/
Text
ДАУЫРÆ
ХÆХТÆ
АЗТÆ
БОНТÆ
&
-*_•>
^К-»
*^(суГ
Дзæуджыхъæу 2015
ББК 84(2Рос=Сев)
Д21
Д21Дауырæ.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ: [Текст] / Дауырæ. - Дзæуджыхъæу:
ИП Цопановой А.Ю., 2015 - 322 ф.
Даура.
Горы. Годы. Дни
«Горы. Годы. Дни» - так назвала свою новую книгу Даура.
Читатель с интересом встретится со знакомыми лицами: дея-
телями искусства и литературы Осетии, а также с современ-
никами, которыми по праву гордится наги народ.
ББК 84(2Рос=Сев)
©Даура, 2015
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 3
— ! ’с^"
Разныхас
Адæймагæн йæ конд афтæ у: йæ цин, йæ
зын искæимæ дих кæны - æмбæлттимæ,
зонгæтимæ, сыхæгтимæ, суанг æнæзонгæтимæ
дæр. Æз та, мæ зæрдæ цæмæй барухс вæййы,
кæнæ тынг цæуыл фæриссы, уыдон фысгæ
ныккæнын. Кæддæр-кæддæр сæ бакæсын, æмæ,
раджы чи ахицæн цардæй, кæнæ раджы цы
цаутæ уыдис, уыдон æрæмысын мын æхсыз-
гондзинад æрхæссы.
Иуæй-иутæ дзы æрмæстдæр мæхицæн фыст
сты. Фæлæ цард даргъ рæхыс у. Цаутæ æмæ
адæм та - рæхысы цæгтæ.
Ацы чиныджы цы адæмты кой кæнын,
уыдонæй ахæм нæй, царды йæ фæд чи нæ
ныууагъта.
Æз циндзинадмæ цæуаг нæ дæн. Кæм мын
æмбæлы, уым ме ’ххуыс бакæнын, зæрдийаг
арфæтæ ракæнын, æмæ уымæй ахицæн вæййы
мæ лæггад. Фæлæ мæнмæ алы адæймаджы
амард дæр стъалыйы ахуыст кæсы. Мæ
хиуæттæй, мæ зонгæтæй, ме ’мкусджытæй,
Ирыстоны хуыздæртæй бирæтыл фæрыст мæ
зæрдæ. Афтæ зæгъын дæр мæ бон у: къæртгай
4 Дауырæ
мын мæ зæрдæ семæ ахастой. Уымæ гæсгæ
чиныджы æнкъард хъуыдытæ фылдæр ис.
Æвæццæгæн, мæ цард кæддæриддæр зын æмæ
æвадат кæй уыдис - æз хæсты сидзæртæй
иу дæн - уый тыххæй æз æнкъарддзинадæй
фылдæр хатдзæгтæ кæнын, - не ’гъдауæн, нæ
уагæн пайда чи хæссы, ахæмтæ.
Ивгъуыд æмæ фидæн æнгом баст сты. Уадз
æмæ фидæны фæлтæртæ зоной, кæддæр нæм цы
æвзыгъд адæмтæ уыдис, уыдоны нæмттæ.
«Хæхтæ, азтæ, бонтæ» - афтæ схуыдтон
чиныджы сæр.
Хæхтæ: «Æз хæхты чызг дæн,
къæдзæхтæ - мæ авдæн...»
Азтæ: «О, азтæ, азтæ!
Дугъонау тæхут!..»
Бонтæ: «Бонтæ бамбæрзтой мæ зын, -
Дугъон бæхау згъордтой...»
Дауырæ
Щ0Г->
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 5
———=— ’г^'
Азæлд
Зсейы бын ма баззай, азселд, Ъы дсер,
Раздсерау цины хъсер хсесгсейсе цсер!
Халсетты уасын нсе ксемттсей фсесур,
Фарны хабсерттсе дсе азселдсей дзур!
Ехх, тæхуды, азæлд дзурын куы зонид! Цас
рæстдзинад нын зæгъид, 2002 азы 20 сен-
тябры Гæналдоны комы цы стыр бæллæх æрцыд,
уый тыххæй. Рахауд цъити æмæ йæ разæй раласта,
комы цыдæриддæр уыдис, уыдон: хъæуæй, хæдза-
рæй, бæласæй, дурæй, адæмæй. Уæвгæ, азæлд æнæ-
мæнг рахастаид фæдисы хъæр комы хъæлæсæй,
æрмæст æм хъусæг нæ уыд - адæм æмхуызонæй
бахаудтой бæллæхы.
Афтæ рауад, æмæ нæ уазæгуарзаг хæхтæ канд сæ
цæуæты нæ аныхъуырдтой, фæлæ ма нæ зынаргъ
уазджыты дæр, киноисджыты - Сергей Бодровы
къорды. Уазæгхор разындис цъити...
Цасдæр рæстæг куы рацæуа, нæ зæрдæты
хъæдгæмттæй туг куынæуал хъара, уæд фысджытæ
æмæ сфæлдыстадон кусджытæ бирæ аивадон
уацмыстæ ныффысдзысты æбуалгъ бæллæхы фæс-
тиуджыты тыххæй, Ныр та мах не ’ппæт дæр стæм
фæдисонтæ - ратæх-батæх кæнæм кæрæдзимæ æмæ
алы бон дæр æнхъæлмæ кæсæм исты ног хорз ха-
бармæ, кæд уымæн, æвæццæгæн, уæвæн нал ис, уæд-
дæр.
6 Дауырæ
- Хæрам дæм дæн!.. Нæ хæдзармæ цæуыннæ
’рцыдтæ? - сæргуыбырæй марой кæны фыд йæ усгур
лæппуйы чырыны цур.
- Ма йæм у хæрам. Æрцыдис нæ хъæбул нæ
хæдзармæ. Мæнæ ис. Мардæй дæр ссардта йæ
хæдзар мæ зæрдæдарæн Сослан. Бынтон мæгуыр
уыдон сты, æмæ йæ мард кæмæн фесæфт! -
бахъарæг кодта рыстзæрдæ мад йæ уæрджытæ
хойгæ.
2002 азы 25 сентябры - Баскаты Сосланы ныгæ-
нæн бон, мæрддзыгойы æхсæн лæууæг нæлгоймæг-
тæй иу афтæ куыдта дзыхыдзагæй:
- Хорз адæм! Искуы уæ исчи ахæм лæг федта, йæ
сывæллæттæ æмæ йæ бинойнаджы баныгæнынмæ
чи бæллыд?! Уый мæнæ æз дæн!.. Тæхудиаг фæуай,
Вадим, ды мæнæй цас амондджындæр дæ! Ды дæ
хъæбулы мæрдон хуыз федтай, æз та зæйы бынмæ
ниуын!..
Цалдæр боны фæстæ уыцы хорз ирон лæг
йæ бинонтæн хист скодта æмæ хъисфæндыры
хъарæгмæ æнæ мард, æнæ чырын зиантыл адæм
фæкуыдтой. Цæй тыхджын дæ, ирон лæг, дæ мард
макуы фесæфа!..
Адæймагæн уæлдай зын уый у, æмæ бæллæхы
бахаудтой фæсивæд - Ирыстоны фидæн. Афтæ
зæгъæн дæр ис, æмæ уыдысты фæсивæды
хуыздæртæ.
Куыд дзурынц, афтæмæй, ахуырады бæрзæнд-
тæм чи схызтис æмæ хицауадимæ цы фæсивæд
куыста, уыдон уыдысты, республикæйы разамынд
йæ зæрдæ кæуыл дардта фидæны, ахæмтæ. Куыд
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 7
дзурынц, афтæмæй уыдонæй иу дæр нуазынмæ
æмæ хæрынмæ нæ ацыд нæ рæсугъд Хъобангоммæ.
Уыдон хъавыдысты сæ уарзон æмгары гуырæнбон
срæсугъд кæнынмæ. Уыцы æгъдау нын нæ
фыдæлтæй баззад: циндзинады ирон адæм
нуазæнимæ цы хорз ныхæстæ ракæнынц, уыдон
ирон адæмы царды скъола сты.
Æз цы ахуыргонд фæсивæды кой кæнын,
уыдоныл канд сæ бинонтæ нæ фæтухæн кодтой.
Уыдоны Ирыстон схъомыл кодта, уыдоны Ирыстон
сахуыр кодта, уыдоныл Ирыстон йæ зæрдæ дардта
æмæ сæ зындзинад æгас Ирыстоны уый тыххæй у.
Уæдæ та нæ ирон аивадыл дæр стыр бæллæх
æрцыд! Артисты дæсныйадыл сахуыр кæнын
æнцон нæу, уый алчи дæр зоны. Зæйы бын нын
цы сфæлдыстадон фæсивæд фæцис, уыдон та
уыдысты диссаджы артисттæ - сценæйы хъазын
дæр зыдтой, цирчы кусын дæр сæ бон уыди
бæхтыл. Хæрзарæхст уыдысты æхсаргард æмæ
хъамайæ хæцынмæ, кафынмæ æмæ зарынмæ дæр.
Мæхицæн дзы цы æрвад уыд - Сланты Аличчы
фырт Сослан, уый, дам, Сергей Бодров цасдæр
рæстæджы размæ Бетъырбухмæ ахуыдта æмæ, дам,
тынг арæхстджынæй ахъазыд бæхимæ трюктæ
кинойы иу эпизоды. Ардæм куы ссыдысты, уæд æй
ногæй ссардтой æмæ йæ ахуыдтой хæхтæм иннæ
бæхылбадджытимæ.
Сланты мыггаг дæр цыдæр æнамонд у: Ленæйы
æртæ цæргæс-фырты мæхъæлы хæсты фæмард сты,
иу Сланон базары срæмыгъды бабын, ныр та Сослан
- нæ фæсивæды аивдæр...
8 Дауырæ
Ирон адæм кæддæриддæр уæздан уыдысты.
Уæздан æмæ уазæгуарзаг. Бæллæх куы æрцыдис, уæд
ирæттæ тынгдæр нæ уазджытыл тыхстысты, суанг
ма мæрдджынты бинонтæ дæр. Æгас Уæрæсейы
дæр æмæ суанг фæсарæнты дæр хъуыстгонд чи
уыдис, ахæм зындгонд артисттæ фесты Гæналдоны
комы зæйы бын. Сергей Бодров (кæстæр Бодров
дæр æй хонынц) цы кинонывты ахъазыд, уыдон куы
февдисынц, уæд адæймаджы зæрдæ фæцæйтоны.
Мах, ирон адæм, æппындæр ницы аххосджын
стæм уыцы бæллæхы, фæлæ адæймаджы конд афтæ
у: иуæй, аххосджын кæм нæу, уым аххос йæхимæ
исы, иннæмæй та, аххосджын кæй раз нæу, уый дæр
æй аххосджын кæны.
Сергейы фыд - хистæр Бодров, Ирыстонæй цы
зæрдæйыуагимæ ацыд, уый алчи дæр æмбары. Æз
дзы æнæаххосæй хатыртæ куырдтон мæ цалдæр
рæнхъы. Мæнæ сты:
Ты* прости нас, прости! Не смогли мы спасти
Драгоценного гостя - Бодрова.
Ты прости нас, прости, ради Бога, прости:
«О отец мой!» - последне1е слово.
Плачет горец седой, водопад над рекой,
Плачут вечные серые скалы.
Здесь в ущельях ледник окрестили «Бедой»,
Со слезами в глазах - даже малый.
* В осетинском языке нет обращения на «Вы».
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 9
Твой Сергей нам - родной. Он теперь наш -
не твой.
В каждом доме он - гость драгоценный.
Он как башня в горах. Его образ святой
Эхом станет в веках незабвенным.
Ты и сам теперь наш - нас Сергей породнил,
Он навеки ведь стал осетином!
Ты бы с нами здесь жил, ведь ты каждому мил.
Наш поклон твоим славным сединам.
Зындзинад æмæ циндзинад адæмы иу кæнынц
- æнувыддæр кæнынц адæм кæрæдзиуыл иумæйаг
цин æмæ зыны. Æмæ уый дæр ацы бæллæхы фæстæ
тынг рабæрæг. Уæрæсейы адæмтæй нæ алыфарс чи
цæры, уыдон дæр æмæ нæхи фæсивæд дæр тынг
сæрæн разындысты. Абоны онг дæр, æхсæв-бон
нæ зонгæйæ, фыдæбон кæнынц зæйы бын фæуæг
адæмы ссарыныл. Мæ уд сæ фæхъхъау! Мæ уд сæ
фæхъхъау Республикæйы разамындæн, æфхæрд
адæмæн цы лæггæдтæ бакодтой, уыдоны тыххæй.
Мæнæн бирæ хæстæджытæ æмæ зонгæтæ ис уыцы
кæмтты, æмæ бæстон зонын хъуыддæгтæ. Ацы
ныхæстæ цæстмæ не сты. Дзасохты Алыксандр,
Мамсыраты Таймураз æмæ Шаталов Михаилы
кæуындзаст цæсгæмттæм кæсгæйæ адæймаджы
зæрдæ тынгдæр уынгæг кодта. Хуыцау Ирыстоны
бахъахъхъæнæд, йæ зыныл ын хъыг чи нæ кæна,
йæ циныл - цин, ахæм разамындæй. Уæдæ Сергей
Шойгу æмæ йæ къордæн дæр адæймаг куыд нæ
раарфæ кæна!?
10 Дауырæ
Стыр бæллæх æрцыд. Бæллæхы чи бахауд,
уыдон рухс дзæнæты бадæнт, фæлæ бæллæхы
фæстиуджытæ ууыл нæ хицæн кæнынц. Адæймагæн
йæхи зонд æмæ зонындзинæдтæ цас нæ фаг
кæнынц, уыйас хъусæм ахуыргæндтæм æмæ Иры
куырыхон хистæртæм: нæ фидæны махмæ, ирон
адæммæ, бирæ зындзинæдтæ æмæ хъыг хъуыддæгтæ
æнхъæлмæ кæсы... Адæймаг бонæй-бонмæ исты
хорз хабæрттæм бæллы, фæлæ кæм...
Фæндæгтæ царды тугдадзинтæ сты. Ныры
хæдтулгæтæн цæуæн кæдæм нæ уа дзæбæх, уæрæх
фæндæгтыл, уым цæрæн нæй. Мæ туджы цæф
уæларвмæ схызт, куы фехъуыстон, нæ кæмтты
фæндæгтæ нал ис, уый, уæд. Мæ чысыл хъæу
Хъобанмæ Дзуарыфцæгыл цы фæндаг ис, уый æз
хорз зонын, фæлæ уый нæ хъæуы цæрджытæн
дæр æмæ иннæ фæндаггæттæн дæр бынтон
æнæбары фæндаг у. Æнæбары æмæ тæссаг. Уæдæ
Дæргъæвсмæ, Хъæрмæдонмæ та цалдæр æфцæгыл
хизын хъæуы.
, Ирон адæймаг, уæлдайдæр кардзыдæй, йæ
фæстаг боныл фæмæт кæны. Йæ фæстаг боныл
æмæ йæ фæстаг бынатыл, Æз мæ фыдæлты
уæзæджы уыдзынæн кæддæр, кæд æм нæ тагъд
кæнын, уæддæр. Хуыцау бахизæд, нæ хъæуы
дзырддзæугæдæр лæг - Бекмырзаты Петяйыл
цы бæллæх æрцыд, уымæй: асæрды донивылд
фæндæгтæ куы бахордта, уæд ын фæсивæд йæ мард
фылдæр фистæгæй фæхастой уæлмæрдмæ. Цæргæ
ам, горæты кодта, ныгæнгæ та йæ йæ райгуырæн
хъæу Хъобаны бакодтам йæхи курдиатмæ гæсгæ.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 11
Хохаг лæг йæ фæллой уæймæ куынæ раласа,
зымæгмæ хор, суг, хос куынæ сцæттæ кæна,
уæд цæмæй у йæ цард? Кæддæр Дæргъæвс æмæ
иннæ хохаг хъæуты цæрджытæ Къæхтысæры
фæзилæнтыл, Хъобаныл куы цыдысты сæ
галуæрдæттыл, уæддæр-иу, хохæй быдырмæ дæр,
быдырæй хохмæ дæр, бирæ цыдæртæ ластой. Ныр
уыцы фæндæгтæ дæр нал сты, æмæ цалдæр комы
сæрты тæрсгæ-ризгæ цу! Уый стыр бæллæх у.
Ирон æмбисонд афтæ у: тулгæ дурæй къæртт
хауы. Цал æмæ цал хатты сцоппай стæм мах -
хæхты цæрджытæ. Куы быдырмæ лыгъдыстæм,
куы фæстæмæ хæхтæм. Æз, Югославийы уæвгæйæ,
федтон, æппындæр зæхх кæм нæй æмæ сæм мæр
тæсчъыты кæм фæхастой, ахæм хæхтæ. Уым
цынæхуызон дыргъ æмæ халсар, кæрдæг зайы, ахæм
нæй. Сæ уæззау куыстытæ та кæнынц хæрджытыл.
Тынг кадджын сæм у хæрæг, пылау ыл пæлæз дæр ма
байтауынц. Æмæ сæм уыцы зын, хохаг уавæрты цард
цæджджинагау хъазы - сæ бæркадæн ныккæнæн
дæр нæй. Бынмæ, быдырмæ куы æрхизай, уæд
целлофан голджыты рæнхъ уыйас вæййы, æмæ йыл
цæст не ’ххæссы: хохæгтæ сæ уæйгæнинæгтæ алы
рæттæм арвитынц. Уыцы хæхты иунæг сардзин дæр
æдзæллаг зæхх нæй.
Æмæ та ныр нæ хæхты цæрджытæ сæ бынæттæй
куы сцоппай уой, уæд уый уыдзæнис бæллæхты
бæллæхдæр.
Æлутоны уæлдæфмæ æмæ низсур дымгæмæ
чи ссырхрус вæййы, йæ цардхуызæй адæймаджы
зæрдæйы цардбæллондзинад чи уадзы, ахæм хæххон
12 Дауырæ
адæм дæр нал фендзыстæм, нæ хæхтæ ныл хъоды
куы бакæной, уæд.
Уæдæ ирон адæммæ æмбисондæн чи баззад:
фистæй конд пут-гобæттæ æмæ уæргъуынæй конд
пух хъæццултæ - уыдон дæр хæхбæсты бæркад сты.
Сæрдыгон, хохмæ цæугæйæ, цал æмæ цал
раны уыдис фенæн мыдыбындзыты чыргъæдтæ
- мыддонтæ. Хохаг дидинджын сæрвæттæм-иу
хæстæг æрбынат кодтой, æмæ-иу сæм æмбис аргъыл
балхæнæн уыдис æцæг мыд. Йæ иунæг æртах дæр-иу
хъуыр ахъыдзы кодта.
Хæхты æмæ кæмтты бæркад тынг бирæ у.
Рагуалдзæгæй иннæ зымæджы райдианмæ адæм
пайда кæнынц æрдзы бæркадæй: давон, скъуда,
мырткæ, дзедыр, саунæмыг, хъæлæрдзы, мæнæргъы,
хъæддаг кæрдо æмæ фæткъуы, тæрсы æхсынæнтæ,
æхсæртæ, æхсынцъы, хуыскъæл, стæй битъынайæ
райдай, æмæ, мах йæ ном кæмæн нал зонæм иронау,
фæлæ, хосæн бæзгæ у, зæгъгæ, кæмæй пайда кæнæм,
уыцы кæрдæджыты се ’ппæты ранымайæн дæр нæй.
Уæдæ хохаг цыхт æмæ царв бынтон æндæр ад
кæнынц, уымæн æмæ уым фос сойджын, æнæфхæрд
зæххыл хизынц, æнæхими кæрдæг.хæрынц.
Кæддæр хохы дыргъ стæм зад - зымæг дзы
дæргъвæтин æмæ карз уыд. Ныр фæстаг азты нæ
хæхбæсты диссаджы дыргътæ зайын куы райдыдта,
уæд ныл нæ фыдæлты цæрæнтæ гадзрахатæй
зилынц æмæ нæ сæ адджын хъæбысæй сурынц.
Куыд мæгуыр стæм, æвæдза! Цас диссæгтæн фæразы
ирон лæг цæрæнбонты! Цас фæлварæнтæ ныл
скодта нæ хæххон æрдз дæр!..
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 13
Хæхты цæрæг куынæуал уа, уæд уый æвирхъауы
бæллæх æрхæсдзæн нæ мадæлон æвзагæн дæр,
уымæн æмæ ирон æвзаг дæр, æмæ ирон æгъдау дæр
тынгдæр хъæуты æмæ хæхбæсты хъахъхъæд цæуы.
Ирон фысджытæй æмæ аивады кусджытæй ахæмтæ
бирæ нæй, æмæ горæттæй чи рацыд. Уæдæ театры
кусæг артист дæр сценæйæ хъуамæ сыгъдæг иронау
дзура.
Æз мæхæдæг - хæххон адæймаг, бирæ таурæгътæ
фехъуыстон æрдзы æгъатырдзинады тыххæй. Мæ
фыдымад Томиан бирæ фæцард - 94 азы. Арæх
дзырдта Гæнал, Хохы Саниба æмæ Дæллаг Хъæнийы
сæфты хабар, уæлдайдæр-иу, дзул кæм уыдис, фæлæ
кæрдзыныл куынæ ауæрстам, уæд: ныр мæм афтæ
кæсы, æмæ уый уыдис 20 æнусы райдианы хабар.
Гæналдоны комы, зæгъы, бирæ адæм цардис.
Иу аз, зæгъы, Уациллайы бæрæгбонмæ, иу æры-
гон чындз, йе ’фсин мард кæмæн уыдис, ахæм,
чъиритæ кодта. Йæ чысыл фырт зæххыл рабыр-
бабыргæнгæйæ, йæхи сызмæста, сывæллон куыд
сызмæнты, афтæ. Чындзы нæ фæндыд йæ ахс-
джиаг куыст ныууадзын - дзуарæй тарстис,
фæлæ сывæллон дæр уыцы хуызæнæй куыд хъуа-
мæ бырыдаид йæ фазыл. Уæд, зæгъы, чындз
хыссæйы цъупп атымбыл кодта, сывæллоны дзы
асыгъдæг кодта æмæ дард фехста чъизитæ. Уыцы
рæстæг, дам, хох ныннæрыд, æрвнæрæгау, йæ
бынатæй фезмæлыд æмæ, йæ разæй цы ардта,
уыдон иууылдæр абынæй кодта æмæ кæмтты
æхситтгæнгæ æмæ нæргæ быдыры ’рдæм афардæг.
14 Дауырæ
Нал баззад цæрæг Гæналы, Хохы Санибайы,
Дæллаг Хъæнийы æмæ иннæ хохаг чысыл хъæуты.
Æз ма уый дæр хъуыды кæнын, æмæ суанг
хæсты фæстæйы азты дæр Хохы Санибайы стæм
цæрæг уыд ирон адæмæй. Æрмæст дзы цалдæр
гуырдзыйаджы æрцард, - махмæ-иу Хъобанмæ сæ
бæхтыл æрцыдысты хуым кæнынмæ æмæ-иу нын
мыггаджы картофыл хуым кодтой.
Хæхтæ адæмæн канд сæ дарæг нæ уыдысты,
фæлæ ма сæ æнæниздзинад хъахъхъæнæг дæр.
Æз мæхæдæг цал æмæ цал хатты уыдтæн Дæллаг
Хъæрмæдоны - кæд æцæг æрдзы лæвар исты уыд,
уæд уый Хъæрмæдоны фыцгæ дон.
Кæддæр ма Ирыстон курортон зонæйыл нымад
куы уыдис, æмæ нæм æппæт Советон Цæдисы
цæрджытæ сæхи дзæбæхгæнынмæ куы цыдысты,
уæд æз цалдæр хатты уыдтæн Хъæрмæдоны
санаторийы куысты фæдыл - телеуынынады
куыстон æмæ равдыстытæ цæттæ кодтам.
Цæй диссаджы бузныгæй-иу баззадысты
уазджытæ нæ хæхтæй æмæ нæ дæттæй. Ардæм-иу
лæдзæгимæ чи ссыдис, кæнæ-иу ласгæ кæй скодтой,
уыдон-иу сæ къæхтыл. слæууыдысты æмæ-иу
Ирыстонæн арфæтæ кодтой. Æмæ цас лæдзджытæ
уыдис Хъæрмæдоны агъуыстытæй иуы, уый та?!
Къæхтысæры цы улæфæн бынæттæ сарæзтой,
уырдæм дæр нæхи республикæйы цæрджытæй дæр
æмæ æндæр рæттæй дæр бирæ адæм цыдис.
Æз дзы дыууæ хатты уыдтæн æмæ мæхи цæстæй
федтон, фæсивæд куыд хъæлдзæгæй æрвыстой сæ
улæфты бонтæ, уый. Хистæртæ сын дзырдтой хæхты
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 15
таурæгътæ æмæ ирон æгъдæутты тыххæй, æмæ-иу
канд æнæниздзинад нæ раластой семæ, фæлæ ирон
лæджы цард æмæ удыхъæды тыххæй бирæ хорз
хабæрттæ.
Хъæрмæдон æмæ Къæхтысæр дæр тынг ахъаз
уыдысты хохы цæрджытæн куысты бынæттæ
аразынæн. Кæд хæхтæ цыфæнды бæркадджын сты,
уæддæр æнæ æхцайы æфтийæгтæй тынг зын цæрæн
у хохаг лæгæн, æмæ сын Хуыцау хорз ракодта - сæхи
фæллой дæр сæхи уыдис, æмæ сæ мызд дæр. Фæлæ
уыцы аргъæутты цард Ирыстонæн бирæ нæ ахаста.
Нæ хæстæгдæр сыхæгтæ цы дыууæ хæсты сарæзтой
- мæнæ бирæтæ абоны онг дæр ма «конфликт» кæй
хонынц, уыдон тынг бирæ фыдбылызтæ æрхастой.
Ирон адæм, кæддæр сæ фыдæлтæ зæххагур
æмæ куыстагур кæмæн ацыдысты æмæ æндæр
адæмты æхсæн чи æрцардис, уыдон сæ бæстон
бынæттæй сырд æрцыдысты, æмæ сæ фыдæлты
уæзæгмæ цæрынмæ лидзын райдыдтой. Æхгæд
æрцыдысты Ирыстоны зындгонд санаторитæ æмæ
хидзæбæхгæнæнтæ, фæлладуадзæнтæ æмæ дзы
лигъдæттæ рæстæгмæ æрцардысты. Рæстæгмæ,
зæгъгæ, æнæхъæн дæс азы ахаста уыцы æнæбары
хъуыддаг. Иуæй, уыдон тухæнæй мардысты
кæрæдзийы сæртыл бадгæйæ, иннæмæй, Ирыстон
фæцух, адæм æй кæмæй зыдтой æмæ йæхи
цæрджытæ дæр æрвылаз сæхи кæм дзæбæх кодтой,
уыцы æлутоны дзæбæхгæнæн бынæттæй.
Æмæ ныр Ирыстоны разамынд æмæ хицауад
Хъæрмæдон æмæ Къæхтысæр сæ къахыл
слæууынвæнд куы скодтой æмæ уымæн æхцайы
16 Дауырæ
фæрæзтæ куы ссардтой, уæд та ныл æндæр бæллæх
æрцыд: ныр бирæ азты дæргъы уыцы ком нымад
уыдзæн «Мертвая зона»-йыл, ома адæймаджы къах
æм нал æфтдзæн...
Ныры рæстæджы адæм космосмæ куы тæхынц,
йæ рухс мингай азтæм зæхмæ кæмæн хæццæ
кæны, ахæм планетæтæ æмæ стъалытæ куы арынц,
лазер æмæ атомæй диссæгтæ куы аразынц, уæд
мах, хæхты цæрджыты, нæ «Ауыгъд цъитийæ»
æнæфыдбылыз скæнын тынг зын у, цымæ? Цымæ
ницы гæнæн ис, ирон адæм фыццагау хæхбæсты
æдас æмæ æнæфыдбылызæй цæрой, уымæн? Цымæ
нæ куыд кувын хъæуы нæ хæхты дзуæрттæм, цæмæй
ныл фыццагау æнувыд уой æмæ нæ хъахъхъæной,
уый тыххæй?
Цымæ цас рæстæджы фæстæ айхъуысдзæн
азæлды сыгъдæг хъæлæс кæмтты?
2002 азы Юоктябрь
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 17
_^___ _ '©Т^
ХЬОБАН
...Ксем райгуырдтсен, ксем схъомыл дсен,
мсе уыцы хохаг хьсеу Хъобанмсе куы бафтын,
усед мсе суанг хъсеугсеронсей фистсегсей цсеуын
фсефсенды. Фсефсенды мсе мсе сабидуджы къах-
вседтыл бсегъсеввадсей ауайын. Кседдсер арды-
гсей, мсе уарзон хъсеусей цы фарны тынтсе
ахастон, бирсе бсестсетыл зилгсейсе ссем цы
зонды тых бафтыдтон, фсенды мсе уыдон
фсестсемсе мсе хъсеумсе сербаласын семсе ссе хуры
тынты хуызы хъсеубсестыл байуарын.
#*#
Мырзабег... Ацы аив ном мæнæн мæ дзыхы
нæ бады - фараст æмæ сæдз азы цы хорз
мыггаджы (Дауыраты) æхсæн фæцардтæн, уым мæ
уæздан хицауы ном дæр афтæ хуындис. Фæлæ уын
æз ныр æндæр Мырзабеджы кой ракæндзынæн -
нæхи хъæуккаг, хъобайнаг, Бекмырзаты Чермены
фырт Мырзабеджы кой: æцæг ирон лæг, уæздан,
æгъдауджын, дзуапджын, хорз бинонты хистæр -
ахæмæй зонынц Мырзабеджы. Фæлæ мæм бынтон
диссаг цы фæкаст, ацы уац цæй тыххæй фыссын, уый
та баст у йæ бирæ зонындзинæдтимæ.
Цæвиттон, 2006 азы, майы мæйы фæстаг бонтæй
иуы - хурдалынджы бон, Мырзабег мæнмæ мæ
куыстмæ ’рбацыд. Иумæ федтам æрдзы диссаг -
2 Заказ № 34
18 Дауырæ
бон-сихорафон хуры баталынг арвы астæу! Стæй
мын Мырзабег йæ цыды сæр схъæр кодта:
- Ды фыссын зоныс, æз та нæ хъæуы цæрджыты
уидæгтæ æмæ бирæ хабæрттæ зонын. Цæй æмæ
иумæ чиныг ныффыссæм Хъобаныл!
Мæн тынг фæндыд рагæй дæр мæ райгуырæн
хъæуæн балæггад кæнын, фæлæ чиныг фыссынмæ
æрмæг хъæуы, уымæй дæр - бæстон æрмæг, уый
дæр мæ рох нæ уыд.
- Æмæ кæцæй зоныс мыггæгты уидæгтæ афтæ
бындуронæй?
- Мæ чысылæй фæстæмæ дæр мæм диссаг
кастис нæ хъæуы истори, мах размæ цæрæг
фæлтæрты цард. Уæлмæрдтæм-иу куы сæфтыдтæн,
уæд-иу ингæнтыл фæзылдтæн, сæ фыстытæ сын-
иу кастæн. Мæ фыдымад Арзæт (Хъыргъыйан)
æмæ мæ мад Вера (Апиан) бирæзонаг уыдысты.
Уыдонæй бирæ цыдæртæ фехъуыстон. Архайдтон
уырдыглæугæйæ хистæртæм хъусын. Уый фæстæ
афтæ аныгъуылдтæн мæ уарзон «куысты», æмæ
раздæры фæлтæрты цард иртасын райдыдтон,
сæ байзæддæгты сын фарстон, афтæмæй. Ахæм
мыггæгтæ ис нæ хъæуы, æз цыппар-фондз фæлтæры
кæмæй зонын, суанг ма сæ чи кæй хæрæфырт,
чындз, кæнæ сиахс уыд, уыдон дæр.
Мæнмæ тынг диссаг фæкастысты Мырза-
беджы ныхæстæ. Бынтон диссаг та сты йæ зæрдæ-
ргъæвддзинад, йæ хъуыды æмæ нæ хъæуы
цæрджытæм йæ уарзондзинад.
Кæд фæстаг азты арæх не ’мбæлдыстæм, уæддæр
æз хъæуккæгтæй арæх хъуыстон Мырзабеджы кой,
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 19
æмæ мын æхсызгон куыд нæ уыдаид йæ ’рбацыд дæр
æмæ йæ фæнд дæр.
- Хурты Хур! Стыр Хуыцау! Бантысæд нын нæ
райгуырæн хъæуæн балæггад кæнын! Хурдалынг
нын амонд æрхæссæд! - скуывтон æз æмæ сразы
дæн Мырзабеджы фæндыл, кæд мын рæстæг нæ фаг
кæны, уæддæр...
Мырзабеджы фыдыфыд Бекмырзаты Темболат
æмæ мæ фыдыфыд Сланты Гиго кæнгæ ’фсымæртæ
уыдысты: 1927 азы, дам, гал аргæвстой, хъæугуывд
скодтой æмæ уым æфсымæрдзинад загътой. Уымæ
гæсгæ, мах, дыууæ мыггаджы байзæддæгтæ, хæла-
рæй фæцардыстæм.
Бекмырзаты мыггаджы тынг хорз лæгтæ уыдис:
Петя - нæ хъæуы фидыц, Ладемыр, Ханджери,
Æбыцкæ - рухс дзæнæты бадæнт! Махарбег, Иван,
Уырызмæг, Аслæнбег - бирæ цæрæнт!
Мыггаджы бирæ хорз лæгтæ куы вæййы, уæл-
дайдæр хистæртæ, уæд кæстæртæй чидæртæ аууоны
аззайынц. Чи зоны, Мырзабегæн уый пайда фæцис,
йæ хистæртыл ахуыр кæнгæйæ дзы рауад диссаджы
хорз лæг. Абон æй рахонæн ис, Хъобаны дæр, æмæ
ам цы сыхы цæры, уым дæр дзырддзæугæдæр лæг.
Агурынц æй минæварæн, чындзхæсджыты хис-
тæрæн, зианы раныхас кæнынмæ, æмæ алцæмæдæр
арæхсы!
Уæдæ хъæуы хабæрттæ радзурынмæ куыд
сарæхстис, уый та, Хуыцауы фæндæй, нæ иумæйаг
чиныджы бакæсдзыстут.
Кæд чиныг кæронмæ фыст нæма у, уæддæр уал
дзы абон мыхуыр кæнæм цалдæр чысыл скуыд-
дзаджы.
20 Дауырæ
* # #
Хъаныхъуаты Дударыхъо уыдис Цомартаты
хæрæфырт. Йæхицæн цардæмбалæн равзæрста
Гадзиаты чызджы. Рантыстис сын æртæ лæппуйы
æмæ дыууæ чызджы: æфсымæртæн сæ хистæр
уыдис, ирон адæмæн кад æмæ ном чи скодта,
уыцы хъуыстгонд хъæбысæйхæцæг Хъаныхъуаты
Бола... Болайы кæстæр æфсымæр Бобо, кæд ас æмæ
хъаруйæ Болайы хуызæн нæ уыдис, уæддæр зонд
æмæ æгъдауæй уыдис тынг домбай. Бобо уыдис
Дауыраты сиахс, йæ бинойнаджы ном - Асиат.
Бобо æмæ Асиатæн рантыстис фондз лæппуйы æмæ
дыууæ чызджы: Хъæрæби, Будта, Гриша, Михал,
Кæсæби, Машка æмæ Гадизæт.
Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта æмæ
райгуырæн зæххæн знагæй тас куы уыдис, уæд
Бобойы фырттæ цыппарæй ацыдысты хæстмæ.
Хъæрæби, Гриша æмæ Михал хъæбатырæй фæмард
сты. Кæсæби хæстæй цæфæй сыздæхт...
7Г 7Г 7Г
Хъаныхъуаты Тъæрæс уыдис Хъобаны бын-
дурæвæрджытæй иу. Уыди хъæздыг лæг, уырыссагау
«помещик» кæй хонынц, ахæм. Уыдис æм бирæ
зæххытæ æмæ уыгæрдæнтæ. Йæ фосы рæгъæуттæн,
дам, сæ нымæц йæхæдæг дæр нæ зыдта. Йæ дугъон
бæхтæн хос кæм карста, уыцы уыгæрдæн абон
дæр ма хуыйны Хъузон. Уым зайы куыдзвæдæг -
æппæты сойджындæр кæрдæг. Куыдзвæдæг афоныл
карст куы нæ ’рцæуы, уæд фæззæгмæ сырх-сырхид
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 21
’!^^
свæййы æмæ дардмæ дæр фæзыны. Тъæрæсы бæхты
рæгъауæн, дам, уыдис диссаджы гæс: бурбарц уырс.
Æцæг хæрзхъæд бæхæн йæ барц æмæ йæ къæдзил
вæййынц йæхицæй æндæрхуызон. Æвæццæгæн, нæ
фыдæлтæ уый хорз зыдтой.
Цы хабæртты кой кæнæм, уыдон уыдысты
XVIII æнусы райдианы. Хистæртæй æрыхъуыстам
Тъæрæсы цоты хорзы кой. Йæ фырт Мамсыр уыдис
уырыссаг бæхджын æфсады булкъон. Зындгонд
уыдис Уæрæсейы хицауады æмæ хъазахъхъы
æфсæдты æхсæн. Уый ууыл дзурæг у, æмæ-иу
Хъобанæй хъазахъхъаг сидт кæмæ уыдис, уый-
иу йæхи фыста Хъаныхъуатæй, цæмæй йæм
хуыздæр цæстæй кæсой æфсады, уый тыххæй.
Мамсырмæ, дам, Уæрæсейы паддзахæй уыдис бирæ
хæрзиуджытæ. Мамсыры ингæн ныртæккæ дæр
бæрæг у Тъæрæсы дыргъдоны.
Æмбисондæн хастой Тъæрæсы чызджы рæ-
сугъддзинад. Хъус-хъусæй нæм æрхæццæ йе’буалгъ
марды хабар: Хъаныхъуаты сæрæндæр лæппутæй
иуы чындзæхсæвы уыдис диссаджы хъазт. Фæл-
вæрдтой фæсивæд сæхи алыхуызы равдисыныл,
уыимæ ливорæй æхстæй дæр. Фæндыры цъæхснаг
хъæлæс арыдта кæмттæ - кафджытæ ивтой кæрæ-
дзийы. Уæд, зæгъы, рахызтис кафынмæ хъæуы
рæсугъддæр æмæ аивдæр чызг - Тъæрæсы чызг,
Мамсыры иунæг хо. Адæм æм диссагæн кастысты,
афтæ рæсугъд кафыд. Фæлæ бирæ нæ ахаста уыцы
рæсугъддзинад. Æвиппайды райхъуыстис топпы
гæрæхтæ, æмæ чызг, цæф цæргæс тæхгæйæ куыд
æрхауы, афтæ зæххыл æрхауд. Адæм цъиувæдис
22 Дауырæ
систы. Куыд рабæрæг, афтæмæй фæсивæды
сæрæндæртæй иу, дзуццæг кафт кæнгæйæ, æхста
ливорæй. Нæмгуытæй иу чызджы зæрдæйыл
дзæгъæлгæрахæй сæмбæлд...
7Г 7г 7Г
Бекмырзатæ Хъобанмæ æрлыгъдысты Уæлла-
джыры комæй - Æрхонæй. Уыцы рæстæджы
Æрхоны зæхх афтæ скадавар, æмæ, гал кæм
æрхуыссыдаид, уыцы зæххы гæбаз галæн йæхицæй
зынаргъдæр уыдис. Мыггагæн Хъобанмæ
æрлыгъдæн сæрмагонд æфсон уыдис: Хъаныхъуаты
Тъæрæс - Хъобаны хъæздыгдæр лæгтæй иу -
æмæ Бекмырзаты Хæсанæ уыдысты æмсиæхстæ
- сæ бинойнæгтæ - хæрз хотæ. Дыууæ ’мсиахсы
кæрæдзийы нымадтой, арæх бæрæг кодтой
кæрæдзийы.
Хъаныхъуаты зæхджын, хъæздыг Тъæрæс куы
æркастис Хæсанæйы зынвадат цардмæ, уæд ын
бауынаффæ кодта:
- Ам цы тухæнæй марыс дæ бинонты дæр æмæ
дæхи дæр! Ралидз-ма уартæ Хъобанмæ! Зæххытæ мæ
къухы куы сты!
Сразы ис Хæсанæ Тъæрæсы фæндыл æмæ йæм
тугæй хæстæгдæр чи уыдис - Хуысинæ - уыимæ
ралыгъдысты Хъобанмæ. Æрцардысты Уæллаг
Хъобаны Хъаныхъуаты Тъæрæсы зæххытыл...
Хъаныхъуаты Тъæрæс, йæхæдæг пысылмон
уæвгæйæ, сразæнгард кодта йе ’мсиахсы дæр
пысылмон дин райсынмæ. Цы гæнæн ма уыдис иннæ
Хæхтæ. Азтæ. Бонтае 23
Бекмырзатæн дæр, æмæ уыдон дæр спысылмон
сты...
...Куындыхаты Муссæ сразы кодта ирон
адæмы сæ райгуырæн зæхх ныууадзыныл æмæ
дины фæстæ Туркмæ алидзыныл. Уыцы лидзæг
адæмæй хъобайнæгтæ дæр уыдис: Алыккатæй,
Хъаныхъуатæй, Бекмырзатæй...
Бекмырзаты Хæсанæ æмæ Хуысинæ дæр
алыгъдысты Туркмæ. Фæлæ сæм сæ мыггагæй цы
сидзæр лæппу цардис - Нафи, уый нæ акуымдта
Туркмæ семæ. Уæд Нафийыл цыппæрдæс азы
цыдис. Тынг æм смæсты сты Хæсанæ æмæ Хуысинæ
æмæ йын æппындæр фæллой нæ ныууагътой.
Æрмæст ын уæрдонæй раппæрстой фæрæт æмæ
бæндæн æмæ йæм рахъæр кодтой: «Уартæ немæ
кæнынæн цы зæронд хæрæг нæ бæззы - Уыти, уый
дæр дæу фæуæд!»
Абон Хъобаны цы фæрныг æмæ кадджын
Бекмырзаты мыггаг цæры, уыдон сты Нафийы
байзæддæгтæ. Хистæртæ уыцы хæдзарвæндаг
Нафиатæ хуыдтой.
Нафи уыдис куырттатыкоймаг Гæрисаты (Бай-
солаты) хæрæфырт. Сæрæн лæппу разындис. Кæд
ын йе ’рвадæлтæ зæронд хæрæг йеддæмæ ницы
ныууагътой, уæддæр куыстуарзаг лæппу йæ къахыл
слæууыд. Æвæццæгæн ыл йе ’дзард мад æмæ
фыд хæдзарвæндаджы бардуаг «Наф»-ы ном кæй
сæвæрдтой, уый дæр ахъаз уыдис...
Нафи ирæдваг фæллой æрæмбырд кодта æмæ
Хохы Дæргъæвсы Рæмонаты чызджытæй иуы
йæхицæн цардæмбалæн равзæрста. Адæм Нафийы
24 Дауырæ
тынг бирæ уарзтой. Уæллаг Хъобаны цæрджытæ
чындзæхсæвы хæрдзтæ сæхимæ райстой - æрхастой
йын Рæмонаты рæсугъды...
Рæмонон Бекмырзаты хæдзармæ амондджын
къах бавæрдта: ныййардта сын цыппар лæппуйы
æмæ иу чызг: Алидза, Инæрыхъо, Сæго, Наго æмæ
Борæханы. Алидза Мырзабегæн уыдис йæ фыды
фыды фыд!..
# # #
Хъобаны цæрджытæн ирон адæм хъуамæ уой
уæлдай арфæйаг. Уымæн æмæ дзыхæй-дзыхмæ дзур-
гæйæ цæстыгагуыйау бахъахъхъæдтой, XVIII æну-
сы Хъобаны цы социалон быцæутæ æрцыд, уыцы
трагикон хабæрттæ.
Нæ уыдаид «Чермен», нæ уыдаид «Хазби», нæ
уыдаиккой «Бæтæйы фырттæ», Хъобаны цæр-
джыты дзыхæй Брытъиаты Елбыздыхъо, Санаты
Уари, Плиты Грис рагон хабæрттæ куы нæ фе-
хъуыстаиккой, уæд. Æрæджы дæр ма-иу хистæртæй
фехъусæн уыдис Чермены удыхъæды миниуджыты
тыххæй: Чермен уыдис æмбисонды рæсугъд æмæ
уындджын, фæлмæнзæрдæ æмæ адæмуарзаг. Суанг
сабитимæ дæр зыдта йæхи дарын - семæ-иу сæ
хъæзтытæй хъазыдис.
Ирон адæмы аивады эпикон цы уацмыстæ
систы, уыдоны Чермен бæстон æвдыст æрцыд. Ис
ыл зарджытæ дæр. Гуырдзыйы киностуди та систа
æгас Зæххы къорийыл дæр хъуыстгонд киноныв -
«Чермен». Сæйраг роль дзы ахъазыд нæ рæстæджы
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 25
хуыздæр актертæй иу - Уататы Бибо. Уæвгæ, кæд
кино гуырдзиæгтæ истой, уæддæр сæйраг рольты
се ’ппæты дæр хъазыдысты ирон артисттæ: Тæбæх-
сæуты Бало, Сланты Къоста, Хъалæгаты Федыр,
Абайты Мæирбег, Хъантемыраты Терезæ, Хуы-
рымты Уырызмæг, Дзиуаты Анатоли æмæ æндæртæ.
***
Татраты Аксойы æртыккаг фырт Мурат уыдис
фæсивæды хуыздæртæй иу. Фæлæ уымæн дæр
Хуыцау цæрæнбон нæ радта - иу сæрдыгон бон
сфæнд кодта йæ хæрæфыртимæ хъæдмæ ацæуын.
Уæд, зæгъы, Муратæн йæ фыдыфсымæры ус,
Татраты Дади - дæсны, лæппуты размæ йæ
зоныгыл æрхауд æмæ загъта: «Ма ацæут абон
хъæдмæ! Уæ фæндаг хорз нæу!». Лæппутæ фæстæмæ
раздæхтысты, Дадийы хæдзармæ бакодтой æмæ
кæуылдæрты уæддæр хъæдмæ ахъуызыдысты.
Хæхбæсты æрдз æгъатыр у. Адæймагæн йæхи
хъахъхъæнын хъæуы алы къахдзæфы дæр. Лæппутæ
доны сæрты фаллаг фарсмæ ахызтысты æмæ сæ
хъæдмæ ссæуын хъуыдис къулы хуызæн хæрдыл.
Уыцы хъæды-иу цы сугтæ ракодтой, уыдон бынмæ
уагътой ласæныл - нарæг нукгондыл.
Мурат хæрдмæ ласæныл цыд фæцис. Иннæ
лæппу йын цалдæр хатты загъта: «Уæлбылмæ схиз!
Ласæныл ма цу!»
Нæ йæм байхъуыста Мурат. Æмбисмæ куы
схæццæ сты, уæд ласæныл дур ратылд æмæ Мураты
йæ разæй рахаста. Ныппырх кодта лæппуйы.
26 Дауырæ
Уæдæй фæстæмæ, дам, хъæубæстæ Дадийыл
ноджы тынгдæр æууæндын райдыдтой...
###
Биджелты сæрæндæр æмæ, дам, хæрзуынддæр
лæппутæй иу, Гæбыцы фырт Æхболат, куы
рахъомыл, уæд афтæ аив æмæ хъал уыдис, æмæ йæм
йе ’мгæрттæй бирæтæ хæлæг кодтой. Амбылдта,
дам-иу, сæ канд куысты нæ, фæлæ бæхыл хъазынæй
дæр. Куыд фæзæгъынц: «Æмгары фыдæхæй фыддæр
фыдæх нæй!»
Иу мæйдар æхсæв цалдæр сыхаг лæппуйы,
йæ фæстиуджытæ Биджелты мыггагæн æбуалгъ
знаггад кæмæн æрхастой, ахæм фыдвæнд скодтой:
бабырыдысты зæронд зæппадзы æмæ, Æхбол
фистæгæй цы къахвæндагыл сцæйцыдис æхсæвыгон,
уырдæм, алы хъæлæстæй уасгæйæ, рагæппытæ
кодтой. Чи йын йæ худ скъæфта, чи йæ ’лхыскъ
кодта - скъуымбил кодтой сæ разæй лæппуйы.
Чи нæ фæтарстаид ахæм мæйдар æхсæв ахæм
«хæйрæджытæй», уæлдайдæр та мах хъæуы бирæ
таурæгътæ уыдис, хæйрæджытæ раджы адæммæ
æргомæй кæй цыдысты, уый тыххæй.
Фæтарст, дам, Æхбол æмæ ахауд зæппадзы цур.
Лæппутæ йæ уым ныууагътой æмæ алыгъдысты,
Суанг сæумæцъæхтæм - адæм сæ фос тæрын куы
райдыдтой, уæдмæ, Æхбол йæхи не ’рæмбæрста.
Уый фæстæ, дам, цалдæр къуырийы фæхуыссыд,
æппындæр дзыхæй нал дзырдта, афтæмæй. Йæ
тых йæхимæ куы æрцыд, уæд адæмæй йæхи иуварс
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 27
ласын райдыдта. Гæдыты къуылдымы, кæрдо
бæласы бын, байбын бакъахта æмæ-иу искуы иу хатт
рацыдис йæхицæн хæринаг агурæг. Домгæ, давгæ,
хъыгдаргæ дæр никæй кодта. Мах, ацы чиныджы
автортæ, дæр æрæййæфтам Æхболы: уыдис
тымбылдзæсгом, рæсугъд, цæстытæ - сау, боцъотæ
- даргъ. Хæсты фæстæ азты-иу хъæумæ хус сугты
æргъом æккойы æрхаста æмæ-иу æнхъæлмæ кастис,
кæд сæ исчи хæринаджы хыгъдмæ ахæссид...
###
Бæгъиаты Гурдженыл кувæджы арфæ æрцыд: аст
лæппуйы æмæ йын иу чызг райгуырд. Гурджен æмæ
Наташæйы цот сты тынг рæсугъд мадызæнæг.
Цымыдисаг у, Гурджен æмæ Наташæ куыд
базонгæ сты, уый.
Цæвиттон, Наташæ уыдис Къобы Кокайты
чызг. Йæ мад æмæ йæ фыд куы амардысты, уæд йе
’фсымæримæ сидзæрæй баззадысты æмæ хъомыл
кодтой сæ фыдыфсымæр Кокайты Миткамæ.
Миткайы рæсугъд чызджытæй иу уыдис моймæдзыд
Ногирмæ - Плиты Федырмæ. Гурджен æмæ
Федыр та уыдысты кæнгæ ’фсымæртæ. Федыры
тынг фæндыд, йæ кæнгæ ’фсымæр йе ’мсиахс
куы бауыдаид, уый. Иухатт Федыр æмбæлттимæ
Гурджены Къобмæ ахуыдта, уæдæ мæ усы хойы
фена, зæгъгæ. Куы æрхызтыстьГсæ саргъы бæхтæй,
уæд сæ размæ иу æрыгон рæсугъд чызг разгъордта
æмæ сын сæ бæхты бабæстон кодта. Уый уыдис
Наташæ - уæд ыл 16 азы дæр нæма цыдис.
28 Дауырæ
Тынг бабуц кодтой Кокайтæ сæ уазджыты.
Федыр Гурдженæн фенын кодта йæ усы рæсугъд
хойы.
Куы раздæхтысты, уæд Федыр Гурджены фæрсы:
- Цæй, куыд? Фæцыдис дæ зæрдæмæ мæ
бинойнаджы хо?
- Рæсугъд у!.. Фæлæ нын нæ бæхтæм цы чызг
зылдис, уый уыдзæнис мæн! - загъта Гурджен, æмæ
1931 азы Наташæ хъобайнаг бацис...
2006 азы 19сентябрь
# # #
Чиныг «Хъобан» рацыдис 2007 азы кæрон.
Афтæ зæгъæн ис, æмæ хъобайнæгтæ се ’ппæт дæр
архайдтой чиныгæн æрмæг æрæмбырд кæныныл.
Мах, чиныджы автортæ, бирæ арфæтæ райстам
Ирыстоны цæрджытæй.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 29
Мæ раныхас Ирон адæмы
фæндзæм съезды
Зæрдæбын арфæ кæнын, ирон адæмæн ацы
рæсугъд бæрæгбон чи сарæзта, уыдонæн.
Кæрæдзийы фенын, кæрæдзиуыл фæцин кæнын,
хъæугæ хъуыддæгтыл æрныхас кæнын æмæ
уынаффæтæ цардмæ рахæссын - уый дæр ирон
адæмæн бæрæгбон у.
Дзуринæгтæ æмæ кæнинаг хъуыддæгтæ тынг
бирæ сты. Се ’ппæтыл иу бонмæ нæ аххæсдзыстæм.
Фæлæ мæн дæр фæнды зæгъын, фæстаг азты
фырбуцæй нæ хæзна кæй хонæм, уыцы ирон
æвзаджы тыххæй:
Цымæ æнусы фæстæ зæххыл
Цы ’взæгтыл зæлдзæнис ныхас?
Тыхсын нæ кæддæры бæллæхыл:
Ирон æвзагæн тынг у тас!..
Кæй фырты фырты фырт ыссардзæн
Иронау йе ’взыгъд фыды ном?
Кæй хæццæ фæдон нын ныззардзæн
Къостайы зарджытæ бæстон?
Æз фæдис хъæр кæнынмæ нæ хъавын, æвзаг
сæфы, зæгъгæ. Уæлдайдæр та фæстаг рæстæджы
бæлвырд фæхуыздæр ирон æвзагмæ ахаст скъолаты
дæр, хицауады ’рдыгæй дæр, адæмæн сæхицæй
30 Дауырæ
дæр бирæтæ бамбæрстой, мадæлон æвзаг бинонты
æхсæн ахуыр кæнын кæй хъæуы, уый.
Мæнæн тынг æхсызгон у, абоны фембæлды
ныхас иронау кæй зæлы, уый. Мах сахуыр
стæм, канд политикон, техникон терминтæ нæ,
фæлæ, иронау зæгъæн кæмæн ис, уыцы дзырдтæ
дæр уырыссагау дзурын. Афтæмæй та не ’взаг
æмбисонды хъæздыг æмæ аив у. Мах сахуыр стæм,
хъæуа, нæ хъæуа, не ’взагыл былысчъилтæ кæнын.
Нæ дзурынц иронау бирæ бинонтæ канд горæтты
нæ, фæлæ суанг хъæуты дæр. Не ’рвæсынц ирон
адæмы цот ирон æвзагыл! Æмæ уымæн бирæ
аххосæгтæ æмæ æфсæнттæ ис. Лæмбынæг сыл
бакусын хъæуы æмæ сæ аиуварс кæнын хъæуы.
Æз тынг арфæйаг дæн Аланты Ныхасы уæнгтæн.
Уыдон сты Иры кадджын лæгтæ, нæ куырыхон
хистæртæ, нæ зондамонджытæ. Уыдоны фæрцы
Ирыстоны хъæуты æмæ горæтты хъахъхъæд цæуы
ирон æгъдау, ирон æвзаджы рæсугъддзинад, йæ
хъæздыгдзинад. Ныхасы уæнгтæ арæх æмбæлынц
рæзгæ фæлтæримæ дæр.
Æз тынг арфæйаг дæн, ирон литературæйæн,
ирон аивадæн, ирон æвзагæн чи æххуыс кæны,
нæ уыцы сæрæн лæппутæн - сæ цæрæнбон бирæ!
Уыдонæй бирæтæ æххуыс кæнынц ирон фысджытæн
чингуытæ уадзынæн, нæ национ культурæ, нæ аивад
æндæр адæмты æхсæн равдисынæн, æмæ уыдон
иууылдæр арфæйаг сты. Хъуамæ иннæ адæмты
æхсæн курдиатджын ирон адæм дæлдæр макæмæй
æрлæууой æвадат æууæлты аххосæй.
Сидын ирон адæммæ! Сидын не ’мдугонтæм!
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 31
Ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй архайæм нæ
ирондзинад, нæ ирон æгъдау, нæ диссаджы хъæздыг
ирон æвзаг бахъахъхъæныныл. Хæдзары уа,
уынджы, куыстуаты, æхсæнады - дзурут иронау.
Ма тæрсут! Уый тыххæй уæ националисттæ ничи
схондзæн. Нæ алыварс цæрæг адæмтæй дæр ирон
æвзаг зонын бирæты фæнды. Уымæн уын удæгас
æвдисæн мæнæ æз мæхæдæг.
1989 азы арæзт æрцыдис æхсæнад «Хæзнадон».
Йæ номмæ гæсгæ дæр бæрæг у, ирон æвзаг, ирон
адæмон сфæлдыстад, ирон культурæйы рæзтыл кæй
кусы уыцы æхсæнад, уый. Сарæзтам, иронау дзурын
кæй фæнды, уыдон кæм ахуыр кæнынц, ахæм
скъола. Æртындæс азы дæргъы уыцы скъоламæ
цæуджытæ зæрдиаг арфæтæ кæнынц махæн, уымæн
æмæ, цæмæ фæбæллынц, уый сæ къухы бафты -
æртæ мæймæ базонынц иронау дзурын. Сæ ахуыртæ
вæййынц къуыри æртæ боны, фæскуыст, бынтон
лæвар. Райдайынц дамгъæтæ æмæ грамматикæ
ахуыр кæнынæй. Æртындæс азы дæргъы уыцы
курсытæ адæмæн стыр пайда хæссынц. Æхсæнад
«Хæзнадон» аразы æппæт уавæртæ дæр. Балхæдтам
ксерокс æмæ алы урок дæр мыхуыргондæй дæттæм
ахуырдзаутæн. Уыдон сты фæсивæд æмæ астæуккаг
кары адæймæгтæ - фынддæс азæй уæлæмæ.
Кæстæртæн сæ бон у ирон æвзаг ахуыр кæнын
астæуккаг скъолаты.
Æртæ мæймæ уыцы фæсивæд базонынц
грамматикæ, сæ бон вæййы 20 темæмæ гæсгæ
ныхас кæнын. Ахуырдзауæн йæ бон ирон дзырдтæ
бахъуыды кæнын куынæ уа, уæддæр, грамматикæ
32 Дауырæ
зонгæйæ, уый фæстæ дзырдуæттæм гæсгæ ахуыр
кæндзæн иронау дзурын.
Æхсæнад «Хæзнадон» ноджы уый тыххæй
хуыйны, æмæ сын Дзанайы-фырты уынджы цы
дукани ис, уым балхæнæн ис ирон адæмы хæзнатæ
аудио- æмæ видеокассетæтыл фыстæй. Уыдон сты
ирон аргъæуттæ, æмбисæндтæ æмæ зарджытæ.
«Хæзнадон»-ы хъæппæрисæй цалдæр азы размæ
аудио- æмæ видеокассетæтыл фыст æрцыдис ирон
адæмы сфæлдыстады хæзна - «Нарты кадджытæ».
Кæсгæ та сæ бакодтой ирон дзырды дæснытæ
- Сланты Къоста, Мерденты Юрий, Темыраты
Давид, Саламты Къола æмæ Икъаты Мæирбег.
Фынддæс сахаты уымæ хъусын стыр диссаг у,
уымæн æмæ, кæй ранымадтон, уыцы артисттæ
сты, иронау æппæты рæсугъддæр чи дзуры, уыдон.
Уæдæ кадджытæ та сты, 1946 азы Абайты Васойы
редакцигондæй чи рацыд, уыдон.
«Нарты кадджытæ» аудиопленкæйыл фыст
æрцыдысты дыгуронау дæр. Куыд зонæм, афтæмæй
«Нарты кадджыты» иу хай фыст у дыгурон æвзагыл.
Æмæ ныр нæ бон у байхъусын, Темыраты Давид
сæ куыд аив кæсы дыгуронау, уымæ. Ноджы
ма дыгуронау ныффыстам æмбисæндтæ дæр.
Бакастысты сæ Темыраты Давид æмæ Зæлеты
Иринæ.
Уымæй дарддæр æхсæнад «Хæзнадон»-ы
кусджытæ бацархайдтой, цæмæй нырыккон
мадзæлттæй пайдагæнгæйæ алы ирон хæдзары дæр
уа ирон аивады хуыздæр уацмыстæ. Ирыстоны
телеуынынадимæ иумæ сарæзтой фæрæзтæ, æмæ
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 33
ныр дукани «Хæзнадон»-ы ис балхæнæн ирон
адæмы хæзнатæ видеокассетæтыл фыстæй. Уыдон,
Ирыстонæй дард чи цæры, уыцы ирæттæн дæр стыр
пайда сты. «Хæзнадон»-ы кусджытæ тынг арфæйаг
сты республикæйы æмæ горæт Дзæуджыхъæуы
разамындæн. Æнæ уыдоны æххуысæй сæ къухы
уыйбæрц æнтыстдзинæдтæ нæ бафтыдаид.
Æппæт æвзæгтæ - не ’ппæт царды фидыц,
Сæ бирæ зæлтæ - иумæйаг бæркад.
Кæрæдзимæ фылдæр цæрамæ сидынц,
Сæдæ ’взаджы мæнæн кæнынц лæггад.
«Салам, ханум» мæм хуры тын æрхоны,
«Ламази гого» барухс кæны риу.
Уырыссаг «здравствуй» зæххыл цæрæг зоны,
Æппæт адæмты «дружба» кæны иу.
Уæдæ «сæрибар», «сабитæ», «нæ бæстæ»,
«Хæххон суадон», «фыдæлты намыс», «мад» -
Кæцы ’взаджы ис аивдæр ныхæстæ?
Ирон æвзаг - хуыздæр æвзæгты ’мкад!
2003 озы 25 октябрь
3 Заказ № 34
34 Дауырæ
Йæ хъысмæт нæхи къухты ис
«Рæсгпдзинад»-ы 2001 азы 5 февралы ба-
кастсен Цгъойты Хазбийы хъуыдытсе ирон
севзаг, ирон сегъдау семсе нсе дуджы проблемсеты
тыххсей. Мсе зсердсе мын фсецагайдтой йсе арф
семсе куырыхон хатдзсегтсе. Ацы темсейыл
бирсе фседзырдтой семсе фсефыстой Хазбийы
размсе дсер, фселсе иу дсер сергом уайдзсеф
баксенынмсе йсе ныфс нсе бахаста, севзаджы
хъысмсет ксгмсей аразгсе у, уыдонсен. Хазби ирон
севзагсен, ирон адсемон сфселдыстадсен, ирон
сегъдау, ирон литературсейсен бирсе лсеггад
бакодта семсе ксены абон дсер. Уымсе гсесгсе йсе
бон у канд уайдзсеф баксенын нсе, фселсе сердомын
дсер йсе аивад, йе сфселдыстад семсе кады
бсерзсендсей.
Æвзаг, æгъдау, уаг æмæ суанг лите-
ратурæйыл дзургæйæ хъуамæ æппæты
разæй адæймаг ахъуыды кæна царды ивды
къæпхæнтыл. Фæстаг дæс-фынддæс азы цыма мæн
цардæй не сты, афтæ мæм кæсы. Цыдæр æндæр
бæстæйы цыма цæрын, мæн чи нæ у, ахæм бæстæйы.
Чи зоны, канд мæнмæ афтæ нæ кæсы... Адæм цыдæр
æнахуыр систы. Нал сæ хъæуы хион æмæ мæгуыр
хæстæг дæр. Хистæр æмæ астæуккаг фæлтæр
техникон æмæ прогрессы рæзты фæсте аззадысты.
Æрыгæттæ компьютерты æмæ Интернеты аны-
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 35
гъуылдысты. Нал сæ хъæуы чиныг æмæ уроктæ дæр.
Скъоладзаутæн сæ хæдзары цы сомтæ радтынц,
уыдон компьютерон клубты ныууадзынц, уроктæй
ралидзгæйæ. Иутæ та суанг æхсæвы дæр баззайынц
клубты хъазгæйæ.
Ацы «сотовый» телефонтæ та бынтон сæрра
кодтой адæмы: йæ хъустыл хъусæнтæ бакæны æмæ,
дзургæ куы нæ кæна, уæд та музыкæмæ хъусы.
Æппындæр æм нæ хъары, йæ цуры исчи ис, æви
нæй, уый. Дуканиты, æхсæнадон бынæтты дзуры йæ
сусæгдзинæдтæ. Æмæ дзы искæмæн куы бауайдзæф
кæнай, уæд дын зæгъдзæн: «Æмæ мæм цæмæн
хъусыс!»
Æз, сфæлдыстадон кусæг уæвгæйæ, кусын иу
чысыл дуканийы, - æнæ кусгæйæ дæр куыд хъуамæ
цæрæм?! Кæддæр дуканийы къулыл зынгæ ран
ныффыстон стыр дамгъæтæй: «Иронау дзур». Æз
мæхæдæг æлхæнджытимæ иронау, кæнæ дыгуронау
фæдзурын. Фæлæ афтæ дæр вæййы, æмæ нæ
фембæлд загъдмæ рацæуы:
- А я не хочу говорить по-осетински. Мне
вообще стыдно, что я осетинка! - бауæндыд мæм иу
æрыгон чызг.
Иннæ та «Колхоз! Совхоз!» - ныхъхъæр кодта
фыст бакæсгæйæ. Æз æй бдфарстон, «колхоз,
совхоз» цы хоны, уымæй.
- Наше прошлое! - сæрыстырæй загъта чызг.
- Æмæ дæм ирон æвзаг дæр нæ ивгъуыд кæсы? -
уæзданæй та йæ бафарстон æз.
- Да, именно так! - æлхæнгæ дæр ницыуал
бакодта, афтæмæй ацыд. Йæ фæстæ ма бæргæ ахъæр
36 Дауырге
кодтон: «Æнæмыггаг, æнæхæдзар!» - фæлæ мæ
нал фехъуыста. Уæвгæ йын иннæ æлхæнджытæ мæ
бæсты дæр хорз фесты.
Хазби йæ уацы раст загъта телеуынынады
тыххæй дæр. Æз мæхæдæг æвдисæн дæн кæддæры
æмæ абоны телеуынынадæн. Рухс дзæнæты бадинаг
Æгъуызарты Æхсарбеджы рухс ном ирон аивады,
ирон литературæйы мыггагмæ баззайдзæн. Уый
уыдис ирон адæмы «зæрдæйы хъæдгæмттæ»
æмпъузæг! Уый телеуынынадæн разамынд куы
лæвæрдта, æмæ мæ фæлтæр уым куы куыста,
уæд дзы ахæм циклтæ уыдис: «Нæ дуг æмæ
не ’гъдæуттæ», «Фыссæг æмæ цард», «Поэзи»,
фæсивæдæн æмæ сабитæн бирæ алыхуызон
равдыстытæ иронау. О, цард цæуы æмæ домы йæхи
ног формæтæ æмæ темæтæ, фæлæ нæ чи нæ уадзы
ирон фысджыты сфæлдыстадимæ бæстон зонгæ
кæнын?! Æрмæст ма зарджытæ чи фыссы, уыдоны
зонынц ирон адæм! Патриотикæ, философон
хъуыдытæ цыма никæй уал хъæуынц! Ирон
фысджытæй бирæты адæм зонгæ дæр нал кæнынц.
Æмæ уый, æвзæр фыссынц, уый тыххæй нæ, фæлæ
ирон литературæмæ фаг хъусдард кæй нæй, уый
тыххæй!
Æхсарбег-иу арæх афтæ загъта: «Æндæр рæттæй
нæм ничи æрбацæудзæн не ’взаг, нæ литературæ
хъахъхъæнынмæ!»
Газеттæ дæр бынтон раст нæ кæнынц, фылдæр
сæхи кусджыты, уацхæсджыты æрмæджытæ кæй
мыхуыр кæнынц, уымæй. Раздæр-иу газеттæм
тынг бирæ адæм фыста царды алы ахсджиаг
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 37
фарстаты тыххæй. Уый пайда уыдис æвзаджы
хъæздыгдзинадæн æмæ фылдæр адæмы хъуыдытæ
зонынæн дæр. Раст ма мæм нæ кæсы ноджы иу
хъуыддаг: газеттæ æмæ журналтæ рафыссыны
рæстæг куы вæййы, уæд хъуамæ канд сæ редакциты
кусджытæ ма тыхсой сæ рафыссыныл, фæлæ æппæт
ирон адæм дæр, цæмæй алы ирон хæдзары дæр уа
ирон газеттæ «Рæстдзинад», «Дигорæ», журналтæ
«Мах дуг», «Ирæф», «Фидиуæг», «Ногдзау». Хъуамæ
газеттæ арæхдæр мыхуыр кæной аивадон уацмыстæ
алы карæн дæр. Аивадон уацмыстæ хъомыладæн
дæр æмæ æгъдау, уагыл хæцынæн дæр тынг æххуыс
сты.
Ам, дуканийы кусгæйæ, æз бон-изæрмæ хъусын,
чи цы æвзагыл дзуры, уый. Раст зæгъы Хазби,
стæм адæм дзурынц иронау. Суанг кар адæм дæр
дызгъуым-мызгъуымтæй дзурынц уырыссагау.
Уæддæр ма дыгур патриоттæ разындысты, -
æхсæнадон бынæтты фылдæр дзурынц дыгуронау.
Хазбийы хъуыдытæм здæхгæйæ мæн фæнды
æрымысын иу хъуыддаг: кæддæр уыдтæн Германы
цæгат хайы туристон балцы сакъадах Узедоны.
Диссаджы рæсугъд ран! Уым фехъуыстон, махмæ,
нæ фидæнмæ, бар чи дары, ахæм хабар: уыцы
сакъадах, дам, уыдис к?еддæр тынг стыр. Йæ
цæрджытæ афтæ схъæздыг сты, æмæ сыгъзæрин
уидгуытæй хордтой, сыгъзæрин агуывзæтæй сырх
сæн нуæзтой. Сæ фарсмæ цæрæг адæмтæ сын -
арæх дзырдтой, денджызæй сын тас кæй у æмæ
сæ ауазæнтæ (дамбæтæ) саразын кæй хъæуы, уый.
Фæлæ уыдоны нæ уырныдта, тас сын кæй у, уый.
38 Дауырæ
Иу бæрæгбоны, сæндæтты бадгæйæ, кафт æмæ
зард куы стынг сты, уæд сæ денджызы уылæн
астæрдта, æмæ ма уыцы стыр сакъадахæй аззадис
æрмæст иунæг хъæу - Херингсдорф...
Хъæуы нæ ахъуыды кæнын ЮНЕСКО-йы
хатдзæгтыл.
Æз бирæ азты дæргъы мæ цард снывонд
кодтон ирон æвзаг æмæ литературæйæн. Куыстон,
архайдтон, куыд мæ бон уыдис, афтæ. Суанг ма
ирон скъола дæр байгом кодтон, скъолайы ирон
æвзаг чи нал сахуыр кæндзæн, уыцы хистæртæн.
Æртæ мæймæ хуымæтæг дзурыны æвзаджы бындур
сахуыр кæнæн ис! Æз уый фидарæй зæгъын. Нæ
фæсивæдæй, иннæ адæмты минæвæрттæй иронау
дзурын кæй фæнды, уыдоны нымæц бирæ у. Уымæн
æвдисæн сты, ивгъуыд азы кæрон «Хæлардзинады
хæдзары» цы курсытæ куыстой, уыдон. Ардæм
æрбацыдис 70 адæймаджы - телеуынынадæй дæр
нæ æвдыстой. Уыцы залы куынæуал цыдыстæм, уæд
нын Ахуырады æмæ наукæйы министрад баххуыс
кодта: ног бынат нын радтой - Кировы æмæ Ленины
уынгты тигъыл Ахуыргæнджыты хæдзары стыр зал.
Бирæты фæнды ирон æвзаг зонын дæр æмæ
йæ зонынæн баххуыс кæнын дæр. Ирон æвзаджы
ахуыргæнджытæй мæм цалдæр æрбацыд, кæд ме
’ххуыс хъæуы, уæд æз дæр цæттæ дæн æнæ ’хцайæ
кусынмæ, зæгъгæ.
«Рæстдзинад», №25,2001 азы 15 февраль
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 39
"•<а?к~'
Æмгæртты мысгæйæ
Æмбис азтсе нселгоймагсен цы сты? -
Йсе цырены ис цард семсе куысты!
Цсергсес лсеппутсе раст ксефты цагъд фесты:
Анзор, Кьоста, Чермен ныр немсе не сты.
Нсей Хьалсегон, Хаджи, Хадо, Махар.
Ссе иуы дсер ма а зсеххыл ссар,
Нсей Глеб, Мсеирбег, цардбселлон Уырызмсег,
Нсе аивадмсе рынбардуаг ыстызмсег!..
Æртындæс лæппуйы æмæ авд чызджы
уыдыстæм, 1953 азы Мæскуыйы Щукины
номыл уæлдæр училищемæ актеры дæсныйад
райсынмæ цы фæсивæд ацыд, уыдон. Нæ ном
хуындис ирон театралон студи.
Хъалæгаты Федя, Хуырымты Уырызмæг, Хæбæ-
латы Олег, Икъаты Мæирбег, Цихиты Мæирбег,
Дауыраты Харитон, Цæгæраты Глеб, Туриты Махар,
Дзбойты Бабле, Æгъуызарты Æнзор, Тыбылаты
Чермен, Томайты Къоста, Лохаты Хаджи - уыдон
уыдысты нæ лæппу-фæсивæд.
Беккуызарты Орзетæ, Мæхъиты Ирæ, Торчынты
Эммæ, Дзуццаты Рая, Хуыгаты Верæ, Тæбæхсæуты
Зая æмæ æз мæхæдæг - Сланты-Дауыраты Зоя.
О, куыд зын мын у ацы рæнхъ ныффыссын: «Нал
сты нæ лæппу-фæсивæд!»
Нал сты Орзетæ, Ирæ, Рая æмæ Зая дæр.
О, куыд цыбыр у цард! Æфсымæртæ æмæ хоты
40 Дауырæ
цард чи фæкодта, фондз азы дæргъы Мæскуыйы
иу ахуырдоны, иу æмдзæрæны иу хор, иу донæй чи
цард, уыдонæй бирæтæ хæрз æрыгонæй ахицæн
сты цардæй, иннæтæ та æмбисцардæй амардысты.
Баззадыстæм ма æртæйæ: Торчынты Эммæ,
Хуыгаты Верæ æмæ æз.
Кæй ранымадтон, уыдонæй алкæйы ном дæр
баззайдзæн ирон театры, кинойы, телеуынынады,
суанг литературæйы историйы дæр. Куыд æхсыз-
гонæй æрæмысын æз мæ уарзон æфсымæрты æмæ
хоты.
Хуры хуызæн худгæйæ цæстытыл уайы
Хъалæгаты Федя. «Мæгуырæй дæр - урс хæдон»,
- афтæ-иу дзырдта. Федя цæстытыл уайы урс
хæдоны кафгæ æмæ заргæйæ, кæнæ йæ бирæ рольтæ
хъазгæйæ. Урс хуыз куыд сыгъдæг æмæ æнæкъæм у,
афтæ сыгъдæгзæрдæ, æнаипп уыдис Федя. Уый ирон
аивады, Дауыраты Харитоны загъдау, «æрвæрттывд
уыдис, махæй бирæтæ та - хуымæтæджы æвди-
сæнтæ».
Хуырымты Уырызмæг ирон театр æгæрон
уарзтæй кæй уарзта æмæ Токаты Асæхы комеди
«Усгурты» Гугайы роль ахъазынмæ кæй бæллыд,
уый тыххæй йæхиуыл ног ном сæвæрдта - Гуга,
æмæ мах абон дæр Уырызмæджы буцæн хонæм Гуга.
Суанг ма театруарзджытæй бирæтæ афтæ ’нхъæл
дæр уыдысты, æмæ уый йе ’цæг ном у.
Хуымæтæг, парахатзæрдæ, æнæхин, курдиат-
джын ирон аив лæппу хæрз цыбыр рæстæгмæ схыз-
тис дунеон театралон аивады бæрзонд къæпхæнтæм
æмæ цæхæр скалдта ирон сценæйы. Уырызмæг
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 41
бауарзын кодта Ирыстоны цæрджытæн Хуырымты
мыггаджы. Иунæг хатт æй чи федта сценæйы, уый
дæр æй никуы ферох кæндзæн.
Тыбылаты Чермен махæн хистæр æфсымæры
хуызæн уыд. Æфсармджын ирон лæг, уæздан æмæ
хæларзæрдæ, фылдæр хъазгæ дæр ахæм рольтæ
кодта. Чермен хъазæнныхасгæнаг уыдис. Абон
дæр ма театры фæсивæд йæ хъæлдзæг ныхæстыл
фæхудынц. Мæскуыйы уæвгæйæ-иу арæх кодта йæ
хъæу Ногир æмæ йæ сыхæгты хорзы кой. Иу хатт
та кæйдæр æрымысыд æмæ афтæ: «Тракторæй
йыл фæздæг ракалд, бецау, æмæ амард. Тынг
ахуыргонд уыдис. Почти йæм цыппар къласы уыд
ахуыргонддзинад».
Быгъуылты Эммæ махимæ нæ ахуыр кодта, -
махæй бирæ кæстæр уыд. Хæрзæрыгонæй æрбацыд
театрмæ. Афтæ рæсугъд уыдис, æмæ йæм адæймаг
кæсынæй не ’фсæст. Раст талабæласау лыстæг,
хæрзконд, хъæлдзæг. Æмæ кæй зæрдæмæ нæ цыд!
Уæд иу бон Чермен (уæд ма, мæгуыр, æнæ бинонтæ
уыд) хъазгæйæ загъта: «Ракурин дæ, Быгъуылон,
фæлæ мын хъæццулы дыдагъы куы фесæфай, уымæй
тæрсын». Уæд Эммæ бахудтис, йæ фарсмæлæууæг
чызджытæм йæ цæст æрныкъуылдта æмæ афтæ:
«Ракур мæ, нæ фыды хай! Æз дæ мæхæдæг
ссардзынæн!» - æмæ та театры, цæуыл худой
артисттæ, ахæм ныхас фæзындис.
Фондз азы дæргъы Мæскуыйы фæрсæй-фæрс-
тæм цардыстæм музыкалон училищейы студент-
тимæ. Уыдысты нæ бæстæйы алы рæттæй. Иу
сомихаг лæппу нæ бакомкоммæ уаты цардис. Иу
42 Дауырæ
хатт хъæлдзæгæй рагæпп кодта тыргъмæ æмæ йæ
дзыхыдзаг хъæр кæны: «Я уже «соль» беру!» Ома,
нотæ. Чермен дæр йæ хъæрмæ рауад. Фæстæмæ
баздæхт æмæ къоппы дзаг цæхх рахаста, вот тебе
еще, если ты так рад соли, зæгъгæ.
Черменыл бирæ фыдбылызтæ цыдис. Иу
хатт Ногиры сæ хæдзар басыгъд. Йæ хъыгыл ын
хъыг куы кодтам, æнæфыдбылыз ут, зæгъгæ, уæд,
цæмæй адæм худой, уый тыххæй афтæ: «Мæ мад
хъыбылтæн мыдадзын цырагъы рухсмæ Хрущевы
доклад кастис, æмæ афтæмæй ссыгъдыстæм».
Æвæццæгæн, махæй хистæр æмæ фæлтæрдджындæр
кæй уыдис, ауæрдаг дæр уый тыххæй уыд. Мах-
иу не стипенди уайтагъд ахардз кодтам, фæлæ
уымæ æдзухдæр уыдис æфснайд æхца. Искæй-иу
нæ æхца æфстау куы хъуыдис, уæд-иу Черменмæ
уадис. «Уæртæ цырыхъы хъусы сты æмæ дзы сис», -
загъта-иу сæрыстырæй.
Æвæдза, куыд диссаг уыдис! Мах æцæг иу
бинонтæ уыдыстæм! Æцæг æфсымæртæ æмæ хотæ!
Не ’ппæт дæр зыдтам Чермены цырыхъы хъус, исгæ
дæр-иу дзы скодтам, æвæргæ дæр, фæлæ дзы никуы
ницы фесæфт.
Дауыраты Харитон мах ныццыдмæ Мæскуыйы
ВГИК-ы ахуыр кодта актерон факультеты. Уый
дæр та диссаг куыд нæ у? Хъобаны астæуккаг
скъолайы фæстæ ацыд Мæскуымæ æмæ, æнæ
искæй æххуысæй, йæхи хъæппæрисæй бахауд
Æппæтцæдисон киноинститутмæ актерон хайадмæ.
Сахуыр дзы кодта иу аз, фæлæ, йæ бæллиц ирон
театр кæй уыд, уый тыххæй ирон студимæ раивта.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 43
Кæд театры бирæ нæ бакуыста Харитон, уæддæр
æнтыстджынæй ахъазыдис цалдæр ролы. Уыдонимæ
Хъалмыхъы роль Брытъиаты Зарифæ æмæ
Саламты Къолайы комеди «Дыууæ чындзæхсæв»-ы.
Харитонæн æрдз балæвар кодта бирæвæрсыг
курдиат, аив хъæлæс,аив дзырдмæ уарзондзинад.
Фæстæдæр ссис аивадон наукæты кандидат æмæ
Къостайы номыл университеты доцент. Ныууагъта
бирæ аивадон, литературон æмæ наукон бынтæ,
абон дæр бæстонгонд чи нæма у рæстæджы
аххосæй, ахæмтæ. Радиойы фонотекæйы цы бирæ
спектакльтæ æмæ сфæлдыстадон æрмæг ныууагъта,
æрмæст уыдоны тыххæй дæр йæ ном баззайдзæн
Ирыстоны историйы. Харитон мах, чызджыты,
уыцы-иу номæй хуыдта: «Фуфылыки-Муфылыки».
Цæстуарзон, æнæхин, зæрдæхæлар - ахæмæй баззад
нæ зæрдæты Харитон.
Цæгæраты Глеб - не’рыдойнаг æмгар! Уæздан,
хæдæфсарм, йæ царды мидæг иунæг адæймаджы
зæрдæхудты дæр чи нæ бацыд, уыцы Глеб!..
Акуыста театры дæр, фæлæ уæхскуæзæй фæкуыста
республикæйы телеуынынад æмæ радиойы.
Цалынмæ цардсаразынæн афон уыдис, уæдмæ
æмдзæрæнты фæцард. Бирæ азты фенхъæлмæ каст
фатермæ. Йæ фыдбылызæн ын цыппæрæм уæладзыг
радтой. 1995 азы райдайæны йæ туджы æлхъывд
бæрзонд кæй уыдис æмæ афтæмæй цыппæрæм
уæладзыгмæ кæй ссыдис, уый тыххæй, дам, уыдис
йæ æвиппайды бæллæх!
Глеб цæстытыл уайы аивæй, галстуччы
афæдзы кæцыфæнды афон дæр, хæрзитувæрдæй.
44 Дауырæ
Æмдзæрæны дæр бæрæг дардтой Глебы къуым æмæ
йæ сынтæг, раст цыма бæндæнтыгъдæй æфснайд
уыд, уыйау. Глеб уыдис хъæлдзæгныхасгæнаг. Æп-
пынæдзухдæр худынæн дзырдта «Дзикъ-Дзибиндр»-
тæ! Дзбойты Бабле раст загъта: «Мах ныр дæр Глебы
курдиатæн бæстон аргъ нæма скодтам. Уый хуызæн
хъæлдзæг радзырдтæ никуыуал ничи бакæсдзæн».
Æнæмæнг баззайдзæн Глеб Ирыстоны аивæдты
историйы, куыд курдиатджын артист, режиссер
æмæ аивæдты сгуыхт архайæг, мæ зæрдæйы та -
куыд æцæг æмбал æмæ адджын æфсымæр. Æппæты
зындæр та мын уый у, æмæ йæ фæдыл йæхи хуызæн
хæдæфсарм фæдон кæй нæ баззад...
Æгъуызарты Æнзор - бæрзонд, хæрзконд,
мыдхуыз лæппу, Лескенæй. Махимæ Мæскуымæ
ацæуыны размæ ахуыр кодта ам, нæхимæ, педагогон
институты, фæлæ йæ къамисы уæнгтæ куы федтой,
уæд ын сæхæдæг загътой: «Рацу Театралон
институтмæ! Тынг хорз актер уыдзынæ!» Æмæ
æцæгдæр ссис Æнзор тынг хорз актер, сæйрагдæр
та уыдис тынг хорз адæймаг. Хъазыдис героикон
рольтæ. Уырыссаг æвзагыл сыгъдæг кæй дзырдта,
уый тыххæй, стæй бакастæй та уырыссаг бæгъатыры
хуызæн кæй уыд, уый тыххæй йæ ирон театрæй
раивтой уырыссагмæ. Цалдæр азы уым акуыста,
стæй афтыд Уæрæсемæ. Актеры куыст бирæтæм
æнцон кæсы, фæлæ зын æмæ вазыгджын у.
Ихсыйынц дзы зæрдæйы арф уидæгтæ дæр. Æмæ
иуахæмы Æнзор, сценæйы сæйраг роль хъазгæйæ,
ахауд йæ зæрдæйæ. Уæд æй бæргæ фервæзын
кодтой йæ къабазджын æфсымæртæ æмæ хиуæттæ,
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 45
фæлæ, æвæццæгæн, уый фæстæ зæрдæйы хъæн нал
байгас, æмæ цасдæры фæстæ ам, нæхимæ, амард.
Æнзоры мысгæйæ æз æрхъуыды кæнын,
куыд фæлмæнзæрдæ уыд, куыд-иу ныццин кодта
адæймагыл фембæлгæйæ. Цас циндзинад ын хаста
мæ фенд! Цас-иу мын фæбатæ кодта мæ къухтæн!
Цас цаутæ-иу æрымысыдис нæ ахуыры азтæй!..
Тъуриты Махар - бæрзонд, лыстæджытæарæзт,
саухилæй ирдцъар, рæсугъд лæппу. Баблеимæ
æппындæр кæрæдзийæ нæ хицæн кодтой. Астæуккаг
скъола дæр каст иумæ фесты. Мæскуыйы театртæм
се ’ппæтмæ дæр мах, театралон институты
студенты, æнæ билеттæй уагътой, æмæ-иу ахæм
изæр нæ уыд, æмæ Махар, Бабле театры ма уой!
Фæсæмбисæхсæвмæ-иу иумæйаг цæлгæнæнæй
сæ ныхас хъуыстис, суанг ма-иу быцæу дæр систы
ногфенд спектакльтыл дзургæйæ. Æмæ-иу уæд
Бабле Махарæн афтæ: «Мæнæ цæимæты æрцыдтæн
Мæскуымæ, мæнæ!»
Махар бирæ сæйраг рольтæ ахъазыд театры
дæр æмæ кинойы дæр. Ссис адæмæн зынаргъ æмæ
уарзон. Махæй, аивады йын йæ фыццаг къахдзæфтæ
дæр чи уыдта, уыдонæй никуы ферох уыдзæн нæ
дипломон куыстытæй иуы, Меримейы радзырдмæ
гæсгæ спектакль «Сылгоймаг - хæйрæг»-ы
Махар сауджыны роль куыд хъазыд, уый. Йæ
тæригъæдтæ сыгъдæггæнынмæ аргъуанмæ цы
чызг бацыд (хъазыд æй Торчынты Эммæ), уымæ
сауджын хъуыста, йæ цæстытæ йæ пæлæзы дысæй
бамбæрзгæйæ. Фæстагмæ йæм фемдзаст, æмæ цыма
хуры тыхджын рухсæй фæтарст, уыйау амбæхста йæ
46 Дауырæ
цæстытæ, фæлтау дæ куы нæ федтаин, зæгъгæ. Афтæ
арæхстджынæй хъазыд, æмæ-иу нæ ферох, Махар у,
уый!
Фондз азы иумæ Мæскуыйы ахуыргæнгæйæ
махæй никуы ничи базыдта, Махар бынтон сидзæр
у, уый. Æмæ йын кæд тутхæстæджытæ бирæ уыдис,
уæддæр йæ зыны бон зæрдæ уымæн уынгæг кодта,
æмæ йæхицæн уарзон цардæмбал куы равзæрста,
нæ хуыздæрты хуыздæры сиахс куы бацис, æмæ дзы
Тæбæхсæуты Бало йæхицæн фырт куы загъта, уæд...
Ехх, æвæдза, куыд æгъатыр разынд хъысмæт!..
Нæ иннæ уарзон æмгар - ирыхъæуккаг Томайты
Къоста - мыдхуыз, къабазджын, къæбæлдзыгсæр,
бакастæй тызмæг, фæлæ фæлмæнзæрдæ Къот,
Къота! Театры дæр акуыста, фæлæ фылдæр
хъуыстгонд уыдис куыд телеуынынады режиссер
æмæ сæйраг режиссер. Æвæрдта спектакльтæ,
хъомыл кодта ног фæлтæр. Хорз зыдта музыкæ,
кинойы куыст, монтаж æмæ иннæ хъæугæ
хъуыддæгтæ суанг техникæйы онг.
Йæ фыд хæсты фесæфт, йæ мад æмæ йæ дыууæ
хомæ æдзухдæр æхсайдта йæ зæрдæ, æмæ-иу йæ
царды бирæ зынтæ мысгæйæ йæхимæ хъусыныл куы
фæцис, уæд-иу мах, чызг-фæсивæд, сдзурын дæр нал
уæндыдыстæм. Фæлæ Къот йæ хорз зæрдæйы уагыл
ис, уæд-иу нæ радыгай, сывæллæтты хуызæн, арвмæ
æхста, æмæ-иу нæ худын, нæ цъæхахстмæ æгас
æмдзæрæн æрæмбырд. Хъæбыстæ, батæ-иу нын
кодта, мæ гыццыл хотæ, зæгъгæ.
Æртыккаг курсы куы ахуыр кодтам, уæд нæм
Мæскуымæ ныццыдысты Къостайы мад æмæ йæ
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 47
кæстæр хо. Куыд рабæрæг, афтæмæй Къостайы
хойы сæры æвзæр низ фæзынд, æмæ йын хъуыдис
операци скæнын... Амардис, мæгуыр... Къоты
дзыхæй иунæг ныхас нал хъуыстам. Мад дæр
бирæваг нал сси, æмæ уæд нæ уарзон æмгары
зæрдæйы æрбынат кодтой химæхъусын æмæ
æнкъарддзинад. Æмæ кæд Томайты Къоста ирон
театрæй рацыд, уæд, æппæты фыццаг, уый тыххæй,
æмæ йæ зæрдæ хъæлдзæгдзинадмæ нал радис.
Уый йедтæмæ уыдис æцæг курдиаты хицау. Хорз
æнкъардта музыкæ, литературæ, нывкæнынад...
Мах, ирон студи каст фæуæг фæсивæд, ирон
театры не ’ппæт нæ баззадыстæм. Фæлæ нæ ирон
театрæй чи рацыдис, уыдонæй иу дæр ахæм нæ
уыд, æмæ Ирыстоны аивад, Ирыстоны культурæмæ
бæстон æвæрæн чи нæ бахаста.
Лохаты Хаджи-Мурат иунæг аз бакуыста ирон
театры. Уый фæстæ ацыд Мæскуымæ. Куыста
ахуыргæнæгæй. Фæлæ уым дæр нæ рох кодта йæ
бирæ уарзон æмгæртты, æмæ-иу нæ исчи Мæскуыйы
куы уыд, уæд-иу ныл тынг æхсызгонæй сæмбæлд.
Не ’мкурсонтæй æппæты разæй, хæрзæрыгонæй
Хаджи фæхъуыд.
Æмæ та мæнæ ног бæллæх! 1996 азы райдайæны
æмгæртты зындзинæдтæн се ’ппæты бамбæрзта
Цихиты Мæирбег! Кæддæр хæрзæрыгонæй дæр,
«ацы царды тагъд кæнын никуыдæм хъæуы» - чи
дзырдта, уый йæ бирæ бæллицтæ кæронмæ нæ
сæххæст кодта, афтæмæй батагъд кодта, йæ уарзон
æмгæрттæ, æмбæлттæ фарастæй кæм сты, уыцы
дунемæ. Мæирбег дæсæм у.
48 Дауырæ
Йæ фесæфтæй цалдæр боны размæ ныхас кодта
Республикон радиойæ, æмæ, цыма, йæ къухы цы
бафтыд, уыцы хъуыддæгты тыххæй йæ царды кæрон
йæ уарзон Ирыстоны цур дзуапп дæтты, афтæ
бæстон фæдзырдта йæ фæндтæ дæр, æмæ ирон
театры рæзты хъуыддæгтæ дæр.
Базмæлыдис та Ирыстон Цихиты Мæирбеджы
фыдохы хабарæй дæр. Фæфæдис та стæм ирон
театрмæ. Балæууыдыстæм та Мæирбеджы чырыны
цур дæр æмæ та кæрæдзимæ бакуыдтам. Нæ уарзон
æмгæрттæй та нал ис иу. Нал та ныл бацин кæндзæн
Мæирбег дæр. Нал та нæ æрбахъæбыс кæндзæн,
нал нæ æрбалвасдзæн йæ фæтæн риумæ, мæ хотæ,
зæгъгæ.
Икъаты Мæирбег махæй чысыл хистæр уыдис.
Уый дæр уыдис алагираг, Цихиты Мæирбегау.
Бакæстæй уыдис саулагъзæй рæсугъд. Йæ цæстытæ
æдзухдæр цæхæр калдтой. Никуы ничи федта махæй
Мæирбеджы æнкъард æмæ мæстыйæ. Йæ фыццаг
фарст-иу уыдис: «Истæмæй тыхсыс?»
Мæирбег æрмæстдæр дыууæ ролы куы
ахъазыдаид - кинойы - Къостайы, театры - Тимон
Афинаджы, уæддæр уыдаид, цы стыр кад ын кодта
Ирыстон, уый аккаг. Бирæ азты дæргъы ирон
театры сæйраг рольтæ хъазыдис Мæирбег. Арæх
æй хуыдтой телеуынынадмæ æмæ радиомæ. Тынг
аив кастис æмдзæвгæтæ æмæ аивадон уацмыстæ:
Плиты Харитоны «Сæлимæт», «Нарты кадджытæ»
æмæ бирæ æндæр уацмыстæ ныр дæр ма зæлынц
радиойæ.
Бабле Дзбойты - æмбисонды курдиатджын
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 49
адæймаг. Уæвгæ, йæ хо Зоя дæр Баблейы хуызæн
курдиатджын у. Бирæ аив сурæттæ сарæзта театры
æмæ кинойы. Æфсымæр æмæ хо ирон аивады
басгуыхтысты.
Бабле дæр, мæнау, режиссер суæвынмæ
бæллыд. Афтæ дæр-иу уыдис, æмæ кæрæдзийæн
чингуытæ лæвæрдтам, режиссеры дæсныйад бæстон
базонынæн. Мæскуыйы режиссеры дæсныйадыл
уыцы-иу рæстæг ахуыр кодтам: Бабле ВГИК-ы, æз
ГИТИС-ы. Арæх-иу фембæлдыстæм театрты дæр.
- Мæнæ ма кæй уынын! - ныхъхъæбыс-иу мын
кодта. Æвæццæгæн, мæ кæуын уымæн нæ урæдтон
йæ зыны бон...
Олег Хæбæлаты - не ’ртындæсæм æфсымæр.
О, цас рæсугъд фæндтæ нæм уыдис Олегимæ! Йæ
мæлæтæй дыууæ азы размæ уыдис ам, Ирыстоны.
Йæ фæтæн риумæ мæ афтæ нылвæста, æмæ мæм
улæфт нал уыдис.
- Æз дæм хъуыддаджы тыххæй æрбацыдтæн.
Цæй, æмæ нæ курсыл чиныг ныффыссæм. Æз -
лæппутыл, ды - чызджытыл!
Олег не ’ппæтæй дæр тынгдæр арæхстис
фыссынмæ. Фыста пьесæтæ, радзырдтæ, сценкæтæ.
Кæд Ирыстоны аивадмæ бæстон æвæрæн нæ бахаста
- дыууæ азы бакуыста æрмæст ирон театры, уæддæр
Уæрæсейы уыдис зындгонд артист æмæ режиссер.
Бирæ азты фæкуыста циганты театр «Ромэн»-ы.
Уыдис тынг арæхсджын артист. Цигайнаг кафт -
афтæ дæсны кодта, æмæ ничи загътаид, цигайнаг
нæу! Кинойы ахъазыдис 32 ролы. Кæй зæгъын æй
хъæуы, се ’ппæт сæйрагтæ нæ уыдысты. «Ромэн»-ы
4 Заказ № 34
50 Дауырæ
сæйраг режиссер иу сфæлдыстадон фембæлды
афтæ загъта: «Æз Ирыстонæн тынг арфæйаг дæн,
Оледжы нын кæй балæвар кодта, уый тыххæй.
Иуæй, курдиатджын у, иннæмæй нын ирон адæмы
бауарзын кодта».
Æз мæ зæрдæ дардтон, Оледжы ам, Ирыстоны
баныгæндзысты, ууыл. Цæмæндæр нæ бацархайдта
культурæйы министрад дæр æмæ Республикæйы
разамынд дæр, Олег нæ хуыздæрты уæлмæрды
ныгæд æрцæуа, ууыл. Афтæмæй та Уæрæсейы (нæ
сæйраг Райгуырæн бæстæйы) киноаивады Оледжы
хуызæн зындгонд никæцы ирон у!
О, куыд цыбыр у цард! Куыд атахтысты
базырджын азтæ! Куыд тагъд базæронд стæм,
кæддæр ирон чызджыты ном бæрзонд чи систа,
уыдон - мах! Уæвгæ, нæ чызжыты курдиатджын-
дæртæ - Беккуызарты Орзетæ, Мæхъиты Ирæ,
Дзуццаты Рая, Тæбæхсæуты Зая дæр нал сты.
Орзетæ, Рая æмæ Зая ирон театры уæхскуæзæй
фæкуыстой, Ирæ та уыдис телеуынынады хуыздæр
режиссертæй иу.
Куыд сыгъдæг, куыд адджын уыдысты нæ иумæ
ахуыры æмæ куысты азтæ! Куыд тагъд атахтысты!
Куыд ацыдысты иу иннæйы фæстæ дыккаг
театралон студийы лæппутæ æмæ чызджытæ, иу
дæр дзы зæронды кармæ нæ фæцард, афтæмæй.
Ацыдысты. Сæ фæд æрмæст мæн зæрдæйы нæ
баззад, фæлæ Ирыстоны бирæвæрсыг аивæдты дæр,
уымæй дæр - мыггагмæ. Рухс дзæнæты бадæнт.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 51
—"— ! "с?Т^
Фæрсаг ныхас
Фысджыты Цæдисы 75 азы бæрæгбон æмæ
фысджыты съезды фæстæ мæн дæр бафæн-
дыд мæ хъуыдытимæ ирон газеткæсджыты базонгæ
кæнын.
Æппæты разæй мæн зæгъын фæнды уый, æмæ
телеуынынадæй цы æрмæг равдыстой, фысджытæ
схыл сты, зæгъгæ, уый галиу хъуыддаг уыд. Æз
кæрæй-кæронмæ хъуыстон съезды дзурджытæм,
æмæ кæд иуæй-иутæ тызмæг ныхас кодтой, уæддæр
ныхас хъуыддагыл цыдис.
Æз бирæ хæттыты уыдтæн сфæлдыстадон
кусджыты æмбырдты æмæ съездты. Афтæ-иу
уыдис, æмæ-иу хъуыддаджы сæрыл хыл дæр
систы, фæлæ та-иу уый фæстæ иумæ кусгæ дæр
кодтой æмæ уынаффæ дæр. Быцæу ныхас адæмы
æхсæнмæ хæссын пайда нæу, уæлдайдæр та
сфæлдыстадон куыстуæттæй. Æнæуый дæр адæм
аивады кусджытæм уымæй фаутæ фæхæссынц, сæ
кæрæдзийы, дам, нæ уарзынц.
Фысджыты 75 азы бон дæр, съезды дæр æз
сæрыстырæй кастæн ирон фысджытæм. Мидцоп-
пайы азты дæр æмæ ацы зын> тыхцарды дæр, мæнмæ
гæсгæ, ирон фысджытæ сæхи тынг рæсугъдæй
равдыстой. Бирæ сфæлдыстадон кусджытæ сæ
куыст ныууагътой æмæ райдыдтой, сфæлдыстадмæ,
аивадмæ бар чи нæ дары, ахæм куыстытæ кæнын,
цæмæй сæхæдæг дæр æмæ сæ бинонтæ дæр сыдæй
ма амæлой, уый тыххæй. Фысджыты æхсæн æз
52 Дауырæ
иунæг дæр нæ зонын, йæ фыст, кæнæ йæ куыст
чи ныууагъта чысыл мызды тыххæй. Уымæн æмæ,
фысгæ чи кæны, уымæн æнæ фысгæйæ йæ бон
цæрын нæу. «Чи фыссы?», «Цы фыссы?», «Кæмæн
фыссы?» - уыдон сты, литературæимæ цæрæнбонты
æмдзу чи кæны, уыцы æртæ фарсты.
Чи фыссы, уый хъуамæ рæстæджы æмдугон уа.
Цы фыссы, уый хъуамæ æппæты разæй йе ’мдугонты
зæрдæмæ цæуа, кæмæн фыссы, уыдон хъуамæ
зæрдиагæй кæсой йæ фыстытæ. Генион фысджыты
уацмыстæ та суанг æнусты дæр вæййынц бæзгæ, ома
сæ хъуыды нæ сæфы.
Ныртæккæ ирон фысджыты æхсæн æцæг
куырыхон лæгтæ тынг бирæ ис. Ирон адæм
мыггагæй кæмæ нал дзурынц, фæлæ æрмæст номæй
кæй зонынц, уыдон сбирæ сты: Азæмæт, Ефим,
Шамил, Камал, Æхсар, Музафер, Васо, Гæстæн,
Давид æмæ иннæтæ.
Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ ныры ирон фысджытæ
сты ирон адæмы фидыц бакастæй дæр, зондæй
дæр, сæ уацмыстæй дæр. Хъыгагæн рæстæджы
аххосæй сæ бирæ аив уацмыстæ чингуытæй уагъд
нæ цæуынц, - арæхдæр сыл æмбæлæм газетты æмæ
журналты фæрстыл.
Аив сты ныры фысджытæ æгъдауæй дæр - уый
дæр у тынг ахсджиаг. Адæймаг царды, бинонты
æхсæн æнæаипп куы уа, уæд уый йæ курдиатыл
дæр тынг зыны. Æз, ныртæккæ йæ кары чи бацыд,
уыдоны бинонтæй бирæты зонын, æмæ сæ уæздан
къæйттæй йæ цард йæ мойы курдиатæн чи снывонд
кодта, ахæмтæ дзы бирæ ис.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 53
Фысджытæ ныр куыд аив æмæ зынгæ сты
кæцыфæнды хъуыддаджы дæр, уый тынг æхсызгон
у адæймагæн. Хъайтыхъты Азæмæт, Айларты
Измаил, Тедеты Ефим æмæ Георгий, Хуыгаты Геор
æмæ Сергей, Мæрзойты Сергей, Темыраты Давид,
Ситохаты Саламджери, мæхи æрдхæрдты нæмттæ
нæ нымайын - ныббарæнт мын - зæрдæ се ’ппæтæй
дæр райы! Зæрдæ райы семæ ныхасгæнгæйæ сæ
куырыхон хъуыдытæй.
Арæх афтæ вæййы, æмæ фыссæгæн йæ
хъуыдытæ йæ бон аив зæгъын нæ вæййы, фысгæ та
хорз фæкæны. Фæлæ нæ ныры фысджытæ дзырды
дæснытæ дæр сты æмæ хъуыддаджы дæснытæ дæр.
Æз мæхæдæг тынг хорз кæй зонын æмæ съезды
йæ куырыхон хъуыдытæм байхъусынмæ кæмæн
бæллыдтæн, уыдон цалдæр сты, фæлæ сæ хъуыдытæ
съезды нæ раргом кодтой. Æмæ уый, чи зоны,
съезды къухдариуæг чи кодта, уый аххос дæр уыдис.
Уымæн æмæ алы дзурæджы фæстæ дæр фæсныхас
кодта, æмæ уый æргом ныхасæн пайда нæу.
Съездты алы фыссæджы уацмыстæ равзарынæн
рæстæг æмæ фадат нæ вæййы, фæлæ уæддæр фондз
азы дæргъы хуыздæр æмæ зынгæдæр уацмыстæй цы
рацыд, уыдоныл, мæнмæ гæсгæ, бæстондæр дзурын
хъуыдис.
Тедеты Георгийы «Черная жемчужина» кæцы-
фæнды адæмы литературæ дæр сфидауын кæнид.
Чиныгкæсджытæ йыл цымыдисæй сæмбæлдысты.
Суанг ма ирон театры сценæйы дæр æвæрд æрцыд.
Тедеты Ефимы философон æмдзæвгæтæ, Шамил,
Камал, Æхсар, Музафер, Васо, Албег æмæ иннæты
54 Дауырæ
поэзи, Хъайтыхъты Азæмæты радзырдтæ æмæ
таурæгътæ, Цомартаты Изæтбег, Бицъоты Гриш,
Агънаты Гæстæн, Дауыраты Дамиры прозæ - уыдон
чиныгкæсæг æнæ бауарзгæ нæ фæуыдаид.
Уæдæ фæстаг азты нæ уаг, не ’гъдау, нæ цæсгом,
нæ фарн бахъахъхъæныныл чи архайы, уыдонæн
цы чингуытæ рацыд, уыдон дæр тынг ахадгæ сты.
Се ’ппæт нæ нымайдзынæн, фæлæ суанг скъолайы
программæмæ чи бацыд, ахæмтæ сты Айларты
Измаилы «Ирон фарн». Шамилы «Фарны ныхас»,
Гæстæны «Ирон æгъдæуттæ», Хъайттаты Сергейы
«Ирон хабæрттæ».
Кæй зæгъын æй хъæуы, иу-дыууæ радзырды
кæнæ æмдзæвгæйы чи ныффыссы, уый фыссæг
схонæн нæй. (Уæвгæ, æз фехъуыстон, Дагестаны
зындгонд фысджытæй иуы кæддæр иунæг
æмдзæвгæйы тыххæй айстой сæ Фысджыты
цæдисмæ. Зындгонд та уый фæстæ ссис.)
Бирæ азты дæргъы ирон чиныгкæсджытæ
газетты æмæ журналты фæрстыл кæй нæмттыл
æмбæлынц æмæ кæй сфæлдыстад уарзынц,
уыдоны нæмттæ бирæ сты. Мæнмæ диссаг фæкаст,
уыдонæй бирæтæ Фысджыты цæдисы уæнгтæ
кæй не сты, уый!.. Æз æрмæстдæр сылгоймæгты
нæмттæ ранымайдзынæн: Коцты Лизæ, Томайты
Адæ æмæ Мисурхан, Соттиты Риммæ, Дегъуаты
Соня, Айларты Вероникæ, Бызыккаты Земфирæ,
Хуырымты Аллæ, æрыгæттæй дæр цалдæр. Цымæ
адонæй иу, кæнæ дыууæ уый аккаг нæ уыдысты,
æмæ сын съезды æрмæст сæ нæмттæ ранымайой?
Цалдæрæн дзы чингуытæ дæр куы рацыд хæрзхъæд
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 55
уацмыстимæ! Чи зоны, æмæ кæй ранымадтон,
уыдонæй исчитæ Фысджыты цæдисы уæнгтæ куы
уаиккой, æмæ нæ куырыхон фысджытимæ арæхдæр
куы æмбæликкой, сæ фæрнджын хъуыдытæм сын
куы хъусиккой, уæд махмæ дæр ногæй сылгоймаг
фысджытæ æмæ поэттæ уаид. Сылгоймаг алы
хъуыддаджы дæр цард рæсугъдгæнæг у, æмæ дзы
тæрсын нæ хъæуы. Цæмæн хъуамæ уа исчи уый
æнхъæл, æмæ ирон сылгоймæгты æхсæн, фыссыны
курдиат кæмæ ис, ахæмтæ нæй?! Рухс дзæнæты
бадæд Хостыхъоты Зинæ, - уый нын куы цардаид,
уæд мæм, чи зоны, ахæм хъуыдытæ дæр не ’рцыдаид.
Уый бирæ æмпъузинæгтыл æххæссыдис, фæлæ нын
æй кæронмæ Хуыцауы цæст нæ бауарзта.
Съезды ныхас цыдис, ирон æвзагыл чи нæ фыссы
ирон уæвгæйæ, уыцы фысджыты сфæлдыстадыл
дæр. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ чысыл адæмты
сфæлдыстад стыр уырыссаг æвзагмæ - нæ иумæйаг
æвзагмæ - фаг тæлмацгонд нæ цæуы, æмæ нын
нæ цард, нæ литературæ, кæй дæлбазыр цæрæм,
уыцы адæм бæстон нæ зонынц. Мæнмæ афтæ
кæсы, æмæ ирон уæвгæйæ уырыссаг æвзаг бæстон
æмæ бындуронæй чи зоны æмæ нæ хъуыддæгтыл
тынг аив æмæ дæсны чи фыссы, уыцы фысджытæ
ницæмæй дæлдæр лæууынц. иронау фыссæг поэттæ
æмæ прозаиктæй. Гуыдиаты Гермæн, Тедеты Георги,
Черчесты Алан, Тотраты Руслан, Цæголты Василий,
Гуырдзыбегты Иринæ, Томайты Адæ, Боциты Юрий
æмæ иннæ уырыссаг æвзагыл фысджытæ махæн
сты нæ ирондзинад хъахъхъæнджытæ Уæрæсейы
литературæйы. Уыдонæй бирæтæ иронау тынг хорз
56 Дауырæ
дзурынц, фæлæ фысгæ та кæнынц уырыссагау ирон
колоритимæ, æмæ сæм уый тыххæй фау хæссын
нæ хъæуы, мæнмæ гæсгæ. Мах уыдонæн хъуамæ
арфæйаг уæм: иуæй, нын нæ нацийы рæзт æвдисынц
сæ интеллект æмæ сæ курдиаты уæлвæзæй,
иннæмæй та ирон фысджыты бон, хъыгагæн, цы
нæу, уый æххæст кæнынц.
Æз фысджыты хуссар æмæ цæгатыл дих кæнын
дæр нæ уарзын æмæ цæдисты уæнгтыл дæр.
Иунæг адæймагæн дæр йæ бон уый зæгъын нæу,
æмæ чиныгкæсæг чиныг куы бауарза, уæд афтæ
фæрсдзæн: «Йæ автор Фысджыты цæдисы уæнг у,
æви нæу?»
Фæстаг рæстæджы арæх фехъусæн вæййы:
«Иуæй-иу автортæ сæхи фæрæзтæй уадзынц
лæмæгъ литературæ!» Ам дæр бæстон зонын хъæуы:
чи уадзы лæмæгъ фыстытæ æмæ чи уадзы хъæугæ
литературæ спонсорты фæрцы. Ноджы зонын
хъæуы, паддзахадон рауагъдад цы литературæ уадзы,
уый абоны домæнтæн дзуапп дæтты, æви нæ?
Рæстæджытæ аивтой, æмæ алы фыссæг дæр
æрмæст паддзахады рауагъдадыл йæ зæрдæ куы
дара, уæд суанг зæронды бонмæ дæр дыууæ,
æртæ чиныджы дæр нæ рауадздзæн. Уый æрмæст
мах бæстæйы, Советон Цæдисы рæстæг тыхстис
паддзахад сфæлдыстадон кусджытыл дæр,
фысджытыл дæр æмæ æппæт адæмыл дæр. Ныр
æндæр рæстæджытæ сты, алчи йæхиуыл йеддæмæ
искæуыл тынг нал тыхсы. Уæдæ кæцыдæр спонсор
кæцыдæр хорз уацмыс рауадзынæн куы баххуыс
кæна, уæд ын арфæ кæнын хъæуы иумæйаг
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 57
уайдзæфы бæсты. Æз куыд зонын, афтæмæй хорз
уацмыстыл нымад чи у æмæ ирон литературæйæн
кад æмæ намыс чи кæны, уыдонæй дæр цалдæр
спонсорты æххуысæй уагъд æрцыдысты.
Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ сфæлдыстадон
иугæндты пайда кæнын хъæуы арæхстджындæрæй
нырыккон уавæртæй, цæмæй рауагъдадмæ дæр æмæ
Фысджыты цæдисмæ дæр исты пайда хауа. Чи зоны
æмæ чиныг рауадзын йæ бон кæмæн у, уыдонæн
рауагъдад æмæ типографи хæрзхъæд чингуытæ куы
уадзиккой, уæд авторæн цы уæлдай у: хорз чиныг
фæнды Мæскуыйы, фæнды стыр горæтты, фæнды
ам, нæхимæ, Ирыстоны рацæуæд. Фæлæ æз куыд
бамбæрстон, уымæ гæстæ, нырма нæ къухы не ’фты
тагъд æмæ æнæистыхъуаг полиграфион продукци
рауадзын. Ацы хъуыддаджы нæ ныр ерыс кæнын
хъæуы, хи рауагъдæдтæ чи хуийны, уыдонимæ.
Ирон литературæмæ ног комулæфт чи æрбахаста
æмæ йæ поэзийы ирон литературæйы ног, ныфсхаст
ныхас чи загъта, уыдон сæ лæджы кары бацыдысты.
Сæ курдиаты бæрзæндæй суинаг фæлтæртæм
фарны тынтæ арвыстой æмæ сæ нæмттæ мыггагмæ
баззайдзысты ирон литературæйы историйы.
Цы фæлтæры кой кæнын, уыдон канд
фысджытæ не сты, фæлæ ма сты, ирон æвзаг æмæ
литературæйы ивгъуыды цы фæрнджын нæмттæ
баззад, уыдоны сæрыл тохгæнджытæ дæр. Уæдæ
йæ цард æмæ йæ тыхтæ æппæт уыцы хъуыддæгтæн
чи снывон кодта, уыдон куыд не сты арфæйаг
ныхасы аккаг? Нæ басусæг кæндзынæн, Фысджыты
цæдисы 75 азы бæрæгбон æмæ Камалы 60 азы
58 Дауырæ
бон кæрæдзийы фæдыл куы уыдысты, уæд æз дæр
æмæ мæ зонгæтæй чидæртæ дæр фæдис кодтам,
иу уæлвæзыл арæзт кæй нæ уыдысты, ууыл. Æз
Камалæн йæ гуырæн бонмæ чысыл æмдзæвгæ
ныффыстон, фæлæ йын æй уым нал бакастæн.
Бирæ фæхъуыдыйы фæстæ мæн бафæндыд Камалы
чингуытыл мæ цæст ногæй ахæссын æмæ сæ
райстон библиотекæйæ. Æмæ мæ зæрдæ барухс:
кæддæр цынæ бамбæрстон, кæнæ мæ рох цы фæцис,
кæнæ кæсгæ кæй нæ бакодтон, уыцы хъуыдытæ
мын æхсызгондзинад æрхастой. Ногæй бакастæн ме
’мдзæвгæ, кæд, зæгъын, Камалы аккаг нæу:
Æнæ хуындæй сыхагмæ дæр нæ цæуын, -
Фæзонын æй - ныртæккæ йæ нæ хъæуын,
Фæлæ дæумæ фæзындтæн æз фарсагæй, -
Камал, мæ зынаргъ! Уарзын дæ æз рагæй!
Дæ курдиатæн дæн æз дæр æвдисæн, -
Нæ адæмæн кæныс æвæллад уисæн.
Ирон лæппутæ - зарынц та кæмдæр,
Нæ кæмтты хъуысы д’аивады хъæр!
Æз дæ æцæг куырыхон лæгæй зонын,
Дыууæ Ирæн дæ ирд ыстъалы хонын.
Дæ хæрзгæнджыты номæй-номмæ зон!..
Дæ сæдæ азмæ-иу мæн дæр æрхон!
4.062001 оз
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 59
Уæдæ Камалы бæрæгбон хорз кæй сбæрæг
кодтам, уый раст уыд. Мæнмæ гæсгæ, афтæ æмæ
ноджы хуыздæр бæрæг кæнын хъæуы нæ иннæ
куырыхонты бæрæгбæттæ дæр.
Уæрæсе Пушкин, Лермонтов, кæнæ иннæ стыр
фысджыты куы скадджын кæны сæ юбилейты,
уæд уый канд уый тыххæй нæ вæййы, æмæ
фысджыты байзæддæгтæн æхсызгон уа. Уый уый
тыххæй вæййы, æмæ фысджыты сфæлдыстад ног
фæлтæртæн æмбарын кæнынц.
Мæнмæ тынг раст нæ кæсы, цы фæлтæры кой
ракодтон æнæ номæй, уыдонæй иуæй-иутæн фаг
аргъгонд кæй нæма æрцыд, уый. Йæ царды дæргъы
тохгæнæг чи у æмæ йæ курдиат цæхæртæ кæмæн
калы, уыдоны хъуамæ уынæм, æмæ сæ æппындæр
куынæ хъæуой кады нæмттæ æмæ премитæ, уæддæр
сын сæ нысан кæнæм. Бирæ азты фæстæ уыдоны
уацмыстæн йæхи ном уыдзæн, «Сызгъæрин азты
литературæ», зæгъгæ.
Ирон лæгæн йæ туджы ис уæздан æмæ
хæдæфсарм уæвын. Бирæтæ сæхи тыххæй ныхас
зæгъын дæр нæ зонынц, искæйы тыххæй та стыр
тохы бацæуынц. Иудзырдæй, раппæлын кæм хъæуы,
аргъ кæнын кæмæн хъæуы, уыдоны афоныл уынын
хъæуы, цалынмæ «фæрсмæ симын» нæ райдыдтой,
уæдмæ.
Ныхас цыдис ирон æвзагыл дæр. Ирон æвзаг
æмæ ирон литературæйæн цивилизаци се ’знаг кæй
у, уый рагæй зонæм. Фæлæ ныр бæллæх уый мидæг
ис, æмæ ирон æвзаджы дæснытæ кæцæй цыдысты
- Ирыстоны арф æмæ дæрддзæф хъæутæ - уым
60 Дауырæ
дæр нал æрвæссынц не ’взагыл, нал дзурынц иро-
нау.
Кæддæр, революцийы размæ уырыссаг буржуази
дæр уырыссаг æвзагыл нал æрвæссыдысты:
дзырдтой кæнæ французагау, кæнæ англисагау.
Уыдонæн Октябры революци се ’взаг фæстæмæ
раздæхта. Нæ зонын, мах æвзаг ма исчи раздаха?!
Суанг хистæртæ дæр дылгъым-мылгъым ныхæстæ
сисынц уырыссагау.
Куыд æнамонд стæм, æвæдза! Куыстагур,
къæбæрагур, æвзаг нæ зоныны аххосæй йæ адæмæй
чи фæцух, уыдоны кой нал кæнын, фæлæ ам чи
суырыссаг ис, æмæ йæ цот дæр, йæхæдæг дæр йæ
мадæлон, йæ туджы æвзагыл чи нал æввæрсы,
уыдонæн та ма цы кæнæм?
Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн бæстон ах-
хоссæгтæ ис, æмæ нæхи ницы æмбарæг ма кæнæм,
- фысджытæй дæр нын æй бирæтæ арæх дзурынц:
«Цалынмæ не ’взаг æппæт ирон адæмæн æнæмæнг
хъæугæ суа, уæдмæ йæ гаччы нал сбаддзæн».
Мах ныртæккæ не ’ппæт дæр рынчынгæстæ
стæм. Æмæ рынчыны бонæй-бонмæ нæхæдæг
ингæнмæ схойæм!..
Кæддæр, Республи.кон Адæмон сфæлдыстады
методистæй кусгæйæ, æз тынг арæх цыдтæн
Фысджыты цæдисимæ Ирыстоны хъæутæм æмæ
горæттæм.
Уæд-иу афтæ уыдис, æмæ сфæлдыстадон
куыстуæттæ сæ куыстытæ иумæ кодтой. Ахæм
къуыри нæ уыдис, æмæ фысджытæ кæцыдæр хъæуы,
кæцыдæр клубы, скъолайы адæмимæ ма фембæлой.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 61
Афтæ цин-иу кодтой хъæуты цæрджытæ æмæ
æвзонг фæлтæр фысджытыл, æмæ диссаг. Куыд хорз
зыдтой уæд адæм фысджыты! Куыд сын уарзтой се
’мдзæвгæтæ, сæ романтæ!
Ныртæккæ алы хъæуæн дæр хъæуыхицау
равзарынц, уырыссагау - глава администрации,
æмæ уыдонæй стæм адæймаг фæтыхсы аивадон
коллективтимæ фембæлдтытыл. Тыхсынц газыл,
доныл, фæндæгтыл, хъæуы рæзтыл, фæлæ сæ рох
у, адæймаджы зæрдæмæ фæндаг аивады тынтыл
арæзт кæй у, уый. Уæдæ скъолаты директортæ дæр
нал домынц ирон æвзаджы ахуыргæнджытæй,
раздæр куыд уыдис, афтæ конкурстæ æмæ
æркастытæ аразын. Нал кусынц, куыд æмбæлы,
афтæ Культурæйы хæдзæрттæ. Æз армытъæпæныл
уынæгау зонын алы хъæуы культурон артдзæстытæ,
- тынг арæх фæрсын мæ бирæ зонгæты æмæ
æрдхæрдты. «Æмæ ма клуб та кæм кусы!» - вæййы
сæ дзуапп.
Сæ цæрæнбон бирæ Республикæйы адæмон
сфæлдыстады методикон центры кусджытæн. Уы-
дон ма базмæлын кæнынц хъæуты æмæ районты
цæрджыты кафты, зарды æмæ фæндыры бæрæг-
бонты.
Уæдæ бавналæм иууылдæр иумæ нæ рынчыны
фервæзын кæнынмæ. Афтид Фысджыты цæдисмæ
дæр ма ’нхъæлмæ кæсут^ Хонут сæ уæ хъæутæм, уæ
хъуыддæгтæм. Ныхъхъуытты уадзæм фынгæвæрд-
тытæ æмæ нозты кой, - ныртæккæйы фысджытæй
нуазгæ дæр ничи кæны, уæдæ сæ гуыбындзæл дæр
ничи у. Фембæлдтыты-иу сабитæ ирон æмдзæвгæтæ
62 Дауырæ
кæсынмæ куыд арæхсынц, куыд кафынц, куыд
зарынц, уый равдисут фысджытæн, æндæр сæ
ницы хъæуы. Фысджыты дæр æмæ сфæлдыстадон
кусджыты дæр адæмæй, æцæгæйдæр, иунæг
хъуыддаг хъæуы - сæ аивад, сæ фыстытæм сын
фылдæр хъус куыд дарой, уый. Уыдон бухъцард
никуы кодтой æмæ сæ æхцатæ нæма фехæлдтой.
Раст сты, æвзаг сæфы, чи хъæр кæны, уыдон,
Раст сты, нæ фесæфдзæн афтæ тагъд, чи зæгъы,
уыдон дæр. Мæнмæ гæсгæ, æппæты растдæр сты, йæ
хæдзары, йæ бинонты æхсæн иронау чи дзуры æмæ
йæ фæдонты не ’гъдау, не ’взагыл чи ахуыр кæны,
уыдон.
Рæстæг ивгæ кæны, æмæ нæ раздæры æгъ-
дæуттæй бирæтæ нæ нацийы рæзтæн цæлхдуртæ
уыдысты, уый зонæм. Фæлæ куыд æнамонд стæм
мах! Куыддæр ног модæ, ног цардулæн фæзыны,
афтæ йæ мах фæсивæд ацахсынц, нæ ирондзинад
нын сафы, нæ сафы, ууыл нæ хъуыдыкæнгæйæ.
Афтæ тынг архайынц нæ чызджытæ сæ буары
æнцъылдтæ равдисыныл, æмæ ма суанг сæ
æмбæхсинæгтæ дæр равдисынц. Уыцы хъуыддаджы
ирон лæппутæ раппæлинаг сты. Уыдон цыбыр
хæлæфтæм (шортыта^м) дæр нæ рахызтысты,
стæй нæ архайынц, се’мбæхсинаг буары хæйттæ
зыной, ууыл. Мæ уд сæ фæхъхъау! Нал ис кад æмæ
уарзондзинад хистæртæм. Фылдæр хистæрты
сыхæгтæ нæ, фæлæ хи бинонтæ дæр нал
уарзынц. Фæдихтæ сты адæм бонджынтыл æмæ
фæкæсынхъуæгтыл. Суанг хиуæттæ дæр адæймагмæ
исбоны цæстæй кæсынц.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 63
Ацы хъуыддæгтæ иууылдæр фысджытæн
фыссыны æрмæджытæ сты, æндæр абон сæ кой нæ
кæнин.
Æз иунæг фыссæг дæр ахæм нæ зонын, æмæ
гуырдзы æмæ мæхъæлы хæстыты бæстон чи
равдыста йе ’сфæлдыстады. Уый та æнæмæнг хъæуы,
уымæн, æмæ историон æрмæджытæ иууылдæр
архивтæм цæуынц, аивадон литературæйы цы
фыст æрцæуы, уый та адæмæн баззайы. Уæдæ
цæуыннæ хъуамæ зоной нæ фидæны фæлтæртæ, цы
бæллæхтæ ныл æрцыд дыууынæм æнусы кæрон,
уыдон? Чи зоны, æмæ исчи зæгъа: «Уый ног хъаугъа
расайдзæн». Цалынмæ, фыддзинад чи кодта, уыцы
фæлтæр æгас сты, уæдмæ нæ расайдзæн. Уый фæстæ
фæлтæрæй исчи куы сфæнд кæна хæстытæ æмæ
сæ фæстиуджытæ равдисын, уæд уый дызæрдыггаг
уыдзæн. Уæдæ рацарæзты фæстиуджытæ бынтон
бæстон чи ныффыста, ахæмты дæр ирон литерату-
рæйы нæ зонын. Цасдæры фæстæ фидæны фæл-
тæрты уырнгæ дæр нал кæндзæн, кæддæр ахæм
цардарæзт уыдис, æмæ адæмæн æмхуызон бартæ
лæвæрдтой цæрынæн, кусынæн, ахуыр кæнынæн,
фæллад уадзынæн. Мах фæлтæры раз æнæ туг, æнæ
сыппæй дæрæнгонд цытæ æрцыд, уыдон диссаджы
æрмæджытæ сты фысджытæн.
Раст мæм нæ фæкаст ноджыдæр иу хъуыддаг:
æз мæхæдæг ницы бар дарын дыгурмæ тугæй дæр,
æвзагæй дæр. Дыгуронау дзургæ дæр бæстон нæ
кæнын. Фæлæ фæстаг азты ирон адæмы иу хай -
дыгурæттæн барлæвæрд кæй æрцыд сæхи æвзагыл
кæсын, фыссын æмæ аивады хæзнатæм сценæмæ
64 Дауырæ
кæсынæн, уый ничи никæмæй басусæг кæндзæн.
Дыгурон газеты æмæ журналы иронау, уырыссагау
æмæ суанг дыгуронау дæр кæй мыхуыр кæнынц,
уыцы ирæтты нæмттæ бабирæ сты. Фæлæ съезды
иунæг ныхас дæр дыгурон литературæйы тыххæй
нæ уыдис. Æз зæрдиагæй кæй кæсын, уыдоны
нымæц бирæ нæма у: Малити Васо æмæ Батрадз,
Колыты Виталий, Скодтаты Эльбрус æмæ Хохойты
Энвер. Уæдæ æрмæстдæр съезды дзуапдæтджытæ
дыгуронау кæсын нæ зонынц, уый тыххæй хъуамæ
Фысджыты цæдисы уæнгтæ - дыгурон фысджыты
сфæлдыстад æнæ ’взæрстæй баззадаид? Хъуамæ,
дыгурон театрæн цалдæргай пьесæтæ чи ныффыста,
уыдонимæ Хæмыцаты Цæрай дæр, уыдон дæр кæнæ
арфæйы ныхас райстаиккой, кæнæ уайдзæф.
Цалдæр ныхасы мæ зæгъын фæнды
литературæйы иу хуыз - драматургияйы тыххæй.
Арæх фехъусæн вæййы: «Театрты æрмæст комедитæ
æвæрынц. Адæм худгæ кæм нæ кæнынц, ахæм
спектакльтæм нæ цæуынц».
Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ адæм зын æмæ
тыхст цардæй бафæлладысты. Алы бон дæр
алы рæтты - бæллæхтæ, зиантæ, зындзинæдтæ.
Æвæццæгæн, адæймагæн йæ царды сконд ахæм у -
цин æмæ зын фæрсæй-фæрстæм цæуынц. Зынты
фæстæ адæймаджы цин æмæ хъæлдзæгдзинад дæр
фæхъæуы. Иу хатт иу тынг зæронд, бирæзынтæ
бавзарæг лæджы бафарстон: «Искуы ма дæ зæрдæ
кафын æмæ зарын фæцагуры?» Уæд дын мын афтæ:
«Цæуыннæ. Адæм куы схъæлдзæг вæййынц, уæд
мæнмæ дæр зарын фæцæуы».
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 65
Фæстаг азты адæм царды мидæг хъæлдзæг-
дзинад кæй нæ уынынц, уымæ гæсгæ театрмæ
цæуынц ахудынмæ, бахъæлдзæг уæвынмæ. Æз
уый зæгъынмæ хъавын, æмæ фæстаг азты нæ
драматургтæ комедийы жанры афтæ дæсны систы,
æмæ хурыскæсæн бæстæты астæуккаг æнусты
фысджытæм фæхæстæг сты: сæ алы ныхас дæр
цыргъзонд æмæ худæджы хос у. Уый, мæнмæ гæсгæ,
тынг ахадгæ у ирон литературæйы. Кæй зæгъын æй
хъæуы, æнæмæнг ацы драматургтæм хауы Хуыгаты
Геор дæр.
Æз, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы
уæнг нæ уæвгæйæ (æз дæн æндæр цæдисы уæнг -
Уæрæсейы профессионалон литераторты цæдисы
Цæгат Ирыстоны хайады уæнг), съезды уыдтæн
фæрсагæй, куыд журналист.
Ацы уац, кæнæ фыстæг дæр фæуæд, бакæсгæйæ,
афтæ мачи зæгъæд: «Æмæ нын ды та чи дæ?»
Фыццаджыдæр, дзурынмæ æмæ фыссынмæ
йæ ныфс бахæсдзæн, йæ зæрдæ хъуыддагыл тынг
кæмæн риссы, уый. Дыккагæй та, алы ныхас дæр,
алы дзырд дæр хъуыддагæн схойæг у, æмæ ма ацы
змæст дуджы хъуыддаг схойынмæ йæ ныфс чи
хæссы, уыдон раппæлинаг сты.
Æз æртæ æмæ ссæдз азы ирон телеуынынады
режиссер æмæ сæйраг режиссерæй фæкуыстон.
Аивад æмæ литературæ кæрæдзиимæ баст сты.
Мæ бирæ фыдæбæтты тыххæи аивæдты сгуыхт
архайæджы ном райстон, мæхи ирон лите-
ратурæйæн æцæгæлон никуы хуыдтон, уæлдайдæр
та фæстаг азты - мæхæдæг дæр фыссын.
5 Заказ № 34
66 Дауырæ
Æз мæхимæ ирон литературæйы жанртæ равза-
рын æмæ фæстаг фондз азы ирон литературæ
басгарыны хæс нæ исын. Æз куыд ирон
интеллигенцийы минæвар, куыд ирон чиныгкæсæг,
æппын фæстаг, ирон литературæ æмæ аивады
хъысмæтæн æцæгæлон чи нæу, мæхи уыдоныл
нымайын, æмæ барджын ныхас уымæн кæнын.
2007 азы21 июль
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 67
, , ^^„^^^^^ _ : ==-^5%г-
Алчидæр йæ худы бын лæг у!
Æз кæд сылгоймаг дæн, уæддæр мæ тæппуд
æмæ цæстмæхъус ныхас уарзагæй ничи
зоны. Кæм цардтæн, кæм куыстон, уым дæр мæ
адæм зонынц рæстдзинадыл тохгæнæгæй æмæ
хъуагдзинæдты ныхмæ дзурæгæй. Нæ фæтæрс-
дзынæн ныр дæр мæ хъуыды æргом зæгъынæй, кæд
бирæтæн хъыг уыдзæн, уæддæр.
Ирыстоны фысджытæн, Цæгат Ирыстоны Фыс-
джыты цæдисæн, æгас Иры адæмæн нæ райдзаст,
рухс бæрæгбон - Къостайы райгуырдыл 150 азы
сæххæсты бон стыр æгаддзинад æрхаста - ирон
фысджытæн ахъаззаджы дзæхст ныккодта Къостайы
премийы къамис: не’ртæ разагъды лæгтæй, ирон
литературæйы ахсджиаг цæджындзтæй иуы уац-
мысæн дæр не снысан кодта преми.
Ирон литературæ нымад æрцыд «нæй»-ыл!..
Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ къамисы уæнгтæ,
срастгæнæн кæй нæй, ахæм рæдыд æруагътой.
Рахонæн ын ис национ-политикон рæдыд дæр.
Цавæр наци стæм, кæд не ’взаг мæлы æмæ
нæм нырыккон нывыл литературæ нал ис, уæд?!
Уæдæ ма нæм дæсны лигературæиртасджытæ иу-
цалдæр уаид, кæддæра Кавказы иннæ адæмты
литературæтæй дæлдæр æрлæууиккам?! Уæдæмæ
хихортæ стæм, хихортæ! Нæ уарзæм кæрæдзи дæр
æмæ нæ нацийы дæр.
Æз нырыккон литературæйы ахсджиаг миниу-
68 Дауырæ
джытæ хорз зонын, уырыссагау сæ зæгъон: ино-
сказательность, лаконичность, басенность! Æз
сæрыстыр дæн, ирон фысджытæ уыцы миниу-
джытæй арæхстджынæй кæй пайда кæнынц, уымæй.
Къостайы премимæ литературæйы йæ уацмыстæ
чи бавдыста, уыдон сты Багаты Лади, Малиты Васо
æмæ Хуыгаты Сергей. Кæд конкурсмæ 2007 æмæ
2008 азы фыст уацмыстæ хаст уыдысты, уæддæр
цы фысджыты кой кæнæм, уыдонæн сæ чингуыты
дыууæ азы фыдæбон нæ уыд, фæлæ се ’ппæт
сфæлдыстадон фæндаг. Аргъ скæнын хъуыдис
фыссæгæн йе ’ппæт литературон цардвæндагæн.
Раст зæгъын хъæуы, Багаты Ладийы сфæлдыстад
бынтон бæстон нæ зонын, кæд ын йæ уацмыстæ
журналтæ æмæ газеты фæкæсын, уæддæр. Фæлæ
Малиты Васо æмæ Хуыгаты Сергейы нымайын,
ирон литературæмæ бæстон æвæрæн чи бахаста,
ахæм ирон фысджытыл. Се сфæлдыстад сын бæстон
æмæ бындуронæй зонын. Кæддæр, телеуынынады
кусгæйæ, Васойы сценаримæ гæсгæ чысыл
киноныв куы истон - «Дзарахан», уæд дæр мæм
диссаг кастис, Васо Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
хъæбатырдзинад куыд дæсныйæ равдыста иунæг
ирон чызг Дзараханы сурæтæй, уый. Уæдæ йæ
зæлланггæнаг æмдзæвгæтæ ирон æмæ дыгуронау -
уыдон та мæ бынтон дисы æфтауынц. Мæнмæ афтæ
кæсы, æмæ Васо у, курдиат гуырдзæй чи рахаста,
ахæм фыссæг. Ноджы ма у йæ мыггаджы дæр æмæ
Ирыстоны дæр нымад лæг.
Уæдæ Сергейы сфæлдыстад та бынтон бæстон
зонын - уый у, аивад æмæ æвзаджы бæрцбарæнтæй
Хæхтæ. Азтæ. Бонтав 69
ирон литературæйы арæхстджындæрæй чи пайда
кæны, уыцы поэт æмæ прозаик. Сергей ма у тынг
хорз редактор дæр, рауагъдад «Ир»-ы литературон
хайады хистæр редакторæй уал æмæ уал азы
дзæгъæлы нæ кусы. Сергей цардмæ цы бирæ ирон
чингуытæ рафæндараст кодта, уыдонимæ сты мæн
чингуытæ дæр.
Уæдæ нæм кæд 2007-2008 азты Къостайы номы
аккаг фысджытæ нæй, нырыккон ирон литературæ
нæм нæй, уæд кæй хъæуы Цæгат Ирыстоны
Фысджыты цæдис дæр æмæ йæ правлени дæр?
Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ иронау цалдæр
хъуыдыйады ныффыссын чи зоны, уыдонæн дæр,
æмæ ма иронау чи кæсы, уыдонæн дæр аргъ кæнын
хъæуы. Аргъ кæнын хъæуы алы ирон фыссæгæн дæр,
уымæн æмæ алчидæр йæ худы бын лæг у. Фыссæг
йæ уацмыстæн диссаджы гонорартæ нæ исы. Йæ
царды ахсджиагдæр цин у, йæ уацмыстæ адæмы
зæрдæмæ куы фæцæуынц æмæ адæмæй арфæйы
ныхæстæ куы фехъусы, уæд уый.
Уæлдæр цы æртæ ^фыссæджы кой кæнæм, уы-
доны уацмыстæй бирæтæ систы хрестоматион, скъо-
латы программæтæм бацыдысты. Ныр хъуамæ ирон
æвзаджы ахуыргæнджытæ цы зæрдæйæ амоной
ахуырдзаутæн Васойы, Сергейы, Ладийы æмæ иннæ
ирон фысджыты (генитæй нæ зæгъын) уацмыстæ?!
Куыд хъуамæ рацæуой ныр фысджыты хуыздæртæй
æртæ рæзгæ фæлтæримæ фембæлдтытæм? Æз
мæхæдæг цалдæр хатты уыдтæн æвдисæн, Сергей
æмæ Васойы уацмыстæ сабитæ куыд зæрдиагæй
кастысты, уымæн...
70 Дауырæ
^5ЬН
Нæ зонын, Ирыстоны фысджытæм, мæн
зæрдæсаст чи фæкодта, уыцы хъуыддаг куыд
фæкаст, уый. Кæрæдзи нæ уынæм, сæрбос нын нæй...
Æмæ ма иу хъуыддаг: цымæ Къостайы преми-
йы къамисы уæнгтæй ирон фысджыты уацмыстæ
бæстон цал зоны? Цавæр бæрцбарæнтæй барстой
уацмыстæ æвзаргæйæ литературæйы уæлвæз?
Къостайæн йæхи сфæлдыстадимæ? Уæд зонæнт:
генитæ алы æнусы нæ гуыры, фæлæ мæсыгæн йæ
дуртæ иууылдæр хъæугæ кæнынц...
Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ бæстон хатдзæгтæ
скæнын хъæуы ацы рæдыдæй.
«Пульс Осетии», № 47,2000 азы, ноябрь
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 71
Цал хорз адæймаджы зоныс,
уалфарныхицаудæ
Кардзыд адæймагæн æгъуыссæг фæуынæн
иуæй-иу хатт æфсон нæ фæхъæуы, фæлæ
ацы хатт мæнæн бындурон æфсон уыд æгъуыссæг
фæуынæн: 2002 азы 19 майы изæрæй нæхи теле-
уынынады уыд равдыст «Память сердца» - Дзæхаты
зындгонд дохтыр Сосланы тыххæй.
Йæ цæрæнбон бирæ Торчынты Эммæйæн,
телеуынынады хуыздæр режиссертæй иуæн - сæрæй
кæронмæ равдыст уый бацæттæ кодта. Ирыстоны
цæрджытæн бамбарын кодта, Иры хуыздæр
фырттæй иу, Дзæхаты Сослан цæй диссаджы
адæймаг æмæ дохтыр уыдис, æмæ æмбис азты йæ
бирæ фæндтæ æмæ бæллицтыл йæ къух куыд систа,
фыдæнхъæл куыд фæкодта Ирыстоны дæр æмæ йæ
бинонты дæр. Уæвгæ Ирыстон йæ уарзон хъæбулты
зынтæн бирæ хæттыты бафæрæзта, - æндон
фæрстæ йын ис! Уататы Бибо, Сланты Къоста,
Хостыхъоты Зинæ, Бирæгъты Къоста, Суанты Ким,
Байаты Альбинæ, Хетæгкаты Хъазыбег æмæ бирæ,
бирæ æндæртæ, Дзахы-фырты хуызæн æдзардæй,
кæнæ æмбис азты, загътой мыггагмæйы хæрзæбон
сæ уарзон райгуырæн Ирæн.
Куыд нæ нын сæ бауарзта Хуыцауы цæст
кæронмæ! Куыд æрлæдæрсы цæссыг сæ алкæйы
æрæмысгæйæ дæр! Кæд, мыййаг, мæнæн мæ кæуын
72 Дауырæ
мæ былалгъыл ис - аизæр дæр та равдыстæн
йæ райдианæй йæ кæронмæ фæкуыдтон, стæй
Торчынты Эммæмæ телефонæй бадзырдтон æмæ
йын зæрдиаг арфæ ракодтон: «Дæ цæрæнбон бирæ
æмæ дыл Сослан хæрзаудæн кæнæд! Тынг хорз нын
равдыстай, чи нын уыд, æмæ нын чи нал ис, уый!»
Куыд аив, куыд зæрдæмæдзæугæ фæрæзтæй
нывæзт уыдис равдыст! Иунæг уæлдай ныхас
дæр дзы нæ уыд. Равдысты компаненттæ
иууылдæр уыдысты иу хъуыддагыл кусæг: йæ
сабибонтæй фæстæмæ царды зын фæндæгтыл
цæугæйæ, удуæлдайæ чи тох кодта æмæ нырыккон
медицинæйы бæрзæндтæм чи схызтис, уыцы ирон
лæг йæ кары куы бацыд æмæ ма йæ бон бирæ
хæрзтæ йæ райгуырæн Ирыстонæн скæнын куы
уыдис, уæд ахицæн цардæй!..
Дзурджыты хъуыдыйы дæр, музыкæйы дæр,
Эммæйы тексты дæр цас æмæ цас зондамонæн
тынтæ ис: кæд, мыййаг, кæрæдзиуыл нæ ауæрдæм?
Кæд, мыййаг, нæ бон цас нæу, уыйас кусæм? Кæд,
мыййаг, къæдз-мæдзы фæндæгтыл цæуыны бæсты
над фæндæгтыл цæуын хуыздæр у?..
Æз Сосланы дæр æмæ йæ бинонты дæр тынг
хорз зыдтон, фæлæ ма ууыл дæр фæкуыдтон, æмæ
фараст æмæ ссæдз азы Дауыраты мыггаджы æхсæн
кæй номыл фæцардтæн - Дауыраты Харитон, уый
Сосланæн йæ хæрз æмхæрæфырт уыдис. Мæ хорз
æфсин Бадзиба æмæ Жалотхан - Сосланы мад -
хотæ уыдыстьь
Æгъуыссæг æхсæв та уый тыххæй арвыстон, æмæ
мæ цæстытыл уадысты, уыцы хорз хæстæгиуады
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 73
куыд амондджынæй фæцардтæн, цас æцæг адæмтæ
сæм уыд, уыдæттæ.
Уæдæ цæй диссаджы мадызæнæг уыдысты
Дзампаты Серги æмæ йæ цыппар хойы - Жалотхан,
Ануша, Бадзиба (мæхи æфсин) æмæ Риммæ. Серги
- сæ иунæг æфсымæр, мах хъæуы, Хъобаны цардис,
æмæ-иу уырдæм сæ цæгатмæ тынг арæх цыдысты
хотæ. Æз ма сын сæ аив, уæздан мад Косеры дæр
хъуыды кæнын - куырыхон усыл нымад уыдис нæ
хъæуы.
Дзампонты хистæр уыдис Жалотхан. Тынг
рæсугъд уыд, уый Эммæ дæр загъта, йæ къам дæр
ын равдыста. Жалотханæн йæ цæуæт дæр йæхи
хуызæн хæрзуынд æмæ хæрзхъæд рауадысты. Цоты
хистæр Æндыри сыхы мидæг дæр æмæ мыггаджы
дæр у æцæг ирон лæг.
Дыккаг фырт - Сослан - профессор, медицинон
наукæты доктор. Ирыстоны травматологийы
хъуыддæгтæ уый фæрцы рапарахат сты. Стæджы
хъæнтæ дзæбæхгæныны хъуыддаджы йæхицæй
ахуыргонддæр æмæ дæсныдæр нæ уыд.
Сахуыр кодта йæ * дæсныйадыл бирæты, æмæ
абон Ирыстоны районты дæр ис, уыцы хъуыддагыл
дæсны чи кусы, ахæмтæ. Ууыл дзырдтой Торчынты
Эммæйы равдысты Сосланы æмкусджытæ дæр æмæ,
наукæйы бæрзæндтæм Сосланы фæрцы чи схызтис,
йæ уыцы кæддæры ахуыргæнинæгтæ.
Æз бирæ азты фæкуыстон нæхи телеуынынады,
æмæ дзы кæд æцæг ирон лæг зыдтон, уæд уый уыдис
хæсты æмæ фæллойы ветеран Бæцойты Уæсмæн.
Хицауы хæдивæгæй куыста. Æрхойнаг уыдис. Йæ
74 Дауырæ
хæххон хъæуы иухатт æппæт коллективæй дæр
уыдыстæм йе ’фсымæры мардмæ. Диссаджы æгъдау
дзы федтам.
Уæсмæны кой уый тыххæй ракодтон, æмæ йæ
уæздан бинойнаг Лидæ дæр Дзæхаты Дудакко æмæ
Жалотханы чызг у. Æртындæс æмæ ссæдз азы
фæкуыста Мызуры скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ
литературæйы ахуыргæнæгæй.
Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ, Ирыстоны
цæрджытæй искæйы тыххæй дзургæйæ цымыдисаг
у хæстæгиуад кæронмæ æвдисын, уымæн æмæ
бæстытæ стæм кæрæдзиуыл.
Уæсмæн æмæ Лидæйы чызг Ларисæмæ
курдиат йæ фыды мыггагæй фæхæццæ æви йæ
мадырвадæлтæй, уый зын зæгъæн у. Ларисæ -
ирон музыкалон театры зарæггæнджытæй иу -
æнтыстджынæй зары дунеон классион æмæ ирон
оперæты дæр.
Кæддæр Уæсмæн (рухс дзæнæты бадæд!)
худгæйæ дзырдта:
- Ларисæимæ Мæскуымæ консерваторимæ куы
ацыдыстæм, уæд мæм тыргъы ахуыргæнджытæй иу
фæкомкоммæ æмæ мæ фæрсы:
- А вы откуда?
- Æз Кавказæй дæн! Хæххон лæг! Фиййау! -
хъазгæйæ загътон æз.
- Æмæ хæххон лæг, фиййауæн ахæм чызг ис,
æмæ зарын чи зоны?! - ныддис кодта кардзыд ус.
Уæсмæн куыд дзырдта, афтæмæй Ларисæмæ
ахуыргæнджытæ куы байхъуыстой, уæд дисы
бацыдысты, афтæ фæцыдис сæ зæрдæмæ йæ
Хæхтае. Азтæ. Бонтае 75
хъæлæс. Æмæ дзы кæд тынг стыр конкурс уыдис,
уæддæр уыцы аз ахуыр кæнын райдыдта Мæскуыйы
консерваторийы æмæ йæ цасдæры фæстæ
æнтыстджынæй каст фæцис. Ныртæккæ у Ирыстоны
- Аланийы сгуыхт артисткæ.
Дудакко æмæ Жалотханæн сæ иннæ чызг
Дзæхаты Верæ Ирыстоны тынг зындгонд у.
Ирыстоны сылгоймаджы арæх йæ сæрыхицауæй
амонынц, æмæ Верæйы къай - Хъариаты Мурат
дæр къаддæр зындгонд нæу. У медицинон наукæты
кандидат, медицинон академийы доцент. Верæ та
Мæскуыйы бастдзинады институт каст фæцис.
Бирæ азты дæргъы фæкуыста Республикон баст-
дзинады управленийы сæйраг инженерæй. Ныр та
къорд азы дæргъы у, республикон «международная
телефонная станция» кæй хонынц, уый хицау.
Жалотханы иннæ чызг Эллæ (Ленæ) та у
Уыртаты хъуыстгонд æфсымæртæй иу - Алексейы
бинойнаг. Хъуыстгонд уымæн зæгъын, æмæ
Ирыстоны Уыртаты Махарбеджы чи нæ зыдта æмæ
чи нæ уарзта, ахæм стæм уыдис. Куыста, уæды
рæстæджы нæ горæтььцы иунæг универмаг уыдис,
уым хъуымæцты хайады. Уый цæй рæсугъд æмæ
дзырдарæхст уыдис! Уый куыд зыдта дзурын алы
æлхæнæгимæ дæр! Уый куыд хорз зыдта ирон æвзаг!
Цас æмбисæндтæ, цас цыргъзонд ныхæстæ зыдта!
Рухс дзæнæты бадæд, мах-иу æм Харитонимæ
иуварсæй хъуыстам æмæ-иу сусæгæй худтыстæм.
Махарбег уыдис Эллæйæн йæ хистæр тиу.
Алексей дæр æмæ Эллæ дæр торгты фæкуыстой.
Эллæ ма абон дæр тынг рæсугъд у, уымæн æмæ
76 Дауырæ
рæсугъддзинад зæронд нæ кæны, уæлдайдæр
адæймаг удæй рæсугъд куы уа, уæд.
Жалотханы цоты кæстæр дæр у тынг
курдиатджын адæймаг - Дзæхаты Зинæ. Кусы ирон
театры сæйраг нывгæнæгæй.
Театр вазыгджын аивад у. Ахсджиаг у, спектакль
куыд фæлгонцгонд у æмæ пьесæйы мидис куыд æв-
дисы, уый. Зинæйы конд декорацитæ иу æмæ дыууæ
хатты не ’ркæсын кодтой сæхимæ театрдзауты.
Бирæ хæттыты дзы раппæлыдысты Уæрæсейы
Федерацийы хуыздæр критиктæ дæр. Æмæ ма суанг
Къостайы номыл премийы лауреат дæр сси Зинæ.
Мæн цыбырæй зæгъын фæнды, уыцы аив æмæ
æвзыгъд цоты чи схаста, уыцы ирон хорз лæг
Дудаккойы тыххæй. Бакастæй хæрзуынд, уæздан
уыд. Цалдæр хатты сæм ме ’фсинимæ уыдтæн,
æмæ-иу йæ сæр фæгуыбыр кодта æфсæрмхуызæй,
салам-иу радта æмæ-иу уайтагъд федде, цыма ног
сиахс уыд, уыйау. Куыд дзырдтой, афтæмæй уыдис
тынг домаг. Ахуыр кодта сывæллæтты æгъдауыл
дæр, куыстыл дæр. Архайдта, адæмы æхсæн дæр
æмæ мыггаджы æхсæн дæр дæлдæр куыд никæмæй
уой, ууыл. Æмæ диссаг куыд нæ у - се ’ппæт дæр
Ирыстоны зындгонд адæймæгтæ систы!..
Æз Дудакко æмæ Жалотханы цотимæ тынг
арæх æмбæлыдтæн цины дæр æмæ зианы дæр
нæ иумæйаг хæстæджытæм. Уыцы хæрзуынд
мадызæнæг-иу æдзухдæр иумæ цыдысты. Æндыри-
иу уайтагъд фæхицæн æмæ-иу лæгты цурмæ
баздæхт, фæлæ Сослан æмæ хотæ æдзухдæр иумæ
лæууыдысты. Тынг уарзта Сослан йæ хоты, æмæ йыл
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 77
уыдон дæр зæрдæхæлд æмæ зæрдæсаст уый тыххæй
фесты.
Уæвгæ, æгас Ирыстонæн дæр тынг зын уыдис
Сосланы зын.
Æмхæрæфырттæй, дам, арс дæр тæрсы! Сослан
æмæ Харитонæн Доййатæй цы æмхæрæфырттæ ис -
Ноги æмæ Анусайы цот, уыдон дæр тынг зындгонд
сты Ирыстоны: Харитон, Сергей, Тугъан, Хадзы-
Мурат, Азæ æмæ Таймураз - Джызæлы Доййаты
мыггаджы фидыц - уæздан Дзампон Анусайы цот.
Куыд диссаджы хæларзæрдæ æмæ хионуарзаг
уыдис Анусайы хистæр фырт Харитон! Дыууæ-æртæ
къуырийы дæр-иу нæма рацыд, афтæмæй-иу нын нæ
дуар æрбахоста, æрымысыдтæн уæ, зæгъгæ. Уыдис
хъæлдзæгныхасгæнаг, хъазаг. Цыфæнды ныхас дæр
худынмæ здæхта. Уыдис бæрзонд, рæсугъд. Уæвгæ
Анусайы цот се ’ппæт дæр тынг рæсугъд уыдысты.
Ме ’фсин куыд дзырдта, уымæ гæсгæ Доййаты
Харитон гыццылæй афтæ хæрзуынд сывæллон
уыдис, æмæ Дауыратæм дæр фыццаг лæппу
куы райгуырд, уæд ыл уыдон дæр Харитон ном
сæвæрдтой...
Доййаты Харитон ахуыргæнæг уыдис. Суанг йæ
амæлæты бонмæ йæ куыст нæ ныууагъта. Амонд-
джын уыдис уымæй дæр, æмæ йæ уæздан къай -
Дзебон Маняимæ æдзухдæр иумæ куыстой. Маня
дæр ахуыргæнæг у.
Анушайы дыккаг фырт Сергей бирæ азты дæр-
гъы разамынд лæвæрдта нæ горæты профес-
сионалон училищæтæй иуæн. У тынг дæсны
хъомылгæнæг.
78 Дауырæ
Кæддæр Джызæлы скъолайы ахуыргæнæгæй
кусын куы райдыдта, уæд йæ рæсугъд хо Азæ
дæр уымæ ахуыр кодта, æмæ ма ныр дæр бирæтæ
æрхъуды кæнынц, уымæй, дам, ноджы фылдæр
домдта.
Сергей цалдæр азы акуыста уæды партийы
Обкомы дæр - уыдис инструктор. Фæлæ æппæты
тынгдæр хъуыстгонд у Сергей литературæ
уарзджытæн æмæ «Рæстдзинад» кæсджытæн -
тынг арæх цæуынц мыхуыры йæ радзырдтæ, йæ
кроссвордтæ æмæ йæ очерктæ. Æз ын æдзухдæр
уый фæзæгъын: «Тæхуды, æмæ искуы дæ диссаджы
фыстытæ чиныгæй куы рацæуиккой æмæ сæ бирæ
адæмтæ куы бакæсиккой!»
Куыд тынг уарзтон æз Доййаты сæрдыгон
хæдзары бинонты хъæлдзæг ныхасмæ хъусын!
Куыд хæрзхъæд зонды хицау уыдысты Анусайы цот
се ’ппæт дæр. Суанг ма-иу сæ уарзон мадыл дæр
худæджы ныхæстæ æрхъуыды кодтой:
- Ануша, ныр Харитонæй дæуæй хистæр чи у?
- Кæй Харитонæй? - сонт фарст акодта Ануса.
- Мæнæ нæхи Харитонæй!
Ануса цасдæр ницы сдзырдта, æмæ йыл уый
адыл Сергей ног худыны хос æрхъуыды кодта:
- Нæ мад йæхи нæ хистæр æфсымæрæй кæстæр
хоны!..
Æфсымæрты астæуккаг Тугъан (рухс дзæнæты
бадæд!) - мах хъæуккаг сиахс уыди. Не ’мгæртты
хæрзконддæр æмæ рæсугъддæр чызджы нын
бауарзта - Хъаныхъуаты Ленæйы. Ленæ бæрз
бæласау хæрзконд æмæ бæрзонд уыдис. Мах æй
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 79
«Къленц» хуыдтам. Скъола каст куы фæцис, уæд
нæхи дуканимæ дзулуæйгæнæгæй бацыдис. Тугъан
та шофыр уыдис - мах хъæумæ дзул ласта. Иу бон
куы уыдис, уæд йæ дзултæ равдæлон кодта æмæ нын
нæ Къленцы аскъæфта!..
Ленæимæ мах тынг адджын хæстæгиуад
фæкодтам, уымæн æмæ арæх æмбæлдыстæм.
Уæлдай уарзонæй та Хадзы-Муратимæ фæцар-
дыстæм, уымæн, æмæ мæ мадырвадæлты -
Торчынты сиахс у. Торчынты Шамилæн зыбыты
иунæг чызг ис - Изетæ, æмæ йæ Анусайы дохтыр
фырт ракуырдта.
Цымыдисаг у, куыд базонгæ сты, уый дæр:
Хадзы-Мурат (Хадз дæр æй хонæм) медицинон
институт куы фæцис каст, уæд æй арвыстой
дохтырæй Германмæ - уæды рæстæджы нын уым
æфсæддон хæйттæ уыд. Афæдзы фæстæ куы ссыдис,
уæд æй йæ мад бакъуымы кодта, ус ракур, зæгъгæ.
- Омæ дын кæй ракурон? Ссар мын дæхæдæг
искæй. Кæй мын ссарай, уый ракурдзынæн! - загъта
фырт мадæн.
Ануса-иу махмæ арæх уыдис - тынг уарзтой
кæрæдзи ме ’фсинимæ. Хуызæй дæр тынг æнгæс
уыдысты. Иухатт ме ’фсин Хъобанæй æрцыд, æмæ
та йын æз æнгузтæм азгъордтон - тынг сæ уарзта.
Абоны хуызæн мæ цæстыл уайы - дыууæ хойы
æнгузсæттæнæй æнгузтæ састой æмæ ныхæстæ
кодтой. Ануса радзырдта, Хадз ын куыд загъта, уый.
- Мæнæ Торчынты Шамилæн ахæм дзæбæх чызг
ис, æмæ дзы мæйтæ æмæ хуртæ кæсы! - загъта ме
’фсин. Иу тыргъы цардыстæм Шамилтимæ, æмæ
80 Дауырæ
ме ’фсин куыд нæ зыдта Изетæйы. Шамилы дæр
хорз зыдта, - кæддæр, Дауыратæ ма горæты куы
цардысты, уæд сыхæгтæ уыдысты, иу бинонты цард,
дам, кодтам.
- Цу-ма, мæ къона, исты хуызы йæ ’рбасай! -
бахатыд мæм Ануса.
- Æмæ йæ цы ’фсонæй æрбасайон? - бакатай
кодтон æз. - А-а-а! Плащ æй хъæуы! Æз ын афтæ
зæгъдзынæн: «иу ус плащ уæй кæны!» - загътон
æз, æмæ дыууæ минуты фæстæ Изетæ нæ дуарæй
æрбахызтис.
- Ацы дзæбæх ус ме ’фсины хо у! - загътон æз.
Изетæ уæд дæр тынг цингæнаг уыд - фæхъæ-
быстæ кодта дыууæ усæн, стæй Анусайы афарста:
- Цы хуызæн у уæ плащ?
- Дун-дунеты плащтæй рæсугъддæр æмæ хуыз-
дæр! - бахудтис Ануса, кæй зæгъын æй хъæуы - йæ
фырты кой кодта.
Уый адыл Шамилмæ баминæвар кодтой Дой-
йатæ. Хадзы-Муратæн йæ улæфты рæстæг фæцис,
æмæ йæ Германмæ ацæуын бахъуыдис. Нал æй
рауагътой фæстæмæ, æмæ чындзхæсджытæ
Изетæйы суанг Брестмæ ныххастой, арæны фæстæ
та йæм Хадзы-Мурат æнхъæлмæ кастис...
Æз æдзухдæр дис кодтон, уыцы æмхæрæфырттæ
сæ мадæлты куыд уарзтой æмæ сын сæ ныхасæн
куыд аргъ кодтой, ууыл. Абоны æрыгæттæй
ма исчи йæ мады æвзæрст чызг ракурæд æмæ
цæрæнбонты уарзонæй фæцæрæнт. Уарзон æмæ
амондджын та тынг сты Изетæ æмæ Хадзы-
Мурат: сæ дыууæ рæсугъд чызгæй иу невропатолог
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 81
сси æмæ Республикон неврологон хайады йæ
фыдимæ æнтыстджынæй кусы. Хадзы-Мураты
фырт Мурат дæр дохтыр у, фæлæ ма йæ Ирыстоны
аивадуарзджытæ уымæй дæр зонынц, æмæ хорз
зары. Фыссы музыкæ дæр æмæ æмдзæвгæтæ дæр.
Йæ уарзон зарджытæй иу - «Фæндаг» - тынг цæуы
адæмы зæрдæмæ. Ноджы зоны цалдæр æвзаджы.
Бæстон зоны ирон æвзаг дæр, æмæ уымæй дæр
раппæлинаг у, уымæн, æмæ нæ фæсивæдæй бирæтæ
сæ мадæлон æвзагыл нал æввæрсынц.
Хадзы-Мураты тыххæй та мæ уый зæгъын
фæнды, æмæ у дæсны дохтыр. Бирæ азты дæргъы
фæкуыста Хурыскæсæн горæтты æфсæддон хæйтты
æмæ округты сæйраг невропатологæй. Уый фæстæ
куыста Тбилисы. Ныр та цалдæр азы у Республикон
рынчындоны неврологон хайады сæргълæууæг.
Азæ - Анусайы иунæг чызг - сахуыр кодта
хуыйæг æмæ кæрдæджы дæсныйадыл æмæ бирæ
азты фæкуыста кæрдæгæй нæ горæты дуканитæй
иуы. Адæм-иу æм рæгъ лæууыдысты - суанг хъæу-
тæй дæр Азæмæ цыдысты, афтæ хорз карста. Азæ
у Хъалæгаты хуыздæр лæппутæй иу - Таймуразы
бинойнаг. Ирон адæммæ сиахс дæр æфсымæр у,
æмæ тынг хорз хæстæгиуад фæкодтой Хъалæгатæ
æмæ Доййатæ.
Таймураз - Анусайы кæстæр фырт, йæ фыды
цæрæнты, Джызæлы, сарæзта хорз хæдзар æмæ
хъæубæсты у кадджын æмæ номджын ирон лæг.
Ис ын кæстæртæ, сæ фыдæлты ном чи фæфæрн-
джындæр кæндзæн, ахæмтæ. Уый та уын цыбырæй
Дзампон-Анусайы цоты хабæрттæ.
6 Заказ № 34
82 Дауырæ
Дзампаты Сергийы хоты æртыккаг - мæхи
æфсин - Бадзиба уыдис, фæлæ мæн раздæр кæстæр
хо Риммæйы тыххæй зæгъын фæнды. Уыдис
æрыдойнаг, Зембатты Савелийы бинойнаг. Савели
хæстæй цæфтæй ссыдис - йæ рæсугъд цæсгомыл
дæр нос уыдис. Ахæм хæларзæрдæ, ахæм рæдау
лæг æз нæ зыдтон мæхи хæстæджытæй дæр, рухс
дзæнæты бадæд!
Мæскуыйæ куы ссыдыстæм Харитонимæ, уæд
нæм йе къус нæ уыд, йе къоппа. Савели ацыдис
æмæ нын æртæ тæбæгъы æмæ иу стыр кастрюля
балхæдта. Уыдон уыдысты, хæдзар кæнын кæмæй
райдыдтам, уыцы дзаумæттæ.
Мæнмæ æдзухдæр цæмæндæр диссаг фæкæсы,
бирæ азты дæргъы амондджынæй чи фæцæры,
уыдон кæм æмæ куыд базонгæ сты, уый. Иухатт
Риммæйы бафарстон: «Савелиимæ куыд базонгæ
стут?»
- Кæддæр Маркусы æмæ Дзанайы-фырты
уынгты тигъыл, ныртæккæ фæныкхуыз хæдзар
кæм ис, уым уыдис автобусты станцæ. Æз куыстон
билеттæ уæйгæнæгæй. Иу лæппу мæ алы бон дæр
билет æлхæдта. Цæмæй зыдтон, шофырæй кусы
æмæ билет йæхи автобусмæ æлхæны, уый!..
Савели æмæ Риммæйæн дæр сæ иунæг лæппу
Барис медицинон институт каст фæцис. Бирæ азты
дæргъы кусы æфсæддон дохтырæй.
Барисы чызг Ларæ дæр йæ фыдау дохтыры
дæсныйадыл сахуыр кодта æмæ æнтыстджынæй
кусы, Дзæхаты Сослан цы травматологон хайад
байгом кодта, уым.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 83
Æз æмхæрæфырттæй кæй ранымадтон, уыдонæй
иу дæр ахæм нæй, æмæ йæхи тугвæллойæ цæрын чи
нæ фæразы. Мæнмæ гæсгæ æппæты раппæлинагдæр
ныры зын рæстæджы уыдон сты...
Кæй зæгъын æй хъæуы, æз æппæт Дзампаты
дæр мæхи æфсины тыххæй уарзын. Абон дæр
ма искуы зианы аив ирон ус куы фенын, уæд ме
’фсиныл фæкæуын, кæд ссæдз азæй фылдæр рацыд
йæ ахицæнæй, уæддæр. Аивæй та тынг аив уыдис -
æдзухдæр дардта сау касинкæ, тæнæг сау цъындатæ
æмæ тар дарæс, уæлдайдæр мæ хицауы амарды
фæстæ.
Æз мæхæдæг, сидзæр чызг уæвгæйæ, æцæг
рæвдыд бавзæрстон мæ бинонтæй - бинонты ад
дæр сыл базыдтон, æмæ æфсин æмæ хицауы ад
дæр. Æз тынг хорз зонын, хъуыддæгтæ аразæг
дæр æмæ мæ рæвдауæг дæр уыдис ме ’фсин -
Дзампон Базиба. Уый цæй диссаджы хæрзхъæд
адæймаг уыдис! Уый цæй лæггадгæнаг уыдис, цæй
уазæгуарзаг уыдис суанг йæ амæлæты онг дæр! Æмæ
кæд искуы исчи бакаст æмæ удыхъæдæй æмхуызон
рæсугъд уыд, уæд уый. ч
Кæддæр мын Токаты Асæх афтæ загъта:
- Æз Базибайæ аивдæр. æмæ рæсугъддæр ирон
чызг никуы федтон. Йæ цæстытæ та стъалытау
цæхæр калдтой!
Асæх куыд дзырдта, афтæмæй ме ’фсин чындзы
куы цыдис, уый дæр хорз хъуыды кодта - иу
коймæгтæ уыдысты: Дауыратæ - Ламардонæй, Асæх
та - Дæргъæвсæй.
Мæн тынг фæнды ныры чындзытæ æмæ
84 Дауырæ
æфсинтæн цалдæр цауы радзурын мах цардæй,
уымæн æмæ алы бинонты цард дæр скъола у
иннæтæн.
Хæсты фæстæйы рæстæджы нæ хъæуы цæр-
джытæ дыууæ дихы фесты - иутæ дзы хуындысты
лæгджынтæ, иннæтæ та æнæлæг хæдзæрттæ. Ирон
æгъдау куыд фидар уыд нæ хъæуы! Никуы ничи
баззад æнæлæг хæдзæрттæй зымæгмæ æнæсуг,
æнæхос. Афтæ дæр-иу уыдис, æмæ-иу хъæуы
фæсивæд, хæстæй цæфтæй, кæнæ сахъатæй чи
ссыдис, уыдоны разамындæй райдианы сидзæр-
гæстæн ацыдысты зиуы, стæй та-иу сæхи хæ-
дзæртты куыстытæ бакодтой.
Мах бынтон æнæлæгæй баззадыстæм - хæсты
фæмард сты мæ фыд дæр æмæ йе ’фсымæр дæр.
Хъæуы æнцæйтты цардыстæм.
Мах, Дауыраты Харитонимæ Мæскуыйы иумæ
ахуыр кæнгæйæ, кæрæдзимæ хорз цæстæй куыд нæ
кастаиккам, фæлæ мæны ’рдæм йæ зæрды исты ис,
уый никуы схъæр кодта. Æрмæст-иу мæм лæппутæй
исчи исты куы сдзырдта, уæд-иу мæм бартхъирæн
кодта: «Дæ мадыл дæ сардаудзынæн, æмæ дæ нал
рауадздзæн ахуырмæ».
1957 азы сæрды нæхимæ улæфынмæ куы
ссыдыстæм. уæд нæм æрбаминæвар кодтой Дауы-
ратæ æмæ мæйы бонмæ чындзæхсæв арæвдз.
Мæнæй амондджындæр ног чындз ма кæм уыдис,
фæлæ мæм, цæмæндæр, мæ ног бинонты мад - ме
’фсины ахаст уазал кастис. Иу къуырийы фæстæ
рабæрæг хъуыддаг.
- Æз æдзухдæр уымæй тарстæн, æмæ мæ
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 85
диссаджы фырт æнæлæг хæдзары чызг куы ракура,
- загъта нæ сыхаг усæн ме ’фсин, æз æй куыд
хъусон, афтæ.
Мæ зæрдæйы мын хъама атъыста, афтæ хъыг
мын фесты йæ ныхæстæ.
- Мамæ! Мæн демæ аныхас кæнын хъæуы,
- загътон æз ме ’фсинæн, сыхаг ус сæхимæ куы
ацыдис, уæд.
- Хъусын дæм, нæ ног чындз! Уынаффæтæ нын
райдыдтай?!
- Мамæ! Ма мæм смæсты у... Хъыг дæр дын ма
уæд, фæлæ дын æз хъуамæ цыдæр зæгъон... Æз
æнæлæг хæдзары чызг уымæн нæ дæн, æмæ мæ фыд
давгæйæ фæмард, кæнæ исты фыдгæнæг уыдис...
Мæ фыд хъæбатырæй фæмард хæсты. Æмæ кæд
æз æнæлæг хæдзары схъомыл дæн, уæддæр алцы
дæр зонын: лæггад кæнын дæр, æфснайын дæр,
хуыйын дæр, - уым, Мæскуыйы, æз мæхицæн исты
хуымæтæг хъуымацæй скæрдын къаба æмæ йæ
къухæй бахуыйын. Сæ цæст мыл æрæвæрынц чыз-
джытæ... Æз дæ тынг курын, æмæ-иу афтæ макуыуал
зæгъ, уымæн æмæ мынтынг хъыг уыдис дæ ныхас...
Усæн, мæгуыр, йæ хуыз фæцыд. Комкоммæ мæм
каст, цыма мæ разы тынг аххосджын уыдис, уыйау,
къæмдзæстыгæй. Стæй мын уæд афтæ:
- Æз æмæ ды мыггагмæ баст стæм, уымæн æмæ,
мæнæн æмæ дæуæн зынаргъ чи у, уый нæ бæтты.
Ды мын æргом кæй загътай дæ маст, уый тыххæй
дæ æз дæр нæ басусæг кæндзынæн мæ хъуыды:
мæн тынг фæндыд, мæ бинонты хуыздæрæн фидар
æмæ домбай каистæ куы уыдаид, уый. Фæлæ, куыд
86 Дауырае
кæсын, афтæмæй ды дæхæдæг цæрынмæ дæсны
адæймаг дæ, æмæ æз дæуæй хатыр курын, дæ
зæрдæ дын кæй фæриссын кодтон, уый тыххæй.
Хорз бакодтай, мæхицæн мын кæй загътай дæ маст,
уымæй. Амæй фæстæмæ дæр афтæ куы кæнай,
уæд æз æмæ ды уыдзыстæм мад æмæ чызг. Ды
уыцы маст дæ цæгатмæ куы ахастаис, уæд бæстæ
сызмæстаид! - йæ хъæбысы мæ æрбакодта ме ’фсин
æмæ мæ уæззау уаргъ ме уæхсчытæй ахауд.
- Цы дзурут, цы? Мæн кой кæнут? - тыргъæй
ракаст Харитон, æмæ йын йæ мад афтæ:
- Мах сылгоймæгтæ стæм æмæ нæм нæхи
ныхæстæ арæх уыдзæн. Макуы нæ мацæмæй фæрс.
Уыцы бонæй фæстæмæ, цыппар æмæ ссæдз азы
дæргъы, æз ме ’фсиныл æууæндыдтæн мæхи мадау.
Никуы йыл ницæмæй фæхудтис мæ зæрдæ. Никуы
мæ фæхъауджы кодта йæхи цотæй. Харитонæй-иу
мæ маст куы уыдис - сонт мæстыгæр уыдис, уæд-
иу мамæмæ Хъобаны балæууыдтæн. Кæнæ-иу уыцы
автобусы рацыд мемæ, кæнæ та иннæйы, æмæ-иу йæ
фыртимæ сæхиуыл дуар бахгæдтой, æмæ-иу фырт
уæзданæй, сабырæй уатæй рацыд, цыма æппындæр
змæст нæ уыдыстæм, уыйау.
Иу хатт дын сæм куы байхъусин, зæгъын, цы йын
фæдзуры йæ мад.
- Ды ацы адæймагæн йæ уæздандзинадæй
цæмæн пайда кæныс? Цард нæм кæй нæ уыны, уый
йын æгъгъæд нæу? - дзуры дын мад фыртæн.
Афтæ диссаг мæм фæкастысты ме ’фсины
ныхæстæ, æмæ асхъиудтон дуары цурæй, мæнæ,
зæгъын, цы диссаджы ус ис!
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 87
Æз, ме ’фсины мæхи мадæй фылдæр уарзтон, нæ
зæгъын, уымæн, æмæ, чи зоны, уымæн уæвæн дæр
нæй. Фæлæ йæ зæрдæйæ уарзтон, уый тыххæй мæ
бон ард бахæрын у. Æууæндыдтæн ыл. Зыдтон æй,
гадзрахатæй мыл никуы рацæудзæн.
Цас зæрдиаг ныхæстæ-иу фæкодтам ме ’фси-
нимæ! Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ йæхи чызджы-
тимæ дæр афтæ æргомдзырд никуы уыдис. Æртæ
чызджы æмæ йын æртæ лæппуйы уыдис - махон
сæ хистæр, æмæ ма-иу суанг уыдоны койтæ дæр
фæкодтам, уымæн æмæ зыдтам - мах æхсæн ныхас
дарддæр никуыдæм ацæудзæн, уый.
Мæ хицау - ирон уæздан лæг, рухс дзæнæты
бадæд - йæ ном ын абон дæр нæ дзурын, фæлæ йæ
фысгæ та куыд хъуамæ ма ныккæнон? - Мырзабег!
Уымæй амондджындæр сылгоймагæй ничи фæцис!..
Йæхæдæг дæр хорз лæг уыд, фæлæ ме ’фсин бынтон
æнæаипп адæймаг уыд. Никуы фехъуыстон уыдон
кæрæдзимæ тызмæг сныхас кæнгæ. Никуы уыдис
афтæ, æмæ мæ хицауæн афоныл хæринаг конд ма уа,
йе та йæ хуыссæн цæттæ ма уа.
Бинонтæй-иу фыццаг уый бахордта, уый фæстæ
та - чызгæй, мадæй, лæппуйæ, чындзæй - иууылдæр
иумæ.
Мæ зæрдыл тынг арæх æрлæууы иу хъуыддаг. Æз
сын фыццаг чындз уыдтæн. Кæй зæгъын æй хъæуы,
мамæ зыдта, каркæй бинонтæн кæцы хай кæмæн
дæттын хъæуы, уый. Уæд дын мæ мæ тæккæ ног
чындзæй куы афæрсид:
- Карчы хæйттæй кæцы фылдæр уарзыс?
Бæргæ, уыйас зонд мæм куы разындаид, æмæ
88 Дауырæ
куынæ загътаин: «сынæг», фæлæ мæ афтæ зæр-
диагæй фарста æмæ йæ асайын мæ бон нæ бацис.
- Бабайæн йæ хъуыддаг ацыдис! - хъæрæй
загъта мæ ходыгъдты кæстæр, уæд ма гыццыл
уыдис, æхсæз азы йедтæмæ йыл нæ цыдис.
Æз уайтагъддæр бамбæрстон, сынæг-иу мæ
хицау хордта, уый. Уыцы бонæй фæстæмæ мæ хицау
сынæг бахæрын нал бакуымдта, фæлæ йæ æз дæр
никуы бакуымдтон бахæрын. Кæстæр ходыгъды
сгуыйæ-иу иугыццыл ратыдтон æмæ-иу бас
бацымдтам.
Мæ хицау тынг кусаг лæг уыдис. Сæ хæдзары
уавæртæ дæр бæлвырд, сæ хуымтæ - бæстон куыст,
сугхъуаг дæр никуы уыдысты. Хосафон та бынтон
бирæ куыст уыдис нæлгоймæгтæн, уымæн æмæ
фосмæ зилын дæр нæ уагътой сылгоймæгты æмæ
хосы куыст кæнын дæр. Æрмæст дыццæг æмæ
Хуыцаубоны нæ куыста мæ хицау.
Мах Харитонимæ Мæскуымæ дыккаг хатт ахуыр
кæнынмæ куы ацыдыстæм - уый аспирантурæмæ,
æз та режиссерыл ахуыр кæнынмæ, уæд зымæджы,
иу дыццæг бон, мæ хицау сфæнд кодта хъæдмæ
ацæуын.
- Æмæ цæрæнбонты дыццæджы куы никуы
куыстай! - загъта йын Дзампон.
- Абон мæнæн мæ хъæдмæцæуæн бон у! -
фидарæй загъта лæг.
Уыйадыл, дам, ацыдис. Изæры, дам, йæ бæх
уасгæ кæртмæ æрбазгъордта.
- М’ арт бауазал! Ацы бæхæн йæ хицауыл мацы
æрцæуа?! - рауад, дам, ус кæртмæ. Ахъæр кодта
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 89
сыхы лæгтæм, æмæ, бæх сæ разæй, афтæмæй,
Æхсæнгæрзты хъæд кæй хонынц, уырдæм сæ бæх
ныххæццæ кодта.
Хъæу фæфæдис сты æмæ мын мæ хицауы
уырдыгæй мардæй сластой. Рухс дзæнæты бадæд -
авд æмæ йыл æртиссæдз азы цыд.
Царды гуыбыны диссæгтæ бирæ ис, фæлæ дзы
бынтон диссæгтæ дæр вæййы. Мах Харитонимæ
уыцы азы Ногбонмæ нæхимæ ссыдыстæм, æмæ
ам иу-дæс боны фестæм. Цас фæрæзтæ вæййы
студентмæ - нæ капеччытæ бахардз кодтам, æмæ ма
тыххæй Мæскуымæ ныххæццæ стæм. Къуыри дæр
нæма рацыд, афтæ дын мын Харитон загъта: «Æз
нæхимæ цæуын!»
- Куыд нæхимæ? Нырма къуырийы размæ куы
æрхæццæ стæм!
- Ма мæ къуылымпы кæн. Бабайы æртæ ’хсæвы
фæд-фæдыл чырыны федтон! Уый хуымæтæджы
нæу!
Ницы сдзурын æм бацис мæ бон. Рацыдис æмæ
мæм уайтагъд тел ныццавта: «Все в порядке! Скоро
приеду».
Йæ бинонты куы федта, уæд фæстæмæ горæтмæ
рацыд æмæ билет балхæдта - хъуамæ дыууæ боны
фæстæ ацыдаид Мæскуымæ.
Иухъæуккæгты кæрæдзийы хæстæджытæй бирæ
æфсарм вæййы, æмæ ма уæдæ мæнæйуый фыды-
мады дæр бабæрæг кæнон, зæгъгæ, фæстæмæ
Хъобанмæ баздæхтис Харитон. Гъе, уыцы æнамонд
дыццæджы уыдис уый! Мæ фыдымадæй куы
раздæхт, уæд, дам, кæсын, æмæ машинæйæ цыдæр
90 Дауырæ
адæм æрбацæуы. Харитоны куы ауыдтой, уæд
баурæдтой. «Схиз машинæмæ!» - загъта йын
лæгтæй иу, хъуыддаг нæ бамбарын кæнгæйæ.
Харитон машинæйы йæ фыды мардæй куы
ауыдта, уæд, дам, фæкуыддæр. Чи зоны, æмæ йæ
зæрдæ уæд сæнкъуысти!..
Уыцы зондджын бæх ма нæм-иу фондз азы
фæцард, æцæг ыл кусгæ никуыуал ничи кодта, Бадгæ
дæр ыл нал скодтой мæ тиутæ,
Нал слæууыд ме ’фсин йæ къахыл цасдæр рæстæг
уыцы зыны фæстæ. Мæнмæ-иу диссаг кастис, куыд
тынг, зæгъын, ыл фæрыст, цас æй уарзта!
Цалдæр азы фæстæ йын афтæ бакодтон:
- Мамæ, дæ хæссинæгтæ се ’ппæт дæр сæ къахыл
слæууыдысты. Ныр афтæ бакæн, æмæ сæ фылдæр
кæй уарзыс, уыимæ удæнцойæ цæр! - мæ зæрдæ
дардтон, махимæ цæрдзæн, ууыл.
- Нæ, мæ хур! Кæддæр мын баба афтæ
фæдзæхста: дæ цотæй æдзæллагдæр чи уа,
уыйæрдæм дæхи æппар!
Æз рагæй дæр лыстæг куыстытæ нæ уарзтон.
Нæ уарзтон судзинты лæгъстæ æфснайын дæр.
Мамæ-иу куы æрцыд, уæд-иу ын лæгъстæ кодтон,
ацы къуымтæ ма мын бафснай, мæнæн рæстæг нæй,
зæгъгæ.
Æфснайгæйæ-иу дзы цалдæр æмхуызон æндахы,
кæнæ судзины куы ссардта, уæд-иу сæ фæхицæн
кодта æмæ-иу мæ бафарстаид:
- Мæнæ ацы æндæхтæ æмæ судзинтæ ахæссон?
Уæлдæйттæ дзы ис?..
- Мамæ! Ныр мæ куыд фæрсыс? Хъуамæ æз дæу
фæрсон, - ацы хæдзар дæ фырты хæдзар у.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 91
- Нæ, нæ, мæ хур! Уый фæстæ сæ куынæ арай,
уæд стыхсдзынæ!
Уый диссаг куыд нæ у? Исты н’ аргæйæ
стыхсдзынæн, уымæй дæр мын тарстис.
Мамæ тынг баста бинонты кæрæдзиуыл, рухс
дзæнæты бадæд! Афтæ-иу загъта:
- Æз уын куынæуал уон, уæд кæрæдзийы нал
зондзыстут!
Куыд загъта, раст афтæ рауад. Канд мах,
файнустытæ нæ, фæлæ ма суанг йæхи цотæй дæр
бирæтæ кæрæдзиуыл сæ зæрдæтæ сивтой.
Афтæ кодта мамæ: куы-иу махмæ æрцыд, куы
йæ дыккаг фырты хæдзармæ. Мах-иу зыдтам: мамæ
æрцыд, уæд нæ хæринаг кæнын нал хъæуы. Кæм-иу
æрлæууыд, уырдыгæй алкæмæн дæр йæ уæлибæхы
хай æрвыста. Æвæццæгæн, зæрдæмæ фæндаг,
æцæгæйдæр, гуыбыныл у!
Харитон-иу Хъобаны æнæ мæн куы уыд, уæд-
иу æй зыдтон, мамæ мын мæ уæлибæхы хай æнæ
рарвитгæ нæ фæуыдзæн, уый. Æппындæр-иу дзы
куынæуал хаудис мæнмæ, уæддæр мын-иу рарвыста
иу, кæнæ дыууæ карсты, йæ былыл исты рауайдзæн,
зæгъгæ.
Ирон сылгоймæгтæй уымæй дæсныдæр цæ-
рынмæ æз адæймаг нæ зыдтон.
Ирон адæммæ бирæ карз ныхæстæ æмæ сомытæ
ис. Сæ иу ахæм у: мæрдты бæсты мын Хуыцау,
кæй уарзын, уый цæсгом фыццаг фенын кæнæд.
Æз зæрдийагæй разы дæн фыццагдæр мæ уарзон
æфсины цæсгом феныныл, уымæн æмæ æппындæр
ницы зæрдæхудт фæдæн йæ разы.
92 Дауырæ
Йæ зыны бон дæр ыл тынг фæрыстæн.
Иуæндæс боны йæхи не ’рæмбæрста, - йæ сæры
тугдадзинты уыдис йæ низ. Махмæ куы фæфæдис
сты, мамæ цыдæр кæны, зæгъгæ, уæд уайтагъд
Харитонимæ таксийы абадтыстæм æмæ Хъобаны
балæууыдыстæм. Фыдгулы балгъитæг афтæ:
тыхулæфт кодта, къабæзтæй иу дæр нæ иста.
Фæстæдæр йæ хæрæфырттæ Дзæхаты Сослан,
Доййаты Хадзы-Мурат æмæ Зембатты Барис куы
æрбалæууыдысты - æртæ диссаджы дохтыры,
уæд сæ кæрæдзиимæ цыдæртæ дзургæ йæ разæй
æнкъардæй рацыдысты. Махæн, кæй зæгъын æй
хъæуы, нæ дзырдтой, мæлыны рынчын у, уый.
Дыккаг бон æй горæты рынчындонмæ раластой
- Сослан æм йæхæдæг тагъдæххуысы машинæйы
бацыдис. Дæс боны ма уым фæтухæн кодта, мæгуыр.
Нал æрæмбæрста йæхи. Уæвгæ, æвæццæгæн, йæ бон
дзурын нал уыд, уый йедтæмæ ма æмбаргæ кодта.
Иууылдæр йæ хæстæджытæ - хойæ, хæрæфыртæй,
æфсымæрæй, йæхи зæнæгæй - дæс боны æхсæвæй-
бонæй уыцы рынчындоны кæрты фæбадтыстæм.
Иуæндæсæм бон сихорыл ахицæн.
Æз тынг арæх фæхъуыды кæнын ме ’фсины
хъысмæтыл. Кæд, зæгъын, æцæгдæр, адæймаг йæ
рагфыдæлты тæригъæдтæ дæр фиды, уый йедтæмæ
мæ диссаджы æфсинæй æнæтæригъæддæр адæймаг
нæ уыд.
Сослан æй цы машинæйы раласта рынчын-
донмæ, уыцы машинæйы йын ластам Хъобанмæ
йæ мард, Æз сбадтæн йæ уæлсынт æмæ ардыгæй
Хъобанмæ йæ риуыл дæлгæмттæ кодтон, куыд
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 93
цæрдзыстæм æнæ дæу, зæгъгæ. Æз мæ царды мидæг
зæрдиагдæр куыд никуы никæуыл фæкодтон. Никуы
мæ ничи фæрыстис мæ хорз æфсины хуызæн. Цы
мæрдты ис, уыцы мæрдтæй дæр мæ бон басомы
кæнын у, уæлдайдæр та æз марды ауыдыл тынг
æууæндын.
Мадуарзджытæ æмæ мады ныхасæн аргъгæн-
джытæ куыд нæ федтон мæ даргъ царды. Фæлæ
Дзампонтæ цыдæр сусæгдзинад зыдтой сæ сывæл-
лæтты мадмæ хъусыны хъуыддаджы дæр.
Нал систа йæ сæр Харитон йæ мады фæстæ. Нæ
ныббыхста йæ мады зындзинадæн æмæ йæ зæрдæ
кæуын æмæ мæтæй фехæлдис.
Уæлмæрдтæм цал хатты цыдыстæм - цæугæ
та тынг арæх кодтам, уал хатты-иу мын уым
фæуадзыг. Йæхи-иу куы æрæмбæрста, уæд-иу йæ
мады ингæнæй сыстын нал куымдта, цæрын мæ нæ
фæнды æнæ уый, зæгъгæ.
Рухс дзæнæты бадай, Сослан! Цас хъуыддæгтæ
мын æрæмысын кодтай ме’нæхуыссæг æхсæвы!
Нæ фыдæлтæ раст дзырдтой: «Цал хорз адæй-
маджы зоныс, уал фарныхицау дæ». Цы хорз
адæмтæ зыдтон, уыдоны хуыздæртæ уыдысты, кæй
ранымадтон, уыдон. Сослан та сæ «тырыса» уыдис!..
Кæддæр Жалотхан Сосланы цур йæ бæллиц
загъта: «Тæхуды æмæ нын Куырттаты комы сæр-
фæцæвæн куы уаид!» Уый адыл Сослан Фиййагдоны
хæдзар сарæзта æмæ æгас хъæстæйæ дæр уым
æмбæлдысты.
Цалдæр азы размæ уырдæм Сослан æрæмбырд
кодта йæхионты - æмхæрæфыртæй, æрвадæй, уæдæ
94 Дауырæ
кæрæдзийы хуыздæр зоной, зæгъгæ. Амыдта сæ
йæхæдæг кæрæдзийæн, суанг сæ цоты дæр. Цас цин
æрхаста хæстæджытæн уыцы фембæлд!
Æмæ куыд æгъатыр у хъысмæт! Инсульты
фæстæ Сослан фæстаг æртæ азы иунæг ныхас дæр
нал скодта - нал зыдта дзурын. Фæлæ йæхæдæг цы
рынчындон сарæзта æмæ бирæ азты кæм фæкуыста,
уырдæм æй йе ’мкусджытæ фæстæмæ æрбахуыдтой,
уæдæ нын афтæмæй дæр разамынд дæтта, зæгъгæ.
Æмæ кæд дзыхæй нæ дзырдта, уæддæр йæхиуыл нæ
ауæрста куысты дæр æмæ хæдзары дæр.
Афæдзы размæ, 2001 азы 28 августы, Чырыстон
динмæ гæсгæ, Рухс Мадымайрæмы мæлæн боны,
Сослан сæ хæдзары къæсæртæ Куырттаты комы
бæстон кодта. Кæрдæгыл æрхуыссыд æмæ уыйадыл
мыггагмæйы хæрзбон загъта йæ Ирæн дæр æмæ йæ
бирæ фæндтæн дæр!..
Хуыцау хорз æмæ Дзæхатæм ис, йæ фыды
хъуыддæгтæ ноджы фæрнджындæрæй чи кæндзæн,
ахæм гуырд - Алан, Сосланы иунæг фырт. У, йæ
фыдау, дохтыр. Цæры æмæ кусы Санкт-Петер-
бурджы. Ныридæгæн у хъуыстгонд.
Фæрнæй цæрæнт, цы хорз мыггæгты кой
ракодтон, уыдон!
Цы хорз адæмтæ ранымадтон, ахæмтæ сæм
фылдæр уæд!
Сæ хорздзинад сын, мæнау, уынæг куыд уа, ахæм
амонд дæр сæ уæд!
2002 азы 20 май
Хæхтаа. Азтæ. Бонтæ 95
Æрфæныфæд
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты бæллæхтæ иу
æмæ дыууæ фæлтæрыл нæ хицæн кæнынц:
хæстхъом чи уыдис, уыдонæй бирæтæ хæсты
быдыры бабын сты. Чи ма сæ раирвæзт, уыдонæй
чи - сахъат, чи - низджын. Хистæр фæлтæр
- хæстонты ныййарджытæ, сæ бонтæ кæугæ-
ниугæйæ арвыстой. Мах, æртыккаг фæлтæр - хæсты
сидзæртæ - æххормаг æмæ низтимæ тохгæнгæйæ
рæзыдыстæм. Нæ фылдæр хай æмбисцардмæ
дæр нæ бахæццæ. Суанг ма нæ цоты цотыл дæр
зындзысты хæсты фæстиуджытæ.
Ехх, æмæ хæстонты мадæлтæ æмæ идæдзтæ
се ’ппæт абоны онг куы фæцардаиккой æмæ сæхи
цæстæй куы федтаиккой, ныр хъæбатыртæн цы кад
æмæ цы цыт ис, уый!
Мæ хæдзары тынгдæр фесæфынæй цæмæн
тæрсын, æппæты зынаргъдæр мæм цы ис, уый у
мæ фыды сау гæххæтт: «Хъæбатырæй фæмард
Райгуырæн бæсты сæраппонд...»
Рæстæгæй-рæстæгмæ йæ райсын, бакæсын та
йæ ногæй, фæкæуын ыл æмæ та йæ арф бамбæхсын.
Куыд никуы мæ равдæлдис мæ фыды фесæфæн
бынат бацагурынмæ! Цæрæнбонты мæ зæрдæйы
уыцы уæззау дур куыд фæхастон?! Уæвгæ-иу мæхи
мæ фыды раз сраст кодтон: «Ды фæкæсынхъуагæй
кæй ныууагътай, дæ уыцы гыццыл сабиты дын ме
’мласт фæкодтон. Никуы бакодтон мæхи уды кой
96 Дауырæ
уыдоны разæй». Уымæ гæсгæ азымджын нæ хонын
мæхи мæ фыды цур дæр (33-аздзыдæй фæмард) æмæ
мæ мады раз дæр, уый та 47-аздзыдæй амард - нæ
бафæрæзта царды фыдбонтæн...
Хæст куы райдыдта, уæд мæныл æхсæз азы
цыдис. Абоны хуызæн ма хъуыды кæнын уыцы бон:
Хъобаны, нæ сыхæгты къуыбырыл сывæллæттимæ
хъазыдыстæм. Кæсын, æмæ лæф-лæфгæнгæ æмæ
цыдæртæ дзургæ нæ сыхæгты ус Алыккаты Надя
цыбыр фæндагыл хæрдмæ ссæуы.
- Бабын стæм! Гитлер схæцыд! Герман нæм
æрбабырста! - дардæй ныхъхъæр кодта Надя нæ
сыхæгты устытæ Гыгы æмæ Сæниатмæ. Уыдон,
дыууæ нæзыйы бын цы бандон уыдис, уымæй
фæгæппытæ кодтой, сæ уæрджытæ æрхостой æмæ
Надяйы размæ цалдæр къахдзæфы ныккодтой.
Мах, сабитæ, устытæм хæстæг базгъордтам, фæлæ
дарддæр цы дзырдтой, уымæ æз нал хъуыстон.
Куыддæр, Надяйы быд хызынæй цы æндахы
къæбæлтæ зындис, уыдон ауыдтон, афтæ мæ мадмæ
нæхимæ адугъ кодтон:
- Мама, тагъд дуканимæ цæугæ! Гитлер схæцыд
æмæ Надяйæн урс æмæ сау æндахы къæбæлтæ
радта, - тагъд-т^гъд адзырдтон, авдæны хъæдыл
хæцгæйæ, мæ дыууæкъуыридзыд хойæн дзидзи чи
дардта, мæ уыцы мадæн.
- Цы загътай?! - фæгæпп кодта мæ мад. Йæ хуыз
фæцыд æмæ мæ фæдыл цæлгæнæны смидæг.
- Чи дын загъта? Кæмæй фехъуыстай уыцы
æвирхъау хабар? - азгъодта мæ мад Алыккаты
къуыбыры ’рдæм.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 97
Æз, цæлгæнæнæй мæ къухы цы стыр сæкæры
къæртт рахастон, уый къæпп-къæпгæнгæ узын
райдыдтон мæ чысыл цъæгъахстгæнаг хойы...
Хорз ма хъуыды кæнын, мæ фыд æмæ нæ иннæ
хъæуккæгтæ хæстмæ цы бон цыдысты, уый дæр.
Нæ хæдзары цы стыр, дæргъæй-дæргъмæ фынг
уыдис, уый фæйнæфарс бадтис бирæ лæгтæ, æмæ æз
мæхинымæр катай кодтон, кæд сыстдзысты, зæгъгæ.
Мах, сывæллæтты, афтæ ахуыр кодтой, цалынмæ
уазæг нæ ацæуа, уæдмæ фынгмæ хæстæг ма цу,
зæгъгæ.
Куыддæр лæгтæ кæртмæ рахызтысты, афтæ
æз сбырыдтæн даргъ бандонмæ, æмæ ма абон дæр
уыцы бæзджын хъайлайы ад мæ дзыхы ис. Уалынмæ
мæм мæ фыдыхо Мисурæт, мæхицæй æхсæз азы
хистæр чи уыд, уый бауад æмæ мæ мæ къабазæй
кæртмæ радавта, Ина, дам, дæ агуры. Ина мæ фыды
хуыдта.
Ныхъхъæбыс мын кодта мæ фыд. Нал мæ уагъта
йæхицæй. Æз мæхи йæ хъæбысæй тыдтон, уымæн
æмæ мæ йæ цæсгомы хилтæ хъыдзы кодтой.
Мæ кæстæр хо Езæ - ууыл та уæд фондз азы
цыдис - нæ фыды баййардта:
- Папа! Кæдæм цæуыс, кæдæм?
- ’Фсадмæ, ’фсадмæ! - сæрыстырæй загъта мæ
фыд.
- Папа! Ссадмæ нын цæуыс? - атыхст мæ хо нæ
фыды зæнгтыл.
Уый фæстæ райдыдтой канд нæ бинонты нæ,
фæлæ нæ сыхæгты, нæ хъæуккæгты бæллæхтæ.
Ахæмтæ дæр уыдис Хъобаны, æмæ хæсты фыццаг
7 Заказ № 34
98 Дауырæ
бонты кæмæн сыхъуыст йæ сау хабар. Æмæ-иу æй
кæд бинонтæн схъæр кодтой, уæд-иу хистæртæ
иууылдæр кæугæ уадысты уыцы кæртмæ. Кæд нæ,
уæд-иу адæм сусу-бусу кодтой, бинонтæн ницы
хъæргæнгæйæ.
Арæх мæ цæстытыл ауайы нæ сыхаг зæронд
ус Сидо. Уæд мæм-иу, чындз кæмæн уыди, уыдон
иууылдæр зæрæдтæ кастысты. Надя - хæсты хабар
чи загъта, уый Сидойы чындз уыдис. Сидо йæхæдæг
Алыккаты инæлары ус уыд. Инæлары революцийы
рæстæг фæсырдтой, йæ цъæхсæр хæдзар йын
байстой, Сидо æмæ йæ дыууæ фыртæн та талынг
скъæт радтой.
Сидойы дыууæ фырты дæр ацыдысты хæсты
быдырмæ, æмæ-иу Сидо æхсæвæй-бонæй афтæ
куывта:
- Къобы дзуæрттæ! Стыр Хуыцау! Мæ уд уæ
къахыбынты фæхъхъау!..
Æвæццæгæн Хуыцаумæ Сидойы куывд фе-
хъуыст, æмæ йæ дыууæ фырты дæр сæрæгасæй
сыздæхтысты хæстæй.
Ныр, азты сæрты, мæхæдæг кардзыд куы сдæн,
уæд мæм мæ мад æмæ мæ фыдымады зæрдæрыст
тынгдæр хъары. Æвæдза, цы диссаджы бæллæх
æрцыд уæды мадæлтыл æмæ цардæмбæлттыл! Уый
æнусты дæргъы дæр уыдзæн аивадон уацмыстæ
æмæ сурæтты æвдисинаг! Абон махæн нæ цæуæтæй
исчи иунæг сахат искуы куы бафæстиат вæййы, уæд
нæ удтæ сцæйхауынц!
Уæд куыд хъуамæ фæрæзтаид мæ фыдымад, йæ
дыууæ фырты кæм сты, куыд сты, æгас сты, æви сæ
исчи рынчын, æххормаг у, уый нæ зонгæйæ.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 99
Мæ фыдымад æдзухдæр мæ цæстыл уайы,
къухаууонæй комы хъæлæсмæ, кæддæр йæ фырттæ
цы фæндагыл ацыдысты, уымæ къуыбырæй,
кæсгæйæ. Исты-иу æм куы сдзырдтон, уæд-иу
мæ хъусгæ дæр нæ фæкодта, уымæн æмæ æп-
пынæдзухдæр йæхинымæры кувгæ кодта. Кувгæ
кодта алы Хуыцауæхсæв дæр. Афтæ никуы уыд, æмæ
мæ фыдымад мыдадзынцырагъ ма ссудза æмæ æртæ
чысыл чъирийы ма скæна. Æрлæууын-иу нæ кодта
зоныгыл æмæ-иу кувын райдыдта. Йæ куывдтытæй
йын æппæты хуыздæр мæ зæрдыл бадардтон: «Нæ
бæлццæтты нын дæ рахиз къабазы бын бакæн,
Лæгтыдзуар!»
Мæ зæрдыл бадардтон, иухатт нæ Нана мæ
фыдыфсымæры фырт Гæмæтимæ Фырызæнгмæ
куывды куы арвыста, уæд, мæнæй дыууæ азы хистæр
чи уыд, уыцы Гæмæт Нанайы куывд куыд схæццæ
кодта, уый. «Нæ бæлццæттæ дæ сæ рахиз базыры
бын бакæнæнт!» - куывта Гæмæт. Æз æй уайтагъд
сраст кодтон, æмæ мын фæстæмæ фæндагыл
ныллæгъстæ кодта, Нанайæн, дам-иу ма схъæр кæн
мæ рæдыд.
Цæй диссаджы адæймаг уыдис мæ фыдымад
Томиан Уæликæ, æвæдза! Куыд ардта йæхимæ
уыйбæрц хъару æмæ ныфс! Куыд скодта йе ’ккойы,
хæсты размæ стыр гуыппхæдзар чи уыдис, уыцы
Сланты хæдзар! Куыд уыд йæ бон уыйас сидзæртæн
лæггад кæнын!? Мах æртæ чызджы уыдыстæм,
Георгийæн та дыууæ сывæллоны - Гæмæт æмæ
Риммæ. Раст зæгъын хъæуы, уыдонæн сæ мад мах
мадæй сæрæндæр уыдис. Йæ фæрныг цæгат -
100 Дауырæ
Плитæ дæр æм сæ хъус дардтой, иууылдæр уым,
нæхи хъæуы цардысты. Хæдзары куыстытæм, æддæ
куыстытæм дæр Секуыгъа хорз арæхстис. Уыдис
хъæуы мидæг нымад адæймаг, лæггадгæнаг. Уый йæ
дыууæ гыццыл къухæй цы куыст, цы ми нæ зыдта,
ахæм нæ уыд. Æдзухдæр йæ сæрбæттæн ныллæг
дардта йæ ныхыл. Иу хатт æй бафарстон:
- Дзегъуа! (Мах æй афтæ хуыдтам). Ныр дæ
рæсугъд бур сæрыхъуынтæ цæмæн æмбæхсыс?
- Уый тыххæй æмæ бур сты!
Мæхи мады тыххæй бирæ цыдæртæ ныффыстон.
Ныффыстон ын йæ хъарæг дæр. Нæ уыдис мæ мады
бон уыцы уæззау, зын уавæрты цæрын. Уымæн
æмæ уыдис джызæйлаг Торчынты чызг, йæ чызгон
фæстаг азтæ та арвыста Ленинграды йе ’фсымæр
Мсойы бинонтимæ. Æдзухдæр мæ цæстытыл йæ
даргъ рæсугъд къабатæ уайынц, хæсты размæ кæй
дардта, уыдон. Мæ мад Ленинграды ахуыр кодта
рабфачы - хъуамæ суыдаид ахуыргæнæг. Фæстаг
курсмæ куы бацыд, уæд сæрды каникулты сæхимæ
ссыд, йемæ уыдис нæ джызæйлаг æрвадæлты чызг
Замирæт дæр. Горæтæй Джызæлмæ Хъобаны
машинæйы абадтысты дыууæ фæндаггон чызджы,
уыйадыл мæ мад мæ фыды зæрдæмæ фæцыд,
æмæ ахуырмæ нал афтыд. 1934 азы, фæззæджы,
уыдис мæ мад æмæ мæ фыды стыр чындзæхсæв.
Æгас хъæу фæцин кодтой, мæ фыд йæхицæн аккаг
къай кæй ссардта, ууыл. Мæ фыдæн йæ кæстæр
æфсымæр раздæр ракуырдта ус, уымæн нæхи хъæуы
уарзон уыдис - Секуыгъа, мæ фыд та мæ мады
размæ никæйы уарзта. Авд азы уырысы æхсæн чи
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 101
фæцард, ирон ныхæстæй бирæты чи ферох кодта,
Ленинграды барышня-подругæтæ кæмæн уыдис,
мæ уыцы мад хæхбæсты æвадат раны смидæг,
афтæ тынг фæцыд мæ фыд йæ зæрдæмæ. Суанг мах
нæхи зонынхъом куы фестæм, æз æмæ мæ кæстæр
хотæ, уæддæр ма-иу нæ фыдымад загъта: «Марадз
акæсут уæ мадмæ! Йæ къæртатимæ та æрхмæ ма
ныттулæд!»
Дон хастам нæ сыхæгты æрхæй. Цæуын хъуыдис
суадонмæ тæссаг къахвæндагыл арф æрхы тигътыл.
Æмæ-иу махæй дæр бирæтæ ахаудис уыцы къултыл
- ныр дæр ма сæ иуæй-иу хатт мæ фыны фæуынын.
Кæй зæгъын æй хъæуы, æдæрсгæ фæндæгтыл
æмæ къуылдымтыл цæуын дæр чи нæ зыдта, иуæй-
иу ныхæстæ уырыссагау чи дзырдта, мæ уыцы
уæздан, фæндаджы кæрæтты цæуаг мад сыхæгты
цæсты дæр æмæ бинонты цæсты дæр нымад уыдис
лæмæгъ адæймагыл. Æмæ кæд хъæуы скъолайы
ахуыргæнджыты хуыздæрыл нымад уыдис, уæддæр
дзы Секуыгъайы кад нæ уыд, уæлдайдæр нæ фыд
хæстмæ куы ацыдис, уæд.
Уыцы рæстæджы адæм тынг змæст уыдысты:
хъæуккæгтæй иутæ мæ фыдмæ уый тыххæй
мæсты кодтой, æмæ революцийы комулæфт хорз
кæй æмбæрста - мæ фыд дæр æмæ йе ’фсымæр
дæр ахуыргæнджытæ уыдысты. Мæ фыд хæсты
размæ Джызæлдоны районы ахуырады разамонæг
дæр уыдис - уæд хæхбæсты скъолатæ дæр уымæ -
хаудтой. Бæхыл-иу ацыд хæхбæстæм - Дæргъæвс,
Хъæни, Джимара, Санибамæ, æмæ-иу иу-дыууæ
боны фæстæ æрыздæхт. Кæй зæгъын æй хъæуы,
102 Дауырæ
уыдис хъæуы нымаддæр лæгтæй иу. Нæ иннæ
хъæуккæгтæ та йæ сауджыны фырт хуыдтой
- уыцы рæстæг дины кусджытæм тынг знæт
цæстæнгас уыдис. Мæ фыдыфыд - Сланты Гиго,
зындгонд æмæ хъуыстгонд кадæггæнæг Гахайы
æртыккаг фырт, Калачы фæцис дины скъола æмæ
Гуры куыста диакъонæй - Беджызаты сауджыны
æххуысгæнæгæй.
Тынг цымыдиссаг мæм кæсы, мæ фыдыфыд ус
куыд ракуырдта, уый. Цæвиттон, Ручъы цардысты
Плитæ, æмæ сæм уыдис тынг рæсугъд чызг (уый
мын Сланты Дзоццæ радзырдта). Бацамыдтой йæ
мæ фыдыфыд Гигойæн, æмæ йæм Гурæй Рукъмæ
уынæг ацыдысты сауджын æмæ Гиго. Æрфысым
кодтой иу хæдзары, æмæ дыккаг бон фæцыдысты
уыцы чызджы уынæг. Сæ дыууæйы зæрдæмæ дæр
фæцыд чызг. Сауджын Гигойæн загъта: «Бар мын
ратт, æмæ æз дæу тыххæй чызгимæ хибарæй аныхас
кæнон!»
Уыйадыл чызджы сауджын йæхирдæм фæкодта
æмæ йæ ракуырдта. Диссаг та мæм уый фæкаст,
æмæ дыууæ æрдхорды, сауджын æмæ диакъонæн,
се ’рдхорддзинад нæ фехæлд - бирæ азты хæларæй
фæцардысты. Уый фæстæ мæ фыдыфыдæн
ракуырдтой Томианы - Хъобанмæ дæр уый тыххæй
æрæфтыдыстæм, æмæ Томайтæ Куырттаты комæй
сты, Уасо - мæ фыдымадæн йæ фыдыфсымæры
лæппу та Хъобаны æрцард. Куыд дзурынц, афтæмæй
мæ фыдымады фыд дæр Хъобаны ныгæд ис.
Æрмæст ын йæ ингæн ничиуал зоны.
Æппæт Советон Цæдисы куыд уыдис, афтæ мах
Хæхтæ, Азтæ. Бонтæ 103
хъæуы дæр 1937 азы бирæ кæйдæрты æрцахстой
æмæ сæ Сыбыры бинаг къæй бакодтой. Иуæй-иу
хъæуккæгтæ афтæ ’нхъæл уыдысты, æмæ уыцы
æбуалгъ бæллæхы мæ фыды азым дæр ис, ома, дам,
уый дæр йæ къух бафыста уыцы гæххæтты. Иннæтæ
та мæ фыды уым азым кодтой, æмæ 1941 азы
сæрдæй фæззæгмæ хæстмæ кæй акодтой, уыдоны
номхыгъды дæр, дам, мæ фыд йæ къух бафыста.
Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæтæ мæ мæгуыр,
æрыгон, рæсугъд мадæй сæ маст истой. Мах,
бирæчызгджын хæдзар, уæлдай цыд кæнын дæр
никуыдæм уагътой. Æдзухдæр нын нæ хистæртæ
тæрсгæ кодтой сыхæгтæй дæр æмæ хистæртæй дæр.
Суанг ма нæ тæккæ раз чи цардис æмæ кæддæр
нæ фыдæн æмдзуарджын чи уыдис, уый Сыбырмæ
кæй ахастой, уæд уый дæр нæ фыды аххос кодтой.
Æнахуыргонд, талынг хистæртæ цæмæй зыдтой,
уый, æппæтбæстæйы цы бæллæхтæ цыдис, уыдоны
иу хай у, уый.
Хъуыды ма кæнын, иу хатт нæ зыбыты иунæг
хъуджы зымæгон доннуазынмæ куы рауагътам, уæд
йæ тæн къæрттæй куыд æрбахаста æмæ æргæвдгæ
куыд æрцыд, уый дæр. Хъуыды ма кæнын, нæ
сыхæгтæ-иу нæ мадмæ куыд лæбурдтой, æмæ-иу
кæугæйæ уаты куыд бамбдехст, уый дæр. Суанг ма-иу
йæ ныхмæ, мах, йæ цæуæты дæр сардыдтой.
Мæ фыд æмæ мæ фыдыфсымæр куы ацыдысты
хæстмæ, уæд сæ цасдæр рæстæг хабар никæмæй
уыдис, стæй нæм мæ мадыфсымæры ус - Секерхан
Смайлиатæй (рухс дзæнæты бадæд) æрбахæццæ:
- Николай Беслæныхъæуы ис! Уым командирты
104
Дауырæ
скъолайы ахуыр кæны, æмæ мæ æрбарвыста, уæ
фенын æй фæнды.
Скодта мæ фыдымад бирæ чъиритæ æмæ мæ
мад æмæ мæ дыууæ хоимæ - кæстæр мæ мады
хъæбысы, афтæмæй Беслæныхъæуы бамидæг стæм.
Уалынмæ нæм мæ фыд æрбацыдис. Æз æй зонгæ
дæр нал бакодтон: йæ уæлæ æфсæддон дарæс, йæ
сæрыл - пилоткæ, - уайтагъд æй мæ сæрыл æркодта
æмæ та мын мæ рус йе’нæдаст рус хъыдзы кодта...
Тынг смæллæг, йæ цæстытæ бахаудтой. Мæ мад
йæ кæуынæй нал æнцад. Мæ фыд та махыл цин
кæнынæй не ’фсæст:
- Надя! Æз уымæй тарстæн, кæд, зæгъын,
Эллæйæн йæ цæстытæ исты хъуаг сты! Цыдæр
æнахуыр тымбыл æмæ сæнтсау уыдысты, хæстмæ
куы цыдтæн, уæд.
- Омæ йыл уæд дыууæ мæйы йедтæмæ нæма
цыдис! - загъта мæнгхудтгæнгæ нæ мад.
Мæ зæрдыл ма лæууы, цыдæр къанауы сæрты
куы багæпп кодтон, уæд мæ фыды пилоткæ доны
куыд ныххауд æмæ куыд куыдтон, уый.
- Цæуыл кæуыс? Кæй ныххуылыдз, уый
хуыздæр у! Мæ сæрæн тæвд нæ уыдзæн! - уыдон
уыдысты, мæ фыды дзыхæй ма фæстаг цы ныхæстæ
фехъуыстон, уыдон.
Авд азы мыл куы сæххæст, уæд мæ раттынмæ
хъавыдысты скъоламæ, фæлæ мæ фыдымад загъта:
- Мæнæ йæ фыд куы ссæуа, уæд æй йæхæдæг
бакæндзæн скъоламæ!
Уыйадыл ма иу аз нæхимæ фæдæн, алы бон дæр
мæ фыдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. 1943 азы бацыдтæн
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 105
фыццаг къласмæ Хъобаны астæуккаг скъолайы, æмæ
кæд мæ мад дæр уыцы скъолайы райдиан кълæсты
ахуыргæнæг уыдис, уæддæр мæм æдзухдæр афтæ
каст, æмæ скъола мæ фыды у, æмæ тагъд ссæудзæн.
Цæмæй зыдтон, æмæ уыцы рæстæджы мæ фыд
æгас нал уыдис, æмæ мæ мад нæ фыды сау гæххæтт
æмбæхсы. Æрмæстдæр мæ мады амарды фæстæ
ссардтон мæ фыды сæфты гæххæтт. Уым фыст ис
мæ мады номыл: «Погиб смертью храбрых.„»
Хæсты рæстæджы нæ хъæуы постхæссæгæй
хæрзæрыгон чызг куыста - Плиты Рæдимхан.
Секуыгъайæн йе ’фсымæры чызг уыдис. Уый
бирæ æртæтигъон писмотæ балæвæрдта хъæуы
цæрджытæм.
Афтæ дæр-иу уыдис, æмæ-иу писмойыл фæцин
кодтой, стæй-иу æй куы бакастысты, уæд-иу фыдохы
хабар хæссæг разынд. Уымæ гæсгæ Рæдимхан уыдис
тызмæгхуыз. Махæй, сывæллæттæй-иу æй исчи куы
бафарста, писмо нæй, зæгъгæ, уæд-иу ныл схъæр
кодта, кæд йæхæдæг дæр махæй бирæ хистæр нæ
уыдис, уæддæр.
Нæ тæккæ фарсмæ чи цардис - Абайты Гыгы,
уыцы усæн йæ иунæг лæппу - Абайты Витяйы
дæр хæсты райдайæн бонты акодтой хæстмæ.
Фыццаг бонæй фæстæмæ йæ уайдзæф афтæ уыд:
«Никъалайы куынæ фæндыдаид, уæд Витяйы
нæ акодтаиккой!». Æмæ-иу ын мæ мад загъта:
«Ау, нæлгоймæгтæ иууылдæр куы фæцыдысты -
Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ, уæд дæ Витя ам
иунæгæй цы куыстаид?!»
Гыгы тынг хæрзконд, хæрзуынд адæймаг
106 Дауырæ
уыдис. Йæ сæрбæттæн бæрзонд дардта æмæ йæ сау
сæрыхилтыл астæуы дих афтæ рæсугъд фидыдта,
æмæ йæм кæс æмæ кæс. Хæст куы фæцис, уæдæй
йæ амæлæты бонмæ Гыгы йæ сау сæрбæттæн нал
систа, Витяйыл сау дардта. Æз ма Витяйы абон дæр
хъуыды кæнын. Уыдис бæрзонд, хæрзконд æмæ
хæрзæрыгон. Иу хатт нæ арæныл цы телыхъæд
уыдис, уымæ сбырыд æмæ токимæ цыдæртæ
архайдта. Телтæй иу махырдæм æрхаудта, æмæ йæм
мæ фыдыхо Мисурæт февнæлдта.
Уыйадыл æй ток хæрдмæ фехста æмæ йæ
зæххыл нытътъупп кодта. Витя тел уæле куынæ
алыг кодтаид, уæд мæ фыдыхо æнæмæнг амардаид.
Уæдæй фæстæмæ Витя Мисурæты йæ хо хуыдта.
Витя уыдис тынг курдиатджын. Фыста æмдзæвгæтæ.
Мах-иу йын йе’мдзæвгæтæ скъолайы ахуыр кодтам,
уымæн æмæ йæ хо Замирæт махæн ирон æвзаджы
ахуыргæнæг уыдис. Абайты Витяйы æмдзæвгæтæй
иутæ бацыдысты, Хъодзаты Æхсар цы чиныг
рауагъта, «ХОРЗÆЙ БАЗЗАЙ, ИР!», зæгъгæ,
уырдæм. Æз ма дзы иу абон дæр зонын:
Сыбайы хъæу ныффæнык ис,
Сыбайы хъæу ныссыгъд,
Уым фезмæлæг куы нал уыдис, -
Хъæубæстæ дард фæлыгъд...
Уыцы æмдзæвгæ, Гуырдзыйы меньшевиктæ ирон
адæмы сæ цæрæнбынæттæй куы фæсырдтой, уыцы
азтыл у, æвæццæгæн.
Нæ иннæ сыхæгтæ та Хæдзарæгаты Дженайы
бинонтæ уыдысты. Сæ ус - Сæниат - нæхихъæуккаг
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 107
Дзеранты чызг уыдис. Джена дæр хæстæй нал
ссыдис Баззад ын дыууæ чызджы æмæ лæппу. Йæ
иннæ лæппу та хæсты рæстæджы амард, мæнмæ
гæсгæ, рæуджыты низæй. Уыцы низ мах хъæумæ
тынг æмхиц уыдис, уымæн, æмæ комæй æдзухдæр
уазал дымгæ дымдта. Хуссарвæрстæ-иу хурмæ куы
схъарм сты, уæд-иу хистæртæ афтæ дзырдтой: «Ма
æууæндут хуры тæвдыл! Цъæх мигъ низмæ сайы!»
Хæсты рæстæджы Хъобаны тынг бирæ
лигъдæттæ уыдис быдыры хъæутæй. Мах чысыл
кæрты цардысты нæ ногираг хæстæджытæй æхсæз
æмæ ссæдз хæдзары бинонтæ. Ноджыдæр ма нæ
фыдымады хо æмæ йæ бинонтæ Къодахджынæй
- Гуыриаты Верайы бинонтæ, - рухс дзæнæты
бадæнт йæ фырттæ Таймураз æмæ Геор. Уæд
уыдон уыдысты 13-14-аздзыдтæ. Сæ хистæр дыууæ
æфсымæры та хæсты уыдысты - Лактемыр æмæ
Дзипкæ. Нал ссыдысты уыдон дæр.
Лигъдæтты кой уый тыххæй ракодтон, æмæ
хохаг адæм зæрдиагæй сæмбæлдысты сæ быдираг
хæстæджытыл сæ зыны сахат. Уæвгæ, æппындæр
кæй нæ зыдтой, ахæмтæ дæр-иу æрцардысты нæ
хъæуккæгтæм.
Сæниаты чызджытæ - Дзибæ æмæ Кати уæд
хæрзæрыгон уыдысты. Афтæ рæсугъд, афтæ
лæггадгæнаг уыдысты, æмæ сæ кæрты цы бирæ
лигъдæттæ цардис, уыдоны никуы бауагътой кæрт
ныммæрзын дæр, пъол ныхсын дæр. Иу хатт сæм
цыдæр курæг бацыдтæн, æмæ федтон, Дзибæ цас
тæбæгътæ æмæ къустæ æхсадта, уый.
Куыд дзырдтой, афтæмæй джызæйлæгтæй чидæр
108 Дауырæ
Дзибæйæ æппæлыд, æмæ йæ афтæмæй Галазты
хуыздæр лæппутæй иу ракуырдта хæсты фæстæ
азты. Кати та нæхи хъæумæ, Хъаныхъуатæм смой
кодта. Хъыгагæн сæ диссаджы уæздан æмæ аив
æфсымæр Ладемыр тынг раджы амард, мæнмæ
гæсгæ, уый дæр рæуджыты низæй. Фæлæ йын хорз
фæдонтæ баззад - Кокайты сиахс уыдис.
Хæсты быдырæй чи нал сыздæхт, уыцы хъо-
байнæгтæн кæцыдæр азты цыртдзæвæн сæвæрдтой
æмæ йыл сæ мыггæгтæ æмæ нæмттæ ныффыстой.
Цы сылгоймаджы сурæт дзы скодтой, уый мæм
æдзухдæр мæ фыдымады хуызæн фæкæсы. Фæлæ
уый куы нæма уыдис, уæд нæ хъæуы бæрæг астæу
æртæ цырты сæвæрдтой. Уыдонæй иу у Дзампаты
Хасæхъойы фырт Хасанбеджы цырт. Йæхицæй, дам,
аивдæр, рæсугъддæр лæппу Хъобаны нæ уыдис.
Хасæхъо йæхæдæг уыди куырыхон лæг. Куыд
дзырдтой, афтæмæй кæддæр урс æфсæды афицер
уыд. Уырыссагау дæр тынг хорз дзырдта, уыцы
рæстæджы уый уыдис стæм. Йæ дыууæ фырты дæр
уыдысты хæсты. Хуыцауы фæрцы Бордзи сыздæхт,
фæлæ Хасанбег хæсты фæстаг бонты Венгрийы
зæххыл фæцæф, Дебреценмæ хæстæг, æмæ уыцы
цæфæй нал фервæзт. Уыцы æбуалгъ хабарæн нæ
уыдис ныббыхсын Дзампаты Хасæхъойы бон,
æмæ ма цы бонтæ фæцард, уыдон сæргуыбыр æмæ
уæнтæхъилæй арвыста. Мæ мадимæ иу аз æмæ иу
мæй амардысты - 1960 азы сусæны мæйы, уымæн
ныхъхъуыды кодтон Хасæхъойы мæлæты бон.
Диссаг уый дæр куыд нæ уыдис: йæ афицер фырт
куы амард, уæд Хасæхъойæн стыр пенси сарæзта
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 109
паддзахад, фæлæ Хасæхъо уыцы пенси никуы
райста, кæд хъуæгтæ æййæфтой бинонтæ, уæддæр:
- Уыдон тугæйдзаг капеччытæ сты! Йæхицæн сæ
уадзæд паддзах! - мæстыйæ-иу загъта Хасæхъо.
Хасанбеджы цырты фарсмæ цы дыууæ цырты
ис, уыдон та сты Абайты Витя æмæ Цæбиты
Куыдзæджы цыртытæ - Витяйæн йæ мадыхойы
лæджы цырт.
Æрфæны фæд ныууагъта Фыдыбæстæйы Стыр
хæст мæ хохаг хъæубæстæйы зæрдæты. Никуы
схицæн сты мæхи зæрдæйæ дæр йæ цаутæ, йæ
зындзинæдтæ. Хæдтæхæг цал хатты фенын, уал
хатты мæ цæстытыл ауайы, нæ хъæуы сæрмæ гуыв-
гуывгæнгæ немыцаг æртæ хæдтæхæджы куыд
æрбатахтысты æмæ хъæуыд дæр æмæ Джызæлдоны
станцæйыл дæр бомбæтæ куыд æрæппæрстой,
уый. Сæ хъæрæй мæ гыццыл зæрдæ афтæ фæтарст,
æмæ ма ныр дæр уыцы уынæрæй тæрсгæ кæнын.
Уæвгæ, уый иунæг хатт нæ уыд: иу хатт та æхсæз
хæдтæхæджы иумæ æрбатахтысты. Адæм фæфæдис
сты: згъордтой, æрхы цы акъоппытæ уыдис, уым
æмбæхсынмæ. Мæ мад, мæгуыр, йæ гыццыл сабийы
авдæны бастæй фæуагъта, æмæ æз æмæ мæ кæстæр
хоимæ акъоппы смидæг. Хæдтæхджытæ фæстæмæ
куы атахтысты, уæд устытæ удаистæй сывæллонмæ
згъордтой. Куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ, тынг
куыдта...
Нæ хъæуы чызджытæй чи куырдуаты баззад,
чи æнæкуырдæй. Кæм ма уыдис уыцы азты курæг!
Цы стæм лæппутæ ссыдис хæстæй, уыдонæн-
иу уайтагъд чындзæхсæв акодтой, цыма хъæуы
110 Дауырæ
нæлгоймæгты хыгъд фæфылдæр кæнынмæ бæл-
лыдысты, уыйау.
Цæрæнбонты æнæкуырдæй цы хорз чызджытæ
баззад нæ хъæуы, уыдонæй иу уыдис Плиты
Дунетхан - уæздан, аив ирон чызг. Сæмбæлгæйæ-иу
мын æдзухдæр афтæ дзырдта:
- Раст дын, цыма, дæ хорз фыд æмæ мадыл
сæмбæлдтæн, афтæ æхсызгон мын у дæ фенд!..
Иуахæмы городоккæй æрцæйцыдтæн, æмæ
та Дунетханыл сæмбæлдтæн. Хохаг доныбыл
кæрдæгыл бадтыстæм бурдари дидинджыты
гауызыл, афтæмæй бирæ фæныхæстæ кодтам. Уæд
Дунетхан кардзыд уыдис, æвæццæгæн ыл иу-æхсай
азы цыдаид.
- Дунетхан! Чи нæ мын схъæр кæна, æппын дæ
зæрдæмæ нæ хъæуы лæппутæй никуы ничи цыдис? -
бафарстон æй æз.
Дунетхан мæм комкоммæ æрбакаст, стæй йæ
уæздан, рæсугъд цæстытæ æруагъта, доны улæнтæм
йæ каст сарæзта æмæ сындæггай райдыдта дзурын
йæ рагуалдзæджы хабæрттæ:
- Хатыр мын бакæн. Ды мæнæй бирæ кæстæр
дæ... Мах фæлтæрæн сæ хъысмæт амондджын нæ
разынд... Нæхи хъæуæй нæ зонын... Уæртæ станцæ
куы арæзтой, уæд уым иу фалæрдыгон лæппу уыдис,
йæ мыггаг дæ ницæмæн хъæуы, æмæ уый куы
сыздæхтаид хæстæй, уæд, бæргæ...
- Æмæ цæрæнбонты уый тыххæй не смой
кодтай?..
- Æмæ ды уый тыххæй хоныс?
- Æмæ фидыд уыдыстут?
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 111
- Фидыд нæ уыдыстæм, фæлæ мын иу хатт
симгæйæ загъта, фæззæгмæ, дам, дæхи цæттæ кæн!..
Диссаг куыд нæ у, æвæдза, иунæг ныфсы
ныхасæн йæ цард снывонд кодта Дунетхан! Мæнмæ
афтæ кастис, æмæ йын йæ зæрдæйы риссаг бынат
фæцагайдтон, уымæн æмæ иуцасдæр уый дæр
ницыуал дзырдта æмæ æз дæр. «Хæрзбон» ын куы
загътон, уæддæр ма доны улæнтæм кастис, йæ
цæстысыг мæнæй æмбæхсгæйæ.
Бæстон фыссын хъæуы мæ уарзон хъæубæсты
тыххæй! Хуыцау зæгъæд, æмæ мæ къухы бафтæнт
мæ фæндтæ!..
2005 азы апрель
110 Дауырæ
нæлгоймæгты хыгъд фæфылдæр кæнынмæ бæл-
лыдысты, уыйау.
Цæрæнбонты æнæкуырдæй цы хорз чызджытæ
баззад нæ хъæуы, уыдонæй иу уыдис Плиты
Дунетхан - уæздан, аив ирон чызг. Сæмбæлгæйæ-иу
мын æдзухдæр афтæ дзырдта:
- Раст дын, цыма, дæ хорз фыд æмæ мадыл
сæмбæлдтæн, афтæ æхсызгон мын у дæ фенд!..
Иуахæмы городоккæй æрцæйцыдтæн, æмæ
та Дунетханыл сæмбæлдтæн. Хохаг доныбыл
кæрдæгыл бадтыстæм бурдари дидинджыты
гауызыл, афтæмæй бирæ фæныхæстæ кодтам. Уæд
Дунетхан кардзыд уыдис, æвæццæгæн ыл иу-æхсай
азы цыдаид.
- Дунетхан! Чи нæ мын схъæр кæна, æппын дæ
зæрдæмæ нæ хъæуы лæппутæй никуы ничи цыдис? -
бафарстон æй æз.
Дунетхан мæм комкоммæ æрбакаст, стæй йæ
уæздан, рæсугъд цæстытæ æруагъта, доны улæнтæм
йæ каст сарæзта æмæ сындæггай райдыдта дзурын
йæ рагуалдзæджы хабæрттæ:
- Хатыр мын бакæн. Ды мæнæй бирæ кæстæр
дæ... Мах фæлтæрæн сæ хъысмæт амондджын нæ
разынд... Нæхи хъæуæй нæ зонын... Уæртæ станцæ
куы арæзтой, уæд уым иу фалæрдыгон лæппу уыдис,
йæ мыггаг дæ ницæмæн хъæуы, æмæ уый куы
сыздæхтаид хæстæй, уæд, бæргæ...
- Æмæ цæрæнбонты уый тыххæй не смой
кодтай?..
- Æмæ ды уый тыххæй хоныс?
- Æмæ фидыд уыдыстут?
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 111
- Фидыд нæ уыдыстæм, фæлæ мын иу хатт
симгæйæ загъта, фæззæгмæ, дам, дæхи цæттæ кæн!..
Диссаг куыд нæ у, æвæдза, иунæг ныфсы
ныхасæн йæ цард снывонд кодта Дунетхан! Мæнмæ
афтæ кастис, æмæ йын йæ зæрдæйы риссаг бынат
фæцагайдтон, уымæн æмæ иуцасдæр уый дæр
ницыуал дзырдта æмæ æз дæр. «Хæрзбон» ын куы
загътон, уæддæр ма доны улæнтæм кастис, йæ
цæстысыг мæнæй æмбæхсгæйæ.
Бæстон фыссын хъæуы мæ уарзон хъæубæсты
тыххæй! Хуыцау зæгъæд, æмæ мæ къухы бафтæнт
мæ фæндтæ!..
2005 азы апрель
*§ф§?
112 Дауырæ
Æртæ æгьуыссæг æхсæеы
1999 азы, дыккæгæм декабры Мæскуыйæ Цент-
рон телеуынынад йæ фæстаг хабæртты фехъусын
кодта, Цæцæны хæсты Уæрæсейы æфсæдтæн
разамынд чи дæтты, уыцы инæлæрттæй иу -
Владимир Шаманов, махмæ, Дзæуджыхъæуы æф-
сæддон рынчындоны кæй хуыссы, уый. Йæ низыхатт
дæр ын загътой: æгъуыссæг æхсæвты æмæ быдырон-
хæстон уавæрты аххосæй æрлæмæгъ! Уалынмæ
йын йæхи дæр равдыстой - йæ ныхас дæр æмæ йæ
хуыз дæр мæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты, кæд йæхи
хъæбатыр дардта, уæддæр.
Æз, кæд инæларимæ зонгæ нæ уыдтæн, уæддæр,
цыма мæхи фырт у, афтæ мæм бахъардта йæ
зындзинад. Мæ фын фæлыгъдис. Сæры зилдух
кодтой алыхуызон хъуыдытæ: цымæ кæй хъæуы
уыцы хæст? Цæмæн схæтæнхуаг ис æгас Цæцæн?
Кæцы Хуыцау сæ ралгъыста? Цæмæн сын ратта,
йæ адæмы дæр чи сызмæста, æгас Кавказ, æгас
Уæрæсейы, æппæт не ’мдугонтæн уыйас знаггæдтæ
чи ракодта, ахæм æлгъыст гуырдтæ!
Цас рæдыдтытæ æруагътой иунæг æнусмæ
кæцыдæр адæмыхæттытæ! Куыд бабын кодтой
цалдæр хатты сæ адæмы! Кæд, кæддæр сыл цы
диссæгтæ æрцыд, уыдон дæр сæхи аххос уыдысты!..
Мæ хъарм уаты, мæ хъарм хуыссæны хуысгæйæ,
мæ цæстытыл уадысты, инæлæрттæ разамынд
кæмæн дæттынц, уыцы æвзонг фæлтæр æгас
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 113
Уæрæсейæ - се ’хсæн бынтон сабитæ дæр вæййы!..
Диссаг куыд нæ у: сæ ныййарджытæ æрхъæцмæ
кæуыл нæ хъæцыдысты, сæ цæрайæ кæмæн
цардысты, уыдоны бахъуыд æгъатыр знагимæ
хæцын. Цымæ ма цалы удтæ аскъуындзæнис хæст?
Цал ныййарæджы ма баззайдзæн кæугæ-ниуæйæ, йæ
хъæбулы мысгæйæ!..
Мæ хъуыды мæ æрыздæхта инæлармæ: цымæ,
куыд у? Кæдæй нырмæ ис ам? Уазал зымæджы,
хæсты быдыры рахау-бахауы бæсты, йæ хъарм
хæдзары йæ уарзон бинонты æхсæн цæуыннæ ис?!
Кæй хъахъхъæны, кæй сæрвæлтау дæтты йæ сæр?
Мах! Мах не ’ппæты!..
Махæн хæст нæ фындзы бын ис: 150-200
километры хæстæн иу гæпп у æрмæст. Махмæ та
афтæ кæсы, æмæ Хуыцауы роны стæм! Нæ тæрсæм!
Нæ нæ уырны, тæссаг рæстæг у, уый. Арвæй
вертолеты хъæр куы фехъусæм, уæддæр нæм афтæ
кæсы, æмæ кæмæндæр йе ’хæс у хæцын дæр æмæ
мах хъахъхъæнын дæр. Æмæ уæд мах хæс та цы у,
мах хæс?!.
Мæ фын бынтон фæлыгъд, уый куы бамбæрстон,
уæд фæсæмбисæхсæв фидарæй скарстон: куыддæр
сбон уа, афтæ ирон, мæ карæн усæн куыд æмбæлы,
афтæ, хорз æртæ чъириимæ хъуамæ бабæрæг кæнон
рынчын инæлары, нæ зынаргъ уазæджы!..
Кæд рæстæг æвзæр у, уæддæр адæм хорз сты,
- мæ уд сæ фæхъхъау! Цы æртæ ирон чызгимæ *
кусын, уыдонæн мæ фæнд куы бамбарын кодтон,
уæд иууылдæр æххуысгæнджытæ систы: ацæттæ нæ
замманайы хуын. Æртæйæ дæр тынг рæсугъд æмæ
8 Заказ № 34
114 Дауырæ
аив сты, фæлæ се ’ппæты хуындзау куыд акодтаин:
кусын дæр хъуыдис.
3 декабры, æмбисбон, нæ цыппар къухы дæр
се ’дзаг, афтæмæй дыууæйæ бахостам æфсæддон
рынчындоны дуар. Марадз-зæгъай, кæд нæ
дуаргæстæ уадзынвæнд кæной! Цыдæр æфсæнттæ
кодтой. Æз сын бамбарын кодтон, абон райсомæй
рынчындоны разамонæгимæ кæй баныхас кодтон,
уый. Уæдмæ ма йæ хуынимæ ноджыдæр иу ирон
сылгоймаг æрбацыдис инæлары бæрæггæнынмæ.
Уалынмæ нæм 13 сахатмæ инæлары адъютант
йæхæдæг рацыд. Йемæ уыди дыууæ æфсæддоны.
Нæ хæссинæгтæ нын айстой, æрмæст сæм æз мæ
хуыны тæбæгъ нæ радтон. Мæ галиу къухæй йæ ме
уæхсчы æмвæз хастон, рахиз къухæй та адъютанты
цонгыл хæцыдтæн, - фæбырынæй тæрсгæйæ мæм
йæхæдæг æрбадардта йæ цонг. Афтæмæй рынчыны
уаты дуармæ бахæццæ стæм. Немæ уыдис уыцы
æнæзонгæ сылгоймаг дæр.
Ам фæлæуут чысыл, зæгъгæ, адъютант
мидæмæ бахызт, мах, хæцæнгæрзтимæ цы бирæ
хъахъхъæнджытæ лæууыд кæрты, уыдоны æхсæн
фæуагъта. Мæ цæст сыл куы ахастон, æрмæст уæд
бамбæрстон, дуаргæстæ нæ цæуыннæ уагътой,
уый. Æвæдза, куыд хуымæтæг, куыд æнæхин, куыд
сыгъдæгзæрдæ у ирон уд!..
Цасдæры фæстæ уатæй рахызтысты цалдæр,
астæуккаг кары, хæрзуынд нæлгоймаджы. Уырыс-
сагау нын бирæ бузныгтæ фæдзырдтой. Уалынмæ
нæм адъютант рацыд æмæ нæ бахуыдта фыццаг
уатмæ. Дыккаг уаты, дуары бакомкоммæ, хъæдын
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 115
сынтæгыл хуыссыд инæлар. Дуарæй куы бахызтæн
æмæ медицинон хойы капельницæйыл хæцгæ куы
ауыдтон, уæд фæстæмæ раздæхынмæ хъавыдтæн,
фæлæ инæлары хъæлæс айхъуыстон:
- Мидæмæ рахизут! Ма тæрсут!
- Ахизут! Йæхæдæг уæ æрбахонын кодта, -
загъта адъютант.
Исдугмæ капельницæйы æртæхтæм ныджджих
дæн, стæй мæ чъиритæ стъолы тигъыл æрæвæргæйæ
загътон:
- Æнæниз æмæ Хуыцауы фæдзæхст уай, нæ
кадджын, нæ зынаргъ уазæг! Дысон телевизорæй
фехъуыстам, ам, махмæ дæ, уый. Мæнæ дын ирон
æртæ чъирийы хъармæй æрбахастам. Алыхуызон
джынтæ сты. Зæрдиагæй-иу дзы бахæр æмæ дын
æнæнизы хос уæнт! - радзырдтон мæ дзуринæгтæ
иууылдæр тагъд-тагъд. Инæлар нæм кастис æмæ
йæ мидбылты худтис. Йæ цæстæнгас ын æрцахстон
ме ’мкусæджы цæсгомыл. Мæхинымæры, зæгъын,
æз Ирыстоны рæсугъддæр чызджытæй иуы мемæ
уый тыххæй ракодтон, цæмæй фенай, ирæттæ куыд
рæсугъд сты, уый. Уагæры ма дæм иннæты дæр куы
ракодтаин!
- Уый Людæ у! Иумæ кусæм. Нæ куыстуаты
ном дæр, æмæ нæхи нæмттæ дæр, цы чиныг дын
æрбахастам, уым фыст сты. Людæ, радзур нæ хуын!
Людæ йæ хæссинæгтæ æнæдзургæйæ æрæ-
вæрдта, сынтæджы бакомкоммæ цы бандæттæ
уыдис, уыдоныл, æмæ, йæ рæсугъд цæстыты цы
стыр цæссыгтæ стымбыл, уыдон сусæгæй сæрфгæйæ
загъта:
116 Дауырæ
- Уый фæстæ сæ фендзæн...
- Ирон сылгоймæгтæ! Æз уын тынг арфæйаг
дæн, кæй мæ æрхъуыды кодтат, уый тыххæй!
Сбадут-ма! Тагъд мæ капельницæ фæуыдзæн, æмæ
иумæ сихор бахæрдзыстæм, - загъта худгæйæ
инæлар.
- Нæ, мæ хур! Стыр бузныг. Мах цæуæм! Дæлæ
ма дæм æддаг уаты ноджы иу ирон сылгоймаг
æнхъæлмæ кæсы.
Цæмæндæр мæ тынг бафæндыд инæлары къухыл
ме ’нгуылдзы кæрæттæй андзæвын. Инæлар дæр йæ
къухы æнгуылдзтæ базмæлын кодта. Æз фæтарстæн,
судзин куы фæиртæса, уымæй, æмæ афтæ бакодтон:
- Ма змæлын кæн дæ къух! Æнæниз у!
Сылгоймаджы бахызт æмæ мах рахызт баиу сты.
Адъютант нын дуар бакодта æмæ нæ арфæтимæ
рафæндараст кодта.
Куыддæр рынчындоны кæртмæ рахызтыстæм,
афтæ Людæйы афарстон:
- Куыд дæм кæсы? Нæ хуын сæ зæрдæмæ
фæцæудзæн?
- Уæдæ нæ фæцæудзæн! Суанг ма мæнæ ацы
хъахъхъæнджыты фаг дæр уыдзæн.
Уыцы бон, 3 декабры, изæрæй, Центрон теле-
уынынад радзырдта, Цæцæны хæсты æртæ инæ-
ларæн Уæрæсейы хъæбатырты нæмттæ кæй радтой,
уый. Равдыстой сын сæ хуызистытæ дæр. Сæ иу
уыдис Владимир Шаманов.
Ныр та мæ хуыссæг, абон цытæ федтон, уыдоны
тыххæй фæлыгъд. Æвæццæгæн адæймаджы зон-
дæн йæ конд афтæ у: цы фены, уый кæмдæр арф
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 117
æвæрæны бавæры æмæ йæ сындæггай зæрдæйæ
зонды ’хсæн нывæнды Æфсæддон рынчындоны
сынтæгыл цы хæрзуынд, сабыр æмæ уæздан
лæппу-лæг хуыссыд, йæ рахиз цонджы тугдадзины
медицинон хо æртахгай урс буаргъæд кæмæн уагъта,
уый худгæ цæстæнгас мæ цæстытыл уадис. Ау,
хæсты цы тызмæг æмæ барджын Шамановы фенын
экранæй, уый æмæ ацы Шаманов иу сты? «Хъуамæ
ма йæ иу хатт бабæрæг кæнæм!» - фидарæй загътон
æз мæхицæн, æмæ бонырдæм цыдæр рæдзæ-мæдзæ
фынæйтæ акодтон, афтæмæй куыстмæ ацыдтæн.
4 декабры та Центрон телеуынынад хæсты
хабæрттæ куы кодта, уæд кæсын, æмæ знон
капельницæуы бын чи хуыссыд, уыцы Владимир
Шаманов йе ’мхæстонты æхсæн фестад! Хæсты
быдыры ныфсджын æмæ хъæбæрæй загъта: «Цал-
дæр боны фæстæ, цæцæйнаг адæмы гæвзыкмæ чи
’ртардта, уыцы фыдгæнджыты фæсурдзыстæм ацы
хæствæллад зæххæй, æмæ иумæ, уартæ доны фаллаг
фарс цы суадæттæ ис, уыдонæй нуаздзыстæм!»
Ау, афтæ тагъд æрцыдысты йæ тыхтæ йæхимæ?!
Дыууæ бонмæ йæ адзæбæх кодтой?! Кæд, мыййаг,
æрдæгрынчынæй ацыд?! Гъе, уый дын æцæг
хъæбатыр!
Æртыккаг æгъуыссæг æхсæв та арвыстон хъыс-
мæтæн арфæтæ кæнгæйæ, æцæг хъæбатыримæ мæ
кæй базонгæ кодта, уый тыххæй.
1999азы5декабрь
118 Дауырæ
Лæджы фарн
мæрдтæм нæ цæуы
1999 азы 27 майы сæмбæлдтæн ирон æгъдауы:
Дзуццаты-Æлдаттаты Анычкæ амард, æмæ
йын Иры дзыллæ загътой фæстаг фæндараст.
Дзæуджыхъæуы Комсомольская æмæ Армянская
уынгты тигъыл цы хæдзар ис, уым цардис фæстаг
азты Анычкæ. Базмæлæн нал уыдис хæдзары размæ
стыр фæзы. Иуæй, Дзуццатæ стыр мыггаг сты,
иннæмæй, Æлдаттатæ. Уæдæ Гермæн, Анычкæйы
фырт, ирон хорз лæг, дзуапджын, хорз дохтыр -
уый фæдыл æрбацыдысты Ирыстоны медицинон
кусджытæ иууылдæр Анычкæйы зианмæ. Йæ
чызджытæ Рая æмæ Зоя хорз мыггæгты къухы
сты, уыдысты уыдоны хиуæттæ дæр уым. Аивады
кусджытæ та, кæй зæгъын æй хъæуы, Раяйы фæдыл
æрбамбырд сты. Мах, 1958 азы Раяимæ ирон
театралон студи каст чи фæцис, уыдон: Торчынты
Эммæ, Беккуызарты Орзетæ, Хуыгаты Верæ,
Икъаты Мæирбег, Тæбæхсæуты Зая, Дзбойты
Бабле æмæ æз - Дауыраты Зоя, Раяйы уæлхъус куы
балæууыдыстæм, уæд ын цыма йæ дыууæ уæззау
зыны фенцондæр кодтам, афтæ нæм кастис...
Анычкæ Хъобаны йæ царды фылдæр æмбис
арвыста. Хæрз æрыгон чызгæй райдыдта кусын
скъолайы. Мæ мад æмæ мæ фыдимæ иумæ
куыстой ахуыргæнджытæй. Аннæ мæнæн канд
мæ ныййарджыты æмкусæг нæ уыд, фæлæ уыдис
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 119
мæ фыццаг ахуыргæнæг дæр. Ууыл дæр нæ хицæн
кæнынц нæ ахастдзинæдтæ. Раяимæ, Анычкæйы
хистæр чызгимæ, æз Хъобаны фæцахуыр кодтон
скъолайы дæс азы. Иумæ ахуыр кодтам Мæскуыйы
Щукины номыл уæлдæр театралон училищейы,
иумæ йæ фестæм, иумæ райдыдтам кусын
ирон театры дæр. Æз афæдзы фæстæ театрæй
ацыдтæн, фæлæ Рая æмæ йæ зындгонд цардæмбал
Хуырымты Уырызмæг систы ирон театры цæ-
джындзтæ. Хъыгагæн, Уырызмæг æгæр раджы
ахицæн а дунейæ, фæлæ йæ курдиаты цæхæртæ
баззадысты ирон фарны. Уырызмæджы зианыл
нæ фесты Хуырымты бинонты бæллæхтæ: ацы
аз майы райдианы амардис Уырызмæджы усгур
лæппу Сослан, раст йæхи халдих уыдис. Раяйы
тæригъæдæй хæхтæ куыд нæ нынкъуыстысты! Йæ
дыууиссæдзаздзыд фыртыл ныддæлгом æмæ йын
йæ хъусы, мæ гыццыл хъæбул, зæгъгæ, дзырдта. Раст
фæзæгъынц, мадæн йæ хъæбул стырæй дæр саби у.
Цымыдисаг у, Уырызмæг йæ фыртыл Сослан
ном куыд сæвæрдта, уыцы хабар. Цæвиттон, 1958
азы ирон театр сæвæрдта Брытъиаты Зариффæ æмæ
Саламты Къолайы пьесæ «Дыууæ чындзæхсæвы».
Уырызмæг дзы сæйраг ролы хъазыд - Сосланы
ролы. Сценæмæ йæм хæрзæггурæггаг фесты, лæппу
дын райгуырд, зæгъгæ. х<Сослан, Сослан уыдзæн
йæ ном!» - загъта Уырызмæг, æмæ йæхæдæг йæ
фыртыл ном сæвæрдта!..
...Дæсгай азтæ кæй нæ федтон, уыдоныл дæр*
сæмбæлдтæн Дзуццаты кæрты. Хъобаны цæрджы-
тæй иу фæсте нал баззад. Ам, горæты, цы хъобай-
нæгтæ цæры, уыдон дæр иууылдæр æрæмбырд сты.
120 Дауырæ
Анычкæ бирæ азты Хъобаны хъæусоветы сæрдарæй
дæр фæкуыста. Бирæ хорздзинæдтæ ракодта нæ
хъæуæн. Кæддæр ахæм рæстæджытæ дæр уыдис,
æмæ алы бæлас, алы фысыл дæр хъалон æвæрдтой,
зæронд ныййарджытæн сæ иунæг фæкæсæджы
æфсадмæ кодтой. Анычкæ-иу йæ удæй арт цагъта
мæгуыр лæгæн исты хуызы баххуыс кæныныл. Хорз
лæджы цас кад ис, уыйас кад уыдис Анычкæйы
Хъобаны æхсæн. Кæд бæрнон бынæтты куыста,
уæддæр, уырыссæгты фæзмгæйæ куыд у, афтæ ном
æмæ фыды номæй никуы ничи дзырдта Анычкæмæ.
Йæхи афтæ хуымæтæг, афтæ хионхуыз дардта, цыма
алы бинонтæн дæр сæхи уыд. Æмæ-иу Хъобаны ног
чындзытæй исчи йе ’мном куы разынд, уæд-иу æй
хуыдтам мыггаг æмæ номæй.
Куыд аив, куыд хæрзконд сылгоймаг уыд
Анычкæ! Йæ дыууæ даргъ дзыккуйы-иу йæ сæрыл
куы стыхта, уæд-иу уыцы тыхт сæрæй стырдæр
уыдис. Йæ хæрзконд уæнгтæ, суанг йæ амæлæты
бонмæ æндæрхуызон нæ фесты. Æмæ кæд йæ рæ-
сугъд, зæрдæмæдзæугæ цæсгомыл азтæ сæ гутонвæд
ныууагътой, уæддæр аивдзинад нæ зæронд кæны!..
Иунæг бон дæр Анычкæ хуыссæнуаты нæ фæцис.
Куыд дзурынц, афтæмæй фæстаг рæстæг йæ хъуыды
хорз нал уыдис. Нæ йын схъæр кодтой йæ уарзон
хъæбулы хъæбул Сосланы бæллæх дæр. Кæйдæр
бæллæхæй атыдта йæ зæрдæ. Сыхаг ус куыд зæгъы,
афтæмæй, ирон адæмы хуыздæр фырттæй иу,
математикон наукæты доктор, профессор Гуыдиаты
Амырханы некролог газеты куы бакастис, уæд
сыхагмæ фæдзырдта, мæнæ цы бæллæх æрцыдис,
зæгъгæ. Уыйадыл йæ уаты дуармæ бадгæйæ асинтыл
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 121
йæ уд систа. Уымæй ма диссагдæр цы уа! Æцæг
ирон ус ирон адæмы зынæн нæ бафæрæзта! Куыд
рабæрæг, афтæмæй Амырхан Анычкæйæн уыдис йæ
цæгаты хъæуккаг, джызæйлаг.
Хуыцæутты Хуыцау, ирон хорз лæгæн йæ зыны
бон, йæ хорздзинæдтæ йын адæмы æхсæнмæ
бæстон чи рахæсса, ахæм дзурæг ратт! Мæнæн
та, цалынмæ Бекмырзаты хорз лæппутæ Петя
æмæ Иван сæ зонды тыхы сты, уæдмæ ратт адзал!
Уыдоны хуызæн Хъобангомæй дзурын ничи зоны
зианы уæлхъус. Куыд ссарынц, зæрдæйæн йæ тæккæ
арфмæ чи хизы, ахæм ныхæстæ! Куыд æрыхъусын
кæнынц бирæмингай мæрддзыгой сæхимæ! Уыцы
бон Иван дзырдта Хъобаны номæй. Анычкæйæн
йæ цардвæндаг цыбырæй радзырдта. Радзырдта,
Дзуццаты стыр æмæ хорз мыггаг æй сæ хуыздæр
лæппу Сосланæн куыд ракуырдтой, куыд фæлæггад
кодта Муссæйы бирæ бинонтæн. Нæ бамбæхста
Иван, Анычкæйы царды цы æвирхъау цау æрцыд,
уый дæр: Сослан æмæ Анычкæйæн дыууæ чызджы
æмæ лæппу куы райгуырд, уæд сæ цард фехæлд. Куы
хицæн кодтой, уæд кæрæдзийы ныхмæ сбадтысты,
кæугæйæ кæрæдзиуыл ныттыхстысты æмæ фарстой:
«Цæмæн хицæн кæнæм? Чи нæ хицæн кæны?!»
Фæлæ уыдис, æвæццæгæн, уарзон бинонты цы
хицæн кодта, ахæм тых, æцæг ын цæстæй фенæн нæ
уыд.
Нæ аивта Анычкæ йæ ахаст Сосланы мыггагмæ
дæр æмæ йæ бинонтæм дæр. Уыйбæрц хъару йæм
разынд, æмæ сын Сосланы бæсты дæр лæггад кодта.
Æмæ кæд, Дзуццаты номæй цы кар лæг дзырдта,
уый ныхæстæ се ’ппæтмæ нæ хъуысыдысты, уæддæр
122 Дауырæ
Анычкæйæн бæстон арфæ ракодта йæ лæггады
тыххæй.
Дзуццатæм куырыхон лæгтæ æмæ дæсны
дзурджытæ бирæ ис. Уæд Хуырымты Сосланы зианы
ныхасы бар чи ракуырдта Дзуццаты номæй, уый мæ
хъæбысы куы ныккодтаин, уый дæр мæ фæндыд!
Куыд хъæрæй, куыд аив, куыд ныфсджынæй
дзырдта! Куыд сæрыстыр дзы уыдтæн - уæлдайдæр
та мæхи мад Торчынон дæр Джызæлы Дзуццаты
Хасæхъойы хæрæфырт уыдис!..
Тæхуды, тæхуды, ирон адæм зианы дзурæгæн
дæр æмæ зианæн дæр ахæм фæтк куы æрхъуыды
кæниккой, æмæ сын иу чысыл бæрзонддæр
бынат куы аразиккой, - дзурæг-иу æрмæст дыууæ
къæпхæны бæрзонддæр куы слæууид, адæммæ
се ’ппæтмæ куыд зына æмæ куыд хъуыса, афтæ.
Не ’мцæрæг адæмыхæттытæ гуырдзы æмæ сомих
сæ зианы адæймаджы асы бæрзæндмæ сисынц,
афтæмæй йæ æрæвæрынц кæрты кæнæ уынджы.
Цæуылнæ исæм мах, не ’хсæн цы адæмыхæттытæ
цæры, уыдонæн сæ цин æмæ сæ зианы, хорзæй
цы ис, уыцы æгъдæуттæ? Ау, прокат кæй хонынц,
уыдон фынгтæ æмæ бандæттæ куы сарæзтой, мæ уд
сæ фæхъхъау, уæд цалдæр фæйнæджы кæрæдзиуыл
бахуыйын нал базондзысты?!
Рухсаг у, ирон хорз чызг, ирон хорз ус Анычкæ, -
хъобайнæгты уарзон Анычкæ! Дæуæн та, нæ уарзон
хъæу Хъобан, дæ ном ногæй куыд ныннæра, ахæм
амонд дæ уæд. Нæ ирон æгъдау макуы фесæфæд!
1999азы28май
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 123
Гæстæныжги
Растдæр зæгъгæйæ та - Гæстæны романтикон
элеги. Элеги æнкъарддзинад æвдисæг аива-
дон уацмыс у. Романтикон та йæ уымæн схуыд-
тон, æмæ Гæстæнæн 2007 азы фыццæгæм æмæ
дыккæгæм номырты «Мах Дуг» цы уацмыс ным-
мыхуыр кодта, уым равдыста, адæймаджы бæрзонд
чи кæны, ахæм хъуыдытæ, суанг абоны цард æмæ
дуне æмбарыны хабæрттæ. 2003 азы сæрды Агънаты
Гæстæныл цы стыр бæллæх æрцыд, уый Иры
дзыллæтæн иумæйаг бæллæх уыдис. Гæстæн цы
фыссы, уый мах нæхи цæстæй федтам, зæрдæхæлд
ыл фестæм. Фæлæ уый æнхъæл та чи уыдис, æмæ
нырыккон ирон литературæйы раззагдæр фысджы-
тæй иу ахæм зæрдæйы тæгтæй быд, зæрдæмæхъараг
уацмыс ныффысдзæн йæ уарзон фырт Уырызмæджы
мысгæйæ.
Æз Гæстæнимæ телеуынынады бирæ азты
дæргъы фæкуыстон. Зыдтон Гæстæны æцæг ирон
лæг æмæ курдиатджын фыссæгæй. Фæлæ куыд нæ
зонæм кæрæдзийы бæстон?! Куыд ницы зыдтон йæ
царды хабæрттæй?! Ирон æгъдау æмæ уаг йæ хорз
фыды хæдзарæй чи рахаста, ирон æгъдауы алы
фæзилæнæн дæр аргъ чи кæны, уый куыд нырыккон
æмæ куыд уарзаг фыд у, цы диссаджы фарн ис
йæ бинонты æхсæн! Цы диссаджы бирæвæрсыг-
хъуыдытæ ис йæ куырыхон зæрдæ æмæ зонды -
уыдон мæ дисы æфтауынц æмæ мæм гуыры бирæ
алыхуызон фарстытæ йæ уацмыс бакæсыны фæстæ:
124 Дауырæ
Цымæ Ирыстонæн æмæ ирон æвзагæн амæ-
лынæй тас у, цалынмæ Гæстæны æмæ иннæ фыс-
джыты уацмыстæ цæрой, уæдмæ?
Цымæ ирон адæмæй, ирон нæлгоймæгтæй
Гæстæны хуызæн ахæстытæ сæ цотимæ, сæ ный-
йарджытимæ бирæтæн ис?
Цымæ Гæстæны хуызæн рæстæджы бæллæхтæ
бирæтæ æнкъарынц?
Цымæ Гæстæны хуызæн йæ зæрдæйы рыст
æндæр исчи равдисид, Ирыстоны цард æмæ йæ
уавæртимæ сбæтгæйæ?
Цымæ Гæстæны хуызæн исчи йæ туджджыны
зын бамбарид?
Цас диссаджы хъуыдытыл аххæссыд Гæстæн
йæ фырты мысгæйæ. Куыд куырыхон зонды хицау
у! Куыд бæстон пайда кæны нæ диссаджы хъæздыг
æмæ, алы хъуыддаг равдисынмæ дæр чи арæхсы,
уыцы ирон æвзагæй. Царды цаутæ хицæнтæй
æвдисгæйæ, Гæстæн раргом кодта суанг йæ
фыдæлты фарн дæр. Кæрæй-кæронмæ цæстытыл
уайы канд Гæстæны цард нæ, фæлæ йе ’мдугонты
царды уавæртæ дæр. Суанг сæ зондахаст дæр.
Фæлæ, уæддæр, мæнмæ афтæ кæсы, æмæ
Гæстæны хуызæн ахастытæ сæ цотимæ бирæтæн
нæй. Аргъауы хуызæн мæм кæсынц Гæстæн æмæ
йæ фыртты ахастытæ. Йæ фырттæ та - Цыкурайы
фæрдгуытæ.
Рухс дзæнæты бадæд Уырызмæг! Батрадз æмæ
Ацæмæз та Гæстæн æмæ мах - йæ бирæ хæлæртты
фæндиаг цæрæнт. Бузныг «Мах дуг»-æн, нæ дуджы
улæфт та нæм кæй æрбахаста, уый тыххæй.
2007 азы Ыапрель
Хæхтæ. Азтае. Бонтæ 125
= == ^-— "<«5^
ХъæбатырЛенæ
Годжициан Аенсе у, 1992 азы мсехъселы серба-
бырсты рсестсег Сланты стыр мыггагсей цы
сертсе хъсебатыр сефсымсеры фсемард, уыдоны
зсердсерыст ныййарсег.
Кæдæй нырмæ бæллыдтæн, Ленæ, ахæм
уæгъд сæрдыгон бон ацы сатæг, æмæх-
гæд кæрты демæ фæбадынмæ! Кæд æз æмæ ды
зæрдæйæ кæрæдзимæ хæстæг стæм, уæддæр арæх
не ’мбæлæм. Цæй, æмæ абон кæрæдзийæн нæ
тыппыртæ фæдзурæм, - æргом ныхасыл зæрдæ
даргæйæ райдыдтон æз.
Фæндыд мæ æрмæстдæр хъусын, фæлæ Ленæ
ницы дзырдта. Цæстыты къуырфы цы ставд
цæссыгтæ æмбырд кодтой, уыдон радыгай уадултыл
уадысты, æмæ хъæбысы, тар къабайы æнцъылдты
сысыдысты. Афтæмæй дзæвгар фæбадтыстæм.
Цæмæй йæ уынгæг хъуыдытæй фæиртæса, уый
тыххæй мæхи фæбарджын кодтон:
- Абон Хетæджы бæрæгбон куы у, уæд дæ
хæдзары æртæ кæрдзыны цæуыннæ скодтай?
- Табу йæхицæнГ Хетæг Лæгтыдзуары æм-
сæр дзуар у! Нæ фæсивæд - йе уазæг! Дæлæ
дæллаг уынджы сыхы куьщд ис, æмæ уырдæм нæ
мысайнæгтæ арвыстон. Æртæ кæрдзынæй фæрсыс,
æмæ æз æвдæм аз æртæ кæрдзыны нал кæнын...
«Æвæдза, рæсугъддзинады ныхмæ азтæн дæр
126 Дауырæ
æмæ хъысмæты зæйтæн дæр ницы сæ бон у!» -
ахъуыды кодтон æз, Ленæйы уындæй мæ мондæгтæ
исгæйæ.
- Æрбахастай мын, цы дæ куырдтон, уый?
Æз фесхъиудтон, мыййаг кæд исты ферох
кодтон, зæгъгæ.
- Де ’мдзæвгæ, «Рæстдзинад»-ы чи уыд, уый.
- О. Уый дæр, стæй дын ирон чингуытæ дæр
æрбахастон. Афтæ нæ загътай, ирон чингуытæ
уарзын? Мæнæ дын Хъайттаты Сергейы чиныг,
мæнæ дын Айларты Измаилы чиныг. Мæнæ дын
уый та «Рæстдзинад» ме ’мдзæвгæимæ.
Чингуытæм æркæстытæ кодта Ленæ æмæ сæ
стъолы тигъыл æрæвæрдта. Стæй уæд «Рæстдзинад»
райста, рафæлдæхта йæ æмæ йæ дард аивæзта,
цæстытæм дамгъæтæ ставддæрæй куыд зыной,
афтæ.
- Дыууæ газеты мæм уыдис, æмæ мын сæ
фæйнæрдæм фæхастой. Иу дзы ме ’фсымæр ахаста,
æмæ уыйадыл фесæфт, иннæ чындзытæ ахастой
горæтмæ - уый дæр ацу æмæ дæхицæн бацагур...
- Ленæ, тагъд мæ чиныг рацæудзæн,
«Сæдæйысæр», æмæ уым æнæмæнг уыдзæн.
- «Схъарм та сты мæ армвæдтæй уæ дуртæ» -
бакæс-ма мын æй дæхæдæг.
- Ленæ...
- Курын дæ. Тынг мæ фæнды, дæхæдæг æй куыд
кæсыс, уый фехъусын.
Кæд тынг тарстæн, искуы дзы куы фæрæдион,
уымæй, уæддæр мын гæнæн нал уыдис - бакодтон
мæ кæсæнцæстытæ æмæ кæсын райдыдтон:
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 127
Ыыхьщг
Сланты зынгхуыст сефсымсертсен
Ме ’дзард æртæ ’фсымæры, мæ хуртæ,
Схъарм та сты мæ армвæдтæй уæ дуртæ,
Сурæттæй цымыдисæй кæсут, -
'Вæццæгæн мæ ног цаутæй фæрсут.
Хъусут, уæдæ! Зоныгыл лæудзынæн,
'Нæфсæрмæй дзыхыдзагæй кæудзынæн, -
Чи мæ хъусы? Сахъ лæппутæ ’рмæст, -
Уыдоны дæр бабын кодта хæст.
Уалдзæджытæй ралæууыдис дыккаг,
Хъулгъа нын куынæг кæны нæ мыггаг,
Адавынц ирон-æфсон фæрсаг,
Марынц нæ. Нæ сæм фæкастис фаг!..
Уыдонæн сæ фыдракæндвæнд иу уыд.
Сайдæй ныр æрæхсадтой сæ ивгъуыд, -
Паддзахы раз ног джиппы - сæ уагъд, -
Ратдзæн сын хъæбатыры ном тагъд.
Не знæт сыхаг махыл туг ныххуырста, -
Ир, дам, нæм гæрзифтонгæй ныббырста!..
Циу, уæдæ, цы а ингæнджын фæз?
Цæргæстæ! Сымах куы фæрсын æз!
Сыстут-ма, Фыдызæхх ма кæд уарзут!
Уазал сыджыт иуцъусдуг фæуадзут, -
Равдисут сын, чи уæ кæм фæмард:
Искæй зæххыл? Ир арæнтæй дард?
128 Дауырæ
Кæд, мыййаг, фыдæлты фарн фæцыдæр, -
Кæд фыццаг нæ сыхагмæ кæцыдæр
Систа кард - нæ худинаг æргом,
Уæд æлгъыст æнустæм дæр нæ ном!
Æз мæ рыст, мæ æдыхæй æлгъитын,
Сау æлгъыст уæ марджытæм æрвитын:
С’ ахсджийæгтæм сау мæрмæ кæсæнт!
Хæстракъахт сæ зæрдæмæ хæссæнт!
Мæнæ фæзы цал сагсуры ’рцарди!
С’ алкæмæн мæ арфæйы дзырд - уарди.
Не ’мдугонтæн уе ’дзард мæлæт - уаргъ, -
Хъулгъайæ нæ атæхдзæн ам маргъ.
Искуы кæд сæ рæдыдыл æркæуой, -
Ногæй сæ уæздан сыхæгтæ ’рхъæуой, -
Ардæм уыдзæн зоныгыл сæ бырд, -
А фæз у сæ худинаджы цырт.
Сисдзыстæм, гъе, уыцы бон нæ саутæ,
Райхалдзыстæм арæн-быру каутæ,
Чи бамбæхста йе згæ фаттæ ныр,
Ракурдзæн уый ингæнтæй хатыр.
М’ адджын тугæфсымæртæ! Мæ хуртæ!
’Рæхсадтон уын цæссыгтæй уæ дуртæ.
Сурæттæй сæрыстырæй кæсут,
Кады ном Ирыстонæн хæссут.
1993азы8мартъи
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 129
Цалынмæ æмдзæвгæ кастæн, уæдмæ иу-цалдæр
хатты Ленæмæ бакастæн, мыййаг, зæгъын, куы
скæуа, фæлæ уымæн кæуын йæ зæрды ’рхæджы
дæр нæ уыд. Кæрты дуары ’рдæм ныджджих æмæ
æдзынæг хъуыста. Каст куы фæдæн, уæд мæнырдæм
разылд æмæ мын мæ къухыл йæ къух авæрдта:
- Хорз æй ныффыстай. Йæ алы ныхас дæр
зæрдæйы хъары, хæрзауыдæн дыл кæнæнт де ’дзард
æртæ ’рвады.
- Хæрзаудæн кæнæнт сæ сабитыл, дæуыл, мæ
хъæбатыр Ленæ, - мæ хъæбысы йæ ’рбакодтон.
- Абоны онг дæр мæм фыдфын фенæгау кæсы
уыцы фыдвæззæг... Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ йе
’ртæ фырты никæмæн амардысты. Фыдыбæстæйы
Стыр хæстæй æхсæз, авд фырты кæмæн не ссыд,
ахæмтæ дæр зыдтам. Мадæн-иу фехъусын кодтой,
дæ фырт фесæфтис, кæнæ та-иу ын æй æппындæр
хъæр не скодтой. Æз ме ’ртæ фырты зын иумæ куыд
федтон, афтæ макуы мачи! Æбуалгъ уый уыдис, æмæ
кæрæдзийæн тæрсгæйæ иу танчы кæй басыгъдысты,
мæ бон бакæла! - райдыдта Ленæ.
Æз бамбæрстон, ме ’мдзæвгæ йæ йæ царды даргъ
фæндæгтæм ахуыдта, уый. Хъуыстон æм зæрдиагæй.
- Даргъ æгъуыссæг æхсæвты мæ цард кæрæй-
кæронмæ мæ цæстытыл ауайы.
Хæсты рæстæджы мæхъæлы ардыгæй куы
арвыстой, уæд сын сæ цæрæнбынæттæм ирон
адæмы тыххæй лидзын кодтой.Мах уæд Кировьг
хъæуы цардыстæм. Уырдæм та Нарæй æрлыгъдысты
нæ фыдæлтæ. Æз Кировы хъæуы райгуырдтæн.
Цыдæриддæр уыд, ирон адæмы нæ фæндыдис сæ
9 Заказ № 34
130 Дауырæ
бынæттæй змæлын. Мæ мад уыдис партийы уæнг,
сæрæн сылгоймаг. Уæртæ бæстæзонæн музейы
Калининимæ йæ къам ис.
Кировы хъæуæй цалдæр хæдзары, мæ мад сæ
разæй, афтæмæй Æрыдоны районæй алыгъдыстæм
Назраны районмæ Экажевы хъæумæ.
Кæд мыл цыппæрдæс азы йеддæмæ нæ цыдис,
уæддæр тынг ныфсхаст уыдтæн. Кæдфæнды дæр
цæттæ уыдтæн мæхæдæг дæр хæстмæ цæуынмæ,
фæсивæды-иу куы фæндараст кодтам, уæд. Уыдоныл
дæр, мæгуырæг, цастæ цыдис!
Экажевы скъоламæ æвдæм къласмæ бацыдтæн.
1947 азы уыцы скъолайы ахуыр кæнын райдыдта,
Гуырдзыстонæй, Гуры районæй чи æрлыгъд æмæ
фæстæдæр мæ фыртты фыд чи сси, уыцы адæймаг
дæр - Сланты Геор.
Йæ фыд, рухсаг уæд, Степан, Стъепко дæр æй
хуыдтой, Гуры районы Хуыцъейы хъæуы колхозы
хицау уыдис, фæлæ уыдонæн дæр Гуырдзыстонæй
лидзгæ æрцыд - расырдтой сæ сæ цæрæнтæй. Уыцы
азты афтæ сусæгæмхасæн бирæ ирæтты расырдтой
Гуырдзыстонæй.
Цалдæр боны размæ Шаулохты ус - Сланты
чызг, Венерæ йæ ном, уыимæ бадтыстæм, æмæ уый
дæр уыцы хабæрттæ æрæмысыд. Уазал Суадон,
зæгъгæ, афтæ хуынд сæ хъæу, гуырдзыйагау
Цивицъхъаро. Шаулохтæ, Мæхъитæ, Уалытæ,
Гæбæратæ дзы цардысты - сыгъдæг ирон адæм.
Иууылдæр сæ сыстын кодтой æмæ сæ рарвыстой
- поезды сæ сбадын кодтой æмæ сæ Цæгат Ирмæ
æрластой. Раргъæвтой сæ, кæй кæдæм фæнды,
уымæй сæ фарстой.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 131
Уыдонæн сæ мадырвадæлтæ - Хъесатæ -
Комгæроны цардысты, æмæ уырдæм ацыдысты, сæ
фыдыфсымæр та Сунжæйы баззад.
Ныр дæр Венерæйæн йæ цæгат Комгæроны
цæрынц. Гуырдзыйы кæм цардысты, уыцы хъæу
та колхозæн бахуым кодтой, цæрæг дзы нал
ныууагътой.Суанг ма уæлмæрдтæ дæр хуымгонд
æрцыдысты.
Уый дын Венерæйы ныхæстæ. Уымæн сæ
ракодтон, æмæ ирон адæм цæрæнбонты сырдтыты
фесты. куы нæ иуырдæм сырдтой, куы иннæрдæм.
Цæргæ та кæд кодта ирон лæг?!
Цыбыр дзырдæй, Геор изæрон скъолайы
ахуыр кодта, æз та - боны, дæсæм къласы. Сæ
хæстæджытæ - Туатæ - нæ тæккæ цур цардысты.
Сæ зæронд лæг мæлæты къахыл уыдис, æмæ йын
æз мæрддзæгтæ хуыдтон - хуыйгæ мæ гыццылæй
фæстæмæ кæнын.
Куы сæ бахастон, уæд мын Георы мад, Дзебысон,
мæ къухтæн фæбатæ кодта, ацы гыццыл чызг кæй у,
зæгъгæ. Арфæтæ мын фæкодта. Уæдæй фæстæмæ-
иу мæ кæм федта, уым мыл-иу ныццинтæ кодта, мæ
чындзаг, зæгъгæ. Геор дæр-иу ныфсæрмы ис.
Дæс къласы каст фæдæн. Георы æфсадмæ
акодтой, æмæ мæм уырдыгæй фыссын райдыдта,
цыппар азы, дам, мæм фæбад.
Стъепко ам дæр дзæбæх бынæтты куыста. Афтæ-
иу дзырдтой, цæрæнбонты, дам, рæстдзинадыл тох
кодта. Абырджытæ та йын йæ дæндæгтæ ныппырх
кодтой, сæ ныхмæ кæй дзырдта, уый тыххæй.
Æз горæты педагогон техникуммæ бацыдтæн
132 Дауырæ
скъолайы фæстæ. Æртæ азы æмæ æрдæг куы сахуыр
кодтон, уæд иу бон, мæ мадыфсымæр Дарчиты
Павелы фырт Харитон, горæтгæрон районы йæ алчи
дæр зыдта, Октябрыхъæуы цардис, хорз лæг уыдис,
кадджын, æмæ уыдонмæ цыдтæн.
Завод «Магнит»-ы цур машинæмæ æнхъæлмæ
кастæн. Иу машинæ мæ разы фæурæдта. Георы дзы
æфсæддон дарæсы куы ауыдтон, уæд машинæйы
дуар ахгæдтон, салам ын радтон, афтæмæй.
Сбад, дам, уарынхъус у. Æз, зæгъын нæ цæуын.
Уæдмæ æцæгдæр уарын райдыдта. Сбадтæн æмæ
Октябрыхъæуы астæумæ куы бахæццæ стæм, уæд
шофырмæ дзурын, бауром, зæгъын. Ныр арв æмæ
зæхх кæрæдзийы хойынц!
Сæ фæндаг дын Комгæронмæ куы саразиккой.
Æз мæхи тонын, хъæр кæнын, æрдиаг кæнын. Уыдон
мæ Георы хистæр æфсымæры каистæ - Персатæм
куы балæууын кæниккой.
Æхсæвы сын ралыгъдтæн, иу хæдзары фæмидæг
дæн, æз уе уазæг, мæхиуæттæм мын фехъусын
кæнут, зæгъгæ. Уыдон мæ фæстæмæ Персатæм
æрбакодтой.
Куынæ састæн, уæд Георæн старстысты -
отпускы йæ рауагътой æфсадæй æмæ йын хæстон
трибуналæй тас уыд...
Мæрдты рухсаг уæнт Сланты мыггаджы хис~
тæртæ Афæхъо æмæ Гадзе! Уыдон мæм худайстæй
куы æрхатыдысты, уæд ма мын цы ’нæ разы гæнгæ
уыд!
Чындзæхсæв скодтой, диссаджы чындзæхсæв.
Тынг кадджын бинонтæ уыдысты. Фондз æфсы-
Хæхтæ. Азтæ. Бонтав 133
мæры æмæ дыууæ хойы уыдысты, æмæ иууылдæр
иумæ цардысты.
Дыууæ къуырийы фæстæ Геор фæстæмæ служ-
бæмæ ацыдис - йæ отпуск фæцис. Ахуыр кæнынмæ
мæ нал ауагътой. Æвæццæгæн, кæй номыл уыдтæн,
уый бынаты кæй нæ уыд, уый тыххæй мæ уæлдай
хъахъхъæд кодтой - изæрмилты дæр макуы ныл-
лæуу, дæ цæгатмæ дæр æвастæй макуы ныууай.
Æмæ-иу мæ ходыгъды арвыстон, цу-ма мæ мады
пъолтæ ныхс, зæгъгæ.
Нæ чындзæхсæв уыдис 1951 азы, 1952 азы та нын
Славик райгуырди.
Фараст мæйы йыл куы сæххæст, уæд Геор
æфсадæй æрыздæхт.
Сланты Бедтойы фырт Андри йæм уынæг æрцыд,
Холысты куыста шахтæйы. Фалæ Гуырдзыстоны
дæр иу ран цардысты.
Сæ уавæртæм сын куы æркаст - утæппæт
бинонтæ дыууæ уаты, уæд Георы дæр Холстмæ
кусынмæ акодта.
1953 азы райдыдта Геор шахты кусын, æмæ
цалынмæ силикозæй фæрынчын, уæдмæ нал ра-
куымдта уырдыгæй. Фондз æмæ ссæдз азы зæххы
бын!.. Уыдис зындгонд шахтер - йæ хæрзиуджытæ
ныр дæр мæхимæ сты...
Цæрын райдыдтам Уыналы, æмдзæрæны. Уый
фæстæ нын Холысты дыууæ гыццыл уаты радтой.
Хъуг балхæдтам. Мæ хицау нын сæгъ дæр сласта,-
фæлæ нын æй бирæгъ бахордта.
Рухс дзæнæты бадæд нæ зæронд лæг. Иу
бирæгъы тыххæй æппæт бирæгъты æлгъыста!
134 Дауырæ
- мæнгхудт бакодта Ленæ сæ сæгъы бæллæх
æрæмысгæйæ.
- Кусынмæ Геор тынг рæвдз уыд æмæ уайтагъд
нæ къæхтыл слæууыдыстæм. Валерий æмæ нын
Владимир уым райгуырдысты... Æрмæст нын
Славик райгуырд Назраны, цыма нын æй Хуыцау
уым уымæн радта, цæмæй нын уыцы адæмы къухæй
фесæфа!..
Холысты астазон скъола йеддæмæ нæ уыд.
Славик æй каст куы фæцис, уæд Георæн загътон:
ам куы баззайæм, уæд нæ сывæллæтты фæндаг дæр
шахтæмæ цæуы, æмæ мæн афтæ нæ фæнды.
Цы æвæрд æхцатæ мæм уыдис, æрмæст махоны
фæллæйттæ нæ, фæлæ-иу мæхæдæг дæр адæмæн
дарæс арæх ахуыдтон, уыдонимæ Октябрыхъæумæ
æрцыдтæн æмæ иу гыццыл хæдзар балхæдтон.
Уæдмæ мæ мад дæр уырдæм слыгъд - мæхъæл куы
сыздæхтысты, уæд ирон адæмæн уым цæрæн нал
уыдис - алы рæттæм та фæлыгъдысты! Ныууагътой
та сæ фæллæйттæ, сæ хæдзæрттæ, сæ уæлмæрдтæ!..
Æрцардыстæм ам, Октябрыхъæуы, Советты
уынджы. Мæ сабиты скъоламæ барвыстон. Вовæ
мын фондзаздзыдæй бацыд - Валерикимæ се ’хсæн
афæдз йеддæмæ нæ уыд æмæ æнæ кæрæдзи нæ
лæууыдысты.
Сæ фыд куыста æмæ та цыдæртæ куы амбырд
кодтам, уæд Советты уындджы нæ хæдзар ауæй
кодтам, æмæ мæнæ ам, Чапаевы уынджы ныры
бæстыхай балхæдтам. Уæд Чапаевы уынг хуындис,
ныр та, мæ бон бакæла, Сланты æфсымæрты ном
хæссы.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 135
Кæд æлгъыст бынат у, уæддæр мах ам
бирæ рæсугъд бонтæ арвыстам иумæ!.. Æртæ
чындзæхсæвы скодтам ацы кæрты! Æртæ чындзы
нæм æрбакуывта фæрныг мыггæгтæй дæлæ уыцы
кæрты дуарæй, - сæрæй ацамыдта Ленæ кæрты
дуармæ.
- Æртæ æмæ ссæдз азы Геор æнæ мах, æнæ йæ
бинонтæ, фæкуыста Холсты. Йæ фæллой ардæм йæ
фырттæн æрвыста, æз та сæ бæстон кодтон.
Афтæ у - сывæллæттæ схæсс æмæ сын сæ
хæрзтæй мацыуал фен.
Куы æрцыдис ардæм, уæд дæр рынчын уыд,
фæлæ йæхи дæлæмæ не ’руагъта. Æгуыстæй бадын
нæ фæрæзта - консервгæнæн заводмæ бацыд,
раздæр слесырæй, стæй та электрикæй. Алцæмæ
дæр арæхстис, æмæ æвзæр никуы цардыстæм.
Славик бацыд хъæууонхæдзарадон институтмæ.
Цыппар азы куы сахуыр кодта, уæд йе ’мкурсон
чызг Геттыты Зарæйы бауарзта. Мæ бон нæ бацис
сæ фæнды ныхмæ исты зæгъын, æмæ сæ цард баиу
кодтой. Тынг хорз, арфæйаг чындз нын рауад.
Каст куы фесты, уæд сæхи дæсныйадыл
Хъырыммæ кусынмæ ацыдысты.
Чызг сын райгуырд - Алычкæ. Æз æй, ма сæ
хъыгдара, зæгъгæ, нæхимæ раластон. Цасдæры
фæстæ куы ссыдысты, уæд Зарæ куыдта, сывæллон,
дам, мæм нæ комы. Омæ, зæгъын дæм куыд кома?
Нал дæ зоны!..
Уæдмæ Валерик базарадон техникуммæ ахуыр
кæнынмæ бацыдис, Вовæ та æфсæнвæндаджы
техникум фæцис.
136 Дауырæ
Славик æмæ нын Вовæйы æфсадмæ акодтой-иу
ранмæ, бахаудтой Мæскуыйы бынмæ, Жуковскимæ.
Сæ фæндæгтæ рагæй фæстæмæ баст уыдысты -
сæфгæ дæр иумæ уымæн фæкодтой. Æнæ кæрæдзи
нæ фæрæзтой мæ хъæбултæ!..
Диссаг уый уыдис, æмæ стыртæ, усджынтæй
дæр-иу хаттæй-хатт Вовæ æмæ Валерик, цæлгæ-
нæны нын цы сынтæг уыд, уым дæлфæдтæ-уæл-
фæдтæ баззадысты æхсæвы. Раст цыма сæ саби-
бонтæ мысыдысты, уыйау.
Славик афæдз куы баслужбæ кодта, уæд æй
суæгъд кодтой - фырт ын райгуырди, æмæ уæд
ахæм фæтк уыдис, - дыууæ сывæллоны кæмæн уыд,
уыдон уæгъд кодтой службæйæ.
Кæм ма уыд махæй амондджындæр - иуæй дын
фырты фырт, иннæмæй та дæ бинонтæ - дзæбæх!..
Вовæ йæ службæ куы фæцис, уæд æй Тихорецкы
машинæтæаразæн заводмæ инженерæй арвыстой.
Уым сæмбæлдис æстдæсаздзыд чызг Шалашная
Ленæйыл. Ахæм рæсугъд, ахæм хæрзуынд чызг
уыдис, æмæ зæды хуызæн.
Кæрæдзийы бауарзтой. Уыдоны зæрдæхудты дæр
та нæ бацыдыстæм Георимæ - уым сын чындзæхсæв
скодтам, æмæ цæрынтæ райдыдтой. Чызг сын
райгуырдис, мæ уд акæна, ныр ыл нудæс азы цæуы.
Йæ фыды цæрмыстыгъд бакодта.
Уырысы нæ зонут - сæ лæгты æдзухдæр
Уæрæсемæ ласынц, Вовæйы та махимæ цæрын
фæндыд - йæ бинонтимæ нæхимæ ссыд. Кусынмæ
бацыд. Ленæ дæр ам æфсæнвæндаджы техникум
каст фæцис. Уæддæр та иу рæстæг Вовæйы
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 137
Хъырыммæ аласта - уым дæр йæ мад æмæ йæ
фыдæн цæрæнбынæттæ уыд. Мах та Георимæ
иунæгæй баззадыстæм, - Славик дæр Хъырымы
цардис уæд.
Уæд дын Геор цæлгæнæн арæзта, æмæ йын афтæ
бакодтон: «Стыр æй ма скæ! Нæ лæппуты нын сæ
устытæ фæйнæрдæм фæласдзысты, мах та дыууæйæ
цастæ хъæуы!..»
Уалынмæ дын Славик Хъырымæй куы схæццæ
уаид.
- Славик, хорз дын дзы куы уыдис, уæд цæмæн
ныууагътай дæ цæрæнтæ, дæ куыст? - афтæ йын
бакодтон.
- Ехх, мамæ! Адæймаг ма йæ сыхаджы дæр куы
æрæмысы! - уыцы фæлмæн худт бакодта Славик.
Мæ бон бакалд, уыцы ныхас мæ нæ рох кæны!..
Уалынмæ Вовæ дæр Ленæимæ фæстæмæ ссыд
æмæ нæхимæ ’рцардысты, фæлæ Ленæ сывæллоны
йæ мадмæ ныууагъта, уæдæ кæд Вовæйы фæстæмæ
раласин, зæгъгæ. Цасдæры фæстæ йын Вовæ загъта:
- Мæ сывæллоны мын мæ хæдзармæ слас!
Ленæ сывæллонмæ ацыд æмæ фæстæмæ нал
сыздæхт, æвæццæгæн æй йæ ныййарджытæ нал
рауагътой.
Вовæ дæр сæм нал ацыдис - уыйадыл сæ цард
фехæлд: цастæ хъæуы ахицæнæн. Уый фæстæ ма
Ленæ бирæ фæфæсмон кодта.
Суанг фараст æмæ ссæдз азмæ нал ракуырдта
Вовæ ус. Лæгъстæ-иу ын кодтам, кæнæ дæ бинонты
скæн, кæнæ исты хъуыддаг бакæн.
Иу рæстæджы скъолайæн цыдæр арæзта -
138 Дауырæ
уымæн цы сызгъæрин къухтæ уыд, мæ бон бакæла,
уый йæ дыууæ къухæй цынæ зыдта кæнын, ахæм
нæ уыд. Скъолайæн цыдæр арæзта æмæ уым иу
ахуыргæнæг йæ зæрдæмæ фæцыд.
- Уæлæ скъолайы иу чызг ис, æмæ-ма йæ фенут.
Кæд уæ зæрдæмæ фæцæуа, кæннод-иу мацы зæгъут,
- афтæ бакодта.
Уыйадыл, Венерæйы, Сланты чызджы мемæ
акодтон, æмæ чызджы федтам.Раст зæгъгæйæ,
фыццаг фендæн мæ зæрдæмæ нæ фæцыдис, фæлæ
Венерæйы ныффæдзæхстон: «Мацы зæгъ! Мæ
лæппуйы зæрдæмæ цæуы!»
Чызг уыдис Багатæй, Павелы чызг, хорз хæдзары
чызг, фæлæ йæ уæле дыууæ хистæры уыдис -
æфсымæр æмæ хо.
Уæдмæ нæ астæуккаг лæппу Валерик дæр, кæм
куыста, уым хорз чызгыл сæмбæлд - Сæлбитæй
- Элхоттæй. Сидзæр у, уый куы фехъуыстон, уæд
мæхи сидзæрыбонтæ хъуыдыгæнгæйæ, йæ фарс
фæдæн.
Уый дæр æмæ Багианы дæр æрхастам. Цард нæм
йæ мидбылты худтис. Хæдзар бинонтæй байдзаг.
Хурты хуртæ нын гуырын райдыдта.
Мæ чындзытæй мæ бон æвзæрæй зæгъын
ницы у. Сæхицæй хуыздæр уæвгæ дæр нæ вæййы.
Фæлæ мын, мæ бон, мæ фырттæ мæ зæрдæйы кард
нытътъыстой æмæ мæнæ ам кæугæйæ æмæ ниугæйæ
баззадтæн!..
Сæ фыд сæ цы разы уыди!.. Уыцы лæппутæ
диссаджы лæггæдтæ фæкодтой сæ фыдæн...
Славик йæ професси аивта æмæ йæ махæй иу
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 139
дæр нæ базыдта. Юрфакмæ бацыдис фæсаууонмæ
æмæ йæ фондз азы дæргъы мæнæн не схъæр кодта.
Æрмæст æй, Æрыдонмæ слестгæнæгæй куы
арвыстой, уæд æй базыдтон.
Уым бакуыста цасдæр, стæй йæ Алагиры районы
ОБХСС-йы хицауæй сæвæрдтой. Хорз цыди йæ
куыст, æмæ йæ Мæскуымæ милицæйы академимæ
арвыстой ахуырмæ.
Уæдмæ Геор æвзæр рынчын фæцис. Æндæр хос
ын нал уыдис, æмæ йæ Славик Мæскуымæ аласта.
Аст мæйы уым йæ цуры фæдæн. Дохтыртæ нæ
стыгътой, куыд сæ фæндыд, афтæ, - иу-фондз азы
ма ацæрдзæн, зæгъгæ, ныфс æвæрдтой.
Ницыуал ныууагътой нæ фырттæ хæдзары.
Ауæй кодтой машинæ дæр, фос дæр, фæллæйттæ
дæр, уæдæ папæйы исты хуызы фервæзын кæнæм,
зæгъгæ.
Славик-иу йæ ахуыртæй куы рацыдис, уæд-иу мæ
раивта - тынг хорз кастис йæ фыдмæ.
Уалынмæ ам, Ирыстоны, мæ мад æррынчын æмæ
мæм тел ныццавтой, кæд ма дæ йæ фенын фæнды,
уæд тагъд хæццæ кæн, зæгъгæ.
Афтæмæй мын дыууæ зынаргъ адæймаджы
зынтæ баиу сты, æмæ сын нæ бафæрæзтон. Куы
схæццæ дæн æмæ мæ мады йæ удисгæйæ куы
федтон, уæд мæхæдæг рынчындонмæ бахаудтон.
Славик нæм Мæскуыйæ сдзырдта: «Кæд
Вовæйæн лæппу райгуыра, уæд ыл папæйы ном
сæвæрут». Æмæ уæд æз бамбæрстон, Георы
хъуыддаг хорз нæу, уый.
Мæ мад амардис 1987 азы фæндзæм майы, Георы
та ма йæ фырттæ Мæскуыйæ удæгасæй сластой.
140 Дауырæ
Хиуæттæ иууылдæр æмбырдтæ кодтой -
куыд нæ уыдаиккам фæлмæцыд, уæлдайдæр та
фæсрынчын æз.
Ныр райсом нал уыдзæн Геор, зæгъгæ, афтæ æз
иннæ сынтæгыл йæ фарсмæ мæхи æруагътон. Мæ
цæстытæ кæрæдзиуыл авæрдтон, фæлæ фынæй
кæцæй уыдтæн. Уæд дын мæ ходыгъд Уарди афтæ:
- Мæгуыр йæ бон Ленæйæн!
Уæд ын Геор афтæ:
- Ахæм лæппутимæ йæ нæ уадзын, æмæ мæгуыр
уа!..
Уый уыдис йæ фæстаг дзыхыныхас, мæ бон
бакæла!.. Ахæм лæппутимæ, дам, æй нæ уадзын!..
Мæ диссаг мын куы зонид, уæд йæ ингæны дуртæ
стонид!..
Суынгæг ис йæ зæрдæ - скуыдта. Мæхицæн дæр
мæ цæсгом ныггæлиртæ. Фемæхст цæссыг. Ленæ
уынгæг хъæлæсæй дарддæр дзырдта:
- Вовæйæн æцæгæйдæр лæппу райгуырдис -
Георы ном ыл сæвæрдтой. Мæ лæппуты фыд та 30
июлы 1987 азы амард...
- Ленæ, куыд дæм кæсы, Славик, Валерик
æмæ Вовæмæ уыцы хъæбатырдзинад, уыцы цард-
уарзондзинад, уыцы сæрæндзинад кæцæй уыдис? Сæ
иу æгуыдзæгдæр куыд нæ фæцис? - бафарстон æз.
- Сывæллонмæ цæстдарын хъæуы. Искуыдæм-иу
кусынмæ куы бацыдтæн, уæд-иу Геор афтæ:
- Æз кæй кусын, уый фаг у! Ды сывæллæтты цур
бад.
Æмæ æз дæр хæдзар бæстон кодтон. Мæ сабиты
уæлдай къахдзæф кæнын никуыдæм уагътон.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтае 141
Кæддæр, дыууæизæрастæу, мæ куыстытæ фæдæн
æмæ уынджы æрбадтæн. Уалынмæ дын кæсын, æмæ
Вовæ рауайы. Йæ фæдыл фæраст дæн.
- Мамæ! Кæдæм цæуыс?
- Æмæ ды кæдæм цæуыс?
- Æз уæлæ скъоламæ. Спортзалмæ, - хæстæг
нæм у скъола.
- Æз дæр спортзалмæ, скъоламæ, - æмæ йемæ
ацыдтæн.
Мах Георимæ нæ барстам сайд дæр, зивæг дæр,
мæнгарддзинад дæр, æгуыдзæгдзинад дæр. Нæ
цоты сæ гыццылæй фæстæмæ алцæмæ дæр амидин
кодтам, цумайыл дæр, суанг ма хуыйыныл дæр.
Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ æз æдзухдæр хуыйгæ
кæй кодтон, Вовæ армæй афтæ дæсны уымæн рауад.
Гыццылæй дæр-иу мын нывтæ кодта - сæ уæрх, сæ
дæргъ сын барста.
Кæд ахуыр бынтон æндæр хъуыддагыл скодта,
уæддæр хъæдæй ахæм хæдзары дзаумæттæ арæзта,
æмæ-иу сыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой.
Равдыстыты дæр уыдысты, телевизорæй дæр сæ
æвдыстой: сынтæджытæ, чингуыты тæрхæджытæ,
бандæттæ. Уый, æмæ иу дзаума иннæйы хуызæн
никуы уыдис!.. Уыцы дыууæ къухы... Сау мæр дын сæ
макуы бахæра, мæ хъæбул...Фабричы цы станоктæ
вæййы, раст ахæмтæ балхæдта, хорз хъæдæрмæг
Сыбырæй сласта, æмæ нæ хæдзар æрмадз сси.
Уымæй цы кодта, уыдон иууылдæр хъулджынтæ,
Æмæ йæм кæцæй нæ уыд заказтæ - суанг
Мæскуыйæ, Сыбырæй дæр!..
Алы хъуыддаг саразынæн дæр сæрфат хъæуы.
142 Дауырæ
Мæ бон зæгъын у, се ’ртæмæ дæр кæй уыдис уыцы
сæрфат, - сæрыстырæй загъта Ленæ.
- Ленæ, дæ чындзытæ æрыгон сты. Хуыцауы дур
сыл сæмбæлд - цæрын сын нæ бантыст сæ уарзон
къæйттимæ... Исчи дзы йæ амонд ногæй куы ссарид,
уæд дын хъыг уаид? - куы йын фæхъыг уа, уымæй
тæрсгæйæ бафарстон æз.
- Уыцы хъуыддагыл æз арæх хъуыды кæнын...
Æгæр æрыгонæй баззадысты мæ чындзытæ, мæ
бон бакæла!.. Зонын сын сæ бæллæхтæ зондæй
дæр, зæрдæйæ дæр. Кæд сæ искуы исчи йæ амонд
ногæй бавзарынвæнд скæна, уæд сывæллæтты
мыггагæн ныууадзæд, сыстæд мæ фырты хæдзарæй
æмæ ацæуæд...Мæ фыртты хуыссæны æндæр лæг
æрхуысса æмæ мын ме ’нахъом сывæллæттыл
былысчъилтæ кæна, уымæн æз нæ бафæраздзынæн.
Æнахъомæй та æнахъом сты: Валерик æмæ Вовæйы
лæппутæ æмгæрттæ сты - ацы аз сæ иуæндæсгай
азтæ сæхи фæуыдзысты. Сæ чызджытæ та ноджы
къаддæртæ сты. Æрмæст Славичы цот сты хъомыл:
Алычкæ медицинон академи каст фæцис æмæ
ныр ординатурæйы ахуыр кæны, Алан та уыцы
академийы æхсæзæм курсы ис. Хъуамæ уымæй тынг
хорз дохтыр рауайа - йæ фыды хуызæн бæстон у!..
Славичы сабитæн бæргæ ницы у, - уыдонæн хорз
бындур æвæрд ис, фæлæ гыццылтыл тыхсын.
Сывæллæттæ хъомыл кæныны хъуыддаджы
Славик дæр мæхи хуызæн уыд: йæ цоты скаст нæ
уагъта, æдзух сæ бæрæг кодта.
Иу хатт - мæ зæрдыл лæууы - райсомæй
куыстмæ куы цыдис, уæд Аланæн бахæс кодта,
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 143
мæнæ ацы чиныг изæрмæ куыд бакæсай, зæгъгæ.
Сæрд уыдис, æмæ лæппу хъазыныл фæци, чиныг
дзы байрох.
Изæры йæ Славик йæ цуры æрбадын кодта,
радзур мын, уæдæ, чиныджы цы бакастæ, уый. Ницы
бакаст æмæ йын цы хъуамæ радзырдтаид. Уыйадыл
сабийы йæ фыд бафхæрдта - над æй фæцис...
Афтæ, уæдæ. Зæрæстон хуым - дурæппарæн.
Æз кæйдæрты ныхæстæм никуы хъуыстон. Æз мæ
чындзытыл æууæндын. Сты æнæхæлд, æгъдауджын,
мыггагæн лæггадгæнаг, уæздан. Мæнæн дæр сты
хорз. Кæд нырма уыдоны кæсинаг нæма дæн,
уæддæр сыл зæронды бон мæ зæрдæ дарын.
Æппæты хуыздæр миниуæг та сæм уый ис, æмæ
бонзонгæ, куыстуарзаг сты. Сæ сывæллæттыл
тыхсынц. Раст фæндагыл сæ аразынц.
Сывæллон хъуамæ иу къухы хъомыл кæна.
Цалдæрæй йæм бар куы дарой, уæд къулбадæг
кæны. Афтæ нæу, зæгъгæ, уæд æз дæр ам иунæг нæ
уаин. Æз мæ чындзытæй афтæ разы дæн, æмæ дзы
алкæй тыххæй дæр мæ уд радтин.
- Ленæ, адæм дæу зонынц æцæг ирон
æгъдауджын сылгоймагæй. Хорз сæрæн лæджы
хуызæн де стыр фыдæн дæр ныббыхстай. Зæгъ-ма,
дæ хорзæхæй, адæймаджы удыхъæды миниуджытæй
уæддæр тынгдæр кæцытæн аргъ кæныс?
- Зонд, æфсарм, æгъдау, цæсгом, - уыдон иумæ
фидауынц. Æз æнæгъдау адæймаг сыхы дæр куы
фенын, уæд, чи фæнды куы уа, уæддæр ын æй
комкоммæ фæзæгъын. Хæрам дæр мæм кæнæд.
Абон мæ куы нæ бамбара, уæддæр мæ, кæд ыл сæр
144 Дауырæ
ис, уæд райсом бамбардзæн. Æгъдауы хуызæн цард
ницы рæсугъд кæны.
Кæддæр мын йæ чысылæй Славик тыхджын
рынчын æрбацис, æмæ æз мæхи кæуынæй мардтон.
Уæд мыл мæ мад схъæр кодта: «Сывæллон
рынчынæй фылдæр цы кæны! Хæрзаг ыл исты
куы ’рцæуид, уæд мæ фæхудинаг кæнис!» Гъе ныр
ма уыцы ныхасыл ахъуыды кæн, хæрзаг, дам, мæ
фæхудинаг кæнис...
Мæ мад уæззаузонд æмæ куырыхон адæймаг
уыди, кæд чиныджы бирæ нæ сахуыр кодта, уæддæр
- ликбезы ахуыргонддзинад цастæ ахады? Фæлæ
æрдзæй хæрзхъæд зонд кæй рахаста, уымæ гæсгæ
йæ амындтытæ кæддæриддæр мæнæн ныфсы хос
уыдысты, рухсаг уæд!
Лæгдзинад кæм хъуыд, уым мах дæр Георимæ
фæсте никуы баззадыстæм. Æз хæрзæрыгонæй дæр
мæ ныфс хастон лæгдзинад равдисынмæ. Хæсты
рæстæджы мыл цыппæрдæс азы йеддæмæ нæ цыд.
«Молодая гвардия» куы бакастæн, уæд æз дæр
уыцы хъайтарты хуызæн цæттæ уыдтæн Райгуырæн
бæстæйы сæраппонд мæ цард радтынмæ. Мæ зæрды
уыдис партизантæм бацæуын, мæ мад дæр сын тынг
æххуыс кодта. Фæлæ нæ хæхтæм лидзын бахъуыд -
арвыстой нæ.
- Ленæ, мадызæнæг ма дын ис?
- Хо æмæ мын æфсымæр ис. Мæ хо
Камбилеевкæйы цæры. Ме ’фсымæрæн йæ ус
амардис. Зæнæг сын нæ рацыд. Фылдæр ныр
уый дæр мæ хомæ вæййы. Мæн дæр арæх бæрæг
кæнынц.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 145
- Ленæ, Сланты мыггаджы æхсæн фæцардтæ.
Арф уидæгтæ дзы ауагътай. Искуы фæфæсмон
кодтай, дæ цард Слантимæ кæй сбастай, уый
тыххæй?
- Никуы. Æз уыцы мыггагæй сæрыстыр дæн.
Мæ зыны сахат мæ цуры кæй уыдысты, æрмæст уый
тыххæй нæ, фæлæ мын мæ базындæй абоны онг аргъ
кæй кæнынц - куыд чындзæн, куыд сылгоймагæн,
уый тыххæй дæр. Æмæ уый, æвæццæгæн, рухсаг
уæнт, нæ зæрæдты тыххæй дæр уыдис. Ме ’фсин,
Дзебысон, кадджын, кæрдзындæттон сылгоймаг
уыдис. Уæдæ мæ хицауы тыххæй та уæлдæр загътон.
Уыдис мын хорз тиутæ - ныр Саликъо æмæ Уасо
дæр нал сты, Жора æмæ Миша та уыдоны æрцыдмæ
хорзæй цæрæнт. Мыггаг дæр мæ уарзынц. Мæ
сывæллæтты мын куы базыдтой, уæд-иу мæм бирæ
хæттыты зианы дæр æрбацыдысты, суанг зæрæдтæ
дæр, ды Славиччы мад дæ, зæгъгæ, æмæ-иу мын
арфæтæ кодтой.
Слантæм бирæ хорз лæгтæ ис, хæрæфырттæ дæр
сын хорз цæуы. Мыггагæн сæ ныхас кæрæдзиуыл
бады, кæрæдзийæн аргъ кæнынц. Исты бæллæх
куы æрцæуы, Хуыцау бæллæх мауал æруадзæд,
уæд, цæрæг уыдис, æви нæ, уымæ нæ кæсгæйæ,
лæггад кæнынц кæрæдздойæн. Ноджы ма сæм иу
хорз миниуæг ис: сæ фыдæлтæ Уæлладжыры комæй
сты, фæлæ сæ хъысмæт ныппырх кодта Хуссар
æмæ Цæгатыл. Никуы фехъуыстон, æмæ Слантæ
кæрæдзимæ, ды хуссайраг дæ, ды цæгатаг, зæгъгæ,
уыцы цæстæй акæсой.
Мæнæн мæ зыны бон, куыд сæ бон уыд, афтæ
10 3аказ№34
146 Дауырæ
баххуыс кодтой, мæ уд сæ фæхъхъау. Иу та мын дзы,
йæ ном ын нæ зæгъын, мæхицæн дæр хæрæфырт
æййафы, зындзинад макуы фенæд, 19 милуаны (ног
æхцайæ 19 мины) æрбахаста. Слантæм ма уыцы
хорздзинад ис, æмæ нæм мæнæ уыцы сæфтытæй
нæй. Æз дзы, зæгъæм, нæ дæр зонгæ кæнын, нæ дæр
хъусгæ фæкодтон.
Æппæт скæсæны дæр Индирæ Гандийæ
зондджындæр нæ уыд æмæ уый, йæ фырт куы
амард, уæд афтæ загъта: «Кæд æппæт Инди
мемæ хъыг кæны, уæддæр зындзинад искæимæ
уарын нæ комы». Уыйау æз дæр: алчи йæ фæрныг
хæдзармæ куы ацæуы, уæд æз баззайын ме ’вирхъау
зæрдæрыстимæ. Фæлæ мæ мæ хорз мыггаг æмæ
сыхбæсты хорзæх уæд, æндæр мæ ницы хъæуы. Мæ
рис уыдоны фæрцы иу чысыл сæтты...
...Афтæ фæзæгъынц, цы байтауай, уый
æркæрддзынæ. Раст зæгъын хъæуы, мах Георимæ
никуы никæмæй баззадыстæм хъæстагæй. Фæлæ мæ
ме ’дзард фырттæ цæрæнбонты ныххæсджын кодтой
- уыдоны къухы мыггагæн дæр, сыхбæстæн дæр,
иннæ адæмæн дæр хорздзинад ракæнын бирæ нæма
бафтыд.
Мæнæн мæ цæгаты ’рдыгæй бирæ хæстæджытæ
нал ис, фæлæ мæ зæронды бон мæ зæрдæ дарын
мæ бинонтæ æмæ мыггагыл. Хæрзтæ та Слантæм
бирæ ис нæлгоймагæй дæр æмæ сылгоймагæй
дæр.
- Ленæ, д’алыварс цæрджытæй та цы зæгъ-
дзынæ?
- Хорз адæм сты. Мæ дæллаг фарс уырыссæгтæ
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 147
цæры. Фарон мын колхоз силос æрбарвыста. Мæ
уырыссаг сыхаг куыстæй фæлладæй æрбацыд æмæ
мын мæ къухы сагой куы федта, уæд æй айста æмæ
мын мæ силос йæхæдæг кæртмæ бакалдта.
Хорз сыхаг адæмыхаттæй, нацийæ нæу.
Йæхицæн чи ницы уа, иронæй дæр æмæ уырыссагæй
дæр; уый мæнæн дæр ницы фæуыдзæн æмæ адæмæн
дæр.
Дæлæ мæ бакомкоммæ чи цæры, Валерик
Цуциты, уымæн ахæм лæппу ис, ахæм, æмæ диссаг!
Æдзухдæр мын æххуыс кæны.
- Ленæ, фырт ма дын куы уаид ныр, уæд æй куыд
хъахъхъæнис?
- Уæд дæр та, йæ амонд цы уаид, уый æвзарид.
Æз æдзухдæр тæрсгæ кæнын, исты змæст куы уа,
уæд та Алан дæр атæхдзæн, - йæ фыды хуызæн
у уый дæр разæй цæуынмæ! Уромгæйæ дæр нæу.
Уымæн æмæ алы адæймагæн дæр йæхи психологи,
йæхи ахаст ис цардмæ. Цард афтæ у, æмæ сывæллон
куы сыстыр вæййы, уæд æм хистæрты зонд зонд нал
фæкæсы.
- Афтæ бахъахъхъæнæн нæй, æмæ йæ бамбæхс,
æмæ йæ ма рауадз?
- Удæгас адæймаджы куыд бамбæхсдзынæ?
Уæддæр йæ зæрды цы ис, уый кæны. Тæппуддзинад
кæмæ уа, уый бамбæхсдзæн. Фæлæ мæ фырттæ
сæхæдæг тæппудтыл худгæ кодтой. Уæвгæ ацы
хъæуы фæсивæдæй ахæмтæ дæр разынд, æмæ
мæхъæлы хæсты рæстæг нартхоры хуымы йæхи чи
бааууон кодта. Уым-иу фæхуыссыдысты, стæй-иу
изæры æрбацыдысты. Мæ лæппуты куы агуырдтон,
148 Дауырæ
уæд сæ мæхæдæг федтон. Мæнонтæ та уæд нал
уыдысты, мæ бон бакæла...
- Ленæ, афтæ фæзæгъынц, адæймагыл, дам, цы
’рцæуинаг уа, уый йæ фынтæй фæзоны...
- Фынтыл никуы æууæндыдтæн, фæлæ
цæмæйдæрты тарстæн. Æнгуз бæлас нæм уыд,
æмæ йæ Вовæ уыцы фыдбоны фæззæджы акалдта.
Йæ къабузтæ йын мæхæдæг æхсæстон, æмæ йæ
алы къалиуæй дæр дон калдис. Мæхæдæг та нæ
сæнæфсир акалдтон, йæ бын мын зынмæрзæн
уыд. Уый дæр та афтæ йæ цæссыг фæкалдта, æмæ-
иу мæхицæн загътон, Хуыцау нын, зæгъын, нæ
ныббардзæн ацы æрдзæфхæрд.
Уыцы аз нæм нæ иу хъугæн дыууæ роды
дæр райгуырди, æмæ-иу фыдæлтæ уымæй дæр
тарстысты - хæдзарæн, дам, хорз нæ вæййы.
Фын та ахæм федтон. Цыма нæ хæдзар ссыгъд,
æмæ йæ артмæ мæхи тавтон...
- Адæймагыл зындзинад куы æрцæуа, уæд йæ
фырадæргæй æнцойдзинад дины дæр фæагуры...
- Мæ мадыфсымæры чызг Земфирæ хуыйны,
Дарчитæй. Уый иеговисттæм бацыд æмæ мын
афтæ фæзæгъы, æз, дам, Вовæйы дæр фендзынæн,
Валерик æмæ Славиччы дæр. Уæд ын æз афтæ
фæзæгъын, уым исты куы уаид, уæд æз дæ разæй
балæууыдаин уым.
Хъырыммæ цыдтæн Славиктæм, æмæ мæ иу
æрыгон лæппу йæ машинæйы сæвæрдта Сим-
ферополæй Ялтæмæ. Фæндагыл мын, наукæимæ
баст чи у, ахæм дины койтæ фæкодта. Мæнмæ
диссаг куыд нæ фæкастысты йæ зонындзинæдтæ!
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 149
Мæ адрисæй мæ бафарста, æмæ нæхимæ куыддæр
æрхæццæ дæн, афтæ, мæ цæрæнбынат кæмæн
бацамыдта, ахæм баптисттæ нæм цæуын райдыдтой,
не ’мбырдтæм рацу, зæгъгæ. Æз не сразы дæн. Мæ
мад, мæ фыды дин, зæгъын, нæ ивын. Хуыцау радта
адæмы дæр, æрдз дæр, цард дæр. Цæрын хъæуы!
Искæд дзæнæт уыдзæн, уымæ ма ’нхъæлмæ кæс,
фæлæ уæлæуыл дæхицæн дзæнæт скæн. Кус, змæл,
æмæ дын алцыдæр уыдзæнис.
Мæ мад партийы уæнг уыдис, мæхæдæг -
фæскомцæдисон, æмæ куыд сахуыр стæм не
’ууæндыныл, ууыл мæ къух сисын нал у мæ бон.
Ныртæккæ стыр ахуыргæндтæ дæр æууæндынц.
Æууæндæнт! Æз та æндæр хъуыддагыл æууæндын.
Мæ сывæллæттæ ма куы уыдысты, уæд æдзухдæр
рынчынтæ кодтон. Уыдоны фæстæ, ныр æвдæм
аз гриппæй дæр никуы фæрынчын дæн. Раст
зæгъын хъæуы, сæ хæдфæстæ тынг æрхаудтæн. Нал
хордтон, æрлæмæгъ дæн, сыстын мæ бон нал уыдис,
фæлæ уый фæстæ мæхиуыл фæхæцыдтæн. Уымæй
фæстæмæ никуыуал фæрынчын дæн, Мæ фырттæ
мын, æвæццæгæн, æххуыс кæнынц уырдыгæй. Раст
куы зæгъон, уæд суынгæг вæййын хаттæй-хатт,
мæхицæн бынат нал фæарын, æмæ уæд мæхи адæмы
æхсæнмæ аппарын. Удæнцой мын хæссынц нæхи
радио æмæ «Рæстдзинад» дæр.
- Арæх вæййыс, Ленæ, дæ лæппуты уæлмæрды,
Хъæбатырты фæзы?
- Арæх. Афтæ дæр вæййы, æмæ сæ цуры
æцæгæлæттæ тынгдæр фæкæуынц мæнæй. Иу бон
та дын мæ иу бæрзонд, астæуккаг кары ирон лæг,
150 Дауырæ
кæмдæр Уæрæсейы чи цæры, ахæм куы бафæрсид:
«Ацы лæппутæн сæ мад амарди?» Куы, зæгъын,
амардаид, уæд се ’хсæн уаид...
- Хуыцауы фæдзæхст у, фæлæ уым, Ленæ,
æрмæстдæр хъæбатырты ныгæнынц...
- Æмæ æз хъæбатыр нæ дæн? Ахæм диссагæн
ныффæраз, уый хъæбатырдзинад нæу? Гъа, се
схæссæджы ма рахонæнт хъæбатыр, фæлæ дæ
фыртты марджытæ дæ разы уæнт, дæ разы бадæнт,
æмæ дæм уый бæрц тых разынæд, æмæ иунæг ныхас
дæр ма скæн! Уый хъæбатырдзинад нæу?
Æз мæхи амардтаин, фæлæ мыл, зæгъын, мæ
Ирыстон зондцухæй куы фæхуда, æмæ мæ мæ
фыртты фарсмæ куынæуал бавæрой. Мæ фырттæ
кæй хъахъхъæнгæйæ фесæфтысты, æз уыцы адæмыл
мæ зæрдæ дарын - мæ бынатæй мæ нæ фæхауæггаг
кæндзысты!..
Байгом кодтон, æвдæм аз хиуæттæн дæр æмæ
æцæгæлæттæн дæр йæ хъуыдытæ кадаварæй чи
фæдзуры, уыцы Годжыциан Ленæйы дзых, æмæ
йæм хъусынæй нал æфсæстæн. Цас æргомдзинад,
цас хуымæтæгдзинад ис Ленæмæ! Цас фарн ис
йæ алы ныхасы дæр! Кæд йæ æстæм дæс азы
бакъахыр кодта, уæддæр куыд аив æмæ сыгъдæг
у йæ зонд! Куыд ницы рох кæны, куыд нæ йæ сайы
йæ хъуыды! Куыд адæмуарзаг, сыгъдæгзæрдæйæ
баззад! Уæд та йæм иу мисхал хæлæггæнындзинад
куыд нæ æвзæры фыртджынтæм! Йæ аив бакаст,
йæ хæрзконд уæнгты æвæрд куыд хорз фидауынц
йæ хæрзхъæд удыкондыл! Куыд æхсызгон у йемæ
цардыл дæр æмæ дуджы хъуыддæгтыл дæр дзурын!..
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 151
Кæд дзæвгар рæстæг фæныхас кодтам - хуры
акъулмæ, уæддæр дыууæ хуындзау усы кæрты
дуарæй куы æрбахызтысты, мæнæ дын, Ленæ,
куывды хай сæрвыстой, зæгъгæ, уæд мын, иуæй,
æхсызгон уыдис сæ фæзынд, иннæмæй хъыг -
фæсыкк нæ зæрдиаг ныхас!..
1998азы 19август
152 Дауырæ
-^^. ^^^„^^^^^^^^^^^^
Малиты Хасаны «Царды цалх»
Куыд тынг мæ фæнды, æз зæрдиагæй кæй
бакастæн, æхсызгондзинад мын чи æр-
хаста, бирæ цымыдисаг хъуыддæгтæ кæцæй базыд-
тон, уыцы чиныг ирон адæм се ’ппæт дæр куы
бакæсиккой, уый.
Малиты Хасан мын цалдæр боны размæ балæвар
кодта йæ чиныг «Царды цалх» (мыхуырæй рацыд
2013 азы кæрон). Æрмæст йæ сæргæндтæм дæр
ын куы æркастæн, уæддæр бамбæрстон, чиныг
цымыдисаг кæй у, уый. Æз Хасаны газетæй хорз
зонын: бирæ азты дæргъы «Рæстдзинад»-ы цы
æрмæджытæ фæфыста, уыдонæй иу дæр ахæм нæ
уыд, хъуыдыйæ дæр, æвзаджы хъæдæй дæр мæ
зæрдæмæ чи нæ фæцыдис.
Фæлæ ацы чиныджы бакастæн, бынтон дисы
мæ чи бафтыдта, цалдæр æхсæвы æгъуыссæг кæй
тыххæй фæдæн, ахæм литературон æрмæг: ра-
дзырдтæ, новеллæтæ, очерктæ, тæлмацтæ. Дисы мæ
бафтыдта, Хасан ирон хъæздыг æвзагæй куыд хорз
пайда кæны, куыд æвдисы йæ хъайтарты удыхъæд,
куыд зоны нæ хæхтæн, нæ фыдæлты цæрæнтæн
сæ диссаджы рæсугъддзинад æмæ хæххон æрдзы
æгъатырдзинад æвдисын, уый.
Ирон лæг уыд мæсыг. Зыдта фæразын рæстæджы
зынтæн дæр, хи бæллæхтæн дæр. Уыд хъæбатыр,
сæрæн æмæ сыгъдæгзæрдæ. Чи зоны, æнæ уыцы
миниуджытæй абон ирон лæгæн йæ кой дæр нал
уыдаид историйы.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 153
Хасан тынг дæсныйæ æвдисы ирон лæджы уыцы
миниуджытæ йæ чиныджы, йæ чысыл новеллæтæн
сæ хъуыды у стыр аивадон уацмысты хуызæн -
алкæцыйы дæр дзы ис арф мидис.
Царды цалх æрду хидыл тулы. Зындгонд ирон
фыссæг Беджызаты Чермен цы словакаг фыссæгимæ
базонгæ - Петр Илемницкий - уый ивгъуыд æнусы
1926 азы Чермены хуындмæ гæсгæ æрбацыдис
Хуссар Ирмæ. Тынг диссаг æм фæкастысты
ирон адæм æмæ сæ цард. Уый фæстæ ныффыста
чиныг «Компас в нас». Уым равдыста, гуырдзыйы
меныиевиктæ 1919-1923 азты ирон адæмæн цы
фыдмитæ фæкодтой, куыд сæ фæсырдтой Хуссар
Ирæй, куыд сæ фæцагътой, уый.
Илемницкийы чиныг Хасан ратæлмац кодта
ирон æвзагмæ æмæ дзы цалдæр сæргонды бахаста
«Царды цалх»-мæ.
Мæн рагæй фæндыдис уыцы азты цаутæ бæстон
базонын - мæ фыдæлтæ дæр уыцы бæллæхты
бахаудтой. Зындгонд ирон поэт Плиты Харитон
(Хадо) дæр йæ номдзыд поэмæ «Сæлимæт»-ы уыцы
цауты тыххæй фыста - цалдæр хатты йæ бакастæн.
Фæлæ Беджызаты Черменæй словакаг фыссæг куыд
базыдта уыцы азты цаутæ, афтæ бæстон историйы
дæр фыст не сты. Беджызаты Черменæн канд йæхи
нæ, фæлæ йæ фыд, йæ фыды фыды хъуыдытæ кæй
бакастæн, æрмæст уымæй дæр бузныг дæн Хасанæй!
Цалдæр фысы нарæг хохаг къахвæндагыл, барæгæй
фæтæрсгæйæ, рындзæй куыд ахаудтой, уый тыххæй
Джеджелы-фырт, мулкджын кæрæф лæг, амардта
Чермены фыдыфсымæр Раздены...
154 Дауырæ
Малиты мыггагæй ирон удварны хæзнаты къæ-
бицмæ бæстон æвæрæн чи бахаста, уыдон зынд-
гонд сты. Словакийы цæры ирон аив лæппу йæ
бинонтимæ - Малиты Славик (Братиславæйы йæ
Алан хонынц). Алан æмæ йæ бинойнаг Евæ словакаг
æвзагмæ ратæлмац кодтой «Нарты кадджытæ».
Словакаг адæмы базонгæ кодтой ирон адæмы
хæзнатимæ - арфæйаг хъуыддаг!
Раппæлинаг у Малиты Хасан, йæ мыггаджы аккаг
чиныг кæй ныффыста, уымæй.
Раппæлинаг у, чиныджы авторы тыххæй кур-
диатджын журналист Абайты Арбилянæ цы фæс-
ныхас ныффыста, уый дæр æмæ чиныджы аив фæл-
гонц дæр.
2074 азы 29январь
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 155
’ —^—— ’с^'"
Саузым æмæ зианджын Ног аз
1999 æмæ 2000 азты иумæйаг саузымы хуызæн
нæ хъуыды кæнын æз. Фæззæджы кæрон иунæг
хатт рауарыд мит, уый дæр арæхæй нæ, æндæр
мах, Ирыстоны цæрджытæ, нæма федтам урсбоцъо
зымæджы цæсгом.
Уый диссаг нæу! Куыд ивы рæстæг! Æз мæхи куы
хъуыды кæнын, уæдæй нырмæ сæх-сæхгæнаг къæвда
никуыма уыдис зымæджы мæйты ацы аз йедтæмæ.
Уымæй дæр æхсæв-бонмæ фæуары, уынгты,
бæгънæг бæлæсты ныхсы!
Æвæццæгæн, саузым аз æнæниздзинад нæ хæс-
сы. Тынг мæлынц адæм. Уæвгæ фæстаг азты канд
низтæй нæ мæлæм, фæлæ ма аххос-æнаххосæй
дæр. Æрмæст ацы къуыри æз уыдтæн цалдæр раны
зианты.
Цы чысыл кæрты цæрæм Гостиевы-фырты уын-
джы, уым нæ сыхæгтæ уыдысты тынг дзæбæх
бинонтæ - мад æмæ фырт, афтæ хæлар уыдысты,
æмæ æнæ кæрæдзи никуыдæм цыдысты. Фæстаг
азты мад рынчын хаста, фæлæ мæм мæлыны
рынчын никуы кастис. 28-æм декабры райсомæй
куыстмæ куы фæцæйцыдтæн, уæд кæсын, æмæ
махæй чысыл дæлдæр къулрæбын чырыны сæр -
уым дæр сын дыууæ уаты ис, - сæ зæрæдтæ кæддæр
уым цардысты. Уалынмæ сæ кæртæй постхæссæг
рацыдис. Чи, зæгъын, амардис ацы кæрты, æмæ,
дам, Швоева.
Баздæхтæн сæм. Бацыдтæн кæртмæ æмæ дзы
156 Дауырæ
иунæг адæймаг нæй! Бахостон дуар, фæлæ мæм
ничи ракаст. Рахæцыдтæн ыл, æмæ уаты астæу -
чырын. Мард зыбыты иунæгæй уаты! Бацыдтæм
æм, мæ къух ыл авæрдтон. Йæхицæн ын тæфæрфæс
ракодтон. Йæ разы иу чысыл æнæдзургæйæ
абадтæн. Мæ цæстытыл ауад, царды куыд уæздан
æмæ сабыр, куыд зæрдæхæлар уыд, уый. Адон
мах кæрты дыккаг уæладзыджы цардысты, -
æвæццæгæн, фæстаг рæстæг зæрæдты хæдзармæ
дæр уымæн ацыдысты, æмæ мадмæ зæхмæ хæстæг
цæрын хуыздæр кастис, йе та, сæ бынмæ цы
нуазаг лæг æмæ ус цардис мах кæрты, уыдонæй
фæлмæцыдысты. Нæ фидыдтой иумæ. Уæле-иу
ацы ус дзаумæттæ куы байтыдта, уæд-иу бынæй
цæрæг ус рагæпп кодта, æртæхтæ мæ рудзынджы
бынмæ тæдзынц, зæгъгæ. Уымæй мæм диссагдæр
ницы кастис! Рудзынгыл нæ тæдзынц, дон -
сыгъдæг, ногæхсад дзаумæттæ, уæд æртæхтæ зæхмæ
тæдзгæйæ кæй хъыгдарынц!?
Ацы усы уæздандзинад фарон бамбæрстон:
асинтыл æрхызт иуахæмы æмæ кæрты рацæйцыд,
Уæд æм йæ бынмæ цæрæг ус рагæпп кодта æмæ
йын афтæ: «Чтоб ты под машину попала! Чтоб ты
домой не дошла!» - хъæрæй. Ныр æз дæр кæрты. Ус
æм фæстæмæ дæр нæ фæкаст, мæнæн салам радта
æмæ ахызт кæрты дуарæй. Мæнмæ тынг диссаг
фæкастысты йæ хиуылхæцындзинад æмæ ме’ннæ
сыхаджы æдзæсгомдзинад. Баздæхтæн æмæ йын
бауайдзæф кодтон:
- Цæмæн æй æлгъитыс? Уый æнæуый дæр
рынчын куы хæссы. Хуыцауæй нæ тæрсыс?
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 157
- Ды дæр уый хуызæн дæ! - нал бацауæрста
мæныл дæр.
...Бахгæдтон фæстæмæ мард усыл дуæрттæ,
мæхæдæг кæрты цы фондз фатеры ис, уыдонæй иуы
дуар бахостон. Ракаст мæм дзы иу æрыгон чызг.
- Сашæ ингæны тыххæй ацыд. Ларисæ
Николаевнæйы райсом ныгæнынц! - тагъд-тагъд
мын адзырдта чызг æмæ фæмидæг.
Джихтæ гæнгæ ныххæццæ дæм мæ куыстмæ.
Тынг’ мæ фæндыд уыцы мæгуыр усæн истæмæй
балæггад кæнын, йæ цуры фæбадын. Тынгдæр та мæ
фæндыд йæ чырын ын срæсугъд кæнын.
- Æмбæрзæн! Хъуамæ йын хорз æмбæрзæн
балхæнон! Уадз æмæ райсом адæм куы æрæмбырд
уой, уæд аив уа! - æрхъуыды кодтон æз, æмæ цыма
мæ уаргъ ме ’ккойæ ахауд, афтæ мæм фæкаст.
Куыст ныууадзын мæ бон нæ бацис, фæлæ изæры
комкоммæ мæрдджынтæм бацыдтæм. Йæ фырт
Сашæ мæ куы ауыдта, уæд скуыдта, æмæ мæнæн
дæр мæ зæрдæ суынгæг сæ мæгуырдзинадæй дæр
æмæ Сашæйы тæригъæдæй дæр. Кæрты цы иунæг
лæгимæ лæууыд, уый ныууагъта, æмæ марды
цурмæ бацыдыстæм. Куыддæр æрбадтыстæм, афтæ,
чырыны бын цы стыр гæды бадт, уый лæппуйы
уæрджытæм сгæпп кодта æмæ чырынмæ мæллæг
хъæлæсæй бауасыд.
- Ацы гæды æхсæвæй-бонæй мамæйы дæл-
фæдтæм бадтис. Дысонæй нырмæ æппындæр йæ
разæй нæ цæуы, хæргæ дæр нæ кæны. Æмæ, дам,
фос ницы æмбары!
158 Дауырæ
Мæ ном æмæ мæм мæ фыды номæй сдзургæйæ,
Сашæ бафарста:
- Ды дæр, æвæццæгæн, нæ зоныс, мæ мад
сыгъдæг ирон чызг кæй у, уый?Йæ мыггаг у
Хъаратæй. Фæстагмæ йæ тынг фæндыд йæ мыггагæн
йæхи раргом кæнын, фæлæ йæ къухы нал бафтыд.
- Æз интернационалист дæн. Чи кæцы нацийæ
у, уымæ нæ кæсын. Дæ мад дæр, æмæ дæхæдæг
дæр мæ зæрдæмæ уымæй цыдыстут, æмæ уæздан,
куыстуарзаг, хиуылхæцгæ адæм кæй стут. Дæуæй
ма уымæй бузныг дæн, æмæ дæ мады лæггæдтæ кæй
бафыстай. Гъе æрмæст ын йæ бæллицц нæ сæххæст
кодтай, тынг æй фæндыд, ды бинонты хъуыддаг куы
бакодтаис, уый. Ирон кæй стут, уый та нæ зыдтон.
- Æвзаг æмæ æгъдауæй ирон нал уыд мæ мад.
Йæ фыды йын 37-æм азы æрцахстой æмæ йæ адæмы
знагыл банымадтой. Сыбырмæ йæ куы хастой, уæд
йæ хъазахъхъаг æрдхордмæ рахъæр кодта: «Мæ
бинонтæ де ’уазæг». Бамбæхста хъазахъхъаг мæ
мады, мæ мадыфсымæры æмæ мæ мадымады -
аласта сæ Стъараполы краймæ. Куыддæртæй хо æмæ
æфсымæр фæхицæн сты: лæппу йæ фыды мыггаг
- Хъаратæм бахаудта, фæлæ мæ мад уыцы лæджы
мыггагыл фыст æрцыд. Мæ фыд уырыссаг уыд -
уымæ куы смой кодта, уæддæр хъазахъхъаг лæджы
мыггаг нал аивта, афтæ арфæйаг ын уыдис! Куыд
дзырдтой, афтæмæй мæ мадыфсымæр тынг раджы
амард, фæлæ йын цот баззад. Мæ мад сæ аивæй
агуырдта, фæлæ сæ не ссардта.
- Сашæ, æмæ уын æппындæр хиуæттæ нæй?
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 159
Куыд ничи сæ æрбацыд? - афарстон æз, райсом дæр
зианмæ куы ничи æрбацæуа, уымæй тæрсгæйæ.
- Мæ мадымад дыккаг хатт куы смой кодта,
уæд ын чызг райгуырд, фæлæ уый дæр ам нæ
цæры. Красноярскы цæры. Мæнæ тел ныццавта,
цæмæй, дам, ацæуон мардмæ, уый нæй!.. Райсом,
мамæ кæимæ куыста пенсийы размæ, уыдон
æрбацæудзысты. Дæс азы пенсийы уыдис, фæлæ
ма йæ чидæртæ зоны йæ куыстæй. Æз дæр дыууæ
мæйы размæ кусын райдыдтон. Мæ куыстæй дæр
уыдзысты, - загъта Сашæ, цыма мын мæ сусæг
фарстæн дзуап дæтты, афтæ.
Дыккаг бон, 29 декабры, мæ сыхаджы
ныгæнынмæ куы фæзындтæн, сыгъзæринхуыз
æмбæрзæн мæ къухы, афтæмæй, уæд мын
мæрддзыгойы устытæй иу афтæ:
- Ницы фехъуыстай? Рæмонты Митяйæн йæ ус
æмæ йæ фырт аварийы фæмард сты!
Мæ зæрдæ сæнкъуыст уыцы æвирхъау хабарæй.
Фæдисы хъæрмæ фæдисы тахт хъæуы! Куыддæр
зиан ахастой, афтæ Торчынты Эммæмæ, мæ мады-
фсымæры чызгмæ, фæхабар кодтон, æмæ Рæмонты
кæрты бамидæг стæм. Митя Торчынты Аликкæн йæ
кæнгæ ’фсымæр у, мæ мадыфсымæры лæппуйæн,
Заирæ та немæ телеуынынады куыста бирæ азты
дæргъы. Алик æмæ Митяйæн сæ лымæндзинад тынг
раджы райдыдта. Æфсон та сын уый фæцис, æмæ
дыууæйæ дæр иу бон райгуырдысты - 1937 азы
сентябры бонтæй иуы. Митя Зæирæйы куы бауарзта,
уæд йæ хъуыддæгтæ иууылдæр Аличчы бар бакодта,
æмæ хи æфсымæр дæр афтæ бæстон лæггад нæ
160 Дауырæ
бакæндзæн!.. Уæдæй фæстæмæ цæрынц дыууæ
хæрзæфсымæры хуызæн, Эммæ та сын иунæг хо у.
Кæртмæ мах бахызт æмæ Аличчы схæццæ
Мæскуыйæ баиу сты. Эммæ æмæ Аликк Митя-
йыл ныттыхстысты!.. Æвæдза, цас фарн ис æфсы-
мæрдзинады!.. Уыдæттыл бæстон фыссын хъæуы! Æз
цыбырæй зæгъдзынæн бæллæхы хабар: Уырызмæг,
Митяйы дыккаг фырт, Мæскуыйы цæры. Ногаз
ам, йæ бинонтимæ арвитынмæ ссыд, æмæ йæ мад
Заирæимæ сæ зæрæдты - Митяйы мад æмæ фыды
бабæрæг кæнынмæ Садонмæ ацыдысты. Уыдысты
сæхи машинæйыл. Фæстæмæ куы раздæхтысты,
Алагиры хидæй куы рауадысты, уæд сæ иу стыр
машинæ йæ быны акодта, æмæ фыдгулы балгъитæг
афтæ... 30 декабры Мамсыры-фырты уынджы
базмæлæнтæ нæ уыд - æгас Ирыстон ныгæдтой,
бæрзбæласы хуызæн аив æмæ рæсугъд чи уыдис,
уыцы Зæирæ æмæ хуры тыны хуызæн Уырызмæджы.
Рухс дзæнæт сæ бадæн!..
Зонгæ æмæ уарзон адæймаджы зын иу бонмæ нæ
хицæн кæны. Уæвгæ, мæ къухы ацæуын кæдæм нæ
бафтыд, ахæм зиантæ дæр мын тынг хъыг уыдысты.
Ацы бонты ахицæн йæ цардæй Хъæстуаты Булкъон
дæр. Рухсаг уæд, уый дæр тынг хорз фырт уыдис
Ирыстонæн!..
31-æм декабрь мæнæн зын бон вæййы, - уыцы
бон ахицæн йæ цардæй мæ уарзон мадыфсымæр.
Ахæм аз нæма уыд, æмæ мæ ферох уа йæ зын, кæд
бирæ азтæ рацыд, уæддæр. Уый уыд Торчынты Мсо
- хорз ирон лæг.
Уæлдæр ранымад хъуыддæгтæм ма мын зæрдæ-
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 161
уынгæг кæнынмæ бафтыд Ног азы хæд размæ
Ельцины раныхас телеэкранæй. Боны дыккаг æмбис
фехъуыстон, Борис Николаевич Ельцин йæ бартæ
æмæ йæ хæстæ Владимир Путинмæ радта, зæгъгæ.
Мæхинымæр загътон: рынчын лæг у, йæ бон кусын
нал у æмæ йæхи суæгъд кодта!..
Ныр мæ куыстытæ куы фесты æмæ ме ’ртæ
кæрдзыны Ног азы хæдразмæ стъолыл куы æрæ-
вæрдтон, уæд Ельцины ныхасмæ хъусгæйæ афтæ
тынг банкъардтон йæ тæригъæд, æмæ скуыдтон.
Йæхæдæг цы цард сарæзта, паддзах цы бæстæйы
уыд, - æппæтæй тыхджындæр, æппæтæй барджын-
дæр, уыцы бæстæйы бархийæ дæтты йæ бартæ,
уымæн æмæ адæмыл мæтæй йæ зæрдæ фæсахъат, йæ
азтæм гæсгæ зæронд нæма уæвгæйæ йæ бон кусын
нал у! Æмæ кæд мæ хъуыдытæ фындзыбын нæ
уынæг адæймаджы хъуыдытæ сты, уæддæр уадз æмæ
уой! Иу та хъуамæ мæн хуызæн хъуыды кæна, мæн
хуызæн тæнзæрдæ æмæ тæригъæдгæнаг уа!..
Кæугæйæ сæмбæлдтæн Ногазыл! Ног хæрзтæ
нын æрхæссæд! Адæмæн, не ’ппæтæн дæр амонд,
сабыр цард, æнæниздзинад æрхæссæд!
Фыццæгæм январы райхъал дæн телефоны
дзæнгæрæгæй - «Ног азы хорзæх дæ уæд» мын чи
загъта, уый æвиппайды нæ бамбæрстон.
- Æз Сланты Барис дæн! Мæ фыдыхо Тамарæ
амардис. Райсом æй æвæрæм.
Æмæ кæд Сланты чызг, Пухаты ус, Тамарæйыл*
80 азæй фылдæр цыдис, уæддæр мын тынг хъыг
уыдис йæ зын. Бон изæрмæ мæ сæры зилдух кодтой
Тамарæ æмæ йæ бинонты хъысмæты цаутæ.
11 Заказ № 34
162 Дауырæ
Кæддæр джызæйлаг хæрзконд, сæрæн, аив,
фæлæ сидзæр лæппу бауарзта хуымæллæггаг чызг
Цæлойты Фаризæты. Нæ радта Фаризæты йæ фыд
Сланты Гицойæн æнæ ирæдæй. Сланты фæсивæд
куы бамбæрстой, Гицойæн йæ бон æнæ Фаризæт
цæрын нæу, уый, уæд ын æй аскъæфтой.
Фыд йæ чызгыл йæ къух систа, - ирæд домдта.
Суанг сæ чызг Дусяйыл æртæ азы куы сæххæст,
уæддæр ма Фаризæт хъодыгонд уыдис бинонтæй.
Гицо куы бамбæрста, Цæлойтæ сæ чызгыл сæ
къух систой, уый, уæд йæ бинонтимæ сыстад æмæ,
хиуæттæн æнæ исты зæгъгæйæ, ацыдис Астæуккаг
Азимæ. Уый уыдис 1908 азы. Æрцардысты Коканды
горæты Узбекистаны. Кæм уыдысты, уый цалдæр
азы ничи зыдта. Уæдмæ ма сын райгуырдис дыууæ
лæппуйы æмæ дыууæ чызджы - сæ цот ныр баисты
фондз. Тамарæ, ныр чи амардис, уый дæр сын уым
райгуырд. Гицо кусынмæ бацыдис Коканды сæкæры
заводмæ хуымæтæг кусæгæй, фæлæ фæстагмæ
уыцы заводæн хицау сси. Æрæмбырд кодта ирæдваг
дæр æмæ цæрыны фаг дæр фæллой. Сарæзта
хорз хæдзар йæ цотæн. Фæлæ хъысмæт æвирхъау
разынд - 1925 азы Гицо æвиппайды мæлæтдзаг
рынчын фæцис гуыбыннизæй (дизентерия), æмæ
цалдæр бонмæ амардис. Куы мардис, уæд, Тамарæ
куыд дзырдта, афтæмæй Цæлонæй йæ бинонты раз
дзырд райста, йæ сывæллæтты йын Ирыстонмæ
кæй аласдзæн цæрынмæ, уый тыххæй. Узбектæ
суæвынæй сын тарст!
Баныгæдтой уым Гицойы 1925 азы. Афæдзы
фæстæ, 26-æм азы, Куадзæнбон, Джызæлмæ схæц-
Хæхтæ. Азтæ. Бонтав 163
цæ сты Гицойы фондз сывæллоны æмæ Цæлон.
Æрцардысты сæ кæддæры хæдзары. Цæттæ
фæллой бирæ кæм лæууы! Цасдæры фæстæ
смæгуыр сты, æмæ цалынмæ сывæллæттæ сæхиуыл
фæхæцыдысты, уæдмæ мæгуыры тухитæй хаста
йæ сывæллæтты Цæлон. Уалынмæ лæппутæй
хистæр - Петр - ацыдис Прохладнимæ, ДЕПО
мæ кусынмæ. Кæстæр - Барис, фæцис Калачы
æфсæддон скъола, сси афицер, фæлæ йæ æгъатыр
хæст Киевы æрæййæфта, æмæ уым хæсты фыццаг
мæйты фæмард. Ацыд хæстмæ бархийæ Петр,
æз дæр иучысыл аххуыс кæнон, зæгъгæ, æмæ та
уымæй дæр Фаризæт сау гæххæтт райста. Уæдмæ
чызджытæ дæр сæ ахуыртæ фесты, - се ’ппæты дæр
Фаризæт царды фæндагыл раст бæргæ сæвæрдта:
Дуся - фармацевт, куыста афтекты, Тамарæ -
ахуыргæнæг, скъолайы йæ федта йæ фидæны мой
Пухаты афицер, кæстæр чызг та бухгалтер уыдис,
куыста Электроцинчы заводы. Фаризæты зынтыл ма
ноджы иу бафтыд: йæ чындздзон чызг, Электроцинк
эвакуаци куы кодтой, уæд фашистон лæгмарты
бомбæтæй фæмард поезды.
Баззадис Фаризæт йæ дыууæ чызджы Дуся
æмæ Тамарæимæ зæрдæрыстæй. Уæвгæ сын
зæрдæлæууæн дæр уыдис - чысыл Барис Петры
фырт. Цыдæриддæр уыдис, цæрын хъуыд бинонты.
Кусын хъуыд. Æмæ Фаризæт, куыста саукусæгæй
Джызæлы дургæнæн заводы. Ам дæр та йыл стыр
бæллæх æрцыд: дургæнæн пресс иу уырыссаг усы
къух ахауын кодта, æмæ хицау Фаризæтмæ æрхатыд,
164 Дауырæ
æрмæстдæр, зæгъы, æртæ боны бакус! Искæйы
ссардзынæн!
Бакуыста Фаризæт иу бон! Дыккаг бон ыл
уырыссаг усы бæллæх сæмбæлд: амур кодта пресс
Фаризæты къух дæр! Куыд рабæрæг, афтæмæй
цалцæггонд нæ уыд - рæстæгæй раздæр-иу æрхауд
бынмæ, æмæ дыууæ усы къухтæ дæр уый аххосæй
ахаудтой.
Алыг кодтой Фаризæтæн йæ къух цонджыхъулы
онг. Афтæмæй ма фæцардис къорд азы. Фæл-
мæцыдис йæ уæнгхъуагæй дæр, æмæ йæ алы аз
дæр пенси исыны тыххæй къамисты цæуын кæй
хъуыдис, уымæй дæр. Тамарæ куыд дзырдта, уымæ
гæсгæ, дохтыртæн зæгъгæ дæр кодта: азæй азмæ,
дам, мын ног къух æрзайынмæ æнхъæлмæ кæсут,
æви?
Йæ фырты фырт Барис куы рахъомыл æмæ
денджызон скъола каст куы фæцис, уæд, æвæц-
цæгæн, Фаризæт Барисы цур дæр æмæ Хуыцауы
цур дæр йæ хæстæ сæххæстгондыл банымадта æмæ
сфæнд кодта ацы мæнг дунейæ ацæуын. Хуыцау йæ
зонæг, цас фæхъуыды кодта! Цавæр диссаджы зынтæ
уыд йæ зæрдæйы, йæ зонды! Иу райсом, Тамарæйы
2 январы цы стыр кæртæй рахастам, Калойы-фырты
уынгæй, уыцы кæртмæ ’рбацыдис, Пухатæн бирæ
арфæтæ фæкодта, мæ ныфс стут, зæгъгæ, йæхæдæг
ацыд æмæ сын сæ бæласыл йæхи сауыгъта, йæ
дзыппы цы зæлдаг синаг æрбахаста, уымæй.
Æнæ цæссыгæй Тамарæ никуы мысыдис йæ
рæсугъд, æнамонд мады. Йæ аив, йæ уæздан цоты
дæр ма-иу фæкæуын кодта...
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 165
Нал ис иу дæр Гицойы цотæй, - Ауся дæр
цалдæр азы размæ амард. Бавæрдтам 2 январы
Тамарæйы. Хорз кад ын скодтой Слантæ дæр æмæ
Пухатæ дæр, сæ цæрæнбон бирæ!
Куыддæр уыцы зианæй æрбацыдтæн, афтæ мын
фехъусын кодтой ног хъыг хабар - амардис Сланты
Епремы фырт Гриша, мæнæн тугхæстæг æфсымæр
чи уыдис, уый: нæ фыдæлтæ дыууæ ’фсымæры цот
уыдысты.
Хъыгагæн, йæ царды фæстаг азты хабæрттæ
дзурынæн дæр нæ бæззынц, фæлæ йæм æз абоны
цæстæй нæ кастæн. Кæддæр цы диссаджы лæг
уыдис æмæ йæ нозт цæмæ æртардта, ууыл куыдтон
æз тынгдæр. Стæй туг рисгæ кæны! Мæнæн мæ
мыггаджы хуыздæрты æмæ мæ хæстæджыты
кæугæйæ уынын мæ бон нæу! Мæ бон нæу не ’дзард
мæрдтыл хъарджытæм хъусын. Æмæ та уым дæр
тынг бафæлмæцыдтæн цалдæр боны...
...Абон у 5 январь. Мит рауарыд æрмæст Уæл-
ладжыры комы, - уымæй дæр бирæ: фæндаг
æрæхгæдта, зæйтæ рацыдысты. Ам, Дзæуджыхъæуы,
у фыццагау саузым Ногаз. Мит та хъæугæ кæны,
суанг зæрдæйы рыст фæирддæр кæнынæн дæр!..
2000 азы 5 январь
166 Дауырæ
-^Р5' == —————=^=— —
Æрвæрттывд
Ирон аивады йæ фæзынд æрвæрттывды
хуызæн ирд, цыбыр, фæлæ иттæг ахадгæ
кæмæн уыдис, уыцы Дауыраты Харитоны сæфтыл
абон, 1996 азы 12 мартъийы æххæст кæны 10 азы.
Харитоны чи зыдта, уыдонæй йын йæ бирæ-
вæрсыг курдиатæн аргъ чи нæ кодта, ахæм нæ
разындзæн.
1953 азы нæ бæстæйы хуыздæр театралон
скъолатæй иу - Мæскуыйы Б. В. Щукины номыл
уæлдæр театралон училище - ирон театримæ иумæ
æмбырд кодта фæсивæд дыккаг ирон студи сара-
зыны тыххæй.
Хъобайнаг лæппу, хуымæтæг зæхкусæг Дауы-
раты Мырзабеджы фырт Харитон уæд ахуыр
кодта Мæскуыйы паддзахадон киноинституты
актерон хайады. Ирон театрмæ фæсивæд цæттæ
кæнынц, уый куы базыдта, уæд йæ гæххæттытæ
киноинститутæй райста æмæ стыр æхсызгонæй
ист æрцыд Щукины номыл уæлдæр театралон
училищемæ ирон студимæ.
Фондз азы фæстæ райста театр æмæ кинойы ар-
тисты ном æмæ æнтыстджынæй кусын райдыдта,
чысылæй фæстæмæ кæмæ бæллыдис, уыцы ирон
театры.
Харитон ирон театры æрмæстдæр æртæ азы
бакуыста. Ахъазыдис арæхстджынæй цалдæр
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 167
ролы, уыдонимæ Брытъиаты Зарифæ æмæ
Саламты Къолайы пьесæ «Дыууæ чындзæхсæв»-ы
Хъалмыхъы роль. Абон дæр ма адæмæй нæ рох
кæны, куыд зæрдæмæдзæугæ сурæт сарæзта
Харитон, уый.
Фæстæдæр - бирæ азты дæргъы - Хъалмыхъы
роль Советон Цæдисы адæмон артист Саламты
Къола хъазыдис æмæ-иу афтæ загъта Харитонæн:
«Хъалмыхъы ды æрхъуыды кодтай! Æз æм уæлдай
ницыуал бафтыдтон».
Йæ алæмæты хъæлæс, йæ аив дзыхыдзырд
бирæ æхсызгондзинад хастой адæмæн, Харитон
республикон радиокомитеты дикторæй куы
куыста, уæд. Уыцы рæстæг райдыдта журналисты
куыст кæнын дæр. Сарæзта бирæ зæрдæмæдзæугæ
радиобакастытæ. Уæд кусын райдыдта ирон театры
зынгæдæр артистты сфæлдыстадон сурæттыл дæр.
Харитон республикон радиойы хæзнадонмæ
бахаста, абон дæр ма адæм зæрдиагæй кæмæ
хъусынц, бирæ ахæм спектакльтæ.
Суанг хæрзæрыгонæй фæстæмæ Дауыраты
Харитон йæ хъарутæ фæлвæрдта литературæйы -
фыста хъæлдзæг радзырдтæ, интермедитæ, скечтæ,
иуактон пьесæтæ. Абон дæр ма хихъæппæрисадон
къордтæй бирæтæ æвæрынц «Сæдуйы грелкæтæ»
æмæ «Сымыханы цъулбертæ», «Зыдыка» æмæ «Ног
хицау».
Харитон ирон æвзагмæ ратæлмац кодта цалдæр
пьесæйы. Цыдысты ирон театры сценæйы, уыдо-
нимæ М. Горькийы «Мещантæ» дæр.
168 Дауырæ
Дауыраты Харитон уыдис, ирон аив сценикон
ныхасыл æппæты разæй кусын чи райдыдта,
уыцы фыццаг аивадиртасæг наукæты кандидат.
1972 азы Мæскуыйы, ГИТИС-ы - театралон
аивæдты паддзахадон институты æнтыстджынæй
бахъахъхъæдта аивадиртасæг кандидаты диссертаци
æмæ райдыдта йæ наукон куыст. Ныффыста цалдæр
наукон куысты, уыдонимæ «Ирон сценикон ныхас»
дæр.
Хетæгкаты Къостайы номыл университеты
филологон факультеты ахуыргæнæгæй кусгæйæ
Харитон ссис доцент. Стыр аргъ ын кодтой йæ
æвæллайгæ куысты тыххæй йе ’мкусджытæ æмæ,
йæ зæрдæйы цæхæр кæмæн нæ хæлæг кодта, уыцы
студенттæ дæр, Ирыстоны æвзонг фæлтæр.
ССР-ы Цæдисы Журналистты æмæ Кинема-
тографистты цæдисты уæнг, Уæрæсейы Федерацийы
Театралон æхсæнады уæнг Дауыраты Харитонмæ
уыд, йæ хъысмæт кæимæ сбаста, уыцы ирон аивадæн
балæггад кæнынæн бирæ фæндтæ, фæлæ дæс
азы размæ, 1986 азы уалдзæджы, цæрынхъуагæй
амард.
Харитон ныффыста чингуытæ «Хæхтæ райынц»
æмæ «Æрвæрттывд». Рацыдысты йæ фесæфты
фæстæ. Сæ рауадзыныл бацархайдтон æмæ сын
разныхас ныффыстон æз мæхæдæг - Дауыраты Зоя
- Дауырæ.
Харитоныл цы æмдзæвгæты цикл ныффыстон,
уыдонæй мæнæ иу:
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 169
Хъæнты мæйы, рагуалдзæджы,
Хъызты тых куы ’рхуыссы,
Уæд дæ уд цæргæсы хуызы
Дзæнæтæй æрхъуызы.
Иры хæхтыл, Иры фæзтыл
Базыртæ ныттындзы, -
Фарнузæлдæй, цинымонцæй
Зонгæты фæхынцы.
Чи зоны, æвзонджы сæнтты
Амондмæ ды тырныс?..
Чи зоны, нæртон зарæджы
Зарæгæн ды хъырныс?..
Малусджытæй уарзты тæгтæ,
Чи зоны, ды бæттыс?..
Мидбылхудт æцæгæлæттæн,
Чи зоны, ды дæттыс?..
Ехх, æмæ дæ номмысæны
Æрдзыл гуырдз куы бафтид!
Æмæ та нæ Рафæлдисæг
Ирæн дæу куы раттид!
199базы 12мартъи
170 Дауырæ
~^Ь"' "—=ж—■====—
Гуг туйжь/ агуры
Штыбы фæзы трамвайæ рахызтæн, зæгъын,
Цæнгæт хидæй Теркмæ ныккæстытæ
кæндзынæн, Плиты Иссæйы цырты цур абаддзынæн,
стæй мæ хъуыддæгтæ дарддæр кæндзынæн. Мæ
хæдфæстæ трамвайæ рахызтис иу мæхи карæн
ацæргæ ус æмæ мæ уайтагъд баййæфта. Мæ разæй
фæуынмæ нæ хъавы, уый куы бамбæрстон, уæд
æм комкоммæ бакастæн, кæд, зæгъын, мæ бирæ
зонгæтæй исчи у.
- Уæдæ, фистæгæй цæуæм, нæ? Ахæм бон
фистæгæй цæуын хуыздæр у!
- Зоныс мæ, мæнæ дзæбæх ус? - афарстон æй æз.
- Зонгæ дæ нæ кæнын, фæлæ мæ цæмæндæр
демæ рахизын бафæндыд, кæд мæ дарддæр цæуын
хъуыд, уæддæр.
- Кæд дæу дæр Терчы был алæууын фæнды.
Алæууæм хидæн йæ тæккæ астæу æмæ ацы æлутон
уæлдæфæй аулæфæм.
- Æлутон уæлдæф кæм ис, уым ды, æвæццæгæн,
никуы уыдтæ! Æз хохаг дæн. Æвæццæгæн, фистæгæй
цæуын дæр уымæн уарзын, - дзырдта мын ме
’мфæндаггон. Æз æм хъуыстон æмæ мæхинымæр
хъысмæтæн арфæтæ кодтон, иуæй, ирон кæй
дæн, иннæмæй та кавказаг, уый тыххæй. Æз бирæ
фæцардтæн æндæр адæмты ’хсæн, стыр горæтты,
фæлæ дзы мах хуызæн сыгъдæгзæрдæ, адæмуарзаг
адæм никуы федтон...
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 171
- Æмæ кæцон хохаг дæ?
- Ды уал зæгъ, кæцон дæ, уый!
- Æз дæн хохаг хъобайнаг, - сæрыстырæй
загътон æз.
- Хъобаны мах æрвадæлтæй дæр цæры, фæлæ æз
та урстуаллаг дæн.
- Мæнæн дæр мæ рагфыдæлтæ урстуалтæй
уыдысты.
- Æмæ кæмæй сты дæ рагфыдæлтæ?
-Æмæ дæуæн дæ хъобайнаг æрвадæлтæ кæмæй
сты?
- Нæ, ды уал зæгъ...
Махмæ бакæсын диссаг уыдис. Хиды был цы
домбайтæ ис, уыдонæй кæройнагмæ бахæццæ стæм.
Нæ фæйнæ къухæй йыл æрхæцыдыстæм æмæ, цыма
дунейы ахсджиагдæр хъуыддæгтæ лыг кæнæм,
афтæ бæстон æвзæрстам, чи нæ чи у, уый! Нал мæ
ауадздздæн æнæ базонгæ, уый ьсуы бамбæрстон, уæд
ын загътон:
- Æз дæн Сланты чызг...
- Мæнæ диссаг! - мæ ныхас мын кæронмæ нал
бауагъта зæгъын, æмæ йын кæд ме ’ннæ мыггаг
дæр зæгъынмæ хъавыдтæн, уæддæр дард ацыд,
йæ къухтæ фæйнæрдæм ныппака кодта æмæ мæ
бафарста:
- Кæмæй загътай?
- Слантæй. Хъобайнаг Слантæй. Искуы
урстуалты Сланты Гахайы кой фехъуыстай? Уый
байзæддагæй дæн!
Ус мыл йæхи андзæрста æмæ мын хъæбыстæ
райдыдта. Мæ русæн бын батæ кæны, йæ бон
172 Дауырæ
фырдиссагæй дзурын нал у, афтæмæй. Æз æнцад
лæууын æмæ дисхуызæй кæсын. Фæстагмæ
тыххæйты йæ цины цæссыгтæ ныхъхъуыргæйæ
загъта:
- Мæ хо дæ! Æз Сланты Афæхъойы чызг Рая
дæн, Раманы хо! Комгæронæй!
Мæ хызын мæ къухæй æрхауд. Æз æй зæххæй
фелвæстон, домбайы къæдзилыл æй ацауыгътон,
мæхæдæг Райæйыл мæхи баппæрстон æмæ махмæ
бакæс: кæрæдзиуыл ныттыхстыстæм...
Куыд диссаг у, æвæдза, ирон адæймаджы
удыконд! Куыд уарзы йæ туджы æмæ йæ кæмфæнды
дæр куыд ссары!..
1999азы5декабрь
Хæхтæ. Азтае. Бонтæ 173
______ —-^г-
Таузан
Иуы фæлтæрддзинад иннæмæн царды скъола
куы нæ уаид, уæд кæрæдзийы тыххæй
фысгæ дæр афтæ арæх нæ кæниккам æмæ кæсгæ
дæр.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хæдфæстæ Хъоба-
ны скъолайы ахуыргæнджыты æхсæн фæзынд
географи æмæ æрдззоныны ног ахуыргæнæг. Уый
уыдис Смайлиаты Таузан. «Йæ цæсгом хур æмæ
мæйау æрттивы, йæ цæстытæ - стъалытæ», кæмæй
фæзæгъынц, ахæм сырхуадул рæсугъд чызг уыдис.
Уайтагъд хъæуыл айхъуыстис ног ахуыргæнæджы
кой. Цыдис канд йæ ахуыргæнинæгты зæрдæмæ нæ,
фæлæ æгас хъæу, уæлдайдæр та усгурты зæрдæмæ.
Тынг арæхстис йæ куыстмæ - ардта фæндаг суанг
фыдуаг сабиты зæрдæтæм дæр.
- Зоныс, Гадзыгуа, Хъобан тынг рæсугъд хъæу у!
Йæ æрдз - аргъæутты бæстæ, йæ уæлдæф - æлутон,
йæ цæрджытæ - хæларзæрдæ. Ахæм адæймаг дзы
нæй, æмæ мыл сæмбæлгæйæ чи нæ ныццин кæны,
кар адæм та мæ сæ хъæбысы дæр акæнынц, мæнæ
нæ ног ахуыргæнæг, зæгъгæ.
- Æллæх, мæ чызг! Ма мын бауарз Хъобан! Хохаг
хъæутæ зынвадат сты! Куыд дзы цæрдзынæ?!
- Нæ, Гадзыгуа! Уымæй мын ма тæрс! Дыууæ*
азы дзы бакусдзынæн, æмæ уый фæстæ ам, нæхимæ,
Беслæны скъолайы кæд бынат уаид.
Иунæг аз куы бакуыста Таузан Хъобаны
174 Дауырæ
скъолайы, уæд бамбæрста, йæ дзырдæн хицау нæ
разынд йæ мады раз, уый, æмæ йын иу бон афтæ:
- Гадзыгуа, Хъобан мæ зæрдæмæ куыд тынг
цæуы, уый зоныс!..
- Цыдæр мæ æмбæхсыс, мæ чызг. Макæй дзы
бауарз? - бакатай кодта Гæбулон.
- Дыууæ сты, Гадзыгуа, фæлæ дзы мæ зæрдæмæ
кæцы цæуы, уый мæхæдæг дæр нæма зонын, -
загъта чызг, мады уæрджытыл йæ сæр æрæвæргæйæ.
- Омæ чи сты, чи, мæ хур? Мæнæн дæр-ма сæ
кой ракæн!
- Сæ иу инженер у, уым Джызæлдоны ГЭС-ы
кусы. Хæсты дæр уыдис. Хорз мыггаджы лæппу.
Иннæ дæр, хæсты чи уыдис, ахæм у, фæлæ йе
ссыдмæ йæ хæдзар афтæ ныдздзæллаг, æмæ,
æвæццæгæн, уыдонæй мæгуырдæр Хъобаны хæдзар
нæй.
- Æмæ йæ мыггаг та кæмæй у, йæ мыггаг,
дыккагæн? - афарста мад.
- Йæ мыггаг? Йæ мыггаг диссаджы хорз мыггаг
у. Уым дæр дзы бирæ цæры. Йæ мыггаг Иссæйы
мыггагæй у! - сæрыстырæй загъта Таузан.
- Куыд? Плиты Иссæйы æрвад у? Кæд мæнмæ
хъусай, мæ чызг, уæд нын уый бæзгæдæр сиахсаг
уыдзæн. Иуæй, нæхи хуызæн мæгуыр. Сæйрагдæр та
кадджын Плиты лæппу...
Сырæзтысты хъуыддæгтæ, æмæ Таузан бæстон
хъобайнаг сси. Бауарзын кодта йæхи хъæубæстæн
йæ лæггæдтæй æмæ йæ уæздандзинадæй, бинон-
тæ та йæ йæ сабырдзинад æмæ йæ сæрæндзи-
нады тыххæй бауарзтой. Кæддæр мæгуырдæр
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 175
хæдзарыл нымад чи уыдис, уый фарн æмæ амондæй
байдзаг ис, - уæнгдых куыстмæ дæр тынг арæхстис
Таузан.
Хæмæтхъан æмæ Таузанæн Хуыцау балæвар
кодта иу лæппу æмæ æртæ хуры хуызæн чызджы. Сæ
ныййарджыты кад æмæ сæхи хæрзхъæддзинад баиу
сты, æмæ сыл лæппутæ ныххæлоф кодтой - иу та
дзы хъобайнаг Æлбегаты чындз бацис.
Фæтыхджындæр ис Таузаны цæгат æмæ
кæддæр-кæддæр сразы кодтой Плиты бинонты
Беслæныхъæумæ ралидзыныл. Фæлæ Таузан дæр,
æмæ йæ цот дæр сæ уарзон Хъобаныл сæ зæрдæ
никуы сивтой - цыдысты йын йæ цинмæ дæр æмæ
йæ зынмæ дæр.
Атахтысты азтæ. Ныр Таузаны цоты цот,
кæддæр йæхæдæг куыд æрыгонæй бацыд Хъобанмæ
кусынмæ, ахæмтæ систы.
- Мæн мæ уарзон Хъобан баныгæндзысты! -
загъта, дам-иу, Таузан хъысмæтыл дзургæйæ.
2001 азы уалдзæг фæстаг уалдзæг уыди
Таузанæн. Рынчын хаста фæстаг рæстæг, фæлæ уый
æнхъæл та чи уыдис, æмæ афтæ æвиппайды уыдзæн
йæ зыны хабар...
- Мамæ, дæлæ-ма акæс, Хъобан дæм цасæй
æрбацыдысты! Иунæг каст ма сæм ракæн, мамæ! -
хъарæг кодта чызджыты дзырдарæхстдæр.
Хорз цотæн хорз фæтк вæййы - Арсен
Хъобанмæ канд хъæргæнæг нæ арвыста, фæлæ ма
арвыста дынджыр автобус дæр, мыййаг, машинæйыл
куы стыхсой, зæгъгæ.
Ирон адæймаг йæ фæстаг боныл тыхсгæйæ
176 Дауырæ
цæры. Ехх, æмæ уыцы бон Плиты зианы Хъобаны
хуыздæр лæгтæ Бекмырзаты Петя æмæ Ваня куы
уыдаиккой æмæ Таузанæн йæ бирæ лæггæдты
тыххæй бæстон арфæ куы ракодтаиккой Хъобаны
номæй. Мæн тынг фæндыд, мæрддзыгойы
адæм ын йæ царды хабæрттæй дæр истытæ куы
фехъуыстаиккой, уый.
...Иу бон та Таузан скъоламæ айрæджы кодта, -
иуæй дард цардис, иннæмæй та хæдзары куыстытæй
йæ тæккæ хъуырмæ уыдис.
- Цæмæн байрæджы кодтай педсоветмæ,
Таузанæ Темировнæ? Рахæсс-ма дæ пълантæ! -
загъта, Хъобаны скъола хæсты фæстæ йæ къахыл
чи слæууын кодта æмæ абоны онг хъобайнæгтæ
арфæйаг кæмæн сты, уыцы директор Цъебойы-
фырт.
- Петр Константинович! Абон мæм пълантæ
нæй. Фæлæ мæнæ иннæтæм се ’ппæтмæ
дæр ис пълантæ... Ау, цас диссаг у, утæппæт
ахуыргæнджытæй иунæгмæ пълан куы нæ уа, уæд?..
Уыцы рæстæджы нæ дзæнгæрæг ныры
дзæнгæрджыты хуызæн нæ уыд - скъолайы кæрты
цы дынджыр æфсæйнаг уыдис, уый-иу дзæбугæй
ныххостам. Ахуыргæнджытæ Таузаны афтæ бирæ
уарзтой, æмæ-иу фæндагмæ йæ размæ тахтысты,
дæу тыххæй дзæнгæрæг нæ дæттæм, зæгъгæ.
Хохаг хъæутæ, æцæгæйдæр зынвадат уыдысты
æмæ сты абоны онг дæр. Афтæ-иу уыдис, æмæ
тынг тагъд цæуын хъуыдис горæтмæ кæнæ быдираг
хъæутæм, фæлæ-иу автобус нæ бацыд. Æмæ-иу уæд
Таузан адæмы тыхст худынæй раивта:
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 177
- Нæ уын загътон, иумæ æхца æрæвæрæм æмæ
иумæйаг вертолет балхæнæм!
Хæхбæсты зынвадат цардæн Таузан дæр
тыххæйты фæрæзта. Беслæныхъæумæ-иу йæ
цæгатмæ куы ныццыдис, уæд, дам-иу, йæ мад
Гадзыгуайæн афтæ: «Æрмæстдæр мæ фондз минуты
афынæй кæнын бауадз, стæй дын нæхи хабæрттæ
дæр радзурдзынæн æмæ дын дæхи дæр афæрстытæ
кæндзынæн». Æмæ, дам-иу, стъолы уæлхъус дæр
æрфынæй.
Куыд хорз у фæстаг фæндагыл карджынæй
цæугæйæ хорз цæгаты цæссыг ахæссын!.. Тау-
заны хиуæттæ, йæ фыдыфсымæры лæппу Хох,
76-аздзыдæй дæр хохы хуызæн лæг - куы балæу-
уыдысты Таузаны чырыны уæлхъус, уæд зæрдæ,
иуæй, уынгæг кодта, иннæмæй - цин.
Куыд хорз у хорз мыггаджы æхсæн хорзæй
фæцæрын! Цас кад скодтой Плитæ сæ уæздан
чындзæн йæ фæстаг бон! Уæлдай æхсызгондæр
зæрдæйæн уый у, æмæ Плитæм цы хорз лæгтæ
уыдис - Гази, Муссæ, Соскъо, Бабыцо, Дианоз,
Михакъо, Цуца, Елхъан, - уыдонæн сæхи хуызæн
уæздан æмæ аив фæдонтæ кæй ис. Бабирæ сты
Таузаны фæдонтæ дæр: хæрæфырттæ - æхсæз, йæ
фыртæн та, Таузанæн йæхи цоты хуызæн, æртæ
чызджы æмæ иу бындар - йæ мыггаджы аккаг хорз
лæг суæд!
- Цалынмæ цæрат, уæдмæ уæ хорз мад Таузаны
кадæй кадджын уыдзыстут! - загъта сын зианы
дзурджытæй иу...
Арæх цы ном æвæрæм, уый æнæ мыггаджы
12 3аказ№34
178 Дауырæ
кæнæ фыды номæй нæ фæдзурæм, фæлæ Таузан-
ном дзурæг никуы загъта Плиты кæнæ Смайлиаты
мыггаг, уымæн æмæ йæ æгас ком дæр номæй зыдта
æмæ зондзæн.
Рухс дзæнæты бад, Таузан! Хæрзаудæн кæн дæ
уарзон Ирыстоныл!
200 7 азы 27 апрель
Хæхтае. Азтае. Бонтæ 179
=— ! —— "с?"^-
Мæуарзон ахуыргæнæгДавид
2007 азы 4 февралы Ирыстон фæстаг фæндараст
загъта йæ уарзон, йæ хуыздæр фырттæй иуæн -
хæсты æмæ фæллойы ветеран, Ирыстоны сгуыхт
æмæ адæмон артист, Уæрæсейы Федерацийы
аивæдты сгуыхт архайæг Темыраты Иласы фырт
Давидæн.
Ирон театры фойейы къухбакæнæн нал уыдис
- суанг дард хъæутæй дæр æрбамбырд сты канд
Темыраты æмæ Колыты (Давиды каисты) мыггæгтæ
нæ, фæлæ аивад æмæ литературæ уарзджытæ,
Давиды бирæ зонгæтæ.
Темыраты Давид Ирыстонæн диссаджы фырт
уыдис - артист, режиссер, театриртасæг, драматург,
дæсны кафæг, аив дзырды дæсны, арæхстджын
разамонæг, дæсны ахуыргæнæг æмæ тæлмацгæнæг.
Цы пьесæтæ ныффыста, Уæрæсейы Федерацийы
Фысджыты цæдисы уæнг кæй тыххæй сси, уыдон
хæзнатыл нымад сты. Уыдонæн рæстæджы
уылæнтæй тас нæу, уымæн æмæ рæстæгмæйы
цардарæзт не ’вдисынц, фæлæ нæ нацийы историон
рæзт, ирон адæймаджы удыхъæд: «Мухтар», «Цæуыл
куыдта фæндыр», «Фæдис», «Аланты Нана» æмæ
бирæ æндæртæ - æдæппæтæй иуæндæс пьесæйы.
Уæдæ йæ рæстæджы цы театриртасæн уацтæ
фæфыста, уыдон дæр Ирыстоны театрты рæзтæн
ахадгæ сты.
Давид Ирыстоны раз йæ хæстæ дывæрæй
бафыста: суанг ма бирæ азты дæргъы къухы цы не
180 Дауырæ
’фтыд, уыцы ахсджиаг хъуыддагмæ дæр сарæхстис:
æрæмбырд кодта курдиатджын дыгурон фæсивæд
алы хъæутæй, алы кæмттæй æмæ Дзæуджыхъæуы
Дыгурон театр байгом кодта.
Актеры дæсныйадыл сæ йæхæдæг дæр
ахуыр кодта, фæлæ йын стыр æххуыс бакодтой
Беккуызарты Орзетæ - Ирон театры дæсны
артисткæ æмæ режиссер, Бекъойты Розæ - дæс азы
дæргъы Дыгурон театры сæйраг режиссерæй чи
кусы æмæ Давидæн бирæ хæрзты чи бацыдис, уыцы
курдиатджын адæймаг, æхсæнадон архайæг.
Сæ цæрæнбон бирæ Ирыстоны, нæ горæты æмæ
районты разамонджытæн. Давидæн йæхи аккаг кад
скодтой. Цалдæр боны нæ газеттæ, нæ телеуынынад,
нæ радио фæдисы хъæр кодтой, бæллæх ныл æрцыд,
зæгъгæ. Хуымæтæг хъæргæнæг кæд æрзылдаид
Ирыстоны къуымты?!
Давид Намысы фæзы ныгæд кæй æрцыд, уый
дæр кады ном куыд нæ у! Йæ ныгæнæн бон чи ныхас
кодта, уыдон ын йе ’ппæт хъуыддæгты тыххæй дæр
радзырдтой, фæлæ мæн фæнды бæстондæр дыууæ
хъуыддаджы тыххæй зæгъын.
Темыраты Давид диссаджы интернационалист
уыдис. Уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæ æмæ
аивады бæрзæндтæм схызт. Уыдис бирæвæрсыг
æмæ бирæзонаг ахуыргонд. Уæдæ ныры аивадон
дзырды дæснытæй Темыраты Давид æмæ Мерденты
Юрийы æмвæзмæ ничима схызт. Дыгурон уæвгæйæ
ирон аивадон уацмыстæ афтæ дæсны кастис, æмæ
никуы ничи банкъардтаид, дыгурон бинонты æхсæн
схъомыл, уый.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 181
Уый никуы дих кодта нæ наци ирæттæ æмæ
дыгурæттыл. Æмбæрста, дыууæ диалекты ирон
адæмæн æндон, тыхджын цæргæсы дыууæ базыры
сты, уый. Æмæ ныр нæ аивад, нæ литературæ куы
фæхъæздыгдæр, кæдæй-уæдæй куы фенгомдæр
стæм - ирон лæгæн йæ бон дыгуронау бакæсын
куы у журнал «Ирæф», газет «Дигорæ», йæ бон
у Дыгурон театры спектакльтæм бакæсын æмæ
байхъусын, уæд, нæ адæмы дих кæныныл чи архайы,
уæлдайдæр ахæм зыны бон, уый Давиды ном дæр
чъизи кæны æмæ, цы æхсæнады номæй дзырдта -
табуйаг Малиты Георгийы номхæссæг, уый ном дæр.
Адæм адæм сты, æмæ мæнг ныхæстæ ахæм бон дæр
нæ барынц...
Мæ дыккаг хъуыды та ахæм у.
Давид 1953 азæй 1958 азмæ нымад уыдис
Мæскуыйы Е. Б. Вахтанговы театры цы Уæлдæр
театралон училище ис, Б. В. Щукины ном хæссæг,
уый хуыздæр ахуыргæнджытæй иуыл. Уыцы азты,
Ирон театрæн цы фæсивæд цæттæ кодтой уым,
уыдонæн, махæн, аивадон разамонæг дæр уыдис
æмæ ахуыргæнæг дæр, кæд махæй чысыл хистæр
йеддæмæ нæ уыд, уæддæр (10-12 азы хистæр).
Æдæппæтæй ссæдз уыдыстæм: Хъалæгаты
Федя, Хуырымты Уырызмæг, Хæбæлаты Олег,
Æгъуызарты Æнзор, Икъаты Мæирбег, Цихиты
Мæирбег, Дауыраты Харитон, Цæгæраты Глеб,
Тыбылаты Чермен, Лохаты Хаджимурат, Тъуриты
Махар, Томайты Къоста, Дзбойты Бабле - нæ
диссаджы лæппу-фæсивæдæй ма баззад Хæбæлаты
Олег - Мæскуыйы циганты театр «Ромен»-ы актер
182 Дауырæ
æмæ режиссер. Бирæ нын цæрæд Олег. Иннæтæ иу
иннæйы фæстæ ацыдысты се ’цæг дунемæ. Уæдæ нæ
лæппу-фæсивæд Давиды сæ уæлныхты дзæнæтмæ
фæхæццæ кæндзысты.
Давиды чырыны цур сæркъулæй йæ зыны бон
даричинтимæ (гвоздикæтимæ) чи лæууыд, уыцы
сылгоймæгтæ та, мах, ирон студийы кæддæры
чызг-фæсивæд уыдыстæм - Беккуызарты Орзетæ,
Торчынты Эммæ, Тæбæхсæуты Зая, Хуыгаты
Верæ, Дзуццаты Рая æмæ æз - ацы рæнхъыты
автор - Дауыраты Зоя. Не ’хсæн нæ курсы фидыц
Мæхъиты Ирæ нал ис, фæлæ йæ хистæр хо Тося
дæр нæ фарсмæ лæууыд. Гвоздикæтæ Давид бирæ
уарзта, уымæн æмæ Вахтанговы театр æмæ Щукины
училищейы нысан (символ) гвоздикæ у.
Æз, Давиды кæддæры ахуыргæнинаг, æхсæ-
над «Хæзнадон»-ы разамонæг уæвгæйæ, ирон
æвзаг, ирон аивады хæзнатæ æмбырд кæнын куы
райдыдтон, уæд æрхатыдтæн ирон дзырды дæсны-
тæм: Темыраты Давид, Сланты Къоста, Саламты
Къола, Мерденты Юри æмæ Икъаты Мæирбегмæ
æмæ аудиокассетæтыл ныффыстам, 1946 азы Дзæу-
джыхъæуы цы «Нарты кадджыты» чиныг рацыд,
уый æнæхъæнæй. Зæлы 15 сахаты. Æртæ сахаты
дзы хъуысы ДавиДы сыгъзæрин хъæлæс. Уæдæ
кæддæр дыгуронау кæй радзырдæуыд, уыцы «Нарты
кадджытæ» дæр пленкæйыл фыст æрцыдысты.
Уыдон дæр нын бакастис Темыраты Давид. Зæлынц
цыппар сахаты æмæ æрдæг.
Уый фæстæ та æмбисæндтæ æрæмбырд кодтам.
Иронау нын сæ бакастысты Сланты Къоста æмæ
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 183
Дзгойты Аллæ, дыгуронау та - Темыраты Давид
æмæ Залеты Иринæ.
Баззадысты ирон хæзнатæ Ирыстонæн, уыдо-
нимæ Давиды хъæлæс дæр, æз та мæ уарзон
ахуыргæнæгæн хæрзчысыл цæмæйдæр балæггад
кодтон, рухсаг уæд.
Рухс дзæнæты бада Давид! Мардæй рæсугъд
зæгъæн нæй, фæлæ Давид йæ цæргæйæ куыд
рæсугъд æмæ аив уыдис, йæ фæстаг фæндагыл дæр
афтæ аивæй æмæ рæсугъдæй ацыдис.
Æрмæст Малиты Георгийы номыл æхсæнады
нæ, фæлæ, æвæццæгæн, æппæт ирон адæмы
фæндон сæххæст уыдзæн, æмæ кæддæр Дыгурон
театр Темыраты Давиды ном кæй хæсдзæн, ууыл
æппындæр дызæрдыг ничи кæны.
Рухс дзæнæты бадæд нæ уарзон ахуыргæнæг
Давид.
2007 азы 5 февраль
184 Дауырæ
/ушкуДьомиан/
Бонтæ дæр уæлибæхтау сты: иутæ дзы
дзаджджын вæййынц, иннæтæ - къæристæ.
Абон ме ’ппæт хъуыддæгтæ саразын мæ къухы
бафтдзæн, уый мæ уырнгæ дæр нæ кодта. Сæйраг
æмæ кадджын хæс мын уыд Къомианы зианы
сæмбæлын - знон ын йæ зын куы фехъуыстон, уæд
мын цыма исчи мæ зæрдæйы хъама атъыста, уыйау
фæдæн. Куыд диссаг у ирон удыконд! Къомиан 90
азы фæцард - Хуыцау алкæмæн дæр уыйас бонтæ
балæвар кæнæд - уæддæр куыд зын у йæ мæлæт
адæймагæн. Æвæццæгæн нын фыдæлтæй баззад
хиуæттæм æмæ зонгæтæм уарзондзинад дæр, æмæ
сæ зыныл, сæ хъыгыл хи хæрын дæр. Нал фынæй
кодтон дысон: мæ цæстытыл уадис Къомайты
Барисы чызг Василисæ сценæйы дæр æмæ царды
дæр.
1958 азы Мæскуыйæ куы ссыдыстæм, ирон
театралон студийы ахуыры фæстæ, уæд мах дæр,
æз æмæ Дауыраты Харитон, ирон театры кусын
райдыдтам иннæ лæппутæ æмæ чызджытимæ.
Уæды рæстæджы æндæр цæстæнгас уыди адæммæ:
республикæйы, культурæйы, театры разамынд
тыхстысты студи фæуджытыл, ног артисттыл, уæдæ
кæм цæрдзысты, зæгъгæ.
Æнæкъæйтты æмдзæрæнты æрцæрын кодтой,
фæлæ бинонджынтæ: æз æмæ Дауыраты Харитон,
Хуырымты Рая æмæ Уырызмæг, Икъаты Мæирбег
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 185
æмæ йæ ус Любæ - уыдонæн фатерты мæт тынг
кодтой хицауад.
Декабры мæйы 1958 азы нын фехъусын кодтой,
Дауыраты бинонтæн, дам, Къомианы уат дæттæм.
Мах Харитонимæ ног фатермæ ’нхъæлмæ
кастыстæм, æмæ нын тынг хъын уыдис, кæйдæр
зæронд, æнæуавæртæ уат нын кæй дæттынц, уый.
Фæлæ уæддæр бабæрæг кодтам Ленины уынджы
60-æм хæдзар. Уæд ма, 1903 азы йæ куыд скодтой
англисæгтæ, афтæ уыдис, кæд ын йæ дынджыр
залтæ хъæдын къултæй фæдихтæ кодтой, уæддæр.
Къултæ - бæрзонд, тыргътæ - даргъ, уæттæн сæ
дуæрттæ уыцы даргъ тыргъмæ, цартыл дурæй
дидинæджы бæстытæ. Хæдзар - дыууæуæладзыгон.
Йæ иу дуар Ленины уынгмæ, иннæ - Дзанайы-
фырты уынгмæ. Кæддæр ам уыдис уазæгуат
«Лондон». Советон хицауад куы ралæууыд, уæд
Англисаг квартал Коминтернæй агæпп кодта, фæлæ
«Лондон» уазæгуатæй баззад.
Куыд дзурынц, афтæмæй ирон театры бын-
дурæвæрджытæ, Мæскуыйы ахуыр чи фæцис, уыцы
фыццаг ирон студи ахуыры фæстæ куы ссыдысты,
уæд дзы бирæты уыцы уазæгуаты æрцæрын кодтой,
уыдонимæ Хъариаты Тамарæ, Таутиаты Солæман
æмæ Къомайты Василисæйы дæр.
Хæсты рæстæг уазæгуатмæ лигъдæттæ ба-
бырстой æмæ дзы æрцардысты. Афтæ кæддæры
«Лондон» цæрæнхæдзар сси. Æмæ кæд ирон артист-
тæй уый фæстæ бирæтæн ног фатертæ радтой,
уæддæр Къомиан суанг 1958 азы онг уыцы æвадат
ран фæцардис.
186 Дауырæ
Райсомæй раджы дуар куы бахостам, фенæм дын
дæ фатер, зæгъгæ, уæд Къомиан æвиппайды ныхъ-
хъарæг кодта: «Æз æртæ æмæ ссæдз азы тухæнæй
кæм фæмардтæн, уым ныр та сымах марынц!»
Бакодта нæ цыдæр тамбурмæ, уырдыгæй та
уатмæ. Дыууæ гыццылгомау уаты уыдысты кæддæры
стыр хæрæндоны хай - æртæ дихы æрцыд уæд
хæрæндон. Ныр уыцы дыууæ уатæй иуы цардысты
уырыссаг бинонтæ. Цæмæй тыргъмæ рахызтаиккой,
уый тыххæй Къомианы уатæн йæ иу цыппæрæм
хайы сарæзтой тамбур. Тамбур уыдис фанерæй.
Цы чъизи ведратæ дзы уыдис, уыдоны тæф хæццæ
кодта уатмæ, - уайтагъд мын мæ фындзыхуынчъытæ
ахгæдта. Уаты иу къуымы æфсæйнаг сынтæгыл
хуыссыдис тынг ихсыд ус - уый уыдис Къомианы
рынчын мад. Иннæ сынтæгыл, куыд бамбæрстон,
афтæмæй хуыссыдысты Къомианы дыууæ сывæл-
лоны - йæ фырт æмæ йæ чызг. Æвæццæгæн,
Къомиан дæр йæ сывæллæттимæ хуыссыд, уымæн
æмæ уаты æндæр сынтæгæн бынат нæ уыд.
Сабитæ цин кодтой, Ватутины уынджы сын цы
дыууæуатон фатер дæттынц, ууыл, фæлæ Къомианы
уæздан мад йæ мæллæг, рынчын хъæлæсæй, хатыр
курæгау загъта:
- Нырма нæ бæхы хуыррытт, нæ ехсы цъыкк,
афтæмæй сфæдис сты! Æфсæрмы дæр нæ кæнынц
уазджытæй! - бæрæг уыдис, ардыгæй ацæуын æй нæ
фæнды, уый.
Цалдæр боны фæстæ Къомианы бинонтæ алыгъ-
дысты сæ ног фатермæ. Сразы стæм мах дæр уыцы
æвадат уатмæ балидзыныл. Уат куы суæгъд, уæд
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 187
ын уайтагъд Харитон йæ тамбур айста - сарæзта
сыхаг уырыссаг бинонтæн дæр æмæ нæхицæн дæр
дуæрттæ дæр æмæ ма чысыл цæлгæнæнтæ дæр, кæд
ын Горæххæстком бар нæ лæвæрдтой, уæддæр.
- Ам мах цæрæм æмæ йæ мах хуыздæр зонæм,
цы кæнын нæ хъæуы, уый! - афтæ тызмæг дзырдта,
цы къамистæ-иу нæм æрбацыд, уыдонимæ.
Фынддæс азы фæцардыстæм уыцы фатеры.
Къомианыл-иу куы сæмбæлдтæн, уæд-иу æдзухдæр
афтæ дзырдта:
- Мæ уаты кæй цардыстут, уый тыххæй уæ
фылдæр уарзын.
Мах Харитонимæ Къомианы нæхæдæг дæр бирæ
уарзтам. Аргъ ын кодтам йæ курдиатæн дæр, йæхи-
цæн дæр. Бирæ хæттыты Харитон фыста Къомианы
тыххæй радиоочерктæ дæр, æмæ газетмæ дæр.
Йæ мæлæты фæстæ йын цы чиныг рацыд, уым
Къомианы тыххæй цы очерк ис, уый хуийны «Æцæг
адæмон артисткæ».
...Хуыцау йæ зонæг, Къомиан, Ватутины уынджы
йын цы дыууæуатон фатер радтой, уымæй куыд
фæхауæккаг æмæ горæты кæрон Ушаковы уынджы
4-æм хæдзары цыхуызы æрцард, уымæн! Мæнæн
тынг зын уыдис уыцы хабар. Мæхинымæры тыхс-
тæн, йæ бирæ зонгæтæ, хиуæттæ, сфæлдыстадон
кусджытæ йæ, зæгъын, куынæ ссарой йæ фæстаг
бон. Ирон театры кусджытимæ уыцы стыр кæртмæ
куы бахызтæн, æмæ кæрты къуымты тынг бирæ.
адæм куы ауыдтон, уæд цыма Къомиан мæлгæ дæр
нæ акодта, фæлæ йæм рынчынфæрсæг æрцыдтæн,
афтæ мæм фæкаст.
188 Дауырæ
Куыд аив, куыд хæрзуынд фæсивæд ис ныртæккæ
ирон сфæлдыстадон куыстуæтты! Иууылдæр та
уым уыдысты, мæ уд сæ фæхъхъау! Æмæ кæд
фæзæгъынц, ирон адæм мардмæ цæстмæ цæуынц,
уæддæр уый афтæ нæу! Ахæм куыдтытæ фæкодтой
Къомианыл ирон театры кусджытæ дæр æмæ
йæхиуæттæ дæр, æмæ диссаг! Фæлæ мæнæн мæ
хъустыл уадис, Къомиан-иу йæхæдæг куыд хъарæг
кодта, уый. Бирæты афæндараст кодта ирон
театры кусджытæй Къомиан йæ уæздан, йæ аив
хъарджытæй фæстаг фæндагыл. Зæрдæрыст-иу нæ
фæкодта сценæйы дæр æмæ царды дæр.
Йæ хæссын афон куы ’рцыд æмæ сыхаг лæг кæр-
ты астæумæ куы рацыд, хæстæгдæр-ма ’рбалæуут,
зæгъгæ, уæд хураууæтты цы бирæ мæрддзыгой
лæууыд, уый кæрты астæумæ æрбамбырд, æмæ уыцы
судзгæ хуры бын нæлгоймæгтæ сæ сæры дарæс
систой. Мæ уд сцæйхаудта, искæйы сæ хур куы
ныццæва, зæгъгæ. Сыхы номæй чи дзырдта, уый йæ
ныхас куы ныддаргъ кодта, уæд æм мæсты кодтон.
Хуыгаты Верæйы хъусы бадзырдтон, ныртæккæ
зæгъын, Бибо цыбыр æмæ хъæрæй дзурдзæн, иннæ
хæттыты куыд вæййы, афтæ. Æз тынг уарзын зыны
бон Уататы Бибомæ хъусын. Уый куыд арæхсы
ахæм ран дзурынмæ! Айфыццаг Грисы зианы куы
дзырдта, уæд утæппæт адæмы сæрты мыдыбындз
куы атахтаид, уæд йæ дыв-дыв алкæмæ хъуыстаид,
афтæ ныссабыр сты адæм! Сæрыхъуын арц бадтис
Бибомæ хъусгæйæ. Фæлæ абон Къомианы чырыны
уæлхъус дзурынмæ балæууыд ирон театры ныры
хистæртæй иу - Тлаттаты Бексолтан. Мæхинымæр
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 189
тарстæн, фæлæ дзæгъæлы! Афтæ аив, афтæ дæсны
загъта Бексолтан, æмæ мæ фæнды йæ ныхæстæ
иууылдæр ныффыссын: «Абон фæстаг фæндараст
зæгъæм ирон театры бындурæвæрджыты фæстаг
адæймагæн. 1935 азы ирон адæмы цотæй цалдæр
фæцис Мæкуыйы Аивадон театры фыццаг
ирон театралон студи, æмæ куы сыздæхтысты
Ирыстонмæ, уæд бындур æрæвæрдтой нæ уарзон,
нæ зынаргъ, нæ хъуыстгонд Ирон театрæн. Чи нæ
фехъуыста ирон адæмæй Тотраты Бесæ, Плиты
Грис, Токаты Асæх, Дзукъаты Аня, Дзуккойты
Афашæ, Цæлыккаты Мæирбег, Кокайты Исай,
Икъаты Серафин, Хъæрджынты Варварæ æмæ
Къомайты Василисæйы ном! Иууылдæр ныр уым
стут! Уыцы курдиатджын фæлтæрæй ма ды уыдтæ
немæ, æмæ сæм абон ды дæр цæуыс, Къомиан,
æмæ рухсаг у! Тæхуды, æмæ ма иунæг каст куы
ракæнис æмæ куы фенис, куыд дæ фæндараст
кæны дæ уарзон Ирыстон дæ фæстаг фæндагыл!
Куы фенис, цас адæм хъыг кæны дæ зыныл, цас
цæссыг хæссыс демæ, уый! Нæ фæлмæнзæрдæ, нæ
уарзон Къомиан! Махæй, де ’мкусджытæй, никуы
ферох уыдзынæ! Æмæ дын кæд ныры зын уавæрты
тыххæй дæ курдиатæн аккаг аргъгонд не ’рцыд,
уæддæр дæ сарæзт сурæттæ «Дыууæ хойы» æмæ
Бабало «Сидзæргæсы» бацæудзысты ирон аивады
хæзнадонмæ. Æцæг адæмон артисткæ уыдтæ
æмæ адæмы зæрдæты баззайдзынæ! Рухсаг у, рухс.
дзæнæты бад, нæхи Къомиан!»
Уæлмæрдмæ мын ацæуын амал нæ уыд.
Тагъд кодтон куыстмæ. Мæ кусджытæ мæм
190 Дауырæ
хæрзæггурæггаг фесты. Газеты, дам, дæу тыххæй
уац рацыдис, Чидæр, дам, нæм æрбадзырдта
телефонæй, æмæ дын мах газет алхæдтам. Афтæ
мæ феппæлыд мæ ахуыргæнинаг, æмæ мæхимæ
пехуымпар ныккастæн. Газет у «Слово». Уац та
хуийны «Спасибо, Даура». Æхсызгон мын уый у,
æмæ мын мæ бирæ фыдæбонæн чидæр кæдæй-
уæдæй стыр аргъ кæй скодта. Ныр дыууадæс азы
зыбыты лæвар ахуыр кæнын ирон адæмы цоты
дæр, æмæ, иннæ адæмы хæттытæй иронау сдзурын
кæй фæнды, уыдоны дæр ирон æвзагыл, æмæ мын
кæд тынг арфæйаг вæййынц, уæддæр афтæ бæстон
æмæ раст мæ куысты тыххæй ничима ныффыста.
Изæры нæхимæ куы ссæуын, уæд мæ дуар дæр нæма
байгом кæнын, афтæмæй газеты цы æрмæг вæййы,
ууыл мæ цæст ахæссын. Бæстон та сæ фæкæсын
æхсæвы, мæ хуыссæны. Уый мæнæн у мæ цардыуаг.
Ацы бон «Рæстдзинад» куы рафæлдæхтон, уæд дзы
ауыдтон ме’мдзæвгæ «Ирон æгъдау». Куыд нæ мын
уыдис æхсызгон! Мæхинымæры афтæ бакодтон:
æвæццæгæн Къомианыл тынг кæй фæрыстæн, уый
тыххæй мын Хуыцау хорз ракодта!
Рухсаг уæд ирон театры бындурæвæрджыты
фæстаг Едзиаты-Къомайты Василисæ Барисы чызг!
Рухс дзæнæты бадæд!
Мæнæн абон мæ цард чи срæсугъд кодта, уыцы
газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Слово» та æцæг
рæстдзинад æмæ ныхас сты ирон адæмæн, æмæ нын
бирæ азты нæ хорз хабæрттæ хъусын кæнæнт!
Хæрзæхсæв, мæнæйуый!
1999азы27июнь
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 191
Хæмыцаты Тамарæ
æмæ Сланты Гаха
Уæдæ цы бар дарынц кæрæдзимæ рагон
куырыхон кадæггæнæг Сланты Гаха æмæ
нырыккон ахуыргонд, дзæнæты бадинаг Хæмыцаты
Тамарæ?
Адæймаг йæ царды фæндаг куы равзары æмæ,
цы хъуыддаджы лæуд вæййы, ууыл бæстон куы
фæкусы, уæд ын тынг бирæ бантысы. Хæмыцаты
хорз Тамарæ, стыр ахуыргонд, филологон наукæты
кандидат, æрмæстдæр Нарты кадджытæ æмæ
Даредзанты таурæгътæй рухсмæ цытæ рахаста,
уыдон дæр адæймаджы дисы æфтауынц.
Бирæ азты размæ мæм Сланты Илья (рухс
дзæнæты бадæд) телефонæй æрбадзырдта:
- Хæмыцаты Тамарæ мæ бафарста: «Дæ
мыггаджы уарзыс, Илья?»
- Уый та куыд? Йæ мыггаджы чи нæ уарзы, уый
амæлæд! Кæддæра чи амæлид?
- Уæдæ кæд Сланты мыггаджы уарзыс, уæд
дын æз иу хорз лæджы тыххæй диссаджы æрмæг
равдисдзынæн, æмæ бацархай, цæмæй йын адæм йæ
ном базоной.
- Мæ мыггаджы бирæ хорз лæгтæ ис! Мæнæ дзы
иу - мæхæдæг! - хъазынмæ аздæхтон ныхас.
- О, фæлæ ирон адæмæн Сланты Гаха цы хорз
ракодта, уый стыр ахуыргæндты къухы дæр не ’фты,
афтæмæй та уыдис хуымæтæджы хохаг ирон лæг.
192 Дауырæ
Илья, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыста йæ
кадджын æрвады кой. Зыдта, Нарты кадджыты
æмæ Даредзанты таурæгътæ кæнынмæ дæсны
кæй уыдис, ноджы ма дыууадæстæнон фæндырыл
цагъта æмæ зарынмæ дæр хорз арæхст, уый. Фæлæ
йæм Тамарæ цы æрмæджытæ радта, уыдон куы
бакаст, уæд сфæнд кодта чиныг рауадзын. Уыцы
чиныгмæ бахаста Сланты мыггаджы «бæлас» дæр
æмæ Гахайы кадджытæй цалдæр. Мыггаджы тыххæй
æрмæг æмбырд кæнынмæ чи фæкаст, уыдонимæ
уыдтæн æз мæхæдæг дæр. Нæ разамонæг та уыдис
Хаджумар, ныр мыггаджы хистæр чи у, уыцы хорз
æмæ ахуыргонд куырыхон лæг.
Чиныг рауадзынмæ цæттæ куы уыдис, уæд
Ильяйæн фырты фырт райгуырд. Ном ыл сæвæрд-
той Аслан. Мах, чиныгыл кусджытæ, æрхатыдыстæм
Ильямæ, чиныджы ном «Сланæй Асланмæ» схон,
зæгъгæ. Сразы ис Илья, æмæ Хæмыцаты Тамарæйы
фæрцы, рухс дзæнæты бада, фæзындис Сланты
мыггаджы чиныг.
Тамарæмæ фаг нæ фæкастис, Сланты Гаха,
1921 азы ирон зындгонд ахуыргæндтæ Дзагуырты
Гуыбады æмæ Гуыриаты Гагуыдзæн цы таурæгътæ
æмæ кадджытæ радзырдта, уыдон Ильяйы чиныгмæ
кæй бацыдысты, уый. Райдыдта кусын, цæмæй
Гахайы æрмæджытæ хицæн чиныгæй рацæуой,
ууыл. Æмæ мæнæ 2011 азы фæзындис ног чиныг
«Сланты Гаха», йæ саразæг та у Хæмыцаты Тамарæ.
Хъыгагæн, Тамарæ чиныг нал федта.
Куыд æхсызгон мын у уыцы чиныг мæ къухмæ
райсын æмæ, æхсæв-бон нæ зонгæйæ, цалдæргай
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 193
хæттыты Гахайы таурæгътæ, кадджытæ, аргъæуттæ
æмæ зарджытæ кæсын!
Гаха мæнæн мæ фыды фыды фыд уыдис.
Нымайгæйæ даргъ уайы, фæлæ тугæй тынг хæстæг у.
Тугæй дæр æмæ суанг æнгæсæй дæр.
Дæ фырты фырт - мæ фыд.
Мæ фыды фыд - дæ фырт,
Дæхæдæг дæ нæ номы кады цырт.
Дæ фырты фырт - мæ фыд,
Мæ фыды фыд - дæ фырт.
Мæ фыдгул уæд йæ фыдæлтæй ныхкъуырд.
Дæ фырты фырт - мæ фыд.
Мæ фыды фыд - дæ фырт.
Дæ æнгæс æз куыд тынг дæн, Гаха, куыд.
Мæ æфсæрæн йæ къæдз,
Мæ цæстытæн - сæ къуырф...
Дæ аивад мæныл дæр уадзы гуылф.
Дæ бирæзæл фæндыр
Нæ бацис, нæ, æмыр.
Дæ бандзæрст арт ныр дæр кæны гуыр-гуыр.
Дæ хæмпуссæр бæлас
Фыдуадмæ дары риу.
Æз дæн æрмæст йæ нарст сыфтæртæй иу.
* Гаха райгуырдис 1836 азы, æз та 1935 азы.
194 Дауырæ
Мæ удварны - дæ фарн,
Мæ къабæзты - дæ тых.
Дæ кады цъупмæ сарæзтон мæ ных.
Мæ дадаты хуыздæр!
Уым рухс дзæнæты цæр!
Зындзынæн дæм мæхæдæг дæр кæддæр.
Æз Гахайы таурæгътæ æмæ кадджытæм хъус-
гæйæ схъомыл дæн. Мæ фыды мад - Томиан
Уæликæ нын тынг арæх дзырдта, Гахайæ кæй
фехъуыста, канд уыцы аргъæуттæ æмæ таурæгътæ
нæ, фæлæ ма суанг йæ цыргъзонд ныхæстæ дæр.
- Нæ зæронд лæг, рухс дзæнæты бада (æмæ та-
иу сыстадис Нана!) гуылæвзаг уыдис - кæцыдæр зæл
ын нæ уадис, фæлæ йæ уый йæ аив ныхасыхъæды
нæ хъыгдардта. Йæ дзыхыдзырд уыдис уæздан
æмæ фæлмæн. Мæн хуыдта «чындз, мæ хур, ме
’мхæрæфырт» - дыууæйæ дæр Абайты хæрæфырттæ
уыдыстæм. Уый комыйаргъ лæг уыдис, комыйаргъ!
Хонæг æмæ йæм хатæг кæцæй нæ цыдысты, ахæм
нæ уыд. Йæ фæндырæй-иу куы цагъта, уæд-иу ыл
адæм æрæмбырд сты æмæ-иу уый йæ зæрдæмæ тынг
цыдис.
Уæдæ цавæр фæд ныууагъта ахæм хорз лæг
фæлтæрты та?
Гахайæн уыдис æртæ фырты: Хасæхъо -
Саулохты сиахс, Тембол - Хуыбиаты сиахс æмæ Гиго
- мæхи фыды фыд - Томайты сиахс.
Хъыгагæн, Гахайы цоты цотæй цалдæрæй
Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй нал сыздæхтысты,
уыдонимæ мæ фыд Никъала æмæ йæ кæстæр
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 195
æфсымæр Георги дæр. Мæгуыр æмæ сидзæрæй
схъомыл стæм мах, Гахайы байзæддæгтæ, фæлæ
Гахайы фарн бинонты æхсæн дæр æмæ мыггаджы
æхсæн дæр баззад. Æмæ, дам, туг нæ хæссы! Нæ
хæдзарвæндагæй ахæм нæй æмæ зарын, кафын,
фæндырæй цæгъдын чи нæ зыдта. Мæ хоты кæстæр
- Эллæ та зарджытæ хъуыды кæнын райдыдта
фондзаздзыдæй фæстæмæ. Ирыстоны йын йæ
зарджытæ чи нæ фехъуыста, ахæмтæ стæм сты -
«Макуыуал уæд хæст», «Уалдзыгон фæстаг мит»
æмæ бирæ æндæртæ, суанг сывæллæттæн дæр:
«Дыбуц», «Тæрхъус быдыры сæпп-сæпп-сæпп»,
«Хæфс йæхицæн сарæзта хæдзар» æмæ æндæртæ.
Гахайы фæдонтæй иу дæр магусайæ цæлуарзаг
нæ уыд. Ахæстонмæ фæндаг никуы базыдтам. Нæ
лæппу фæлтæртæ се ’ппæт дæр уыдысты æмæ сты
Гахайау бæрзонд æмæ хæрзконд.
Зæгъын мæ фæнды Хасæхъойы фырттæй иу -
Габрелы тыххæй: бæрзонд, рæсугъд, хæрзконд -
Гахайы уæнгты æвæрд. Куы амардис, уæд зындгонд
дзырды дæсны Абайты Андухъапар Габрелы
чырыны уæлхъус афтæ загъта: «Амардис нæ хъæуы,
Ногиры аивдæр æмæ хæрзуынддæр лæг! Габрел
цы хъазты не скафыдаид, цы чындзæхсæвы нæ
ныззарыдаид, уый фидаугæ дæр нæ кодта». Уæдæ нæ
рагфыдæлтæй Габрел рахаста иу курдиат - йæ бон
уыдис зианы уæлхъус ныхъхъарæг кæнын. Никæцы
хъарæггæнæг сылгоймаг æй амбылдтаид! - чи зоны,
уый дæр Гахайы фарн уыдис.
Гахайы хæдзарвæндагыл ахæм бæллæх дæр
æрцыд, æмæ æгас Ирыстон кæуыл фæрыст. Бирæ
азты размæ Гахайы фæдонтæ сфæнд кодтой, нæ
196 Дауырæ
хорз фыдæл цы хъæуы цардис æмæ ныгæд кæм
ис, уырдæм - Хуссар Ирмæ, Брытъатмæ ацæуын.
Мæнмæ телефонæй сдзырдта Мурат - Габрелы
фырт, машинæ, дам, нæм ис, цом, æмæ нæ фыдæлты
цæрæнтæ фенæм Хуссар Ирыстоны.
Уæд æз телеуынынады сæйраг режиссерæй
куыстон. Мæ хицау Æгъуызарты Æхсарбег мæ нæ
ауагъта. Уыдон ацыдысты æртæйæ - Мурат, Габрелы
æфсымæртæ - Епрем æмæ Сопройы фырттæ -
дыууæ Валодяйы. Цхинвалы ма сыл бафтыд Пухаты
Ботаз - уый та Темболы чызг Надяйы иунæг фырт
уыдис. Суазæг сæ кодтой, уæд ма Слантæй уым чи
цардис, сæ уыцы фысымтæ. Фæцин сыл кодтой.
Æмбисæхсæв фæстæмæ куы рацæйцыдысты, уæд
былæй ахаудтой æмæ дыууæйæ фæмард сты -
Мурат æмæ Ботаз. Хуыцау йæ зонæг, æз семæ куы
ацыдаин, уæд сын исты баххуыс кодтаин кæнæ семæ
ахаудаин?!
Ныр та мæ зæгъын фæнды, Гахайы ном афтæ
бæрзонд чи систа æмæ йын йæ таурæгътæ, йæ
кадджытæ адæмы æхсæнмæ чи рахаста, уыцы аив,
уæздан Тамарæйы тыххæй. 1958 азы Мæскуыйæ
куы сыздæхтыстæм, ирон театралон студи, уæд
нын, мæнæн æмæ мæ.сæрыхицау Дауыраты Хари-
тонæн Ирон театры разамынд радтой иууатон
фатер Ленины уынджы 60-æм хæдзары. Уыцы
дыууæуæладзыгон стыр хæдзар кæддæр уыдис
уазæгдон «Лондон». Сарæзтой йæ 1903 азы -
æрæджы дæр ма йæ нымæцтæ зындысты. Тынг
бирæ адæм цардис уыцы хæдзары, фæлæ дзы
царды уавæртæ нæ уыд: арт кодтой æвзалы кæнæ
сугæй, дон хастой кæртæй, телефон та æрмæстдæр
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 197
уыдис, Хæмыцаты Алексейы фатеры - Тамарæйы
фыды фатеры. Алексей æмæ йæ бинонтæ никуы
сфæлмæцыдысты утæппæт цæрджытæй - иууылдæр
цафонфæнды дæр уыдонмæ цыдыстæм, телефонæй
дзурынмæ.
Мæ цæстытыл ауайынц Алексейы бинонтæ
уыцы бонты, йæ уæздан бинойнаг, йæ рæсугъд
æрыгон чызг Тамарæ æмæ Алексейы фырт. Алексей
уыдис бæрзонд хæрзконд лæг. Кæд бæрнон кусæг
уыдис, уæддæр уыди фæлмæн уæздан лæг. Уæлдай
æхсызгон мын уый у, æмæ йæ цот йæхи хуызæн
кæй рауадысты, адæмуарзаг æмæ бæстон. Чи зоны,
æндæр исчи загътаид: Гаха мын нæ тугхæстæг у, нæ
- мæ коймаг... Фæлæ Тамарæ бацархайдта тынг аив
чиныг рауадзыныл æмæ фæлтæртæн бахъахъхъæдта
рагон ирон хæзнатæ. Рухс дзæнæты бада Тамарæ!
Цæй диссаджы адæймаг уыдис æмæ куыд раджы
амардис! Цас хорздзинæдтæ ма скодтаид!..
Чиныгæн, мæнмæ гæсгæ, йæ тæккæ ахадгæдæр
хъуыддаг уый у, æмæ Тамарæ дæр æмæ чиныджы
редактор - Хуыгаты Сергей дæр æвзаджы хъæд,
ныхасы фæзилæнтæ, Гаха сæ куыд радзырдта,
афтæмæй кæй ныууагътой. Уый æвзагзонынады
наукæйы тынг хъæугæ хъуыддаг у. Æнус æмæ
æрдæджы размæ нæ фыдæлтæ ирон æвзагæй куыд
пайда кодтой, уый бæрæг у. Цы бирæ хорз ирон
дзырдтæ фесæфт уæдæй нырмæ, уыдон дæр зынынц.
Æз, Гахайы байзæддæгты номæй арфæ кæнын,
чиныгыл цы къорд куыста, уыдонæн дæр. Иунæг
рæдыд дæр нæ ауагътой чиныджы! Афтæ арæх нæ
вæййы!..
2012азы2июнь
198 Дауырæ
-^ТяГ"" ~———— ■
Хæрæфыртдомбайу!
Ирон адæммæ чызджы райгуырд тынг кад-
джын нæ уыдис. Кæд ирæд бирæ истой,
уæддæр мыггаджы лæппутæ хъуыдис, уымæн
æмæ царды цæджындз нæлгоймаг у. Нæлгоймаг у
Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæг, хæдзары уæззау
куыстытæ кæнæг, бинонты дарæг.
Уыцы фæтк ныры онг дæр рахæццæ. Уый бæрæг
у, фæстаг рæстæджы мыггæгты равзæрды тыххæй
цы чингуытæ фыссынц, уыдонæй дæр - чызджыты
тыххæй дзы арæх ницы фыст вæййы.
Æз Торчынты хæрæфырт уæвгæйæ, мæ хорз
мад Надя æмæ йæ дыууæ хистæр хойы - Тамарæ
æмæ Лизæйы кой уыйас нæ кæндзынæн, кæд сæ
рæстæджы сæ мыггаджы кадджындæр чызджытæ
уыдысты, уæддæр. Уæвгæ мæ тынг фæнды хæрз
цыбырæй зæгъын: Тамарæ - хоты хистæр, уыдис
Иры лæппуты хуыздæртæй иу - Гуыбиаты Исламы
цардæмбал. Ислам Фарныхъæуы бирæ фарн ныу-
уагъта, кæд цардхъуагæй амард, уæддæр. Тор-
чынтæн Исламы хуызæн сийæхстæ бирæ нæ уыд.
Дыккаг хо Лизæ та уыдис, Джызæлы хæдзары
номæй Гаисатæ кæй куыдтой, уыцы Хъодзаты
чындз. Кадджынæй фæцардис мыггаджы æхсæн дæр
æмæ Джызæлы хъæубæсты дæр суанг йæ амæлæты
бонмæ.
Æртыккаг хо Надя мæхи мад уыдис. Хъобанмæ
чындзы бацæуыны размæ цардис йе ’фсымæр
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 199
Торчынты хорз Мсоимæ Ленинграды. Уым сахуыр
кодта ахуыргæнæджы дæсныйадыл, фæлæ фыдбоны
хæсты цæхæртæй басыгъд - æртæ чызгимæ
сидзæргæсæй баззад æмæ, фыдцæрдтытæ кæнгæйæ,
æхсайæм азы мæгуырæй амард 47-аздзыдæй.
Торчынтæн сæ сылыстæгæй ахæмтæ бирæ ис,
æмæ мыггагæн арфæйаг кæй тыххæй сты адæм,
фæлæ мæн тынг фæнды, Торчынтæн сæ хуыздæрты
тыххæй дзургæйæ, куы зæгъиккой, Торчынты
мыггагæн хорз лæджы лæггад чи фæкодта бирæ
азты дæргъы телеуынынады кусгæйæ, уыцы
Торчынон Эммæйы тыххæй.
Эммæ æмæ йе ’фсымæр Амирхан рауадысты
сæ хорз фыд Мсойы (Мысост, Михаил) аккаг. Сæ
рæсугъд уæздан мад Смайлиаты Секерхан бирæ нæ
ацард - хæсты хæдфæстæ амард.
Æмæ кæд Мсо Фыдыбæстæйы хæстæй уæззау
цæфæй ссыдис - йæ рахиз цонг нæ иста, уæддæр
канд йæхи сывæллæтты нæ сарæзта царды
раст фæндагыл, фæлæ йæ алыварс цы бирæ
фæкæсинæгтæ æмæ сидзæртæ уыдис, уыдонæн
дæр удуæлдай æххуыс кодта. Мæн тынг фæнды,
Мсойы фæрцы царды йæ къахыл чи слæууыд
æмæ Ирыстонæн кад æмæ намыс чи кæны, кæнæ
кодта, уыдоны ранымайьш. Мсойæн дыууæ хистæр
æфсымæры уыдис - Цæра æмæ Вася. Дыууæйæ дæр
æртынæм азты змæстыты фæмард сты. Гуыбыны
баззадис Васяйы иунæг фырт Сафарбег. Васяйы
бинойнаг Хъодзаты Маря Мсойæ тынг бузныгæй
ацыд æцæг дунемæ, уымæн æмæ Сафарбег Мсойы
фæрцы сси Советон Æфсады афицер.
200 Дауырæ
Мсойæн йæ кæстæр æфсымæр Керым уыдис
Гуыдиаты сиахс. Уыдис сын дыууæ чызджы,
хъыгагæн, кæстæр чызг гыццылæй амард. Хистæр
чызг Риммæ, мадæй дæр æмæ фыдæй дæр сидзæрæй
баззадис - Керымы сау гæххæтты фæстæ Зымирæт
мой скодта, æмæ та Риммæ дæр Мсойы æккойы
баззадис. Сахуыр кодта Ростовы арæзтадон
институты æмæ сси дæсны инженер. Бирæ азты
дæргъы кусы Мæздæджы йæхи дæсныйадыл.
Бæрзонд хæссы Торчынты мыггаджы кадджын ном,
йæ лæджы мыггаг та у Братерски.
Мсойы бирæ даринæгтыл дзургæйæ, мæн
фæнды зæгъын мæхи æмæ мæ хоты тыххæй дæр.
Мах æртæ хойæ сидзæртæй баззадыстæм - нæ фыд
Сланты Никъала фæмард Фыдыбæстæйы Стыр
хæсты. Махæн нæ хорз мадыфсымæр Мсо куынæ
уыдаид, уæд мах, чи зоны, æмæ хъæуæй цæугæ дæр
нæ ракодтаиккам. Мæгуыры тухæнтæ кодтаиккам
къæбæрамалыл.
Уæлдай арфæйаг ын мæхæдæг дæн: кæд мæ
уарзон Ирыстонæн иу чысыл балæггаг кодтон, уæд
уый æрмæстдæр Мсойы фæрцы, уымæн æмæ нын
алы мæй дæр æххуыс кодта. Нæ рынчын мадмæ дæр
нын уый кастис. Ныгæнгæ дæр нын æй уый бакодта.
Хъобанмæ йæ аласын дæр нæ бауагъта - никуы, дам,
дзы ницы цард федта.
Мсойы тыххæй дзургæйæ ма мæ уый зæгъын
фæнды, æмæ уыдис хорз ирон лæг. Хæсты фæстæ
Ирыстоны ныры стыр заводтæ, фабриктæ æмæ
иннæ куыстуæттæ иууылдæр хуындысты «Артели
инвалидов». Уыдонæн се ’ппæтæн разамынд
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 201
лæвæрдта Торчынты Мсо. Зыдта разамынд дæттын
дæр æмæ адæмимæ дзурын дæр. Æрхæссын мæ
фæнды иу ахæм цау. Фæтудджын сты дыууæ
мыггаджы быдираг стыр хъæутæй иуы (нæ мæ
фæнды сæ мыггæгтæ фыссын).Уæды Ирыстоны
разамынджытæ агуырдтой дзырддзæугæ ирон
лæг дыууæ мыггаджы бафидауын кæнынæн æмæ
равзæрстой Торчынты Мсойы.
Йæ ныхасмæ йын чи хъуыста, иу ахæм лæг
мын афтæ загъта: «Кæуылты къæдзæхлæг у дæ
мадыфсымæр! Мин адæймагæй фылдæр кæм уыдис,
уыцы фидыды йыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой!
Цы йæ аив бакаст, цы йæ куырыхон зонд, цы йæ
дзыхыдзырд!»
Æцæгæйдæр, Мсойæ аивдæр цæсгом зын ссарæн
уыдис!
Эммæ, Мсойы чызг, чысылæй фæстæмæ уарзон-
дзинад рахаста аивадмæ. Мах Эммæимæ æмгæрттæ
стæм, нæ фæндæгтæ дæр иумæ цыдысты царды,
суанг чысылæй фæстæмæ. Никуы мæ ферох уыдзæн,
иу дæс-дыууадæс азы мыл куы цыдис, уæд мæ
фыццаг хатт мæ мад горæтмæ ракодта йемæ, æмæ,
кæй зæгъын æй хъæуы, Мсотæм æрæхсæвиуат
кодтам. Эммæ мæ йемæ Пионерты галуанмæ акодта
- уæд Кировы æмæ Ленины уынгты тигъыл уыд
галуан. Уыцы изæр уым уыдис равдыст: цыдæр
уырыссаг аргъау æвдыстой, æз уæд уырыссагау нæма
зыдтон, æмæ йын йæ ном дæр нæ бахъуыды кодтон.
Уый хыгъд тынг хорз бахъуыды кодтон, Эммæ Баба-
Ягайы роль куыд хорз ахъазыдис, уый.
Астæуккаг скъола æнтыстджынæй фæуыны
202 Дауырæ
фæстæ Эммæ бацыдис ахуырмæ, Мæсьсуыйы
Щукины номыл уæлдæр училищейы ирон театрæн
цы студи уыдис, уымæ. Фондз азы фæстæ йæ
æнтыстджынæй фæцис каст æмæ райста кино
æмæ театры актрисæйы дæсныйад. Æмæ кæд тынг
хорз артисткæ уыдис, уæддæр йæ зæрдæ æхсайдта
режиссеры куыстмæ, уæлдайдæр кинорежиссеры,
æмæ цыбыр рæстæг ирон театры акусыны фæстæ
ногæй ацыдис Мæскуымæ, ацы хатт та зындгонд
ВГИК-мæ. Райста кинорежиссеры дæсныйад æмæ
кусын райдыдта нæхи телеуынынады режиссерæй.
Эммæйы хорздзинæдтæй иу у иузæрдиондзинад:
никуы сивта йæ зæрдæ йæ куыстыл дæр æмæ йæ
хорз фыды мыггагыл дæр. Мах телеуынынады
бирæ азты дæргъы иумæ фæкуыстам режиссертæй,
æмæ нæ фæлтæрæй уым Эммæйæ дæсныдæр æмæ
хуыздæр кусæг нæ уыд. Абоны онг дæр лæггад кæны
ирон аивадæн: у музыкалон редакцийы сæргълæуæг.
Тынг бирæ систа, адæмы зæрдæмæ чи цæуы, ахæм
музыкалон программæтæ. Тынг баххуыс кодта
аивады дæсныты курдиат адæмы æхсæнмæ аивæй
рахæссыны хъуыддаджы. Йæ аив бакаст, йæ бæстон
ныхас зындгонд сты адæмæн. Зонынц æй Ирыстоны
горæтты æмæ хъæуты цæрджытæ.
Торчынты мыггагæн ма кад æмæ намыс уымæй
кæны, æмæ у хорз ирон лæгау лæггадгæнаг. Ахæм
ирон хъуыддаг нæй, Эммæ йæ мыггаджы æхсæн кæм
нæ вæййы. Йæ куысты тыххæй та ма уый зæгъæн
ис, æмæ йын ис бирæ фæдонтæ æрыгæттæй, йæхи
дæсныйадыл бæстон кæй сахуыр кодта, ахæмтæ.
Бæстон адæймаг алцы дæр бæстон кæны,
Хæхтæ. Азтæ. Бонтае 203
зæрдиагæй. Ахæм у Эммæ. Йæ бирæ фыдæбонæн
ын Республикæйы разамынд хорз аргъ скодта -
хорзæхгонд æрцыд цалдæр хатты Ирыстоны Сæйраг
Советы Кады грамотæтæй, стæй йын радтой Цæгат
Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæджы кадджын
ном. Æппæты стырдæр лæвар та Эммæйæн уый у,
æмæ йæ йæ бирæ зонгæтæ, йæ кадджын мыггаг кæм
фенынц, уым фæзæгъынц: «Бузныг! Æгайтма ды дæр
æмæ Амирхан дæр уæ кадджын фыды номыл ном
бафтыдтат!» Уымæй ма амондджындæр хъуыддаг цы
уа!
Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, фæзæгъынц:
æвæццæгæн, махмæ дæр æмæ нæ мадæлтæ, нæ
фыдæлтæм дæр нæ иумæйаг хистæртæй рацыдис
аивадмæ уарзондзинад. Цард афтæ цыбыр у, æмæ
фыдымад, мадымад, фыдыфыд, мадыфыды бирæтæ
дзæбæх нæ фæхъуыды кæнынц, уымæн æмæ иутæ
зæронд фæкæнынц, иннæтæ та сывæллæттæ
вæййынц æмæ уыйас нæма фембарынц.
Джызæлы мидæг, мæнæн мадымад чи
æййафы, Эммæйæн та фыдымад, уыцы Дзуццон
- Борæндæхæй æмæ йæ хотæй аивдæр æмæ
зондджындæр хотæ нæ уыд. Се ’ппæт дæр цагътой
фæндырæй, уарзтой лæггад кæнын, тынг хорз
быдтой ирон касинкæтæ, зыдтой хуыйын æмæ
тынуафын. Уыдысты хæрзконд, бæрзонд, рæсугъд.
Уæды рæстæджы хуыздæр лæппутæ сыл сæхи
хъæуы мидæг ныххæлоф кодтой. Уыдонæй иу уыдис
мæ мады фыд - Торчынты Гæбыла (мах æй Бæба
хуыдтам). Æз æй тынг хорз нæ хъуыды кæнын,
æвæццæгæн, мыл иу-фондз азы цыдис, куы амард,
204 Дауырæ
уæд. Фæлæ йын йæ здыхт рихитæ бахъуыды кодтон:
йæ былтæ мын мæ русыл куы авæрдта, уæд мын мæ
цæсгом йæ рихитæ хъыдзы кодтой, æмæ уый мæ
зæрдæмæ тынг цыдис.
Мæ мадымад Дзыцца (Борæндæх) та суанг
фæсхæстмæ фæцардис. Хорз ма хъуыды кæнын:
хæст Джызæлмæ куы схæццæ ис, уæд Дзыцца йæ
хæдзарæй хъæдмæ ацæуын нæ бакуымдта. «Уæд
та мæ фырттæй исчи хæстæй ссыд æмæ дуар
æрбахоста!» - загъта Дзыцца.
Немыц зæронд усы кæртмæ раппæрстой
йæ хæдзарæй, æмæ сæ сарайы къуымы цыдæр
бызгъуыртыл хуыссыдис, немыцы æлгъыста. Уæд,
зæгъы, иу немыцаг йæ автомат ныддардта зæронд
усмæ, фехсынмæ йæ хъавыд.
- У-у, Мадымайрæм! Æз дæ фæдзæхст! - скуывта
Дзыцца иронау.
Немыцаг йæ хæцæнгарз æруагъта, æмæ уыйадыл
Дзыцца æгасæй баззад. Раст зæгъын хъæуы, Дзыцца
бакъуырма ис сармадзанты хъæрмæ, фæлæ ма хæсты
фæстæ дыууæ азы фæцард - йæ уарзон фырт Мсойы
ссыд ын æхсызгондзинад æрхаста. Æцæг-иу ын
йæ цæф цонг йæ хъæбысы куы бакодта, уæд-иу йæ
зынгхуыст фырт Керымыл куыдта, афтæмæй мæм
уæддæр куы сыздæхтаис, зæгъгæ.
Ехх, цы лæгтæ уыдис йæ рæстæджы Торчынты
мыггаджы! Æз дзы кæй æрæййæфтон, уыдон æгас
Ирыстоны дæр зындгонд уыдысты сæ лæгдзинад, сæ
сæрæндзинад, сæ зондæй.
Зæрæби æмæ Алыксандр хæрз æфсымæртæ
уыдысты. Æз Зæрæбийæ хуыздæр разамонæг нæ
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 205
зыдтон хъæууонхæдзарады. Цыфæнды фæстæзад
колхоз, куыстад дæр-иу йæ къахыл слæууын кодта.
Адæм æй куыд уарзтой, уый дæр диссаг уыдис! Æмæ
кафгæ та куыд кодта, кафгæ!
Фæстаг азты Джызæлы совхозы куыста
сæрдарæй. Джызæлы зындгонд ансамбль «Арт»
цыдæриддæр бæстæтæм цыдис гастрольты, уырдæм
семæ Зæрæбийы хуыдтой. Æмæ, дам-иу уый рад куы
æрцыд кафынмæ, æмæ-иу уыцы урссæр, саулагъзæй
рæсугъд ацæргæ лæг уæздан хонгæ кафты фæстæ
лыстæг сирд кæнгæйæ тымбыл кафт куы райдыдта,
уæд-иу залы бадджытæ лæугæйæ æмдзæгъд кодтой
Зæрæбийæн.
Куыд дзурынц, афтæмæй Зæрæби кафын
базыдта, цæуын куынæма зыдта, уæд. Æмæ царды
цас диссæгтæ вæййы: тыхст рынчынæй, мæнæ
цалдæр сахаты фæстæ йæ цардæй ахицæн уыдзæн,
афтæ, дам, рынчындоны йæ хуыссæнæй сыстад,
дыууæ сынтæджы фæйнæ къухыл æрхæцыд æмæ
кафын райдыдта, цы аскъæрдтам, цы, нæхи, зæгъгæ.
Зæрæбийы хистæр æфсымæр Алыксандр
Ленинграды баззадис - Ирыстоны фæсивæдæй уæд
бирæтæ ацыдысты, рабфактæ чи хуындис, уыдонмæ
исты дæсныйадыл ахуыр кæнынмæ. Бирæтæ дзы
баззадысты уым цæргæйæ. Æз иу ахæмы уыдтæн
ахуыры фæдыл Ленинграды æмæ мæ бафæндыдис,
мæ мады хæстæг æфсымæры бабæрæг кæнын,
уæлдайдæр та йæ ус Варя уыдис Сланты чызг - ме
’рвадæлты чызг. Сæхимæ нæ разындысты, фæлæ
сын ныууагътон, цы уазæгуаты цардтæн, уый адрис.
Изæры мæм Алыксандр æрбахæццæ, дынджыр
206 Дауырæ
ананас йæ дæлармы, афтæмæй. Фæцин мыл кодта,
фæкуыдта - мæ фыды дæр мын тынг хорз зыдта.
Алыксандрæн дæр йæ зыбыты иунæг фырт фесгуыхт
- йæ фыды аккаг рауад. Фыссы чингуытæ, кусы
Санкт-Петербурджы зындгонд Эрмитажы.
Сæрыстыр уыдтæн Дæбе, Шамил æмæ
Майрæмæй дæр. Тынг зындгонд уыдысты мыггаджы
æхсæн дæр, æмæ кæм куыстой, кæм цардысты, уым
дæр. Костятæ Торчынтæм цалдæр уыдис. Сæ иу
куыста уæды НКВД-йы хицауæй бирæ азты дæргъы.
Æмæ ныр кæд бирæ алыхуызон зондахаст ис уæды
оргæнты кусджытæм, уæддæр Костя уыдис раст лæг
æмæ бирæты бахъахъхъæдта мæлæтæй.
Нæ горæты Торчынты Æхсары хуызæн рæсугъд,
хæрзконд, аив нæлгоймаг нæ уыд. Йæ мад Цеза
ахуыргæнæг уыд, æмæ йæ иунæг фырты хæрзæгъдау
æмæ ахуыры фæндагыл сарæзта. Æхсар фæцис
базарадон хъуыддæгты уæлдæр скъола æмæ
фæкуыста алыхуызон торгты разамонæгæй. Йæ
фырт Игорь сси тынг дæсны дохтыр, æмæ уый дæр
зындгонд у Ирыстоны.
Торчынты мыггаджы бирæ уæздан чындзытæ
уыдис. Цас-иу мын фæхъæбыстæ кодтой, Надяйы
чызг, зæгъгæ!.. Клавæ - Костяйы ус, Мсойы дыккаг
ус - Фатимæ, уымæн уæлдай арфæйаг дæн, бирæ
хорз дзы зонын - Шанаты Дæхцыхъойы чызг уыдис.
Æцæг уæздан адæймаг уыдис, рухс дзæнæты бадæд!
Шамилы ус Шурæ, ныр дæр ма æгас у - Тотыккон,
Дæбейы ус Рая - Реуазон, уæдæ Æхсары ус Азæ та
æмбисонды рæсугъд адæймаг уыд!..
Ирон адæм хæстæгдзинады тынг бæстытæ сты:
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 207
цымыдисаг уаид, сиæхсты тыххæй дæр мыггаджы
чингуыты куы фыссиккой, ома сæ хуыздæрты
тыххæй. Уымæн, æмæ сиахсы æфсымæр хуыдтой
нæ фыдæлтæ. Торчынтæн та хорз сиæхстæ бирæ
ис. Уымæн æмæ сын сæ сылыстæджы зæрдигæй
агурынц иннæ мыггæгтæ. Мæн фæнды Торчынты
сиæхстæй цалдæры нæмттæ зæгъын. Зындгонд
хæстон лæг Зæнджиаты Валодя уыд Торчынты сиахс
(йæ ус Аяая), хъуыстгонд хорз дохтыр Доййаты
Хадзымурат у Торчынты Шамилы сиахс (Изетæ йæ
бинойнаг), тынг хорз дохтыр Хайаты Адылби дæр у
Торчынты хорз сиахс (йæ бинойнаг - Аяая).
Ехх, куыд тæхынц азтæ! Цас хорз адæмты
зыдтон! Куыд тынг цыбыр у цард, уæлдайдæр та,
кæй ранымадтон, уыдонæй зæронды бонмæ бирæтæ
нæ фæцардысты! Рухс дзæнæты бадæнт!..
Тынг мæ фæнды, ныртæккæ йæ тыхы чи ис æмæ
йæ кадджын мыггаджы аккаг чи у, уыцы фæлтæрæй
цалдæры нæмттæ ранымайын. Æппæты разæй
зæгъдзынæн Торчынты Мсойы фырт Амирхан
(Аличчы) тыххæй.
Амирхан схызт, медицинон ахуырады бæр-
зонддæр цы къæпхæн ис, уырдæм. У медицинон
наукæты доктор, профессор, у сыгъдæгзæрдæ, раст,
æрдзон зонды хицау ирон лæг.
Уæлдæр цы аив æмæ рæсугъд лæгты кой кодтон,
уыдонау Алик дæр у бæрзонд, рæсугъд, хæрзконд.
Уарзы йæ мыггаджы, уарзы зæрдæйæ йæ райгуырæн
Ирыстон. Уый тыххæй сыздæхт йæ фыдыбæстæмæ
цæрынмæ æмæ кусынмæ. Уый тыххæй балхæдта,
кæддæр йæ фыдыфыд гутон цы зæххыл адардта, уым
208 Дауырæ
йæхицæн цæрæнбынат - Джызæлы. Йæ кадджын
фыдæлты мондагæн æрцард йæ мыггаджы æхсæн
æмæ сын удуæлдайæ лæггад кæны, ныфс дæр сын
уæдæ куыд нæу!? Сæрыстыр дæр дзы куыд нæ сты -
министртæ сæм бирæ нæй!..
Æз сæ нæмттæ бæстон зонгæ дæр кæмæн нæ
кæнын, фæлæ мæ уарзон мадырвадæлты цин, кæнæ
зыны хъуыддæгты цы бæзджын фæсивæд фенын,
уыдонæн мæ уд сæ фæхъхъау! Сæ хистæрты кад
дæлæмæ ма æруадзæнт, уый йеддæмæ Куырттаты
комы сæ мæсыгæй дур нæ рахаудзæн!..
Мæ уд сæ фæхъхъау, мыггаджы чиныг
саразынмæ йæ ныфс чи бахаста ацы зын царды
уавæрты, уыцы дыууæ сахъхъ лæппуйæн - Мир æмæ
Мæирбегæн. Уæлдæйттæ никæмæ вæййы! Иутæ сæ
фæллой адæмыл уарынц, хай дзы кæнынц мыггагæн
дæр æмæ хиуæттæн дæр, иннæтæ та æмбæхстæй
цæрынц. Торчынтæм фыццæгтæ арæх сты,
дыккæгтæй та хызт сты... Ирон адæммæ хæрæфырт
æмæ æмхæрæфырты тыххæй бирæ æмбисæндтæ
ис: хæрæфырт домбай у! Мадыхойæ мады ад цæуы!
Дыууæ æмхæрæфыртæй арс дæр тæрсы æмæ афтæ
дарддæр.
Кæддæр, дам-иу хæрæфыртæн байраг лæвар
кодтой. Мæнæн мæ мадырвадæлтæ байраг нæ
балæвар кодтой, æмæ сын æй барын! Æрмæст сæ
курæг дæн æмæ мын мæ ацы рæнхъытæ сæ чиныгмæ
иронау бахæссæнт, куыд фыст сты, афтæмæй.
Уадз æмæ ирон адæм зоной, Дауырæ Торчынты
хæрæфырт уыд æмæ иронау фыста, уый.
Амирханы зарджытæ Ирыстоны цæрдзысты
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 209
æнусмæ! Мæн фæнды, кæддæр фидæны фæлтæртæ
афтæ куыд зæгъой: Дауырæ æмæ Амирхан хо æмæ
æфсымæры цот уыдысты!..
# # #
Æз зонын, чиныгфысджытæ бирæты тыххæй
хицæнæй зæгъдзысты, уый, фæлæ мæн фæнды
ранымайын, æз дзы хорз кæй зыдтон æмæ
зонын, уыдоны нæмттæ: Дзибул - Ирыстоны
дзырддзæугæдæр лæггæй иу. Æмсæр уыдис йæ
рæстæджы Цæгæраты Созырыхъойæн, Кæсæбиты
Митяйæн æмæ бирæ æндæр хорз лæгтæн.
Уæдæ Торчынты Барис - хæстон дохтыр,
Торчынты Тамерлан - зындгонд физик, бирæ азты
фæкуыста Медицинон Академийы, Торчынты
Барис - хъæууон хæдзарады министр, уый фæстæ
та Горный Предгорный (афтæ хуынди) институты
разамонæг, Лазары ном та æнæ мыггаг зæгъгæйæ
дæр зындгонд у йæ фæрныг хъуыддæгтæй.
Уæдæ ныртæккæйы фæсивæдæй сæ кадджын
æмæ куырыхон фыдæлты ирон лæгты бынатмæ
чи бацыд, уыдон дæр бирæ сты: Торчынты Юрий
(полковник дæр æй хонæм) нæ уадзы мысын
Торчынты мыггагæн йæ хорз фыд Къолайы.
Раппæлинаг сты Валерик, Алик (Лур æй хонæм
буцæн), Зæрæбийы фырт Мурат. Чындзыты
нымайгæйæ нæ загътон Зæрæбийы иузæрдион къай *
Адæйы тыххæй, афтæмæй та æрдхæрæн у абоны
онг дæр Адæ, уырыссаг уæвгæйæ Зæрæбийы кадæн
сыгъдæг иронау кæй дзуры, уый. Диссаг ма ноджы
14 Заказ № 34
210 Дауырæ
иу у - ирон чындзыты амбылдта ирон æгъдæуттæ
зонынмæ. Джызæлмæ куы ссыд, уæд дардта ирон
касинкæ æмæ ирон хихуыд дзабыртæ. Абоны онг
дæр лæггад кæны мыггагæн.
Зæрдæ райы Торчынты Амирханы чызг
Мæдинæт æмæ йæ фырт Михаилæй дæр. Амирхан
йæ фыртыл йæ фыды ном мондагæн сæвæрдта, æмæ
нæ фæрæдыд - Мишæ у тынг хорз дохтыр æмæ
æцæг ирон уæздан лæг. Мæдинæты ном зындгонд
у йæ политикон куыстæй Уæрæсейы Думæйы, стæй
йæ фыд Амирхан цы диссаджы зарджытæ фыссы,
уыдонæй дæр. Тынг аив сæ зары.
2002 азы 1бмай
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 211
— '"^з^
Удимæ ныхас
Тагъдсеххуысы зындгонд дохтыр
Хъуппеты-Такъсеты Меретхансен
(Нинæйæн) мæ хъуыдытæ.
Нæ! Уд нæ мæлы, Алцы дæр уындзынæ!
Кæд не сыскъуына ирæтты хъæстæ,
Уæд нæм æнæмæнг ногæй ды зындзынæ
Ирон хорз чызгæй мин азы фæстæ.
Уæвгæ нырма мæрдтыбæстæм нæма бахæццæ
дæ, Меретхан, - афтæ фæзæгъынц: дыу-
уиссæдз боны цыд у уыцы дард фæндаг...
Æз, Меретхан, бирæ зиантæ федтон мæ
райгуырæн хъæу Хъобаны дæр æмæ Ирыстоны
иннæ хъæуты æмæ горæтты дæр, фæлæ дæ фæстаг
фæндаджы хъуыддæгтæ куыд аив æмæ бæстон
уыдысты, афтæ стæм вæййы. Дæхæдæг куыд
хицæн кодтай адæмæй дæ куырыхон зондæй, дæ
уæздандзинадæй, дæ балæггадæй, афтæ хицæн
кодтой дæ цыбыр рæстæгмæ рынчынахаст æмæ
цардæн хæрзбонзагъд дæр. Бирæтæ мæлæтимæ
хъæбысхæсты фæдисы, хъæр фæкæнынц, сæ рыс-
тытæн нæ фæразгæйæ æххуыс фæдомынц, нал
фæхъуыды кæнынц, сæ разыбадæг хиуæттæн тынг
зын кæй у зынаргъ адæймаджы зындзинад, ууыл
дæр. Уæд ды, Меретхан, цæй диссаджы тыхджын
адæймаг разындтæ! Куыд тыхстæ дæ уарзон чызг
Жаннæйыл, дæ хотæ Азæ æмæ Дзеханыл, дæ уарзон
212 Дауырæ
фырттæ Батрадз æмæ Игорыл, дæ хæстæджытыл!
Туаггуырæй куы улæфыдтæ æмæ дзурын дæ бон
куынæуал уыдис, уæддæр къухæй куыд æмбарын
кодтай Азæйæн, ма ку, зæгъгæ.
Ды, дæхæдæг дæсны дохтыр уæвгæйæ, Меретхан,
зыдтай дæ низы ахаст. Фæлæ фæстаг боны онг
дæ зæрдæ дардтай фервæзыныл, уымæн æмæ
иу æмæ дыууæ тыхст рынчыны нæ фæдзæбæх
вæййынц уыцы низæй. Фæлæ куы бамбæрзтай,
дыууæ къуырийы тухæнтæй дæ тых баихсыд æмæ
дæм хъару нал ис мæлæтимæ тох кæнынмæ, уæд
Жаннæ æмæ Азæйæн ныллæгъстæ кодтай: «Мæхи
сынтæгмæ! Нæ хæдзармæ! Тагъддæр! Баизæр
уыдзæн!»
- Куыд дæ хъуамæ аласæм, мамæ! Уыцы труб-
кæтимæ куыд хъуамæ уай хæдзары?
- Уыдон фехс! Уыдон дын зынаргъдæр сты æви
æз? Мæ хуыссæнмæ!
Куыддæр дæ дæ хуыссæны æрæвæрдтой, афтæ
Азæйæн загътай:
- Æртæ кæрдзыны скæнут, æмæ мын мæ фæндаг
Хуыцау суæгъд кæна! - дæхæдæг радыгай дæ
цоты дæхимæ фæхуыдтай æмæ сæ алкæмæн дæр
бафæдзæхстай:
- Хъусут! Уæ кæрæдзийыл тыхсут! Кæрæдзийы
хъахъхъæнут!
Хиуæттæ, Меретхан, æдзухдæр Дзеханæн
тарстысты: иуæй, уый рынчын хасга, иннæмæй
та хистæр у. Уый æнхъæл та чи уыдис, æмæ ды,
цардбарæг адæймаг, хоты æмæ хиуæтты ныфс
- афтæ æвиппайды æрхаудзынæ?! Æмæ кæд
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 213
тагъдæххуысы рынчындоны кæрты дæ иннæ
хиуæттæ иууылдæр æхсæвæй-бонæй уыдысты, уæд
Дзехан та рынчынæй хæдзары телефоны цур исты
хорз хабармæ æнхъæлмæ кастис æмæ йæ хиуæттæ
расай-басай кодтой, фæдзæбæх ис, ма йын тæрс,
зæгъгæ.
- Дзехан! Тагъд дæ уæлæ исты акæн æмæ цом!
Агуры дæ Меретхан! - æмбисæхсæв балæуыд Азæ
Дзеханы уæлхъус.
- Æмæ æрбабонмæ не ’нхъæлмæ кæсæм?..
Куыддæр Дзехан йæ уарзон хомæ ныггуыбыр
кодта арфæтæ кæнгæйæ æмæ йæ фарсмæ сынтæгыл
йæхи æруагъта, уымæн æмæ йæ бон лæууын дæр
нæ уыд æмæ бадын дæр, афтæ йын дæ удисгæйæ ды
загътай:
- Дзехан! Æз герой дæн! Бафæрæзтон! - æмæ
дæ хæрзконд уæнгтæ адаргъ кодтай дæ уæрæх æмæ
фæлмæн хуыссæны.
О, куыд æнцонæй систай дæ уд, Меретхан! Æз
уый фæстæ бамбæрстон, ды дæ хæдзармæ цæмæн
тырныдтай, уый: уырдæм, реанимацимæ никæйы
уадзынц, дæу та фæндыд дæ уарзон бинонтæн
хæрзбон зæгъын дæр æмæ сæ кæрæдзиуыл бафæ-
дзæхсын дæр. Хуыцауæй дæр дæ хатыр ракурын
фæндыд, æцæг дæ хæстæджытæй иу дæр нæ
бамбæрста, цы хæсджынæй баззадтæ йæ разы, уый.
Кæд ын, мыййаг, кувæггагæй ныфс бавæрдтай,
æндæр дæуæй æнæзæрдæхуддæрæй ничи фæцард
Хуыцауы раз дæр æмæ адæмы раз дæр. Уый бæрæг
уыдис, дæ сыхæгтæ, дæ зонгæтæ дæм рынчындонмæ
куыд гуылф кодтой, уымæй дæр.
214 Дауырæ
Æз дын, Меретхан, дæ хорз хиуæтты тынг рагæй
зонын. Ды рынчындоны уæвгæйæ, «мæ крутойтæ ам
куы уаиккой» кæмæй загътай, Зырапты уыцы Валя
æмæ Бэллæйы æз тынг хорз зыдтон: Валяимæ æртæ
æмæ ссæдз азы æз фæкуыстон телеуынынады. Валя
уыди Цæгат Кавказы сылгоймаг кинооператортæй
фыццаг. Уыдис ирон хорз лæгау кадджын,
дзырддзæугæ йе ’мкусджыты æхсæн дæр æмæ ирон
адæмы æхсæн дæр. Æз Валяйы æнæцæссыгæй
никуы æрхъуыды кодтон. Уый диссаджы фæд
ныууагъта ирон аивады æмæ йæ ирон адæм никуы
ферох кæндзысты. Уæдæ йæ кæстæр хо Бэллæ та
уыдис Ирыстоны дæсныдæр экономисттæй иу -
бирæ азты куыста хицауадимæ. Чи зоны, йæ зæрдæ
Валяйы зынтæй фæхъæн ис фыццаг хатт æмæ низ
тыхджынæй тыхджындæр кодта, фæстагмæ та
мæлæтхæссæг разынд.
Æз дæ фыдыхо Дудуйы фондз хорз чызджы
рагæй зыдтон, фæлæ Фатимæ æмæ Рая дæр Валя
æмæ Бэллæйы хуызæн сæрæн æмæ лæггадгæнаг
сты, уый ныр базыдтон. Рая дын скуывта дæ фæстаг
æртæ чъирийы, - уый дын ракуырдта Хуыцауæй
рæсугъд фæндаг. Уæдæ дæ иннæ хорз хæстæджытæ,
Меретхан! Куыд бацис сæ бон уыйас балæггад
кæнын дæ зыны дæр æмэе дæ рынчынæй дæр!
Æз, Меретхан; дæ мад æмæ дæ фыдæн, дæ
хæстæджытæн тынг арфæйаг дæн: мæ мæгуыр
фыдыфсымæры лæппу, Сланты Гæмæт,Хъобанæй
куы ралыгъд, уæд йæ ус Азæимæ æмæ йе’ртæ
фыртимæ æрцард дæ мад æмæ дæ фыдимæ Ногираг
уынджы. Диссаг уый уыдис, æмæ Азæ йе ’фсин
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 215
Сеьсуыгъайы дæр раласта Хъобанæй, æмæ дзæвгар
бинонтæй æрбæстон сты Азæйы цæгаты.
Бирæ азты дæргъы уым хæлар æмæ уарзонæй
фæцардысты мæ цæгат - Слантæ. Секуыгъа, рухсаг
уæд, дæ мад Рæхимæты йæ кæнгæ хо хуыдта. Æртæ
лæппуйы кæмæн уыд, уыцы Гæмæт цалынмæ
Хъесайы-фырты уынджы хæдзар райста, уæдмæ
Хъуппеты бинонтимæ а æмæ о-йæ цардысты,
æхсæз бинойнаджы уæвгæйæ. Арфæйаг ма дын
уый тыххæй дæр дæн, Меретхан, æмæ-иу мæ
мыггагыл исты бæллæх куы æрцыд, уæд-иу ды
дæр æмæ дæ иннæ хæстæджытæ дæр нæ уæлхъус
уæхскуæзæй балæууыдыстут. Уымæ гæсгæ æз мæ
хæсыл нымадтон, дæ рынчын дын фехъусгæйæ, дæ
уæлхъус уæвын. Æз дын æппындæр амæлынæй нæ
тарстæн. Æрæджы иумæ Хъобаны Татраты зианы
куы уыдыстæм, уæд мæм мæлыны ус нæ фæкастæ.
Дæ рæсугъд, аив чызг Жаннæйы дын рынчындоны
тыргъы хуыздзыд æмæ джихтæгæнгæ куы ауыдтон,
уæд ын уайдзæфтæ кодтон, цæмæй йын тæрсыс,
зæгъгæ. Уый дын, æвæццæгæн, дæ низы ахаст
хуыздæр зыдта, йæхæдæг дæр медицинон кусæг у,
æмæ йæ йæ дыууæаздзыд фырыхъулыхуызæн лæппу
дæр уымæн нал æндæвта. Æз сывæллæтты рагæй
дæр бирæ уарзын - уайтагъд дæ гыццыл Ислам -
дæ чызджы фырт, мемæ балымæн, уымæн æмæ йыл
зæрдæйæ ныццин кодтон æмæ йын йæ къухмæ æхца
радтон. Уый зоны, æхцайæ жевачкæтæ æлхæнынц,
уый, æмæ йæ бæрзонд, рæсугъд фыдмæ базгъордта,
пап, звачкæ, зæгъгæ. Афтæ тынг фæцыдтæн
сывæллоны зæрдæмæ, æмæ мæм уыцы изæр дæр,
216 Дауырæ
уый фæстæ дæр æхсызгонæй згъордта. Мæ зæрдæ
куыд нæ аскъуыд, уыцы гыццыл къона дын дæ
чырынмæ йæ гыццыл къухтæ куы ивæзта, бабæ спит,
зæгъгæ, уæд. Нæ куымдта йæ фыдымадимæ ацæуын,
фæлæ йæ уый тыххæй ахаста уынгмæ, кæд æй ам,
горæты йын цы хо цæры, уымæ ныууадзин, зæгъгæ.
Фæлæ сывæллон, марадз-зæгъай, акома. Цасдæры
фæстæ та базгъордта дæ чырыны цурмæ æмæ та
дæм йæхи сивæзта. Кæд, мыййаг, дæ уд дæ чырыны
сæрмæ тахт, уæд дын уый ныхæстæй æхсызгондæр
ницы уыдаид. Фæлæ æз мæхимæ тæригъæд райстон
æмæ Исламы лоджимæ асайдтон. Тæрсгæ йын
кодтон, йæ чысыл зонд куы бамбара, ды мард дæ,
уый, æмæ куы фæтæрса. Ссардтон лоджийы дыууæ
портийы, æмæ сывæллонимæ уым футболæй хъазын
райдыдтам. Рацæй-иу тыдта йæхи, ды цы уаты
уыдтæ чырыны, уырдæм, æмæ та-иу æй æз асайдтон:
æз дын аргъау кæнын: «Цардис æмæ уыдис хорз
лæппу. Йæ ном уыдис Ислам. Йæ мад дæр уыдис
хорз. Йæ фыд дæр уыдис хорз...» Тынг йæ зæрдæмæ
цыдысты мæ аргъæуттæ, æмæ та-иу бахудтис, да-да-
да, зæгъгæ. Бафынæй мын нæ бакуымдта, фæлæ мæ
тынг бауарзта, уый бæрæг уыд. Ахастой йæ кæддæр-
кæддæр Жаннæ æмæ йё ’фсин кæдæмдæр, æмæ уæд
мæ уд æрсабыр - нал ын тарстæн.
Æз дын, Меретхан, дæ хоты - Азæ æмæ Дзеханы
иунæгæй нæ ныууагътон, стæй сæ кæуын дæр не
суагътон. Мæхи чындзæн - Азæйæн тынгдæр
тарстæн - йæ туджы æлхъывд куы сбæрзонд уа,
зæгъгæ, Дзеханæн та йæ русы сырх тынгдæр кодта,
æмæ та уыцы тæригъæд дæр мæхимæ райстон: нæ
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 217
сæ бауагътон сæ фаг фæкæуын дæ ныгæнæн боны
размæ. Уæвгæ, кæуынæй мард æгас куы кæнид, уæд
Азæйæн йе’дзард фырт Алан райгас уыдаид!..
Æхсæвы дæ разы нæ баззадтæн - мæ туджы
æлхъывд бæрзонд уыдис. Дæ ныгæнæн бон
райсомæй фæзындыстæм мæ хоимæ - уый дæр
дæ тынг бирæ уарзта. Ныр, мæгуыр, Дзехан йæ
хъарджытæй нал æнцад, æмæ уымæн мæ бон ницы
уыдис, фæлæ Азæйы фарсмæ бадтæн æмæ йæ
скæуын нæ уагътон. Жаннæ, мæгуыр, алы кæуæгæн
дæр уый дзырдта: «Мамæ нæ фæсайдта! Йæхи
ардæм æрбаласын кодта! Мах афтæ æнхъæлдтам, ам
ын хуыздæр уыдзæн!..»
Чырын æддæмæ куы хастой, уæд Азæ фемæхст
æмæ йæ басабыр кæнын мæ бон нал уыдис. Куыдта
дзыхыдзагæй, цыма дын де ’ппæт зынтæ ныр
бамбæрста, афтæ. Æз ын йæ цонгыл хæцыдтæн, æмæ
уæ тыргъы дæ фæдыл куы фæцæйцыдыстæм, уæд
Азæ къултæ йæ армытъæпæнæй хойын райдыдта,
куыд фæуагътай, Меретхан, дæ бирæ фыдæбæттæ
афтæ æнцонæй, зæгъгæ. Нæ банцад йæ куыдæй Азæ
суанг дæ хæссыны рæстæгмæ. Нæ хæстæджытæ
куы фæзындысты - Хъобанæй Мисурæт æмæ йæ
фырт Гошæ, Октябрьскийæ - Эммæ æмæ Зифæ,
Алагирæй - Риммæ, Тамерлан æмæ Таймураз,
семæ дыууадæсаздзыд лæджыбындзæфхад Алихан,
Риммæйы чызджы фырт, стæй ма ноджы мæрд-
дзыгой, уæд æз семæ дзæбæх акуыдтон, бауайдзæф ^
сын кодтон, куыд æрæгмæ, зæгъын, цыдыстут?
Азæйыл нын цы бон ис, уый зонгæ нæ кæнут?
Мæ сæр разылд æмæ дæллаг подъезды цурмæ
218 Дауырæ
ацыдтæн, уырдæм мæм, зæгъын, адæмы куыд
кæд къаддæр хъуысид. Уайтагъд мæ хъустыл ауад
сывæллоны кæуын: уый, Меретхан, дæ уарзон
гыццыл Ислам куыдта. Уæ сыхаг дыууæ гыццыл
чызджы æвджид æй ныууагътой, уымæн æмæ
Исламмæ никæй æвдæлдис дæ ныгæнæн бон. Æз
æй куы ауыдтон, уæд æм хæстæг бацыдтæн æмæ
йæм йæ номæй сдзырдтон. Уый мыл, бабу, зæгъгæ,
йæхи андзæрста æмæ мæ хъæбысæй æппындæр
нал хызтис. Чызджытæ ма йæ бæргæ хъавыдысты
асайынмæ, уымæн æмæ уыдтой, мæ сæр зилы,
уый, фæлæ уый мæныл ныддæвдæг, æмæ «мама
хорошая, папа хороший» кодта. Æз та йын зноны
аргъау ногæй дзырдтон, æмæ та-иу, да-а-а, зæгъгæ,
бахудтис.
Мæнмæ, Меретхан, афтæ кастис, æмæ дæ уд
дæ чырыны сæрмæ нал зилдух кодта, фæлæ уыдис
æз æмæ Исламы раз, уымæн æмæ уыцы кæрты цы
дзыллæтæ уыдис, уыдонæй дын Исламæй уарзондæр
ничи уыд.
Нал мын фæцис фадат дæ чырыныл мæ къух
авæрынмæ æмæ дын фæстаг фæндараст зæгъынмæ
дæр. Ахсджиаг куыст кодтон - хъахъхъæдтон дын
дæ гыццыл къонайы - Исламы. Цыдæр журнал
ссардтам бандоныл æмæ дзы уыдис сотовый
телефонты нывтæ. Йæ гыццыл къухтæй йæ
фæлдæхта æмæ дзырдта: «Мамæ, папæ, Исам!»
- О, æз ацы телефон мамæйæн балхæндзынæн,
ацы телефон папæйæн, ай та - Исамæн! - дзырдтон
ын æз, æмæ тынг разы уыдис мæ лæвæрттæй. Мæ
зæрды уыдис, зæгъын, дыл фæстаг хатт йæ гыццыл
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 219
къухтæ авæра, фæлæ йын тæрсгæ кодтон, куы
фæтæрса, уымæй.
Æмæ кæд дæ алыварс кæуджытæ хъуыддаджы
лæуд уыдысты, уæддæр уыцы бон æппæты
ахсджиагдæр куыст æз кодтон - бахъахъхъæдтон
дын Исламы. Куы дæ ахастой, уæд цасдæры
фæстæ кæстæртæ дæргъæй-дæргъмæ фынгтæм
хæссын райдыдтой хæринæгтæ. Ислам куыддæр
фынгыл чъири ауыдта, афтæ, баппа, зæгъгæ
йæ къухтæ фынгмæ баивæзта. Æз ракуырдтон
фынгæвæрджытæй Исламæн хæйттæ æмæ дон.
Рабадтис сывæллон зыбыты иунæгæй уыцы даргъ
стъолтыл æмæ дын дæ хисты йæхи бафсæста,
Меретхан, дзидза, баппа æмæ дон дзургæйæ. Суанг
ма нæ цуры цы куыдз уыдис, уымæн дæр ратта
дзидза æмæ чъири, кæд не ’мбæлдис, уæддæр.
Уалынмæ уыцы дынджыр цатыры бын
рабадтысты дзыллæтæ. Иуырдыгæй - нæлгоймæгтæ,
иннæрдыгæй- сылгоймæгтæ. Ислам мын мæ къухыл
хæцыд æмæ мæ ракæ-бакæ кодта кæрты къуымты
йæ мад æмæ йæ фыды агурæг. Уæвгæ, чи зоны,
тынгдæр дæу агуырдта, Меретхан, уымæн, æмæ-иу
бабу дæр загъта, æмæ йæ æз не ’мбæрстон, мæнмæ
дзуры, æви дæумæ, уый.
Цалынмæ Жаннæ уæлмæрдтæй æрыздæхт,
уæдмæ иунæг адæймагмæ дæр нæ бакуымдта Ислам
мæнæй.
Кæд Хуыцау зæгъа, Ислам йæхи æмбарынхъом
куы фæуа, уæдмæ цæрон, уæд ын æз радзурдзынæн,
йæ мадымады хистæй фыццаг йæхæдæг куыд
сахуыста, уый. Ныр та, Меретхан, хæрзаудæн
220 Дауырæ
кæн дæ гыццыл цæсты рухсыл, дæ аив цотыл,
дæ уæздан хотыл, дæ диссаджы тугхæстæджытæ
Фатимæ æмæ Раяйыл, дæ къæбæзтыл, дæ сыхæгтыл.
Дзæнæты - дæ бынат! О, бынтон дисы мæ де
’мкусджытæ бафтыдтой! Куыд хорз у, ахæм кад
дын кæй скодтой удирвæзынгæнджытæ, уый. Цал
æмæ цал къордæй дæм фæцыдысты дыууæ боны
дæргъы урсхалатджынтæ! Æз уый æнхъæл никуы
уыдтæн, æмæ тагъдæххуысы уыйбæрц адæм кусы!
Хæрзаудæн сыл кæн, Меретхан! Сæ иумæ дæ
рæсугъд Жаннæ афтæ куыдта: «Абонæй фæстæмæ
мамæ номæй дæумæ дзурдзынæн! Æвæццæгæн,
хуыздæр кæимæ цардтæ, уыдонæй исчи уыд.
Мæ зæрдæ сæнкъуыст, Меретхан, дæ зынæй!
Абон - дæ фыццаг сабатизæр!
Хæларæй дæм хæццæ кæнæнт, рухс дын цæмæй
зæгъой, уыдон.
Дауырæ - дæ хо Азæйы ходыгъд.
О! Нæ Республикæйы разамынд, сæ сæргъыл
Ирыстоны Президент Мамсыраты Таймураз, афтæ-
мæй, дæ зыны бон уæ кæртмæ куы æрбахызтысты
æмæ мæрдджынтæм тæфæрфæсмæ куы балæу-
уыдысты, уæд мæ фарсмæлæуджыты афарстон:
«Хицауад та ам кæй тыххæй сæмбæлдысты?»
- Йæ фырт Игорь сæ иуы ласы, - загъта чидæр.
Мæ уд сæ фæхъхъау, æгайтма хуымæтæг
кусæгæн дæр ахæм кад скæнын æмæ йæ зыны бон
йæ фарсмæ балæууын зонынц.
2005 азы 20 август
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 221
———=^^=—— ’й^-"
Зæрдæйæ, зондæй -
Ирыстонимæ
Абон, 2003 азы 20 августы, Ботъоты Доди-
йы нызг Азсейыл - Дзсеуджыхъсеуы сахары кад-
джын гражданиныл - сеххсест ксены 80 азы.
«Уым дсер ксейдсер бсестсейы (Швецийы), мсе-
нсен мсе бон нсеу сенсемсетсей цсерын, мсе зынаргъ
ирон адсемы - Ирыстоны цсерджыты мсегуырсей
куы уынон, усед!» - зсегъы Ботъоты Азсе.
Рацарæзты азты цы нæ бавзæрстам, ахæм нæ
уыд. Иу ахæмты æппындæр балхæнынмæ
дæр ницыуал уыдис æмæ уæлæ скæнынмæ дæр.
Адæм тынг смæгуыр сты. Уæд Ботъоты Азæ ссыд
ардæм, йæ райгуырæн бæстæм, æмæ куы федта, йе
’мбæстæгтæ цы уавæры сты, уый, уæд ацыд, æмæ,
Швецийы цы горæты цæры, уым дæр æмæ иннæ
хæстæг горæтты дæр асламæй æлхæнын райдыдта
дзаумæттæ. Йæ бирæ зонгæтæ куы базыдтой, Азæ
куыд тыхсы йæ уарзон æмбæстæгтыл, уый, уæд
ын уыдон дæр аххуыс кодтой, æмæ дын мæнæ Азæ
цалдæр мæйы фæстæ стыр голджытимæ, дарæсæй
сæ тæккæ дзагæй, фæстæмæ куы схæццæ уаид
Ирыстонмæ. Абон, чи зоны, исчи зæгъа, æмæ кæй
хъуыдысты йæ лæвæрттæ! Фæлæ уæды рæстæджы
Азæ тынг баххуыс кодта мæгуыр адæмæн. Бай-
222 Дауырæ
уæрста уыцы дарæс, сидзæр сывæллæттæ кæм
цардысты, уым. Радта сын сæ хуыздæрты сфæл-
дыстадон кусджытæй бирæтæн. Ацыдис-иу æмæ-
иу æрбакодта базарæй, уынгтæй, бынтон зæронд
дарæс кæуыл уыд, ахæм адæмты. Æз уый тынг хорз
хъуыды кæнын, уымæн æмæ уыцы азты Азæ æртæ
хатты махмæ фысым кодта Швецийæ æрбацæугæйæ.
Æрбакодта-иу мæгуырты, къахæй къухмæ-иу сæ
сарæзта, æмæ-иу сын сæ зæронд дарæс батыхта.
Афтæ-иу уыдис, æмæ-иу уыдонæй бирæтæ сæ
зæронд дарæс нал бакуымдтой, аппарут сæ, зæгъгæ.
Азæ канд ирон адæмыл нæ мæт кодта. Астæуккаг
Азийы йæ кæстæр хо Аяая цардис. Аяая Азæмæ куы
ныффыста, уым дæр адæм тынг смæгуыр сты, уый,
уæд Азæ уырдæм дæр сласта тынг стыр уæзæгтæ
дарæс æмæ хæринагæй. Гуманитарон «груз» кæй
хонынц, уый иу паддзахад иннæмæн балæвар кæны
тыхсты рæстæг, фæлæ хицæн адæймæгтæ стæм хатт
фæхæссынц сæ ныфс ахæм сæрæн хъуыддæгтæм.
Азæ та æцæг сæрæн разынд, æмæ дугъы рауагъта
йæ чызг Светæйы, Швецийы дохтырты хуыздæртæй
иуы, Ленорды - йæ сиахсы, æмæ-иу сын поезды
балхæнын кодта цалдæргай бынæттæ, уæдæ
куыд хуыздæр сæвæрон мæ бирæ голджытæ
бынæтты, зæгъгæ, æмæ-иу тухæнтæгæнгæ схæццæ
Ирыстонмæ. Хуссар Ирыстонæн дæр йæ тыхсты
бонты баххуыс кодта - уырдæм дæр тынг бирæ
дарæс арвыста. Сомихы Спитакы зæххæнкъуысты
фæстæ Азæ канд дарæс æмæ хойрагæй нæ баххуыс
кодта сомихæн, фæлæ ма медикаменттæй дæр.
Арвыста сын мингай шприцтæ.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 223
Йæ удуæлдай лæггады тыххæй Ирыстонæн, нæ
уарзон райгуырæн бæстæйæн Ботъоты Додийы чызг
Азæйæн 1992 азы лæвæрд æрцыдис Дзæуджыхъæуы
горæты кадджын гражданины ном. Уæвгæ канд
йæ уыцы æххуысы тыххæй нæ. Ботъоты Азæ йæ
тыхтæ, йæ зонд, йæ хъару ам ныууагъта. Кæйдæр
бæстæмæ цæрынмæ пенсиисæгæй ацыд. Æз
Азæимæ иу куыстуаты куыстон - Цæгат Ирыстоны
телеуынынады. Раст зæгъын хъæуы, иумæ бирæ
нæ акуыстам. Æз кусын куы райдыдтон, уæд иу-
дыууæ мæйы фæстæ, уæды рæстæджы телеуынынад
æмæ радиойы комитеты сæргълæууæг Æгъуызарты
Æхсарбег - æцæг ирон лæг, курдиатджын фыссæг,
куыстæн дæр чи аргъ кодта æмæ кусæгæн дæр,
ахæм адæймаг, æмбырды загъта: «Æз уын фехъусын
кæндзынæн хъыг хабар: бирæ азты не ’хсæн,
удуæлдайæ, арæхстджынæй чи фæкуыста, уыцы
режиссер Ботъоты Азæ куыстæй цæугæ кæны. Уый
мæнæн тынг хъыг у. Азæ хорз зоны мах куыст. Хорз
зоны кино æмæ телеуынынады сусæгдзинæдтæ.
Ахæм кусæг тынг ахсджиаг у куыстуаты».
Æз афтæ бахæлæг кодтон уæд Азæмæ! Тæхуды,
æмæ, зæгъын, бирæ азты фæстæ мæнæй дæр исчи
афтæ куы раппæлид æмæ мын мæ куыстæн ахæм
стыр аргъ куы скæнид! Уæд кинокомплекс уыдис
Маркусы уынджы. Æз æмбырды фæстæ æрцыдтæн
кинокомплексмæ æмæ уым кусгæ баййæфтон
Азæйы. Уайтагъд ын Æхсарбеджы ныхæстæ*
адзырдтон, уымæн æмæ Азæ уыцы æмбырды нæ
уыд.
- Йæ цæрæнбон бирæ, фæлæ мæ æгæр скадджын
224 Дауырæ
кодта! Уадиссагæй ницы кусын! - загъта бахудгæйæ
Азæ.
Куыд дзурынц, афтæмæй Азæ, æцæгæйдæр,
уыдис тынг дæсны кусæг. Мах республикæйы
телеуынынад куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ
куыста уым. Уыдис тынг ныфсхаст. Арæзта
равдыстытæ зындгонд адæймæгтимæ дæр. Кучиты
Юри ссыдис ардæм йæ мады бабæрæг кæнынмæ.
Æмæ йын кæд рæстæг æппындæр нæ уыд,
уæддæр æй Азæ æрбахуыдта æмæ адæмæн стыр
бæрæгбон сарæзта - бирæты базонгæ кодта Иры
уарзондæр фырттæй иуимæ - атомон ихсæттæг нау
«Ленин»-ы фыццаг капитанимæ.
Уæды рæстæджы ныры техникæ нæма
уыдис. Эфирмæ цыдыстæм тракты фæстæ. Уæд
равдыстытæ фысгæ нæма кодтой пленкæйыл.
Æмæ-иу дзы худæджы хабæрттæ дæр рауад. Азæ
ныффæдзæхста, телеуынынадмæ дзурынмæ чи
æрбацыд, иу ахæм сылгоймагæн: «Хъусыс! Иунæг
ныхас дæр уырыссагау ма зæгъ!» Сылгоймаг
архайдта, фæлæ йæ радзырды «уже» бахаудта, æмæ
эфиры афтæ: «Æллæх! Уже дæр мын дзы фæцис!»
Бирæ рæстæджы дæргъы канд махæн нæ, фæлæ æгас
ирон адæмæн дæр уый уыдис худæджы хос.
Абон дæр Азæйы йе ’мкусджытæ мысынц,
куыд æцæг, хорз зæрдæйы хицау, хæларзæрдæ
адæймаджы. Æвæццæгæн, йæхæдæг мæгуыр
æмæ хъуæгтæй кæй схъомыл, уый тыххæй тынг
тæригъæдгæнаг у, уарзы канд адæмы нæ, фæлæ
ма суанг куыйты æмæ гæдыты дæр. Афтæ-иу
уыдис, æмæ-иу уынджы цæугæйæ æххормаг, кæнæ
Хæхтæ, Азтæ. Бонтæ 225
рынчын куыдз куы федта, уæд-иу ын æнæмæнг
исты балхæдта æмæ-иу уæд схъæлдзæг. Азæ ахæм
адæймаг у, æмæ йын искæмæн хорздзинад ракæнд
æхсызгондзинад хæссы. Æппындæр ницы домы,
кæмæн æххуыс кæны, уыдонæй. Æнхъæлмæ дæр
сæм ницæмæ кæсы. «Мæ Ирыстон дзæбæх уæд,
уый йеддæмæ мæнæн мæ чысыл зæрдæ истæмæйты
райдзæн», - арæх-иу фæзмыдта Азæ Байаты
Гаппойы. Гаппойы кой кæм ракодтон, уым мæ
зæгъын фæнды, Азæ Гаппойæн дæр æмæ ирон
адæмæн дæр цы лæггад бакодта, уый тыххæй.
Кæддæр Байаты Гаппо ирон æвзагмæ ратæлмац
кодта «Новый Завет» - «Ног Фæдзæхст». Фыст
уыдис латинаг алфавитыл. Куыд зонæм, афтæмæй
бирæ азты дæргъы рохуаты уыд канд уыцы чиныг
нæ, фæлæ Гаппойы ном дæр. Кæддæр-кæддæр æм
цæстдард æрцыд, æмæ сфæнд чындæуыд чиныг
мах алфавитмæ раивын, стæй йыл бакусын. Уыцы
хъуыддæгтыл, стæй ма чиныг рауадзыныл дæр
бацархайдта Азæ. Æмæ цалдæр азы размæ чиныг
æрбахæццæ Ирыстонмæ. Афтæ зæрдиагæй йæ
лæвар кодта Азæ адæмæн, æмæ-иу æм кæсгæйæ
баззадтæн. Тынг фæцыд чиныг адæмы зæрдæмæ,
уæлдайдæр сæм Гаппойы номимæ кæй ссыд, уый
тыххæй.
Азæ ам, Ирыстоны,. æртæ сæрды фæцис фæд-
фæдыл. Йæ æвдай азы дæр ын ам бæрæг кодтам.
Цардис, куыд загътон, афтæмæй махмæ. Æз уыцы
æртæ сæрды никуы ферох кæндзынæн. Уыдысты мæ
царды рæсугъддæр æмæ хъæлдзæгдæр азтæ. Ахæм
бон нæ уыд, æмæ махмæ уазджытæ ма уа. Азæйæн
15 3аказ№34
226
Дауырæ
тынг бирæ æрдхæрдтæ ис Ирыстоны. Уыдон
систы мæн хæлæрттæ дæр. Нæ хæдзары уыдысты
аивады, литературæйы, нывкæнынады дæснытæ, нæ
республикæйы хуыздæр адæмтæ. Азæ йæ хуыздæр
æрдхæрдтыл нымайы Михаил Шаталовы, Дзантиаты
Анатолийы, Байаты Хъазыбеджы, Гуыдиаты
Гермæны, Гæздæнты Булаты, Дудиаты Валодяйы,
Бетойты Мария та у йæ иузæрдион уарзон æмбал.
Кæй ранымадтон, уыдон, æмæ ма ноджы бирæ
æндæртæ Азæйы фæрцы систы мæн æрдхæрдтæ
дæр, мæ уд сæ фæхъхъау.
Хъыгагæн, рæстæг æгъатыр у. Бирæтæ нал ис
йæ æрдхæрдтæй дæр æмæ йæ тугхæстæджытæй
дæр. Фæлæ Азæ сæрыстыр цы хиуæттæй у, уыдонæй
сты ирон куырыхон лæг Дзугкойты Николай æмæ
йæ аив бинойнаг Лидæ, бирæ азты удуæлдайæ
республикæйы кардзыд адæм æмæ сахъæтты
хæдзары чи кусы разамонæгæй, уыцы Закаты Ирæ,
Азæйæн йе ’мхæрæфырттæ æмæ йæ мадырвадæлтæ
Дзугаты Олег æмæ Аевæ.
Ирыстоны цæрджытæй чи зыдта. Азæ махмæ
уыдис, уый, уыдон ма мæм абон дæр æрбацæуынц,
куыд у Азæ, зæгъгæ. Чи йæ зоны, куыд у? Ныр
цалдæр азы ам, Ирыстоны, нал уыдис. Куыд зонын,
афтæмæй йæ былыцъæрттæ хæры йæ уарзон
райгуырæн бæстæ фенынмæ, йæ уарзон зонгæтыл
сæмбæлынмæ. Æстай азы чысыл не сты. Уæвгæ Азæ
йæ азтæй бирæ кæстæрхуыз уыдис æдзухдæр. Æз
Азæйыл бирæ хорздзинæдтыл сахуыр дæн. Ахæм
райсом нæ уыд, æмæ Азæ йæ хуыссæнæй рахиза
æмæ гимнастикæ ма скæна. Йæхи уазал донæй ма
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 227
æрæхса. Уæдæ йæ дзыхмæ уæлдай къæбæр никуы
схаста Азæ. Хæргæ кæны тынг чысыл. Лæгъстæ-иу
ын кодтон: æз дæу тыххæй куы скодтон уæливыхтæ!
Дыккаг хай-ма бахæр! Бахордта-иу иу, кæнæ иу
æмæ æрдæг хайы, кæд тынг уарзы ирон къæбæр,
уæддæр. Уæлдай хæрд куыд нæ кæны, уæлдай дзырд
дæр афтæ. Ныхас кæнгæйæ дзы, цы нæ хъæуы, уый
нæ фехъусдзынæ. Дзуаппытæ дæтты цыбырæй,
фæлæ дзурæгмæ хъусы тынг лæмбынæг. Никуы
никæйы æфхæры ныхасæй дæр æмæ хъуыддагæй
дæр.
Ирон адæм æнамонд дæр сты æмæ амондджын
дæр. Ныппырх стæм кæйдæр бæстæты æмæ
Уæрæсейы алы къуымты. Фыдæн йæ фырт йæ
хæдзары куы уа, йæхи адæмæн куы лæггад кæна, уæд
уый кæуылты амонд у! Фæлæ нæм иу хорздзинад,
иу амондджын миниуæг ис: кæм стæм, уым ирон
лæджы кад æмæ цыт бæрзондмæ исæм. Ирон лæг
цы хъуыддаджы лæуд вæййы, уым у дæсны кусæг,
æгъдау æмæ зонды гуырæн, хæларзæрдæ æмæ
иузæрдион. Ацы ныхæстæ хауынц канд Азæмæ нæ,
фæлæ йæ чызг Светланæмæ дæр. Светланæ Томиан
у, мæ фыдымады æрвад, æмæ йæм мæ цæст тынгдæр
уый тыххæй дарын.
Æнцон нæ уыдис Светланæйæн шведаг æвзаг
сахуыр кæнын, шведаг медицинæйы бæрзæндтæм
схизын. Ныртæккæ у дæсныдæр дохтыртæй иу. Кусы
тынг зындгонд рынчындоны - уыдонмæ терапевттæ
дæр къæртт кæнын зонынц. Зонынц æппæт низтæ
дзæбæх кæнын дæр. Æмæ Светланæ сæрыстырæй
хæссы ирон адæймаджы ном Швецийы.
228
Дауырæ
Бирæтæм диссаг кæсдзæн, куыд афтыд Азæ
Швецимæ, уый. Йæ иунæг чызг Светæйы йын
шведаг лæппу бауарзта Ленинграды ахуыргæнгæйæ.
Азæ райдианы йæхи мардта, нæ ратдзынæн
мæ чызджы æндæр бæстæмæ, зæгъгæ. Фæлæ
уарзондзинад тыхджын у. Арт ссыгъд Светæйы
зæрдæйы дæр, æмæ смой кодта шведагмæ,
фæстæдæр та Азæйы дæр уырдæм аласта.
Азæйы чи зоны, уыдон ын йæ аив уæнгты
æвæрд, йæ уæздан бакаст, йæ аив дзыхыдзырд тынг
уарзынц. Мæнæн та Азæ мæ цæстытыл ирон хонгæ
кафт кæнгæйæ уайы. Афтæ рæсугъд кафы, афтæ
фидауы кафгæйæ, æмæ зæрдæйы циндзинад уадзы.
Мæн фæнды иу ахæм цау æрхæссын. Иу-аст азы
размæ, Азæ фæстаг хатт Ирыстоны куы уыд, уæд йе
ссыдмæ йæ мадыфсымæр амард. Мах Марияимæ
куыд нæ зыдтам уыцы хабар. Фæлæ йæ Азæмæ нæ
ныффыстам, нæ йын æй схъæр кодтам. Куы ссыдис,
уæд йæ размæ бирæйæ ацыдыстæм, фæлæ та йын
не схъæр кодтам йæ мадыфсымæры зиан. Адæм
куы апырх сты, æмæ æртæйæ куы баззадыстæм,
уæд ын загътам, амард дæ мадыфсымæр, зæгъгæ.
Азæ æвиппайды ницы сдзырдта. Комкоммæ
ныккаст мæнмæ дæр æмæ Мариямæ дæр, стæй
æнæдзургæйæ сыстад, рудзынджы цурмæ бацыд
æмæ сындæггай кæуын райдыдта. Райдайæны
сабырæй куыдта, стæй богъ-богъæй фæкуыдта йæ
уарзон мадыфсымæрыл. Цæуынмэе хъавыди йæ
хæстæджытæм, фæлæ йæ мах Марияимæ сразы
кодтам, райсом иумæ ацæудзыстæм, абон фæллад
дæ, зæгъгæ. Иу чысыл куы аулæфыд, уæд æй тыххæй
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 229
сразы кодтам, атезгъо кæнæм, парчы онг ссæуæм,
зæгъгæ. Азæ не ’хсæн цыдис æнкъардæй. Уæд
дын фæстæмæ куы æрцæйцыдыстæм паркæй, уæд
проспект æмæ Дзанайы-фырты уынджы тигъыл
чидæр диссаджы аив цæгъды фæндырæй, æмæ адæм
йæ алыварс æртымбыл сты.
Мах уыдоны цурмæ куы æрхæццæ стæм, уæд
дын Азæ адæмы æхсæнмæ бахызт, иу лæппуйы
къухыл рахæцыд æмæ Ханты цагъдмæ диссаджы аив
акафыд. Адæм сын къухæмдзæгъд сарæзтой, фæлæ
Азæ кæуын райдыдта, бандæттæй иуыл æрбадгæйæ:
- Бахатыр мын кæн, мæ уарзон мадыфсымæр!
Мæ уарзон ирон музыкæ фехъусгæйæ мæ бон нæ
бацис, мæ хъæбысы йæ нæ акæнын! Ныббар мын.
Æрмæстдæр ирондзинадуарзаг аргъ скæндзæн
Азæйы ацы хъуыддагæн. Кæйдæр бæстæйы
цæргæйæ хи æгъдау, хи цард, хи музыкæ чи мысы,
уый тынг тæригъæд у...
Азæ тынг бацархайдта, ирон адæмæй æндæр
бæстæты чи цæры, уыдон кæрæдзиимæ базонгæ
кæныныл дæр. Мах æппындæр кæй нæ зыдтам,
уыдонæй бирæты ныр Азæйы фæрцы зонæм.
Уыдон сты Францы, Англисы, Голландийы,
Амырычы, Финляндийы, Германы æмæ бирæ
æндæр бæстæты цæрæг ирæттæ. Бастдзинæдтæ сын
ис ныр сæ райгуырæн, растдæр зæгъгæйæ та, сæ
фыдæлты райгуырæн бæстæ Ирыстоны адæмимæ,
Аланты Ныхас æмæ республикæйы разамындимæ.
Уыдæтты тыххæй бæстон ныффыста Азæ йæ чиныг
«Доброта»-йы. Чиныг рацыдис 2001 азы рауагъдад
«Ирыстон»-ы.
230 Дауырæ
Алы хъуыддаджы дæр бæстон, куыстуарзаг,
æнæхин, æнувыд - ахæм адæймагæй зонæм Азæйы.
Нæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад, бирæ азты
амондджын цард. Æнхъæлмæ кæсæм Ботъоты
Азæимæ нæ ног фембæлдмæ...
2003 азы 20 август
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 231
— — == "сйЗ^
Къабузджын бæлас
Знон, 2002 азы 22 мартъийы, уыдтæн Джы-
зæлы. Мæ балц цины хъуыддагмæ нæ уыдис
- бирæ азты дæргъы цæуынмæ кæмæ хъавыдтæн,
уæдæ мæ уарзон фыды хорз æмхæрæфырт Кочиты-
Джыгкайты Оляйы бабæрæг кæнон, зæгъгæ, уый
фыдохы хабар мын фехъусын кодтой. Куыд тынг
риссы туг: цæссыгтæ уадултыл тулын райдыдтой
æмæ мæ мæ хъуыды ахаста ивгъуыдмæ.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты размæ Джызæлдоны
хъуыстгонддæр ахуыргæнджытæй иу уыдис мæ
фыд. Куыста æмæ цардис Хъобаны. Уыдис районы
ахуырады разамонæг.
Хъобанмæ æртынæм азты ахуыргæнæгæй ку-
сынмæ бацыдис бæрзонд, хæрзконд хуссайраг лæп-
пу Кочиты Димитър. Ахæм хæларзæрдæ, ахæм æнæ-
хин æмæ хуымæтæг уыдис, æмæ уайтагъд фæцы-
дис мæ фыд Сланты Никъалайы зæрдæмæ. Куыд
фæзæгъынц: æхсæвæй-бонæй иумæ чи вæййы, ахæм
æрдхæрдтæ систы.
Иу ахæмы мæ фыдымад - Томиан Уæликæйæн
йæ ногираг хо Зикæ ’рбацыдис Хъобанмæ, уæдæ
нæхиуæтты бабæрæг кæнон, зæгъгæ. Йемæ уыдис
йæ рæсугъд, бæрзбæласау аив чызг Оля. Фыццаг
фендæй Димитъры зæрдæйы ныххауд æмæ ныр йæ
хуыздæр æрдхорд Никъалайæн лæгъстæйаг разынд.!.
Атахтысты азтæ Терчы уылæнтау. Уæвгæ, цал
æмæ цал азы рацыд уæдæй абонмæ - мах, уыцы
фæлтæры цот дæр ма куы базæронд стæм!..
232
Дауырæ
Куыд аив, куыд рæсугъд хæстæджытæ мын ис
Томайты ’рдыгæй! Цас хъæбыстæ мын фæкодтой
знон Оляйы зианы. Æз кæд Торчынты хæрæфырт
дæн, уæддæр мæхи æдзухдæр Томайты хæрæфырт
хуыдтон, уымæн, æмæ, иуæй, мæ фыдымадимæ
цардтæн, уый мæ хъомыл кодта, иннæмæй та
Томайты арæхдæр уыдтон æмæ сæ фылдæр уарзтон.
Ручъы Томайтæй уыдис мæ фыдымады фыд
Иуане (Уанкъа) - нымайгæйæ куыд тынг дард зыны
хæстæгиуад! Абианимæ сын райгуырдис цыппар
лæппуйы æмæ æхсæз чызджы. Йæ фырттæй-иу -
Ладо - революцийы рæстæджы фесæфт, Федыр
Сыбырмæ хаст æрцыд, æмæ уым фесæфт, иннæ
дыууæ та - Æвдакин æмæ Саридо Фыдыбæстæйы
хæсты фæмард сты. Уæдæй фæстæмæ хотæ сæхи сæ
цæссыджы фехсадтой се ’фсымæрты мысгæйæ.
Æвæццæгæн мады туг тынгдæр хæссы, уый
йеддæмæ Нанайы хоты цот афтæ хæрзхъæд æмæ сæ
мадæлты хуызæн рæсугъд, аив куыд рауадысты?!
Хоты хистæр Дзикæ уыдис. Æз ма йæ хорз
хъуыды кæнын - кардзыдæй дæр уыдис рæсугъд.
Чи нæ зоны хъуыстгонд Джыгкайты Хазбийы -
кæддæр ын мæхи куы бацамыдтон, уæд мын афтæ:
мах мыггагмæ, дам, Томианæй рæсугъддæр æмæ
хæрзхъæддæр чындз никуы æрцыд. Мæнæн тынг
æхсызгон уыдис, Иры хуыздæр лæгтæй иу мæ
фыдымады хойæ афтæ кæй раппæлыд, уый.
Дзикæ Джыгкайты мыггаджы рауагъта тынг хорз
цот: Хъасполат (хиуæттæ йæ Хъайтыхъо хуыдтой),
Оля, Минычкæ, Дуня æмæ Ауызби.
Хъасполат уыдис дæсны юрист, бирæ азты
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 233
фæкуыста Джызæлдоны районы суды лæгæй.
Фæстагмæ ма Къардоны металлокомбинаты дирек-
торæй дæр акуыста.
Мæн никуы ферох уыдзæни, Нанайы уæлмæрдæн
быру куы кæнын кодтон, уæд æм ныццыдтæн æмæ
йын мæ цыды сæр куы бамбарын кодтон, уæд мыл
куыд цин кодта æмæ йæ цæссыг куыд калдта, уый.
Æз афтæ ’нхъæлдтон æмæ йæ хорз мадыхойыл
кæуы, æмæ йын бауайдзæф кодтон: «Цæй, мах дæр
уый карæнмæ куы фæцæриккам!» (Нана 94 азы
фæцард!)
- Æз, бынтон æрыгонæй чи фесæфт, уыдоныл
кæуын... Ды афтæ зæгъыс, иу быру кæнын дæ хъæуы.
Уый раст нæу. Уæликæйæн хъуамæ йæ дыууæ
фырты ингæнтæ дæр йæ фæйнæфарс уой, афтид
куы уой, уæддæр, - загъта Хъасполат æмæ бынтон
æнæфсæрмæй кæуын райдыдта. Мæнæн дæр мæ
зæрдæ суынгæг, уый куы федта, уæд йæ цæссыгтæ
ныссæрфта æмæ кæмæдæр телефонæй адзырдта.
Цасдæры фæстæ æрбацыд иу сылгоймаг.
- Курын дæ, æмæ мæнæ ацы адæймагæн
æфсæйнаг рафысс æртæ быруйы фаг. Нымайгæ та
йæ афтæ бакæн: æмбис дзы æз бафиддзынæн, æмбис
та йæхæдæг.Машинæ та йын бынтон лæвар радтут
сæ ласынæн!
Рухс дзæнæты бадай, Хъайтыхъо, кæд мын ахæм
зæрдæлхæнæн цæмæн скодтай!? Дæ зыны бон мæ
зæрдæ тынгдæр уый тыххæй уынгæг кодта!..
Афтæ фæзæгъынц, мадызæнæгæй иу куы фæхорз
уа, уæддæр хорз. Дзикæйы цот иууылдæр хорз
рауадысты. Оля Дзикæйы чызджыты хистæр уыдис.
234 Дауырæ
Кæд йæ аив къай Димитъримæ æндæр рæтты дæр
ацардысты, уæддæр бынтон бæстон Джызæлы
стыр хъæуы æрцардысты. Хъæубæсты номæй
Оляйы зианы чи дзырдта - Пагæты Хъазыбег,
уый афтæ феппæлыд Кочиты хæдзарвæндагæй,
æмæ æз загътон: Оля нæ амард. Уый ном дæр æмæ
Димитъры ном дæр уыцы бинонтæн уыдзысты сæ
кады цырт.
Бирæ арфæтæ райстой Оляйы дæлбулкъон фырт
Феликс, Оляйы аив чызг Аллæ æмæ йæ къай Плиты
Алихан, йæ лæггадгæнаг чындзытæ Риммæ æмæ
Кларæ. Уæлдай арфæтæ та адæм кодтой Артурæн -
Оляйы фырты фыртæн, Ирыстоны ныры фæлтæры
хуыздæртæй иуæн.
Рухс дзæнæты бадай, Оля! Цас цыдæртæ мын
æрлæууын кодтай мæ зæрдыл! Куыд загътон, афтæ-
мæй Томайты Иуанейæн йæ дыккаг чызг Уæликæ
мæнæн мæхи фыдымад уыдис. Афтæ-иу æй куы
бафарстон: «Нана, ныр Дадаимæ æмхæрæфырттæ
уæвгæйæ (дыууæйæ дæр Абайты хæрæфырттæ
уыдысты!) Слантæн куыд бакуымдтай?», уæд-иу
афтæ:
- Æмæ мæ чи фарста? Цыппæрдæс азы дæр мыл
нæма цыдис, афтæмæй мæ радтой. Рухс дзæнæты
бадæд ме ’фсин Абин - иу афæдз йæ дæлфæдтæм
фæхуыссыдтæн, æгæр гыццыл, дам, у нырма. (Абин
- афтæ хуыдтой хъуыстгонд Сланты Гахайы усы,
кæд йæ ном Сæлимæт уыдис, уæддæр).
Иуахæмы Гаха уыдис йæхихуызон куырыхон
лæгтимæ Хъобаны Томайты Иуанейы хæдзары.
Фынгтæ сын чи æвæрдта, уыцы чызджытæй иу йæ
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 235
зæрдæмæ фæцыд æмæ дзы кæйдæр бафарста, йæ
ном куыд у, зæгъгæ.
- Йæ ном Уæликæ, нырма тынг æрыгон у,
фæлæ суинаг. Рæсугъд, хæрзконд, лæггадгæнаг. Йæ
мадырвадæлтæм, Абайтæм, хъомыл кодта, уартæ
дзы фæндаджы хайæ хъалон чи иста, уыдонмæ, -
радзырдта, хъуыддæгтæ бæстон чи зыдта, ахæм лæг.
Мæ фыдымад куыд дзырдта, афтæмæй Гиго -
мæ фыдыфыд, сахуыр кодта цалдæр азы Калачы
дины скъолайы æмæ йæ рæстæджы уыд нымад
ахуыргондыл.
Ацардысты цасдæр Гуры, стæй сæ гуырдзы
расырдтой æмæ ма тыхтæй-амæлттæй раирвæз-
тысты Цæгат Ирмæ. Мæ фыд Никъала, йе ’фсымæр
Георги, æмæ Маруся сын уым райгуырдысты, иу
чызг та ма сын ам райгуырд -Мисурæт.
Гахайæн йæ зæрдæмæ Хъобаны æрдз тынг
цыдис. Иуахæмы та уырдæм бафтыд хуынды
Томайты Уасойы хæдзармæ. Йæ куырыхон
ныхæстæм, дам, ын адæм æрыхъуыстой: худын дæр
сæ фæкодта, йæ дыууадæстæнон фæндырæй сын
кадджытæ дæр фæцагъта. Уый фæстæ, дам, Уасойæн
афтæ: «Ацы дзæнæты раны ма махонтæн дæр
цæрæнбынат ссарут!»
Уый уыдис, æвæццæгæн, революцийы рæстæг.
Уæд Хъобаны уæздæттæй бирæ нал баззад.
Тлаттаты, Алыккаты цæрæгдæртæ алыгъдысты
алырдæм, фæлæ ма дзы Хъаныхъуатæй æмæ.
Дæргъæвсæй æрлидзæг мыггæгтæй бирæтæ
баззадысты.
Айхъуыстис уайтагъд Хъобаныл Гахайы фæн-
236 Дауырæ
дон æмæ иннæ райсом Уасотæм æрбацыдис йæ
лæдзæджы æнцæйтты Тлаттаты Гаппо - зæронд
уæздан лæг.
- Кæд дæ фырт дæр дæхи хуызæн уæздан æмæ
хæдæфсарм у, ноджы ма чырыстон диныл хæст,
уæд-ма махимæ æрцæрæд æмæ нын фырт уыдзæн.
Уæлæ нæ нæ цæхæрадоны кæрон баныгæндзæн нæ
зæрондимæ, æмæ нæ мæгуыр бынтæ уый уыдзысты.
Уыйадыл Гахайы кæстæр фырт Гиго хъобайнаг
сси æмæ Гаппойы зæронд хæдзары æрцард йæ
чысыл бинонты къордимæ.
Хи фырты лæггæдтæ фæкодта Гиго Гаппо æмæ
Сæлимæтæн - афтæ хуындис Гаппойы усы ном. Сæ
уæздан хиуæтты сын революци алырдæм фæсырдта,
сæхæдæг та æвæстаг уыдысты. Уымæ гæсгæ цалдæр
азы фæстæ, æцæгæйдæр, зæрæдты ныгæнын Гиго
æмæ Уæликæмæ æрхауд. Куыд дзырдтой, афтæмæй
Гаппо Сæлимæты амардæй къуыри дæр нæ ахаста
- нал систа йæ дзыхмæ къæбæр, æмæ сæ хуымы
кæрон дыккаг ингæн фæзынд.
Æз мæхи кæдæй хъуыды кæнын, уæдæй
фæстæмæ, цалынмæ мæ фыдымад æгас уыд,
уæдмæ ахæм фæззæг нæ уыд, æмæ Нана Гаппо
æмæ Сæлимæтæн сæ ном ма ссара, суанг бынтон
зæрондæй дæр. Нæ хæдзары ном та уыдис Гаппойы
хæдзар.
- Гаппойы хæдзар чъырæй цæгъдинаг у! Гаппойы
хæдзары бын сæрдинаг у, - афтæ Гаппойы арфæйаг
ном немæ бирæ азты цардис...
Æз загътон, Томайты хæрæфырт хуыдтон,
мæхи, зæгъгæ. Уымæн ма ноджы иу æфсон уыдис:
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 237
кæд мæ царды æцæг адæймаг зыдтон сылгоймæгты
æхсæн зондæй дæр, уындæй дæр, кондæй дæр, уæд
уый уыдис мæ фыдымад - Томиан. Суанг зæронды
бонмæ дæр нæ фесæфтис йæ хъуыды дæр, йæ зонд
дæр, йæ хæрзконддзинад дæр.
Бынтон диссаг та уый уыдис, æмæ мæ фыдымад
уыдис тынг бæстон адæймаг, хорз хъомылгонд:
суанг зæрондæй дæр зыдта цалдæр французаг
ныхасы æмæ-иу сæ кæддæр-кæддæр загъта. Мах,
йæ цоты цот, кæцæй зыдтаиккам французаг,
æмæ-иу ыл худтыстæм. Куыд дзырдта, афтæмæй
йæ мадыфсымæрæн дæр уыдис Нанайы карæн
чызджытæ, æмæ сын уыдис французаг гувернанткæ.
Ахуыр сæ кодта канд æвзагыл нæ, фæлæ алыхуызон
хорз миниуджытыл дæр. Суанг ма цæуын куыд
хъæуы, хæрын куыд хъæуы, уыдæттыл дæр.
Хæсты рæстæджы адæм тынг смæгуыр сты,
æмæ вилкæтæ æмæ кæрдтæ нал уыдис адæммæ.
Мах иу къухæй куы бавнæлдтам вилкæйæ
хæргæ хæринагмæ, уæд-иу нын Нана нæ къухтæ
æркъуырдта...
Никуы федтон Нанайы уынджы искæимæ ны-
хæстæ кæнынмæ æрлæугæ. Никуы йæ фехъуыстон
искæйы кой ракæнгæ. Никуы йæ федтон æгуыстæй
бадгæ. Бынтон диссаг та уый уыдис, æмæ хæрдæй
хæрды æхсæн йæ дзыхмæ никуы ницы иста. Суанг
ма-иу хæринаг дæр цæххæй нæ уыдта, цæст-
мæ гæсгæ кодта цæхх. Уыдон, æмæ ма ноджы.
бирæ хорздзинæдтыл мæн сахуыр кодта мæ Нана,
æмæ йын цæрæнбонты арфæйаг уый тыххæй
дæн...
238 Дауырæ
Æбуалгъ рауад Нанайы хъысмæт: йæ дыууæ
фыртæн устытæ куы æрхаста, йæ иу чызджы чындзы
куы радта, цард æм йæ мидбылты куы бахудт æмæ
Хъобаны нæ, фæлæ æгас Ирыстоны дæр йæ фыртты
ном куы айхъуыст - мæ фыд Никъала хорзæхгонд
æрцыд, уæды рæстæджы тынг кадджын чи уыдис,
ахæм орден «Знак Почета» æмæ майдан «За
трудовую доблесть»-æй, уæд 1940 азы йæ мой Гиго
Хъызлары, колхозы фосмæ зилгæйæ, менингитæй
фæрынчын æмæ амард. Сауджыны дæсныйадыл
сахуыр кæнгæйæ мæ фыдыфыд Гигойы бахъуыдис
ног дæсныйад райсын, уымæн æмæ аргъуантæ
революцийы фæстæ æхгæд æрцыдысты, æмæ дины
кусджыты ног дуг хуыдта знæгтæ. Салыгæрдæны иу
афæдз фосы дохтыры дæсныйадыл сахуыр кæныны
фæстæ кæддæры диакъон колхозы фосмæ зилын
райдыдта. Суанг-иу зымæджы дæр семæ уыдис
Хъызлары - уыцы рæстæг колхозты фос æдзухдæр
уым зымæгиуат кодтой.
Уыцы аз, 40-æм азы рагуалдзæг тынг фыдрæстæг
скодта Хъызлары. Фосыл фадниз сыстадис, æмæ
сæрдын хъуыдис фысты сæфтæджытæ. Фыстæ
бирæ уыдысты, дохтыр та - иу. Фыййæуттæй
мæ фыдыфыды ныхмæ бирæтæ уыдысты, æмæ-
иу æхсæв бонмæ дæр куы куыста, уæд-иу афтæ
бакодтой:
- Коммунистты фыд у! Сталин ыл ауддзæн,
уымæн æмæ йе ’рдхорд у! - дзырдтой иутæ.
- Сауджын Хуыцауимæ æрдхорд у! - загътой-
иу, уæздæтты байзæддæгтæй ма цы схъиуæццæгтæ
уыдис, уыдон.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 239
Афтæмæй Гиго дыууæ арты судзгæйæ Хъызлары
æррынчын, - уарынты суазал æмæ йæ сæрæй
хъæрзыдта. Бæргæ, йæ хорз фырттæн ын куы
фехъусын кодтаиккой афоныл, уæд, чи зоны, исты
мадзал уыдаид йе сдзæбæхæн, фæлæ мæйы дæргъы
уым артау судзгæйæ сæнттæ фæцагъта, æмæ ма йæ
йæ фырттæ удæгасæй схæццæ кодтой нæхимæ.
Цыппорæм азы мæныл цыдис фондз азы, фæлæ
абоны хуызæн хъуыды кæнын, куыд æхсызгон мын
уыдис, адæм нæм куы æрæмбырд сты, уый.
Мах, сабиты,Дадайы цурмæ куы бакодтой, фена
сæ, зæгъгæ, уæд уый дæр тынг хорз хъуыды кæнын.
Уæлгоммæ хуыссыдис нæ Дада йæ хуыссæны
æмæ йæ риу æмбæрзын нæ уагъта. Йæ уæлæ
уыдис урс хæдон, йæ хъуырыл бæттæнтæ, æмæ
йæ, æвæццæгæн, уыцы бæттæнты æндзæвд дæр
хъыгдаргæ кодта: лæбурдта сæм йæ дыз-дызгæнаг
къухæй æмæ сæ ратон-ратон кодта.
Цыдæр зæгъын æй фæндыд, фæлæ дзурын нал
зыдта, æмæ уый мæнмæ тынг диссаг каст.
Нæ сыхæгты зæронд лæг скодта Дадайæн
фæйнæджытæй чырын, æмæ йæ уыцы даргъ чырыны
галуæрдоны, къуыбырты къæдз-мæдзы фæндæгтыл
аластой уæлмæрдтæм. Мах, сывæллæттæ, цингæнгæ
тахтыстæм адæмы фæстæ.
Афæдзы фæстæ райдыдта хæст, æмæ Нанайы
дыууæ ахуыргæнæг фырты ацыдысты знаджы
ныхмæ хæцынмæ. Уæд хæст адæммæ бынтон .
рæстæгмæ бæллæх кастис.
- Абынæй кæндзыстæм знаджы, æмæ къуырийы
фæстæ ам уыдзыстæм! - загъта мæ фыд Нанайæн,
240 Дауырæ
кæнæ йын ныфс æвæрдта, кæнæ та йæ йæхæдæг дæр
не ’мбæрста...
- Папа! Кæдæм цæуыс, кæдæм? - афарста мæ
кæстæр хо нæ фыды.
- ’Фсадмæ, ’фсадмæ! - фелвæста йæ лæппунгæс
сæрæн цыппараздзыд чызджы йæ хъæбысы мæ фыд
æмæ йæ йæ дæллæрмттыл хæцгæйæ, бæрзонд систа.
Куыддæр æй зæххыл æрæвæрдта, афтæ чызг ратæх-
батæх райдыдта кæрты къуымты, папа нын ссадмæ
цæуы, зæгъгæ. Мæйы бонмæ Нанайæн йæ дыккаг
фырт дæр ацыд хæстмæ, æмæ ныр Нана къуыбырыл
лæугæйæ баззад, комы хъæлæсмæ йæ фырттæм
æнхъæлмæ кæсгæйæ, уæдæ кæд зындзысты, афтæ
куы загътой, хæст тагъд фæуыдзæн æмæ та нæхи
хъуыддæгтæ кæндзыстæм!
Æмæ кæд зынгхуыст хæстонты мадæлтæй исчи
хъæбатыр разынд, уæд уый уыдис Томиан - Нана.
Æхсæв-бон нæ зонгæйæ, йæ уд снывонд кодта Нана
йæ фыртты фæкæсинаг сабитæн.
Æз мæ рагазтæй фæстæмæ бамбæрстон иу
хъуыддаг: адæймаг у æдых æмæ æбар хъысмæты
раз. Цас-иу фæкуывта Нана схуыссыны размæ
Хуыцаумæ! Æз Нанайы куывдтытæ æнустæм
бахъуыды кодтон. Ныр дæр сæ арæх пайда кæнын,
кæд нæ уæды бæлццæттæн ничиуал кувы, уæддæр:
«Нæ бæлццæттæ - де уазæг! Дæ рахиз базыры бын
сæ бакæн!..»
«Ферох дæн хъысмæтæй дæр æмæ Барастырæй
дæр!» - афтæ-иу загъта Нана фæстаг азты. Стæй
ма-иу афтæ дæр загъта: «Хъусут! Æз царынæй
бафæлладтæн, сымах мын дзæбæх ут, æмæ æз абон
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 241
дæр цæттæ дæн æцæг дунемæ ацæуынмæ. Хъусут,
исты куы кæнон, уæд-иу мыл дзæгъæл цъæлхъæр
куыдтытæ ма кæнут! Æфсæрмы кæнын хъæуы
æдзард мæрдты бинонтæй!..»
Æз æппындæр никæмæй æфсæрмы кодтон,
афтæ бирæ фæкуыдтон Нанайыл. Æз зыдтон, Нана
кæмдæр дзæнæты хуыздæр бынаты баддзæн, уымæн
æмæ æнæзæрдæхудт æмæ раст адæймаг уыдис.
Йæ æрæмысгæйæ та афтæ фæхъуыды кæнын:
Нанайы хуызæн æцæг адæймæгтæ арæх нæ гуырынц!
Æз Томайты мыггаджы мыггæгты хуыздæрыл
уый тыххæй дæр нымайын, æмæ тынг хионуарзаг
æмæ лæггадгæнаг сты. Федыры фырттæ Æхсар æмæ
Хасан, йæ иннæ хæстæджытæ, тынг арæх цыдысты
Хъобанмæ, æмæ та-иу Нана дæр схъал ис, мæ
цæгатæй мæм æрбауадысты, зæгъгæ.
Нана йæхæдæг цæуаг никуы уыдис. Искуы-
иухатт-иу искуыдæм куы ацыдис, уæд-иу нæ хæдзар
хасты хуызæн уыдис - хæдзармæ-иу нæм бацæуын
дæр нæ цыд, æмæ-иу уæд Нана загъта: «Æз куы
амæлон, уæд уынджы баззайдзыстут!»
Уæд махмæ Нана æнæмæлгæ адæймаг кастис,
æмæ-иу ын загътам:
- Ды, Нана, никуы амæлдзынæ.
- О, хъæдтæ æмæ уын.дурты йас цæрдзынæн!..
Хæдзары хистæр куынæуал вæййы, уæд бинонтæ
фæйнæрдæм пырх кæнынц. Махыл дæр уыцы
æмбисонд æрцыд, фæлæ Нанайы амындмæ гæсгæ
кæрæдзиуыл нæ къух никуы систам!.,
Хоты æртыккаг - Сæлимæт, куыд дзурынц, аф-
тæмæй æмбисонды рæсугъд уыдис, Гуытъиатæм
16 3аказ№34
242 Дауырæ
смой кодта. Дуджы бæллæхты уыдон дæр бахаудтой
æмæ 1937 азы æд бинонтæ Сыбырмæ хаст æрцы-
дысты. Суанг Фыдыбæстæйы хæсты фæстæмæ уым
фесты. Куы ссыдысты, уæд Сæлимæт йæ фырт Са-
фарбегимæ Суададжы æрцардис сæ раздæры цæ-
рæнбынæтты, фæлæ йæ иннæ фырт Нарсау уырдæм
нæ акуымдта, - æз, зæгъы, нæ фыдæлтæ фыдвæндаг
цы хъæуæй фесты, уым нæ фæразын цæрын.
Æбуалгъ мардæй амард Сæлимæт цасдæры фæс-
тæ: йæ чызг Госæмаимæ горæтæй Суадагмæ фæцæй-
цыд, æмæ Дзуарыхъæуы уырдыджы цалхы бынæй
дур фесхъиудта æмæ Сæлимæты сæрыл сæмбæлд.
Йæ аив цотæй уæлдай цингæнагдæр Сафарбег у
- Суададжы нымад хистæртæй иу.
Цыппæрæм хо уыдис Гуыриаты ус, Вера,
къодахджынаг. Цыппар фырты æмæ йын иу чызг
уыдис. Йæ дыууæ фырты уымæн дæр хæстæй нал
ссыдысты - бынтон æрыгонæй фесæфтысты.
Хæсты рæстæджы Ирыстоны быдираг хъæуты
цæрджытæ иууылдæр хæхтæм лыгъдысты, нæ
хæдзæрттæ цыфæнды уæнт, фæлæ ма нæ удтæ
уæддæр куы аирвæзиккой, зæгъгæ. Махмæ Хъобаны
нæхи мыггагæй тынг бирæ лыгъд адæм уыдис - иу-
æхсæз æмæ ссæдз хæдзары, фæлæ ма нæм нæ иннæ
хæстæджытæй дæр бирæтæ цардис. Уыдонимæ
уыдысты Гуыриаты Верайы бинонтæ дæр - йæ
дыууæ фырты - Таймураз æмæ Геор, уæд сыл цыдис
12-14 азы æмæ йæ чызг Райкæ, уый та уыдонæй
чысыл хистæр уыдис.
- Ды мæнмæ мæ цæргæйæ куы æрбафтыдаис,
уæд дæ æз пух дзулæй хастаин! - загъта мын иухатт
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 243
Вера, æмæ уый мæнмæ тынг диссаг фæкаст - куыд
ис афтæ хорз цæрæн, æмæ æдзухдæр пух дзул хæр?!
Æбуалгъ мардæй амард Верайы аив æмæ
хъуыстгонд фырт Геор - куысты фæдыл æй цæуын
хъуыдис Хъæрмæдонмæ æмæ йæ машинæ тунелы
тигъыл скъуырдта. Рынчындонмæ ма æрхæццæ,
фæлæ сæры цæфтæ тынг уæззау разындысты...
Любæ Фæрниаты - уый дæр Нанайы хо. Йæ
цæуæт: Азджери, Мæирбег (Мамег) æмæ Азæ.
Хъыгагæн, Мамег æдзардæй амард, фæлæ йæ сæрæн
бинойнаг Аидæ мыггагæн дæр æмæ хъæстæйæн дæр
удуæлдай лæггад кæны, йæ цæрæнбон бирæ.
Хоты æхсæзæм, Елмысхан, Фыййаджыбылы
Гайттаты мыггаджы рауагъта аив цот. Йæ фырт
Таймураз, хæстон лæг, йæ мады машинæйы
бавæрдта æмæ йæ фыдыфсымæры лæппуимæ сфæнд
кодтой сæ иумæйаг хæстæджытыл азилын. Фæлæ
æвæццæгæн, Иуанейы цот цалхæй хæс дардтой, æмæ
та Елмысхан дæр машинæйы цæфæй фæмард.
Цас бирæ байзæддаг ис Нанайы хотæ æмæ ’фсы-
мæртæн! Куыд хорз у, цæуæт хистæрты аккаг куы
уой, уый! Куыд хорз у, цалдæр хъуыстгонд мыггаджы
кæрæдзиуыл чи баста, уыцы мадызæнæджы фæстæ
дæр ма сæ кæстæртæ кæрæдзийæн аргъ кæнын
кæй зонынц, сæ кæрæдзийы зыныл фæриссын кæй
зонынц, уый.
Рухс дзæнæты бад, Оля, мæ фыды хорз æмхæ-
рæфырт! Рухс дзæнæты бадæнт мæ уарзон Нана ^
æмæ йæ аив мадызæнæг, Ирыстоны, къабузджын
бæласау, арф уидæгтæ чи ауагъта, уыдон!
2002 азы 23 мартъи
244 Дауырæ
Æрхъуыды йæ кодтон! Æрхъуыды кодтон,
æз дæу афтæ хорз цæмæй зонын, уый!
- комкоммæ мæнмæ цæугæйæ æмæ мæ йæ галиу
къухæй йæ хъæбысы æрбакæнгæйæ, загъта, ныр нæм
цалдæр азы дуканимæ æгънæджытæ уæй кæнынмæ
цы цæцæйнаг ус хæссы, уый. Æрæвæрдта, йæ рахиз
къухы цы стыр хызын уыдис, уый, æмæ дыууæйæ
дæр, стъолы фарсмæ цы бандæттæ уыд, уыдоныл
æрбадтыстæм.
- Амиша! Æмæ дæ рох фæцис, ныр нæм цалдæр
азы алыхуызон дзаумæттæ, æгънæджытæ, æндæхтæ
уæй кæнынмæ хæссыс, уый?
- Уый мæ нæ ферох, фæлæ ма хъуыды кæныс,
æппæты разæй уæм куы æрбацыдтæн, уæддæр
дын куы загътон, тынг хорз дæ зонын, зæгъгæ. Ды
ма афтæ дæр куы бакодтай: «Æз Цæцæны никуы
уыдтæн. Куыд мæ зоныс?» Ныр æз æрхъуыды
кодтон, фыццаг хатт дæ кæм федтон, уый дæр, æз
æмæ ды, уæ горæты астæу цы стыр базар ис, уым
куыд базонгæ стæм, уый дæр, - ногæй та мæ йæ
хъæбысы æрбакæнгæйæ, загъта Амиша.
Ахаста мæ мæ хъуыды азты сæрты. Мæ
цæстытыл ауад 1981 азы сентябрь. Уæд æз мæ
фæллад уадзынмæ цыдтæн Хъырыммæ, - мæ
куыстæй мын путевкæ радтой. Уæдæ, зæгъын,
мæ бинонтæн исты хæринæгтæ цæттæйæ куы
ныууадзин, цæмæй дуканитæ æмæ базартыл
Хæхтæ, Азтæ. Бонтæ 245
ма ратæх-батæх кæной, фæлæ сæ хъуыддæгтæ
æдыхстæй кæной. Сæмбырд сын кодтон бирæ
хæринæгтæ, стæй, уæдæ, зæгъын, харбызафон у,
æмæ ма сын æххæст дыууæ стыр харбызы схæссон
базарæй æмæ æнæмæтæй ацæуон. Бацыдтæн
базармæ, æмæ харбызты нымæцæн кæрон дæр
нæ уыд, фæлæ æз æвзæрстон ставддæр харбызтæ.
Æрлæууыдтæн иу стъолы цур æмæ, харбызтæ цы
æрыгон, аив ус уæй кодта, уый афарстон: «Дæ
харбызтæ адджын сты?»
Барæнтæ цы стъолыл уыдысты, уым дæр стыр
харбызтæ уыдис, фæлæ ус ныггуыбыр кодта æмæ
кæрийы кæронæй иу стыр хъулон харбыз тыххæйты
систа, аиварс кодта иннæ харбызты, афтæмæй стыр
харбыз стъолыл нытътъуп кодта. Йæ цъæрттæ
фæйнæрдæм фæтахтысты, йæ апп дидинæджы
хуызæн лæугæйæ баззад.
- Фен-ма, мæ хо, мæ харбызтæ куыд адджын
сты, уый, - загъта ус.
Йæ рæдаудзинад æмæ йæ уæздандзинад мæн
фæкуыддæр кодтой, æмæ харбызы схъиуæццæгтæй
иу мæ дзыхы бакодтон. Аныхъуырдтон мæ комдзаг,
æмæ мæ цæстысыг фемæхст. Баивæзтон мæхи
уæйгæнæгмæ, мæ хъæбысы йæ ныккодтон æмæ йын
загътон:
- Æз иу æмæ ссæдз азы харбыз нал бахордтон, -
мæ мад куы мардис, уæд харбыз мысыд. Нæ уыдис
харбызафон, æмæ, харбыз мысгæйæ амард, мæгуыр.
Куыд нæ-иу ын ныххæлар кодтам йæ кæндтыты
дæр, алы аз дæр, фæлæ æз нал бахордтон йæ
фæстæ харбыз. Нал æй систон мæ дзыхмæ. Ныр мæ
246 Дауырæ
æрбайрох ис, харбыз нæ хæрын, уый. Æвæццæгæн
æй мæн тыххæй кæй асастай, стæй мын зæрдиагæй
«ахæр» кæй загътай, уый тыххæй...
- Махмæ, цæцæйнæгтæм, дæр сымах æгъдæуттæ
ис! - рауадис мæм ус. Йæ лæууæн бынатмæ мæ
тыххæй бакодта, æрбадын мæ кодта, дынджыр
кардæй харбызы апп стыр лыгтæ æркодта æмæ мын
ныллæгъстæ кодта:
- Чи нæ бахæра ацы харбызæй йæ фаг! Ахæлар
æй кæн дæ мадæн æмæ ахæрæм иумæ!
Рабадтæн базары астæу. Чи зоны, æмæ мæ мæ
бирæ зонгæтæй исчитæ уыдта, фæлæ сæхи нæуынæг
скодтой. Харбыз æлхæнынмæ-иу чи балæууыд усы
стъолмæ, уымæн-иу тыххæй, хатгæйæ йæ къухы
харбызы карст авæрдтон. Уæд, йæ ном дæр кæмæн
нæ зыдтон, уыцы Амишаимæ нæхи хорз федтам
харбызæй.
Балхæдтон дыууæ стыр харбызы усæй, фидгæ та
хъуамæ æртыккагæн дæр бакодтаин. Марадз-зæгъай,
нæ бакуымдта æртыккаг харбызæн æхца цæцæйнаг
ус! Æз, дам, ме ’гъдау уæй нæ кæнын!..
- Амиша! Хъуамæ дæ мæхæдæг æнустæм
бахъуыды кодтаин. Мæнгæн нæ акæнынц:
«Хорздзинад тагъд рох кæны». Фæлæ ма мын зæгъ:
ссæдз азы фæстæ ды мæн мæ кæцы миниуæгмæ
гæсгæ базыдтай? Куыд мæ бадардтай дæ зæрдыл?
- Дæ хуымæтæгдзинад фæцыдис уæд мæ
зæрдæмæ. Хъуыды та дæ дæ хъæлæсæй бакодтон, -
бахудтис Амиша.
Харбызафон кæй уыдис, стæй нæ дуканийы
бакомкоммæ стыр харбызтæ кæй уæй кодтой, уый
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 247
мын уайтагъд мæ зонды иу хъуыды февзæрын
кодта: мæ коммæгæс æмкусджытæй иуы хъусы
бадзырдтон, æмæ уайтагъд иу дынджыр харбыз
стъолыл фестад.
Сихоры хæрдмæ хæстæг уыдис рæстæг, æмæ
Амишайы нал ауагътон, мæ мады рухсагæн та,
зæгъын, харбызхæрæн кæнæм!..
2007 азы2бавгуст
248 Дауырæ
Фæстагхæрзæбон
Аыууынæм æнусы кæрон мæ цæгат - Слантыл
æбуалгъ бæллæхтæ æрцыд - адæм нæ
кæмæй зыдтой, мыггагæн кад æмæ ном чи скодта,
уыцы æртæ цæхæркалгæ стъалыйы фæд-фæдыл
ахуыссыдысты: Сланты Æхсарбег - ансамбль
«Алан»-ы хуыздæр кафджытæй иу, Сланты Илья -
ахуыргонд историк æмæ фыссæг, Сланты Къоста -
Ирон театры хуыздæр артисттæй иу.
Раст-иу загътой фыдæлтæ: адæймаг йæ адзал кæй
нæ зоны, уый йæ амонд у. Йæ тыхы æмæ йæ кады чи
бацыдис æмæ бирæ сфæлдыстадон фæндтæ кæмæ
уыдис, уыцы Сланты Къостайæн исчи куы загътаид
йæ хъысмæт, уæд æй уырнгæ дæр нæ бакодтаид.
Нæ бауырныдтаид Иры дзыллæты дæр, сæ уарзон
артист Сланты Къоста афтæ тагъд ахицæн уыдзæн
цардæй, уый.
Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист,
К. С. Станиславскийы номыл премийы лауреат,
Ирон национ театры бындурæвæрджытæй иу,
Сланты Къостайы тыххæй бирæ хæттыты сарæзтой
равдыстытæ дæр æмæ кинонывтæ дæр. Ацы уацы
мæн фæнды Къостайæн йæ фæстаг бонты, йæ
рынчыны азты хабæрттæ ракæнын, уымæн æмæ
уыдон дæр æвдисынц йæ лæгдзинад æмæ йæ
куырыхон зонд.
Рынчындонмæ бацæугæйæ адæймагæн йæ
бон у бакæсын: ам дзæбæх кæнынц ахæм æмæ
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 249
ахæм низтæ! Фæлæ иунæг рынчындоны дæр нæ
бакæсдзынæ: «Ам мæлæтæй ирвæзын кæнынц!»
1996 азы уалдзыгон бонтæй иуы Къостамæ
рынчындонмæ куы бацыдтæн æмæ йын йæ
бинойнаджы тарстхуызæй куы ауыдтон, уæд æй
бамбæрстон, ам цыдæр хабар и, уый. Уыцы операци
Къостайæн дыккаг уыд - Саламты хорз хирург
ын скодта дыууæ хатты дæр операцитæ. Уайтагъд
дохтырты уаты смидæг дæн æмæ Саламы-фырты
афарстон: «Куыд ацыд операци?»
- Чи дæ ды Къостайæн? - дзуапп радтыны
бæсты мын ныккаст мæ цæстытæм дохтыр.
- Æз дæн йæ хорз æрдхорд æмæ йе ’рвад, йæ хо.
Ахуыдта мæ Саламы-фырт рудзынджы цурмæ,
нæ ныхас нын куыд ничи хъуса, афтæ, уымæн
æмæ Къостайы чызг Ирæ дæр мæ фæдыл дуарæй
æрбазынд.
- Æз тæрсын, уыцы æнамонд низ ын куы уа,
уымæй. Арвитдзыстæм анализтæ Ростовмæ, фæлæ
тынг хъæбæр уыдис, цы рæсыд систам йæ гуыбыны
бынæй, уый. Тынг тæрсын... - загъта мын дохтыр.
Æз ныр бамбæрстон, йæ бинойнаг афтæ æнкъард
цæмæн уыд, уый.
- Къоста фынæй уыдис, йæхи наркозæй нæма
æрæмбæрста. Йæ цуры куы æрлæууыдтæн, æмæ йын
Ирæ йæ рæсугъд цæсгомы хид куыд сæрфы, уый куы
ауыдтон, уæд мыл мæ цæссыгтæ комдзог рацыдысты
æмæ тыргъмæ рахызтæн. Йæ бинойнагимæ йын
бирæ фæлæууыдтæн, фæлæ нæ иунæг ныхас дæр
ничи скодта - æмбæхстам кæрæдзийæ æцæгдзинад.
Уыцы бонæй фæстæмæ æз Къостайæ æмбæхстон,
250 Дауырæ
æцæгдзинад кæй зонын æмæ мæ зæрдæ мидæгæй
тонгæ кæй кæны, уый. Сайдтон æй, сдзæбæх
уыдзынæ æмæ та ногæй хъаздзынæ дæ уарзон
артисттимæ, адæмæн та циндзинад хæсдзынæ,
зæгъгæ.
Йæ рынчын дæргъвæтин ахаста - дыууæ азмæ
’ввахс. Райдианы йæ къæхтыл дæр слæууыд. Сбадт-
иу йæ машинæйыл æмæ-иу куыстмæ дæр бацыд,
Джызæлмæ йе ’фсымæры бинонты уынынмæ дæр.
Æмæ уæд æз мæхинымæры Хуыцаумæ куывтон,
зæгъын, кæд рæдыд уыд дохтырты диагноз.
Цæй диссаджы цардбæллон æмæ тыхджын,
ныфсджын лæг уыдис Къоста! Цас диссаджы
фæндтæ йæм уыдис царды дæр æмæ куысты дæр.
Куыд не ’мбæрста исдугмæ йæ низыхатт?! Куыд
нæ йæм уыдис мæлыны фæнд. Куыд тыхстис йæ
хæдзары хъуыддæгтыл - зымæгмæ картофыл,
ссадыл, халсартыл! Низ та уыдис æгъатыр æмæ
сындæггай йæ куыст кодта - бонæй-бонмæ састис
тых æмæ æхсæз мæйы фæстæ æрхуыссыд Къоста.
Уæвгæ, хуысгæ гриппы фæстæ æркодта.
Хъуыстгонд лæджы царды тыххæй дзургæйæ
йын йæ лыстæг хабæрттæ нæ фæдзурынц, уымæн
æмæ уыдон æрвылбоны хъуыддæгтыл нымад сты.
Сæйрагдæр вæййы, адæмæн цы сарæзта, уыдоныл
дзурын. Фæлæ мæн фæнды Сланты Къостайæн йæ
бинонты цардæй цалдæр цауы æрхæссын, уымæн
æмæ уыдон сты стыр курдиаты хицау Сланты
Къостайы æцæг адæймаджы миниуджытыл дзурæг.
Къостайы чи зыдта, уыдон ын йæ курдиатджын
къай - Кочысаты Зояйы дæр хорз зыдтой.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 251
Фыццаджыдæр, уыдон Ирон театры иумæ бирæ
азты фæкуыстой. Зоя уыдис адæмы уарзон артисткæ
- æнтыстджынæй ахъазыдис бирæ комедион
рольтæ. Дыккаджы та Зоя уыди ирон зындгонд поэт
Кочысаты Мухарбеджы хо.
Уарзон къайæн сæ цот Ирæ æмæ Жорик куы
рахъомыл сты, уæд Зоя 53-аздзыдæй амард. Къоста
цалдæр азы йæхи не ’рæмбæрста. Фæлæ цард цард
у, æмæ йæм хиуæттæ дæр, йе ’мкусджытæ дæр
æрхатыдысты, æмæ дыккаг хатт йæ цард сарæзта -
ракуырдта ус.
Баиу кодтой сæ цæрæнбынæттæ - горæты
кæрон усæн уыдис иууатон фатер, æмæ Къоста
йæ усджын фырт Жориккы уырдæм арвыста,
усы æртындæсаздзыд лæппуйы та сæхи фатермæ
ракодта.
Азтæ цыдысты, æмæ лæппу адынджыр.
Хуыцауæй мын тæригъæд ма уæд, фæлæ Къоста
куы æррынчын, уæд йæ ус æппæты тынгдæр уымæй
фæтарст, æмæ Къоста исты куы кæна, æмæ йæ
фыртимæ уынджы куы баззайой, уæлдайдæр та
уæдмæ Къостайы фырт Жорик йæ усæй рахицæн
æмæ уыдонимæ цард.
• Куыддæр Къоста усы хъуыды бамбæрста, афтæ
иу бон мæнмæ дæр бадзырдта æмæ йæ цотмæ дæр.
Кæй зæгъын æй хъæуы, ус дæр уым уыд, афтæмæй
Къоста загъта:
- Æз мæлынвæнд нæма кæнын, фæлæ цьг
нæ вæййы?! Æз хъуамæ мæ бинонтæн мæхæдæг
сæвæрон æгъдау дæр æмæ пълан дæр. Ацы
сылгоймаг мæнæн æртындæс азы фæлæггад кодта:
252 Дауырæ
сыгъдæгæй, итувæрдæй мæ æрвыста, æмæ хъуамæ
мæн фæстæ уый мачи мацæмæй бафхæра. Ацы
æртæуатон фатерæй иу уат йæ фырты у, иннæ та -
йæхи, уымæн æмæ нын къайады гæххæтт ис - æз
«басяк» никуы уыдтæн, æнæзакъон митæ дæр никуы
кодтон!
Ды, Ирæ, кæд дæхи мæ чызгыл нымайыс, уæд
дæ дыууæуатон фатер адонæн ратт, æмæ мæнæ
ардæм рацу, - де ’фсымæр æмæ дæ чызгимæ, мах дæ
мадимæ кæм цардыстæм, уым цæрдзыстут... Æз дæр
уемæ æнæмæтдæрæй мæхи дзæбæх кæндзынæн...
Ахæм диссаг мæм фæкастис, ахæм, æмæ мæ буар
дыз-дыз кодта. Фыццаджыдæр мæм диссаг фæкаст:
ирон æцæг лæджы фарн цас у! Дыккагæй мæм
диссаг фæкаст: Ирæ - Къостайы чызг, иунæг ныхас
куыд нæ скодта æмæ йæ дыууæуатон фатер йæ фыды
фæндонмæ гæсгæ усæн куыд радта?! Æртыккагæй та
мæм ус фæкаст диссаг: мæлæтдзаг рынчын чи уыд
æмæ удуæлдайæ лæггад кæнын кæмæн хъуыд, уый,
зæгъын, куыд хъуамæ ныууадза æмæ куыд хъуамæ
ахицæн уа Къостаимæ?! Худинагæй дæр нæ тæрсы?
Уæд мæнæн мæ сæр уый нæ ахста, æмæ Къоста йæ
усы дзыхæй кодта уыцы хъуыддæгтæ.
Иу бон куы уыдис, уæд та æз Къостайы цур
бадтæн - уæд сынтæгæй нал стад.
- Уæддæр мæм диссаг кæсы: цæмæн ахицæн
кодтай дæ бинойнаджы? Нал æй уарзыс? -
бафарстон Къостайы.
- Мæ уды йас! - загъта мын Къоста, æргомдзырд
кæй уыдыстæм, кæрæдзийæ кæй ницы æмбæхстам,
уымæ гæсгæ.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 253
- Уæдæ цы сæрра дæ? Хуыссæны уæвгæйæ
дæ æндæр ницы мæт ис?! Цæмæн фехæлдтай уæ
ЗАГС? Ды дæ мыггагæй дæр æмæ дæхиуæттæй
дæр ахæмæй кæй зоныс, æмæ Хуыцау бахизæд,
фæлæ исты кодтай, зæгъгæ, уæд дæ бинойнаджы чи
бафхæра?
- Æз, цалынмæ мæ цæст кæсы, уæдмæ мæ
хæдзары хъуамæ мæхæдæг бауынаффæ кæнон!
Алкæмæн дæр хорз куыд уа, афтæ!.. - загъта Къоста
æмæ мæм йæ дынджыр цæстытæй тынг дæргъвæтин
ныккаст. Æз фефсæрмы дæн æмæ мæ цæстытæ
æруагътон.
Дыууæ азы дæргъы æз Къостамæ рынчынфæрсæг
бирæ хæттыты уыдтæн куы иуæгæй, куы - Сланты
Ильяимæ, куы нæ иннæ хæстæджытимæ. Уый цæй
диссаг уыдис! Цыфæнды тынг-иу куы рыстысты
йæ лыгтæ - æгас та уæвгæ нал баисты, уæддæр-
иу Къоста исты худæджы ныхæстæ кодта æмæ-
иу нæ хъæлдзæгæй рарвыста. Тынг арæх дзырдта,
Джызæлы куы уыдис, уæд йе ’фсымæр Юрикы
фырты цыппараздзыд чызг Даккойы монолог куыд
дзырдта, уый.
- Бауырнæд дæ, Хуыцауы гæрах у! Афтæ
зæрдиагæй фæдзуры мæ ныхæстæ æмæ йæм
хæлиудзыхæй баззайын. Уымæй, мæнмæ гæсгæ,
цыдæр рауайдзæн, - худгæйæ-иу дзырдта Къоста.
Куыд æбуалгъ у адæймагæй цыдæр æмбæхсын
дæр æмæ сайын дæр! Уымæй дæр дæргъвæтин
рæстæг. Цас æнæхъæугæ хостæ фелхæдтам, цас
дохтыртæ фæхуыдтам Къостамæ?! Йæ диагноз-иу
ын куы федтой, уæд-иу æм комгæ дæр нæ кодтой,
254 Дауырæ
æмæ-иу сын мах Ирæимæ ныллæгъстæ кодтам,
æрмæстдæр ын ныфс æвæрынмæ уæддæр æрбацу,
зæгъгæ.
Æз Къостайы тынг хорз зыдтон. Зыдтон ын
йæ царды хабæрттæ дæр, йæ зондахаст дæр, йæ
курдиаты авналæнтæ дæр, уымæн æмæ бирæ азты
фæцардыстæм хæларæй, уарзонæй. Къоста æмæ
Зоя уыдысты уазæгуарзаг. Цалынмæ Къостайы каис,
Зинаидæ Ильиничнæ æгас уыдис, уæдмæ мах не
’ппæт дæр зыдтам, Къостайы хæдзары та ирон хорз
чъиритæ кæй хæрдзыстæм, уый, æмæ архайдтам
бæрæгбæттæ уыдонмæ æрвитыныл.
Къоста фынджы уæлхъус дæр уыди
хъæлдзæгныхасгæнаг. Зыдта алы сидтæн дæр исты
худæджы хос æрхъуыды кæнын, æмæ-иу хæрзад
хæринагæй дæр бафсæстыстæм æмæ худынæй дæр.
Къостайы хæдзары арæх уыдысты, нæ
республикæмæ-иу иннæ рæттæй, Мæскуыйæ кæнæ
сыхаг республикæтæй чи ссыдис, ахæм кадджын
уазджытæ, - сфæлдыстадон кусджытæ, фысджытæ.
Къоста йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йын
уыдис тынг бирæ æрдхæрдтæ, канд нæлгоймæгтæ
нæ, фæлæ сылгоймæгтæ дæр. Брытъиаты Зариффæ
йæхи хуыдта Къостайы æрдхорд.
- Æз никуы пайда кодтон, Зариффæимæ канд
æрдхæрдтæ нæ, фæлæ ма хæстæджытæ дæр кæй
уыдыстæм, уымæй. Куысты мидæг-иу афтæ уыдис,
æмæ-иу тох дæр систам, хыл дæр фестæм, хъæртæ
дæр-иу скодтам кæрæдзиуыл. Зариффæ уыдис
хорз ирон лæгау ныфсхаст. Нæ барста артисттæн
æгъдаухалæн митæ дæр, нæ уарзта, æрæджы чи
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 255
кодта куыстмæ, кæнæ куыдфæндыйы цæстæй чи
кастис хъуыддагмæ, ахæмты.
- Куыд дæ, Къоста? - афарстон иу-æй арæх.
- Куыд фæдæн! Æрдиаг ма мыл хъæуы! -
фæрæвдз-иу ис Къоста æмæ-иу йæ мидбылты
бахудтис.
Гъа, ныр йæ кæрон хæстæг у, зæгъгæ, мын иу
хатт афтæ:
- Цымæ куыд вæййы, куыд?.. Æз дысон дæр
æнхъæлмæ кастæн... Уæвгæ, æз фыццаг дæр нæ дæн
æмæ фæстаг дæр...
Мæнæн мæ уд сцæйхаудта. Мæ бон нал уыдис
йæ ныхæстæм хъусын æмæ дуар айгом кодтон æмæ
Жорикмæ адзырдтон:
- Жорик, дæ фыд абон исты бахордта?
- Абон дæр ницы, знон дæр ницы, æндæрæбон
дæр ницы...
Ирон театры фæсивæд арæх цыдысты Къостамæ
Фидараты Альберт, Гуыбиаты Хъазыбег,
Дзытиаты Лактемыр, Куындыхаты Къола.
- Абон мæм театры фæсивæд уыдысты! -
сæрыстырæй загъта Къоста æмæ сæ мыггæгтæ æмæ
нæмттæй ранымадта.
• Мæн тынг фæндыдис, йæ низ дзы арæхдæр куыд
рох кæна, æмæ йæ хъуыды арæхдæр театримæ куыд
уа, афтæ. Иу бон æй бафарстон: фæнды дæ Ирон
театры артисттæй искæимæ фембæлын?
- Фæнды, фæлæ ам нæ!.. Уым, сценæйы,.
премьерæйы рæстæджы!.. - сындæггай загъта
Къоста æмæ йæ цæстытæ æрæхгæдта.
Æз бадтæн йæ цуры, куыстмæ уыцы бон нæ
256 Дауырæ
тагъд кодтон. Кæддæр-кæддæр куы ракаст, уæд æз
бамбæрстон, цæуылдæр кæй хъуыды кодта, уый.
- Цæуылдæр та хъуыдытæ кæныс? - бафарстон
æй æз.
- Цæуыл хъуыды кæнын, уый зоныс? Куыд
бафтыд мæ къухы утæппæт рольтæ ахъазын дæр,
утæппæт лыстæг хъуыддæгтæ бакæнын дæр,
утæппæт адæмимæ канд базонгæ уæвын нæ, фæлæ
ма бирæтæн хорздзинæдтæ дæр ракæнын...
- Тæхудиаг фæуай, Къоста, ахæм хатдзæгмæ
чи æрцыд. Æз та ууыл тыхсын, æмæ мæ къухы
никуы ницы бафтыд мæ адæмæн хорзæй ракæнын.
Цы куыстытæ кодтон, уыдон уыдысты къæбæр
бакусыны тыххæй. Адæмимæ дæр мæ дзурынмæ
никуы равдæлд.
- Ды зоныс, адæймаг ифтыгъд у царды, уый?
Цыдæр тых нæ баифтындзы, æмæ йæ мах зонгæ
дæр нæ фæкæнæм, афтæмæй, дугъы уайæм! Чи
бафæллайы, уый æрхауы!.. Кæнæ йæ иннæтæ сæ
къæхты бын ныккæнынц, кæнæ та искуыцæй былæй
ахауы! Дугъæттæй хъæугæ цас фæкæны, æфтгæ дæр
сыл уыйас бакæны, æмæ дугъ æнусон, æнæкæрон
уымæн у!..
- Æмæ уæд се ’ппæт дæр фистæг сты, æви
барджытæ? - худгæйæ йæ бафарстон æз, йæ ныхас
дарддæр цæмæй кæна, уый тыххæй. Хорз мæм
кастысты йæ философон хъуыдытæ. Фæндыдис мæ,
фылдæр куы дзырдтаид, уый.
- Иутæ бæхтыл, иннæтæ фистæгæй!..
Афтæ дæр-иу уыдис, æмæ-иу Къоста цыма
цыдæр роль хъазы, уыйау аныгъуылдис царды
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 257
гуылфы, æмæ-иу æз мæхинымæры загътон: Ехх,
тæхуды, æмæ ныртæккæ ам Иры дзыллæтæ куы
уаиккой æмæ сæ уарзон артисты уыдон дæр куы
уыниккой!..
Тыхджын адæймаг уымæй бæрæг у, æмæ
йæ рынчын, йæ зыны рæстæджы дæр йæ ныфс,
йæ цардбæллондзинад нæ сæфынц. Къостайы
амæлæтмæ ма дыууæ боны куы уыдис, уæд æм йæ
дыууæ æфсымæры сæ устытæ, сæ сывæллæттимæ
æрбацыдысты. Уый сæм ракаст, стæй йæ мидбылты
бахудт æмæ афтæ:
- Æрбадут, чи уæ кæм лæууы, уым!
Кæй зæгъын æй хъæуы, утæппæт бандæттæ уаты
нæ уыд, æмæ уæд йæхæдæг худгæйæ афтæ: «Пъолыл
дæр æртъæпæнтæ ут!»
Куыд æууæндаг уыдис, сывæллонау, Къоста!
Куыд ныббарста йæ бинойнагæн, рынчынæй йæ кæй
ныууагъта æмæ йæ хай кæй бадомдта, уый!
- Ды мæнæн мæ зæрдæйы дидинæг дæ! -
дзырдта йæм телефонæй, æз æй хъусын, уый нæ
уыдта.
.Нæ зонын, ус ын цы загъта, уый. Фæлæ йæ
æз куы бафарстон: «Къоста, нæ йæм фæхæрам
дæ?», уæд мын афтæ: «Æмæ ды уый бынаты нæ
фæтарстаис?»
Къостайы ныгæнæн бон уыдис тынг уазал -
1998 азы 17 февраль. Республикæйы алы рæттæй
æрцæуджытæ, аивады кусджытæ, йæ сыхæгтæ, нæ *
мыггаг куы æрæмбырд сты, уæд Бутырины уынджы
10-æм хæдзары кæрты базмæлæн нал уыдис Бирæ
арфæтæ райстам мах, арæхдæр æм чи цыдис, уыдон,
17 3аказ№34
258 Дауырæ
мыггагæй дæр, хиуæттæй дæр... Бирæ арфæтæ
райста Хуыгаты Геор, ирон театры разамонæг,
Къостайæн йæ фæстаг бынат, йæ фæстаг бон, йæ
фæстаг фæндаг чи срæсугъд кодта, уый.
Æз мæхинымæры агуырдтон мæрддзыгойы
æхсæн, йæ ус чи уыдис, уый. Уæдмæ уыцы кæрты
нал цардис - йæ фатер уайтагъд æрбауæй кодта
æмæ æндæр ран балхæдта хæдзар. Æмæ йыл
кæддæр-кæддæр мæ цæст æрхæцыд - мæрддзыгойы
кæрон ныгъуылдтытæ кæнгæ лæууыд æмæ сусæгæй
куыдта. Æз æрхъуыды кодтон, цалдæр мæйы размæ
йын æргом кæй загътон, уыцы ныхæстæ: «Ма
фæрæди! Къостайы хуызæн лæгæн йæ ус нæ, фæлæ
йæ идæдз куы уай, уæддæр йæ кадæй фæцæрдзынæ!
Ма фæрæди!..»
Куыд дзырдтой, афтæмæй уый фæстæ тынг
фæфæсмон кодта, йæ бирæ фыдæбæттæ йын дон
хиды бынты кæй аласта, ууыл. Иунæг адæймаг дæр
не ’рхъуыды кодта Къостайы ныгæнæн бон дæр, йæ
кæндтыты дæр, дыккаг ус ын уыд, уый. Раст цыма
Кочысаты Зоя фарон амард, Къоста та знон, афтæ
кастис бирæтæм.
Къоста ныгæд æрцыд, нæ хуыздæртæ, нæ кады
лæгтæ кæм сты, уыцы уæлмæрдты. Кæй зæгъын æй
хъæуы, йæ сабатизæрты, йæ дыууиссæдзæм боны,
уый фæстæ дæр, æз арæх цыдтæн йæ уæлмæрдмæ,
æмæ-иу дзы æдзухдæр уыдис дидинджытæ. Мæнмæ
афтæ каст, æмæ уыдон Къостайы дыккаг ус хаста,
уæвгæ йыл æмбæлгæ никуы скодтон Къостайы
уæлмæрды уæлхъус.
Æз кæд Къостайæн йе ’рвад уыдтæн, уæддæр
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 259
мæ йе ’рдхорд хуыдта. Уарзта мæ хойы уарзтæй, æз
дæр мæ хуыздæр æфсымæрыл уый нымадтон. Уыдис
мæ ныфс, цыфæнды зын мын куы уа, уæддæр мæм
йæ сæвджын уæхск бадардзæн, уымæй. Æмæ уый
иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдис афтæ. Никуы мын
сфæлмæцыдис мæ мæгуырдзинадæй дæр æмæ мæ
кæнинаг хъуыддæгтæй дæр.
Йæ фæстаг бон æм куы уыдтæн, уæд йæ тыхстмæ
кæсын мæ бон нæ уыд, æмæ мæ цæссыг кæлын
райдыдта:
- Гъе, мæ хо, ме ’рдхорд! Дзæгъæл куыдтытæ ма
кæн, фæлæ сæрæн фæлæуу. Ирæ ирон хъуыддæгтæн
ницы уыйас зоны... Фæкæс æм...
Мæнмæ уæд афтæ фæкаст, æмæ йæ сывæллæтты
дæр æмæ йæ хъуыддæгтæ дæр мæ бар бакодта.
Цæлгæнæнмæ рацыдтæн æмæ уым фæкуыдтон, стæй
мæхи ныхсадтон æмæ йæм хъæлдзæгæй бацыдтæн.
- Афтæ, гъе, мæ хо! Адæймаг иу бон гуыргæ
кæны, иннæ бон та йе ’цæг дунемæ цæуы. Æз тынг
амондджын дæн, мæ цыбыр царды мæ къухы
адæмæн цыдæртæ скæнын кæй бафтыд, уымæй.
Мæнмæ диссаг фæкастис, «мæ цыбыр царды»
кæй загъта, уый, фæлæ йæ цы æфсонæй бафарстаин,
йæ цард æм цыбыр цæмæн кæсы, уымæй, уый нæ
зыдтон. Æз Къостайæ иу-дæс азы кæстæр дæн, æмæ
мæнмæ мæ цард цыбыр никуы кастис. Æвæццæгæн,
мæ кæстытæй бæрæг уыдысты мæ хъуыдытæ, æмæ
уæд дарддæр дзурын райдыдта:
- Афтæ тагъд атахт рæстæг, æмæ мæ мæхи
хъуыддæгтæм дæр æмæ цæрынмæ дæр никуы
равдæлд. Иудадзыг кусгæ, адæмæн лæггад кæнгæйæ
260
Дауырæ
бонтæ цыдысты. Цардыл афæлгæсынмæ дæр мæ
никуы равдæлд, æмæ ныр, уæлгоммæ хуысгæйæ,
дис фæкæнын, цымæ уыцы æмæ уыцы аз дæр
цардтæн, æви нæ? Мæхи амондджын хонын иу
хъуыддагæй: æгуыст æмæ æвдæлон никуы уыдтæн
мæ царды - уый иу. Иннæмæй та, цы нæ хъуыдис,
ахæм хъуыддæгтыл рæстæг никуы хардз кодтон.
Ис ахæмтæ, æмæ сæм цыдæр æнахуыр бæллицтæ
вæййы: кæмæ - къамтæй хъазт, кæмæ - нозтмæ
æмхиц. Нуазгæ æз дæр кодтон, фæлæ мæ иунæг
адæймаг дæр нозтджынæй никуы федта. Стæй
иунæгæй та æппындæр никуы банызтон. Æз уарзтон
хорз æмгæрттимæ хорз фынгыл бадын, хъазæн
ныхæстæ кæнын æмæ иннæтæм хъусын. Уæвгæ-
иу фынджы уæлхъус мæхицæй хъазагдæр æмæ
дзырдарæхстдæр ничи уыдис... Афтæ, гъе, мæ хо!
Уыдис æмæ нал ис!..
- Ма ма мын риссын кæн мæ зæрдæ, Къоста!
Сдзæбæх уыдзынæ!
- Уыдæттæй уæхицæн ныфсытæ ма æвæрут!
Уый бæсты ахъуыды кæн... Ирæ æмæ Жорик тынг
хорз кæсынц мæнмæ. Ницы хъаст кæнын у мæ бон...
Фæлæ ирон хъуыддæгтыл тынг æнувыд не сты ныры
фæсивæд... Мæн аккаг лæггæдтæ куы нæ суа сæ бон...
- Ныр цæуылты сагъæс кæныс, Къоста? Æви дæ
æргом ныхас феХъусын фæнды? Уæд хъус: æз æмæ
ды бирæ, бирæ куы фæцæрæм, уæд нæ хорз мыггаг
мах диссаджы кадимæ баныгæндзæн кæддæр.
Уæвгæ, æз мæхи дæуыл нæ барын. Уымæн æмæ
дæуыйас лæггæдтæ нæ фæкодтон мыггагæн дæр
æмæ Ирыстонæн дæр.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 261
# # #
...Æз мæхицаей бузныг стæм хатт вæййын,
фæлæ иу хъуыддаджы сæрæн разындтæн: 1997
азы райдианы телеуынынады режиссер æмæ
редактор Торчынты Эммæйæн ныллæгъстæ
кодтон, Къостайы, зæгъын, адæм рагæй нал федтой,
æхсызгон сын уыдзæн йæ фенд, æмæ саразæм
телевизион равдыст.
Эммæ Къостайы афтæ тынг рынчынæй куы
федта, уæд сфæнд кодта иу нæ, фæлæ дыууæ-æртæ
равдысты фаг ныхас ныффыссын. Æрхуыдта иубон
телеоператор Леонид Смагины, æмæ райдыдтам
кусын. Къостамæ фарстытæ лæвæрдтон æз
мæхæдæг:
- Къоста, мах, æз æмæ ды, ацы Ног аз цалдæр
хатты кæрæдзийы федтам, фæарфæтæ кодтам
кæрæдзийæн, фæлæ ма дын æз Иры дзыллæты
номæй иу хатт арфæ кæнын: æнæниз нын у! Иры
дзыллæты фæндиаг та дæ къахыл куыд слæууай
æмæ та сын дæ цæхæркалгæ курдиатæй сæ зæрдæтæ
куыд рухс кæнай, ахæм амонд дæ уæд!
- Бузныг, Зоя. Æз Ногбоны æхсæв, бауырнæд
дæ, канд мæ бинонтæн нæ куывтон, фæлæ мæ
уарзон Ирыстонæн. Æнæфыдбылыз куыд уа, ацы
тыхст æмæ зын рæстæг адæм се ’ппæт дæр æрду
хидыл истыхуызты куыд бахизой, æмæ та цард йæ
бынаты куыд сбада. Тынг зын цард скодта адæмæн.
Паддзахад дæр нæ фæсайдта, адæм сæхæдæг
дæр сызнæт сты. Уыдон иууылдæр ирондзинады
знæгтæ сты. Ирон адæммæ ахæм хъару разынæд,
262 Дауырæ
æмæ куыд бафæразой ацы зынтæн. Ирон адæм
афтæ фæзæгъынц, фыдлæг æмæ, дам, фыдбон
бирæ нæ хæссынц. Æз зонын, ралæудзæн хуыздæр
рæстæджытæ, æмæ та адæм сулæфдзысты, - загъта
Къоста æмæ сындæггай, ныронг йæ къухы цы
сигарæ дардта, уый сдымдта.
Æз мæ размæ сæвæрдтон ахæм хæс: дзургæ
къаддæр куыд кæнон, хъусгæ та фылдæр, фæлæ
Къоста ницыуал дзырдта, æмæ йæ уæд бафарстон:
- Къоста, ныр цы равдыст цæттæ кæнæм, уый
цалдæр боны фæстæ эфиры уыдзæн, æмæ йæм
Иры дзыллæтæ цымыдисæй æмæ æхсызгонæй
кæсдзысты. Дæ рольты тыххæй дзурдзыстæм, фæлæ
адæммæ дис кæсдзæн, куыд схызтис Сланты Къоста
аивады бæрзæндтæм, хуымæтæг ирон хæдзары,
хуымæтæг ныййарджыты лæппу?
- Адæмæй хуымæтæгтæ нæй. Афтæ вæййы,
æмæ æппындæр ахуыргонддзинад кæмæ нæй,
уымæ æрдзæй вæййы диссаджы тыхджын зонд
æмæ курдиат. Мæнæн мæ мад Маряйы тыххæй
зæгъын у мæ бон, æмæ уыдис тынг курдиатджын.
Уымæн ахæм хъæлæс уыдис, ахæм, æмæ-иу æм
хъусгæйæ баззадтæн. Нæ фыд Гамырзæ æдзухдæр
куысты уыдис - куы-иу бригадир уыдис колхозы,
куы хуымæтæджы кусæг. Уыцы азты адæм лæвар
куыстой колхозты, æмæ-иу мах мæ мадимæ,
бинонтæ æххормаг æмæ уазал ма уой, уый тыххæй
куы сугмæ хъæдмæ цыдыстæм, куы базармæ
цыдæртæ ластам хæрæгуæрдонæй. Æмæ-иу Маря
æдзухдæр заргæ кодта.
- Цавæр зарджытæ уарзта?
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 263
- Хъæбатыртыл зарыдис! Тынг хорз кодта
Чермены зарæг, Хазбийы зарæг æмæ иннæ адæмон
зарджытæ. Æз та йын хъырнгæ кодтон. Тынг-иу куы
бафæлладтæн, уæд-иу, уыцы зарджытæм хъусгæйæ,
мæ фæллад уайтагъд ацыд. Æмæ йæ уый фæстæ
кæддæр бамбæрстон: уый мын уыцы зарджытæ
уымæн кодта, æмæ мæ зонд дæр æмæ мæ тых дæр
æхсидой. Маряйæ хуымæтæг зæгъæн нæй: мах
уыдыстæм æртæ ’фсымæры æмæ иу хо. Уыцы зын
рæстæджыты махæй иу дæр æдзæллаг, æнæхсад,
æнæзылдæй нæ баззад. Хъæздыг никуы уыдыстæм
мах дæр æмæ нæ сыхæгтæ дæр, фæлæ уæды
сылгоймæгтæ се ’ппæт дæр уыдысты хъæбатыртæ.
Нæлгоймæгтæ хæсты быдыры цы хъæбатырдзинад
равдыстой, сылгоймæгтæ та царды ахæм намыс
æмæ тых равдыстой. Мæнæн Гаглойты Валодяйы
пьесæ «Зæххон хуыцæуттæ» мæ зæрдæмæ тынг
цæуы. Ирон театры дæр æй сæвæрдтам. Уым бæстон
æвдыст æрцыд сылгоймаг, ирон сылгоймаг хæсты
азты. Мæ мады хуызæн та мæм Саучызджы сурæт
кæсы, ирон театры йæ Беккуызарты Орзетæ хъазыд.
. - Къоста, æз хорз зонын Хъамболы дæр æмæ
Юрæйы дæр, фæлæ уын уæ хойы нæ хъуыды
кæнын...
- Уый диссаджы рæсугъд чызг уыдис. Нæ
мадызæнæгæй уымæй рæсугъддæр ничи уыдис.
Æхсæрдæс азы йыл куы сæххæст, уæд, раст хæст
цы бон банцад, 1945 азы 9 майы, уыцы бон ахицæн.
Рæуджыты низæй рынчын уыдис. Цæмæдæр нæм
уыцы низ æмхиц уыд - æз дæр мæ галиу рæуæгæй
сахъат хастон. Адæм цин кодтой, хæст банцад,
264 Дауырæ
зæгъгæ, куыд нæ цин кодтаиккой? Фæсивæды
цæвæгæй чи ныккарста, уымæн йæ кæрон æрцыд.
Мах та нæ уарзон хойыл куыдтам, - йæ цæссыгтæ
æрцыдысты Къостайæн, æмæ æз хорзау нал уыдтæн.
- Бахатыр мын кæн, Къоста, дæ зæрдыл дын
ахæм зындзинад кæй æрлæууын кодтон, уый
тыххæй.
- Уый мæнæн мæ зæрдыл тынг арæх æрлæууы.
Мæ кæстæр æфсымæр Хъамбол йæ чызгыл нæ хойы
ном сæвæрдта - Терезæ. Цал хатты хъусын уыцы
ном, уал хатты нæ хо мæ зæрдыл лæууы.
- Къоста, мæнæ ныртæккæ цы къамтæм
кастыстæм, уым ды Джызæлы уæды фæсивæдимæ,
семæ Хадыхъаты Зинæ дæр, хæрзсабийæ, иу-
дыууадæсаздзыдæй куы дæ.
- Уый 1935 азы ист къам у, Советты 7-æм
съезды рæстæг. Уæд мах уыдыстæм Мæскуыйы.
Ам рамбылдтам нæхи районы - уæд Джызæлдоны
район хуындис, стæй та Республикæйы æркасты
дæр фæуæлахиз стæм, æмæ нæ арвыстой
Мæскуымæ. Уым уыдис Æппæтцæдисон æркаст
хихъæппæрисадон къордтæн, æмæ нæ цалдæр боны
диссаджы уазæг скодтой. Уымæй райдыдта аивадмæ
мæ уарзондзинад, уымæн æмæ уым Сталин дæр
уыдис концерты, æмæ æз къахфындзтыл куы
æркафыдтæн, уйед Сталин сыстадис, æмæ иннæтæн
дæр æнæ сыстгæ нæ уыдис. Æмдзæгъд мын кодтой
лæугæйæ. Уый мæнæн мæ зæрдæмæ афтæ тынг
фæцыдис, æмæ загътон, хъуамæ суон артист.
Фæлæ, куыд стырдæр кодтон, афтæ мæ зæрдæмæ
цæуын райдыдта юриспруденци. Фæндыд мæ кæнæ
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 265
прокурор суæвын, кæнæ та тæрхонгæнæг. Абон
дæр бындур нæ арын мæ уыцы фæндæн. Клубы
мæ кафт æмæ мæ зард никуы ныууагътон. Фæлæ
мыл дæсæм къласы иу бæллæх æрцыд - цалдæр
лæппуйæ нæ скъолайæ ратардтой, ахуыргæнæджы
кæй бафхæрдтам, уый тыххæй. Æмæ уæд æз мæ
мадыфсымæрмæ, Плитæй уыдис мæ мад, ам,
горæты, æрцардтæн æмæ хъуыды кодтон, дарддæр
цы хъуамæ кусон, ууыл. Иубон мыл Гуыдиаты
Руслан сæмбæлд æмæ мын афтæ «Ирон театрмæ
фæсивæд æмбырд кæнынц, æмæ æрбацу».
Æз бацыдтæн, æмæ мæ къамис куы федта, уæд
мын сæ иу афтæ: «Дæу та цы хъæуы? Йе дæ ас нæй,
йе дæ уынд нæй! Ацу дæ хæдзармæ!»
Æз уæддæр æрлæууыдтæн къамисы раз.
Заргæ дæр сын акодтон, кафгæ дæр. Къостайы
æмдзæвгæтæ дæр сын бакастæн. Сæ зæрдæмæ
фæцыдтæн, æмæ мæ айстой студимæ. Уайтагъд
мын чысыл рольтæ дæттын райдыдтой. Сæ фылдæр
æнæ ныхæстæй, ахæмтæ. Æз сыл афтæ зæрдиагæй
куыстон, афтæ-иу сæ ныддихтæ кодтон хъуыдымæ
гæсгæ, æмæ-иу мын залы бадджытæ къухæмдзæгъд
сарæзтой. Ахуыр дæр кодтон студийы, кусгæ дæр
кодтон театры. Æз уый нæ хъуыды кæнын мæ
царды, æмæ искуы спектакльмæ дæр æмæ урокмæ,
репетицимæ дæр байрæджы кæнон. Æз тынг раджы
бамбæрстон: цы куыст кæнай, уый цæмæй кæронмæ
бауарзай, уый тыххæй йæ зæрдиагæй кæнын хъæуы. .
- Къоста, æз дын дæ рольтæ дзæбæх нæ хъуыды
кæнын. Кæцы дзы уыдис ахадгæдæр æмæ уарзондæр
дæуæн дæр æмæ адæмæн дæр?
266 Дауырæ
- Бирæ уыдысты. Æз мæ рольты уарзондæртыл
æмæ æнæуарзондæртыл никуы дих кодтон.
Цыфæнды чысыл роль дæр арæзтон зæрдиагæй.
Уымæй афтæ: архайдтон, цæмæй мæ иу роль
иннæйы хуызæн ма уа. Фæлæ райдианы кæй
ахъазыдтæн, уыдонæй иу уыдис Хъазийы роль
Токаты Асæхы «Усгурты». Адæм-иу мæм уынджы
дæр сдзырдтой, Хъази, зæгъгæ. Спектакль та-иу
афтæ цыд адæмы зæрдæмæ, æмæ-иу къухæмдзæгъд
нал æнцад. Æмæ уый канд мæн зарæг æмæ мæн
хъазты рæстæг нæ уыд, фæлæ æгас спектаклы
рæстæг дæр. Уæд театрмæ кæсджытæ зæрдиагæй
уарзтой театр. Хъæутæй дæр-иу ссыдысты
бричкæтыл, суанг ма фистæгæй дæр. Куыд зоныс,
афтæмæй нын уырыссаг театримæ иу агъуыст
уыдис - ныр кæм баззад уырыссаг театр, уый.
Иу бон-иу мах хъазыдыстæм, иннæ бон та -
уыдон. Æртын фæндзæм азæй фæстæмæ суанг
æхсайæм азты райдайæны онг уым куыстам. Стæй
уæд, ныр Музыкалон театр кæм ис, уырдæм нæ
раивтой. Мæнæ ныр цы диссаджы агъуысты ис
Ирон театр, уый та ма ноджы цалдæр азы фæстæ
сарæзтой. Мæнæн ацы галуан мæ зæрдæмæ тынг
цæуы, кæд райдианы адæм зивæг кодтой ардæм,
уæддæр.
Ныртæккæ рæстæг афтæ аивта, æмæ адæмæй
бирæтæ бахæрын æмæ бахуыссынæй уæлдай
ницыуал хъæуы. Уæд-иу алы адæймаг дæр тыр-
ныдта исты базонынмæ дæр, æмæ исты бакæсынмæ,
исты фенынмæ дæр. Уæд ныры хуызæн æрмæст
комедитæм нæ цыдысты адæм. «Чермен», «Æф-
Хæхтæ. Азтае. Бонтæ 267
хæрдты Хæсанæ», «Дыууæ хойы», «Отелло» æмæ
бирæ æндæр спектакльтæм адæм цыдысты зæр-
диагæй. Æз ранымадтон æрмæстдæр трагедитæ æмæ
драмæтæ. Уæдæ «Пæсæйы фæндон», «Усгуртæ»,
«Мæрдтæйдзæуæг», «Хистхортæ» æмæ бирæ æн-
дæр комедитæм дæр куыд нæ цыдысты. Æз ахæм
адæймæгты зыдтон нæ горæты, æмæ Ирон театры
алы спектакльмæ дæр чи цыдис. Афтæ уарзтой уæд
театр ирон адæм.
- Къоста, цы актертимæ фæкуыстай, уыдоны
тыххæй та цы зæгъын у дæ бон?
- Цыбырæй мæ бон зæгъын уый у, æмæ
ахæмтимæ арс куы куыстаид, арс, уæддæр дзы
мæнæ мæн хуызæн артист рауадаид! - загъта
Къоста, æмæ йæхæдæг дæр йæ цыргъзонд ныхасыл
худын райдыдта.
- Омæ дзы уæддæр курдиатджындæр чи уыдис,
стæй дзы ды кæуыл ахуыр кодтай?
- Уыцы азты артисттæ иууылдæр курдиатджын
уыдысты. Æппæты разæй Таутиаты Солæман.
Уый цæй диссаджы артист уыдис, уымæн дзыхы
дзырдтæй зæгъæн нæй! Мæн цы фæнды зæгъын:
æмдугонтæ, зæгъгæ, куы фæзæгъынц, уæд
æмдугонтæ канд уыдон нæ вæййынц, æмæ иу дзул,
иу дон, иу уæлдæфæй чи пайда кæны. Æмдугонтæ
уыдон сты, æмæ царды цаутыл иумæ чи цин кæны,
иумæ сыл чи тыхсы. Æмдугонтæ уыдон сты, æмæ
«стъалыты» ирддæртыл иумæ чи цин кæны, сæ
аныгуылдыл иумæ чи риссы. Æмдугонтæ уыдон сты,
æмæ мыхуыры цы цæуы, уыдон чи кæсы, театры цы
хъазынц, уыдоны чи уыны. Солæманы æмдугонтæй
268 Дауырæ
ахæм не ссардтаис, æмæ йæ чи нæ уарзта.
Солæманмæ уарзондзинад æмæ йæ зыныл фæрыст
дæр бирæты баиу кодта. Æгæр диссаджы актер
уыдис. Ахæмтæ стæм хатт гуырынц. Æвæццæгæн
æнус, дыууæ æнусы иу хатт.
- Æмæ уæдæ ды цы артисттимæ хъазыдтæ
Ирон театры, уыдонæй Солæманы æмвæзмæ ничи
схызтис? - афарстон æз Къостайы, рагацау уыцы
фарстæн дзуапп зонгæйæ.
- Æз цы актертимæ фæкуыстон, уыдонæй
алкæмæн дæр йæхи къæпхæн ис ирон театралон
аивады, фæлæ дзы Солæманы бæрзæндмæ ничи
схызтис, - загъта Къоста æнæгуырысхойæ. - Æз
тынг аргъ кæмæн кодтон, куыд курдиаты хицау
æмæ куыд хорз адæймаг - уыцы дыууæ хъуыддаджы
хъуамæ иумæ уой адæймаджы туджы, - уыдон
уыдысты Хъæрджынты Варя, Икъаты Серафин
æмæ Бертæ, Хъариаты Тамарæ, Цырыхаты Петя,
Тæбæхсæуты Бало, Цæлыккаты Мæирбег, Тотраты
Бесæ, Къомайты Василисæ, Баллаты Валодя,
Туменаты Еленæ æмæ иннæтæ - уыдонимæ кусын
уыдис, адæймагæн кад æмæ намыс чи хæссы, ахæм
хъуыддаг.
Æз сæрыстырæй хъуыстон, Къоста куыд
зæрдиагæй нымадта Ирон театры бындурæвæр-
джыты, уымæ, æмæ мæм æвиппайды фæзындис иу
хъуыды:
- Къоста, афтæ æнхъæл ма у, æмæ дæ æз
истæмæй аххосджын кæнын, фæлæ ныртæккæ кæй
ранымадтай, уыцы курдиатджын актертæ, Ирон
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 269
театры бындурæвæрджытæ, сæ тæккæ курдиаты
цæхæры куы бацыдысты, уæд сæ сымах пенсийы
арвыстат, фæхицæн сæ кодтат театрæй, æмæ-ма
зæгъ, уый дæумæ куыд кæсы, раст бакодтат уæд?
Æвæццæгæн, Къоста ахæм фарстмæ æнхъæлмæ
нæ каст æмæ мæм мæсты каст æрбакодта, ома,
куы зоны, уыцы хъуыддагмæ мæ ахаст, уæд ма мæ
камерæйы цур цæмæн фæрсы, фæлæ мын уæддæр
дзуапп радта:
- Уымæй æнаккагдæр, уымæй æбуалгъдæр
хъуыддаг нæ уыдис театры царды. Кæддæр
Ирон театр чи сарæзта æмæ йæ цард театрæн чи
снывонд кодта, уыцы хистæр фæлтæры сфæнд
кодтой театрæй фæсурын. Цалдæр хатты æмбырд
сарæзтой, æмæ та-иу æз нæ бацыдтæн, бамбæхстæн-
иу. Уæддæр мæ иу бон тыххæй акодтой, æмæ æз
сыстадтæн æмæ загътон: «Кæд сæрра стут æмæ
хъæддаг адæмы хуызæн нæ хистæрты хæрынвæнд
скодтат, уæд æз дæр разы дæн!» Афтæмæй пенсийы
арвыстам, адæм нæм кæй тыххæй цыдысты, уыцы
кадджын хистæрты - театры цæджындзты!
- Æз, Къоста, Мæскуыйы ахæм диссаг
федтон: Яблочкинæ бынтон куы базæронд, уæд-
иу æй уæрдонгонды раластой, æмæ-иу афтæмæй
йæ ныхæстæ дзырдта,, адæм та-иу ын тыхджын
къухæмдзæгъд сарæзтой.
- Уый æз дæр хъуыды кæнын! Махонтæ та ма
ссæдзгай азтæ фæцардысты сæ былыцъæртТæ
сценæмæ хæргæйæ! Абон дæр ма Къомиан Василисæ
æгас у! Ахæм хорз артисткæйæн ном дæр нæ радтой,
Т70 Дауырæ
афтæмæй адæм та йæ алы сценæмæ рахызтæн
къухæмдзæгъд арæзтой!
- Къоста! Æз зыдтон тынг хорз дæ зондахаст
уыцы хъуыддагмæ. Мæн фæндыд, цæмæй ды адæмы
размæ рахæссай, æппындæр ды аххосджын цы
хъуыддаджы нæ уыдтæ, уый. Уымæн æмæ ахæм
цаутæ иу фæлтæры азымыл нæ хицæн кæнынц. Ныр
та мæ цы фæнды фехъусын, уый зоныс, Къоста,
Есерыхъуаты Минкæ дын сценæмæ карчы къубал
куы бахаста, уыцы хабар!
Къоста йæ сæр ныллæг æруагъта, йе ’рфгуытæ
æрынцъылдта æмæ худын райдыдта. Æз дæр мæ
худын нал урæдтон æмæ дзы ракуырдтон:
- Чи нæ радзура, куыд уыдис?
- Уый, Цæлыккаты Мæирбеджы пьесæ «Мураты
цуан» хъазыдыстæм, æмæ нæ артисткæтæ, Къостайы
схудын кæнæм, зæгъгæ, сфæнд кодтой, - никуы
схудтæн уый размæ роль хъазгæйæ. Никуы ничи
схудын кодта Галазты Викторы дæр, Кокайты
Иссæйы дæр.
Фæскулисты æрæмбырд сты, семæ нæхи Зоя
дæр. Иу сценæ мын Минкæимæ уыдис. Куы рацыдис
сценæмæ рольмæ гæсгæ, уæд дын кæсын, йæ къухы
хызын ставд хуынчъытимæ. Æмæ хызыны иу
хуынкъæй рабырыд карчы хурх - даргъ æмæ йæ
фындз сырх-сырхид. Куы йæ ауыдтон, уæд кæм не
’мбæлыд, уым схудтæн. Фæскулисты артисткæтæ
иууылдæр ныххудтысты. Æз фембылд дæн.
- Æмæ хæснаг скодтат?
- Уый размæ кæддæр загътон, мæн сценæйы
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 271
дзæгъæл худт никуы ничи скæнын кæндзæн.
Æнæхъуаджы куы худай, уæд æй театрдзау уыны,
æмæ мæ театрдзауы фæсайын никуы фæндыдис.
Стæй тынг уарзтон хъазын, сывæллæттæн боныгон
цы спектакльтæ уыдис, уыдоны. Уыдонæн та
æппындæр сайæн нæй, уымæн æмæ йæ уайтагъд
базонынц, сайгæ кæныс, уый. Уыдонæн хъазын
хъæуы сыгъдæгзæрдæйæ. Хъыгагæн, нæм
фæстаг азты сывæллæттæн спектакльтæ нал ис.
Сывæллæттæй бирæтæ уынгты лæууынц æмæ
истытæ уæй кæнынц. Фæстагмæ нæ академиктæ
æмæ ахуыргæндтæ фылдæрæй-фылдæр хъæудзæн,
ууыл бирæтæ нæ хъуыды кæнынц. Æз мæнæ нæхи
театры дарддæры хъуыддæгтыл дæр арæх хъуыды
кæнын. Чи раивдзæн мах - мæнæ ма цыппар-фондз
стæм, уый дæр нал...
Цæмæй йæ хъыг хъуыдытæй фæиуварс уа, уый
тыххæй йæ æз уайтагъд афарстон:
- Къоста, искуы дæ рольтæ банымадтай?
Æвæццæгæн ма раздæры темæйы тыххæй
цыдæр зæгъынмæ хъавыдис, æмæ мæм мæсты каст
æрбакодта, ома, цы гæппытæ кæныс иу хъуыддагæй
иннæмæ. Фæлæ фæстагмæ афтæ:
- Мæ рольтæ театры сты дыууæфондзыссæдзæй
фылдæр. Киноты та авд æмæ ссæдз ролы
ахъазыдтæн - апизодтæ дæр мын бирæ уыдис
уыдонæй. Кино та уымæй хорз у, æмæ баззайы
лентæйыл. Театрмæ чи кæсы, уыдонæн та актер сæ ’
зæрдæты баззайы.
Телеуынынады дæр бирæ фæкуыстон. Мах
272 Дауырæ
кодтам сатирикон журнал «Уæфти æмæ Уæхсти»
Дзбойты Баблеимæ. Æрæджы йе сфæлдыстадон
изæр уыдис æмæ уыцы журналы кой не скодта,
афтæмæй мæнмæ та афтæ кæсы, æмæ уыцы жур-
налы руаджы сси кинорежиссер. Раст нæ бакодта.
Раст нæ кæнынц, ныртæккæ телеуынынады аивадон
уацмыстæ кæй нæ æвдисынц, уымæй. «Добрый
вечер!» - æмæ та информаци равдисынц. Иннæ
ахæм - не ’взаг! Уый, дам, у паддзахадон æвзаг, æмæ
дзы ничи дзуры. Хъæуты ацæргæ лæгтæ сбадынц
æмæ дзурынц афтæ: дыууæ ныхасы уырыссагау, иу
- иронау! Афтæмæй телеуынынадæй дзурынц: «Не
’взаг - нæ хъæздыгдзинад», «Не ’взаг - нæ хæзна».
Æз та афтæ зæгъын: не ’взаг, æвæццæгæн, уыдзæн
не знаг. Уый у стыр æнамонддзинад æппæт ирон
адæмæн дæр. Мадæлон æвзаг мадæлон цæмæн
хуыйны, уый зоныс, Зоя?
- Цæмæн?
- Уый тыххæй, æмæ æппæты разæй мад райда-
йы сывæллоны æвзагыл ахуыр кæнын. Æмæ йыл нæ
къух цæмæн систам? Ирон адæм æй сæхицæн уарзон
цæуылнæ кæнынц. Куы зонынц, æвзаджы сæфти-
мæ адæймагæн йе ’гъдау дæр сæфы, йæ уды конд
дæр, йæ уаг дæр. Авдæнæй куы нæ райдайай сывæл-
лоны ирон æвзагыл ахуыр кæнын, бинонты æхсæн,
уæд уый фæстæ тынг зын у æвзаг ахуыр кæнын.
Æз ирон адæймаджы тынг диссаджы адæймагыл
нымайын, иронау дæр дзуры æмæ уырыссагау
дæр!..
- Къоста! Нæ ныхас ам цъыкк-уым цъыкк уайы,
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 273
фæлæ ма мæ æгъдаумæ дæр дæ ахаст базонын
фæнды.
- Æгъдæуттæ дæр тынг халæм. Æз зæгъдзынæн
æрмæст иунæг хъуыддаг: Хетæджы бын нуазæндон
нæу. Уый у кувæндон. Уым хъуамæ иу лæджы
фырт дæр йæ дзыхмæ карз нозт ма иса. Кæд
дзуармæ сыгъдæгудæй кувыс, уæд æм бацу, æмæ
фæстæмæ дæр сыгъдæгзæрдæйæ рацу. Бафæдзæхс
дæ хъуыддæгтæ дзуарыл. Сыгъдæгзæрдæйæ æмæ
æрвонгæй чи кувы, уый лæг нæ амардзæн. Уый
фыдбылыз нæ сараздзæн, давгæ нæ акæндзæн,
æвзæр дзыхæй не сдзурдзæн. Уый дын цыбырæй
æгъдау халыны иу хай!.. Цы ма дæ хъæуы мæнæй,
мæ хо? - загъта Къоста, кæнæ фæллайгæ бакодта,
кæнæ та, куыд æмбæлы, афтæ бæстон нæ дзурæм
хъуыддæгтыл, уый æмбæрста.
- Къоста, æз зонын, бæстон ныхасæн бирæ
рæстæг хъæуы, уый. Ахæм гæнæн, чи зоны,
абон нæй. Мæн бирæ цыдæртæ базонын фæнды
дæуæй. Æрдхæрдтæ дын бирæ ис, Къоста. Цавæр
бастдзинæдтæ дын ис уыцы æрдхæрдтимæ? Цæмæн
кæныс тынгдæр аргъ? Удыхъæдæн, зондæн, кондæн?
Цы уæ бæтты?
- Æрдхæрдтæ мын тынг бирæ уыд. Мæнæ,
Цæцæн-Мæхъæл ма иу куы уыдысты, уæд сæ
театрты актертæ тынг арæх уыдысты мæ хæдзары,
Дагунæй, æндæрæй. Уыдис мын тынг бирæ
æрдхæрдтæ канд ам нæ, фæлæ Кæсæджы дæр æмæ
Хуссар Иры дæр. Хатгай-иу нæхи артисттæм хардзау
кастис, уыйас æрдхæрдтæ мын кæй ис, уый. Æмæ-
18 3аказ№34
274 Дауырæ
иу сын æргом загътон: уым куы вæййæм, уæд сымах
уым кæнгæ æфсымæртæ скæнут, мæнæн та мæ
хæдзары дуæрттæ æдзухдæр гом сты уазæгæн дæр
æмæ æрдхордæн дæр!
Афтæ-иу архайдтон, æмæ махæй, Ирыстонæй,
æдзæллагæй мачи ацæуа. Банкеттæ дæр ма-иу сын
фæкæнын кодтон.
Æз, Зоя, мæнæ фынгон æрдхæрдтæ нæ уарзын:
фынджы уæлхъус тынг балымæн у, стæй та фынг
нал ис æмæ та æнхъæлмæ кæс, кæд бардхорд
уыдзыстæм, зæгъгæ. Ныр афтæ бирæ нал дарын
æрдхæрдтæ, фæлæ мын ис хорз æрдхорд æмæ мын
у тынг адджын. Далæ-æ Зозырты Алыксандр. Æз
уымæй цы лæггæдтæ зонын!.. Стæй канд æз нæ!
Бирæтæн у æцæг æрдхорд.
Адæймаг дын дæ хорздзинад куы ферох
кæна, мæ хо, уæд уыцы адæймагмæ километрæй
хæстæгдæр макуыуал бацу, уый тыххæй æмæ уый
адæймаг нæу! Зындзинад ферох кæн, маст ферох
кæн, фæлæ хорздзинад æмæ лæггад - уыдон
рохгæнæн нæй!
- Къоста, æвæццæгæн, ахæм куырыхон
лæгтæ дæр ис, æмæ сæ куысты мидæг вæййынц
дзырддзæугæ. Æхсæнады, сыхы - уым та вæййынц
нымад, кæнæ та æппындæр нымад дæр нæ вæййынц.
Ды кæмфæнды куы цардтæ: ацы сыхы, æндæр сыхы,
Джызæлы дæр, уæддæр уыдтæ æцæг ирон лæг.
Мыггаджы æхсæн дæр, адæмы æхсæн дæр. Уый,
æвæццæгæн, æмæ уымæн, æмæ æнæбары никуы
ницы кодтай. Зæрдиагæй кодтай, цы кодтай, уый.
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 275
Сценæйы дæр зæрдиагæй хъазыдтæ, Куыд фаг
кодта дæ тых, дæ хъару уыцы зын куыст кæнгæйæ
æхсæнадон куыстæн? Арæх депутат дæр куы уыдтæ!
Уæдæ мыггагæн дæр æххуыс кодтай!
- Гъе ныр мæ афтæ куы бафæрсис, истæуыл
фæсмон кæныс, зæгъгæ, уæд дæ тагъддæр бамбарин.
- Омæ мæ, Къоста, зæрдæлхæнæн ныхас зæгъын
дæр фæнды! Уадз æмæ йæ махæй дæр хъусой адæм,
уымæн æмæ мыггаджы дæр бирæ фæкæсинæгтæ,
бирæ сидзæртæ уыдис!
- Дардыл æй нæ дзурдзынæн, фæлæ ме стыр
хæсыл кæддæриддæр нымадтон, кæд цыфæнды
мæгуыр цард кодтон, уæддæр мæ къæбæр дыууæ
дихы кæнын. Мæ фарсмæ зын кæмæн уыдис, уымæн
хъуамæ баххуыс кодтаин. Мæ амонд уыдис, æмæ
мæ цардæмбал Кочысаты Зоя дæр ахæм разындис
- æндæр мемæ цæргæ дæр нæ фæкодтаид. Мæ
фадæттæ, куы загътон, ницы уыйас уыдысты, фæлæ
мыл иу хорздзинад æрцыд: куы мæ равзæрстой
Сæйраг Советмæ депутатæй, уæд уыцы ран мæ
тыппыртæ суагътон.
- Ома, куыд?
- Мæн округ уыдис цæнгæт хидæй ГЭС-мæ.
Фæлæ мæм адæм æгас горæтæй цæуын райдыдтой.
Иуы дæр дзы никуы фæСайдтон: бацыдтæн æмæ-
иу сбæрæг кодтон, цы уавæры цæры, уый, цæмæн
агуры æххуыс? Æмæ-иу æхсæв-бон нал æвзæрстон,
афтæмæй фистæгæй сæпп кодтон. Гъæйттæй фæ-
куыстон цыппар азы. Гъер лæг йæхицæй куыд æп-
пæла?! - стыхстис Къоста æмæ та тамако сдымдта.
276 Дауырæ
- Æппæлыны тыххæй нæу, Къоста. Ахæм
хъуыддæгтæ ис, æмæ æрмæстдæр дæхæдæг кæй
зоныс.
- Цас фылдæр æдзæллагдзинæдтæ уыдтон,
уыйас цъаммарæй-цъаммардæр кодтон æмæ-иу
хицæутты дæр уæлæнгæйтты никуы ныууагътон -
алкæмæ дæр бырстон. Уыдис ахæм рæстæг, дæлæ
Ростовы уынджы иу доцент цардис. Курдиат мæм
ныффыста, æмæ сæм ныццыдтæн. Бахостон, дуар
мын бакодта, æмæ саубыны талынг. Нарæг уат. Рухс,
зæгъын, дзы нæй? Æмæ, дам, ныртæккæ. Æмæ мæнæ
мæ сæрыйас цырагъ ссыгъта. Бæрзонд, рæсугъд
уырыссаг лæг уыди. Ай, зæгъын, цы у? Æмæ, дам,
дæхæдæг уыныс, талынг у, уый куы нæ судза, уæд.
Цалдæрæй цардысты цæрæнбонты уыцы талынг
агъуысты. Ссыдтæн горæххæсткоммæ, æмæ мæм
секретарь хъæр кæны, æнæ хуындæй, дам, цæмæн
цæуыс мидæмæ? «Занят», дам, у. Æз уæддæр
бабырстон. Афтæ фæхъизæмæрттæ кодтон æмæ йын
уартæ Дзанайы-фырты уынджы фарастуæладзы-
гон хæдзары райстон æртæуатон фатер. Æцæг
мын йæ ус бауайдзæф кодта: дыккаг уæладзыг,
дам, нын цæуылнæ райстай? Æртыккаг, дам, бæр-
зонд у.
- Уæдæ ды кæмæн баххуыс кодтай, уыдонæй
арфæйаг никуы ничи уыдис?
- Куыннæ?! Бирæтæ! Стæмтæй фæстæмæ! -
загъта Къоста æмæ цæмæндæр йе уæнгтæ ивазын
райдыдта. Æз зыдтон, бафæлладис, уый. Фæлæ
ноджы хуыздæр та уый зыдтон, æмæ æндæр ахæм
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 277
фадат нал уыдзæн Къостаимæ дзурынæн. Алы бон
телеуынынад Къостамæ кæм цæудзысты?!
- Къоста, ног заман цæрæм. Цы дзы цæуы дæ
зæрдæмæ, стæй цы нæ цæуы?
- Зоя, уый ахæм стыр фарста у, æмæ йыл
ам-тъупп, уым-тъуппæй куы дзурæм, уæд нæ
зондджынтæ нæ фæхондзысты. Иу цыбыр дзырдæй,
кæд мæ фæрсыс, ацы дуг хорзæй цы радта,
уымæй, уæд дын райдайдзынæн уымæй: ды искуы
фехъуыстай, æмæ ахæм паддзахад ис, кæцыйы
нæ хъæуынц аивад, культурæ, æнæниздзинад,
ахуыргæндтæ, ахуырад - уыдон зæххыцъарыл
мах хуызæн никæмæ уыдысты. Æмæ мæм диссаг
уый кæсы, æмæ иу академик æмбырды сыстад -
телевизорæй йæ федтон, - æмæ, дам, нæ культурæ
цæмæн хъæуы? Академик! Гъер, уый хуымæтæджы
адæймаг куы уаид, уæд лæг хъуыды кæнид «Ай
æнæхсæст у». Фæлæ академик! Уыдон кæм нæ
хъæуынц, уым экономикæйæн дæр уæвæн нæй! Уым
цардæн схорзгæнæн дæр нæй. Уый тыххæй, æмæ
адæймагæн йæ зæрдæ куы ницæмæй рухс кæна, уæд
никуы ницы сараздзæн. Рацарæзтмæ фæкастыстæм,
æмæ нæ саубыны заууатмæ æртардта. Райдыдтой
- гъе ныр, дам, экономикæйыл нæхи ныццæвæм,
мæнæ ацы базарады хъуыддæгтыл, æмæ сæхи
ныццавтой, фæлæ цæуыл ныццавтой, уый бæрæг
нæу. Цы кæнынвæнд кæнынц, уымæн дæр мах ницы
æмбарæм. Иу азэей иннæмæ кæрæдзийæн ныфсытæ
æвæрæм, не сгуыхтдзинæдты аз иннæ аз уыдзæн,
зæгъгæ. Мæнæ пенсиисджытæ, ацæргæ адæм, сæ
278 Дауырæ
туг, сæ фæллойæ паддзахад чи фæарæзта, уыдоны
рохуаты кæй ныууагътой æмæ сæ æппындæр
кæй ницæмæ дарынц, æмæ та мæнæ фыццæгæм
февралæй фæйнæ капеччы бафтаудзысты, æмæ та
ууыл ахицæн... Афтæмæй æргътæ дыууæ сахатæй
дыууæ сахатмæ уæлæмæ кæй цæуынц, ууыл сæ
иу дæр нæ хъуыды кæны. Цы кæнынвæнд кæнай,
уый куы нæ æмбарай, уæд ын нæй аразæн. Гъер
æй чи сараздзæн, ууыл дæр хъуыды кæнын, æмæ
йæ не ’мбарын. Нæ йæ ’мбарын. Уый тыххæй, æмæ,
мæнæ спекулянттæ кæй хуыдтам, мæнæ давæг
чи уыдис, уыдон ныр царды рохтыл фæхæст сты,
æмæ æйтт кæнынц. Нæй, ацы фарстатыл дыууæ
ныхасæй дзурæн нæй, стæй сын дзуапп дæр ничи
ратдзæн дыууæ ныхасæй. Уынут æй уæхæдæг, цы
уавæрты стæм, уый. Хорз æмæ ныртæккæ ахсгæ нал
кæнынц ныхасы тыххæй. Æмæ уый дæр, иуæй, хорз
у, иннæмæй та - æвзæр. Сæрибар ныхас дæр уый
тыххæй нæ радтой æмæ адæм кæрæдзиуыл цъыф
калой. Кæрæдзийы стауыны бæсты кæрæдзийы
æлгъитой.
Æнæ театрæй, æнæ аивадæй адæм сты мæгуыр.
Адæймаг æрбацæуы. фæлладæй дæр, мæстджынæй
дæр, чи зоны, расыгæй дæр æмæ театры фæбады,
фæхуды, фæхъуыды кæны, фæкæуы, æмæ дзы
йе ’ппæт фыдтæ дæр ферох вæййынц, афтæмæй
йæ хæдзармæ дзæбæхæй ацæуы. Гъер, уым
æвзæрдзинадæй цы ис, нæ зонын. Æмæ нын 0,02
проценты радих кодтой бюджетæй. Ома, мамæлайы
къæбæр, зæгъгæ. Аивадæн дæр æмæ адæмæн дæр
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 279
схъæздыг уæвæн нæй. Схъæздыг сты иуæй-иутæ,
сымах дæр сæ зонут, фæлæ æз æмæ дæуæн схъæздыг
уæвæн нæй.
- Къоста! Мæнæ афтæ куы бафæрсынц
уырыссагау: «Что такое счастье?», уæд уымæн та
ирон æвзагмæ куыд раивæн ис?
- Амонд цы у, уымæй мæ фæрсынмæ хъавыс,
мæ уæрæседзау хо? Амонд у, куыстæй зæрдæ рухс
куы вæййы, уæд уый. Æз тынг амондджын уыдтæн.
Æппæты амондджындæр уыдтæн, Европæйы
гастрольты куы уыдыстæм, уæд. Хыл дзы никуы
федтам. Уынгтæ цæхæр калынц - порошоктæй сæ
æхсынц, мæнæ сымах уæ сæртæ кæмæй æхсут, уый
цы хуыйны?
- Шампунь.
- О, шампунæй. Уым тамакойы сыгъдæттæ
уынгты никуы фендзынæ. Махуæттæ дзы аппæрс-
тытæ кодтой, æмæ сын загътон: «Лæппутæ! Иу-
уылдæр сæ амбырд кæнут æмæ сæ ныппарут
урнæмæ». Иу амонд ма мæ уыдис, æмæ-иу Рафиков
афтæ загъта: «Вот как патрон скажет!» Афтæ ма
ф.енхъæл, æмæ мæ хиуарзондзинады тыххæй, фæлæ
хистæрæн аргъ кæнын кæй зыдтой, уый тыххæй.
Ахæм рæсугъдæй равдыстой сæхи ансамбль «Алан»
дæр, æмæ театры фæсивæд дæр! Æз мæ дунейыл
афтæ амондджын æмæ афтæ бузныг мæ цардæй
никуы уыдтæн, ахæм рæсугъд æгъдау нæм уыд нæ
фыццаг боны бацыдæй нæ рацыдмæ.
- Къоста, æз æмæ ды зонæм уыцы хабæрттæ,
фæлæ ма сæ адæмæн бæлвырддæр зæгъ, цы куыстат
Европæйы?
280 Дауырæ
■^сЬ4
- 1995 азы, мартъийы мæйы, мах, ирон аивады
минæвæрттæ, аластам Европæмæ спектакль
«Джованна», Метерлингы пьесæмæ гæсгæ æвæрд
уыд. Æгас Советон Цæдисы дæр уыцы пьесæ никуы
ничи сæвæрдта. Уый у бельгийаг автор, æмæ нын
Бенуасæ афтæ загъта: «Бабын нæ кодтат! Уæ фæстæ
бельгиаг актертæй иу дæр уыцы спектакль нал
ахъаздзæн». «Алан» дæр концерттæ лæвæрдта.
Уыдон дæр тынг цымыдиссаг уыдысты, фæлæ
нæм иу бæллæхы хабар рауадис. Æппындæр нæм,
рекламæ кæй хонынц, уый нæ уыд. Хъуамæ Германы
дæр ахъазыдаиккам, фæлæ нын Польшæйы арæнты
нæ декорацитæ баурæдтой, æмæ нал ахъазыдыстæм.
Бельгийы бæрзонд аргъ скодтой ирон аивадæн.
- Къоста, тухæнæй дæ амардтон, фæлæ ма
мæ иу хъуыддаг фехъусын фæнды дæуæй: цард
цард у, æмæ царды бирæ диссæгтæ вæййы. Дæ
бирæ хорздзинæдтæм дын æз хæссын гъе уый
дæр, æмæ ды кæддæриддæр зыдтай бинонты
цард бахъахъхъæнын. Уымæй дзы, æвæццæгæн,
ахсджиагдæр ницы ис нæлгоймагæн. Кæимæ цардтæ,
уыдонæн аргъ кæнын зыдтай, уарзын сæ кодтай
æнæхъæн мыггагæн, кæм куыстой, кæм цардысты,
уым дæр. Бирæ азты дæргъы фæцардтæ, Кочысаты
Мухарбеджы хо Зояимæ. Сымах Зояимæ тынг бирæ
бакуыстат, цæмæй Мухарбегæн йе сфæлдыстадон
бынтæ сбæстон кæнат, æмæ фæстæмæ йæ ном
раздæха ирон литературæмæ, ууыл. Бирæ азты
фæлæггад кодтай Мухарбегæн йæ мадæн, Зинаидæ
Ильиничнæйæн, уырыссаг уæвгæйæ, йæ цот æмæ
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 281
йæ мойы кадæн ирон æвзаг бынтон хорз чи сахуыр
кодта, уыцы аив сылгоймагæн. Мах фæндид
фехъусын уыцы æнамонд, афтæ зæгъæн ис, æнамонд
бинонты тыххæй, - Зоя дæр æрыгонæй амардис
курдиатджын артисткæ уæвгæйæ. Æз куыд зонын,
афтæмæй Зинаидæ Ильиничнæ бирæ фæтухæн кодта
- мæнмæ гæсгæ, бадгæ дæр кодта, нæ, Къоста? Æви
æрвыст уыдис кæдæмдæр?
- Йæ лæг Мæсæ Кочысаты, уый стыр
хъуыстгонд лæг уыдис. Дзырддзæугæ уыдис
Олгинскæйы. Туджджынты фидауын кодта. Булкъон
уыдис паддзахы рæстæг. Георгийы дзуар æм уыдис,
ныр дæр ам ис.
Мухарбег - уый уыдис егъау диссаджы поэт.
Уый удæгасæй куы баззадаид, уæд, мæнмæ афтæ
кæсы, æмæ Ирыстонæн суыдаид егъау классик. Æз
ахæм хабæрттæ зонын, æмæ йын йæ къухфыстытæ
агуырдтам, æмæ сæ тыххæй ардтам, æмæ сæ
Хъодзаты Æхсармæ лæвæрдтам. Æхсары цæрæнбон
бирæ уæд, уый бирæ фæтох кодта Мухарбеджы
сæрыл.
.- Канд Мухарбеджы сæрыл нæ, фæлæ зынгхуыст
поэтæн се ’ппæты сæрыл дæр.
- Æз ныртæккæ, фарста цæуыл цæуы, уымæн
дæттын дзуапп. Уый мæ никуы ферох уыдзæн:
иу фыссæг афтæ загъта, мæнæй, дам, æфстау
ракуырдта æмдзæвгæ «Къоста Херсоны» æмæ,
дам, уый мæн у. Искуы дæ дунетыл ахæм диссаг
фехъуыстай, Эммæ, ды дæр, æмæ ды дæр, Зоя!
Искуы ма æфстау æмдзæвгæ райсгæ уыдис!? Æмæ
282 Дауырæ
йын Æхсар саубыны митæ бакодта. Махмæ ам
къухфыстæй чи уыдис, уый уыдис хæххытæ, æмæ та
- ног, æмæ та - ног. Бæлвырд уыдис, йæхæдæг æй
кæй рафыста, уый. Мухарбег райдыдта классикон
уацмыстæ ирон æвзагмæ тæлмац кæнын, æмæ
йын баззадысты æрдæгфыстытæй. Уыдис ын тынг
рæсугъд æвзаг. Цыдæриддæр ын уырыссаг æвзагмæ
раивтой, уыдонæй абон дæр мæнæн мæ зæрдæмæ
иу дæр нæ цæуы. «Сау цæстытæ» уырыссагау куы
бакастæн, уæд мæнмæ дыууæ капеччы аргъ дæр нæ
фæкаст.
Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон,
Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд,
Æхсæв сæ стъалытимæ барстон,
Уыдтæн сæ алы хатт рæвдыд.
Фæлæ мæ иунæгæй ныууагътой æмæ афтæ
дарддæр. Уырыссагау æй бакастæн, æмæ мур дæр
ницы. Мæнæ Къостайы æмдзæвгæтæй цыдæриддæр
раивтой уырыссагмæ, - ирон адæмæй фылдæр
зианмæ кæм цæуынц! Уым та - «толпы». Толпа æмæ
адæм иу хъуыды не сты. Æмæ йын бабын кодтой йæ
фыстытæ афтæ, æмæ уыдоныл дзурæг нæй. Мæнмæ
ахæм диссаг кæсы æмæ - ууыл ничи мæсты кæны.
Сулейман Стальскийы уырыссаг æвзагмæ чи тæлмац
кодта, уый дзы сарæзта фыссæг, æмæ дзы Максим
Горький загъта: «Стальский - уый у 20 æнусы
Гомер». Уæд мах, нæ иунæг Къостайы нын рæсугъд
чи ратæлмац кодтаид, ахæм цæуылнæ ссардтам?
Абон уа, райсом уа - æз ын сæ дзыхъхъынногæй
раивын кæнин. Уырыссагау цыдæриддæр ныффыста,
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 283
уыдонмæ бавналæн нæй. Адон та сты ницæййаг
тæлмацгонд. Чи йæ кæса, уый йæ классик нæ, фæлæ
йæ æппындæр ницы схондзæнис. Афтæтæ, гъе, Зоя.
Цы ма дæ хъæуы мæнæй?
- Дæумæ хъус æмæ хъус æхсæвæй-бонæй...
Къоста!
Бæргæ мæ фæндыдис Къостайы дарддæр дæр
истæмæйты фæрсын, фæлæ цы къæлæтджыны
бадтис, уым-иу йæхи ауагъта, æмæ уымæй
æмбæрстон, тынг бафæллад, æмæ йæ йæ хуыссæны
йæхи æруадзын фæнды. Фæлæ йæ иу хъуыддагæй
æнæбафæрсгæ куыд фæуыдаин:
- Къоста, мах не ’ппæт дæр 20 æнусы цæрджытæ
стæм. Мæнæ йæ кæрон æрхæццæ кæны!.. Афтæ дæ
цыбырæй куы бафæрсиккой, цы хуызæн хуыз ис
ссæдзæм æнусæн, уæд æй куыд рахонис?
- Туджы хуызæн, сырх! Суанг фæндзæм азæй
райдай, æмæ цас диссæгтæ федтой адæм! Уыдис
дыууæ дунеон хæсты. Уыдис æртын æвдæм аз...
Уыдис, адæймаджы æгады бынаты чи æвæры,
ахæм бирæ диссæгтæ. Æз канд нæхи бæстæй нæ
зæд’ъын. Æз æппæт зæххы къорийы цæрджытыл дæр
тыхсын... Ахæм æмтъеры æнус мæм кæсы, ахæм,
æмæ æппæт зæххы къорийы зондджындæр лæгтæ
куы æрæмбырд уаиккой,* уæддæр æй хайгай нал
æрæмбырд кæниккой. Гъе ныр ног æнусы райдианы
адæм куы æрæмбырд уаиккой æмæ куы зæгъиккой:
«Æгъгъæд у фондзыссæдз азы хъизæмар кæнынæн!
Ныр та цæргæ акæнæм!» Тох кæнын хъæуы! Æнæ
тохæй никуы ницы аивдзæн. Кæд мæнæн дæр
Хуыцау баххуыс кæна, æмæ сдзæбæх уон, уæд та æз
дæр мæ тыхтыл нæ ауæрддзынæн, канд театры нæ,
фæлæ царды дæр. Кæд нæ...
Къоста ныджджих, æз ын ныфсытæ æвæрынмæ
хъавыдтæн, фæлæ мын йæ къухæй ацамыдта, ома,
мацы дзур:
- Кæд нæ, уæд ма уæртæ Торчынты Эммæйы
иу хатт æрхонын бахъæудзæн, æмæ æз мæ уарзон
Ирыстонæн зæгъдзынæн фæстаг хæрзæбон!..
7997азыянварь
щ&
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 285
Бселлсехты бселлсех - цъитийы ракалд
2002 азы 20 сентябры
286 Дауырæ
Бекмырзаты Чермены фырт Мырзабег
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 287
Хъобаны зынгхуыстыты мысгсейсе
(астсеусей - Мырзабег)
288 Дауырæ
Галиуырдыгсей рахизмсе:
бадынц: Мсехъиты Ирсе, Сланты Зоя.
Лсеууынц: Дзуццаты Рая, Торнынты Эммсе,
Тæбсехссеуты Зая, Хуыгаты Версе, Беккуызарты Орзетсе
Яков Смоленский семсе Ужегаты Солтан Ирон студиимсе
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 289
Икъаты Маирбег семсе Торнынты Эммсе
Тъуриты Махар Хъалсегаты Федя - Герт
(Гибелъ «Надежды»)
19 3акаэ№34
290 Дауырæ
Ирон студи (1-сем курс, 1953 аз)
Томайты Къоста, Тсебсехссеуты Зая,
Торчынты Эммсе, Цсегсераты Глеб, Мсехъиты Ирсе,
Æгъуызарты Æнзор, Дзбойты Бабле
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 291
Торнынты Эммсе семсе Беккуызарты Орзетсе
(«Дыуусе нындзсехссевы»)
Хуырымты Уырызмсег, Дзуццаты Зоя, Дзуццаты Рая
292 Дауырæ
Хъулаты-Хуыгаты Версе
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 293
Мсехъиты Ирсе семсе Хуыгаты Версе
Томайты Къоста семсе Хуыгаты Версе
294 Дауырæ
Дзсехаты Сослан (Ирбег)
Дзсехаты Сослан семсе йæ фырт Алан
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 295
Сосланы фыдДавид (Дудакко)
Астсеусей бады Сосланы мад Залотхан,
лсеууынц Версе семсе Андрей (Æндыри)
296 Дауырæ
Аидсе семсе Андрей
Бсецойты Аариссе - Цсегат Ирыстоны
сгуыхт артистксе (Сосланы хсерсефырт)
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 297
Бсецойты Усесмсен
Бсецойты-Дзсехаты Аидсе йсе нызджы нызгимсе
298 Дауырæ
Ирыстоны уазсег - инселар Владимир Шаманов
Хуындзсеуттсе Дауыраты Зоя семсе Калоты Людмилсе
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 299
Дзуццаты Анынксе (астсеусей)
Дзуццаты Сослан
300 Дауырæ
Дзуццаты Гермсен йсе чызг Дзерасссеимсе
Дзуццаты Зауырбег - Термсены фырт
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 301
СЛАНТЫ ХЪÆБЫТЫР ÆФСЫМÆРТÆ:
Славик
Валерий
Владимир
302 Дауырæ
Фысссег Малиты Хасан
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 303
Сланты Фаризсет (Цселон)
Сланты Петр Гицойы фырт
304
Дауырæ
^>т^г
Сланты Тамарсе (ссербсеттсены)
Сланты Сланты Барис
Евдокия Гицойы нызг Петры фырт
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 305
Дауыраты Харитон МырзабеЬжы фырт
Плиты-Смайлиаты Таузан
20 Заказ № 34
306 Дауырæ
Темыраты Давид Иласы фырт
Татъянсе Митрофановнсе Шухмина
семсе Зоя Константиновнсе Божанова
Ирон студиимсе (спектаклъ «Бэллсе»)
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 307
Къомайты Василиссе Барисы нызг (Къомиан)
Икъаты Мсеирбег
308
Дауырæ
»Т^-'
Зындгонд кадсеггсенсег Сланты Гаха
Сланты Никъала (бады рахизырдыгсей)
Ирыстоны хуыздсер ахуыргсенджытимсе, 1939 аз
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ
309
^5^
Сланты Уселиксе йсе фырты фырт Мсегсемсетимсе
Сланты Мсегсемсет (сефсады)
310 Дауырæ
Сланты Никъалайы нызджытсе Езсе семсе Эллсе
Дауыраты-Сланты Зоя йсе сомихаг сердхсердтимсе
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 311
Торчынты Мысо (Мысост) сеысг Секерхан
Торнынты Амирхан Торнынты Эммсе
312 Дауырæ
Торнынты Амирхан йе ’рдхсердтимсе
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 313
Такъсеты-Хъуппеты Нинсе (Меретхан)
Ислам - Меретханы Ислам 12-аздзыдсей
нызджы фырт
314 Дауырæ
Л^ууьш^: Ботъоты Азсе, Сагкаты Валерий,
Ботъоты Аяля, Торчынты Эммсе. Бады Аенорд
Хетсегкаты Тамарсе, Ботъоты Азсе, Бетойты Мария,
Дауыраты Зоя семсе Азсейы сиахс Аенорд (шведаг)
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 315
Томайты Федыры фырт Æхсар йсе бинонтимсе
Томайты Хасан семсе Меретхан (Федыры цот)
316 Дауырæ
Томайты Федыры фырт Æхсар семсе йсе нындз
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 317
Сланты Къоста Дагкойы ролы
318 Дауырæ
Сланты Къоста Мысосты ролы
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 319
Сланты Къоста семсг Конысаты Зоя
Конысаты Зоя
320 Дауырæ
Конысаты Зоя
семсе Сланты Ирсе
«Медея». Тсебсехссеуты Зая.
Галиуырдыгай - Сланты Георгий (Къостайы фырт)
Хæхтæ. Азтæ. Бонтæ 321
Сланты Къоста, Икъаты Мсеирбег,
Тсебсехссеуты Бало. «Чермен»
Сланты Къоста, Конысаты Зоя,
Дауыраты Зоя (1958 аз, Гагрсе)
Сæргæндтæ
Разныхас 3
Азæлд 5
Хъобан 17
Мæ раныхас Ирон адæмы фæндзæм съезды 29
Йæ хъысмæт нæхи къухты ис 34
Æмгæртты мысгæйæ 39
Фæрсаг ныхас 51
Алчидæр йæ худы бын лæг у! 67
Цал хорз адæймаджы зоныс, уал фарны хицау дæ 71
Æрфæныфæд 95
Æртæ æгъуыссæг æхсæвы 112
Лæджы фарн мæрдтæм нæ цæуы 118
Гæстæны элеги 123
Хъæбатыр Ленæ 125
Малиты Хасаны «Царды цалх» 152
Саузым æмæ зианджын Ног аз 155
Æрвæрттывд 166
Туг туджы агуры 170
Таузан 173
Мæ уарзон ахуыргæнæг Давид 179
Рухсаг у, Къомиан! 184
Хæмыцаты Тамарæ æмæ Сланты Гаха 191
Хæрæфырт домбай у! 198
Удимæ ныхас 211
Зæрдæйæ, зондæй - Ирыстонимæ 221
Къабузджын бæлас 231
Амиша 244
Фæстаг хæрзæбон 248
Къамтæ 285
Литературно-художественное издание
Даура
(Даурова-Сланова Зоя Николаевна)
ГОРЫ. ГОДЫ. ДНИ
Редактор З.У. Дзуцева
ТехниЧеский редактор Е.Н. Маслов
Дизайн обложки Е.Н Макарова
Компьютерная верстка С.А. Булацева
Подписано в печать 12.03.15.
Гарнитура шрифта "^агпоск". Усл.п.л. 18,8.
Печать цифровая. Формат 60x84 716.
Тираж 200 экз. Заказ №34.
Отпечатано ИП Цопановой А.Ю.
362000, г. Владикавказ, пер. Павловский, 3