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1976


С (Осет) Д 84 Доцоты З. Д. Д 84 Дзæгъæлдзу дымгæ. Радзырдтæ. Орджо- никидзе, «Ир», 1976. 96 ф. 1 ф. Портр. Доцоева 3. Д. Шальнон ветер. 733—110 Д 32—76 С(Осет) М131(03)-76 Ч © Издательство «Ир», 1976 г.
Доцоты Зоя Доцоты Зоя цы чысыл рацарди, цы бæрц фыстытæ ныууагъта, уыдоны тыххæй æппæлæн ныхæстæй фылдаар цы зæгъæн нс. Бон кæмæй æрыхъал вæййы, хуры уыцы фьщцаг тынтæй цæмæн хъæуы æппæлын. Фæнды мæ, ацы чиныг чи кæса, уыдонæн, Зояйы сурæт удæга- сæй кæцæй разыны, уыцы чысыл хабæрттæ радзурын. Ногхъæуы скъолайы хистæр ахуыргæлджытæй мын иу дзырдта: «Зоя цы зæрдæмæдзæугæ, цы рæсугъд сывæллон уыди! Скъолайы мæ-иу ницы хъуыддаг уыди, уæддæр-иу сæрмагондæй Зояйы уьшьгн- мæ фæуадтæн...» Доцоты Зоя райгуырди 1939 азы 7 сентябры. Царды рухс куы банкъардта, афтæ хæст райдыдта. Ыырма цы уыди, фæлæ, æбуалгъ хæрамдзинад кæй рачынди, уый сабийы зæрдæ дæр æмбæрста. Иу райсом йæ хуыссæны рабадти æмæ йæ мады афарста: «Æмæ папæ- йæн дæр хæсты хъарм хъæццул уыдзæни?» Бирæ рæстæджы фыстæг иал райстой, стæй сæм иуахæмы пост- хæссæг æрбахоста. Мад æрбадавта бæлццоны фыстæг, сабитæм æн 3
сæвдыста. Æнахъом чызг цымыдисæй афарста: «Æмæ папæйæн йæ- хи фыст у?» Мад ма-иу æрæджнау дæр дисы бацыди: йæхимæ ахæм æрхъуыдыдзинад нæ разындаид. Ис ахæм адæймæгтæ — дунейы скондыл дисгæнгæйæ райгуы- рынц, сæ зæрдæтæй цы рухс фæкæлы, уый сæхæдæг нæ фæуынынц. Нæ сæрмæ æдзух чи судзы, ахæм цырæгътау зып фиппайæн сты уыцы адæймæгтæ. Иуахæмы Доцотæ сæ хъуг ауæй кодтой. Æлхæнæг цалынмæ цы- ди, уæдмæ ма æгомыг стурæн Зоя холлаг авæрдта. Уайтагъд æлхæ- нæг фæзынди. Бæттæн афтыдтой стурыл. Холлагмæ ма йæхи ивæзта, афтæмæй йæ атардтой. Зоя дæр ыл иу хъæр фæкодта. Æрæджиау дæр ма-ну чызг йæхи хордта: «Æз та ма йыл цæмæн схъæр кодтои!» Тæнзæрдæ, æнæныфс схуыдтаиккой Зояйы. Мах арæх фæрæдийæм, иу боны цæстæй саргъ кæнæм адæйма- гæн. Фæсхæст хæдзармæ фыды æххуыс нал æрбацыди. Мады рæдау армы бын бахъомыл сты Зоя æмæ йе ’нахъом æфсымæр. Зоя дæс къласы фæстæ педучилищемæ бацыди, ома, кæд тагъддæр кусын байдаин. Сæххæст ис Зояйы фыццаг бæллиц — кусын райдыдта ахуыр- гæнæгæй. Сæ хæдзар — æдзæллæгтæ, къæвда бон-иу сæ цар ныхъхъулæт- тæ. Бирæ рæстæг нæ рацыди, афтæ Зоя районы финансты хайадмæ курдиат фæхаста: æфстау æхца мын раттут. Æвзонг чызджы йæ сæрæй йæ къæхтæм сбарстой æмæ йын афтæ: «Æхца дын раттиккам, фæлæ сæ фидгæ та чи бакæндзæн?» Зоя йæ сæрыл схæцыди æмæ ныфсджынæй загъта: «Æз сæ бафиддзынæн, æз кусгæ кæ- нын». Куырыхон лæджы хъарутæ разынди Зоямæ, æмæ агуырикъул агъуыст йæ къахыл слæууыд. Уыйфæстæ фæсаууоимæ педагогон институт каст фæци. Фæстæ- дæр бацыди Мæскуыйы Максим Горькийы номыл Литературон инс- титутмæ. Ам дæр ахуыр кодта фæсаууонмæ. Мады уырныдта, уæдæ ныр йæ чызг арвы рухс цæстыдзагæй фендзæн. Уыцы рæстæг уыди æвн раздæр — чызджы зæрдæйы райхъал ис, цард куыд вазыгджын у, уый тыххæй рæстаг ныхас зæгъыньт 4
бæллиц. Фæндыди йæ, æрвылбон кæй сыгъдæг цæстытæм касти, йæ зæрдæ кæй æууæнкæй дзаг уыди, уыцы сабиты æнæкъæм цин ра- дзурын. Хъуыди йæ, фарн кæцæй хъуамæ цæуа, ахæм бæрнон бына- ты бадæг сайын кæй зоны, ууыл фæхъыг кæнын. Хъуыди йæ, ис ныййарæгæй æнæ ныййарæг чи фæци, уыцы сабийы судзгæ маст дзырдты бавæрын. Зоя радзырдтæ фыссы, уый ничи зыдта. Сфæлдыстадон кусæ- джы æфсарм йæ туджы уыди, аивадон дзырд сфæлдисæг йæхи цы бæрны кæны, уый йæ рæстаг удæй æмбæрста æмæ нæ уæндыди йæ уацмыстæ рæгъмæ рахæссын Иæ фыццаг радзырдтæ мыхуыры фæзындысты, бацин сыл код- той, уæддæр æм редакцийы къæсæр хохæй бæрзонддæр касти. Зояйы уырныдта, фыссæг дзы кæй рауайдзæн, уый. Фыссæг суыдзынæн, зæгъгæ, йæ цæсгом зæгъын иæ бахъæцыд — иуахæмы аивæй йæ мадæн афтæ бакодта: «Кæсгæ ма-иу кæн, мæ ном фыс- тæй баззайдзæн...» Чиныг дæр цы бирæ уарзта! йæ уарзондæр фыссæг — А. П. Че- хов. Æшеуи дын ма схуда, фæлæ-иу Чеховы радзырдтæ кæсгæйæ аæрдæбынæй фæхудти. Ныййарæг мад хуымæтæджы бузныг уыд уыцы фыссæгæй! Чызджы фæосаууон-иу фæлдæхта Чеховы чиныг, хъуыдыт.æ-иу кодта: «Цымæ дзы цæуылты фæхуды?» Стæй ма иу стыр амонд касти Зоямæ—сабиты сыгъдæг дунейы цæрынæй не ’фсæсти. Педагогои институт каст куы фæци, уæддæр кæстæр кълæстимæ кусгæйæ баззад. Хæдзары дæр-иу аджих уыдаид, сабитæй-иу искæй ном сдзырдтаид: «Цымæ дзы цавæр лæг рауай- дзæн?» Уалдзæджы къæсæрыл ацыди цардæй Доцоты Зоя. 1972 азы уалдзæджы къæсæрыл. 9 апрелы. Фæстаг уроктæ ма кæмæн кодта, уыцы сабитæ бахъомыл сты, ныр 8-ты ахуыр кæнынц. Ам ын сарæзтой сæрмагонд стенд — бакод- той дзы Зояйы къам, йæ къухфыстытæ, йæ радзырдтæ мыхуыргонд кæм æрцыдысты, уыцы журналы номыртæ... Скъоладзаутæ йын арæх бабæрæг кæнынц йæ ингæн, дидинджытæ йыл сæвæрынц. Мысынц Зояйы пе скъоладзаутæ: «Исты дын аххуыс кæнæм, зæгъгæ-иу сæм бацыдыстæм, фæлæ нæ-иу фæстæмæ рарвыста. Сабыр 5
бадтыстæм йæ урокты, хорз ахуыр кодтам æгас къласæй дæр. Мæс- куымæ-иу куы цыди экзаментæ дæттынмæ, уæд-иу уынгмæ автобус- лæууæнмæ рацыдыстæм. Урокæй дæр-иу ралыгъдыстæм. Фæстæмæ кæд сыздæхдзæн, уый дæр зыдтам æмæ та-иу автобусы размæ аз- гъортам...» Нæ сæрмæ чи фæсудзы, уыцы цырагъæн басудзын æнхъæл нæ вæййаам. Бицъоты Г. зоооооооооооооо
Ханты цагъд Æнгузы бын зæронд тъахтиныл æр- къул кодта Дзæлиго, йæ нывæрзæн хъулонцъарджын мутакан акодта, йæ зæнгтыл та, кæд уазалы тыххæй нæ, уæддæр йæ бæзджын кæлмæр- зæн æрæппæрста. Фæлæ тæхудиаг фæуæд, боныгон хуыссæг æмгæрон дæр кæмæ ’рцæуы искуы... Чындзытæй исчи куы ’рбауайа, уæд та сын хъыг уыдзæн, ома, ми- дæгæй цъæтджын сынтæджытæ цалдæр, тыргъы ног- æлхæд фæлмæн диван, уæд дæм хъæбæрыл хуыссын цæмæй хорз кæсы, зæгъгæ. Æмæ æцæг истытæ хъуаг нал у Дзæлигойы хæдзар, истытæ хъуаг не сты йæ цыппар уаты... Уæттæ не сты—дзуары бадæнтæ, хуыца- уы цæст сæ дзæбæхæй бауарзæд... Ног хæдзармæ куы ивтой æндæраз, уæд сæ фыдæлтыккон хæррæгътæй иу дæр нæ бахастой уырдæм: къамоды зæрондæй уа, тъах- тинæй, табуреткæтæй — иуыл дзы нал барвæосыдысты чындзытæ, сæ бæсты сын ногæлхæд æрттивгæ дзауматæ æрæвæрдтой алы уаты. Искуы йæ чындздзон сынтæгыл сыстырзæрдæ уыдзæн, Уый æнхъæл нæ уыд Дзæлиго, фæлæ, тæригъæд ын ма 7
уæд, сарайы чъылдыммæ ахауди уый дæр. Уым кæрдойы бын лæууы, мæгуырæг, сæрдæй-зымæгæй. Уары йыл, ныкъкъæдзтæ ис хурмæ, ныззылынтæ, фæлæ цы чындæ уа? Гыццыл не сты авд æмæ дыууиссæдз азы. Адæйма- джы куы базæронд кодтой, кæддæры рæсугъд Дзæлиго йы. Уæд уын та сынтæг йедтæмæ ницы у... О, дыууæ сынтæджы та ма айфыццаг кæстæр лæппу горæтæй æрхæццæ кодта. Сæхицæп, куыд дзуры, афтæ- мæй, цавæрдæр æнахъинон хъæдын сынтæджытæ сласта Мæскуыйæ æмæ сæхиуæттæ та — ардæм, нал, дам, фи- дауынц. Цæхæргалгæ æрттивагкъух сынтæджытæ æмæ сæм хъусыс, нал фидауынд. Хуыцау! Хъыг дæм ма фæ- кæсæнт йе ’васт ныхæстæ... Фæлæ чындзытæ сæхи дæр нæ уынынц ныртæккæ. Нæма æрхæццæ сты æмæ та куыстытæ бацалуырдтой сæхицæн. Змæлынц ныр æртьиккаг бон, зилæнтæ кæ- ньыщ сарайы, уæтты, сæ къахы айстыл цæст нæ хæцы. Кæрты æмæ цæхæрадоны алырдæм лыстæг синæгтæ анывæзтой æмæ сыл ногæхсад гæрзтæ райтыдтой. Ми- ты <къæрттæй -ирддæр гæрзтæ. Фадæттæ дæр сси, къу- хæй сæ не ’хсынц миййаг — машинæйæ. Фæлæ маши- нæимæ дæр арæхстджын хъæуы, æмæ алцæмæ дæр арæхсынц Дзæлигойы чындзытæ... Оарайы даргъ стъол вареннæйы банкæтæ æмæ бал- лонтæй нал зыны, уæддæр ма кæхцы дзаг æхсынцъытæ æхсы хистæр чындз къранты бынмæ. Чи сæ хæры? Æн- дæраз кæй сфыхта Дзæлиго, ахæм вареннæтæ дæр ис нырма йæ ныккæнды, фæлæ уадз æмæ уæнт, Ис мæ- луыры хос нæу, фыдтулмæ ма мацы уæд æдзæлладжы тыххæй... Хорз чындзытæ ис Дзæлигойæн, йæ уд сæ фæхъхъау. Йæхæдæг дæр сæ æгайтма æнæхæдзар нæ фажодта, æгайтма кæстæры фæидыл нæ ацыди иуда- дзыг... Цымæ кæрæдзийы зонд кæм бамбариккой ныр йæ æртæ чындзы, иумæ кæм ахъазиккой йæ сывæллæт- тæ — йæ хуры фæрдгуытæ. Æниу, кæд мæрдты исты ис, уæд зæронд та цы загътаид?.. 8
* * * Æнамонд зæронд!.. Иæ былтæ-иу хордта йæ сабиты мæнæ афтæ йæ кæрты æмбырдæй фенынмæ, фæлæ ни- куы сои амал... Йæ амæлæты размæ, цалдæр боны тых- хæй хонинаг сси мидæмæ. Æппынæдзух бадти йæхи конд фæйнæг бадæныл æмæ æнæзмæлгæйæ кæдæмдæр касти. Æвæццæгæн, фæндагмæ, ома, кæд сывæллæттæй исчи тигъæй æрбазынид, зæгъгæ. Нæ, ничи æрбазынди уæд Хæчъаосæйы цотæй, никæй сæ федта фæстаг фондз мæйы уæд та йæ фыны, афтæмæй нал райхъал ис иу райсом... Зын та куыд иæу уæвгæ дæр? Æхсæз сывæл- лоны схъомыл кæн, æрхъæцмæ сыл макуы хъæц, раст фæндæгтыл сæ арвит, гъе, æрмæст сæ фæстаг бон иу дæ разы ма уæд... Цы гæнæн ис? Ахæм у рæстæг, ахæм у цард. Æрмæст Хæчъассæйы цоты нæ байтыдта арвы кæрæтты... Æхсæзæй дæр сахуыр кодтой (æндæр дис нал уыди хъæуы). Æртæ чызджы уайтагъд агурджытæ фæци. Бæргæ, хæстæгдæр сæ юуы цæрид исчи, фæлæ сæ иуæй иннæ дарддæр, цы сæ бон у?.. Уæдæ лæппутæй дæр сæхи хъæуы кусгæ никæмæн рауад. Къуындæг сын у ныр чысыл Мырткæджын, æндæр сты уыданæн сæ фæзилæнтæ, æндæр—сæ авналæнтæ... Хистæр афицер у. Дард бæстæм æй арвыстой æмæ уым кусы ныр ацал- ауал азы. Кæд афæдз иу уад скæны, уæд стыр бæрæг- бон вæййы йæхицæн дæр æмæ бинонтæн дæр... Астæуык- каг та инжеиер у. Уæрæсейы сахуыр кодта æмæ, бæргæ, ацырдæм куы ссыдаид кусынмæ, нæхимæ хæстæг- дæр, фæлæ куы фæци каст, уæд æй уыцы скъолайы ахуыргæнæгæй баурæдтой. Кæстæр лæппу дæр инже- иер. Куы сахуыр кодта, уæд æй Сыбырмæ арвыстой кусынмæ, фæлæ азмæ сыздæхт æмæ ныр нæхи горæты кусы заводы. Цы чындæуа, ахæм у рæстæг... Фæлæ дард уæвгæйæ дæр йæ ныййарджыты рохуа- ты чи ныууадзы, уыдонæй никуы уыдысты Хæчъассæ æмæ Дзæлигойы цот. Се ’ххуысы хай сын кодтой æп- 9
пынæдзух, Хæчъассæ ма-иу мæсты дæр раци, мах би- рæ нæ хъæуы, уæхи та цæрын кæй хъæуы, уый ма рох кæнут, зæгъгæ. Уæдæ ахæм бон никуы уыд, æвæццæгæн, æмæ сæ зæронд кулдуары зыхъхъыры ног газеттимæ фы- стæг дæр ма разына. Кæйдæрты цотау сæхиуыл мæт кæ- нын никуы бауагътой. Уæдæ цæугæ дæр кодтой. Цас ра- уайæнтæ ис кусгæйæ, фæлæ сæ уæддæр искæмæн амал фæуæд, æндæр-иу ам æрбалæууыдысты: чи æхсгæ уад, чи æнæхъæн къуыри. Гъе æрмæст сын иумæ æрцæуыны амал никуы фæци. Никуы сæххæст зæронд фыдыбæл- лиц... Æрмæст йæ ныгæнæн бон æрæмбырд сты. Кæрты йæ куы æрæвæрдтой, уæд йæ чырыны алыварс лæууыды- сты æхсæзæй дæр. Дæлгæмттæ йыл кодтой, згъæлдтой йыл ставд цæссыгтæ, æмæ Дзæлигомæ афтæ каст, цыма ныр сæ фыд байгом кæндзæн йæ цæстытæ, цыма бахуд- дзæн цæуылдæр. Стæй цæстытæ сæхгæндзæн фæстæмæ, фæлæ уыцы мидбылхудт баззайдзæн йæ мæрдвæлурс цæсгомыл... Лæппутæй алкæй дæр фæндыд Хæчъассæ æмæ Дзæ- лигойы сæхимæ аласын. Ома, хъæуккаг цард ницы у. Цоппай дзы бирæ: кæм фосмæ зилын хъæуы, кæм пеци- мæ архайын зымæгон. Горæт та горæт у æмæ сулæфнк- кой, дзыхъхъынногтæ фестиккой уайтагъд, цыма сæ ис- чи нымæтын ехсæй æрцъыкк ласта, афтæ. Фæлæ Хæчъас- сæ ахæм фыд нæ уыд, дæле уæлæмæ уынаффæтæ кæмæн кæной йæ фырттæ. Бахудти кæддæр сæ ныхасыл, дзургæ ницы скодта, фæлæ бамбæрстой лæппутæ, дыккаг хатт уыцы кой кæнын кæй ницы радавдзæн, уый æмæ йæ нал скодтой. Ныр уайтагъд «хæлттæ» æппарыпмæ фесты æр- тæ лæппуйы, мады сæ йæхимæ чи аласдзæн, ууыл, фæлæ сæ Дзæлиго кой дæр нæ бауагъта: — Нæ, мæ хуртæ, нæ. Уæ иумæ дæр нæ цæуып. Ныр- ма ам фезмæлынхъом дæн, мæ зонд нæма цуды, — загъ- та сын æргом æмæ сусæгæй йæ куатæйы фæдджийæ йæ цæссыгтæ асæрфта. Афæдз иунæгæй фæцарди Дзæлиго, 10
хистытæ фæкодта, фæлæ афæдзы фынджыдзаг куы скод- та, уæд æй нал ныууагътой лæппутæ. «Мæнмæ та ма цæмæн æхсайой æниу сæ зæрдæтæ, афтæ дæр гыццыл куынæ сты сæ сагъæстæ», — хъуыды кодта йæхинымæр æмæ кæстæр лæппумæ ацæуыныл сра- зы. Уæлдай та йын цы ис æртæ хъæбулæй, фæлæ кæс- тæр уæддæр нæхи горæты цæры, хæстæгдæр у. Хæдзар искæй бахъæудзæн, нæ, уый дыууæйыл уыди. Цæй хæдзар ма у! Самандур ныллæг къуымтæ. Цартæ базæроид сты, æрлæбырыдысты алырдыгæй. Мырткæ- джыны фыццагдæр Хæчъассæ скодта самандур хæдзар. Иæхи конд дуртæй, йæхи ласт хъæдæрмæгæй. Æмæ ца- вæр хæдзар?! Чи йæм-иу цымыдисæй касти, чи та — хæ- лæггæнгæ, фæлæ раджы уыди уый, ныр рæстæг æндæр у. Алырдыгæй ногконд хæдзæрттæ, агуыридур бæрзонд галуантæ æмæ се ’хсæн нымбæхсти, мæгуыр, Хæчъассæ- йы хæдзар къæмдзæстыгхуызæй. Фæлæ цæрæнбынат — дзæиæт. Æрмæстдæр аргъæутты вæййы ахæм рæсугъд бынæттæ. Хъæдабæ цъæх нæуу... чысыл цæугæдон... бæр- зонд гæдыбæлæстæ... Уæдæ сæ дыргъбæлæстæ дæр цауд- дæр никæй бæлæстæй сты, æппынæдзух уыдонимæ ар- хайдта Хæчъассæ. Нæ, ног хæдзар кæнынмæ чи хъавы, уый хуыздæр бынат не ссардзæн Мырткæджыны, фæуыдзæн æй æлхæнæг, чи зоны, ныр та уал æй æрмæст сæхгæнын хъуыд фидардæр, æнæхъуаджы цæуæг æм цæмæй ма уа, уый тыххæй. Давгæ дзы цы ачындæуа, фæлæ афтæ нæу, уæд та искæй къулбадæг сывæллон бацыд мидæмæ... Дуары зæгæлтæ къуырын куы райдыдтой, уæд Дзæлиго адæргæй йæхи уынгмæ айста, фæлæ уырдæм дæр хъуыст дзæбуджы зæрдæхалæн къупп-къупп æмæ уæд йæ зæр- дæ æрбауынгæг. Хæчъассæйы мардыл дæр уыйас нæ фæ- куыдта, æвæццæгæн... Мæйы размæ радтой кæстæр лæппуйæн агъуыстытæ, Дзæлиго сæ нырма ныр федта. Хъусгæ кодта, горæты аевæджиау цæттæ хæдзæрттæ дæттынц адæмæн, зæгъгæ, фæлæ афтæ бынтон æххæст вæййынц алцыппæтæй, уый //
æнхъæл никуы уыд. Дыууæ райдзаст уаты, æртыккаг хæринаггæнæн, абана, газæй судзгæ пец. Суанг хæри- наггæнæнмæ дæр дон уагъд. Иу дæр нæ, фæлæ дыууæ æрттиваг къранты йæ къулыл. Фездух сæ, уæд дзы иуæй уазал дон æркæлы, иннæмæй — тæвд. Мырткæджыны устытæ та цæрæнбонты дæлбылæй хæссынц дон къæр- таты. Уæвгæ Мырткæджыны дæр фæзынд къранттæ. Суанг ма дзы йæ кæрты чи сарæзта, ахæмтæ дæр ис. Фæлæ уый æрмæст хъæуы астæуыккаг уынджы, Дзæлиго- ты сыхы нæма сты... Дыккаг бон Дзæлигойы сыстынмæ лæппу йæ куыст- мæ ацыди, чындз та уыцы афон сывæллæтты хъал кæнын- мæ фæци. Хистæр чызг сабыр у, мæгуыр, æмбары, фæлæ кæстæр нæ уагъта йæ дзауматæ кæнын. «Не надо! Са- дик не надо»,— зæгъгæ, хæкъуырццæй бирæ фæкуыд- та сывæллон, стæй фæстагмæ æрсабыр ис уый дæр. Чындз талф-тулфæй йæхи арæвдз кодта, стæй кæстæр чызджы йæ хъæбысмæ систа, хистæрæн та йæ къухыл ахæцыд, афтæмæй араст. Дзæлиго куыд бамбæрста, аф- тæмæй уал фыццаг сывæллæтты рæвдауæндонмæ бакæн- дзæн, стæй йæхæдæг йæ куыстмæ ацæудзæн уырдыгæй. Æмæ афтæ алы бон дæр. Дзæлиго иунæгæй куы сфæлмæцы, уæд балкъонмæ рахизы, гыццыл æртыкъа- хыг бандоныл йæхи æруадзы æмæ къухаууонæй бынмæ уынгмæ ныккæсы. Æмызмæлд кæны уынг, адæмæй хъу- лон-мулон дары, æндæр бæлвырддæр дзы ницы равзары. — Кæдæм тындзынц утæппæт дзыллæ? — бадис кæ- ны йæхинымæр, иу хатт ма сæм ныккæсы къухаууонæй æмæ фæстæмæ агъуыстмæ баздæхы. Кæд къæвда бон не скæны, уæд кæртмæ дæр æрхнзы хатгай. Тутайы бын цъæхахуырст бандоны кæроныл æрбады, сывæллæттæ херытыл куыд хъазынц, уымæ бакæсы æмæ фæстæмæ сæхимæ ацæуы. Искуы иу хатт дыууæ йæхи карæн усы æрбаййафы уыцы цъæхахуырст бандоныл бадгæ æмæ уæд бæстæ дæр уый бавæййы. Æрмæст фыдкойтæй йæ уд- хæссæг уыны Дзæлиго, æмæ адон та, æндæр чи ницы зо- 12
ны, ахæм устытæ. Иудадзыг сæ чындзытæй хъаст кæ- нынц дыууæйæ дæр. Къæсхуырдæрæн куырой куыннæ разилы иу хатт йæ тæнæг æфсæртыл, уый диссаг у. Йæ хурхуадындзтæ рацæйтонынц тыхдзырдæй, иу дзырды бар куы никæмæн раттид, уый дæр æй фæфæнды, бæр- гæ, фæлæ иннæ дæр, бынтон йæ дæле чи æрлæууа, ахæ- мы каст нæ кæпы. Æвæдза уал сæхи чындзыты кой фæ- уагътой, уæд та цавæрдæр æрыхъуысæггаг мæнг ха- бæрттæ райдайынц. Æвирхъауы хабæрттæ, йæ сæры хъуын сæ арц сбады Дзæлпгойæп. «...Иу чындз, дам, кæмдæр йе ’фсины дзыккутæй ар- мыдзаг стыдта. Армыдзаг, мæ мæрдтыстæн. Иннæ чындз та, дам, йе ’фсины марынвæнд скодта. Гъа, ныр æм фæлæбура, афтæ, дам, дуары хъæр фæцыди æмæ, дам...» «...Гъы, дæ бонæй уай, æмæ, дам, дæлæ кæмдæр, кæд Хидыхъусы нæ уыди, уæд иæ зонын, иу чындз йе ’фси- ны доны куы цæппæрста. О, мæ хотыстæн, доны. Мæнæ сæ тæккæ ивылдæй куы уыдысты цæугæдæттæ, уыцы заман, дам...» Дзæлиго нпкуы рахъаст кодта йæ чындзæй. Фыдгул ма гыццыл фæныхъуырып дæр мацы зона, кæнæ йе ’вза- гæн хицау ма уа. Æвæдза, уый чындзæй налатдæр нæй дунейыл, зæгъгæ, уæддæр йæ бинойнаджы кой æдде нæ ракæнид. Стæй йыд уæвгæ дæр ницæмæй худы йæ зæр- дæ. Бæргæ, кæрæдзийы æвзаг хуыздæр куы ’мбарнккой. Уырыссаг у чындз, фæлæ йæ фæнды, мæгуыр,.иронау базонын. Æппынæдзух ахуыр кæны нрон дзырдтæ, уæд- дæр дзы дзурыны фаг нæма зоны. Уæдæ Дзæлиго дæр, горæтаг ус кæм сси, уым, бæргæ, куы зонид уырыссагау, фæлæ æдæрсгæ нæ дзуры. Фондз дзырды иронау, иу — уырыссагау, афтæмæй цъæррæмыхстытæп бамбарын кæ- ны чындзæн йæ хъуыды. Иу изæр астæуыккаг лæппу дæр æрбалæууыд йе ’мба- лимæ. Дыууæ боны йедтæмæ сын нæ уыд бафæстиатæн рæстæг, фæлæ куы цыдысты, уæд ныллæууыди лæппу, 13
Мах цард дæр фен ныр та, зæгъгæ, æмæ йæ зæрдæхудты нæ бацыди Дзæлиго. «Æмбæлы. Искуы дæр ма мын ие ’мбæлы, мæ ас- тæуыккаг лæппу куыд цæры, уый фенын»,— хъуыды код- та Дзæлпго фæндагыл. Искуы хæдтæхæджы сбадын ба- уæнддзæн, уый æнхъæл никуы уыд, фæлæ хорз та куын- нæ у. Æртæ сахатмæ арвыкæрон балæууыдысты. Ныр ахуыр уыд Дзæлиго горæтаг цардыл, хатгай-иу æй рох дæр аци, йæ цæрæнбынат та аивта, уый. Раст ахæм æрттивгæ уæттæ, ахæм хæринаггæнæн, ахæм аба- на. Талынг ма вæййы, афтæ сыстынц ам дæр бинонтæ. Лæппу ацæуы йæ куыстмæ, чындз фыццаг хистæр сы- вæллæтты срæвдз кæны скъоламæ, стæй гыццылы рай- дайы хъал кæнын. — Нæ цæуын! Кæдæм мæ кæныс? — скæуы гыццыл лæппу, нæ йæ фæфæнды, мæгуырæг, уыцы афон йæ хъарм хуыссæн ныууадзын. — Нæма йæ зоныс, кæдæм дæ кæнын, уый? Тагъд- дæр, зæгъын... Дæ цъында... Тагъддæр, мæ куыстмæ мын байрæджы, — скæуæгау кæны чындз сахатмæ бакæс- бакæсгæпгæ, фæлæ хуыссæгхъуаг сывæллон ие ’мбары, куыстмæ æрæджы кæнын цы у, уый æмæ та йыл сæумæ- райсом над ауайы. «Цард сын ис уæвгæ дæр, фæлæ дзы фарсыл цы ба- хæца афтæмæй? Сæ алы къахдзæф барст, сæ алы ми- нут нымад. Мах афтæ нæ цардыстæм уыдоны карæ- нæй», — ахъуыды кæны Дзæлиго æмæ æрæмысы йæхи цæрдтытæ. Бæргæ, йæ бон куы уаид æмæ йæ чындзытæй искæй уавæр куы фæрогдæр кæнид, фæлæ сын цастæ у йæ бон. Хæринаг скæны йæ бипонты æрбацыдмæ, къу- сæй-къоппæй сæ бæстон бафснайы, фæлæ, куыд кæсы, афтæмæй уыдон цалдæр минуты куыст йедтæмæ не сты чындзытæн сæхицæн. Афæдз йедтæмæ нæ рацыд, Дзæлигойы Мырткæджы- нæй куы ракодтой ууыл, афтæмæй йæм фынддæс азæй фылдæр фæкасти, бонæй-бон æнкъарддæр кодта... Зы- 14
мæг ма — гъа, фæлæ уалдзæг дæхи мацæуыл аирхæфс зæронд усау. Ма рауай æмæ дæ хъæдындзы хуым ма арув, дæ ногуагъд карчы цъиутыл ма бацин кæн, цæ- рæпбонты кæуыл сахуыр дæ, уыцы сыхаг устытимæ бæ- лæсты бын сатæджы ма абад... Фæлæ цæуыны кой куы скæны, уæд уымæй хъыгдæр ницы ис лæппу æмæ чын- дзæн. Æмæ, æцæг, æвзæр ын ницæмæй уыд, раст зæгъ- гæйæ ам, æрхъæцмæ йыл нæ хъæцыдысты, фæлæ мыг- гагмæ, миййаг, куынæ цæрдзæн, йæ мард ма хауæггаг та цæмæн кæна? Иу райсом та, бинонтæ куы ацыдысты сæ куыстытæм, уæд фыссæн стъолы сæрæй маркæджын къонверт райста, кърандас æмæ гæххæтты гæбаз баца- гуырдта æмæ кæд афтæ дæр иунæг уыд, уæддæр йæхи- уыл уаты дуæрттæ бахгæдта. Кæддæр хæсты размæ Мырткæджыны устытæ дæр ликбезы ахуыр кодтой. Утæппæт устытæй Дзæлигойы хуызæн зæрдæргъæвд ничи разынд. Иутæ дамгъæтæ дæр нæ базыдтой æххæстæй, Дзæлиго та, кæд æдæрсгæ пæ, уæддæр дзы кæсын æмæ фыссыныл сахуыр. Сæ зæронд хæ- дзары-ну йæхиуыл уаты дуæрттæ бахгæдта æмæ-иу цал- дæргай сахæттæ йæхи фыдæбоны хай фæкодта. Куы-иу йæ чызджытæй искæмæ ныффыста фыстæг, куы йæ лæп- путæй, æмæ та райсомы кæс, æмæ Дзæлиго сæумæцъæ- хæй комкоммæ посты асыкмæ фæуайы. Сыхы устытæн хæлæггаг сси уайтагъддæр. Бирæтæ-иу фæкодтой, уæртæ Дзæлигойау чиныджы куы зонин, уæд алы бон фыссин мæ цотмæ, кæд сæхæдæг дæр сæхнуыл æрхудиккой æмæ арæхдæр фыссиккой, зæгъгæ. Æмæ кæд рагæй нал уыд йæ къухы кърандас, уæд- дæр та йæ уыцы зонындзинæдтæй спайда кæнын æр- фæндыд — кæстæр лæппутæм фыстæг ныффыссын сфæнд кодта. Дыууæ стыр дамгъæйы нывгæнæгау хъав- гæ ныффыста, стæй цыдæр ахъуыды кодта æмæ дыу- уæйы дæр сæ астæутыл цæхгæрмæ бахахх кодта. Лæп- пу йæ бамбардзæн иронау, фæлæ чындзæй зæрдæхудт... æмæ уæд уырыссагау райдыдта: 15
Здравствуйти Зилим и Наташа. Ни беспокойтис абратна стретимся ми получили ваша письмо котори мне очин рад была. Я заболел мне воздых плоха врачи мне сказали плоха гырт тебе здесь воздых и гырт абратна езжай и пайду ваш мама Фыстæджы арвыстыл цалдæр боны куы рацыди, уæд кæстæр лæппу удапстæй æрхæццæ ис æмæ йæ раласта сæхимæ. Фæлæ æндæр уыди ныр йæ фæнд Дзæлигойæн. Дыккаг бои та иунæгæй куы аззади хæдзары, уæд йæ тæбын кæлмæрзæн йæ уæхсчытыл æрбаппæрста æмæ кæртмæ æрхызти. Цалдæр къахдзæфы акодта, хæдзары рæбын цы нарæг къахвæндаг цыди, ууыл, стæй йæ ком- коммæ цы саулагъз чызг æрбацæйцыд, уый фæурæдта æмæ йæ афарста, цымæ Мырткæджынмæ автобус кæцæй фæцæуы, мæ къона, зæгъгæ. Хæстæг сæм у стаицæ, уый зыдта раздæр, фæлæ йын афтæ хæрз хæстæг æнхъæл нæ уыдн. — Дæлæ уым цæхгæрмæ бахиз уынгыл. Кæпæ цом, мæхæдæг дæ бахизын кæнон, — загъта чызг æмæ йын йæ цонгыл фæхæцыд, стæй алырдæм ахъахъхъæдта ма- шинæ сæ æрæййафы, æви нæ, уый бæрæггæнæг æмæ йæ уайтагъддæр фæфале кодта. — Ныр ацы уынгыл цу уæлæмæ æмæ дæм галиуыр- дыгæй разындзæн станцæ. Бирæ машинæтæ дзы, дæхи сæ хъахъхъæп æрмæст, — сдзырдта ма чызг цæугæ-цæ- уын æмæ йæхæдæг кæдæмдæр, кæцæй рацыдысты, уы- цырдæм атындзыдта, æвæццæгæн, Дзæлигойы арфæтæ дæр нал сæмбæлдысты йæ хъусыл. Адæм æмæ машинæтæ æмызмæлд кодтой станцæйы уæрæх кæрты, ам дæр та афæрсын хъуыд искæй, уæдæ цы, фæлæ цыма чидæр «Дзæлиго», зæгъгæ, сдзырдта, уыцы минут. О, бæлвырд цавæрдæр зонгæ хъæлæс, сыл- гонмаджы хъæлæс... Фæстæрдæм фæзылди Дзæлпго 16
æмæ дын Мерет... Соситы Мерет — йæ уарзондæр сы- хаг. Дыууæйæ дæр сæ цæстытæ доны разылдтой, афтæ- мæй кæрæдзиул цинтæ кæнынмæ фесты. Бирæты аргъ- иу уыд сæ иу дымгæмæ абадт дæр изæрыгæтты. Минут æнæ кæрæдзн нæ лæууыдысты, цæрæнбон сæм зул дзы- хы ныхас нпкуы рауад, афтæмæй ныр афæдз кæрæдзн- йы нал федтой. Куыд рабæрæг, афтæмæй Мерет дæр сæ- химæ цæуæг уыди, Мырткæджынмæ. Знон суадысты йæ чызгимæ. Чызг уал бафæстпат уыдзæн горæты, фæлæ Меретæн кæм ис лæууæптæ, йæ хæдзар иунæг. — Æз дæр... Мæ хæдзары къуым, зæгъын, абæрæг кæнон, йæ фенд дæр зæрдæниз у, æндæр цы у, фæлæ...— йæ цыды сæр бамбарын кодта Дзæлиго дæр æмæ та йæ къухмæрзæны кæронæй йæ цæссыгтæ асæрфта. Æмæ æцæг, зæрдæ рысти Дзæлиготы хæдзары уын- дæй. Ахæм зæронд къултæ сæ зылды руаджы фæлæу- уыпц уырдыг. Дзæлиго сыл æппынæдзух йæ арм дардта: сыджыт кæнæ сæ чъыр цух никуы ныууагъта зæронд уæвгæйæ, фæлæ ныр. Афæдз æй нал сæрдæг ис, нал æфс- найæг æмæ цæмæ ’рцыди. Йæ фундаменты сæрстытæ дынджыр фæхсытæй рахæудтытæ сты. Йæ цары хъай- вантæ бынтон æртасыдысты. Ныр ныккæлон, уæд нык- кæлон кæны. Кæрт та, кæрт!.. Хæчъассæйы хæрззылд кæрты пысыра астæуæн фæуæлдæр. Дыууæ цъæх хæрæ- джы йæ бæстастæу слæууыдысты æмæ цыдæртæ стон- стон кæнынц зæххæй. — Акæс-ма. Кæуылты бацыдысты? — цыма йæ разы исчи уыд, уыйау тарстхуызæй фæкодта Дзæлиго æмæ тæнтъихæг фæйнæг быруйы сæрты сыджыты къуыбар бахста. Змæлгæ дæр нæ фæкодтой хæрджытæ. Æвæццæ- гæн, Дзæлигойæ хиондæр сысты ам. Дыккаг бон ской кодта Дзæлиго йæ фæндон. — Нæ хæдзары къуыммæ уал, зæгъын, куы ныккæ- син. Цатырты ма ацæуынц сæрдыгон... Иу-дыууæ хуымы гæппæлы дæр скæнин нæ цæхæрадоны, афæдз мын къул- бадæг усы цардæи æгъгъæд. ы
Лæппумæ диссагау фæкастысты уыцы ныхæстæ, фæ- лæ уæддæр хуыцаубоы райсом рог машинæ æрбакодта æмæ æгас бинонтæй абалц кодтой Мырткæджынмæ. Рухсы цъыртт ма бакалд кæдæй-уæдæй зæронд хæ- дзары рудзгуытæй. Дзæлиго раст ныры хуызæн уæлгом- мæ хуыссыди уæддæр зæронд тъахтиныл æмæ цыма ху- ры тып уаты астæумæ нæ, фæлæ суангдæр йæ зæрдæмæ хызти, афтæ йæм каст цæмæндæр. Мыстытæ дугъон бæх- тæ фестадысты йæ сæрмæ, рыгтæ йыл-иу æрызгъæлдтой цары зыхъхъыртæй, фæлæ худти уæддæр йæ мидбылты, æнцонæн улæфыди, гом рудзгуытæй æнуд уатмæ чи быр- ста, ногдзыд кæрдæджы уыцы адджын тæф... Ног хæдзары кой нæ уагъта скæнын Дзæлиго. «Цы- тæ дзурут? Кæмæп æй кæнут? Æз уын йе сцæттæмæ цæргæ дæр куынæ фæкæндзынæн», — дисы бын-иу фæ- кодта йæ цоты. Фæлæ сæрды дыууæ кæстæр лæппуйы куы ’рцыдысты сæ куыстытæй уæгъд рæстæг, уæд нал байхъуыстой сæ мадмæ. Æртæ бонмæ зæроид хæдзары размæ уынджы был февзæрд ног бæрзонд фундамент. Тын нывæндæгау райдыдтой кæртмæ уæзласæн машинæ- тæ: чи сæ чъыр ласта, чи — хуыры змæст, чи — агуыри- дуртæ. Зын йæ бавналын у алцæмæн дæр. Зымæгмæ цæ- рынмæ бæзгæ сси Дзæлигойы ног хæдзар. Хæдзар нæ — авджын къус. Уæрæх цыппар уаты, райдзаст тыргъ. Дои бауагътой хæринаггæнæнмæ. Иу кърант дæр нæ, фæлæ дыууæ. Газæй судзгæ пец дзы æрæвæрдтой. Абана... Цы- ма сæ йæ фыны уыдта, Дзæлигомæ афтæ касти фыццаг, стæй йæ цæстытæ доны разылдта æмæ загъта: «Уæ фыд ма сæ цæстæй уæддæр куы федтаид, стæй уыцы бон куы амардаид!» * * * Æмызмæлд кæнынц хæрзæфснайд кæрты Дзæлигойы сывæллæттæ — йæ хуры фæрдгуытæ. Æртæ лæппуйы цот, йæ хæрæфырттæ... Кæсы сæм Дзæлиго æмæ худы йæ мидбылты. Фыдгулæн зæронды бон ма уæд, кæй 18
фæстæ акæса, ахæмтæ. Уæдæ ницысуинаджы каст сæ иу дæр нæ кæны. Хуыцауæй бузныг, хæдзары сывæллæт- тæ сты. (Зæронд дæр, æвæццæгæн, афтæ зæгъид). Æгайтма сæхи æвзагыл дзурынц. Уырыссагау базон- дзысты кæддæриддæр. Ау, Уæрæсейы горæтты куы цæ- рынц. Æниу, ныртæккæ дæр зонынц, кæй зæгъын æй хъæ- уы, æрмæст сæ Дзæлигойы раз ничима срæдыд иу уырыс- саг дзырд. Хистæр лæппуйы фаззæттæ сывæллæттæ нал сты, уæлдæр скъолаты ахуыр кæнынц. Æмæ, хуыцауæй бузныг, кæстæртæ сæ цæмæй бафæзмой, уыцы хорздзи- нæдтæ сæм ис. Фыццаг хатт сæфтыдысты Ирыстонмæ, фæлæ цыма раст Мырткæджыны схъомыл сты, цыма фæрæт æмæ дзæбуг сæ къухæй никуы фæцух сты, афтæ арæхстджын у сæ февнæлд. Кусæн дзауматæ скодтой æмæ минут æнцой нæ зонынц: куы цæхæрадоны бырутæ æмпъузынц, куы сугтæ сæттынц æмæ сæ сугдоны ама- йынц сæ Дзыццайæн зымæгмæ. Дзæлиго сын тæригъæд кæны, дыууæ боны ссыдыс- ты сæ фæллад уадзынмæ, æмæ дын уый фæлладуагъд. Фæлæ йын иннæмæй та æхсызгон у. Кæстæртæ уыдонмæ кæсынц ныр æмæ фыдгулы лæппу та кусын ма бауар- зæд, лæг дзы нæ рацæудзæн. Хуыцау бахизæд ныртæк- кæйы къуыдиппытæй... Уæдæ чызджытæ дæр æвзæры каст нæ кæнынц. Æфсарм сæм ис, алцæмæ дæр арæх- сынц. Хæрз кæстæртæ æнæмæт сты нырма. Ратæх-батæх кæнынц хъæлдзæгæй Дзæлигойы алыварс. Дыууæ гыц- цыл чызджы йæ разæй нæ цæуынц æппындæр. Диссаг у. Алкæмæн йе ’мгар хæстæгдæр цæмæн у йæ зæрдæмæ? Ацы дыууæ хæрз æмгæрттæ сты. Цыппурсæй фондз бо- ны куы рацыд, уæд райгуырди дæлæ уыцы бур хæйрæг — йæ чызджы чызг. Ноджы ма къуыри куы рацыди, уæд та иннæ — кæстæр лæппуйы чызг. Зымæджы сæ фæндзгай азтæ сæ уæлæмæ бахиздзысты, æндæр сыл цы Цæуы? Фæлæ цы нæ æмбарынц, иу ахæм сын нал ис. Иу Дзы йæ мады хуызæн дохтыр куы’ суаид, уымæ бæллы. 19
Кæйдæр урс кофтæ та скодта фæстæрдæм, афтæмæй æнæсудзин уколгæнæнимæ рауай-бауай кæны уæдæй нырмæ. Бæргæ, исчи йæ куы бауадзид йæхицæн «укол скæнын», фæлæ никæй фæнды æмæ та уæд Дзыццамæ фæвæпйы: — Стæ-ма, мæ къона, куы ницы мæ риссы, — суры йæ Дзыцца дæр. — Риссы. Иухатт дæ сæгъ нæ ныццавта? Иннæ чызг йæ сæрыл зестын къопп сæвæрдта, урс хисæрфæн ыл æрытыдта æмæ Дзæлигойы зæронд фæн- дыр раиваз-баиваз кæны. — Дзыцца! Цавæр цагъд кæпын? — Ханты цагъд. — Цавæр?.. Ханты?.. — днсхуызæй фæрсы дыккаг хатт Дзыццайы æмæ цæгъды ногæй.
Сызгъæрин цъарджын къафет Иугæр-иу зæронд Гацыр нæ кæрты фæзынди æмæ мах искæцæй ауыдта, афтæ-иу йæ хъæр фæразæй: — Разгъорут-ма! Тагъддæр! Тагъд- дæр!.. Мах ыл-иу Тасоимæ нæхи уыцыиу æппæрст бакодтам. Уый-иу нæм æр- гуыбыр кодта, нæ дзыккутыл нын-иу йæ дæрзæг къух æрхаста æмæ та нæ-иу ногæй бафарста: — Цæй, кæдæм ацыд, зæгъут, баба? — Хæстмæ. Гиты марынмæ, — уайтагъд-иу фæкодта Тасо. — Æмæ цы схæсдзæн, загътай? — Гиты хъус. — Ныр та-иу æз фæцарæхстæн, миййаг, та Тасо куы фæразæй уа, уый тæссæй. Зæронд Гацырæн-иу худæджы хос фæци мæ ныхас. Афтæ тынг-иу худти, æмæ-иу суанг йæ тамакойæ арыд боцъо дæр сгæпп-æргæпп райдыдта. Мах та Тасоимæ фы- дуаг сæыыччытæй уæлдай нæ уыдыстæм: цъил-иу феста- дыстæм йæ алыварс æмæ йын æнæсцухæй бакæс-бакæс кодтам йæ дзыппытæм. Æмæ æцæгдæр... Иæ дзыпмæ-иу цæвнæлдта уалынмæ, æнæмæнг дзы-иу исты фелвæста аемæ нын-иу æй Тасоимæ æмхуызон адих кодта. Куы-иу фæткъуытæ уыдаиккой, куы æнгузтæ, куы та суанг ад- Джинæгтæ дæр. О, о!.. Æцæг адджинæгтæ арæхдæр — сæ- 21
кæры къæрттытæ, искуы-иу хат1г та «карамел» къафеттæ, Æз-иу мæ хай уайтагъд мæ къабайы дзыппы атьыс- тон æмæ згъоргæ нæхимæ— Гыццийæн æвдисынмæ. Фæ- лæ-иу Тасо цæстыфæныкъуылдмæ йæхион аныхъуырдта, æмæ ма-пу йæ былтæ сдæргæ мæионмæ æрбакæс-æрба- кæс кодта. Тынг сахуыр стæм зæронд Гацырыл æмæ, æвæдза, иу бон дæр нæ фæзынд, уæд-иу ерыс кæнын райдыдтам: — Æз зонын, цы ’рбахæсдзæни, уый, — Цы? Цæй-ма? — Карамелтæ. — Нагъ! Æнгузтæ! — Карахмелтæ! Карамелтæ!.. — Æнгузтæ! Æигузтæ!.. Фæлæ-иу уæдмæ Гыцци рахъæр кодта кæцæйдæр: — Æгъгъæд у! Мæ сæр риссы... Ай-гъай, Гыцци нæ зыдта, зæронд Гацыр цавæр уыдис, уый. Уынгæ дæр æй иунæг хатт йедтæмæ нæ фæкодта. Хъуыды ма кæнын уыцы бон. Тæвд бон та уыд æмæ мах ф|æткъуы бæласы бын сатæджы бадтыстæм æртæйæ дæр. Зæронд Гацыр нæ йæ дæлæрмтты бакодта æмæ та нын гæды рувасы аргъау кодта. Тынг худæджы рувас... Æмæ мах Тасоимæ худтыстæм æмæ худтыстæм... Гыццийы æр- бацыд дæр уымæн нæ базыдтам. Уый та æрбацыди æмæ дын афтæ: — Тухæнæй дæ марынц. Бахатыр кæн, дæ хорзæхæй! Гацыр фыццаг нæ бамбæрста ныхас, стæй дисхуызæй Гыццимæ бакаст, йæ мидбылты бахудти æмæ загъта: — Оо-о!.. Дæу сты, дæу? Цæмæн зæгъыс? Дзæбæх сывæллæттæ сты, бауырнæд дæ, тынг дзæбæх. — Стæй мах афарста, кæм æрлæууыди, уымæй æмæ дарддæр кæ- нын райдыдта гæды рувасы аргъау... Бирæ рæстæг куы никæцæйуал зынди зæроид Гацыр, уæд мах Гыццийы цæрын нал уагътам: — Æмæ цæуылнæуал вæййы кæрты? И? — Æмæ никуыуал æрцæудзæн? И?.. 22
— Куыннæ, куыннæ? æрцæудзæн та,— зæрдæтæ нын-иу авæрдта Гыцци, афтæмæй кæцырдыгæй цæры, уый дæр нæ зыдта. Нæ сых ыстыр у. Цæрджытæ дзы бирæ. Тасоимæ бонæй-бон æикъарддæр кодтам: сæрд анв- гъуыдта, зымæг ралæууыд, фæлæ Гацыр никæцæй зынди. Иу бон кæрты дæллаг къуыммæ ацыдыстæм, æмæ, стыр лæппутæ цы митын лæг скодтой, уымæ æдзынæг ныккас- тыстæм. Митын лæг йæ дынджыр фындзимæ фыдуынд æмæ худæг уыди. Тасоимæ схъæлдзæг стæм. Уалынмæ дын Тасо фесхъиудта æмæ йæ цыма исты асыгъта, уы- йау йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта: — Уауу! Гацыр! — йæхæдæг фæстæрдæм фæзылди æмæ кулдуарырдæм азгъордта. Æз—йæ фæдыл... Тасо- йы фæстæ никуы баззадтæн, фæлæ мæ ацы хатт мæ дын- джыр валинкæтæ хъыгдардтой. Гыццыл куы азгъорд- тон, уæд мæ иу къах иннæуыл окъуырдтон æмæ иуварс- мæ асхъиудтон. Мæ кæуын ныуурæдтон, фæлæ цалынмæ ракæс-бакæс кодтон, исчи мæ федта кæддæра, æви нæ, зæгъгæ, уæдмæ Тасо адарди бынтондæр. Афтæ цалдæр хатты фæкалдтæн, цалдæр хатты сыстадтæн, фæлæ згъордтон уæддæр размæ. Мæнæ æппынфæстаг Гацыр... Йæ сæрыл сау цæрмын худ, йæ хъуырыл зæронд чырын- тæ хъуырбæттæн цалдæр тыхты. Æз æм бынтон куы бав- вахс дæн, уæд йе ’рттиваг лæдзæгыл тынгдæр æрæнцой кодта, æвæццæгæн, куыннæ фæцуда, мæхи йыл куы бап- парон, уæд, æмæ афтæ зæгъы: — Фæрынчын дæн, мæ чызг, фæрынчын... Тасо лæууыди гыццыл фалдæр æмæ йæм æз куы ба- кастæн, уæд йæ иу къух хæрдмæ сдардта æмæ йæ мæс- тæймарæгау батылдта. Мæ цæстытæ атартæ сты: йæ иу къухы цавæрдæр æнахуыр къафет æрдæгхæрдæй. Кара- мелтæй нæ уыдн, фæлæ æндæрхуызои — тарморæ... Иæ иннæ къухы та тыбар-тыбур кодта къæркъæраг гæххæтт. Æрттиваг гæххæтт — «сызгъæрин» дæндæгтæ кæмæй фæ- кæнынц, ахæм. Тыххæй ма дзы ратыдтон мæ цæстæнгас. 29
мæ былтæ кæрæдзимæ балхъывтон, афтæмæй удаистæй зæронд Гацырмæ бакастæн. Фæлæ уый ацы хатт цæмæн- дæр нæ тагъд кодта йæ къух йæ дзыппы атъыссынмæ, æрмæст сагъдауæй лæууыд йæ лæдзæджы æнцой æмæ джихæй кæдæмдæр касти. Стæй мæ разы бæласы салд кæлддзагыл æрбадти, иу къухæй мæ æрбахъæбыс кодта æмæ фæсус хъæлæсæй загъта: — Дæуæн та, мæ чызг, иннæ хатт... Ныр бамбæрстон хъуыддаг — ома, æндæр нал ис, ома, иунæг къафет уыд... Иу хатт ма бакастæн Тасомæ, иу хатт та зæронд Гацырмæ æмæ уыйадыл ныцъцъæхахст ластон. Зæронд Гацыр ма мæ сабыртæ кодта, фæлæ ни- цы сси йæ бон... Тасо та уæдмæ морæ къафет аныхъуырд- та, бынтон, стæй мын «сызгъæрин» гæххæттæй дæр нæ радта... Иннæ хатт зæронд Гацыр нал æрбацыд. Уымæй фæс- тæмæ йæ иу хатт дæр нал федтам Тасоимæ, фæлæ ахæм бон нæ вæййы æмæ йæ ма æрæмысæм... Тасо арæхдæр кæны йæ кой. Æз та афтæ: райдайын, стæй «сызгъæрин» цъарджын къафет мæ зæрдыл æрбалæууы, мæ былтæ кæрæдзиуыл авæрын, куыпнæ скæуон афтæ, æмæ — иу- пæг ныхас дæр нал...
«Æниу Тауырзæты чызг...» Фæззыгон уымæл райсом. Хурсыгъд кæрдæгыл æрттывдтытæ калы æв- зистхуыз æртæх. Арвыл æнæцагъд къуымбилы рæдзæгъдтæй тулынц мигъы егъау къуыбылæйттæ. Сæхи æрбасæрфынц хурыл, æмæ та уый дæр æвæндонæй сæ фæстæ æрныгъуылы. Афтæ рафæлив-бафæлив фæкæ- ны ацы заман алы райсом дæр, фаа- лæ фæстæдæр раирд вæййы. Чи зоны, æмæ та ныр дæр хорз бон скæндзæн. Стыр цъæхахуырст автобус уайы фæтæы фæндагыл. Йæ фæйнæ фарс уæрæх айтыгъдысты колхозы быдыртæ. Диссаг! Хæрз æрæджы ма ам фæйлыдтой хоры æнæ- кæрон денджызтæ. Ныр дзы æрмæст ранæй-рæтты зы- нынц, хъæллæгътæм кæй баскъæрдтой, ахæм хæрзхаст стуртæ. Куыстхуыз æмæ парахат вæййы ацафон æппæт дæр. Æнæвдæлон у æрдз йæхæдæг дæр. Зыр-зыр кæнынц, змæлынц дымгæмæ хæрисы лыстæг къалиутæ. Гæдыбæ- лас афтæ хæлофæй згъалы йæ фæстаг бур сыфтæ, æмæ Дзы, æвæццæгæн, изæрмæ иу дæр йæ уæлæ нал аззай- Дзæн. Абоны йас адæм никуыма ласта автобус районы арт- Дзæстмæ. 25
— Сызгъæрин рæстæг хæссы, æцдæр кæд бафснайд- таиккам уыцы хоры зæйтæ,— дзуры зæронд колхозои Дзаххо, рудзынгæй æддæмæ кæсгæйæ. — Ацы студенттæ дæр та нын стыр æххуыс бакодтой, мæ уд сæ фæхъхъау,— йæ ныхас ын айста Бечмырзæ. Бузныг сты иууылдæр сæ азы æнтыстдзинæдтæй. Сæ колхоз районы фыццаг быпат æрцахста. Радиойæ дæр æндæр кой нал ис. Раззаг бадæныл, рудзынджырдыгæй бады саулагъз ацæргæ ус. Иунæг бакастæй дæр бæрæг у: царды уæз тыхзæронд кæй бакæны, ахæм сылгоймаг. Бады Тауырзæт æнæдзургæйæ. Хатгай дыууæ къу- хæй февналы йæ хъулон сæрбæттæнмæ. Дæлдæр æй фæ- бырын кæны ныхырдыгæй. Урс дадалитæ та йын йæ бы- ны атъыссы. Стыр æхсызгонæн хъусы сæ колхозы хорзы койтæм. Кæд фæстаг азты йæ сæрæн нал кæны, уæддæр дзы уы- мæй размæ зæрдиагæй фæкуыста. Цæй фæдыл нæ рауадис ныхас фæндаггæттæм. Æрхъуыды кодтой хæсты азты мæгуыр бонтæ, уый- фæстæйы тыхст цæрдтытæ. Æнæвзæрст не сты, миййаг, æппæт уыдæттæ Тауыр- зæтæн дæр. Йæ цардæмбал Темысо хæстмæ куы цыдис, уæд йæ чызг Изетæйыл æрмæст афæдз цыд, Батрадз та гуыбыны баззад. Зондджын æмæ тæнзæрдæ адæймаг уыдис Темысо. Йæхавдæг кæд арты цæхæры сыгъдис, уæддæр тынгдæр йæ бпнонты мæт кодта. Тауырзæт ын хорз зыдта йæ зæрдæйы конд æмæ йæм тыхст хабар никуы арвыста. Немыц сын сæ хæдзарыл арт куы бандзæрстой æмæ йæ дыууæ æнахъом сабиимæ уынджы куы баззад, уæддæр Темысомæ ныффыста, мах дзæбæх стæм, дæ зæрдæ нæм ма ’хсайæд, зæгъгæ. Æрмæст фæстæ-мæ дзуапп нал райста йæ писмойæн æмæ уæдæй фæстæмæ райдыдтой йæ хъизæмæрттæ. Ни- чиуал баззад æгас йæ цæгатæй, йæ хæстæджытæй, йæ 26
къабæзтæй дæр. Цæссыгтæй йæхи æхсадта æхсæвæй-бо- нæй. Фæлæ диссаг! йæхæдæг дæр æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ цавæрдæр ныфс бацыд йæ зæрдæйы. Йæ размæ æидæргау уыдта стыр хæс — дыууæ æнахъом сабийы адæмы рæнхъмæ ракæнын. Хæст банцад. Згъордтой бонтæ... Гыццылгай фæстæмæ рæзыдис, немыц хынджылæггаг кæмæй сарæзтой, уыцы хъæу. Арæзтой кæм скъола, кæм рынчындон, кæм дукани. Хъæуы цæрджытæй чи ног хæ- дзар скодта, чи та йæхионмæ базылд. Фæлæ Тауырзæты къухы уыдæттæ кæцæй бафтыдаик- кой?! Сæхи хæдзарæй ма цы хæлддзæгтæ аирвæзт, уыдо- нæй иу зæхбын къуым барæвдзытæ кодта æмæ уым цæр- гæ баззадысты абоны онг дæр. Мæ сывæллæттæ дарæс æмæ хæринагæй хæлæг макæ- мæ кæной, сæ ахуыр ма фæкъуылымпы уа, зæгъгæ, йæ уд йæ уæлдай скодта уал æмæ уал азы. Ныр, раздæры зынвадат царды хабæрттæм хъусгæйæ йæ цæстытыл ауа- дис ахæм ныв. Йе ’вгтæ бæзджын нывæфтыд их кæмæн бамбæрзта, ахæм æнæмбæрзæн рудзынг. Йæ разы ныллæг стъолыл зæронд хуийæн машинæ æвæрд. Къулыл стыр згæ зæгæ- лæй цы консервы къопп фидаргонд ис, уымæн та йæ хуылфы, мæнæ ныртæккæ устыты зæрдыл чи ’рлæууыд, ахæм цырагъ — духийы авджы мидæг фæтæгены цъыртт. Авджы хъуырæй фителы бæсты зыны здыхт бæмбæг. Бæмбæджы цъупп судзы. йæ чысыл æвзагæй пиллон уа- дзы æмæ йæ фæстæ къул милæй ахоры. Уыцы «мæрдты рухсмæ» бадтис зымæгон даргъ æх- сæвты бонырдæммæ. Ие ’ргъæвст къухтæй зылдта зæ- ронд хуийæн машинæйы цалх. Йæ тыхстæй-иу истытæ ахуыдта сыхæгтæн, хæстæ- ДЖытæн дæр. Чи йын дзы-иу ссады къус авæрдта, чи иу-дыууæ суджы муры, чи та æппындæр ницы... Ус афтæ 27
быноз афардæг уыцы хъуыдыты тары æмæ йæ алы- варс ныхас цæуыл цыдис, уый нал бамбæрста. — ...Æниу Тауырзæты чызг?.. Уды къæртг...— Ус фестъæлфыди кæйдæр ныхасæй. Иæ хъус бадарта ныхас- гæнджытæм. Хистæртæ та æппæлыдысты сæ хъæуы фæсивæдæй. Бирæ дзæбæх чызджытæ æмæ лæппутæ рахъомыл хъæуы. Уыцы дзæбæхтимæ æнæмæнг вæййы Тауырзæты чызг Изетæ дæр. Сæхи хъæуы дохтырæй кусы. Æнæзивæг æмæ йæ арæхстджын кусæгæй зонынц хъæуы цæрджытæ æмæ дзы уый тыххæй стыр бузныг сты. Бирæ та дзы феппæлыдысты ныр дæр. Дыууæ ставд цæссыджы æрфæд кодтой йæ ихсыд уа- дултыл Тауырзæтæн. Цæмæи, уый йæхæдæг дæр нæ бам- бæрста. Чи зоны, фырцинæй, чи зоны, йæ зæрдыл æр- лæууыд, æппынæдзух йæ чысыл чызджы стырæй фенын- ’мæ чи бæллыд, уыцы Темысо. Афтæ ма-иу йæ зæрдæ æрбауынгæг кæддæр скъола- йы, ныййарджыты æмбырдты йын-иу ахуыргæнджытæ йæ сывæллæтты хорз ахуырæй куы æппæлыдысты, уæд. Раджы уыдис уый. Ныр Изетæ æртæ азы размæ каст фæцис институт. Батрадзы та ма афæдз хъæуы. — ...Сæ фадæттæ дæр хорз сты, сæ фадæттæ. Цард сын бантысæд, — цыдис ма дарддæр дæр фæсивæды кой. — Уæддæр ма сын цыдæр нæ фаг кæны, — райхъуыс- тис ахуыргæнæг Залиханы к’арз ныхас. Уый ахæм хъæ- лæсы уагæй фæдзуры, истæуыл йæ зæрдæ куы фæхуды, æрмæст уæд. Иууылдæр фæхъус сты. Æвæццæгæн, бамбæрстой За- лиханы æмæ сæхинымæр йемæ сразы сты. — Дæлæ Мамсыры чызг æцæг рацыд йæ цæгатмæ?— æвпппайды афарста устытæй чидæр. — О... Æмæ та æниу Муссæйы чындз нæ афар- дæг?! — райхъуыстис æндæрырдыгæй. — Уый та афонмæ фæстæмæ дæр æрбафардæг! — нал æм фæлæууыд иннæ. 28
Æвæццæгæн, амæй размæ йæ хъусыл кæмæн ыæма ’рцыдысты дыууæ хъуыддаджы дæр, ахæм устытæ ба- уьыг кодтой. — Йарæбын, цæй аххос у се ’ппæтæн? ракæс нæ фæ- сивæдмæ — æмæ зæды къалиутæ. Уæдæ зæрæдтæ дæр уыйбæрц фыддзæрин куы уаиккой, уæд нырмæ дæр нæ хъусыл цыдаид,— загъта та хистæр нæлгоймæгтæй чи- дæр. Æнæдзургæйæ йæ урс сæр ныттылдта зæронд Дзаххо. Исдугмæ сыбыртт никæмæйуал райхъуыст: чи рудзып- гæй кæдæмдæр джихæй касти, чи кæдæмдæр гуыв-гуыв хъæрмæ ныхъхъуыста, чи та цæлх.ыты уынæрмæ. Се ’ппæт цæуыл хъуыды кодтой, чи зоны, зын зæгъæн у уый, фæлæ Тауырзæты цæстытыл цæмæндæр ауад йæ- хи рæсугъд чызг Изетæ. Бирæ хорз курджытæ йæ ис, фæлæ, хъуыддаг иуда- дзыг Тауырзæтæй кæнгæ куы уаид, уæд æй, æвæццæгæн, уый æндæр бинонтæн цæрынмæ ауадзыныл никуы сразы уаид!.. Цæмæн, ууыл та ныр йедтæмæ никуы ахъуыды кодта. Стыр куывд скодта æртæ азы размæ, йæ чызг институт каст кæй фæцис, уый тыххæй. Уæлдай цинаг та уыдис, сæхи хъæуы кусгæ йын кæй рауад æмæ йæ разы кæй уы- дзæн, уый. Æрмæст Изетæйæн йæхи зæрдæмæ нæ фæцыд уыцы хъуыддаг. Ныр дæр æппынæдзух бустæ кæны. Уый тых- хæй, дам, сахуыр кодтон, æмæ ницæййаг хъæуы цæ- рон?.. Афтæмæй горæтмæ дыууæрдæм кæны. Абон дæр та ацыдис йæхицæн къабатæ хуийын кæнынмæ. Тауырзæты зæрдæмæ нæ цæуы, бæргæ, алыбон æнæ- хъæугæ къабатæ, туфлитæ, къухдарæнтæ æмæ æндæр зынаргъ дзауматæ кæй æлхæны, уый. Йæ цæст ын алцы- Дæр уарзы, фæлæ йæ уыйбæрц цæмæн хъæуы? Дыккаг бон сыл куынæуал фервæссы... Нæ цæуы мады зæрдæмæ, йæ рæсугъд хæмпус сæры- 29
хъуынтæй хъазинаг кæй сарæзта, уый дæр. Куы сæ урс сахоры, куы сау, куы та суанг сырхбын дæр. йæ ныхты ахуырст куы ссæуа, уымæй тæрсгæйæ къух æппын ницæмæ кæны хæдзары. Гъе, æппæт уыдæттæй алкæцы дæр уазал дурау ных- хауы мады зæрдæйы. Иу урс хил ын бафтауы йæ сæры- хъуынтыл. Æрмæст зæгъгæ ницы фæкæны мад. Сдзырд нæй æппындæр йæ чызгмæ... Тауырзæт, кæд бынтон æнæниз нал у, уæддæр нырма сæрæн у. Афтæ нæ зæгъы, æмæ Изетæйы æккой сæвæра йæ хæдзар. Фæлæ цæй хъæбæрзæрдæ у йæ чызг! Нырма йæм сом никуы радта йæ мыздæй. Уыцы ницæййаг дзау- матыл сæ фæвæййы. Афтæмæй Тауырзæт та Батрадзы æрцыдмæ тыхамалы капеччытæ æмбырд кæныы бай- дайы. Абон дæр та æруайдзæн, уый зоны æмæ мæнæ цыдæр муртæ базармæ уæймæ ласы. Ныккасти та, йæ къæхты цур цы зæронд хъæзбыд ис, уымæ. Бирæ алыхуызон тыхтæттæй уæлдай ма дзы уæлæмæ зынынц карк æмæ уасæджы сæртæ дæр. Дыууæ дæр сæ дзыхтæ ныххæлиу кодтой æмæ тых- улæфт кæнынц. Иуæй автобусы æнуд уæлдæфæй тых- сынц, иннæмæй та сæ картофтæ æмæ хъæбæр цыхтытæ æгæр ныцъцъист кодтой. Тæригъæд сын фæкодта Тауырзæт. Цыдæр тæригъæд- даг фæкастис йæхæдæг дæр ацы хатт йæхимæ. Иæ цæссыгтæ æнæбары æрызгъордтой йæ дарæсыл. Ацы цъæх кæсæмир къаба йын, сывæллæттæ ма гыццыл- тæ куы уыдысты, уæдæй нырмæ лæууы. Фыривдæй сбур- бын ис. Иæ уд ма удыл тыххæй хæцы. Иæ къæхтыл ставд-зæвæтджын хъæбæр туфлитæ. Рагæй нал дарынц ахæмтæ дæр адæм. Фæлæ цы кæна Тауырзæт? Никуыма йæ равдæлдис йæхимæ. Адон нырма йæ райс-бавæрды да- рæс сты. Æрмæст сæ искæдæм цæугæйæ акæны. Æниу йæ бирæ æгьуыссæг æхсæвты, йæ бирæ фыдæбæтты фæс- 30
тиуæг Изетæйы йæхи койæ наама равдæлд уыцы къаба æмæ туфлитæм... Ногæй та йæ цæстыты раз февзæрдис, йæ дохтыр чызг абон горæтмæ цæугæйæ куыд уыдис, афтæмæй: йæ уæлæ уæрджытæй дзæвгар уæлдæр зынаргъ пæлæз. Йæ къæхтыл лыстæгзæвæт урс къуындæг туфлитæ. Зынгхуыз ахуырст сæрыхъуынтæй размæ чи æркалд, уыдон бын- тондæр бамбæрзтой ных æмæ æрфгуытæ... «Цавæр æфсины бон бауыдзæн уымæ фæкæсын? Куы- нæ ацæуа искуы иæ цард!» — бакатай кодта Тауырзæты зæрдæ. Фæлæ æваст фæтæрсæгау кодта йæ хъуыдытæй. Диссаг! Цæмæн сцæнд сты æппæт уыдæттæ мады ал- цыбараг зæрдæйы? Цæмæн ныххæцыдысты ичъийау йæ сæры магъзыл? Цæуылнæуал комынц асурын?.. Цавæрдæр сусæг тасы æппары Тауырзæты цæлхыты уæзбын гуыв-гуыв. Æдде та фæззыгон дьимгæмæ здыхтытæй тæхынц ака- цийы хус сыфтæ. Мигътæ раздæрау хъыгдарынц хуры. Нæ йæ уадзынц йæ цæсты дзапæй ракæсын...
Контролон диктант Фыццаг хатт байгом, йæ зымæгон æх- гæдæй чи ныннæрсти, уыцы ру- дзынг... Уæрæх къласмæ зыдæй æр- багуылф кодта уалдзæг. Æрбахаста æхсынцъыйы дидинджыты адджын тæф. Æрзылднс. къуымты. Базмæ- лын кодта тетрæдты сыфтæ. Сывæллæттæ æхсызгонæй сулæ- фыдысты. Ныффыстой ма фæстаг хъуыдыйад, йæ фæстæ йын стъæлф сæвæрдтой æмæ сæ ручкæтæ æрæвæрдтой. — Кæсын æй райдианæй, — дзуры Динæ Умаровнæ. Цæстыфæныкъуылдмæ дæс æмæ ссæдз гыццыл къухты ногæй ферттывтой сырх ручкæтæ. Схастой сæ диктап- ты фыццаг дзырды сæрмæ... Ахуыргæнæг бакæсы хъуыдыйад кæронмæ æмæ фæ- лæууы... Йæ цæст ахæссы æппæт сабитыл. Дæс æмæ ссæдз гыццыл чызджы æмæ лæппуйы афтæ- мæй сæ къухтæ хæссынц иу хъуыдыйадæй иннæмæ. Фæлæ та мæнæ фæстаг дзырд... стъæлф!.. Алы партæйы кæрон дæр фæзындис дыууæ цъæхцъар тетрады. — Радæттут сæ! — зæгъы Динæ Умаровнæ æмæ ны- майы: — Иу... Скъоладзау йæ уæхсчы сæрты æрбайсы, фæсте йæм 32
кæй æрбалæвæрдтой, уыцы тетрæдтæ. Лрæхсгæ сæ æрæ- вæры йæхи раз, цы дыууæ тетрады ис, уыдоныл æмæ та сæ адæтты размæ. — Дыууæ... — хъуысы дарддæр ахуыргæнæджы бар- джын хъæлæс. Йæ зæрдæ та рухс кæны сабнты арæхст- джын æвнæлдмæ кæсынæй. Æртæ, зæгъгæ, ма сдзырдта æмæ стъолыл нæ разьт февзæрдыеты æппæт тетрæдтæ кæрæдзийы уæлæ æмхуы- зон æвæрдæй. Ногæй та йæ цæст ахаста сабитыл æмæ бахудт йæ мидбылты. Казик æмæ бурхил Васик, сабыр Таня æмæ налат Валя... Уыдон сæ цæстытæ пыццавтой фæйнæгмæ. Иууылдæр сæхинымæр кæсынц, ныртæккæ сæхæдæг кæй фыстой, уьшы дыууæ дзырды; «Контролон диктант». Динæ Умаровнæйы цæстытыл та ауадысты мæпæ ацы сабитæ цалдæр мæйы размæ, иу дамгъæ дæр куынæ ма зыдтой, афтæмæй. Чысыл къухтæ нæ арæхстысты хæххы- тæ кæнынмæ дæр. Ныр та?.. Абоы ахæм диктант фыссынц фыццаг къласы ахуыр- гæнинæгтæ æппæт горæтты æмæ хъæуты. Уымæй рабæ- рæг уьтдзæи, афæдзы дæргъы цæуьтл сахуыр сты, уый. Фæлæ Динæ Умаровнæ дызæрдыг нæ кæны, хорз та йын кæй ныффыстой, ууыл... Джихæй кæсы кæдæмдæр дардмæ... Асланы тетрад йæ къухы куыдæй февзæрдис, уый нæ бамбæрста. Æвæццæгæн, иннæ тетрæдты сæрыл æвæрд уыдис. Сабыргай рафæлдæхта тетрады дьтууæ сыфы. Иæ цæстытæ тагъд-тагъд азгъордтой æнæсахъат фьтст рæ- сугъд рæнхъытыл. Р.æдыд не ’рцахста йæ цæст. Мæнæ йæ разы, фыццаг партæйыл, бады уыцы цъæх- цæст гыццыл Аслан. Æрæджы дæр ма тæрсгæ кодта Динæ Умаровнæ, уьтй " Дзæгъæлдзу дымгæ 33
йын иннæ фараст æмæ сæдз сывæллоиæй фæсте куы баз- зайа, уымæй. Бирæ рæстæг фæцух ис ахуырæй. Цинæйдзаг мидбылхудт хъазы ахуыргæнæджы цæс- гамыл. Цымæ цы уанд абон, афæдзы дæргъы афтæ зæрдиа- гæй куынæ куыстаид, уæд? Æвæццæгæн, ууыл хъуыды кæны мæнæ ныртæккæ йæ- хæдæг дæр, Лсланы тетрадыл хæцгæйæ. Хъуысы дзæнгæрæджы хъæр. Урок фæцис... Уалдзæг та бырсы гом рудзынгæй мидæмæ. Хуры тып хъазы сабиты амондджын цæсгæмттыл. Къулыл Ильичы хуызистыл.
«Йæхæдæг дæр асайдта...» Кæрты, стыр акацийы бын цы сырх- ахуырст стъол ис, уый цур ацы хатт хъомыл адæмæй ничи зыны, кæд æнтæф бон у, уæддæр. Мæлдзыджы- тау ыл ныдздзыгуыр сты фондзуæ- ладзыгон хæдзарæн йæ чысыл цæр- джытæ. Æз сын уайтагъддæр се ’хсæн базыдтон мæ зонгæтæй бирæ- ты. Ома, номæй-номмæ кæй зонын, ахæмты нæ, фæлæ, алы райсом куыстмæ цæугæйæ нæ дуармæ кæуыл æмбæлын, ахæмты. Тынг æнæвдæлонхуыз вæййынц... Чи сæ, йæ мады къухыл хæцгæйæ, тагъд-тагъд фæцæйуайы, чи та йæ фы- ды фæстæ згъорæгау фæцæйкæны, бынтон дæрддзæф дзы цæмæй ма аззайа, уый тыххæй. Дзæбæх мæм фæкæсы ахæм «чысыл адæймæгты» рай- сомæй хъуыддагхуызæй уынын. Æрлæууын æмæ ма сæ фæдыл дæр акæсын. Раздæр-иу дисы бацыдтæн, кæдæм фæтындзынц, ууыл. Стæй йæ айфыццаг фæхъуыды код- тон, æвæццæгæн, зæгъын, сывæллæтты цæхæрадонмæ... О, фæлæ уæддæр уæлдай фылдæр уарзын, мæпæ ацы стъолы алыварс куы ’рабадынц æмæ цæуылдæр зæрдиаг ныхас куы фæкæнынц, уый. Цы вæййы ахæм заман уы- донмæ бакæсынæй дзæбæхдæр? Уæлдайдæр та хистæртæ, æрæджы скъоламæ цæуын чи райдыдта, уыцы чысыл лæппутæ æмæ чызджытæ дæр семæ куы фæбадынц, уæд. 35
Уыцы «хистæртæ» алы дзæбæх чингуытæ куы фæкæсынц, сæ диссаджы нывтæ сын куы февдисынц, уæд къаддæр- тæ та сæ чысыл къухтæ сæ сæртæм сбыцæу кæнынц. Аф- тæ зæрдиагæй сæм фæхъусынц æмæ дзы иуæй-нутæ улæ- фын дæр нал фæуæндынц. Хæрзахуыр сабитæ сты. Кæйдæртау сæ кæрæдзиуыл бустæ, кæрæдзийы схуыстытæгæнгæ пикуы фсндзынæ. Æцæг мæм ацы хатт сæхи хуызæн нæ кæсынц. Хъæлæба кæнынц. Се ’ппæт дæр сæ сæртæ азылдтой даргъ бандо- ны уæллаг кæронмæ. Уым дынджыр хъæмпын шляпæйы бынæй тыххæй чи зыны, уыцы чысыл лæппумæ цыдæр æнахуыр каст ныккодтой. Дзурынц йæ ныхмæ. Бæрæг у, цæмæйдæр йемæ разы не сты. Æрмæст «шляпæджын» йæхæдæг йæ цæст дæр нæ ныкъулы. Цыма йæм уыцы уайдзæфтæй иу дæр нæ хауы, уыйау. Уый Пети у, Пети. Тыппыррус чысыл Пети! Мæ цып- параздзыд зонгæтæй иу. Йæ чысыл къæхтæ райс-байс- гæнгæ уый дæр алы оайсом фæцæптындзы сывæллæтты цæхæрадонмæ. Æрмæст æй знои не ’рхъуыды кодтон. Æвæццæгæн, уæд нæ рацыдис. О, нæ уыдис, нæ. Æмæ сæм дысон Галинæ Умаровнæ дæр уымæн бауад. Псти бирæ уарзы йæ хъомылгæнæджы æмæ йын кæд- дæриддæр æхсызгон вæййыуый сæ хæдзары уынын. Гъе- мæт а дысон дæр фырцинæй зæххыл нал хæцыд. Раздæр нæ хъуыста, Нанаимæ диваныл фæрсæй-фæрстæм бадгæйæ цытæ дзырдтой, уымæ. Фæлæ иузаман йæ хъустыл ауад Галннæ Умаровнæйы ныхас: — Ауьтлты цылтæи æмæ, зæгъын, абон Пети сывæл- лæтты цæхæрадоны цæуылнæ уыдис, уый базонон. Нана гыццыл ахъуыды кодта, стæй дын афтæ: — Йæ хъус рыстис. Гъемæ йæ уый тыххæй нæ акодтон. Пети æиæвдæлон уыдис уыцы заман. Архайдта зæххы йæ сырх машпнæйы цæлхытимæ. Фæлæ уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ фестъæлфыд, цыма йæ исчи тæвд æфсæйна- джы кæронæй асыгъта, уыйау. Уырнгæ дæр æй нæ ба- кодта, Нана афтæтæ радзырдта, уый. 36
йæ хъус, дам, рысти... Цымæ йын кæд рыстис?.. Уый раджы куы уыдис, зымæджы, «гыццыл» ма куы уыдис, уæд. Пстийы цæстытыл ауадысты, æцæг кæй аххосæй оаззад райсомæй, уыцы хъуыддæгтæ. Ацыдаид, бæгуы- дæр. Йæхи дæр ма куы срæвдз кодта цæуынмæ. Нана ма йыл йæ дзыпджын хæдон æмæ йæ ног хæлаф дæр куы скодта, уæд иæ ацыданд?.. Уæдæмæ йæ дынджыр хъулон бæхы аххостæ уыдысты иууылдæр. Уый Пети йæ цæлхы- тыл тыргъмæ кæй атылдта, сапонæй йæ кæй байсæрста, стæй йæ тасы доны кæй цынадта, уый тыххæй йын Нана йæхи ныххоста. Дæхи дæр æмæ, дам, пъол дæр чъизи до- нæй цæуыл бауыдæстай, уый бæрæг, дам, дын нæй?! Æвæццæгæн, тынг смæсты Нана. Æмæ йæ загъдæй нал æнцад. Стæй йæ сывæллæтты цæхæрадонмæ дæр куынæ- уал акодта. Афтæ уыдис, бæгуыдæр... Æмæ, дам, йæ хъус рыстис... Пети февзæрдис Напайы цур. Комкоммæ йæм нык- кастис йæ чысыл сау цæстытæй. Йæ былтæ æддоз рауагъ- та æмæ уайдзæфгæнæгау загъта: — Мæ хъус нæ рысти. Дæхæдæг мæ нæ фæнад- тай?.. — Ноджыдæр ма цыдæртæ рацæйдзырдта, фæлæ уыцы заман йæ бынатæй фестад Галинæ Умаровнæ æмæ дуарырдæм фæзылд, æвæццæгæн, Петийы ныхæстæм На- найы цæсгом куыд асырх, уый дæр нал ауыдта. Ничиуал ницы сдзырдта. Æрмæст Нана уазæджы куы афæндараст кодта æмæ та Пети тыргъы йæ размæ куы фæцис, уæд ын йæ цонгыл фæхæцыд. Чысыл раздæр цы диваныл бадтысты, уый цурмæ йæ бакодта. Йæ разы йæ æрлæууын кодта æмæ йæ тызмæгæй бафарста: — Æз дын афтæ нæ фæзæгъын, хистæртæ ныхас куы фæкæньшц, уæд-иу сæм ма дзур, зæгъгæ, ы? Никуы мæ фехъуыстай? Петп æцæг арæх фехъусы уыцы ныхæстæ йæ мадæй, фæлæ, ацы хатт цы фæрæдыд, уымæн ницы ’мбæрста. Йæ былтæ стæпп-тæип кодтой кæуынæввонг, йæ мады мæс- тыхуыз цæстытæ ауынгæйæ, æмæ та загъта: 37
— Уæдæ цæмæи асайдтай? Нана, æвæццæгæн, ахæм фарстмæ нал æнхъæлмæ каст æмæ хорзау нал фæцис. Стыхст. Ницыуал зæгъын- мæ арæхсти æмæ фестад. Фæлæ куы ауыдта Петийы ком- коммæ йæ цæстытæм кæсгæ, уæд дын афтæ: — Искуы-иу хатт ницы кæпы сайын. Афтæ сусæгæй загъта Нана уыцы ныхæстæ æмæ, æвæццæгæп, йæхимæ дæр тыххæй фехъуыстысты. Ома сæ кæд лæппу дзæбæх нæ бамбарид, зæгъгæ, уый тых- хæй. Фæлæ Петийæ ахæмтæ нæ аирвæздзæн. Нана куы ацыдис уатæй, уæддæр ма уый бирæ фæлæууыдис уы- цы иу ран, хъуыды кодта. Диосаг æм æрмæст уый фæкаст, æмæ йын нырмæ сæ бинонтæ дæр æмæ Галинæ Умаров- нæ дæр æдзух афтæ куы дзырдтой,сайын худинаг у. Уæд, искуы иу хатт асайын кæй ницы аипп у, уый цæуылнæ хъæр кодтой. Дысон куы схуыссыднс, суапг ма уæддæр ууыл хъуы- ды кодта. Цæмæндæр æй тынг бафæндыд искæмæн исты гæдыныхас зæгъын. Фæлæ кæмæн? Йæ кæстæр хо Иркæ у, æмæ уый дæр раджы бафынæй йæ чысыл æхгæдфарс сынтæджы. Фæкатай ма кодта, фæрафæлдæх-бафæлдæх ма кодта йæ иу фарсæй пннæмæ, фæлæ ницыуал.., Уæд- мæ йæхæдæг дæр æрфынæй. Æрмæст Пети рохгæнæг, миййаг, нæу. Йæ фæнд нæ аивта абонмæ дæр. Æрдæбон рудзынгæй куы ракаст æмæ та йе ’мбæлтты акацийы бын æмбырдæй куы ауыдта, стæй зæронд Дзыццайæ дæр бар куы райста кæртмæ цæ- уыны тыххæй, уæд афтид сау цыбыр хæлафы рацæй- згъордта. Фæлæ тыргъы кæрон, дзауматæ ауындзæны цурмæ куы рахæццæ, уæд дзыхълæуд фæкодта. Йæ бæгъæввад къахфындзтыл алæууыд æмæ йæхи тынг сивæзта. Фæлæ афтæмæй дæр куынæ сæххæссыд, уæд дыууæ хатты хæрдмæ сгæпп кодта. Ауындзæны къæ- бæлæй æрæппæрста дынджыр хъæмпын шляпæ. Зæронд худ... Æмпылдтытæ. Ранæй-рæтты йæ хъæмпытæ слæс- 38
тысты æмæ ныппыхцылтæ сты. Петп хъуыды дæр нæ кæ- ны, баба йæ йæ сæрыл кæд дардта, уый. Уый ныр йæ ног шляпæ фæдары, Ацы зæронд æй ницæмæнуал хъæуы æмæ йæм æвналын дæр уадзы. Пети йæ йæ сæрыл куы ’ркæны, уæд суанг йæ фындз- мæ æрхæццæ вæййы. Иæ цæстытæ дзы æппындæр нал фæзынынц. Æрмæст ма йæ хъæмпытæ кæм слæстысты, уыцы хуынкъæй фæкæсы æддæмæ. Кæртмæ йæ амæй размæ нлкуы рахаста. Гъемæ йын æй ныр йе ’мбæлттæ куыддæр ауыдтой, афтæ йыл ам- бырд сты æмæ йæ афарстой: — Кæй у, кæ? Пети «бабайы» зæгъгæ оцæйдзырдта, фæлæ дын уай- тагъд йæ дзырд æрдæгыл фæуагъта æмæ афтæ.фæкодта: — Мæхи, æндæр кæй? Гъемæ ныр ууыл хъаугъа кæнынц. Никæй бауырныд- той йæ ныхæстæ. Ноджы ма афтæ дæр куы загъта, баба мын æй знон балхæдта, зæгъгæ, уæд ыл алырдыгæй уай- дзæфтæ ныккалдысты. Чызгæй, лæппуйæ йæм дзы чи нæ баздæхт, ахæм нал баззад. Суанг ма йын йæхи гыццыл хо Иркæ дæр йæ амонæн æнгуылдз йæ тæккæ цæстытæм бахаста æмæ йын бафидис кодта: — Сайæг! Сайæг! Пети сæм раздæр ницы дзырдта, фæлæ та ма скъола- дзау лæппутæй дæр чидæр куы радзырдта, ахуыргæнæг дæр фæзæгъы, гæдыныхæстæ кæнын худинаг кæй у, уый, зæгъгæ, уæд сæ ныхмæ фæлæууыд: — Нæу худпнаг! Иннæтæ се ’ппæтдæр «у», «у» кодтой. Уый та иунæгæи «нæу», «нæу» дзырдта. Гъемæ дзы стыр хъæлæба рауад. Нæ састи уымæй уæлдай Пети. Нæ састысты иннæтæ дæр. Фæлæ та уалынмæ афтæ куы фæкодта, Нанайæ йæ хуыздæр нæ зонут, зæгъгæ, уæд иууылдæр фæхъус сты. Петийæн та уæдмæ шляпæ бынтон йæ фындзы хъæл- мæ æрхæццæ. Йæ дыууæ къухæй йыл схæцыд æмæ, йæ цæстытæ куы разындысты, уæд æнæгуырысхойæ загъта: — Искуы-иу хатт ницы кæны сайын... Нана загъта. Нæхæдæг дæр асайдта.
Дзæгьæлдзу дымгæ Жо-о-рик!.. Жо-р-ри-ик!..— уæлдæфы зæлгæ тахтысты удаист хъæртæ. Тахтысты... Зыр-зыр кодтой уазал цъæх уæлдæфы, хæлдтой уæлæсыхы уæздан изæртæй иуы æнцойад, æр- мæст кæдæм хъуыд, уырдæм нæ хæц- цæ кодтой. Æмæ дымгæ уыд, чи зо- ны, аххосджын, фæлдурæджджын æнæуаг дымгæ... Сæ размæ-иу ра- тахт хингæнæгау: сырдта сæ тæс- сармæ, дуртыл сæ хоста, цавта сæ кæйдæр хæлддзаг си- сыл æмæ лыстæг пырхытæн схъиудтытæ кодтой алыр- дæмты. — Ирвæзынц!.. — фестъæлфыд Аленкæ, иу каст ма æркодта йæ бæгъæввад къæхтæм æмæ та хъæргæнгæ аз- гъордта хуыртыл. Дæлвæндагмæ ныххызтысты дыууæ тар æндæрджы, амбæхс-амбæхс райдыдтой изæры колрадзхуыз фæлмы æмæ ма сæ тыххæй ахстой чызджы тарст цæс- тытæ. «Ирвæзыпц, ирвæзынц!» — сусæгæй дзырдта æгъатыр дымгæ Аленкæйы хъусы æмæ тахти йæ фарсмæ йæ иу- вæрсты. — Нæ, нæ! — ком нæ лæвæрдта чызг.— Ралидздзæ- ни... Ралидздзæн бæгуыдæр гыццыл æндæр’г... Дынджыр æй расурлзæн... Сурдзæн æй, сурдзæн, фæлæ æнцон бай- 40
йафæн нæу Жорик, — ныфс авæрдта йæхицæн иузаман æмæ йæ цæсгом фæирддæр. Ныр цыди сабыр къахдзæф- тæй. Æрмæст бирæ иæ ахаста афтæ. Йæхи та æрбауагъ- та бирæгъау æгæнон дымгæ, сонт риуыгъдæй йын йæ лыстæг зæнгтæ фæтасын кодта æмæ та йæ аскъæфта йæ уæлныхты. Цалдæр метры ма азгъордта Аленкæ, иу уьæр ма ныккодта уынгæг хъæлæсæй æмæ æрлæууыд. Ныр æй ничиуал фехъуыстаид, кæй зæгъын æй хъæуы. Ничиуал æм ракастаид фæстæмæ. Æрбайсæфтысты, тигъаууон фесты дыууæ тар æндæрджы. Тигъаууон... Уым та, стыр фæндагыл, машинæтæ дыууæрдæм кæ- нынц, дæ къух фæдар, æндæр дæ дзы исчи уайтагъд го- рæты балæууын кæндзæн. Рæйдтой уæлæсыхы куитæ фæсус хъæлæсæй. Ны- гъуылди пзæры тары зылын-мылын къахвæндаг æмæ калмау тæлфыди Аленкæйы цæстыты раз... Нæ сайдта цæмæидæр ацы хатт зæронд хæрис дæр нæхимæ, фæлæ æдасдæр уыд уæддæр пыртæккæ уым... æмæ фæрастй. Цыди сабыргай, къуылых-къуылых. Æвзæр у хуыртыл згъорын, уæлдайдæр бæгъæввадæй. Цæуылдæр сцавта гæ къахфындз, æвæццæгæн, тигьджын дурыл... Фæлæ цы фæци Жорик?.. Цы зæгъдзæн сæхимæ?.. Афонмæ сæ Дзыцца агуры, зилы та сыхыл се згæхæрд фанаримæ, загъд кæны, æлгъиты цъæхснаг хъæлæсæй. Хæрзаг æй сабыргай цæугæ куы фенид ауылты, уæд ныхъхъæр кæ- нид, кæм та лекка кæныс, кæм пс уыцы сывæллон, зæгъ- гæ. Аленкæ кæуынхъæлæсæй архаид цы ’рцыд, уыдон сæрæй бынмæ радзурыныл, фæлæ йæм Дзыцца нæ бай- хъусид, фидистæй та йын фескъуынид уайтагъд йæ ха- бæрттæ... Бæцпу карз лæг у. Фыццаг хатт дьщ ныпцар- дзæн дæ рæдыд, чи зоны, æрмæст ын дыккаг хатт фæрæ- дийын ма бафæлвар, уæд та дзы дæхи хъахъхъæн. Ай- фыццаг та йæ ронмæ фæлæбурдта, йæ фæтæн мæскуы ронмæ. Хорз æмæ йын æй йæ къухтæй акъахта чидæр... Гъемæ цы? Фæлтау дæ нæмæд æмæ нæмæд уыйас дæр уыцы ронæй, уæдлæр Дзыццайы фидистæ ыа фехъус. 41
Цы нæ дæ рахондзæн, ахæм ын нал баззайы. Æмæ ма ноджы алыхатт дæр уыцы емынæйы ныхæстæ: «Йæ ма- ды хуызæн у, йæ мады!..» Æнæрайы ныхæстæ... Æнад сты Аленкæйæи. Бæргæ, куы-иу айрох уаиккой уайтагъд, фæлæ кæм? Сæ дæндæгтæ йæм ныззыхъхъыр кæнынц куитау, æмæ сæ кæд йæхи цыфæиды радав-бадав фæ- кæны, уæддæр æй ницæй тыххæй ныууадзынц, цалынмæ йын ногæй уыцы цъæхкъабаджыны йæ цæстытыл ауа- йын кæнынц, уæдмæ... Цъæхкъабаджын ус... Уыцы æна- хуыр машинæ... Стыр машинæ уыд, тыпг стыр. Цыма уыцы иунæг хатт лæууыд сæ дуармæ ахæм, афтæ нæм фæкæсы æдзухдæр. Йæ уæрæх гуыффæйæ цæхæртæ калд- та сæ кæсæнджын скъапп, йæ къæхтæ хæрдмæ, афтæ- мæй дзы лæууыди сæ дынджыр тымбыл стъол. Ныхъ- хъæр кæнынмæ рахъавыд Аленкæ, кæдæм нын сæ ласут, зæгъгæ, фæлæ чидæр кабипкæйы дуар ратъæпп ласта æмæ дзы мидæгæй фæзынди иæ млды сурæт. Йæ мад — цъæхкъабаджын... Цъæх-цъæхид... Бæласы сыфты хуы- зæн, кæрдæджы хуызæн... Ныцъцъæхахст кодта Аленкæ æмæ Дзыццайы къухæй йæхи атыдта. Фæлæ адæм йæ алыварс афтæ æддæг-мидæг ауадысты æмæ цы кæнниаг уыд, уый дæр дзы æрбайрох фыртæссæй. Æрмæст ма-пу кæддæрæй-кæддæрмге хæрдмæ, Дзыццамæ, фæрсæджы каст скодта, ома, цытæ сты адои, стæй дын дæ хъæбыс- мæ цы стыр тыхтон баппæрстой, уый уагæр цы разын- дзæн, зæгъгæ. Ницы йæм дзырдтой фыдымады цæстытæ, æрмæст уалынмæ сывæллоны æнуд кæуын куы айхъуыс- та, уæд йæхæдæг алцы дæр бамбæрста... Жорик!.. йæ чысыл æфсымæр Жорик бæзджын хъæццулы тыхтæй. Иæ къæбæлдзыг сæр дыууæрдæм радавбадавгæнгæ куыдта, æрдиаг кодта Дзыццайы хъæбысæй. Куыдта Аленкæ дæр Дзыццайы фæдджийыл фидар хæцгæйæ æмæ донызылд сау цæстытæй касти, фæидаджы рыг калгæ дæлæрдæм чи згъордта, уыцы стыр машинæйы фæдыл... Раджы уыдис уый, тынг раджы. Уыцы цъæх къаба нал ис, æвæццæгæн, ныппырх и. Æндæр къаба 12
уыд абон йæ мадыл æмæ йæ кæд уый тыххæй иæ ба- зыдта раздæр... * * * Цъынд кæнын Жориччы рад уыд æмæ зæронд хæри- сы бын къодахыл бæхбадтгæнгæйæ, ивæзта фæстаг ны- хæстæ: — Фа-ра-аст... Дæ-æ-æс!.. Раа-каас-тæн! Фæлæ дзæгъæлы загъта афтæ. Аленкæ йын афтæ фи- дар ныббаста иæ цæстытæ æмæ уыцы хъулон сæрбæт- тæн райхалынæн мур дæр ницы амал ардта. Аленкæ та уыдта, йе ’фсымæры хурсыгъд чысыл æнгуылдзтæ æл- хынцъимæ фыдæбонæй куыд мардысты, уый, æмæ фыр- цинæй кафæгау кодта бæласы фæсте... Дард ран нæ рав- зæрста ацы хатт æмбæхсæн бынатæн. Уадз æмæ йæ агу- рæд Жорик. Зилæд доны был, пыхсыты, ныккæсæд стыр æрхмæ дæр, Алепкæ йæхицæн æнцад-æнцойæ лæудзæн хæрисы аууои, цъындгæнæн къодахмæ хæрз хæстæг. Лæудзæи æмæ худæгæй мæлдзæни йæ чысыл æфсымæ- ры дзæгъæл цоппайыл. Стæй, æвæдза бафæллад Жорик агурынæй, уæд рагæпп ласдзæн уырдыгæй, йæ дыууæ къухы къодахыл авæрдзæн æмæ ныхъхъæр кæндзæн йæ хъæлæсы дзаг: — Ту, ту, Жорик!.. Кæддæр æрæджиау бантыст Жориккæн сæрбæттæны æлхынцъ райхалын æмæ уæд та йæ цæстытæ æууæрды- ныл схæцыд. Бирæ феууæрста йæ иу цæст, стæй та ин- пæ æмæ къанауырдæм азгъордта. Агурын æдзухдæр уырдыгæй райдайы. Æрмæст ацы хатт къахвæндагмæ куы бахæццæ, уæд æрлæууыд, фефсæрмы цæмæйдæр. Йæ сæр уæлæмæ сисын дæр иал уæндыд æмæ та фыр- адæргæй ногæй йæ цæстытæ аууæрста. йæ акомкоммæ, цалдæр къахдзæфы фалдæр лæууыдис цавæрдæр æнæ- зонгæ ус. Морæкъабаджын. Фæндаггон, æвæццæгæн. Го- рæты машинæйæ чи рахизы, уыдон се ’ппæт дæр ауылты фæцæуынц хъæумæ. Цыма адæймаг никуы федта йæ- дунейыл дæр Жорик? Фырдисæй йæ дзых ныххæлиу 43
кодта, афтæмæй йæм æдзынæг кастп æмæ касти. Æмæ æвæдза Аленкæ æмбæхст нæу, зæгъгæ, уæд æм æнæ- мæнг рахъæр кодтаид бæласы фæсте, цæй-ма уый цавæр каст у, райдай мæ агурын, зæгъгæ, Иузаман радарта йæ сæр бæласы фæсте, фæлæ йæ уайтагъд фæстæмæ амбæх- ста. Фæндаггæрон Жориккæн хъæбыстæ кодта уыцы ус, дымгæ йын йæ сæрбæттæны къабаз размæ раипæрста æмæ йын дзы йæ цæсгом цъыччытæ кодта æмæ кодта, фæлæ.нæ ус æмбаргæ дæр нæ кодта, кæнæ йæ æмбæрс- та, чи зоны, хъыгдардта йæ, чи зоны, æрмæст нæ дыууæ къухы дæр æнæвдæлон кæй уыдысты, чи зоны, уый тых- хæй йæхи æнæмбарæг скодта. Йæ рус хæрисы æнхъырдтæ буарыл сæвæрдта Ален- кæ, афтæмæй архайдта, уыцы ус чи уыд, уый æрхъуыды кæныныл. Бынтон æнæзонгæ нæ уыди, федта йæ кæддæр, фæлæ кæм? Кæм цымæ?.. Кæм?.. Æмæ йыл цыма æваст зынджы стъæлфæн сæмбæлд, уыйау хæрдмæ фæхауди. Йæ цæстытыл та цæмæидæр ауадысты кæддæры æна- хуыр машинæ, цъæхкъабаджын ус кабинæйы... Нæ, ныр ыл уыцы къаба нæ уыди, фæлæ уый уыд уæддæр æнæ- мæпг... Жорпк ын цыдæртæ дзырдта æмæ дзырдта къух- тилгæйæ, æрмæст цытæ, уый йæм нæ хъуыст. Йæ улæфт куынæуал хъуыстаид, уый дæр фæндыдпс уыцы минут Аленкæйы, ныхæсæгау бакодта бæласы фарсыл, афтæмæй æдзынæг касти джнхæй кæдæмдæр. Йæ цæстытыл та уадысты уыцы æнахъинон машинæ, сæ кæсæнджын скъалп, Дзыццайы фидистæ, æмæ дыз-дыз- кодтой йæ лыстæг цæигтæ. Фæлæ йæм чидæр йæ номæй куы ’рбахъæр кодта, уæд се ’ппæт дæр æрбайсæфтысты. Хъæр кодтой радыгай: арæхдæр — Жорик, искуы-иу хатт та уыцы ус. Æмæ диссаг!.. Зонгæ хъæлæс... Бын- тондæр зонгæ. Æрмæст ма йæ кæм фехъуыста раздæр, уый нæ уыди йæ бон æрхъуыды кæнын... Хъæр кодтой дыууæйæ дæр. Зылдысты йæ алывæрсты: куы дæрдты, куы хæстæджыты бынтон, фæлæ зылди Аленкæ дæр бæ- ласы алфамбылай æмæ никæй бон уыд йе ссарын. Ставд 44
у зæронд хæрисы зæнг, кæд бынтондæр мæра у йæ хуылф, уæддæр. Аленкæйы йас чызджытæй æртæйы дæр бааууон кæндзæн бахъуаджы сахат æмæ цыма зæххы скъуыды аирвæзт, уыйау йе ссарын никæй бон баци. Фæлæууыдысты ма æпæсыбырттæй фæндаджы был, фæцагуырдтой ма йæ сæ цæстытæй, стæй фæраст сты. Дис кодта Аленкæ, йе ’фсымæр æнæзонгæ адæймаги- мæ куыд тынг бахæлар, ууыл. «Печеннтæ балхæнынæй йын зæрдæ сæвæрдта, æвæццæгаеп. Бпрæ уарзы Жорнк печенитæ. Уæлдайдæр къоппыты кæй уæй кæнынц, ахæмтæ», — ахъуыды кодта æнæмæтæй æмæ та бæласы фæсте йæ сæр радардта. Æгæр адард сты. Уанцон нæу?! — фæтарсти чызг, схъиуæгау ракодта йæ ’мбæхсæ- пæй æмæ изæры уазал уæлдæфы азæлыд соит цъæ- хахст... * * * Бафæллад Аленкæ, цалынмæ хæрисы бынмæ хæццæ кодта, уæдмæ йæ хъару басаст æмæ æппарæгау æркод- та йæхи уымæл къодахыл. Туг хъардта йæ къахы уæл- фадæп, судзаг рыст кодта йæ пыхбын, фæлæ уын тыххæй иæ куыдта уæддæр афтæ тынг... Цы зæгъдзæн Дзыцца?.. йæ хъуын арц сбадтп уазалæй, йæ дæндæгтæ кæрæдзн- уыл хойын райдыдта. Тæрсын æй кодта æгуыппæг мæй- дар. Цыма фæлтау тыхджын гуыппытæ куы хъуыстаид йæ алывæрстæй, кæнæ уæле бæласæй йæ сæрыл истытæ куы хаудаид, уæд къаддæр уыдаид йæ тас, афтæ йæм фæкаст æмæ та йæ фæсонтæ æигомдæр балхъывта хæ- рисмæ. Зæронд хæрис!.. Сывæллæтты уарзон бæлас! Æмбал нæ уыд, куыд дзурынц, афтæмæй йæ рæсугъддзинадæн, хъæуы фидауц. Ныр та. Стутт, смæра йын сты кæддæры хъаруджын къабæзтæ, чысыл сæм февнал æмæ дыл сау фæныкæй æрызгъæлдзысты. Мæгуыр бæлас лæууы хъæ- уысæр цавддурау, нал фæбæллы кæддæрау хуры скаст- мæ. Нал ныккæрзы кæддæрау арвы тызмæг гæрæхтæп, нал зоны тæрсын фæрæты цыргъ комæй. Цæй цард ма 46
у афтæмæй? Нæ, лæууы уæддæр, бонæддæдæр кæны дзæгъæл быдыры кæддæры хъал бæлас. Цыма фæлдæхгæ ракæны, афтæ фæкасти æваст Ален- кæмæ æмæ дзы иуварс асхъиудта. Нæ, нæ фезмæлыд æппындæр бæлас. Уый чызгмæ кæсгæ фæкодта афтæ. — Тæхуды, тагъддæр куы æрхæст уаид мæ къух уы- пы сау хæйрæгыл! — æваст йæ хъустыл ауад Дзыццайы цъæхахст. Нæ, не змæлыд хæрпс. Бынтои æм йæхи ныл- хъывта Аленкæ, æмæ бæласы зæнгæй æхсызгонæн сулæ- фыд хуылыдз бутърокы æиуд тæф æмæ пæ дыз-дыз ссыд фыртæссæй. «Сау хæйрæг» ын йæхп хоны Дзыцца? Фæ- лæ кæимæ дзуры? Æвæццæгæн, сфæдис кодта бынтон, хъæр кодта уынджы æмæ сыхы устытæй чидæр йемæ ра- цыд агурæг. Зынгæ ничима кодта. Æрмæст цæхгæрмæ уынгæй тыбар-тыбур кодта фанары мынæг рухс. — Мæ тæригъæд мæ фыртыл куы ныккæлид. Уый ах- хостæ мын сты, — дзæбæх нæма ахста хъус Дзыццайы ныхæстæ, се ’рдджытæ фескъуий-фескъуий кодтой. Цæ- уылдæр фæсæдз-фæсæдз кодтой, фæлæ сыл ахуыр у Аленкæ, иртæста сæ. — О! Арвыкæронмæ асхъиудта æх- ца кусыны æфсои, афтæмæй, пнсмойы хахх дæр нал кæ- ны. Мад дæр сæ ныууагъта. Ие ’фсымæртæ йæм æрхæц- цæ сты æмæ йæ акодтой. Лæппуйы хæсгæ кодта, фæлæ йын уый дæр кабинкæйæ раппæрстой, сæ фыд, дам, куы амæла... — ныр хæстæгæй хъуысыдысты Дзыццайы ны- хæстæ... Фанары рухсмæ фæзын-фæзын кодтой йæ къа- байы даргъ фæдджитæ, пнпæуыл цыбырдæр юбкæ. Чи уа?.. — Уынæг фæци нæ чындзы горæты. Æрцæуинаг, дам, сæм у кæнынмæ æмæ бæргæ, уыцы хорз мыл куы ’рцæуид, цалынмæ мын мæ туг иууылдæр нæ банызтой, уæдмæ. йæ хъустыл нæ баууæндыд Аленкæ. Фæныфсджын. Бафæндыд æй фестын. Азгъорын Дзыццайы размæ æмæ ныхъхъæр кæнын: акодта йæ, акодта Жориччы, зæгъгæ. Акодта... Уый уыди хъуамæ. Иухатты цъæхкъабаджын... Фæлæ уæддæр... Цы зæгъдзæн уæддæр ныртæккæ?!.. 46
Дард нал сты фæдисæттæ. Йæ цæст фæныкъул-фæ- ныкъулгæнгæ йæм бырсы, лæгæрды мæйдары згæхæрд фанар. Зилы, æхситт кæны дзæгъæлдзу дымгæ хъæугæрæт- ты. Нызмæлынц хæрисы хуыскъ цæнгтæ æнæбары. Ба- зыр-зыр кæнынц ихсыд къдлиутыл иугай хурсыгъд сыф- тæртæ æмæ сæ хъарм цæссыгтæ уæззаугай згъæлынц Алсикæйы сæрыхъуыптыл.
Рекс Мах фондзæй цæрæм: нæ лæг, нæ ус, нæ чызг, нæ лæппу æмæ æз — нæ куыдз Рекс. Куыдз, зæгъгæ, уæ цæ- стытыл цавæрдæр фыдхъуын д’ам- къа ауайдзæни, чи зоны. Нæ, мæ хур- тæ. Хæрзмыггаг куыдз дæн æй, хæрз- хаст, лæгъзхъуын æмæ цæгæрфындз. Мæ хъуырбос дæр иуæй-иу мæгуыр куиты аргъ у, бауырнæд уæ. Фынд- дæс азы мыл цæуы, кæмæн фæзæгъ- ынц, уый дисæй амæлы. Æмæ, æцæг, гыццыл цард нæу уый, чи зоны, куыдзæн. Фæлæ мæ уæддæр нырма зæронд чи рахонид, уымæ фæхæрам уаин, нæ йыл бацауæрдин. Чифæнды фестæд, мæхи йыл ныццæвин æмæ йын йæ зæнджы царм астигъин. Уадз æмæ фенæд йæхи цæстæй, цыргъ ма кæй у мæ дæндаг, уый. О, фынддæс азы рацыд, мæ хицау мæ гыццыл къæ- былайæ цъиуты базары куы балхæдта, уæдæй пырмæ. Хъуыды ма кæнын: иу уаргæ бон мæ æрбаласта сæхи- мæ, цавæрдæр æнудытæфгæнаг чыргъæдгондæй мæ сис- та уазал къухæй æмæ уайтагъд мæ разы хъарм æхсыры къус февзæрдп. Пъолыл дæр нæ — стъолыл. Хицау мæ йæ цъæх цæстытæ ныссагъта, афтæмæй тыхарæзт мид- былхудтимæ æппæлыди йæ усæн. — Зоныс, ныртæккæ нæ горæты раззагдæр хæдзæрт- тæй иу дæр æнæ мидæгæйдаргæ куыдз нал у... Иунæг 4Х
хæдзар дæр, уæллæгъи... — Æмæ нымайын райдыдта, куитæ кæмæ ис, уыцы лæгты нæмттæ. Уыцы бон мæ фырцинæй куыннæ аныхъуырдтой—нæ зонын. Цин мыл кодтон æгас бинонтæй, цин мыл кодтой æнæхъæн къуы- ри. Æрмæст уæдæй фæстæмæ рæвдыд нал федтон, лæгъз ныхас цикæмæйуал фехъуыстон. Уый нæ, фæлæ мæ се сæфт кæй федтой,уый дæр æмбарын, фæлæ цы кæнон? Быхсынц, мæгуыр сæ бон. Модæ... Куиты модæ... Ацы горæты раззагдæр хæдзæрттæй йу дæр æнæ мæ хуызæн куыдз нæу... Модæ, зæгъгæ, уыцы ныхасмæ мæ цæстытыл нæ пиа- нино ауайы æдзухдæр. Æиамонд хæйрæг!.. Æз ма мæ дзыхыдзаг срæйын, куы мæ бафæнды, уæд. Уый ахæм амонд дæр нæ фæци. Фынддæс азы йæ тæккæ цур хуыс- сын æмæ нын фынддæс хатты йедтæмæ йæ хъæлæс нæма фехъуыстон, уый дæр, йæ рыгтæ йын куы фæсæрфынц æфснайгæйæ, уæд. Æгомыгæй арвыста, мæгуыр, йæ цар- ды бонтæ, кæд уымæй хуыздæр пианино нæ уыд зæххы цъарыл, уæддæр æй ничи базыдта. Фæлæ уый цы уæл- дай у, уæвгæ?!. Мæ хицауы загъдау, æнæ пианино та ма кæцы у иæ горæты раззагдæр хæдзæрттæй? Иу дæр нæ... Æмæ уæдæ мах хæдзар та искæй хæдзарæй дæлдæр чи ’рлæууа, ахæм нæу, миййаг. Мæ зонгæ куитæ мæм хæлæг фæкæнынц, цы амонд, дам, дæ фæци, ома, хъæз- дыг хæдзары кæй цæрын, уый тыххæй. Æдылы къоппа- тæ! Цæмæй зонынц, æз та цæрæнбоны уыдон æныгус цардмæ кæй хæлæг кæнын... О, фæлæ ма уыдоны кой кæд æндæр хатт ракæнпн, пыр та нæ бинонтæ... Мæ хн- цау кæй хонын, уый йæ астæуыккаг цæджындз у нæ хæ- дзарæн. Æз æй мæхинымæр нозты лалым хонын, æппын- æдзух нозты тæф кæй кæны æмæ йын дзаг лалымы хуы- зæн гуыбын кæй ис, уый тыххæй. Фæлæ хъæрæй афтае дзурæн нæй æмæ йæ уымæ гæсгæ «лæг» хондзынæн... Гъемæ, æвæдза фæцудыдта нæ цæджындз, ома нын лæ- джы хицауы бынатæй спстой, уæд кæнæ стонгæй амæ- ликкам, кæнæ æндæр исты бæллæхæй æрцæуид нæ адзал 1 Дзом ьæлд!у дым^ес Р
æгас бинонтæй. Тобæ, тобæ. Йе сдзурынæй дæр тæрсгæ кæнын, фæлæ дзы уыйас тæссагæй ницы ис, фидар у нырма нæ цæджындз. Нæ зонын, кæм кусы лæг уый, фæ- лæ, куыд æмбарын, афтæмæй хицау у кæмдæр, стыр хн- цау... Алы райсом æм æрттивгæ «Волгæ» æрбацæуы кæ- цæйдæр æмæ нæ балкъоны бынмæ, уынджы æрлæууы. Шофыр дзы иузаманы рахизы, йæ къухтæ йæ дзыппыты пытътъыссы, афтæмæй рауай-бауай райдайы. Хатгай хæрдмæ нæ рудзгуытæм дæр скæсы, ома, уынæм æй æви нæ, зæгъгæ, фæлæ лæг тагъд кæнын нæ уарзы ахæм хъуыддæгты... Йæ риуыл итувæрд урс хæцъил бафидар кæны, коньячы агуывзæ ахъуыррытт ласы æмæ сабыр- гай бавналы хæрынмæ. Мæ комыдæттæ æруайынц æмæ ма мæ цæстытæ ацъынд кæпын, куыннæ йæ уынои, аф- тæ, уæдæ-иу æндæр цы кæнон?.. Чи зоны, дæхи йыл ахаф, кæнæ йæм срæйæгау кæн мæгуырхуызæй, уæд мын-иу иу комдзаг æрæппарид, кæнæ-иу усыл фæхъæр кæнид, мæнæ ма ацы æвзæры бафсад, зæгъгæ. Фæлæ æниу сыдæй куы мæлин, уæддæр ракурин ахæмæй, Нæ зонын, цæмæн мын уыйас æнад у, уый. Нæмгæ мæ нæ кæны, уæдæ мæм схуыстæй дæр уыйас арæх иæ дзуры — суанг ма мæ айфыццаг йсмæ дæр аласта кæдæмдæр. Цыдæр зæрдæйы хорзыл уыдис уыцы бон. Фæсте дæр нæ, фæлæ мæ разæй, йæхицæй шофыры астæу сбадыы кодта, æддæмæ адæммæ куыд зындаин машинæйæ, аф- тæ. Хорз уыдис уыцырдæм цæугæйæ. Мæ раззаг къæхтæ бадæнмæ сбыцæу кодтон, афтæмæй æдзынæг кастæн ру- дзынджы авгæй æддæмæ. Нæ рæзты сыффыттытæ код- той адæм, æндæр машинæтæ, бæрзонд хæдзæрттæ. Куи- тæ дзы уыйас арæх нæ уыдн. Æрмæст иу хъуынджын урс къæбыла йе ’взаг раласта фырфæлладæй, афтæмæй йæ хицауы фæдыл фæцæйзгъордта кæдæмдæр. Иннæ, стырдæр куыдзæн та йæ дзыхы бапъирозты къопп, асЬ- тæмæй лæнк-лæикгæнгæ æрбацæйуад нæ ныхмæ. Æх- сызгон мын уыд йæ фенд... Схъиу-хъиу кодтон. Тæхуды 50
уый дæр мæ куы ауыдтаид, фæлæ уайтагъд адæмы ас- тæу æрбайсæфт, нал æй ссардтон... Уалынмæ иу стыр хæдзары дуармæ æрлæууыд нæ машпнæ. Ме ’мбæлттæ æнæзивæг агæппытæ кодтой, дыу- уæрдыгæй мыл дуæрттæ æрбагуыпп кодтой æмæ уыйа- дыл цыдæр æрбаисты. Тæрегæ кодтон иунæгæй куыддæр æмæ мæ дзæмбытæй машинæйы дуар хафыныл балæу- уыдтæн, фæлæ афтæмæй нæ байгом уыдзæн, уый бам- бæрстон æмæ бадæныл афынæй дæн фæлмæстæй... Мæ фыны уыдтон, бапъирозтæ чи хаста, уыцы куыдзы. Цыма йын сæ æз нстои, уый мæм сæ нæ лæвæрдта æмæ фæхыл стæм. Кæрæдзийы тонæм, йæ бырынчъыты туг ын акалд- тон, уæддæр мæм сæ нæ радта. Шофыр мæ фехъал код- та. Мæ цуры мып дзулы къæбæртæ æмæ къалбасы дыу- уæ къæртты æрæппæрста æмæ та мыл дуар æрбахгæдта. Фæстæмæ здæхгæйæ ме ’мбæлттæ расыг уыдысты дыууæйæ дæр. — Ррекс!.. Хи-хи-хи! — худæгæй бакъæцæл и лæг, гыццыл куы ауадыстæм, уæд. Æз æм бакастæн, фæлæ цы дзырдта, уымæи нпцы бамбæрстон, æрмæст мын карз нозты тæф уайтагъд мæ фындзыхуынчъытæ ахгæд- та. — Ррекс!—ног та ныхъхъæр кодта æррайау, стæй мын мæ хурх афтæ тынг балхъывта æмæ мæ дыууæ цæс- ты рацæйхаудысты. — Гъгъгъы!.. Æуу! Гъæу! — æрбамæсты дæн æз, загътон, фæлæбурон æм дæндагæй, фæлæ уæдмæ йæ хъомыс шофырырдæм фæци. — Видал?.. Хи-хи-хи, — нарст сырх æхцадон йæ уæ- рагыл хойгæ фарста шофыры. Фæлæ шофыр дзурын- хъом нæ уыди — мигъæмбæрзт сау цæстытæй йæм зул- мæ бакасти æмæ цыдæртæ схъуыр-хъуыр кодта. — Æз кæй фæрсын?.. И?... Æхцатæ не сты? Кæс-ма. Æхцатæ... Хи-хи-хи! — æмæ йын йæ цæсгоммæ гæххæт- тын сырх æхцаты бæзджын барджи бахста. — Ис та дзы... Кæйдæр чызджы та... Ррекс! Ды ма 51
хъус... Ды ницы æмбарыс м-мур дæр... Ды куыдз дæ,— йæ æнгуылдзæй мæм бадодой кодта, стæй шофыры бæр- зæй ныцъцъыкк ласта йæ къухæй. — Ахæм куысты та йæ... Бамидаг кодтон... О... О... Цы мыл дзы цæуы? И?.. Хи-хи-хи... Шофыр йæ цæстытæ æрныкъул-æрныкъул кодта, иу ныхас дзы нæ хауди. — Уыцы бынаты... Рррекс!.. Иннæрдæм азил... Ин... Иннæрдæм, зæгъын. Уыцы бынаты кæйдæр лæг куыста. О... Æмæ кæй... кæйдæр лæджы уыц... уыцы бынатæй афтæ зыввытт... Хи-хи-хи... Зыввытт... Хи-хи-хи... Æмæ ныр хъаст кæнæд, нæ? Стæй ныр хъыллист дæр кæнæд кæйдæр лæг. Афтæ пæу? И? Хи-хи-хи!.. Гыццыл ма куы рауадыстæм, уæд дзурынхъом нал уыди лæг. Йæ дзыккутæ спыхцыл сты, йæ цæстытæ дзагъырæй баззадысты, афтæмæй дзой-дзой кодта йæ бынаты. Кæмдæр машинæ тынгдæр фезмæлыд æмæ уæд йæ сæр шофыры сæрыл ныкъкъупп ласта. — Гъгъ-гъ! Гъæу! Гъæуу! — мæ фæрсчыты рыстæй ныккæрзыдтон æз. Фæлæ та уæдмæ машинæ ногæй фес- хъиудта æмæ ацы хатт дыууæ тыхджын къуппы фæцы- ди мæ сæрмæ, сæтгæ дæр сып куыпнæ кодтой. Нæ зо- нын. Цыдæр амæлттæп ма слæсыдтæн се ’хсæнæй æмæ бандоны чъилы сæрты фæстаг бадæимæ агæпп кодтои. Гъеуæдæй фæстæмæ пал уарзын лæгимæ цæуын, стæй мæ йæхæдæг дæр иал хоны æмæ æппынæдзух нæ хæдзары æрвитын мæ цард. Бонæн йæ иу æмбис фынæп вæййын, иннæ та мыл аивгъуийы тезгъогæпгæйæ. Рацу- бацу кæнын нæ фондз стыр уаты. Куы стъолы бын фæ- миддт вæййын, куы бандоны къахмæ басмудып æмæ фæраст вæййып дарддæр. Пъолыл цæуып дзы иæ хъæуы миййаг — гауызтыл. Фæлæ днссаг сты. Иу дзауматыл нæма сахуыр вæйпын æмæ та сæ уайтагъд æндæртæй аивынц. Цы кæной уæвгæ дæр. Модæ... Скъаппыты мо- дæ... Усы загъдау, нæхирдыгонтыл та ма чи æрвæссы. Ус, зæгъгæ, æфсинæй зæгъын. Лæджы загъдау, нæ къæ- 52
бæргæнæг. Диссаг мæм кæсы, йæ царм скъуынгæ куыд никæцырдыгæй акæны, уый. Нал дзы цæуы æппындæр, мæгуыр, уæддæр ма æпæсцухæй æууилгæ кæны. Æууилы æмæ мæнæн алывыдтæ калы бон-изæрмæ. Мæхи ма дзы цы фæкæион, нæ зонын. Йæ бинонтæй искæуыл йæ зæр- дæ куы худа, уæд уыцы маст дæр мæныл калы. Æдда- гон искæуыл куы фæхуды йæ зæрдæ, уæд та афтæ фæ- зæгъы: — Ныр махмæ афтæ чи бауæндыд, уып ма æнæуй адæммæ та куыд цымæ?! Ус дæр хъæуы хæдзары, фæлæ уæддæр нæ чызг æмæ пæ лæппуйæ куыд фидауæм, афтæ никæмæй. Нæ хъуымбылтæ сты уыдон, не ’рттиваг фæрдгуытæ. Æрмæст сæ, бауырнæд уæ, иртасгæ нал фæ- кæнын арæх кæрæдзийæ. Дыууæйæн дæр сæ дзыккутæ се уæхсчытæм, дыууæйыл дæр фæтæифадыг хæлæфтæ. Лæппу ме ’мгар у, скъолайы ахуыр кæны, фæлæ дзы цыма ницы аразы, афтæ мæм кæсы цæмæндæр. Йæ къух- мæ чиныг нæ райсдзæн, æрмæст йæ мадæй æхца агуры æппынæдзух. Усæн йæ уд у æхца. Капекк дæр ын нæ радтид бæргæ барвæндонæй. Фæлæ ма бафæлварæд нæ раттын ахæм къулбадæгæп. Æппынæдзух иозты тæф кæ- ны лæппу дæр йæ фыды хуызæн. Тамако та æнæфсар- мæй дымы мæ разы дæр æмæ йæ мады раз дæр. Уæд ахæмæй цы рауайа, уæ хорзæхæй?! Дохтыр кæнæ та дзы ахуыргæнæг уæддæр рауайдзæн. Йæ хо ноджы фыддæр у. Æмбисæхсæвмæ хæдзармæ пæ цæуы, йæхи афтæ са- хоры æмæ дзы тæрсгæ фæкæнын. Уæдæ йын чиныг та йæ къухы уынгæ дæр никуы фæкодтои фынддæс азьт. Гъе, æрмæст уæддæр институты ахуыр кæны. Усы загъ- дау, кæд æн фæуа, уæд хирург уыдзæн, кæд æй пæ фæ- уа, уæд та терапевт. Гъеуый уын нæ хабæрттæ... Фондзæй цæрæм мах; нæ лæг, нæ ус, нæ чызг, нæ лæппу æмæ æз — нæ куыдз Рекс. — Гъæу!-Гъæу!..
«Гъа, де ’лхуий!..» Фати æмæ Мæди фаззæттæ сты. Уындæй та афтæ иухуызон сты, æмæ сæ иуæй-иу хатт кæрæдзийæ иртас- гæ дæр нал фæкæнын. Куы Фатимæ «Мæди», зæгъгæ, сдзурын, куы та Мæдимæ: «Фати». Æппынæдзух дæр сæ иумæ уы- нын. Æвæццæгæп, сæ иу цы акæна, иннæ дæр — уый. Ноджы иу афæ- дзы фæстæ скъоламæ цæуын кæй райдайдзысты, уый сæ уæлдай разæнгард кæны алцæмæ дæр. Фати рагæй дæр тынг æнæзивæг у. Фæлæ Мæди раз- дæр ныры хуызæн коммæгæс нæ уыди. Æрæгæй нырмæ фендæр ис. Иубон дыууæ фаззоны фыдымад рудзынджы раз бадтис æмæ æлвыста. Мæди та уæд чысыл фалдæр дын- джыр бурдзыкку кукла Верæйæ хъазыд. Фæлæ кæд хъазгæ кодта, уæддæр йæ хъустыл нудадзыг уадис Дзыццайы æлхуийы тыр-тыр. Уалынмæ пъолыл фæцыдис цæйдæр къупп. Мæди кæд Дзыццайырдæм нæ бакаст, уæддæр бам- бæрста, йæ тæбын кæй фескъуыд æмæ уый тыххæй йе ’лхуий пъолмæ кæй æрхауд. 54
Ноджы ма ахæм диссаг уа? Раст уый цурмæ æрба- тылд. Уыдта йæ. Зыдта, фелвасын æмæ йæ Дзыццамæ авæрын кæй хъуыдис, уый дæр. Фæлæ æрмæст зонын цы у?.. Мæди æдзухдæр афтæ кодта: цалынмæ йын-иу исчн комкоммæ загъта, уæртæ ма уый афтæ бакæн, зæгъгæ, уæдмæ дын-иу змæлгæ дæр пæ фæкодтаид йæ бынатæй. Гъемæ та уæддæр йæхицæн æнцад бадтис. Сусæгæй цыдæртæ дзырдта Верæйæн, афтæмæй йын йæ къаба ласта. Æлхун йæ тæккæ къæхты цур кæй лæууыд, уый та хъуыды дæр нæ кодта. — Сдæтт-ма мæм æй, мæ къона,— сдзырдта йæм Дзыцца. Уæд æй систа Мæди. Фæлæ та уæддæр стгæ пе скод- та, мийпаг. Бадгæйæ йæ цонг баивæзта Дзыццайырдæм æмæ йæм æй балæвæрдта. Дзыцца æппындæр ницы сдзырдта, куы йæ айста, уæд. Урс тæбыны кæрон афидар кодта, йæ цонгыл цы хæмпус къуымбилы здыхт уыдпс, уыимæ, æмæ та рай- дыдта æлвисын. Мæди дæр та райдыдта нæ Верæимæ архайын. Уалыпмæ фæцыднс уаты дуары хъæр. Мидæмæ дзы æрбахызтис Фати. Уый фæсдуар нæ туфлптæ фелвæста. Иипæ дзабырты фарсмæ сæ фæуагъта. Иæхæдæг бæ- гъæввадæй гауызыл бауадис Мæдийы размæ. Æмæ Ве- рæмæ зилын райдыдтой дыууæйæ. Иæ уæлæ йын скод- той йæ тæккæ дзæбæхдæр дарæс. Сæ ныхæстæм гæсгæ бæрæг уыдпс, семæ йæ дард балцы кæй кодтой, уый. Уæдмæ та ногæй æрхаудис Дзыццайы æлхуи. Æр- мæст ныр раздæр кæм уыдис, уырдæм нал, фæлæ суанг стъолы бынмæ батылдис. Фати йæ куыддæр ауыдта, афтæ кукла бандоныл фæ- уагъта, йæхæдæг стъолы бын фæмидæг æмæ æлхуи Дзыццамæ авæрдта. Уый чызг у, уый! Афтæ хъæуы, уыййедтæмæ... Лхæм æиæзпваг чи у, уый хорз скъоладзау уыдзæн, Æз 05
æй зонын, — загъта Дзыцца. Фатийæн тынг æхсызгон уыдысты уыцы ныхæстæ, ай-гъай. Уæлдайдæр та, «хорз скъоладзау уыдзæн» кæй загъта, уый. Фырцинæй йæ цæсгом ныссырх, Верæйы снста йæ хъæбысмæ æмæ рай- дыдта зарын. Æнахуыр тынг бахъардтой Мæдимæ дæр Дзыццайы ныхæстæ. Йæ зæрдыл æрлæууыд, гыццыл раздæр ын уый йе ’лхуи куыд зивæггæнгæ систа, стæй йæм Дзыцца дæр куыд ницы сдзырдта, уый. Æфсæрмы кодта йæ фыдымадæй æвп йæ хомæ хæ- лæг кодта, уый йæхæдæг дæр ис’мбæрста. Фæлæ цæмæн- дæр тынг æрæикъард. Кæд хъазгæ кодта, уæддæр æппынæдзух йæ хъустыл уадысты: «Ахæм æнæзивæг чи у, уып хорз скъоладзау уыдзæп... Æз æй зонын». «Гъы! Æмæ цътмæ, уæд æз та?» — хъуыды кодта Мæди. — Æз нæма цæуын балцы, — фæкодта Фатийæн. Йæ- хæдæг гыццыл бандои бадавта Дзыццайы цурмæ æмæ уым æрбадтис. Йæ чысыл къух йæ сæрмæ сбыцæу кодта, афтæмæй иудадзыг каст æлхуимæ: куыддæр ма йæ тæбын фес- къуийа æмæ зæхмæ æрхауа, афтæ йæм Мæди фæразæп уыдзæп æмæ йæ Дзыццамæ авæрдзæн. Фати не ’мбæрста, йæ хо æвиппайды йæ фæнд цæмæн аивта, стæй уырдæм цæмæн ацыдис, уый, æмæ та-иу æм лæгъстæгæнæгæу бадзырдта: — Рацу-ма!.. Фæлæ Мæли змæлгæ дæр нæ кодта. Уырныдта йæ, тæбын та кæй аскъуийдзæн æмæ æлхуи ’пъолмæ кæй æрхаудзæи, уый... Иæ зыррытт-иу куы райхъуыст, уæд-иу æлхуи афтæ сцырен, афтæ тагъд зылдис, æмæ йыл-иу Мæдийы цæст нал хæцыд... Загъта-иу йæхинымæр: «Мæнæ ныртæккæ æрхаудзæн». Фæлæ цыма раст уый фыдæиæн уыдпс, уы- йау нал æмæ иал скъуыднс тæбын. Нал зыдта Мæди, цы кодтаид, уый. Йæ зæрдæ æх- 36
сайдта балцы цæуынмæ дæр. Мпййаг Фати æпæ уымæп куы ацæуа куклаимæ, уæд та?.. Фæлæ уæддæр нæ... Цалынмæ Дзыццамæ йе ’лхуи авæра, уæдмæ нæ ацæудзæн... Бакастис та йæм тыхстхуызæй. Пæхæдæг дæр иал бамбæрста, цæмæн афтæ бакодта, уый. Фæлæ дын æваст фæхæцыдис тыппыр гуыбынджып æлхунйыл æмæ йæ бынМæ æрпвæзта. Æрыскъуыдта йып йæ тæбын. Зæххæй пæ фелвæста. — Гъа, де ’лхуи!—загъта ризгæ хъæлæсæй æмæ йæ йæ фыдымадмæ бадардта. Дзыцца йæ кæсæнцæстытыл схæцыдис æмæ йæм комкоммæ бакаст. Мæди хорзау нал фæцис, Дзыцца йе ’лхуи куынæ иста, фæ’лæ йын æнцад йæ цæстытæм куы кастис, уæд. Йæ Сылтæ фесчъилтæ сты æмæ скуыдта. — Уæдæ æз нæ уыдзынæн хорз скъоладзау?!— сдзырдта ма кæугæ-кæуын. Æрмæст уæд фæхъуыды кодта Дзыцца, Мæди афтæ цæмæн бакодта, уый... Айста йе ’лхуи æмæ чызджы йæ хъæбысы æрбакодта. Мæди ма уæддæр акуыдта, стæй куы ’рсабыр, уæд ын Дзыцца загъта: — Нырæй фæстæмæ ды дæр Фатийы хуызæи æнæзивæг куы уай, уæд уæ дыууæ дæр хорз скъоладзаутæ уыдзыс- тут. Æз æй зонын. Уыцы ныхæстæм Мæдийы цæсгом фæрухс. Бауыр- ныдтой йæ Дзыццайы ныхæстæ. Уымæн æмæ Дзыцца æдзухдæр раст фæзæгъы. Гъеуæдæй фæстæмæ Мæди зивæг цы у, уый зонгæ дæр нал кæны.
«Гудоччы та?» Миййаг нæ уынджы хæрхæмбæлд куы фæуат дыууæ чысыл барæгыл, уæд сæ иу æнæмæнг уыдзæн мæ кæ- стæр æфсымæр Бæппу, иннæ та — йæ хæлæртты хуыздæр Гæбу. Бæппуйæн нын хæлæрттæ гыц- цыл нæй. Фæлæ йын дзы уæддæр Гæбуйы ад ничи кæны. Ууыл дæр Бæппуйы хуызæн тагъд сæххæст уы- дзæн фондз азы. Диссаг мæм кæсы, фæллайгæ куыд никуы кæнынц ацы дыууæ лæппуйы, уый. Бон-изæрмæ сын æнцад æрбадæн нæй. Уæлдайдæр та сæм бæхтæ куы фæзынд, уæдæй нырмæ... О, æмæ бæхтæ дæр ома бæхты хуызæн?.. Рагæй лæууыдис нæ цары, кæддæр бæмбæг æмæ хъуымацы гæбазæй арæзт чи уыд, ахæм хъазæн бæхы сæр. Уый афтæ зæронд уыд, æмæ хъуымацы гæбаз цы хуызæн уыдаид кæддæр, уый ныр зын зæгъæн у. Уалдзæджы йæ Гыццн æриста царæй. Морæ хъуыма- цæй йын ног цъар скодта. Бахуыдта йын дзых, хъустæ, цæстытæ. Цармы гæбазæй та йын барц скодта. Æмæ, æвæццæгæн, йæ тæккæ ногæн дæр афтæ нæ уыдис: ра- уадис раст æцæг бæхы сæры хуызæн. Мах ыл æгас бинонтæй дæр бирæ фæхудтыстæм, стæй йæ балæвар кодтам нæ чысыл Бæппуйæи. Уый, кæй 58
зæгъын æй хъæуы, тынг бацин кодта ахæм æнæнхъæлæ- джы лæварыл. Суанг ма йæ йæ чысыл хурсыгъд рустыл дæр авæрдта. джы Æмæ куыннæ! Рагæй бæллы бæхмæ. Уисын бæх йæ зæрдæмæ иал цæуы. Æдзух-ну цы даргъ уисыл бад- тис, уый ныр цалдæр боны кауырæбынæй исгæ дæр иал скодта. Фæлæ ныр йæ зæрдыл æрбалæууыдис. Радавта йæм бæхы сæр æмæ йын æй йе ставддæр кæроныл акодта. Абадтис та йыл раздæрау, æрцæфтæ йæ кодта йæ ех- сæй æмæ азгъордта уынджы дæлæрдæм, Гæбуты- рдæм. Гæбу дæр йе’мбалæй къаддæр нæ фæцин кодта ахæм диссагыл: хъавгæ йын бавнæлдта йæ дзыхмæ, йæ барц- мæ, сивæзта йып йæ хъус. Раст цыма æцæг бæхмæ æв- нæлдта, афтæ йæм фæкаст æмæ йæхицæй фæбузныг. Æцæг ыл чысыл фæстæдæр Бæппу йæхæдæг куы абадти, бæхы мырмыргæнгæ доны былты куы ауагъта, уæд Гæбуйы тыппыр рустыл фырхæлæгæй æрызгъæлдыс- ты цæссыджы ставд æртæхтæ. Леза — Гæбуйы мад — куынæуал фæрæзта йæ лæп- пуйы хæлæггæмаг цæстæпгасмæ кæсып, уæд ын уый дæр бахуыдта ахæм бæхы сæр. Æрмæст уымæп та йæ цъар уыд фæныкхуыз хъуымацы гæбазæй. Гъеуæдæй фæстæмæ дыууæ хæлары æнцой нал зо- нынц. Згъорынц дуртыл, цъыфты, къуыбыртæм. Суанг ма доны дæр згъоргæ бакæнынц. Сæхи чысыл къæхтæ кæп фæллайынц, уый сæ бынтон ферох вæййы, афтæмæй архайынц, зындæр цæуæн кæм у, бæхты ахæм рæтты тæ- рыныл. Мах, нæ бинонтæ иууылдæр, раст нæхи Бæппуйы хуы- зæн сахуыр стæм Гæбуйыл дæр. Æз горæты ахуыр кæ- нынмæ куы вæййын, уæд тынг фæмысын сæ дыууæйы дæр. Сабаты сын мемæ æрласын иухуызон лæвæрттæ. Æрмæст каникулты ам, нæхимæ, куы вæййын, уæд та æппынæдзух хылтæ кæнæм. Арæхдæр, кæй зæгъын 59
æй хъæуы, нæхи Бæппуимæ, фаелæ уæддæр Гæбунмае дæр фæзулдзых вæййæм. Мæнæ та иубон, хæрз æрæджы, доныбыл ведра æх- садтон, афтæмæй мæ разы фепзæрднс Гæбу йæ бæхыл, Æз ын æм амæи размæ афтæ лыстæг никуы бакастæи, фæлæ дзы ныр цæмæндæр мæ цæстытæ атонын мæ бон нал уыдис. Бæхæн йæ цъар сивта, йæ дынджыр хъустæ бынмæ æнаив зæбул æристы. Рахиз ма фидардæр уыдис, фæлæ галпу бынтон суæгъд йæ рæбынæй. Йæ цæстытæ сырх æндахæй хуыд цæмæи æрцыдысты — нæ зонын, фæлæ пын лæвæрдтой æнахуыр тæрсынгæнæн æнгас. Иуныхасæй, бæхы хуызæн тынгдæр уыдис æвн май- мулийы хуызæн, уый зын равзарæн уыд. Æз мæ худын нал баурæдтон æмæ афтæ зæгъын: — Гæбу, дæ бæх куы сæрра ис... Æмæ, бæргæ, куынæ загътаин!.. Стыр мастæн айста лæпиу нæхимæ мæ пыхас. Цыма пстæмæп æфсæрмы код- та, афтæ йæ цæсты уæлтъыфæлттæ бынмæ æруадзгæ- йæ, иуцасдæр æнцад фæлæууыд, стæй араст сæхирдæм. Æз дарддæр мæ худын иæ урæдтон, афтæмæй кастæн йæ фæдыл. Гæбу цыдис, бæх йæ фæстæ ласгæ. Бамбæрс- тон, йæ зæрдæ мыл кæй фæхудт, уый. Æрмæст та 2—3 сахаты фæстæ Гæбу фæзындис по- гæй нæ кæрты йæ бæхыл бадгæ. Уыдис фыццагау хъæл- дзæг. Æрдæбоны маст дзы ферох. Бæхæн дæр йæ галиу хъус йæ уæлæ æрцыд фндаргонд. Гъе, ахæм зæрдæхудтытæ арæх фæвæййæм, фæлæ ма нæ уыцы амонд ис, æмæ фидаугæ тагъд бакæнæм. Уæддæр зпоны хуызæн никуы смæсты дæн Бæппум- тæм. Æмæ цæуыл?... Махæн нæ цæхæрадоны стыр æнгуз бæлас ис. Кæд искуы дарлæн нæ Хъæумæ кæсат, уæд æнæмæнг уæ цæст æрхæцдзæн хъæуы астæу æппæты бæрзонддæр тымбыл- ныв бæласыл. Гъсуый у не ’нгуз. Тыпг рæсугъд бæлас у. Уæлдайдæр уалдзæджы, йæ сыфтæрты зæрдæмæдзæугæ 60
тæф дардмæ куы фæцæуы æмæ йæ сæрæй алымыггаг цъиутæ сæ аив зарæджы зæлтæ зæхмæ куы фервитынц, уæд. Мах тынг бирæ уарзæм нæ бæласы. Уымæ гæсгæ йын йæ бын алы уалдзæг дæр тынг саив кæнæм. Бæласмæ хæстæг згъоры чысыл цæрдæг дон йæ на- рæг къаиауы. Афтæ кæсы адæймагмæ, цыма цæугæ-цæ- уын кæймæдæр тагъд-тагъд фæныхас кæны. Лфтæ тагъд згъоры æмæ йæ чысыл хуыл-хуыладжы бынæй кæддæ- риддæр схъиудтытæ кæнынц æнæнымæц урс-урсид цæп- пузыртæ, цыма дзы исчи ногдыгъд æхсыры ведра нык- кальт, уыйау. Дардыл æппары не ’нгуз йæ аууон. Фæлæ мах бацар- хайæм уыцы зæххы хай иууылдæр хæрззылд æмæ аив скæныныл. Раджы дзы ныссагътам бирæ алыхуызон дидинæджы къудзитæ, æмæ та алы уалдзæг дæр ногæй, сæ фаронæй рæсугъддæр æмæ цардхуыздæрæй рартти- вынц. Сæ алыварс цы дуртæ æвæрд ис, уыдон æдзухдæр вæпйынц чъырæй цагъд, æмæ сыл цыма рыджы мур дæр никуы абады, афтæ зынынц. Бæласы бын нс стыр цыппæрдигъои стъол æмæ бан- дæттæ. Æз сæрд тынг бпрæ уарзьш ам, не ’нгузы бын ба- дын æмæ чиныджы кæсып. Стæй æрмæст æз нæ: уал- дзæг æмæ сæрд сæ улæфты рæстæг ам арæх фæбадынц нæ сыхæгтæ дæр. О, æмæ ме зноны масты кой кодтон... Знои, цалынмæ райсомы æфснæйдтытæ кодтон, уæд- мæ мæ зæрдæ иудадзыгдæр дзырдта, æхсæвы мын æр- дæгкастæй чи баззад, уыцы чиныгимæ. Куыддæр мæ къæ- сæртæ марзт фæдæн, афтæ мæ къухтæ ахсадтон, райстон мæ чиныг æмæ тындзæгау ацыдтæн æнгузы бынмæ. Фæлæ куыддæр бахæццæ дæн, афтæ сагъдауæй аззад- тæн: тæккæ рæсугъддæр ран, стъолмæ хæстæг, стыр зæх- хы гæбаз уыдис къахт. Къахты алыварс та быд уыдис ныллæг пыхцыл кау нæ дидинджыты къалиутæй. Алы 61
рæтты æппæрст уыдысты цавæрдæр згæ æфсæйнæггæ æмæ чъырæйцагъд дуртæ. Æз не ’ууæидыдтæн мæ цæстытыл. Лу, чн бакодтаид ахæм æвирхъау ми æмæ цæмæи?.. Фæлæ дын уæдмæ мæ фæстс æвиппайды æрбапхъуыс- тис Бæппуйы цины хъæр: — Мах та абоы дæр ам хуым кæндзыстæм! Гутонæн! Мæнæ ацы гутоиæй! — базгъордта «хуымгонд» зæхмæ, фелвæста дзы згæ фæрæты саст æмæ мæм æй æвдисы. Ныр бамбæрстои æипæт дæр. Фæрæты саст разын- дис «гутон». Диссаг мæм фæкаст, уыйбæрц кæдмæ сфæй- лыдтой ахæм чысыл згæ фæрæтæй, уый. Уæдмæ мæ масты иу хай дæр ссыд. «Ахæмтæм фæн- ды мæсты кæн, фæнды ма. Æппындæр ницы æмбарынц нырма»,— хъуыды кодтон æз. Бирæ фæкуыстам Бæппуимæ «хуымгонд» зæхх фæс- тæмæ слæгъз кæныныл, каутæ сæппарыныл. Фæлæ нæ ди- динджыты тæригъæдæй цы фæуыдаин, уый дæр нал зыд- тон. Бамбарын кодтон мæ чысыл æфсымæрæн, раст кæй нæ бакодтой, уый. Дзырд дзы райстон, æнæ фæрсгæйæ кæй пицыуал кусдзысты æнгузы бып, уый тыххæп. Стæн уæд райдыдтои чиныг кæсып. Бæппу та мæ разы йæхн стъолмæ спвæзта æмæ йæ къахфындзтыл лæугæйæ архайдта бæхы ныв кæныныл, мæ чиныгæй цы æнæфыст гæххæтты сыф æрхауд, ууыл. Фæлæ æвиппайды фæуагъта йæ куыст æмæ мæ тынг дисхуызæй афарста: — Уын та цæй уасын у? Йæхæдæг та ногæй йе ’ргом аздæхта, æцæг уасын кæ- цæй хъуыстис, уыцырдæм. Æз бамбæрстон, поезды уасынæй мæ кæй фæрсы, уый. Æфсæйнаг фæндаг нæ хъæумæ хæстæг нæу. Уымæ гæсгæ нæм поезд зынгæ нæ кæны. Хъуысы нæм æрмæст- дæр йæ уасын. — Уый поезды уасын у, — загътон æз. Бамбæрстои, 62
ныр та мыл Бæнпу цас фæрстытæ ныккалдзæн, уын. Тынг хынцфарстгæпаг у. Фæнды йæ алцыдæр бæлвырд зонын. Æмæ æцæг: йæ фæрстытæн та кæрон нал уыд: — Æмæ цы у поезд? — Æмæ стыр цæмæн у? — Æмæ йæхицæи фæндаг цæмæн, ис? — Æмæ колхозы цæуылнæ ис поезд, машинæтæ дзы куы ис, уæд? Æз ын радзырдтон, поезды тыххæй цыдæриддæр зыдтон, уыдон. Уый мæм хъуыста стыр адæймаджы хуы- зæн зæрдиагæй æмæ тынг дис кодта алцæуыл дæр. Ныхасгонд куы фестæм æмæ та æз куы райдыдтон чиныджы кæсын, уæддæр ма Бæппу æнцад кастис иу ранмæ — гыццыл раздæр поезды уасын кæцæй хъуыстис, уыцырдæм. Афтæ фæкæсы кæддæриддæр, исты ног хъуыддаг куы базоны, уæд. Æз бамбæрстон, мæ чысыл æфсымæр хъуыды кæнын кæй зоны, уый, æмæ мын æхсызгон уыдис. Чысыл фæстæдæр та мæм Гыцци куы фæдзырдта æмæ мидæмæ куы фæцæйцыдтæн, уæд кæрты мæ размæ фæцис Бæппу. Уый æрбацæйзгъордта мæнырдæм, афтæ- мæй цингæпгæ хъæрæй дзырдта: — Ф.æцæуы поезд! Уасы та! Хъус-ма! Уæртæ ныр та уым! — æмæ амыдта æндæрырдæм. Æз дæр та бай- хъуыстон æмæ æцæг, Бæппу кæдæм амыдта, уыцырды- гæй хъуыстис бынтон мылæг уаст. Уый нæ сыхаг хъæ- уæй фæхъуысы заводы гудоччы уасын. Фæдис кодтон, ахæм мынæг зæлтæ сывæллоны хъус куыд æрцахсы, ууыл. — Нæ, уый поезд пæу. — Уæдæ цы? — Уый та гудокк хуины. — Гудокк? — дисгæнгæ афарста Бæппу. — О, — зæгъын, — гудокк. Бæппу та абоны хуызæн ныр дæр æцæгхуызæй кас- 63
тис уыцы иу ранмæ. Æрмæст мæп нал бафарста, гудокк цы у, уымæй. Бамбæрстон, йæхæдæг цæуылдæр кæй хъуыды кæны, уый. Фæлæ цымæ цæуыл?.. Æвæццæгæн гудоккыл. «Фæлæ ныр гудоккæй мæн куы нæ бафæрса, уæд цымæ йæ цæстытыл цыхуызæнæй уайы?» Ахæм хъуыдытæгæигæ схызтæи хæдзармæ асинтыл. Ныр та мæнæ абон дæр, куыддæр æнгузы бын бан- доныл æрбадтæи æмæ мæ чпныг рафæлдæхтои, афтæ мæ разы февзæрд Бæпиу. Иу бандон мæнмæ хæстæгдæр æрбаласта. Æз куы бамбæрстон, бадын æй фæнды, уый, уæд æй систон æмæ йын феххуыс кодтон бандоныл сба- дынмæ. Мæхæдæг та райдыдтои кæсын. Бæппу бадтпс бынтон æнæдзургæйæ. Афтæ сабыр вæййы æрмæст, хистæртæй искæй нстæмæй фæрсынмæ куы фæхъавы, уæд. Æз æмбæрстон, пыртæккæ мæ фæрсын кæй райдлй- дзæн, уый. — Æмæ дзы ды дæр искуы сбадтæ? — æвпппайды дын мæ афарста Бæппу, цыма раст ныртæккæ кæуыл дзырдтам, ахæм исты хабар уыдис, уыйау. — Кæм? — Поезды. — О, иу хатт дзы сбадтæн, —дзуапп ын радтон æз. Уæд та мæм æрбакаст Бæппу æмæ та мæ иоджы дис- дæрхуызæй афарста: — Гудоччы та? Æрмæстдæр ныр бамбæрстон, знон кæрты лæугæйæ мæ чысыл æфсымæр цæуыл хъуыды кодта, уый.
Сызгъæрин Рухсы тын аныдзæвыд витринæйы сыгъдæг авгыл æмæ мæнгæрттывд фæкодта сызгъæрин Къухдарæн, фæхудти йæ налхъуыт цæстытæй. — Ха-ха-ха! Кæй хъæуыс, сæр- хъæн, уыцы зынаргъæй? Ничи дæ балхæндзæн. Модæйы не сты ныр- тæккæ дæ хуызæттæ,— худæгæй йыл мард йæ сыхаг, мæнгахуырст сырх- цæст Брошкæ. — Ничи?.. Уадз, уæд афтæ... — куыдфæндыйæ дзуапп лæвæрдта Къухдарæи. Фæлæ Брошкæ, йæ ныхас иу загъдæй чи ныууадза, ахæм нæ уыд, миййаг. — Цыдæр æгъуыз дæ, цыдæр,—дзырдта уый æнæ- рвæссонæй,— æрттивын нæ зоныс. Æмæ æлхæнджытæта ахæм адæм сты, æвæдза, дæ удæй арт нæ цæгъдыс сæ разы, дæ цæстытæй сыл цæхæртæ иæ калыс, уæд дæ ни- куы æрхъуыды кæндзысты. — Арт?.. Мæ удæй?.. — дис кодта Къухдарæн. — Ау, æмæ цæмæн хъæуы, сызгъæрин мæнгахуырст хъазæнтæй чп нæ нртасы, уыцы æлхæнæг?! — Уый æмæ дын æз, — стæлтæг и бынтондæр Брош- кæ.—Æз рæсугъд дæи, æрттиваг, сæйрагдæр та — хæрз аслам. Кæсдзынæ, кæддæра мæ цавæр æлхæнæг фæуы- дзæн... Цыд рæстæг æмæ æрхæццæ æппынфæстаг, Брошкæ 5 Дзæгъæлдзу дымгæ 65
афтæ тыпг кæмæ бæллыди, уыцы рæстæг... Кæйдæр лыс- тæг æнгуылдзтæ йæм хъавгæ æрæвнæлдтой, арæхстгай йæ сæфтыдтой хъæдабæ сырх базæй æмæ, о, диссаг! Цæстыфæныкъуыбдмæ смидæг цавæрдæр ног дунейы-- цыргътигъджын чысыл къоппы. Фæлæ уыцы ницæййаг уынгæг бынат дæр æрмæст уый нæ разынди! — астæ- уæй дзы цæхгæрмæ хуыссыд йæ сыхаг — сызгъæрин Къухдарæн. — Кæдæм цæуы ацы хæрзконд та? Ау, балхæди йæ уыцы диссаджы аргъæй?! — æрбамæсты Брошкæ æмæ йыл къахфындзæй ахæцыд, афæлвæрдта йæ аппарыныл, фæлæ дзæгъæлы. Уæдмæ чидæр къоппы сæр æрæхгæдта æмæ бынтондæр баталынг... Æнахуыр даргъ ныцци фæндаг. Цыма йын æппын- дæр кæрон нæй, афтæ каст Брошкæмæ, фæлæ уæддæр æппынфæстаг æрбахæццæ сты. Чидæр къоппы сæр сы- гом кодта æмæ тугыл аскъуыд Брошкæйы сонт æрттывд... Мæнæ та йæ зонгæ лыстæг æнгуылдзтæ... Мæнæ йæм æрæвнæлдтой, андзæвыдысты йæ фарсыл, фæлæ дис- саг — уый уал нæ систой, æрдхæрæны рæсугъды, фæлæ йæ «æнæхуыз» сыхаджы... Систой йæ, ратил-батил æй фæкодтой, кæрæдзиуыл .æй фæбарстой, стæй сæ иуæн йæ тæккæ аккаг разынд æмæ йæ ууыл бакодтой. — Де сæфт æрцыд, æнамонд хæйрæг! — худæгæй та амард Брошкæ. — Цы цард фендзынæ уый хуызæн ку- сæг къухыл? Баихсидзысты дæ мæгуыр фæрстæ. Дыууæ боиваг пе суыдзынæ фыдцарды... Фæлæ та мæнæ уыцы лыстæг æнгуылдзтæ... Систой йæ ацы хатт. Аратил-батил кодтой уый дæр йæ сыхаджы хуызæн иуцасдæр, стæй йæ ныссагътой хæрдгæхуыдтæй фæлыст къабайы тарыл. О, æнæкæрон амонд! Стырдæр- мæ ннкуы бæллыд Брошкæ. Къаба, иударон кæй счын- дæуа, ахæм нæ уыд, миййаг. Райс-бавæрды дзаума, æнæ- мæнг. — Цæудзынæн-иу хъазтизæртæм, стæй чындзæх- сæвтæм, чи зоны, мæ зæрдæпы дзæбæхæн, — ахъуыды 66
кодта Брошкæ æмæ йæ сырх цæстытæй цины цæхæртæ акалдта. Райдыдта уæдæй фæстæмæ сыхæгты ног цард. Къух- дарæн æнæсайдæй куыста йæ хицауæн — галну къухы кæстæр æнгуылдзæн. Иæхн æнпæрста алы ранмæ. Нæ тарст уазал донæй, нæ тарсти тæвдæй, сапоны фынкæй æмæ алкæддæр уыд хъæлдзæг, уæздан худт-иу кодта йæ налхъуыт цæстытæй. Брошкæ, куыд æыхъæл уыди, афтæ цыд æвзаргæ рæттæм. Къахта цæстытæ йæ сонт æрттыв- дæй, здæхта йæхимæ цымыдисты цæстæнгас æмæ фыр- цннæй уыд алкæддæр расыг. Фæлæ рацыд цасдæр рæстæг, æмæ Брошкæ иу бал- цæй æрыздæхт æнкъардæй. Цыдæр фæци йæ сонт æрт- тывд. Уыд фæлладхуыз æмæ йæ сырх цæстытæй згъæлд- та цæссыджы уæззау æртæхтæ. Уый зонгæйæ, йæ къах дæр нпкæдæм авæрдтаид, бæргæ. Къæвда йыл æрцыди, къæвда. Хъаймæты къæвда!.. Фæласта йын йæ мæнг- ахуырст, ахуыссын ын кодта йæ хъал цæстыты зынг. — Цы уыдзынæн ныр? Чи ма мæм кæсдзæн ацы хуы- зæпæй? — хъуыды кодта зæрдæрыстæй æмæ кæугæ-кæ- уын фемдзаст йæ сыхагимæ... Уый ницы бахъыгдардта къæвда, раздæрау уæздан худт кодта йæ налхъуыт цæс- тытæй. — Ау, уый та куыд? — фырмæстæй фестъæлфыд Брошкæ, фæлæ йыл æваст дуне баталынг! Дурыл фæ- цыд авджы къæрцц... Уый Брошкæйы сырх цæст ас- хъиудта зæхмæ. Фидар ма ныххæцыд бæргæ йæ цыргъ къахæй кру- жæвайыл, фæлæ æмбæрста æнамонд Брошкæ: ныртæккæ йæм æрбавналдзысты йæ зонгæ лыстæг æпгуылдзтæ, къабайы риуæй йæ сæфтаудзысты æмæ — дæ фыдгулы балгъитæг афтæ — чъизи бырæттæм æй нывзилдзысты, кæнæ йæ, чи иал бæззы, ахæм згæхæрд зестын къоппы ныппардзысты. Æнæхъуаджы зæронд цæппузыртæ кæм ныппарынц, уырдæм... Къухдарæн та цæры абон дæр. 67
Фыдæхсæв упп!.. Тъупп!.. Тъупп!..— йæхи хойы кæмдæр тæдзынæг. Тъы-тътъупп!— фæзмы йæ тызмæгæй иннæ. «Æвæццæгæн, дыккаг уæлдæрæй хауы»,— ахъуыды кодта Будзи, ныр та галиу фарсмæ зилгæйæ... Фæлæ уæддæр уыцы æгъатыр дзæхст- дзæхст... Цыма йын йæ баз лæдзæ- гæй схости... Тæрсын кæнынц Будзийы арвы знæт гæрæхтæ. Тæрсын æй кæнынц рагацау. Иæ цæсты- ты раз асыффытт ласынц æбуалгъ нывтæ: фесхъиудзæн нана арвы æрра цæлхъытæй... Фехъал уыдзæн... Тыххæй байгом кæндзæн йæ хуыссæгхъуаг цæстытæ -æмæ сонт каст скæндзæн къулмæ, стыр сахатмæ. Стæй уæд... Стæй, чи зоны, ногæй февналдзæн йæ кæнинагмæ. Кæнæ, чи зоны, афæлурс уыдзæн йæ цæсгом. Иæ цонг сбыцæу кæн- дзæн йæ сæрмæ æмæ кæсдзæи кæдæмдæр джихæй, дард, дард кæдæмдæр. Сабыр, тынг сабыргай рабадт йæ хуыссæны Будзи. Йæ чысыл ногæлвыд сæр хъавгæ æруагъта сынтæджы уазал чъилыл æмæ фестад æгуыппæг... Ардыгæй хорз уыны нанайы, хъусы йын йæ улæфт. Стъолылдаргæ цы- рагъы рухсмæ йæм зынынц фæлурс уадултæ, мндæмæ- хауд тар цæстыбынтæ. Уыны йын, пыртæккæ дæр ма 68
йе’нгуылдзты ’хсæнæй дыууæ лыстæг телы кæмæн ферт- тив-ферттив кодта, йæ уыцы къухтæ... Ныр сæ фæллад уа- дзынц. Æвæндон æмæ уæззауæй æрхаудысты йæ* уæр- джытыл. Сæ быны баууæрстой æрдæгконд хъуырбæттæ- ны кæрон, урс хæмпус æндæхтæ... Ныуулæфыд цæмæндæр Будзи. Йæ цæстæнгас хъав- гæ æрхызт пъолмæ. Æрлæууыд стъолы къахы цур, чы- сыл урс къуыбылойыл. Æнæвдæлон уыд уый дæр гыц- цыл раздæр. Нана йын иугæр йе’ндах сивазæд, æндæр- иу райдыдта туллæччытæ, гæппытæ кæнын. Ныр уадз æмæ улæфа... Зыдæй йæм кæсынц Будзийы цъæх цæс- тытæ даргъ цæстыхауты бынæй, нал дзы комынц сто- нын. Цæйас уыди знон! Силæмы сæрæй стырдæр. Ныр та цыма тайгæ бакодта... «Æппындæр нæ бафынæй, æвæццæгæн, дысон, æн- дæр ын куыд бантыстаид уыйас сбийын», —ахъуыды кодта Будзи æмæ тарстхуыз цæстытæй ногæй бакаст йæ фынæй мадмæ. Дысон дæр раст уым бадти нана, стъолы фарсмæ, къæлæтджын бандоныл. Æрмæст дысон фынæй нæ код- та. Бадти æнкъардæй æмæ быдта уыцы урс-урсид хъуырбæттæн. Будзи та йæм каст сусæгæй, хъæццулы бынæй. Йæ цæстытæ йын рæвдыдта цæхæркалгæ телты арæхстджын змæлд, йæ зæрдæ йын рухс кодта цæмæн- дæр. Æрмæст афтæ арæх кæй фæуадз-фæуадз кодта на- иа йæ куыст, уый нæ цыд йæ зæрдæмæ. Цыфæнды гыц- цыл сыбыртт æрбайхъуысæд æдде, æндæр-иу йæ хуыз ауад, кæнинаг-иу йæ уæрджытыл авæрдта æмæ-иу æнæ улæфгæйæ байхъуыста: кæд баба у... Ох, куыд тынг фæндыдис Будзийы йæ мадæн зæрдæ- тæ авæрыц. Фæлæ куыд?.. Цавæр зæрдæтæ?.. Нанайæн йæхицæй хуыздæр чи зоны: уыцафонмæ бафæстиат баба кæмдæр, уæд æнæмæнг расыг у. Æмæ иугæр расыгæй куы ’рбацæуа, уæд та... Нæ, цыфæндыйæ дæр Будзи сфæнд кодта пæ мадæп баххуыс кæнын, хъал уæвын бабапы ’рбацыдмæ... Фæлæ... Бафынæй. Райхъал æй код- 69
той, иуафои æддаг уатæй чп райхъуыст, уыцы æнæсæр- фат хъæртæ. «Баба!.. Расыгæй!» — ахъуыды кодта удаистæй æмæ бакаст æрдæгссыд дуармæ. Йæ цæстытæ ацахстой йæ фыды цъыфæйдзаг дарæс, донласт туфлитæ. Цæсгом æм нæ зынд. Знæт хъæртæ кодтой тыхджындæрæй-тыхджындæр, сысты зæрдæхалæп. Йæ гæртт-гæртт ссыд Будзийæн. Иу заман фесхъиудта дуары цыбыр хъинцмæ æмæ йæ цæс- тытæ ахгæдта. Къахдзæфтæ хæстæгæй-хæстæгдæр кодтой... Нана... Бæрæггæнæг — кæддæра райхъал... Фæлæ мынæг рухс- мæ нæ раиртæста Нана, йæ лæппупы цæсты уæлтъы- фæлттæ кафгæ кодтой, уый. Дзæбæхдæр æй æрæмбæрз- та бæзджын хъæццулæй æмæ йын хъавгæ йæ ныхæн аба кодта. Будзи йын йæ русыл банкъардта хъарм цæссыг, йæ фындзы фарс дзы ауымæл... Æрмæст фæлмæн къах- дзæфты уынæр куы адард æмæ та ногæй дуары хъинц куы фæцыд, уæд байгом кодта Будзи йæ цæстытæ æмæ быннозæй сулæфыд. Бонмæ дæр нæ басабыр тызмæг уынæр æддаг уа- ты. Нæ банцадысты сæ рпзынæй Будзийы лыстæг цæнг- тæ дæр. Нал бафынæй æппындæр, æмæ, чи зоны, абон уымæн æрфынæй кæсыны урочы. Худтысты йыл лæппу- тæ. Ахуыргæиæг æм куы сдзырдта, Будзи дарддæр кæс, зæгъгæ, уæд фестъæлфыд æмæ райдыдта йæ чиныг тагъд-тагъд фæлдахын. Кæспиаг ссардта, бæргæ, фæлæ кæцы дзырдæй райдайа, уый нæ зыдта. Стыхсти... Ахуыргæнæг ын бауайдзæф кодта æмæ æндæр кæйдæр бафарста. Будзи сабыргай систа йæ иогæлвыд сæр сынтæджы уазал чъилæй æмæ, та йæ хъавгæ æруагъта базыл. Тъупп! Тъупп! Тъупп! — йæхи хойы цæуылдæр тæ- дзынæг. Æвæццæгæи, цары зестыл. «Мæсты уарын! — хъуыды кæны Будзи. — Гъемæ уарæд. Æрмæст арв ма ныннæрæд...»
«Дæ цъис нæу...» дде уары æмæ уары... Таяйы сы- вæллæтты цæхæрадонмæ цæуын нæ хъæуы. Хуыцаубон у... Афонмæ та кæртмæ азгъордтаид йæ чысыл хъулон зонтыккимæ. Фæ- лæ нæ. Цалынмæ йæ куыст фæуа, уæдмæ ннкæдæм ацæудзæн. Стыр къæлæтджын бандоиыл лæууы йæ зонгуытыл. Иæ дзыхы акæны æрвхуыз цъæх кърандасы бырынкъ æмæ та дзы цыдæр ацахоры. Урс капрон бант фидар хæцы лыггонд сау сæры- хъуынтыл, фæлæ уæддæр куы’ргуыбыр кæны стъолмæ, уæд сæ кæрæттæ æрæндзæвынц чырынтæ тетрады сыфыл. Хатгай фелвасы йæ сæр. Бакæстытæ кæны нывмæ куы иуырдыгæй, куы нннæрдыгæй. Бахуды йæ мидбыл- ты. Уымæй бæрæг у, йæ куыст йæхи зæрдæмæ тынг кæй цæуы, уый. Æвæццæгæн, ныртæккæ уаты исчи куы уаид, уæд æй æнæмæнг уымæ дæр равдисид. Хъыгаг у, ничи дзы ис. Йæ мад æмæ йæ фыд хæрæнуаты сты. Хуыцаубон кæй у, уый тыххæй уыдоны дæр абон, Таяйы хуызæн, куыстмæ цæуын нæ хъæуы. Æм,æ ауайы чызджы цæстытыл: ныртæккæ цæттæ ныв хæрæнуатмæ баскъæфдзæн, ныццин ыл кæндзысты, æппæлдзысты дзы. О, æнæмæнг афтæ уыдзæн. Уымæн æмæ диссаджы рæсугъд хæдзар у. Йæ сæр сырх-сырхид ахуырст. Йæ тохынайæ та кæлы сатæгсау фæздæг. Уый
хуымæтæджы фæздæг нæу. Раздæр фæздæг хæрдмæ цы- дис, стæй рахизырдæм фæзылд æмæ суанг сыфы кæрон- мæ ахæццæ. Хæдзарæн йæ рудзгуытæ та раст сæхи хæ- дзары рудзгуыты хуызæн сты, цъæх ахуырст. Æрмæст ма йын асинтæ скæндзæн «зæхмæ хизынæн» æмæ уæд бынтондæр уат рæвдз у. Ахъуыды кодта, уы- дон та хуыздæр цавæр кърандасæй скæна, ууыл. Систа, къоппы цы алыхуызон кърандæстæ уыд, уыдон иууыл- дæр йæ къухмæ. Бирæ сæм фæкасти. Фæстагмæ та рав- зæрста сырх. йæ цыргъгонд кæрон ын йæ дзыхы акодта æмæ дзы цъæхахуырст дуары бынмæ фæрсæй-фæрстæм æркодта дыууæ даргъ хаххы. Даргъ асинтæ уарзы Тая. Уæртæ раст йе ’мбал Тим- кæты хæдзарæн чи ис, ахæмтæ. Хорз æм фæкæсы уыдо- ныл зæхмæ æргæпп-гæпп кæнын. Ныр хъуамæ уый дæр æиæмæнг ахæмтæ скæпа. Фæлæ уæдмæ хæрæнуатæй рай- хъуыст йæ мады хъæр: — Тая, рауай-ма ардæм! — Ныртæккæ фæцæуын! — адзырдта Тая æмæ тагъд- тагъд райдыдта асины къæпхæнтæ кæнын. — Иу, дыууæ, æртæ, цыппар,— анымадта сæ.— Нæ, цыппар гыццыл у... Ноджыдæр ма хъæуы скæнын. Æмæ уæд быцтондæр Тимкæты асинты хуызæн уыдзысты. — Æз кæмæ дзурын? — ауади та йæ хъустыл. Ацы хатт Тая ницыуал сдзырдта. Уымæн æмæ фæ- цис... Ныртæккæ æргæпп кæндзæн пъолмæ æмæ йæ ны- вимæ азгъордзæн иннæ уатмæ... Фæлæ мæнæ йæ разы февзæрди йæ мад. Афтæ тагъд æрбауад æмæ йын йе’рбацыд зонгæ дæр нæ бакодта. — Нæ мæ хъусыс? Æдзæсгом! — уыцы ныхæстимæ фелвæста гæххæтты сыф стъолæй. Тая йын хæлофæй ар- хацы цыдæр бамбарын кæныныл. Фæлæ уæдмæ йæ хъу- сыл ауадис гæххæтты хыррытт. Скастис йæ мадмæ. Иæ къухы ма йын ауыдта, абон- дæргъы кæуыл фыдæбон кæны æмæ афтæ рæсугъд чи рауад, уыцы «хæдзар» дыууæ дихæй. 72
Тая ныцъцъæхахст кодта. Æрмæст ын мад ууыл дæр нæ ныууагъта йæ ныв. Уый тагъд-тагъд атымбылтæ код- та сыфы дыууæ æрдæджы æмæ сæ стъолыл ныццавта. Уыйфæстæ йын фæхæцыд йæ цонгыл æмæ йæ скъæфæ- гау акодта хæрæнуатмæ. Ноджы ма йæ слæууын кодта къуымы, кæуынæй кæй нæуал æпцайы, уый тыххæй. Æмæ куыд хъуамæ банцайа?.. Фæлтау æй исчи нæм- гæ куы фæкодтаид, уæддæр ын йæ ныв куынæ аскъуыд- таид йæ мад! Нæу йæ бон бамбарын фондзаздзыд чызгæн, цы зы- лын фæцис, уый. Кæд йе ’ргом къулырдæм арæзт у Таяйæн, уæддæр зоны, йæ мад æмæ йæ фыд стъолы фарсмæ кæй бадынц æмæ цыдæр хабæрттæ кæй кæнынц, уый. Хъуысы йæм сæ ныхас. Зоны, уымæн та, цалынмæ басабыр уа, уæд- мæ стъолмæ хæстæг бацæуыны бар кæй нæй. Фæлæ куыд басабыр уа? Иæ маст йæ зæрдыл куьГрбалæууы, уæд та хъæрдæрæй ныккæуы. Æнæуи йæ исчи куы фæфæрсы, фылдæр кæй уарзы, уымæй, уæд æдзухдæр афтæ фæзæгъы: — Мамайы. Уыйфæстæ ма чысыл алæууы æмæ ма йæм бафтауы: — Стæй Бабайы. Фæлæ ныр æппындæр афтæ нæ зæгъид. Ныр æм хуыздæр кæсы Баба. Мамайы ныртæккæ нæуарзы. Уый нæ, фæлæ, уымæн хъыг чи уаид, ахæм ныхас ын куы зæгъид, уый дæр æй фæнды. Чысыл рæстæг фæхъус йæ кæуынæй. Байхъуыста, ныхас цæуыл цæуы, уымæ. Сабыргай дзурынц цавæрдæр хабæрттæ. Тая се’ппæты не’мбары. Не’мбары, йæ мама «мæцъис» цы хоны, уый дæр. Фæлæ йæм афтæ кæсы, цыма нырæй хуыздæр фадат нал ссардзæн йæ маст рай- сынæи. Æмæ та куыддæр мама уыцы ныхас загъта, аф- тæ ныхъхъæр кодта: — Дæ цъис нæу!.. Бабайы цъис у!.. — æмæ та нык- куыдта. 73
Булæмæргъ æцуды Булæмæргъ. Ауындзæгæй аззайы бæласы зылын къалиуыл, бадзой-дзой кæны, фæлæ не ’руадзы йæхи зæхмæ. Фæлмаст у цъиу, æххормаг. Хæс- тæг, гом рудзынгæй хъуысынц музы- кæйы гуымиры зæлтæ... Хæлд, бын- тон хæлд мелоди... Райхъуысынц ко- контрабасы æдзæлгъæд цæлхъы- тæ, хъуысы халæтты зæрдæхалæи уаст. — Тæхуды, кæд æй ныууадздзысты,— стыхсы цъиу, бакатай кæны, фæлæ уæд тынгдæр ныннæрынц йæ хъу- сы æвирхъауы мыртæ. Тыхсы цъиу, архайы, цы ’рцыд гыццыл раздæр, уы- дæттæ равзарыныл, фæлæ нæу йæ хъару. — Кæд фыдфын уыд?! — фестъæлфы хатгай, байгом кæны йæ цæстытæ, чысыл фæхъæлдзæгдæр вæййы, фæ- лæ та æрбаймысы, æцæг кæй федта, уыцы нывтæ æмæ баризы фырмæстæй... Æмæ та ногæй фæсмон... Ногæй æнæбон сæиттæ... Уыдон сисынц цъиуы сæ мæнг ба- зыртыл. Фæхæссынц æй дардмæ. Аскъæфынц æй фæстæ- мæ уырдæм, дард горæтмæ. Йæ цæстытыл ауайы кон- серватори... тыхджын къухæмдзæгъд æмæ дидинджытæ, йæ фæстаг концерт. — Никуы ’рцыд не’мгæрæтты ахæм курдиатджын за* 74
рæг. Стыр фидæн ис дæуæн æнæмæнг, — дзырдтой сæ- рыстырæй йæ ахуыргæнджытæ, нæ йæ уагътой ратæхын стыр горæтæй, фæлæ нæ байхъуыста. — Нæ, нæ! Хъуамæ сæмбæлон мæ райгуырæн зæх- хыл. Хъуамæ зарæгæй скæнон кад мæ чысыл бæстæн,— уыцы ныхæстимæ цалдæр боны размæ хæрзбон загъта стыр горæтæн. Фаг пæ уыд чысыл базырты тых ахæм даргъ фæнда- гæн. Тæхын бахъуыд æгæрон фурдты сæрты, тахти æрра дымгæты ныхмæ æмæ бастад, тыхулæфт ма-иу кодта, фæлæ нæ фæтарст æвзыгъд чысыл цъиу. Æмæ тахти... Тахти арвы æгæрон тыгъдады ныфс- хаст чысыл цъиу. Йæ бынмæ цæхæртæ калдтой рæсугъд дидинджытæ, æрттывтой хурмæ æвзистхуыз æхсæрдзæн- тæ. Фæндыдис æй æрбадын, фæзарын сæ цуры йæ дис- саджы зарæг, фæлæ зынаргъ уыди рæстæг. О, фæлæ ис кæрон алцæмæн дæр æмæ æрцыбыр иу- заман Булæмæргъы фæндаг. Дардæй зынын райдыдта хурджын чысыл бæстæ... Иæ зонгæ къæдзæхтæ... Æну- сон цъититæ... Цъæх-цъæхид хъæды хъæстæ æмæ йæ райгуырæн горæт æппынфæстаг. Тæхы йæ фæстаг хъарутæй -æвзыгъд цъиу. Йæ зæрдæ байдзаг цин æмæ амондæй. Æмæ куыннæ?! Сæххæст и рагон бæллиц—фесты ахуыры азтæ стыр горæты, ныр æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæм. Иæ зынаргъ, йæ уар- зон бæстæ. Æнцоиæн улæфы сыгъдæг уæлдæф, йæ был- тыл зарынмондагæй хъазы цины мидбылхудт. Тындзы комкоммæ филармонийы стыр галуанмæ. Ыссардта «хи- цау» фыст кæуыл уыд, уыцы дуар, банхъæлмæ каст ба- цæуыны радмæ, фæлæ, куыд æыхъæл уыд, афтæ æицо- нæй нæ баирвæзт мидæмæ. Фынддæс раны æрурæдтой фæллад цъиуы, фынддæс рапы йæ бафарстой, чи у, цы йæ хъæуы, уымæй, стæй йын бакодтой авд æргъæу дуа- ры... Зынаргъ гауызтæй фæлыст уаты, сызгъæрин къæ- лæтджыны бадти хицау — гуыбырфындз сау Халои. 75
— Цæмæн Халон?!—йæхинымæр бадис кодта Булæ- мæргъ æмæ хъавгæ къахдзæфтæй бацыд йæ цурмæ... йæ цармы нæ цыди хицау, йæ хъуын лæгъз бадти йæ сау цармыл æмæ цæхæртæ калдта боны рухсмæ. Кæсгæ не скодта æрбацæуæгмæ, æрмæст йæ зылын фындз зына- нæзына фезмæлын кодта, ома, сбад, зæгъгæ, стæй йæм фæрсæджы каст бакодта хинæйдзаг дзыгъуыр цæстытæй. — Æз... Æз куыст агурын... зарæггæнæджы куыст, — къуызгæйæ загъта Булæмæргъ. — Ха-ха-ха! Зарæггæнæджы, и? — уазал цæстæнга- сæй йæ сбарста къахæй сæрмæ æмæ ма æрæджиау баф- тыдта йæ ныхасмæ: — Нæй махмæ куыст. Растдæр зæгъ- гæйæ та — алчи нæм нæ бæззы. — Консерватори фæдæн каст стыр горæты... — Уый уæлдай нæу! — йæ цæстытæ туджы разылдта Халон. — Иттæг хорз бæрæггæнæнтæ ис мæ гæххæтты. — Ха-ха-ха! — худæгæй та афæлдæхт Халон. — «Стыр горæт», «бæрæггæнæнтæ»... Уыдæттæ махæн ницы сты, мæ лымæн, ницы. Махмæ нæхи закъоитæ ис. Ха-ха- ха!.. Табуафси, нæ бон дæ у афæлварын. Кæннод зæгъ- дзынæ, æвзæр хицау дæн. Маргæйдзаг худт та ныккодта, стæй та йæ цæстытæ туджы’ разылдта æмæ йæ концертон уатмæ арвыста. Стыр оркестр... Зынаргъ инструментты æрттывдæй куырм кæнынц цæстытæ. Сæ уæлхъус бадынц хъæрццы- гъатæ, цъиусуртæ, халоны лæппынтæ. Ниуынц тенортæ, альттæ, цъыс-цъыс кæнынц примæтæ, хъуысынц контра- басы æвирхъау цæлхъытæ. Йæ удæй арт цæгъды дири- жер — хицауы хуызæн сатæгсау Халон, æрмæст мæллæг- дæр. «Хæлд музыкæ... Куыннæ нæ æмбарынц? Æндæр, бынтон æндæр нотæ»...— хъуыды кæны Булæмæргъ, нын- ныгъуылд фæсдуар, æнхъæлмæ кæсы, кæд æй æрхъуыды кæндзысты, уымæ. — Цæй, ныззар!.. — Цæй... «Хъуахъхъ», «хъу- 76
ахъхъ»! — æппынфæстаг æм разылд дирижер, йæ цæс- тыты раз ын стылдта йæ цыргъ къæцæл. — Хъуахъхъ! Хуахъхъ! — Хъæрдæрæй ноджыдæр! Ноджыдæр!.. Бæзджын- дæр хъæлæсæй!.. Æви никуы фехъуыстай дæ дунейыл Халоны уаст?! — хъæртæ йыл кæны дирижер, йæ размæ нын тилы къæцæлы бырынкъ. — Тынгдæр схæлиу кæн дæ дзых, æнаккаг!.. Тынг- дæр!.. Ноджыдæр!.. «Хъуа-ахъхъ!»... — Ницы дæ рауайдзæи. Дæ хъæлæс нæ бæззы,— загъта фæстагмæ æмæ æруагъта йæ къæцæл, азылд ор- кестрмæ. Булæмæргъ сагъдауæй баззади къулæнцой, фæнды- дис ма йæ цыдæр сдзурын, фæлæ йыл дирнжер ныцъ- цъæхахст ласта: «Ам ма дæ?» Стæй йæм къæцæлæй фев- зыста. Фæтарсти Булæмæргъ. Дуармæ нал фæцарæхст, фæлæ къулы хуынкъыл атахти удаистæй æмæ хæстæг- дæр цы бæлас уыд, уый къалиуыл ацауындзæг. Ризы æнамонд цъиу. Фæцуды, бадзой-дзой кæны æмæ хъуыды кæны, цы фæуа, ууыл. Фæтæхид уæлдæр хицаумæ, фæхæссид æм йæ хъаст, фæлæ, куыд æмбары, афтæмæй уый дæр халон у, сау халон.
Хъохъо Æгас сыхы уасджытæй Хъохъойы хуызæн хъал ничи у. Цыма дунейыл уыйхуызæн цæхæркалгæ хъæда- бæцъар кæрц æмæ бур цырыхъхъы- тæ никæмæн ис, афтæ йæм ка^сы. Бынтон хъал та, арвæрдыны æрт- тывд ын цы рæсугъд цыллæ къæдзил кæны, уымæй сси. Ноджы ма æппæт уыдæттæй уæлдай йæхи хоны «Зон- даби». Стæй иубон кæйдæр уасæ- джы асыччы сæрæй куы аппæрста, уæдæй нырмæ та аф- тæ хъуыды кæнын дæр райдыдта, цыма дунейы тых- джынтæй тыхджындæр у. Æмæ, æцæг, дынджыр æмæ зондджын у Хъохъо. Æвæццæгæн ыл ахæм ном дæр уымæн сæвæрдтой. Æвæццæгæи æй хъулон уарзт уымæн кæны хæдзары æфсин Нуца дæр. Стæй æрмæст Нуца нæ. Стыр кад ис Хъохъойæн сæ мæргъты æхсæн. Уыдон æй хонынц сæ паддзах. Цыма Хъохъо бон-изæрмæ кæрты къуымты куынæ рацу-бацу кæнид, алыхуызон знæгтæй сæ куынæ хъахъхъæнид, уæд афонмæ æмбис фæуыдаиккой, афтæ сæм кæсы. Искæцæй хъæрццыгъа куы фæзыны, уæд æй æппæты фыццаг Хъохъойы цæхæр цæстытæ ауыныпц. Æппæты фыццаг Хъохъойы зондджын сæр æрцахсы, ахæм тæссаг заман сæ кæцырдæм алидзын хъæуы, уый. Стæй хæм- 78
пæлтæм сæхи амбæхсынмæ куы фæцæйзгъорынц, уæд та алы хатт йæхи фæсте бауромы, цæмæй иннæтæм йæ цæст дара æмæ сæм фыдбылыз æмгæрон ма ’руадза, уый тыххæй. Хъохъо йе сæфт уыны хылгæнаг уасджытæй æмæ йæхæдæг дæр никуы фæхыл кæны. Æрмæст сыхæг- ты уасджытæй искæй фыдуагæй куы фены, уæд ууыл тынг смæсты вæййы. Ахæмы асуры, уайтагъд æй сæ кæр- тæй федде кæны. Тынгдæр йæ хæрзæгъдауы тыххæй уарзынц Нуцайы мæргътæ дæр Хъохъойы. Уый тыххæй дзы феппæлынц алы ран. Цыма уыдоны хуызæн зондджын æмæ æгъдау- джын раздзог дуыейыл никæмæн ис, стæй цыма æндæр раздзогимæ цæрын зонгæ дæр нал бакæниккой, афтæ сæм кæсы. Уыдон ын æмбарынц йæ хорздзинæдтæ. Арæх сæм рауайы ныхас йе ’мбисонды рæсугъддзинадыл дæр. Фæлæ йын ахæм заман ракæнынц йæ кæддæры сырх зæлдаг сæрвасæны кой, уагæры, дам, ма йæ ныр уый дæр куы уаид, уæд кæм цæуид йæ рæсугъддзинад! Сымах, æвæццæгæн, пæма зонут, цавæр сæрвасæн ын уыд æмæ цы фæци, уый. Гъемæ уæдæ байхъусут. Æз уын æй радзурон. Хъохъо фарон дæр дынджыр уасæг уыд. Уæд дæр ны- ры хуызæи хъал æмæ рæсугъд уыдис. Чи зоны æмæ ма ноджы рæсугъддæр. Уымæн æмæ-иу уæд хурмæ тæмæн- тæ калдта, йæ сæры астæу цы сырх-сырхид зæлдаджы хуызæн къоппа уыдис, уый. Алчидæр ын æй сырх сæр- васæн хуыдта, рæсугъд æмæ хырхы хуызæн къахыр-ма- хыртæ кæй уыднс, уый тыххæй. Хъохъо йæхæдæг дæр æмбæрста, дзæбæх ыл кæй фидыдта, уый æмæ дзы тынг хъал уыд. Цæугæйæ-иу йæ сæр бæрзæндты хаста барæй, цæмæй йæ сæрвасæн алыранмæ дæр зындаид, уый тых- хæй. Афтæмæй йæ бахъахъхъæнын нæ бафæрæзта... Иу æвзæр миниуæг уыд Хъохъомæ, гыццыл цъиу ма куы уыди, суанг уæдæп фæстæмæ: хæринагыл зыд код- та. Куыддæр-иу Нуца згъæлд нартхоры къусимæ дуа- рæй рахызт, афтæ-пу Хъохъойæп йæ цæстытæ ахъоппæг 79
сты æмæ йыл-иу йæхи уыцы иу цæф ныккодта. Цъил-иу фестад йæ алыварс. Райдыдта йын-иу холлагмæ лæбу- рын, къус йæ бырынкъæй къуппытæ кæнын. Кæрчытæ æмæ-иу бабызтæн фырæфсæрмæй сæ цæсгæмттæ ссыгъ- дысты æмæ йып-иу райдыдтой уайдзæфтæ кæнын: Атъæпп уа дæ гуцъа Уый хуызæн зыдæй! Мацуал ын дæдт, Нуца, Уадз, мæлæд сыдæй! Уæдмæ-иу æнæхъæн кæртыл айзæлд рæдау Нуцайы хъæлæс: — Дзипп! Дзипп! Дзнпп!.. Куыддæр-иу мæргъты алырдыгæй йæхирдæм згъор- гæ ауыдта, афтæ-ну асæххæтт ласта згъæлд нартхор. Зæхх-иу урс-урсид адардта. Иууылдæр-иу фæхъус сты æмæ-иу февнæлдтой нæмгуытæ уидзынмæ. Бæстæ-иу къупп-къупп сси. Йæхи-иу хорзæй нæ равдыста ам Хъохъо. Уайтагъд- пу зæрдæйы фæмидæг стыр тас, миййаг, куыд вæййы, цы вæййы, куынæ бафсæдон, зæгъгæ. Хъыг-иу ын уыд не’мбæлтты уынд. Мæстæй-иу ссыгъд. Кæмæдæрты-иу фæдзагъултæ кодта, кæйдæрты-иу дзы фесхуыстытæ кодта. Рахъавыд-иу суанг се’ппæты асурынмæ дæр. Фæ- лæ уалæн йæ бон кæй ницы бауыдзæн, уый-иу куы бам- бæрста, уæд-иу хъуыр-хъуыргæигæ райдыдта хæрын. Æрмæст та-иу уæддæр, ома, иу ран æрлæууыдаид? Куыннæ стæп!.. Иуырдæм — гæпп, иннæрдæм — тæр- рæст! Гогызтæ мæсты кодтой, æдзæсгом уасæг алыхатт нартхоры нæмгуытæ йæ ставд къæхты бын кæй æууæр- ста, ууыл æмæ йæм-иу баздæхтысты: Сойджын урс нæмгуытæ Чн кæны къæхты бын? 90
Мауал кæ гæппытæ, О, Хъохъо — фыдгуыбын! Фæлæ ма-иу Хъохъо уайдзæфтæм куы хъуыстаид, уæд бæргæ... Иннæтæ-иу куы бафсæстысты, уæд-иу, хъæлдзæг зарджытæ кæпгæ, алырдæм фæпырх сты. Хъо- хъойæн та йæ гуцъа фырдзагæй скъуынгæ куы акодта- ид, уæддæр цалынмæ зæххы фæстаг нæмыг уыдтаид, уæдмæ йын ацæуæн нæ уыд. Ахæм фыдгуыбып уыдис, гъе! Æмæ фароны зымæг уыцы стыр бæллæхы дæр уы- хмæи бахауд. Мæнæ тынг хъызт бон куы скодта, зæхх æмæ бæлæс- ты къалиутæ уазалæй куы ныдздззегæрæг сты, мæргътæ та саратæй æддæмæ ракæсын куы нал уæндыдысты æмæ кукатæй сæхи кæрæдзимæ куы ’лхъывтой, раст уæд æр- цыд ацы хабар. Уыцы изæр Нуца пппæ хæттытæй фылдæр хæринаг акалдта йæ мæргътæн, уадз æмæ ацы уазалы сæ фаг ба- хæрой, зæгъгæ. Минасмæ та æпиæты разæй фæзынд Хъохъо. Цыма йæ къæхтæ тæвд къæйыл сыгъдысты, уыйау та райдыд- та гæппытæ æмæ схъиудтытæ кæнын. Иинæ кæрчытæ уайтагъд сæхи афсæстой æмæ къорд- тæ-къордтæй фæраст сты, заргæ: Нард хорæй та фестæм Не ’ппæт дæр сæлæф. Мах Хъохъойау ,не стæм Зыд æмæ кæрæф. Фæстæмæ ма фæйнæ касты фæкодтой, иунæгæй парт- хоры нæмгуытæ хæлофæй чи ныхъуырдта, уыцы Хъохъо- мæ æмæ, пыррыччытге кæнгæ, кæркдонырдæм аивгъуыд- той. Хъарм кæркдоны дуар гомæй куы баййæфтой, уæд бацин кодтой. Гогызтæ, кæрчытæ æмæ уасджытæ уай- 6 Дзæгъæлдзу дымгæ 81
тагъд спæррæстытæ кодтой æфтуанхъæдтæм æмæ сыл фæрсæй-фæрстæм рабадтысты. Хъазтæ æмæ бабызтæй дæр алчи йæ хъарм бынат ссардта æмæ дзы æхсызго- нæн йæхи æруагъта. Цыдæртæ ма адыгъал-дыгъул код- той фырцинæй. Уалынмæ сыл чидæр кæркдоны дуар æр- бахгæдта æмæ уæд аныгъуылдысты талынджы. Хъохъо ма уæддæр нæмыгдзуан кодта. Иæ гуцъа ныддымст, æруæззау æмæ иуфарсырдæм ракъуыпп. Уæд- дæр йæ цæст нæ уарзта зæххы хоры гага ныууадзын. Изæрмилтыл ма зымæгои мигъ дæр куы бафтыд, уæд Хъохъо фæтарст æмæ уæззау къахдзæфтæй араст кæрк- донырдæм. Хорзау нал фæцис, кæркдоны дуар æхгæдæй куы баййæфта, уæд. Адæргæй йæ рæзты арауай-бауап кодта, стæй уæд схызт, кæркдоны раз цы стыр бал бæ- лас зайы, уый цъупмæ. Йæ зæрдæмæ фæцыд йæ ба- дæн — зылын къалиу æмæ йыл уайтагъддæр афынæй... Æхсæвы арв ныйирд, æмæ ма уазалыл ноджыдæр бафтыд. Хъохъо цалдæр хатты райхъал. йæхи бынтон ныб- букъ кодта кафæг нæлгогызау, кæд мын афтæмæй хъармдæр уаид, зæгъгæ. Фæлæ йын уæддæр уазал йæ гом сырх къоппа æлхысчъытæ кодта. Уалынмæ æрхæццæ кæркуасæн. Æрбайхъуысти фа- лæсыхаг уасджытæй иуы уасын: — Хъи-хъ-хъыры-хъу-хъууу! Хъохъо дæр рахъавыд иннæ хæттытау йæ базыртæ сцæгъдын æмæ ныууасын, фæлæ куыддæр фезмæлыд, афтæ йе’ргъæвст къæхтæ фæцудыдтой. Бадзедзырой код- та къалиуыл. Нал баурæдта йæхи æмæ, къалиуæй къа- лиумæ хаугæ, йæ тъæпп зæххыл фæцыд. Змæлын дæр нал бафæрæзта. Куыддæриддæр æрхауд, афтæ, пакаба- зырæй, хуысгæ баззад миты рагъыл. Æнæкæронæй йæ хъустыл цыди сыхы æмæ сæхи уас- джыты уасын. Цыма йæ мæстæй мардтой се’ппæт дæр, афтæ йæм фæкаст. ^- Сæ бонæй уой! Цæуылпæ уасой сæ хъарм бьщæт* №
тæй?—хæлæгæй йæ зæрдæ скъуыди æргъæвст Хъохъо- йæн. Æрбамбырд кодта йæ фæстаг тыхтæ. Сфæнд кодта, куыддæр ма сæхи кæркдонæй райхъуыса: «х’ъи-хъ-хъы- ры-хъу-хъууу», афтæ иунæг хатт уæддæр ныууасын. Фæ- лæ йын йе’взаг цыма исчи йæ комарынгыл нынныхæста, уымæй уæлдай змæлын дæр нæ бакуымдта. Ноджы ма йын уыцы дзаг гуцъа дæр йæ къубал ныззылын кодта, æмæ хъихъгæнаджы улæфт иал цыд. Райсомы та Нуца йæ мæргътæн хæринаг ракалдта, фæлæ сын се’хсæн Хъохъойы куынæ федта, уæд фæтар- сти. Иæ сидынмæ дæр куы никæцæй фæзынд, уæд æй агурын райдыдта. Чысыл фæстæдæр æй куы ссардта, уæд æй уыцы салдæй бахаста хъарм хæдзармæ æмæ йæ тæвд пецы фарсмæ цавæрдæр бæзджып дзаумайы уæлæ æрæвæрдта. Раздæр æппындæр не’змæлыд Хъохъо. Фæстæдæр райдыдта йæ сæрæй æркув-æркув кæнын æмæ афтæ фæ- кодта бон-изæрмæ. Изæры фæсæрæндæр. Слæууыд йæ къæхтыл. Нуца йын хъарм доныл змæстæй цы хæринаг сцæттæ кодта, уымæй ма куы ахордта, уæд бынтондæр схъæлдзæг. Райдыдта рауай-бауай кæнын. Иуныхасæй, рынчын фервæзт. Æрмæст дыккаг бон иннæ хæттытау йæ сæр бæрзæнд- ты нæ хаста Хъохъо. Нæ архайдта йæ диссаджы къоп- па — йæ сæрвасæн искæмæ æвдисыныл. Уый йын раздæ- рау сырх тæмæнтæ нал калдта, фæлæ ныттар ис. Фæс- тæдæр та ууыл дæр нал баззад, фæлæ ныххус, уалынмæ та бынтондæр ахауд Хъохъойы хъалгæнæн сæрвасæн. Раджы уыдысты уыцы диссæгтæ. Раджы ферох Хъо- хъойæ, кæддæр ын ахæм къоппа уыдис, уый. Æрмхет дзы уыцы уазал æхсæвы хъизæмæрттæ никуы ферох уьызыс- ты. Уыдон ын фесты зондау. Бамбæрста, йæхи аххосæй пыл кæй æрцыдысты, уый. Æрфæсмон кодта йæ кæддæ- ры рæдыдтытыл. Уыцы бонæй ацы бонмæ бынтон æндæр уасæг фестад Хъохъо. Иннæты хъуагæй йæ дзыхмæ гага не схæсдзæи. Иунæг хоры нæмыг кæнæ уаллон куы сса- 83
ры, уæддæр цалынмæ фæдпс ныхъхъæр кæны æмæ гыц- цыл цъиуы онг се’ппæты дæр æрæмбырд кæны, уæдмæ йæм никуы бавналы. Мæргътæн зыд кæнæ хыл чи кæна, уыдоны та йæ зондджын уайдзæфтæй ныфсæрмы кæны. Уымæ гæсгæ афтæ тынг уарзынц ныр Нуца дæр æмæ сæ хæдзары мæргътæ дæр Хъохъойы.
Бади æмæ Дафи Мæлæты сонт хур ныккаст сихор- мæ’ввахс. Æнæвгъау сыгъта, къахта йæ зынгæй цæсгæмттæ. Фæлæ уый тыххæй чи хъуамæ аргъæвтаид йæ балц æндæр хатмæ... Автобустæм кæм фенхъæлмæ кæсынц, уыцы фæз æмызмæлд уыд цæуджытæй. Се ’ппæтыл не’ххæст акациты сæвджын аууон. Не сфаг сты утæппæт цъæх- ахуырст бандæттæ дæр. Æмæ уы- мæ гæсгæ иуæй-иутæ та лæууыдысты хуры къæймæ. Пыхцыл æхсынцъыйы бын цы даргъ бандон ис, ууыл ма уыдаид бæргæ искæмæнты æрбадæн, фæлæ уый та бацахстой алымыггаг хызынтæ æмæ урс салфеткæтæй баст тæбæгътæ — хуынтæ. Сæ фарсмæ бандоны кæрон чи бадти, уыцы сылгоймæгты та дыууæйæ дæр фæхонæн уыд хуындзаутæ, æвæдза сын сæ ныхæстæм афтæ лæм- бынæг ма байхъус, уæд. — Дафи! Æмæ сабаты куы ацыдтæ Джызæлмæ, уæ- дæй нырмæ ма уым уыдтæ, æви та ногæй ауадтæ? — фарста саулагъз къæсхуыртæ сылгоймаг иннæйы. — Мæ хæдзар! Цытæ мын дзурыс?! — фырдисæй йæ бадæнæй куыннæ асхъиудта инпæ — сырхсæрбæттæн- джын, йæ урс цармы дзаг чи нынцæрст, уый.—Æниу мæ ныр уагътой? Тæхуды, Бади, ды мын дæхи цæстæй’куы федтаис уыцы диссаджы чындзхаст. Уырдæм лæвары 85
хорзæй чи ’рцыд! — ныххæцыд йæ сæвджын цæсгомыл. Стæй æруагъта къухтæ, ракаст та фæстæмæ йæ къуырф цæстытæп æмæ, йæ хъæлæс бæрзонд сисгæйæ, райдыдта хæлофæй нымайын: — Йæ иу фыды хо йын — хорз гауыз. Иннæ йын — хорз сахат, — алы дзаумайы ном сдзургæйæ дæр бата- сын кæны йæ тыппыр æнгуылдзтæй иу æмæ бакæсы Ба- дийы цæсгоммæ, кæддæра куыд акæнид, зæгъгæ. Фæлæ йыл куы ницы уæлдай ивддзинад рахаты, уæд иннæ дзаумайы ном фæзæгъы хъæрдæрæй, йæ «хорз» та фыл- дæр «х»-тимæ. — Æмæ Казик дæр демæ уыд уал боны? Уæд йе скъола та? — цыма Дафийы «диссæгтæ» æппындæр йæ хъус пе’рцахста, уыйау та фæкодта Бади, æхсынæнты ку- локкимæ сæм чи’рбацæйуад, уыцы дæсаздзыд хæрзхаст лæппумæ кæсгæйæ. — Уæдæ цы? Мемæ. Тæх-худы, ды мын уымæ каф- гæйæ куы бакастаис... — цыма Бадийы фарст кæцырдæм уæз кæны уый нæ раиртæста, уыйау та æппæлыныл нал ауæрста Дафи. Уæдмæ ’рбахæццæ йæхæдæг дæр къæбæлдзыгсæр урс- цъар Казик æмæ йæхи тыхтъыст æркодта йæ мадæй Ба- дийы астæу. — Ноджы йын йæ цухъхъатæ дæр аластон. Гъемæ йыл, мæ хур, адæм сæ цæстытæ æрæвæрдтой, — кулок- кæй æхсынæнты армыдзаг исгæйæ æппæлыд æмæ æппæ- лыд сылгоймаг. Казик та стыр уæлахиздзауы цæстæнга- симæ къæпп кодта æхсынæнтæ æмæ сын сæ цъæрттæ згъæлдта йæ къæхтыл, йæ мады зæлдаг къабайы фæд- джитыл... — Фæлæ дын уый дзырдтон, Бади: уырдæм лæварæй чи ’рцыд?! Цы сæ фæкæндзысты, уый диссаг у. Авæрдты- тæдзы кодтой, раст зæгъын хъæуы. Мæнæн дæр,—ус ба- каст йæ дзаг хызынтæм. — Нæ лæгæн хæдойнагæй, мæ- хицæн — къабайагæй. Кæнæ уым цы хойраджы бæркаД уыд! Гъемæ та, мара-зæгъа, кæд мæ дзыхмæ псты хас- 86
тон. Æвæццæгæн, зæгъын, ууыл дæр лæг йæ ргæнизмы куынæ сахуыр кæна, уæд... Ныллæууыдысты æмæ мæ нæма уагътой, æххæст, дам, хуыцауæхсæвмæ лæуу хуын- дзауты æрбацыдмæ. Гъемæ, заууатт фод, нæ хæдзармæ зæрдæхсайгæйæ ратахтæн. Æмæ æниу æнамонд дæн мæ удæн, уыййедтæмæ иуиæг у нæ хæдзар? Заретæ уым нæй? Бафæдзæхстон ын: хъусыс, скъоламæ, зæгъын, къахдзæф дæр нæ, цалынмæ æз æрцæуон, уæдмæ. Уæд та нæм, зæгъын, дзурæг фæци... — Кæцы къласмæ дын цæуы, Заретæ? — кæд æппын ма уыцы æнæзонгæ кæйдæрты хабæрттæй фервæзин, зæгъгæ, ныхас æндæрырдæм аздахыныл бацархайдта Бади. — Дæсæм къласмæ. Иуæхсæв нæ хъуыстай се’нæха- йыры ныййарджыты æмбырды? Иу ахуыргæнæг радзу- ры, æмæ — Заретæ афтæ у, уфтæ у. Иннæ радзуры æмæ та — уый фыдгой. Цымæ мын цæуыл мæ чындздзон чыз- джы койаг кæнынц, фыдбон сыл бакæна: «Æфсæрм æм фаг нæй. Æгæр къæйных у». Цыма та къæйных дæр зиан у! Мæ фыдгул та ма ныртæккæйы заман къæйных ма уа. Бирæ æмбарынц. Лæппутæн дæр мын афтæтæ фæкодтой, цалынмæ уым ахуыр кодтой, уæдмæ. Сæ ных- тæ сæ ныссагътой. Æмæ уый æгъгъæд нæу. Фæлæ ма ныр дæр хъуыстай директормæ? Уыдонæн дæр, дам, æдзух сæ сæрыл хæцыдтæ æмæ, дам, ныр сæ рæстæг тигъ- тыл лæугæйæ æрвитынц. Цымæ дзы уыдон йедтæмæ ничи фæлæууы! Цыма кæмæй фыдуагдæр сты, пе кæмæй æвзæрдæр у сæ цард. Хистæр лæппу ныууагъта йе скъо- ла æмæ уый тыххæй ныр нæ кусы шофырæй. Цынæхуы- зы æрттивгæ машинæйыл нæм не’руайы горæтæй, ахæм куынæ и. Иннæ та уæдæ скъола ’æнæхъæнæй бакаст. Дыууæ азы размæ. Æмæ дыууæ боны йæ фæллад куы суадза, уæд диссаг у. Æниу æм æф адмæ кæцы бон фæ- дзурдзысты, уый бæрæг дæр иæй. Цытæ мæм æрбауæн- дыдысты, — йæ цæстытæй маслы цæхæртæ калгæ, иал æмæ нал æнцад Дафи. Хъæусоветы сæрдары цотæн, дам. 87
хуыздæр æмбæлы. Æмæ сæ нæ лæгæн йæхицæн куы ра- дзырдтон, уæд уый та махæй тынгдæр рамæсты. Æрт- хъирæнтæ кæны ахуыргæнджытæм. Омæ диссаг цы у, ныр махмæ афтæтæ чи’рбауæидыд, уыдон ма æндæр ис- кæмæ уагæр... Мæнæ ацы лæппу цы у нырма! — Казич- чы сæр æрхоста бынмæ. — Æнгуылдзы йас Æмæ нæ хъуыстай, уымæй дæр ма хъаст ракодта цыппæрæм къласы ахуыргæнæг. Цыма нырма амæн та цы бæрæг пс, куыд ахуыр кæндзæн, уымæн. Гъеныр, Бади, дæуæн аимæ цы лæппу ахуыр кæны, уымæй цы рауайдзæн, уы- мæн нырма исты зоныс? Уæддæр дын дзы æппæлын рай- дайынц. — Тамик та кæм ис? — мады хъæбысæй йæ къæбæл- дзыг сæр фелвæста Казик. Æвæццæгæн, нырма ныртæк- кæ фæхъуыды кодта йе’мбалы мады. — Нæхимæ, мæ къона. Зæлинæимæ сæ цæхæрадоны кусгæ ныууагътон. Мæнæн æм ацы аз, мара-зæгъай, кæд мæ къух бакæнын дæр бауагътой. Знон ма сын дзы чы- сыл аззад, æмæ, дам, æй абон скъоламæ цæуыны размæ фæуыдзыстæм. Сæ дыууæ дæр снхорæй ахуыр кæнынц. Æз та Тамиккæн кедтæ æлхæнынмæ рауадтæн ардæм. Райсом сæм физкультурæ ис æмæ йæхиоитæ нал бæз- зынц, — æркаст, уæдæй пырмæ йæ хъæбысы цы чысыл тыхтон дардта, уымæ. — Сæ туджы фæвæййы цотæн ахуыр, æндæр цы’нхъæ- лыс, Бади, — райдыдта та Дафи. — Битырыстæн, сæ ту- джы хатты, æндæр дзы мад æмæ фыд та цы сты? Гъе- ныр дæуæн дæ хистæр лæппу горæты стыр скъоламæ бахауд, зæгъынц, гъемæ ды йемæ экзамен кæнынмæ ацыдтæ. Мæнæй уæлдай ды дæр чиныджы куы ницы зо- ныс. Уæдæ ма мæнонты фæдыл сæ фыд ауайдзæн, дæ- уæн та сын фыд дæр куынæ ис. Ам ма дын цы чызг æмæ лæппу ахуыр кæны, уыдонæй дæр дын айразмæ æппæлы- дысты, æхсызгон мын уыд,— йæ цæсгом фæтархуыз, аф- тæмæй загъта фæстагмæ. — Гъемæ-ма раст зæгъ, ды сын амоныс уыдонæн дæр? Иу æхсæв дæ уыцы æнæрайы «?
æмбырды куы фарстой, афтæ раст хъомыл кйнын сæ дæ бон куыдæй у, зæгъгæ, уæд дæхæдæг дæр афтæ куы загътай. — О. Æмæ сын уæдæ æз цы амонын. Никуы мæ ба- хъуыд сæ иуæн дæр лæгъстæ кæнын дæ уроктыл æрбад, зæгъгæ. Мæхæдæг фылдæр быдыры вæййын æмæ арæх уынгæ дæр нæ фæкæнын, кæд сæ фæахуыр кæнынц, уый. Уыимæ ма хæдзары куыстытæ дæр се’ккой. Уыцы амонд мæ ис æмæ мын æгоммæгæстæ-йедтæ не сты. Дафи ныджджих кæдæмдæр дардмæ. Диссаг у туг дæр. Афтæ алыхуызæттæ рауайæнт, хъуыды кодта йæхи- нымæр... Фæлæ ахæм сонт хур уарыны нысан у. Амбæхст кæм- дæр, ныууагъта та æрмæст æнуд уæлдæф. Арв ахъулæт- тæ, фегуырди йыл мигъы рæдзæгъдтæ æмæ систой тæр- сынгæнæн сыффыттытæ куы иуырдæм, куы иннæрдæм. Дыууадæс сахаты сси, фæлæ Бади æмæ Дафийы авто- бус цæмæндæр нæ фæзынд. Лæууын бахъуыд, дыууæ са- хаты фæстæ чи уыдаид, уымæ. Дафи уæлдай бæллæхыл нæ банымадта уыцы хъуыддаг — æргæпп ласдзысты ныртæккæ дæр уыцы дыууæ сахаты. Уарын куы райдайа, уæд та станцæйы хæдзармæ нæхи байсдзыстæм, хъуыды кодта уый. Фæлæ Бади скатай. — Мæ лæппу йæ дзабыртæм æнхъæлмæ кæсдзæн æмæ скъоламæ байрæджы кæндзæн, — сдзырдта цалдæр хатты. — Амæи дæр байрæджы уыдзæн, фæлæ цы кæнæм. Мах аххос нæу, автобус нæй æмæ цы чындæуа. Кæд уа- рын райдайа, уæд уал мндæмæ бацæудзыстæм, — йæхи бандоны чъилыл фæстæрдæм дзæгвæз аппæрста æнæ- мæтхуызæй Дафи. — Афоимæ Зæлинæ ацыд скъоламæ. Фыццаг сахат райдыдта, фæлæ Тамик мæнмæ ракæс-ракæс кæндзæн. — Йæ цæстытыл-иу ауад йæ чысыл хъæлдзæг лæппу куыст- вæлладæй, скъоламæ цæуынмæ дысон йæхæдæг кæй 89
срæвдз кодта, уыцы æхсад урс хæдоны итувæрд хæла- фимæ. Разгъоры уынгмæ, фæлæ мад зынæг куынæма вæййы, уæд та мидæмæ базгъоры, балидзы. «Куы ацæ- уид скъоламæ афоныл, фæлтау ын сæ мæхæдæг сдавин æртыккаг урокмæ. Иыртæккæ куы абадин, уæд æй бæр- гæ сæййафпн. Цастæ у ардыгæй уырдæм», — хъуыды кодта æнæсцухæй. Æмæ йын цыма раст йæ сусæг хъуы- дытæ фембæрста, уыйау йæ тæккæ раз фæлæууыд уæз- ласæн машинæ. Сæхи колхозы машинæ. Кабинæ ахсг уыд. Зæронд лæг дзы бадт, сæ хъæуы хистæр. Гуыффæ- мæ дæр фæсивæдæй чидæртæ сгæппытæ кодта. — Нæ цæут, Дафн? — афарста Бади бандонæй цин- гæнгæ фестгæйæ æмæ згъорæгау акодта машинæмæ. — Ахæм машинæйы куптæ дæр ничиуал ласы, — ауа- дысты ма йæ хъустыл Дафийы ныхæстæ æмæ æнæмæт къæл-къæл. Машинæйы фезмæлдимæ баиу сты уарыны иугай уæззау æртæхтæ. Бади кæсы фæстæмæ. Уыны ма пых- цыл бæласы. Змæлынц йæ зылын къалиутæ. Æвæццæ- гæн, дымгæ дæр кæны. Уым уыны бадгæ Дафи æмæ йæ фырты, фæлæ машинæ дардæй-дарддæр кæны. Æртæх- тæ та арæхæй-арæхдæр. Уартæ уæззаугай базмæлыд Дафп. Йæхиуыл схæцыд цыдæр амæлттæй зивæггæнгæ йæ лæппу дæр. Систой сæ бирæ хæссинæгтæй фæйнæ цалдæры æмæ æнæмæтхуызæй кæрæдзийы фæстæ араст сты станцæйы хæдзармæ. Машппæ тигъыл фæзылди. Æрбайсæфтысты пыхцыл бæлас, Дафи... Бади азылд размæ. Æртæхтæ хауынц арæхдæрæй. Æрхуылыдз кабинæйы сæр. Æрхуылыдз Бадпйы морæ сæрбæттæн. Фæлæ йæ ницæмæ дары Бади, худы йæ мидбылты. Ныртæккæ схæццæ уыдзысты, Та- мик, разгъордзæн йæ размæ, скъоламар нæ байрæджы кæндзæн.
Сæрæн чызг дæп æз ызг, мæ хуртæ, хъуамæ цырд арт уа, цырд арт,— афтæ фæзæгъы нæ фыдымад. Æмæ, æвæццæгæн, мæ- нæй сæрæндæр ннчи кæсид Дзыцца- мæ, ацы Ирыккæ куынæ уаид, уæд. (Мæ хистæр хойæ зæгъын). Иугæр Дзыццайы къухы нæ сырх чыссæ февзæрди æмæ йæ дзыхæй, чызджытæ, зæгъгæ, уыцы дзырд схауди — цæстыфæныкъуылдмæ æз æмæ Ирыккæ йæ тæккæ цур февзæрæм: кæйдæр та нæ дуканимæкæй æрвиты, уыйбамбарæм уайтагъд. йе дзул- мæ, йе сапоны джипмæ, йе та спичкæтæм. Æмæ цæмæ- фæыды уæд, фæлæ йæ Ирыккæйы тыххæй зæгъын. Нæ къласы раззаг партæйыл чи бады, уыцы лæппуйы мын кæд м.æ цæстытыл нæ ауайын кæны. Фарст æм куынæ ’рхауа, уый тæссæй дын йæ къух нывыл не сдардзæн, фæлæ йæ ахуыргæнæджы цæстмæ ноджы тилын дæр райдайы. Ирыккæ дæр уымæй уæлдай нæу. Диссаг вæййы, æвæдза. Дзыцца йæхæдæг дæр нæма фæзоны, кæй фæраст кæндзæн дуканимæ, уый, стæй кæс,— æмæ та сырх чыссæ Ирыккæйы къухы февзæры. Иу каст ма дып мæм æрбакæндзæи худæнбылæп, ома, мæ- нæ ис чыссæ, зæгъгæ, стæй дуар йæ сæрыл ахæссы. Æр- мæст чысыл фæстæдæр тыхулæфтгæнгæ æрбасхъиуы 91
æмæ йæ хæссинаг дæр нæма æрæвæрдзæн, афтæмæй Дзыццайы фæрсынмæ фæвæййы: — Æрæгмæ æрцыдтæн? — Тынг тагъд, мæ къона, тынг тагъд, — фæкæны Дзыцца дæр. Гъемæ уæд хæлæгæй ма æрбамæл! Мæ кæ- уын мæ хъуыры абады æмæ ма адæргæй Дзыццайы фæ- дзæхсынмæ фæвæййын, ацы хатт та-ну мæн арвит, зæгъ- гæ. Фæлæ иудадзыг Ирыккæ кæны уæлахиз, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд бынтон раст нæ уыдзынæн. Арæх æй фæуадзын мæхæдæг дæр къæймæдзыхæй. Айфыццаг Хангуассæтæм бауайын куы хъуыд, уæд та бæргæ февзæрд уайтагъд Дзыццайы цур, фæлæ æз уæдмæ феддæдуар дæн — ам та чыссæ райсын куынæ хъуыд, миййаг. Мæ уд мæ хъуыры авæрдтон. Кæд мæ Ирыккæ фæсте суры, зæгъгæ, иу каст ракæнын дæр нæ бауæндыдтæи. Æрмæст Хангуассæты дуармæ куы ба- хæццæ дæн, уæд иу хатт фæкастæн æмæ, куы никæцæй зынд, уæд æнцонæн сулæфыдтæн. Фæлæ та иу бæллæх! Хангуассæты сырхахуырст кулдуар мидæгæй æхгæд ра- зынди. Марадз, аздæх уырдыгæй, æмæ Ирыккæ бацин кæна. Мæ амондæп, цæджындзæй гыццыл дуарьГхсæн цы зыхъхъыр нс, уым мæ къух атъыстои, згæ къæпсырыл хæрдмæ схæцыдтæн æмæ дуар фегом. Барбос йæ дæн- дæгтæ февдыста, йæ цæстытæ туджы разылдта æмæ схъуыр-хъуыр кодта, фæлæ йæ сыхаджы куы базыдта, уæд æрсабыр æмæ йæ дынджыр сау сæр фæстæмæ лæ- джирттæгыл æруагъта. Хангуассæйæн итуимæ уатæй йæ рахизын, мæнæн та мæ бахæццæ æмæ тыргъы хæрхæмбæлд фестæм. Уый мæм йæ мидбылты бахудтп æмæ цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ та æз фæразæй дæп ам дæр. Дзыцца, зæ- гъын, афтæ зæгъы... Ы-ы... Æрæджиау, итуйы бос Хаигуассæйы къухæй куы фе- уæгъд æмæ вилкæны къунп зæххыл куы фæцыди, уæД фесхъиудтон æмæ мæ цæстæнгас тыхамæлттæй пъолы зыхъхъырæп сæфтыдтои. Ныр Хапгуассæйы цæсгомыл 92
мидбылхудт нал уыд, фæлæ цавæрдæр цымыдис æнгас, афтæмæй мын комкоммæ каст мæ цæстытæм. Кæртмæ куы рахызтæн, уæд та мæм райхъуыст йæ худын æмæ бынтондæр мæ цæсгом артау ссыгъди... — О, гормон, гормон! Цал хатты дын загътон, дзæ- бæх уал-иу байхъус, зæгъгæ? — куыддæр нæ къæсæрæй бахызтæн, афтæ та мыл Дзыццайы уайдзæфтæ иугай- дыгай ныккалдысты, Ирыккæйæн та цыма йе’хсызгон ацарæзтон, уыйау дуары фæстæ бабырыд æмæ уым ху- дæгæй скъуыди. — Гъемæ, зæгъын, цы?! — Фæлæ мын уыцы ныха- сæй æнцондæр нæ фæци. Кæннод иубон сæгътæ скъæрынмæ та чи фæраздæр? Ирыккæ, æви æз? Диссаг уыд, æвæдза, уый дæр! Куыддæр мæ мидфы- нæймæ Дзыццайы ныхас айхъуыстон, афтæ мæ фыццаг каст Ирыккæмæ фæци. Нæ, ницыма фехъуыста уый æн- пындæр: йæ сæрыхъуынтæ йæ цæстытыл æркалдысты, афтæмæй тарф фынæй кодта йæ сынтæджы æмæ уæд тагъд-тагъд мæ дзауматæ кæнынмæ фæдæн. — Барæджы, мæ хуртæ. Нал аййафдзыстут уыцы сæгъты, — тыргъæй та æрбайхъуыст Дзыццайы ныхас. Ногæй Ирыккæмæ бакастæн. Куыннæ? Ма дын райхъал уа афтæмæй?! Æмæ сындæггай мæ къахвындзтыл кæрт- мæ рацыдтæн. Дзыццайы загъдау, уис дæр нал вæййы, уис, куы ба- хъæуы, уæд. Хорз, æмæ Бабайы къозоладжын лæдзæг мæ размæ фæци сарайы. Кæрты нæ, фæлæ суанг уынджы дæр не’рхæцыд мæ цæст иæ сæгътыл, фæлæ мæм уый уæлдай диссаг нæ фæ- каст, æвæццæгæн, зæгъын, сæхæдæг ацыдысты, Хæчъас- сæты рæзты сивгъуыдтой æмæ тигъæй фæаууон сты. Хъуыди æрмæстдæр тагъд суайын æмæ сæ баййафын. Æниу, æнцон баййафæн сты иæ сæгътæ? Сæ иу иннæмæй цæрдæгдæр, уайагдæр. Дынджыр цæваг у, сыкъаджын. Сæныкк та—гуымыдза, кæд æнæуи йæ мады хуызæн урс- 93
урсид у, уæддæр. Хæрз гыццыл ма куы уыди, уæд æй иу бон Баба рацахста æмæ йын лыстæг гæрзы уадздзагæй йæ хъуырыл чысыл æрттиваг дзæнгæрæг æрцауыгъта, гъе- мæ абон дæр ма йæ уæлæ ис. Уый мыр-мырæй дзæбæх- дæр мæм ницы кæсы... Сыджыткъахæны цурмæ фембырд кæнынц алы рай- сом дæр сæгъты. Уым сæм фенхъæлмæ кæсы сæгъгæс — цавæрдæр зæбулрихи сырхцъар лæг... Хæчъассæты тигъæй раджы базылдтæн, зæронд куы- рой мæм зынын райдыдта, æрмæст сæгъты нæма уыд- тон... Æмæ мæнæ, æппынфæстаг, сыджыткъахæн йæхæ- дæг дæр. Схæццæ дæи йæ тæккæ цурмæ, фæлæ диссаг! Нæдæр дзы нæхи сæгътæ уыдысты, нæдæр адæмыонтæ. Цалынмæ æз хæццæ кодтон, уæдмæ, æвæццæгæи, аив- гъуыдтой, сæгъгæс сæ хизынмæ аскъæрдта. Ахæм сыджыткъахæн хæстæгмæ никуы федтон æмæ мæ мæ къах нал хаста уырдыгæй. Афтæ йæ цæмæн хонынц— хæйрæг йæ зонæг. Сыджытæи дзы йæ кой дæр нæй. Ас- тæуæй — дынджыр тымбыл обау, фæлæ уый дæр иннæ зæххау хъæдабæ цъæх нæууæй æмбæрзт. Суанг ма гыц- цыл урс дидинæг дæр æрзади йæ бæстастæу. Иуиæг диди- нæг... Иæ рæсугъд сæр ратил-батил кодта дыууæрдæм, аф- тæмæй кафыд æмæ кафыд йæхицæн райсомы уддзæфмæ, Æз æм ныггæпп кодтон æмæ йæ ратыдтон. йæ сыфыл цы доны æртах уыд, уый йын афу кодтон, йæхи та йын мæ къа- байы сæхтæджы атъыстон... Ирыккæ та йын йæ ном дæр зыдтаид хъуамæ, фæлæ æз мæ зæрдыл нæ дæрын дидин- джыты нæмттæ. Æниу æз дæр нннæ аз уый хуызæн дык- каг къласы куы ахуыр кæпон, уæд сæ зондзынæн. Хæчъассæты сиренты тæфæй мæ мæ къах нал хаста æмæ барæй фæстиатгæнгæ цыдтæн сæ каурæбынты. Фæ- лæ Баба йæ къозоладжын лæдзæг дардмæ хæссын кæй нæ фæуадзы, уый мæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ тагъд* дæр ауадтæн. Ноджы ма йын æй ламийæ самæстол, æвæццæгæн, дзы куыройы дæле доны арф куы бæрæг кодтон, уæд. Лæдзæг мæ къухы, афтæмæй кулдуарыл 94
хъавгæ бахызтæн. Сарайырдæм мае ных сарæзтон. Фæлсе Дзыцца дæр диссаг у: куынæ дæ фæнда, раст уæд дæ тæккæ размæ фæуыдзæн. Кæсы мæм комкоммæ æмæ ху- ды... Цæмæй лæдзæг ма фена, уый тыххæй йæ фарстмæ нæ банхъæлмæ кастæн, мæхи фæразæй кодтон ам: — Нал сæ аййæфтон. Аскъæрдтой сæ. Дзыцца мæм кæсы æмæ хъæрæй худы, фæлæ та уай- дзæфы худт кæй уыд, уый бамбæрстон æмæ æрæнкъард дæн. Æвæццæгæн, зæгъын, тагъддæр кæй нæ ауадтæн, уый тыххæй афтæ худы. Ракæс-бакæс кæнын кæрты къуымты. Стыр у, æвæдза, нæ кæрт. Тæккæ къуымы — нæ куыдздон, сарайы фæстæ — кæркдон, скъæт. Фæлæ диссаг! Скъæты дуар къæпсырæй фидар æхгæд. Ома, ни- чи йæ бакодта нырма... Ома, мидæгæй сты нырма нæ сæгътæ...
*0-0-0-0-©-0-0-0-0-0-0-0-0-<ЬО-0-6-<>-0-<^^ СÆРГÆНДТÆ Доцоты Зоя — Бицъоты Г. Ханты цагъд... Сызгъæрин цъарджын къаффет «Æниу Тауырзæлы чызг...» Контролон диктант «Йæхæдæг дæр асайдта...» Дзæгъæлдзу дымгæ Рекс «Гъа, де ’лхуи!..» «Гудоччы та?...» Сызгъæрин Фыдæхсæв «Дæ цъис нæу...» Булæмæргъ Хъохъо Бади æмæ Дафн Сæрæн чызг дæн æз
Зоя Дударовна Доцоева ШАЛЬНОЙ ВЕТЕР Рассказы на осет. языке Редактор С. 3. Хугаев Художник Т. Г. Торчинов Художественный родактор У. К. Кануков Технический редактор Е. У, Датриава Корректоры 3. М. Тхапсаева, Т. А. Кайтукова Ыаборщик Л. Витохина Печатник Б. А р ч и н о в а Сдано’в набор 23-ХП-19?5 /. Подйисано н печати 12-1)1*70 г.Формат бумаги 70x10^/^.Печ.л.3 4 0,06 вкл. Усл.'П.Ч/ь4«2Н-0,08 внл. Учетно-мзд. листов 3,96^ 0,024 вкл. Тираж 1000 экз. Заказ N'4 89. Изд. № 110.' Цена 13 коп. Бум- тип.’ № 1. ЕИ 0052$. \Ш Издательс’тво^Ир" Управленик\по дбг’ам из- датзяьств, лолиграфии и книжной торговли ОФгга Миийстроз СО ^ССР8, г. Орджоникидзе, ул.уДиАш- трова, 2. Книжная , Типография Улравления ло делам ивдаТельств, полиграфии и книжной торговли Соае^а Министров СО АССР, г. Орджонигёидзе, ул. Тель- мана, 10.