Text
                    ДЗИУАТЫ БАТРАДЗ. Азау æмæ Таймураз.
1-аг фарсыл. ДЗИУАТЫ БАТРАДЗ.
Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры аргъау.


Шщтг '91 Сæйраг редактор ХЪОДЗЛТЫ Æхсар Редколлеги: АГЪНАТЫ Гæстæн (бæрнон секретарь) ÆГЪУЫЗАРТЫ Æхсарбег ДЖЫККАЙТЫ Шамил КОКАЙТЫ Тотрадз ТЕМЫРАТЫ Давкд ХОДЫ Камал ХУЫГАТЫ Сергей ЦЫРЫХАТЫ Михал ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ АИВ-ЛИТЕРАТУРОН ÆМÆ ÆХСÆНАДОН- ПОЛИТИКОН ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ НАША ЭПОХА ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫЙ И ОБЩЕСТВЕННО-ПОЛИТИЧЕСКИЙ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ Ксрректор Хъæрæцаты Зæирæ Тех. редактор Ядыкина Анна Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы ДЗÆУДЖЫХЪÆУ
НОМЫРЫ ИС: Ц ы р ы х а т ы М и х а л. Стылди арвгæронæй хур. Æм- дзæвгæтæ , 3 Хуыгаты Сергей. Мæ уарзон цагъд. Уацау цъ>- быргондæй .......... & Хаджеты Таймураз. Дæ кувæндæттæ. Æмдзæвгæтæ 63 Хъайтыхъты Азæмæт. Есæйы мæсгуытæ. Исто- рион цаутæ .... 67 Балаты Альберт. Хуры тын ссыгъдис. Æмдзæвгæтæ 79; Тотраты Руслан. Цардвæндаг. Æрхæндæг вариант» Скъуыддзаг роман <^Уарзон сывæллæттæ»-йæ ... 80 НÆ ЧЫСЫЛ ХУРТÆН Хозиты Макар. ТæрхЪус — хъилхъус. Æмдзæвгæтæ 97 Айларты Чермен. Зарæджы тых. Радзырдтæ . . 98 СФÆЛДЫСТАДОН БЫНТÆ Фæрниаты Дзибус. Зноны хъæбатыр. Радзырд 101 АИВАД, КУЛЬТУРÆ Биазырты Къамерлан. Нывгæнæг — фыссæджы æмхъуыдыгæнæг 107 ОЧЕРК, ПУБЛИЦИСТИКÆ Айларты Измаил. Ирыстоны кæмтты бынхортæ ]]0 КАЛОТЫ ХАЗБИЙЫ РАЙГУЫРДЫ 70 АЗМÆ Царды скъуыддзæгтæ. (Æмбалы мысинæгтæ) . ]21 КРИТИКÆ ÆМÆ БИБЛИОГРАФИ Бæрнон ныхас 127 Сдано в набор 16.05.91. Подписано к. печа- ти 17.09.91. Формат бумаги бОхЭО1/!6. Бум тип: № 3. Гарн: шрифта жлрнальная руб- леная: Печать высокая: Усл. п. л. 8,25. Усл. кр.-отт. 8,62. Учетно-изд .листов ^,Ь7. Тираж 3000 экз. Заказ № 204. Цена 1 руб. Адрес редакции^ 362040, г. Владикавказ, пр. Мира, 25# Телефоны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Книжная типография им. В. Гассиева Гос- комиздата СО ССР по делам издате» льств, полиграфии и книжной торговли* 362011, г Владикавказ, ул. Тельмана, 16* © «Мах дуг» № 7, 1991
ЦЫРЫХАТЫ МИХАЛ СТЫЛДИ АРВГÆРОНÆЙ ХУР ХАЛÆТТÆ Тæхынц нæм халæттæ... Сæ уаст Æчхъæв?ы Хъулгъайæ *гæ хæхтæм Æ’лæ æртхъирæнмфтыгъд маст Хæссыиц сæ базыртыл нæ рæгътæм. Фæнды сæ сызмæнтын нæ зæххг Цæмæй мах баргъæвсæм йæ хуыртыл, Цæмæй нын сауындзой уæрдæх Зымæгон уазал бон нæ хъуыртыл. Сæ хъæр сын хъусæм: «Чи сты нарт, Алантæ, науæд та сæрмæттæ! Кæддæр ам мах ыскодтам арт, Зынынц ыл абон дæр нæ фæдтæ. Мæ номдзыд фыдæлты дзывыр Фæлдæхта а-зæххы тъæпæнтæ, Сымах ыл байдзаг ыстут ныр Æсæрфат хинтæ ’мæ кæлæнтæй. Кæд ма уæ зæрды ис цæрын, Уæд айсут искæдæм уæ сæртæ, Кæнмэд уыл бафтаудзысты рын Нæ абон, сомбоны фæлтæртæ. Æмæ уын нуаздзыстæм уæ туг Уæ сæры кæхцытæй нæ фынгтыл, Сæтдзыстæм уе стджытыл та суг Нæ фæрныг хæдзæртты, нæ уынгты...» Зыдта кæддæриддæр мæ Ир Иæ артæй буц уазæджы тавын, Фæлæ йæ зæрдæйы æфсир Иæ уагъта сау халæттæн давын. Кæд-иу ь’н исчи згохæй дур Æхста йæ номхæссæн къæсæртыл, Уæд-иу йæ къæхты бын ныммур...— Уый дарут, ха)*æттæ, уæ зæрдыл!.. БИРÆГЪТÆ Бирæгътæ, бира^гътæ!..— Хъæдæй мæ кæэтмæ Балгай ыссæндь нц, лæбурынц. Байрæгты бæрзæйтæм бавнæлдтой уæртæ, Гайлæгты æрхмге фæсурынц.
Се змæлд, са» ниуынæй Рагон хæдзары Къултæ æмризæджы ризынц. Се ’взæгтæй фемæхсти туг-къæвда... Уары... Гъо уæддæр рудзгуытыл хизынц Ноггуырд сывæллæттæм, Урсхил зæрæдтæм Æмæ сыл се ссыртæ дауынц. Иры бæрзонд хæхтæй арвы кæрæттæм Маст æмæ сау хъылма тауынц. Бирæгътæ...— Уыдон дæр абоны цардæй Хъастгæнæг, мастисæг систы. Цуанонг дамг махыл дæр рацыд мæнгардæй,— Хъуамæ ныр бадæм йæ хисты. Ис, дам, нын уый тыххæй диссаджы бартæ: — Чи ’мбæхста махæй йæ рæгъау, Уымæн, дам, басудзæм йе стджытæ арты, Бацъирæм уый туг æнæвгъау! Тар хъæд нырхæндæг и, Тар хъæд ызмæлы, Сæнкъуысти тар хъæд æгасæй, Бæлæсты сыфтæр дзы бахус; ызгъæлы, Нæй дзы æрлæууæн æдасæй... Уырдыгæй бирæгътæ абон кæ кæртмæ Балгай ыссæндынц, лæбурынц. Дугъæтты бæрзæйтæм бавкæлдтой уæртæ, Гайлæгты æрхмæ фæсурынц... ФЫНТÆ Мæ мадæн Фынтæ, Æнæсæрфат фынтæ... Цыма лæууыс мæ уæлхъус, дзурыс: «Ды ахсæв иу куывдмæ хуынд дæ»,— Æмæ æнæбары ысхудыс... Мæнмæ та сластай, цыма, кард: Цыма дын сатæгсау кæлмытæ Дæ дзыккутыл æндзарынц арт, Дæ сыгъдæг буарæй дын тæлмытæ Тызмæгæй уадзынц... Сызнæт зæхх Дæ цæссыгтæй, дæ уды хъæрзтæй... Кæмдæр дыл уаргæ бок фæцъæх, Лæууынц хæрæ мигъæй æмбæртгæй Дæ уаты рудзгуытæ, нæ кæрт. у Æрфынæй къулрæбын дæ арынг, Æргъæвсы миты бын дæ сæрд Æмæ дыл бонрæфты æрталынг... Нæ дæн, мæ ныййарæг, фынæйс Ды уыдон бавзæрстай дæ цардык Æфхæрдæй, уазалæй, зынæй —[ Фыхтысты не ’нæтавс уæларты.^.
Тæхуды, сæмбæл ма дæуыл! — Фæлæ цы ран æмæ цы бæсты! Зæгъ-маг цæмæн кæуыс, цæуыл! Кæдæм, кæдæм цæуыс мæ рæзты?.. КЪУТÆРТÆ Мæн хонынц къутæртæ сæхимæ,— Сæ фæлмæн цæнгтæ мæм фæтилынц Æмæ сæ сыфтæрты цъæхнмæ Æхсинджытау мæ фæдыл зилынц. Сæ узæлдæй мæ цæсты хаутыл Æхсæв дæр боны рухс фæдарьшц, Цыма сæ лыстæг талатæй быд каутыл Сæ фæлмæн дидинджытæй зарынц... Фæлæ та сыстад дымгæ хуымты.— Мæ фæлмæн къутæртæм лæбуры Æмæ сæ комы уазал къуымты Кæдæмдæр суры æмæ суры... Цы чындæуа!.. Мæн та ма демæ Цы хæссыс митæй гуырд фыдуазал Æдавс быдыр, æдавс дунемæ! — Ныууадз мын къутæртыл мæ адзал... ФÆДЗÆХСТ Ыстылди арвгæронæй хур Æмæ йæ тынтæ хæхтыл тухы, Мæныл та цыма ратылд дур Æмæ мæ зæйы бын ыздухы, Цыма æгас дуне йæ уæз Йæхк мæ уæхсчытыл æруагъта... Фæлæ мыл де ’рдхæрæн хъæлæс Цæргæсы базыртæ æрсагъта, Ыстæй æрбайсæфти кæмдæр... Цæуын дæу агурæг... фæцудын... Фæзын ма, ме стъалы... мæн дæр Фæнды дæ бахудтмæ ысхудын. Мыййаг, куы амæлон, уæддæр Мæ ингæн хъарм уыдзæн дæ хъармæй, Дæ фæдыл зилдзæни мæ хъæр: «Мæ уд мын ма суæгъд кæн дæ армæй!» Мæ хъæрмæ ма разын къуырма,— Кæд дæ дзы бафæнда фæлидзын, Уæддæр цы чындæуа... Нырма Хъæуы даэу хохфындзмæ ысхизын. Зын дын уыдзæн æви æнцон, Нæ зонын уый, фæлæ дæ курын: Мæнг цины ’мбæхст сæнтты тыхст бон Дæхимæ ма бауадз лæбурын. 5
Цæмæй уа де ’мдзугæнæг хур, Цæмæй дыл ма ’рцæуа сыгуарын. Цæмæй дыл ма ’рфæлдæха дур... Мæнмæ дæр хъуысдзæн уæд дæ зарын... У- ^" ^г Мæ уд, мæ удг Мæхи хуызæм та дæу Цы зæд зоныг цы хуыцау дæ æмбары! Дзæнæт дæр дын мæ риуы хуызæи нæу, Мæнау дын хохаг суадон дæр нæ зары... Уæдæ кæдæм, кæдæм лидзыс, зæгь-ма! Тыгьд быдыр æви мадзура къæйдурмæ! — Мæ фæллад хъæрмæ ма разын къуырма — Кæс уал мæ риуæй мигъæй æхгæд хурмæ... * * * Дзырдтæ, дзырдта?, æнæкæрон дзырдтæ... Фæхæссы та сæ рог дымгæ кæдæмдæр. Нæ сæ æмбарынц тар хъæды сырдтæ, Вæййыкц фæлмæхгæд сусæгмыр мæнæн дæр. Фæлæ уæддæр мыл ихдурау кæлынц Æмæ мæ риуы барджынæй сæлынц. Мæн та фæнды сыгъдæг арвмæ кæсын, Стъалытæм мæхи сисын мæ сæнтты, Мæ цин, мæ рыст, мæ сагъæстæ хæссын Цъæх кæрдæджы, цъæх бæлæсты æхсæнты. Зæгъ ма мын, зæхх, цы фæкæнон мæ сæр! — Нæрынц та хъæды сау дзырдтæ кæмдæр... ХУЫСКЪАДАГ Тылдысты дыл куыройы фыдтау азтæ, Фæзыкд-иу мæй дæ къæйдурты ’хсæн донæй.— Ленк кодтой уым сæ урс базыртæй хъазтæ Æмæ сын ницы тас уыди фыдбонæй. Дæ фæздæг калд мæ фыдæлты хæдзарæй Æмæ-иу арвыл ахæлиу мæ сæрмæ... Нæ чысыл сыхы сабиты сæударæй Хуыдтай дæ дуртыл иу кæрты къæсæрмæ. Уыд уыцы кæрты халагъуд — скъола, Куы-иу ыл æрцыд рагуалдзæг сыгуарын, Уæддæр ыл, цыма, арвæрдын æрхъула — Кæркуасæнтæм дзы никуы ’нцад дæ зарын... Ныр ма фынау мæ цæстытыл фæуайы Хъуынайы хауты къæдзæхыл ныхæстæй. Лæсы уым сæг... Мæйы рухс дзы тайы, Æрхауд ыл бон — сау тæбын нывæзтæй. Иæ иу кæрон ма акъаци бæласæй Дæлæмæ хауынц уарыны æртæхтæ. 6
Бынтондæр сафтид бабыз, зæгъай, хъазæй, Сæ цæфхæдтæ дзы сызгæ сты нæ бæхтæн... Æз та фæкувын къуыбырыл æргомæй Хуыцауы зæдтæм, рæстæджы зын азтæм: «Мæ хуыскъадаг мын байдзаг кæнут донæй,- Сæхи дзы найой хурбон мемæ хъазтæ...» ФÆСИЗÆР ХОХЫ СÆР Кæнынц рæдзæ-мæдзæ нæ сæрмæ Ыстъалытæ,— Æз семæ дæн, Фæлæ ызмæст доны уыиæрмæ Бынтон æнæхуыссæг фæдæн. У ам цыдæр рухс, Ком та — талынг, Цыма цæуылдæр дары сау, Цыма йыл бонрæфты къæй-арынг Сæгæйдзаг айнæгæй æрхауд... Ам дымгæ зары, Уым та дуртыл Йæ хæрв æппары, хилы калм Æмæ дзы ’нахъом саби уыртыл Æвæры цардæнхъæл йæ арм.. Ам кæрдæг худы, Уьш та хъзмыл У ггæххы уидæгтыл рæтыд... Мæ гæрдæ сæнкъуысти, цыма мыл Сæрдыгон их-къæвда æрцыд. О, хур, ыскæс ма... Радт кын пирæн, Цæмæй дзы бапирæм нæ рыст Æмæ фыдыуæзæг — нæ Ирæн Фæуæм йæ цухъайаг æлвыст!.. ХЪУЫНТЪЫЗ АРВ Схъуынтъыз арв... Сæх-сæхæй уары, уары. Цæссыгты фурд, цæссыгты денджыз фестад. Мæ цæст ыл иунæг рухсы цъыртт нæ ары... Цы фæци хур! Стъалытæ цы фесты! Кæм æрхуыссыди Бонвæрнон сæударæй! Нæ хъынцъымæй цы ран бамбæхсти мæй! Æви сын абон арвы æхгæд дуарæй Нæ фæндагмæ кæсыны фадат кæй! Ысхъуынтъыз арв... Сæх-сæхæй уары, уары... Ныддаргъ и æхсæв, бон та у цыбыр. Тæхуды ’мæ нæ хæлд хæдзары дуарыл Куы фæзынид фыдæлты Сафа ныр. Уæд та нæм хур дæр арвы цъæхæй худид, Æхсæв нын мæй цырагъдарæг ысуид, Æмæ нæ зæхх уæззау низæй нæ дудид, Нæ зынты уаргъ сæдæ дихы фæуид. 7
ХУЫГАТЫ СЕРГЕЙ МÆ УАРЗОН ЦАГЪД* Уацау цыбыргондæй Сисы æнцæйтты рахызтæп, дуарыл мæхи ахафтон æмæ уынгмæ рацыдтæи. Уынг уыди кæрæй-кæронмæ афтид. Хæ- дзæрттæй ма кæмæй калди рухс, кæмæй — нал. Цыдтæн, мæ къæхтæ мæ фæдыл ластон. Æрæджиау мæм иу хъуыды æрæф- тыд кæцæйдæр: раздæр сæм куы бахæццæ уыдаин, уæд Дзæ- бейы бæсты галтæ æз аскъæрдтаин фермæмæ æмæ уыцы рухс... Гъомæ куыд ахуыссыдаид уыцы рухс? — тынг зæрдæбынæй ба- фарстон мæхи. Мæ зæрдæ базмæлыд уыцы фарстæй, мæ улæфт мæ хъуыры фæбадт. Мæ хъуыды ацахста — мит ахæрон. Ныр- тæккæ кауы сæрæй райсдзынæн сыгъдæг мит. Мæ къуяыл схæ- цыдтæн — уæззау. Æркастæн æм. Фæрæтыхъæдыл нындæгъди къух, ныууазал, балæдæрсти. Фæрæт иннæ къухмæ райстон, къух дзыппы фæтъыстон — цыма дзы ихы къæртт ныппæрстон, уыйау буарыл уазал сæмбæлд. Тигъмæ бахæццæ дæн. Уартæ фаллаг фарс чидæр хидмæ æрбацæуы. Йæ цыд Дзæбейы цыды хуызæн у — æмæ дзы фæтарстæн. Стæй зæрдæ авæрдтон мæхи- цæн: Дзæбе афтæ тагъд... Фæстæмæ фæкастæн — сæ чъылдымы къулыл иу рудзынг ис, ацафон йæ рухс фæкæлы. Ныр йæ кой дæр нæ зыны, цыма дзы цæрæнбонты дæр никуы уыд рудзынг. Миты хъыс-хъыс феокъуыд — æвæццæгæн, хæстæг чи цæры, уыдонæй чидæрхиды мит ахафта фыййагæй. Мæхи дæлдæр ныйистон. — Дзæбе дæ? — Нæ мæ уыныс? — фæлæууыд Дзæбе, фæлæ бæрæг уыд: ныртæккæ йын æнæ ацæугæ нæй. — Цæуыпнæ дæ уынын, цæстытæ мыл нæй? — Уæдæ ма мæ цы фæрсыс? — Æмæ дæ цы иннæрдæм агæпп кодта мæ фарст? — йæ ра- 31Ы æрлæууыдтæн, фæрæт зæхмæ æруагътон, йæ хъæды кæрон ын хæцын — къух ыл нæ лæууы, цыма их у.^—Уæдæ фермæ уартæ кæм и, ды та уайтагъд фездæхтæ æмæ дæ уымæн ба- фарстон, æндæр афтæ æнхъæл дæ... — Харитъо мемæ баиу и æмæ мæ нал ауагъта, мæхæдæг, дам, суадздзынæн галтæ. — Гъæ-гъæ, уæдæ уымæн тагъд фездæхтæ, уымæн. Æз та дисæй амардтæн. * Райдайæн кæс б-æм номыры. 8
— Æмæ дæ æнæ мæлгæ ничи уагъта! — цыдæр схъæл ньь хас кæны, æвæццæгæн, хъæды суг ласынмæ кæй уыди, уымæй фаехъал. — Æмæ дын афтæ мæлгæ чи зæгры. — Уый та дын кæй фæрæт у? — Сымах. Сосс мæм æй радта. Бадæтт, дам, сæм æй,— цы- дæриддæр мæм дзырд æфты, уыдон дзурын æз. — Фæлæуу-ма, фæлæуу æмæ æз галты аскъæрдтоп, уый та цæмæй базыдтай? — йæ цæсгом мæм фыдæнæнгæнæджы дард æрбакодта Дзæбе. Уыцы фарст мæ æдзæттæйæ æрæййæфта, афтæмæй зонгæ кодтон — ма мæ афæрса, уый гæнæн нæй. Фæтыхстæн, фæлæ исты дзурын хъуыд æмæ уал загътон: — Базыдтон æй, цас зонинаг уыд. — Цæмæй йæ базыдтай? — цыма ардыд уыд, уыйау мæм ныккомкоммæ и Дзæбе. — Уæу мæнæ, уæдæ сæ чи хъуамæ аскъæрдтаид! Резæ сæ нæ аскъæрдтаид, Абхадз сæ нæ аскъæрдтаид.— Мæ зæрдæ хур- варс абадти — хъæбæртæ хорз ын загъто,н. Иу хатт ма йæ куы загътаин, уый дæр мæ æрфæндыди. Фæлæ Дзæбемæ афтæ хорз нæ фæкаст, æвæццæгæн. Фæрæтмæ æрбавнæлдта. — Æри фæрæт. — Дæттын æй, гъо, хæргæ йæ нæ кæнын. — Нæ мæ ’вдæлы, Абхадз мæнмæ кæсдзæн. Ныртæккæ айсдзæн фæрæт æмæ ацæудзæн. Æмæ куы ацæуа æмæ сæм рухс куынæ уа... — Фæлæуу-ма, æмæ цæмæн афтæ æрæгмæ цыдыстут? — мæ фарст йæ зæрдæмæ фæцыд, цыдæриддæр уыди, уæддæр. Хæс- тæгдæр мæм æрбалæууыд. — Цас ныццамадтам, уый куы фенис. Абхадз-иу уыцы дын- джыр бæлæстæ куы афæлдæхта!—дзургæ-дзурын фæрæтмæ æрбавнæлдта, айста йæ æмæ фæцæуы. — Алæ — Абхадз!..— >цы ’гъдауæй абадти ^е ’взагыл, ницы йын ^Зазыдтон. — Цы—Абхадз?! — фæстæмæ мæм ныззылди Дзæбе.— Гъе Н1ыр ды дæр Абхадзыл худыс, стæй бæстæ ма фесæфа. — Чи йыл худы? Кæд мæ федтай Абхадзыл худгæ?! — мæ- хишымæр бацин кодтоп: иыр мын афтæ тагъд нал аирвæздзæн, — Никуы дæ федтон, фæлæ йæ зонын. — Цы зоныс? — Зонын æй — нæ йæ уарзыс. — Æмæ мæ уый фылдæр уарзы? — Æмæ дæ уый цæмæн хъуамæ уарза! Цы дæ?! Уый дæ хуызæтты уынгæ дæр нæ кæны, кæд мæ фæрсыс, уæд. — Ай, кæсыс! Уый мæ уынгæ дæр иæ кæны, æз та йæ хъуа- мæ уарзгæ кæнон. Афтæ дæ фæнды? Нæ ахæрид! Дзæбс цæуы, æз дæр цæуын. Бирæ нæ, фæлæ ма мæм иу лæуд куы фæкæнид, уæдмæ кæд уыцы рухс... 9
— Абхадз...— цы зæгъинаг уыдтæн, уый дæр не сбæрæг. Дзæбе мæ разæй фæци. — Къахдзæфтæ уæ хъæуы Абхадзмæ, дæу дæр, Баграты дæр, уе ’ппалы дæр. — Хæдæгай, нæ пьесæ афтæ дзæбæх рауад, афтæ... — Æгайгма уын рауади. — Сымах ча афтæ æнхъæлдтат. — Уæ мæтæй мардыстæм! Уыцы рæстæджы мæ цæстытæ рузыпгыл андæгъдысты: уы- цы дзæбæх цыппæрдигъонæй касти махырдæм. Фырцинæй ма гыццыл бахъуыд, ма ныхъхъæр кæнон. Мæ къухтæ фæхъил кодтон, æрзылдтæн миты уæлæ. — Асса! Дзæбе ма мæм иу каст ракодта фæстæмæ. — Кæд ма исты зонын, уæд дæ цыдæр фæсайдта, фæлæ дæ- хи рухсмæ ма равдис — бауадзыг уыдзынæ. — Асса! 7. Лизæйы рудзынгæй ауыдтон. Йæ уæхсчытæй уæлæмæ мæм фæзынд, цыма мæм исчи йæ ныв æвдыста, уый хуызæн, æмæ мæ мæ’къах нæхимæ нал хаста. Æрлæууыдтæн. Бацæуин? Æмæ куыд бацæуон? Сæ чиныг дæр мæхимæ куынæ и. Мæхимæ куы уаид, уæд бацæуин. Радтин æй. Каст æй нæ фæдæн æмæ цы. Уыйфæстæ йæ искмæн райсын кæнин фæстæмæ æмæ йæ бакæ- син. Баграт мыи æй райсид. Уæд та Баграты агурыны æфсон бацæуин? Ме ’мбал у æмæ йæ агурын — кæй цы хъæуы! Лизæ лæууыди чингуыты тæрхæджы фарсмæ. Йе ’рфгуытыл бæрзонд сйæцыд, афтæмæй иу хъæбæр’цъар чиныджы цыдæр каст, йæ худындзаст былтæ чсæхимидæг змæлыдысты, цыма чи- ныгæн сусæгæй истытæ дзырдта. Йæ фындзы фæрстæ æмæ йæ цæсты рæбынты иугай тæппытæ — сау нæ, сырхбын тæппытæ, йæ уадултыл ц.ы сырх фæлм абады, уымæй зына-нæзына сырх- дæр, æмæ йып йæ урсцъар цæсгом, цы уыд, уымæй ноджы урс- дæр кодтой. Йæ пъалто — кæрдæгхуыз, дæрзæг хъуымацæй, æмæ йып иарæг урс æфцæггот. Фæгы!ццыл ын кæпы, уæддæр ыл фидауы. Лизæ мæм чиныджы сæрты æрбакаст, йæ былтæ фæлæууы- дысты се змæлынæй. Æрфгуытæ сæхи æруагътой сæ бынæт- тæм. — Цы чиныг æрбахастай, Ссбæ? — Ницы æрбахастон. Æз, æпæуи æрбацыдтæн. Баграты агурын. Ам нæ уыди? " — Нæ йæ федтон. Кæд уыйразмæ уыди. — Уыйразмæ, нæ? — зæрдаивæй цыдæртæ дзурын æз æмæ кæсьп- Лизæмæ. Гыццыл мэ йæм бакæсдзынæн, иунæг цæсты- фæныкъуллд. — Æмæ уæм урок иал п? — хæстæгдæр мæм æрбалæууыд Лизæ æмæ фссхъиудтон. 10
—- Урок нæм нал и, фæлæ... — Фæлæ, цы? — Баграт цыдæр фæци æмæ... — Цы фæци?— фестъæлфыд Лизæ, — Нæ зонын. Æрдæбон къласæй рауад... Лизæ мæ ницæмæйуал бафарста, йе ’ргом чиныгмæ аздæхта æмæ йæ æз афтæ банымадто.н: бамбæрста, фæдсафæнтæ кæй кæнын-, уый. Æддæмæ куы раирвæзтаин исты амæлттæй, æн- дæр мæ ницæйуал мæт уыд. Мæхиуыл дуаръфдæм рахæцыд- тæн. Лизæ та мæм чиныджы сæрты æрбакасти. — Фæлæуу-ма, Себæ. — Цæугæ кæнын. — Æз дæр цæуын. — Себæ,— дзуры мæм, асинæй куы æрхызтыстæм, уæд Ли- зæ,— «Ирон фæндыр» дæм нæй? Мæнæн мæ цæсгом асырх’ — куыд тагъд асырх, уый диссаг уыд—æмæ æддæмæ куыд рандæвта, уый дзæбæх бамбæрстон. Мæ къухтæ мæ дзыпоыты фæцæйтъыстон, фæлæ мæ хæлафæн галиу дзыпп нæ уыд — фæхуынкъ и, æмæ йын дзъщца йæ ныв- налæныл иу дæргъæццон æмпъузæн сæЁæрдта, уазал, дам, дзы цæуы. Ныр мæ армытъæпæн сдыууæрдæм и мæ хæлафы фар- сыл. — Кæцæй мæм æрцыд? Лизæ мæм кæсгæйæ аззад, стæй мæм цалдæр гыццыл къах- дзæфы æрбакодта. — Себæ?! — Цæй «Ирон фæндыр» мæм ис?! — Кæд дæм нæй, уæд дын афтæ чи зæгъы: ис дæм? Мæс1- ты цæмæн кæныс? — «Ирон фæндыр» мæм куы уаид, уæд... Фæлæ мæм нæй, æмæ... Æмæ нæхимæ фестадтæн. Уым зæронд къамоды бинаг лагъ- зы æнæцъар гобаны дыдагъæй систон «Ирон фæндыр», йæ цъармæ йын ныккастæн æмæ мæ хъустыл æрцыд Дзиуы ны- хас:— «Æцæгæлон разынд Къостайы бæллиц Цæлыккон рæ- сугъдæп. Рæсугъд æмæ хъал чьгзг йæхицæн равзæрста рæсугъд æмæ хъал къайаг. Фæлæ хъысмæтæн æхцон нæ фæци уыцы хъуыддаг, Усгур бæхæй ахауди. Æмæ мæлæтдзагæй рынчын- доны куы хъизæмар кодта æмæ йыл Аннæ судзгæ цæссыгтæ куы калдта, уæд ныдздзынæзта Къоста: Охх, фæлтау æз куы мæлин, æмæ Анпæ куынæ кæуид!..» — Дзиумæ ма уаид, уый гæнæп нæй;—Дзиуы ныхас фес- къуыдта Лизæ, фæлæ кæм цæры, уый дæр нæ зонъш, стæй, дам, чин1ыг æддæмæ пæ дæтты. Баба дзырдта. — Кæм цæры, уый æз зоиын, фæлæ ’нæуи нæ збнын. Ныхæстæгæнгæ хидыхъусмæ бахæццæ стæм, гъа ныр дæлæ- мæ фæзилæм, афтæ Лизæ фæлæууыди. ’ — Цом-ма Дзиумæ, Ссбæ. — Цом, фæлæ... Æмæ дæ цæмæн хъæуы «Ирон фæндыр»? 11
— Хъуамæ æнæ кæсгæйæ сахуыр кæнон Къостайы æмдзæв- гæтæ. — Иууылдæр? — Гъо. — Се ’ппæт дæр? — Цы кæны? Нæ сæ базондзынæн? — Зонгæ та сæ куыд нæ бакæндзынæ, фæлæ... 'Æнæхъæн чииыг æмдзæвгæтæ ахуыр кæнгæ никуьт фед- тон. Уæддæр сдГæсты дæн мæхимæ — мæнмæ цæуылнæ æрцыд уыцы хъуыды? Цы хуызæн дæн ай! Афонмæ дзы цас сахуыр кодтаин! Æниу дзы цасфæнды сахуыр кæн — дзурæн сын нæ уыд. Афтæ мæ ничи бафарстаид, алæма, чиныг дын кæм уыд? Æмæ кæд уымæн дæр йæхимæ не ’рцыд уыцы хъуыды, кæд ыл æй Саламбег Парсаданы фырт бафтыдта. — Дæу нæ фæнды? — 11ы? — Къостайы æмдзæвгæтæ ахуыр кæнын. Цыдæр къахæгау та мæм фæзынд йæ фарст. Кæд мæ къах- гæ кæны æрдæбонæй нырмæ дæр? Мæ иæстытæ йæм базылдтон. — Нæ дæ фæнды, Себæ? — Гъомæ мын чиныг та кæм уыдзæн? — Чиныг? — бадис кодта Лизæ, бахудти æмæ цыма мæ зæрдæ йæ ауындзæнтæй уæгъд фæци — зоны йæ! — Æз-иу дæм æй ратдзынæн. Радыгай дзы ахуыр кæндзыстæм. Кæннодтааф- тæ нæ. Иу æмдзæвгæ уал-иу дзы рафысдзыстæм æмæ йæ са- хуыр кæндзыстæм, кæддæра-иу æй чи раздæр базонид. Чиныг дæр куыд нæ скъуыдтæ кæна. Хидæй чысыл мидæгдæр, æмбонды рæбын хибарæй лæууыд иу цæджындз, радиойы цæджындз. Иæ ракомкоммæ куыд фæ- •цæйцыдыстæм, афтæ радиойы сау тæбæгъ фыццаг схыбар-хы- бур кодта, стæй дзы райхъуыст ирон фæндыры цагъд. Уæлæмæ кастæн уыцы тæбæгъгондмæ, уырдыгæй ивылд цыдæр рагон хонгæ кафт æмæ дунейы æндæр ницыуал уыди. Радио куы банцади, уæд Лизæйы ацагуырдтон мæ цæсты- тæй —цы фæци? Уый уырдыг лæууыд, йæ сæр чысыл йе уæхс- кьтл акъул кодта, афтæмæй. Уыцы рæстæджы та радио схыбар-хыбур кодта, стæй дзы æнæнхъæлæджы ныййазæлыд уыцы цагъд!.. Мæ царды схизæнтæ æмæ ныххизæнты-иу куынæуал фæрæз- тон, уæд-иу мæм, хуыммæ ацæуыны ныфс кæмæ нал вæййы, уътцы хуымоимæ дзывылдар куыд æртæхы, афтæ чи æртахт, ме удых æмæ-иу ме ’вæрæзæй куы сфæлмæцыдтæн, уæд-иу мæ. ар- вы кæрон цы æнæном хæхтæ æмæ быдыртæ и, уырдæм чи асайдта гуырæй-гуырмæ йæ фæдыл... Æнæмæт æмæ-иу æнæсæр- фатæй куы æрбадтæн, уæд-иу фæдисы хъæрау нæргæ чи ацыди мæ туг-ме стæджы... Цымæ кæй судзгæ риуы сабузыдтай, кæй æвдадззæрдæ æн- гуылдзтæ дæ самыдчой фæпдътры тæитыл фыццаг хатт?!. 12
уалдзыгон бон уыди, нæ сыхæгты чызг Поли чындзы куьт цыди, УæД- ^ьш фехъуыстои фыцдаг хатт уыцы цагъд. Чындз- хæсДжыты фæндырдзæгъдæг æй цагъта. Полийы уынгмæ ра- кодтой, дыууæ бæхы кæм ифтыгъд вæййы, ахæм цыппæрдзæл- хыг уæрдонмæ йæ сæргъæвтой. Уый та лæууыди уæрдоны цур, фæндырдзæгъдæг æмæ цагъта. Йæ бæзджынгомау былты кæ- рон йæ мидбылхудт бандзыг, цыма йын рох баци æмæ Полийы ’рдæм касти. Чызг нал уыдаид, æвæццæгæи,— й,æ цæстыты фез- мæлд фенæмæт и, стæй йæ фæндырдзагъд дæр цыдæр æнахуыр æргом уыд. Æдæрсгæ парахатæй ивæзта фæндыр йæ зынгхуыз кофтæйы тæрттыл, æмæ та-иу йæ фидар æнгуылдзтæ сцæйуа- дысты уыцы урс-урсид амонæнтыл. Уæд фыццаг хатт бамбæрстон уарзыны тых, банкъардтон æй мæ кадавар удыл. Мæ цæстыты раз баззад уыцы чындзхæс- сæг фæндырдзæгъдæг йæ фæндыримæ æмæ зондхъуагау джих- тæ кæнын байдыдтон. Мæ хуыссæг фæлыгъд, хæргæ-хæрын дæр-иу адзæгъæлтæ дæн. Мад-иу мæм йæ тарст цæстытæй нык- каст. Æз тыхстæн, цы кæнын, уымæй мæ куы бафæрса, æмæ дзы мæхи хызтон. Æвдæлон лæуд никуыуал æркодтон йæ цу- ры. Иу райсом куыддæр уатæй рахызтæн, афтæ мæ Сосе ацах- ста, йæ тыхджын цæнгтæ мыл æрбатыхта æмæ мæ хæрдмæ фёлвæста, стæй мæ фæстæмæ арæхстгай æруагъта. — Куыд рæуæг дæ, куы? Æз æм ницы сдзырдтон, пецы фарсмæ ныллæг бандоныл æрЗадтæ.т. Сосс мæ уæлхъус æрлæууыд. — Æцæг дын зæгъын, æцæг. Афтæ рæуæг цæмæн дæ? — Æмæ йын æз цы зонын? Сосейæн дзыцца загътаид: хуыцау мæ федта — уыцы лæппу цыдæр кæкы. Афтæтæ йын дзырдтаид, æз æй зонын. Уæдæ Со- се кæхæдæг нæ бафиппайдтаид, æз цыдæр кæнын, уый. Иухатт Полийы кæстæр хо Асиатмæ мæ сæр бакъул кодтон. — Асиат, Поли чындзы кæдæм ацыди, кæ? Асиат дæр гъæйтт-мардзæ чындздзон чызг уыди. Йæ цæсты- тæ мæм фæцарæзта æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныккæл-кæл кодта. — Себæ, фæстæмæ исынвæнд ма скæнай Полийы! Ацу æмæ уыимæ дзур! Æз æй мæ мæгуыр зæрдæйæ бафар- стон, кæд-иу мæ сæнтты уæддæр фæиæуин уьгцы хъæумæ, кæд- иу мæ сæн-ты уæддæр сæмбæлип уыцы фæндырдзæгъдæгимæ. Уын та... хорз уыд уæддæр æма* пæ цуры ничи фæци! Зæлы фæндырдзагъд. Лæууы фæндырдзæгъдæг нæ сыхæг- ты уыыджы уæрдоны цур, ивæзынц фæндыры тæнтæ йæ зынг- хуыз кофтæйы тæрттыл æмæ мæ фæрсы, дзæбæх кæй хатын, ахæм зонгæ уъæлæсæй: — Цы кæныс, Себæ? Днссаг! Иымæ мæм кæуылты æрбайхъуыстысты уын;ы ны- хæстæ? Фæпдырдзагъды уылæнтæ мæ алыварс æмзилахар куы кодтой? Æ’, æм дзурын нс сфæрæ^гон, æмæ пæм куыд сфæрæз- '1анн?! Уæд мын мæ цоигмæ æрбавнæлдта. Цымæ мын куыд æрбавнæлдта мæ цопгмæ цæгъдгæ-цæг’ьдын? п
Æмæ уыцы уысм мæ зонды æрæфтыд: Лизæ у, чи мæм дзу- ры, уый, чындзхæсджыты фæндырдзæгъдæг нæу. Уæлæмæ мæ къух сдардтон, радиомæ. — Уыцы цагъд, уалæ уыцы... Иухатты цагъд. — Цы кæны уыцы цагъд, Себæ? — фæрсы мæ ногæй Лизæ æмæ мæм хæстæгдæр æрбалæууыд, æмæ мæм кæцæйдæр фæ- зынд æнахуыр хъуыды — дæ хъæбысы йæ акæн æмæ йæ хæрд- мæ фелвас, бæрзонд, бæрзонд. Фæлæ уый бæрц ныфс кæцæй æрцыд мæнмæ! У \ Уæдмæ фæндырдзагъды уылæнтæ фæйиæрдæм ацыдысты, хъæуы сæрты, кæмдæр ныдздзæгъæлтæ сты æмæ ахуыссыды- сты. Изæрмилтæ цыма фæллайгæ бакодтой — бъштондаер сæхи æруагътой зæххыл, æрæмбæрзтой йæ, миты урс батади сæ ми- дæг, уæддæр ма развæндаг дзæбæх зынди. — Цом, .æндæра Дзиу искуыдæм куы ацæуа. — Дзиу? Æмæ Дзиу... Мæ уæнгтыл цыдæр ризæг бафтыд, æвæццæгæн, телыхъæды бын æдзæмæй куы лæууыдтæн, уæд æй нæ бамбæрстон, афтæ- мæй суазал дæн. Афтид хæдон æмæ зæронд цинелæй хуыд иу- цъарыг къандзолы цас тафс уыдаид!' Мæ уæнгтæ та-иу барыз- тысты æмæ мæ Лизæ куыд нæ бафиппайа, афтæ та-иу сыл мæ~ химæ ныххæцыдтæн. Стæй мæ разы февзæрд Дзиу — астæуæй уæлæмæ гом æмæ, кæрты къулыл цы хихсæн и, уый бын йæхи æхсы, йæ уæнгтыл дон ’скалы, сæууæрды сæ, йæ цæнгты хæ- цъæфтæ атымбылтæ вæййынц. Уæле та мит уары æмæ уары урс-урсид тъæпæн гæбынатæй. Ибон æм иу хуыцаубон ссыдыстæм Багратимæ, фæсаходæ- нæй ахызт, уый та уæд æхсадта йæхи, дысон, дам, кæсыныл фæдæ! Стæй та йæ ныхас ауади мæ хъустыл: «Гъæ, йæ дарæ- джы мæрдтæ!..» Саламбеджы кой ракæна æмæ афтæ ма зæгъа, уый гæнæн нæй. Тынг дзы феппæлы. Уыцы æмбъфды цы ныхас ракодта, уый-иу æмдзæвгæйы хуызæн дзырдта æмæ дзырдта, дзырд-иу куы фæци, уæд-иу бахудт, йæ сæр-иу ныттылдта æмæ-иу загъта: «Гъæ, йæ дарæ- джы мæрдтæ!..» «Цæуыннæ сыстад Икколайы фырт æмæ афтæ цæуыннæ загъта: раст нæу, хорз адæм, мах куысты дæр ма аззайы згъуыд бынæттæ!» Иы цæсгомæй фсхъуыста уыцы æппæлæн ныхæстæм, куыд нæ йыл басыгъди уыцы цæсгом! Фæлæ цæс- гом дæр нæ судзы, нæ, фыццаджы сыгъдæгыл куынæуал уа, уæд. Æмæ сыгъдæг чи нæ уа, ахæм цæсгомæн скъоладзаутæм æвдисæн нæй. Цæсгом хъуамæ афтæ сыгъдæг уа, æмæ дзы ай- дæнау сæхи уыной скъоладзаутæ. Гъе уæд рахæсдзысты гъе, сæхæдæг дæр сьггъдæг цæсгæмттæ. Уый нæй, уæд сæхи цæс- гæмттæ дæр сыгъдæгæй иæ баззавдзыоты æмæ, х’уыщау бахи-^ зæд, фæлæ æдзæсгом адæм сбирæ уыдзысты æмæ, туджы цы урс буарадтæ ис, уыдон сырхытыл куыд фæуæлахиз уой æмæ 14
сæ куыд скуынæг кæной, афтæ скуынæг кæндзысты цæсгом- д>кын адæмъ1...» Уыцы уазал ризæг мæ нал уагъта. Ноджы йæ уромгæ код- тон æмæ мæ уæнгты иыббадт. Искуыдæм азгъор, уæд бæргæ федде уыдаид буарæй, ф1æлæ Лизæйы иунæгæй куыд фæуагъ- таин. Æмæ та-иу мæхиуыл æддæдæр ахæцыдтæн, ризгæ кæ- нын, уый Лизæ куыд нæ бафиппайа, афтæ. Скъолайæ дыууæ уынджы уæлдæр куы суадыстæм, уæд тæккæ фæзилæны нæ разы куы алæууыд Дзиу. Фæйнæ касты нæм æрбакодта, цыма нæм йæ к^сæнцæстытæ æвдыста, уый хуызæн. — Уе зæртæ хорз. Махæй йæм йе ’нæнхъæлæджы фæзындæй дзурын ничи ни- цы сфæрæзта. Уæдмæ та нæм йæхæдæг æрбазылдта йæ кæсæн- цæстытæ æмæ ныр та цыма йæ цин æмбæхсын нал бафæрæзта, уыйау хъæрæй афарста: — Ай Себæ нæ дæ? — Æмæ æз Лизæ нæ ^æн?—цыдæрхуызон рог фарст акод- та Лизæ дæр. — Уанцон пæу! Æмæ уæ |цы ’рхаста ацы афон мæ хæтæн- тæм, ам мæ тæсæй цæргæс атæхын куы нæ уæнды, мæлдзыг — алæсын,— хъæрæй адзырдта Дзиу, стæй Лизæмæ бакаст.— Æз сымахмæ куы цæуыц. — Мах та сымахмæ цæуæм. Мах агурæм цардыхос—«Ирон фæндыр» æмæ цалынмæ уый нæ къухы бафта, уæдмæ нын бон æрбадæн нæй, æхсæв — æрцъындгæнæн,— Дзиуы афæзмыдта Лизæ æмæ йын цыдæр аргъауы ныхæстæй дзуапп радта йæ ны- хасæн. — Æцæг, æцæг?! — Æцæг, уæдæ мæнг. — Æцæг «Ирон фæндыр» агурут? Лизæ йæм цыдæр къулбæрзæйæ скаст, йæ сæр банкъуыста. — Нæй дæм? — Куыд нæ мæм и, фæлæ... — Фæлæ йæ, ома, нæ ратдзынæ? Мах дæ дуарахæсты ба- кæндзыстæм. Дзиу ныххудти, йæ сæр фæйнæрдæм ныттылдта. — Уæ, Сырх аларды дæ фæхæсса, уый дын дуарахæст. Рат- дзынæн уæм æй, цы пæ дæтгæ ма йын п, фæлæ мæм Саламбег æнхъæлмæ кæсы æмæ мæ фæстæмæ мауал аздахут. Райсом уын æй æрхæсдзынæн скъоламæ. Лизæ мæм æрбакаст. — Баууæндæм ыл? — Баууæндæм. Хидыхъусмæ иумæ æрцыдыстæм, уым уыдон дæлæмæ фез- дæхтысгы, æз хидыл бауадтæн. Куыддæр фаллаг фарсмæ ба- хызтæн, афтæ хмæ хъустыл æрцыд бæхы къæхты хъæр. Фæнда- гæй иуварс алæууыдтæн æмæ уыцы тæккæ мæ иувæрсты атахт тæргæ бæх. Цалдæр гæппы ма акодта æмæ цæхгæр æрзылди. 15
— Себæ нæ дæ? — æгъдынцæйттыл бæрзонд слæууыд Май- рæм, бæх цæпуалæй æрзылди мæ алыварс; — ,Себæ дæн, уæдæ хæйрæг мæ хуызы куыд бацыдаид. — Уый, æвæдза, хæйрæг дæуæй лæгдæрты хуызы дæр ба- цæуы. Кæм уыдтæ? — Никуы. Кæм дын уыди уьщы бæх? — Кæм, куы зæгъай, хуыцау дын хорз ракæна,— бахудти Майрæм, хистæрты-иу куы фæзмыдта, уæд-иу æнæ бахудгæ нæ фæци,— уæд дын ,ыл мæ фыд кæцæйдæр сыкъадзæфæй куы ’рцæуид. Бæхдонмæ, дам, æй алас. Зæгъын, уыйдын мæ быгъ- дуан. Дугъон у, дугъон. Бадыс мæ фæсарц?—æгъдынцойы мæм йæ къах æрбадар’дта. Æз æм сæвнæлдтон, йæ къахыл ын мæ къах авæрдтон, æмæ йæ фæсарц абадтæн. Бæх стæвд æмæ иу ран нал лæууыд. Майрæм æй дæлæмæ фæцарæзта, хъæуыбы- нырдæм. — Фидар х^ц. — Сабыр æй ауадз. Ацы митыл куы фæбыра. — Тæрсгæ ма кæн. Бæх гæпдугъæй уад, дымгæ уазал кæттагау мæ рустыл æм- бæлд, мæ хъусты хыбар-хыбур кодта. 8. Нариман дуар бакодта, дæгъæлтæ йæ цинелы дзыппът ауагъта. — Сугтæм ма бавналут, æз уæ мæрдты уазæг. Æниу сымах фæдзæхсын дæр ницæмæн хъæуы — æмбаргæ лæппутæ стут. Фæлæ дæхæдæг нæ зоныс лæджы хабар — куынæ афæдзæхса, уæд нæ зоны. Рухс ссыгъта, йæ тъæпæн æрмттæ пецы фарсыл авæрдта, æмæ, цыма пецæн тæригъæд кодта, уый хуызæн æнкъардæй загъта: — Гъа, ныууазал и! Уыцы хъæбысыдзаг дзы андзæрстой райсом æмæ уæдæ хæйрæг феста пец дæр. Нариман ацыд. Æз педы æмбуар слæууыдтæн. Къухтæ ма йын гыццыл æмбæрстой йæ хъарм, фæлæ чъылдыммæ на’л хæц- цæ кодта. Уæддæр лæууыдтæн æмæ мæхицæп дзырдтон: «Кæд-иу хаттæй-хатт арт Хорз мæ зæрдæйы ссыгъд, Уæд дæ уындмæ-иу дард Зынг мæ риуæй фæлыгъд». Багратмæ иу зæронд тетрад радта Дзиу. Кæрæй-кæронмæ æмдзæвгæтæй йедзаг. Уыцы рæсугъд фыст сты рагон дамгъуа- тæй, лæг сæм кæсынæй ьге ’фсæды. Чиныджы уадзыны бар, дам, сын нæй, стæй кæсыны бар дæр. Дзиу, дам, афтæ загъта. Сæ хицауы, дам, сын Сыбырмæ ахастой. Ахст, дам, сæвæрдтой фыстытыл дæр. Мах сæ Багратимæ сусæгæй ,фæкæсæм, æмæ дис фæкæнæм: цæмæн æй хъуамæ æрцахстаиккой? Ацы рæ- сугъд æмдзæвгæтæ чи фыста, уый кæмæн цы æвзæры хъуамæ 16
бацыдаид? Багратæн загътон, æндæр тетрадмæ сæ рафыссæм, аспдæра Дзиу йæ тетрад куы айса... Дзиу, дам, нæ уадзы, исчи дам, уын сæ фендзæн. Æмæ куы фæхицæн вæййæм, уæд сæ хъæрæй .кæсын байдайы Баграт. Æз дæр дзы цыдæртæ бадардтоп мæ зæрдыл. Чи сæ ныффыста, уый дæр нæ зонæм. Тетрадыл нæдæр ном и, нæдæр мыггаг. Дзиу æй ма зона, уый гæнæн нæй, фæлæ йæ нæ дзуры. Æмæ йæ чи ’рцахста, уыдон ын цъшæ нæ бакастысты йе ’мдзæвгæтæ? Æвæццæгæн сæ нæ бакастысты,, æндæр ма йæ кæ- дæм ахстаиккой!.. Туджы тæригъæд нæ уыдысты, йæ зæрдæйы цы æмдзæвгæтæ баззад, ныффыссын кæй нæ бафæрæзта, уы- дон?! «Зæгъ, мæ риуы дæуæн, Цард, дæ рухсæй цы ис? Фаг цæвæрдтай мæнæн Ды мæ зæрдæйы низ. Кæд фæндонæй ныр нал • Цæуы размæ мæ фæд, Зæгъ, мæ иунæг æмбал, Ды кæд кодтай мæ мæт?..» Дуар байгом — Арсен æмæ Майрæм. Арсен дзуры, тагъд кæны, цыма йæ исчи куы баййаф.а, уымæй тæрсы: — Уазалы нæ рызтæн, нæ, афтæ ’нхъæл дæ уазалы рыз- таен? Нæгъы, дзидзайы тыххæй рызтæн. Майрæмæн йæ рæтыд бæмбæджджыны бæсты йæ уæлæ — цыбырдым палто. Йæ фыды уыдаид, æвæццæгæн. Йе ’фцæггот уæлæмæ фæлдæхт. — Дзидзайы тыххæй та цæмæн? — Дзидзайы тыххæй, уæдæ цæй тыххæй! Тыргъы сæрмæ . йæ нæ сæппæрстон? Æмæ йæм гæдытæ куы фæразæй уыдаик- кой... Мах гæдытæи... Хорз уыди, æмæ мæ Бехъо нæ федта аф- тæ ризгæ, кусарт уæнгтæ кодта æмæ гуыбырæй архайдта, æн- дæр мæ æнæ арвитгæ нæ фæуыдаид мидæмæ. Ме ’нæзонгæ у. Стæй ма дæ къах равæр æддæмæ! Уæдм& гæдытæ цармæ æнæ схизгæ нæ фæуыдаиккой. Майрæм йæ палтойы дыууæ дæлармæй дыууæ тыхты систа, ахуыргæнæдже стъолыл сæ æрæвæрдта. Газетты кæрæттæ ныппыхцылтæ сты, иу тыхтæй дзы авджы хъуыр разынд, иннæ- мæй — тъæпæн нартхоры кæрдзын. — Уыдæттæ хорз,— зондамонæн ныхас кæны Майрæм,— фæлæ та дын æгæр тæнæг лыг ма фæуæд. Дзидзайæн йæ тæ- нæг нæ бæззы. — Ма тæрс,— Арсен йе ’нгуылдзтæ фæпæлæхсар кодта æмæ сæ шшæй-ныхмæ авæр’дта,— афтæ уыйас. Мæнæ йæ фен- дзынæ. 2 Мах дуг № 7, 1991 17
— Фендзынæн æй, кæд æй афонмæ адаста. Арсен æм иу сонт каст фæкодта, цыма исты æвзæр хабар куы фехъуса, уымæй фæтарст. Фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. — Кæдæм а&й дасы! Уæд æй нырмæ никуы адастаид! —• Хъазгæ кæнын,— Майрæм йæ уæларм искæй ныхыл æвæ- рæгау пецы фарсыл авæрдта.— Ай куы ныйих и, уæд ыл дæхи цы баныхæстай! — Бирæ куы фæлæууай афтæ, уæд дæм бахъардзæн йæ хъарм. — Гъо, гъеныр ахсæв-бонмæ куыд нæ ’лæудзынæн..., Æмæ куыд тыйг ныууазал и, иннæ хæттыты ма хъарм куы вæййы? — Сихорыл арт нæ уыди кълæсты. Гуымбел, дам, нæ бауагъта, Нариман афтæ, хъарм бон, дам, у æмæ дам, сын ни- цы уыдзæн. — Гуымбел дарæг мауал уæд уымæй дæр!—Майрæм йæ мидбынат æрзылд æмæ дуарыл ахæцыд. Арсен та дзидзайы кой кæнынмæ аздæхт. Ахæм æгъдау æм уыд — дзидзайы кой кæнынæй-иу нал æнцад. Фыццаг-иу æй æцæг куыд рахаста, афтæ дзырдта, уый фæстæ-иу ыл алцы-ни- цы бафтыдта, йæ >алыварс-иу æвадат уавæртæ сарæзта æмæ-иу дзы йæхи стыр æрхъуыдыджын æмæ хъæбатырæй равдыста. — Бехъойы акуырм кæнын дæм афтæ æнцон ма кæсæд. Уирæгтимæ схъомыл, уый зоныс? Сайынмæ-иу æй хъавыдысты, фæлæ сын никуы ба^куымдта. Йæхæдæг сæ иу-цалдæр хатты асайдта. Фæлæ йæ æз акуырм кæнын. Куыд куы, кусарт уæнг- тæ кæнын куы ра^дайы, уæдмæ бахъавын. Уымæн æмæ Бехъо- йæн цæйгоæфæлтау уæнг фехæла, фæлтау æй амар, æмæ йæ... Æддаг дуары хъæр фæцыд, æмæ тыргъы чидæр æрбараст. Баграт уыдзæн, йæ фæлмæн къахистæй йæ зонæм. Æрбахызт мидæмæ, йæ рахиз къух йæ цинелы фæдджийы бын фæцавта æмæ дзы салдаты тъæпæн тасмачъи аг фелвæста. — Алио-опп! — бæрзонд систа аг, стæй йын цыма сæттынæй тарст, уыйау æй сындæг æруагъта стъолмæ. Майрæм цы дыууæ тыхты æрæвæрдта стъолыл, уыдон æрысгæрста... æмæ фырæх- сызгонæй йæ тæнæг æрмттæ кæрæдзиуыл адаудта. — Цы фæци Майрæм? — Ам æддæмæ ахызт,— дуармæ ацамыдта Арсен. — Макæй каумæ та бавпалæд. — Бавналдзæн æмæ та дыууæ æлвасы уис æмæ мих æртеу- теу -кæндзæн Габола. Уыцы рæстæджы дуары гуыпп фæцыд, æз ыл ахæцыдтæн. Майрæмæн йæ хъæбысы ногсаст урс-урсид сугтæ æнгом амад, йæ цæнгтæ сыл тыххæй æххæссынц, афтæмæй уæззау æрбахызт къæсæрыл. — Нариманы сугтæм ма бавнал, Бицикъайы каумæ ма бав- пал æмæ уазалы баси,— худы Майрæм, сугтæ пецы раз æр- калдта.— Арт, Себæ! 18
Махæй чи сугтæм кæсы, чи — Майрæмæн йæхимæ. — Кæм дын уыдысты? — йæ цæстытæй сугтæм ацамыдта Баграт. — Ссардтон сæ,— мæстæймарæджы хъæлæсæй сдзырдта Майрæм. — Кæм сæ ссардтай? — Кæм мæ фæндыди, уым. — Хъазгæ ма кæн, скъолайы сугтæм ма бабнал. ’ — Скъола нæ, фæлæ далæ бындары Бицикъа уыйбæрц ныс- саста, уыйбæрц! — Æмæ дæ ныр, зæгъæм, исчи раййæфта сугтæ дæ хъæбы- сы амайгæ? — Исчи нæ, Хæбæлон, Хæбæлон йæхæдæг! — мæ ныхас мæ- химæ худæг фæкаст, бахудтæн. Майрæм йæ^сæр ныттылдта. — Уымæй хуыцау бахизæд! Гъеныр та йын ахсæв фъшы æкæ фенгæ нæй æмæ та уый размæ цы афынæй кæнон, уый дæр мæ фарсæй фæуыдзæн. Фæлæ мæ исчи куы раййæфтаид, уæд загътаин: мæнæ сæ мидæмæ хæссын æмæ сæ антъыхтаин мидæмæ. Стæй ма мын цы кодтаид Хæбæлон! Уайтагъд арты гуыр-гуыр райхъуыст æмæ кълас бынтондæр бахъæлдзæг. Майрæм ныл йæ цæст хаста, бахудти та. — Уæддæр афæрсын хорз у—минас уал кæнæм æви кæс- гæ? Тæрсын, ацы дзидзайы тæфмæ дьш куы ницы бамбарæм де ’мдзæвгæтæй,— йæ ныхас Багратмæ аздæхта. Баграт йæ бæрзæй бакъултæ кодта. — Æз Нариманæн загътон. — Æмæ дæм джигул кодта Нариман! — фесхъиудта Арсен. — Джигул мæм нæ кодта, фæлæ мыл хæрхæмбæлд фæци, æмæ йын фæтæригъæд кодтон. — Цы тæригъæддаг фæци! — Зæронд лæг у æмæ... — Æмæ зæронд уый йеддæмæ ниЧи" у? Уый тыххæй... — Бæргæ нæ ницæмæ хъуыд,— цыдæр тыхулæфт ныккодта Майрæм.— Нариман дасынмæ куы фæуа. — Цæй, кæдæм фæуыдзæн дасынмæ! Иу сыкъа йын адар- дзыстæм, иу жæрдих ахæрдзæн æмæ ацæудзæн,— Баграт дзур- гæ-дзурын йæ цинелы мидæггаг дзыппæй къаннæг сау сыкъа систа, йæ ком ын йæ армыл æртъæпп кодта. — Фендзыстæм, кæддæра куыд .ацæуид,— Арсенæн йæ1 ны- хас фæфæлмæндæр, бæрæг уыд — быцæу кæнын æм нал цæуы. Фæлæ та Майрæм бахудти. — Ацы хъармæй уыцы уазалмæ... Арахъ æмæ дзидзайы цу- рæй — арахъ дæр кæм нæй æмæ дзидза дæр... Майрæм йæ иыхас нæма фæци, афтæ дуар байгом æмæ На- риман мидæмæ æрбахызт. Къæсæргæрон æрлæууыд. Æз фæтар- стæн: æвæццæгæн тыргъы лæууыд, нæ ныхасмæ нын хъуыста æмæ ныр уайдзæф кæнынмæ æрбахызт. Æндæра йын йæ къæх- тыхъæр та куыд нæ фехъуыстам? Æниу уыцы фæлмæн æрчъи- 19
ты уыцы фæлмæн къахдзæфтæ, йæ фæрсты кæмæн цæуа, уымæ дсуынæ фехъуысдзæн йæ къæхтыхъæр. Арсен æмæ Майрæм дæр фæтыхстыеты. Фæлæ Баграт фарцырд: — Рацу, рацу, Нариман. Нариман уæддæр лæууыд æмæ йе ’нкъард цæстытæй куы махæй искæмæ кает, куы — пецмæ. Æрæджиау мæсты улæфт ныккодта. , — Гъæй, æз уын куыд амардтæп, гъе! Гæр æмæ уын мæ уд куы фæфæдзæхстон — уыцы сугтæм ма бавналут, уæд афтæ фæ- чындæуы! Майрæм æм иу къахдзæф акодта. — Скъолайы сугтæ не сты. — Уæдæ кæй сугтæ сты! — схъæр ыл ,кодта Нариман. — Скъолайы сугтæ далæ сты! — Алæма! — пецы размæ бауад, сугтæм ныггуыбыр код- та.— Уæдæ! Мæнæ сты! Гъа-гъа-гъа, мæнæ сæм бавнæлдтат — кæрæдзийæ аскъуыддзаг уыдаиккам. Фæлæ сæ кæцæй æрхас- таиккат? Иннæ кълæстæй макæй дуар бакæнат? — Нæ бакодтам, Нариман. Дуар кæнынæн дæгъæл нæ хъæуы? — Дæгъæл та куыд ^нæ хъæуы, фæлæ... Уæд мын ацы лæ- джы цы Хуыцау бавзарын кодта, уый гуыбыны куы ацæуид мæ уды тæригъæд.— Нариман ахуыргæнæджы бандоныл æрбадт. — Мах зыдтам — Нариман Гуымбелимæ нæ фидыдта, скъо- лайы хæдзарады хицауимæ, æмæ йыи йе ’лгъыстмæ нæ хъус ницы бæрæг æрдардтам. Баграт стъолыл газет айтыгъта. Кæр- дзын æмæ йыл дзидзатæ æрæвæрДта. Дзидзайы хъарм тæфмæ улæфæнтæ æхсызгон хъыдзы кодтой. Нариман йæ хæрьщкъа систа æмæ йæ Арсенмæ бадардта. — Дæхи дсы хъахъæн. Алмасийæ уæлдай нæу. Мах стъолыл батымбыл стæм. Баграт сыкъамæ авг ракъул кодта, Нариман *æм йæ цонг банвæзта, йæ цъæх рихитæ рады- гай базмæлыдысты, йæ былтæ базыхъыр "сты. Уыцы тæккæ уысм фæцыди æддаг дуары хъæр. Мах бандзыг стæм. Нари- ман, йæ къух сыкъамæ куыд бадардта, афтæ йын баззад, йæ цæстытæ цыма æддæмæ ницуал уыдтой, цыма сæ кæдæмдæр мидæмæ ныккасти. — Æрбацæуы,— иыуулæфыди Наримаи.— Æддаг дуар æх- гæд уыд, уый йедцæмæ йæ ничи бакодтаид. Сынкъ куы рауа- даид ме ’вааджы цъуппыл, чн мæ амара, ахæм сынкъ, æмæ йын йæ кой куыпæ сксдтаин — æвзæр йæ коймæ цæуы! Æз дуармæ нымдзаст дæн, мæ сæр мæ уæхсчыты ныллæст, цыма мцл хаугæ рацæйкодта уыцы дуар... Мæнæ байгом уы- дзæн, мæнæ... Цымæ ма дзы искуы исчи æрбахызт, æмæ мидæ- гæй чи уыд, уыдопæн йе ’рбацыд, махæн Гуымбел’Ы æрбацыд куыд хъыг у, афтæ хъыг уыди? Уæдмæ фелвæсти йæ фæлгæтæй дуар æмæ талыпг тыргъæй гæдыиы цæстытау ферттывтой Гуымбелы цæстытæ. Иæ разæй уазалы гуылфæн æрбауагъта, стæй æрба>ызт. Къæсæргæроп æрлæууыд, йæ къухтæ—йæ кæр- 20
цы дзыппыты. Ие стыр цырыхъытæ — кæрæдзимæ дæрддзæф, цы- ма иу лæджы къæхтыл нæ уыдысты. Иæ цæстытæ исдуг стъол- мæ ныццарæзта, стæй сæ махыл æрзылдта. — Ныр уын цы’ми бакæнон?! Нариман уайтагъд фесхъиудта: — Гæррæтт, лæг нæ амардтой, цы ми сын бакæнын ис дæ зæрды! Кæйдæр сывæллæттæ сæ уроктæ ахуыр кæнынмæ æр- цыдысты, се ’хсæвæры къæбæртæ семæ рахастой... — Сæ уроктæ! — фæцъæхахст кодта Гуымбел.— Æмæ сын ахуыргæнæг дæр фæжуыл и — æнæхъæн прафисор! Афтæ цард дæ хæдзары дæр æмæ уыдоны хæдзæртты дæр. — Кæйдæр сывæллæттыл -куынæ тардзæгъдæн кæнид, æз ’ыл ахуыр дæн, мæгуыр мæ бон, фæлæ... — Ды сабыр у, ды чи дæ, уый мæ къухы дæ, мæнæ ацы къухы, ай,— Гуымбел йæ кæрцы дзыппæй йæ къух систа— стыр оырх къух — æмæ йæ Нариманмæ равдыста. — Гъо-гъоу, хъæбæртæ лæг разындзынæ, мæныл чи фæтых уа! — Ды сусс. Æз мæнæ адонимæ аныхас кæнон. Чи радта сы- махæн ахæм бар æмæ ардæм хæринаг æмæ нуазинаг хæссат? Нариман мæсты æвнæлд фæкодта дзидзатæм, ,агмæ сæ ав- гæдта, кæрдзын газеты æрбатыхта. — Ахæссут сæ æмæ сæ æндæр* искуы бахæрут, стæй хæлæр- сытæ фæуæд, уыйæрдыгæй ма искæй хæрын дæр чи бауадза æмæ нуазын дæр. Мах æдзæмæй лæууыдыстæм. Баграт йæ уæлдаг былмæ сæвнал-сæвнал .кодта йæ урс тъæпæн дæндæгтæй. Арсен йæ дзыхæй улæфыд, афтæ улæфгæ йæ фъгццаг хатт федтон. Май- рæм ком^коммæ каст Гуымбелмæ æмæ цыма рухсдзаст уыд, уыйау йæ цæстытæ æрбагыццылтæ сты. — Сугтæ уæ чи бандзæрста? — Гуымбел йæхи тарвазыл бауагъта, бæрæг уыд— никуыдæм тагъд кодта. — Сымах сугтæ нæ уыдысты,— загъта Майрæм æмæ пец- мæ къухæй ацамедта. Пецмæ цæмæн ацамыдта, цымæ? Кæд йæ тыхстæй. — Уæдæ кæй уыдысты?! — Сымахæн уæртæ не сты! — Ныр ай дæр мæн сайынмæ хъавы, гæдыйы хуызæн! — Фæлæуу-ма, фæлæуу, сымах сугтæ нæ уыдысты æмæ аф- тæ цæмæн хъуамæ зæгъа — сымах уыдысты?—тагъд-тагъд адзырдта Арсен; æмæ жом!коммæ бакаст Гуымбелмæ. — Уæдæ кæй уыдысты? — Цы дæ хъуыддаг ис, кæй уыдысты, уымæ?! — Цы мæ хъуьтддаг ис, цы, Бехъойы-фырт, уартæ сæ мах сугдонæй æрбахастат, мæнæ уын сæ уый радта æмæ сæ мæнæ ам бандзæрстат’. Гъеныр бамбæрстай, цы хъуыддаг мæ и, уый?! — Кæд сын æз иу ,къæцæл дæр радтон, иу амæлæд мæ би- нонты дзæбæхдæртæй, кæннæуæд мæпг чи зæгъы, уый бинонты дзæбæхдæртæй æрбамæлæд иу. Бæргæ мæ нæ фæнды, фæлæ 21
мæ нæ уадзы æмæ йын цы саразон,— Нариман йæхиуыл сх&- цыд. Æддаг дуарæй куыддæр рахызтыстæм, афтæ йæ цъæхахсг фæцыд Гуымбелæн: — Дæ кой-дæ хъæр ам куыд нал уа! — Гъеныр уый фашист нæу! — Баграты сонт ныхас дыз- дызгæнгæ ацыд мæ хъусты. - — Цавæр фашист у дæуæн дæр! — Уæдæ цы дзыхæй дзуры зæронд лæгмæ! — Баграт араст и клубы ’рдæм. Мах йæ фæстæ ахал стæм. Быруйы рæбын æр- лæууыдыстæм. — Арахъ нæ хæссын нал хъуыд,— æвиппайды сбустæ кодта Арсен.— Нариманæн æй ныууагътаиккам, æмæ уыдаид. Кэен- нод хæрзаг ма зæгъа... Дзидзайæ дæр ын фæуагътаиккам, кæр- дзынæй дæр. Стæй Гуымбел куы алæстаид исчердæм, уæд ис- куы сбадтаид, пуазгæ дæр бакодтаид, хæргæ дæр. — Цæй, мах аххос нæ уыди — иæ йæ федта? — Нæ, иæ, Майрæм, иугæр ын сæ равдыстам, уæд æй хъуа- мæ сурдзыхæй ма фæуагътаиккам. — Ныр, хæрæджы йас лæг не ’ккой сбадти, уый федта, уæддæр ма сурдзыхтæ æмæ хуылыдздзыхтæ кæиы,— Арсены ныхæстæм фæмæсты Баграт. — Æмæ цы! Хæрæджы нæ — хæргæфсы йас дæр фестæд, ’æз уын дзы æппындæр ницæмæй тæрсын. Хъæбысæй дæр рахæ- цæм, кæд æй фæнды, уæд. ’ Æз ’ын йæ къах куы ацахсон, уæд йæ тъæпп зæххыл фæцæу- дзæн. Уый зæрдæхтæй... — Уæд та фæстæмæ аздæхиккам,— мъшæг хъæлæсаей загъ- та Баграт.— Чи зоны, афонмæ ацыд. — Æмæ кæд нæ ацыд, уæд та?—фæстæмæ скъолайы ’рдæм акаст Майрæм. — Уæд цы, цæмæй дзы тæрсут? Æз уæ разæй бацæудзы- нæн. Цомут-ма, кæддæра нæ бацæуин уæ разæй,— йæхиуыл размæ ахæцыд Арсен. — Нодж-ы ма йæ смæсты кæндзыстæм мæгуыр лæгмæ,— йæ палтойы уæхск бырумæ бадаста Майрæм.— Ахсæв нæ хъуыд- дæгтæ куыннæ цæуынц! Уæд та бавдæлæм æмæ Дзæбетæм цо- мут. Уый хуызæн хъарм хæдзары рабаддзыстæм. Дзидза æр- кæрддзыстæм. Резæйы дæр немæ сбадын кæндзыстæм... Нæ уæ фæнды? Баграт ницы дзырдта, раст лæууыд æмæ нæ къласы ’рдæм каст. Æрæджиау арф ныуулæфыд. — Ацы Дзæбе... «Ма кæ» йын куыд ничи зæгъы! — Уым ын зæгъдзыстæм,— бацырд та и Арсен.— Æз ын тынг дзæбæх зæгъдзынæн, кæд æм сым&х нæ уæндут, уæд... — Фæлæуу-ма, Арсен, дур дыи æруайæд уыцы æфсæртыл, зæрæдты загъдау,— бахудти Майрæм.— Цæуæм æви нæ? — Цомут, кæд цæут, уæд. Фæлæ ныи раст цыд куынæ фæуа. Фæнды дæ, Себæ? 22
Мæнæн мæ къæхтæ сыдысты — хæцъилдзабыртæ æмæ хи- арæзт къалостæ цас хъарм кодтаиккой! Быруйы рæбын куы æр- лæууыдыстæм, уæдæй нырмæ мæ цæстытыл уади нæ къласы пец — йæ мидæг, Майрæм кæй æрбахаста, уыцы урс-урсид суг- тæ цæхæркалгæ сыгъдысты, афтæмæй. — Цом. Фæндагыл гыццылгай хъарм кæнын байдыдтон. Ныртæккæ Резæты хъарм хæдзары куы рабадæм! Фырæхсызгонæй мæ уæнгтæ барызтысты. Нæ къæхты миттæ хæрзцагъд ныккæндзы- стæм, кæннрд нæ фæдтæ баззайдзысты сæ астæрды сыгъдæг фæйнæджытыл. Резæйы дæр сбадын кæндзыстæм немæ, арахъæй дæр ахуыпп кæндзæн. Йæ цин йæ былалгъыл дардзæн. Тынг ъгл фи- дауы цин кæнын. Нырма дæр рæсугъд у, иннæ устыты хуызæн нæу, цыма æххормаг дæр никуьг баййæфта, тыхст дæр. Цыма дзы рисгæ дæр никуы ниды кодта. Майрæм æрлæууыд æмæ æз дæр æрлæууыдтæн. — Куыд раджы схуыссыдысты? — д^зуры асæст хъæлæсæй Баграт, æмæ мæ цæстьгтæ къулмæ фæцарæзтон, цæстытæ ни- цæуыл фæхæст сты, æмæ мæ зæрдæ къултыл йæхи ныххоста: Ц’Ы та фæци уыцы рудзынг?! Æрæджиау ыл фæхæст дæн — цы- Аæр æнтъыснæг æмæ гьщцылæй зынд чъырæйцагъд къулыл, цыма руайгæ бакодта. Уыцы изæр куыд æрæгмæ ссыгъди?! Фæлæ уый ничи зоны мæн йеддæмæ ам. Æмæ йæ ничи базондзæн. Баграт дæр нæ. Кæрты дуар, уæд æй куыд федтон, афтæ æрдæггом, ноджы арфдæр ныссагъди миты. — Бадзуриккам сæм?—хъавгæ бафарста Арсен. — Куыд сæм дзурыс? Дзургæ нæ, фæлæ куыд уый зонут?— Баграт нæм фæстæмæ раздæхт.— Уæртæ сын мæнгагъуысты кæрон иу гыццыл хатæн куы и, холлаг сын дзы <куы вæййы. Уырдæм бацæуæм. — Уыцы уазалы? — мæхи æгæр фæцæттæ кодтон хъармы бадынмæ æмæ мын’уыцы ныхас афтæ хъыг уыди, афтæ. — Цæй, цавæр уазал у, бæстæ нæ сæфы. Холлагæй йедзаг у, æрмæст дзы астæуæй ис æрбадæн. Æрбадæн нæ, фæлæ дзы дæхи дæр ауадз. Райсом æй Дзæбейæн куы дзурæм æмæ ди- сæй куы мæла. Нæ уæ фæнды? — Фæпды,— цыоырæй загъта Майрæм. — Дзæбемæ дæр бадзуриккам? — тыргъмæ скаст Арсен. — Резæ райхъал уыдзæн, куыд дзурыс Дзæбемæ! — бабус- тæ кодта Баграт. — Алæ, æмæ мын паддзах у, куы райхъал уа, уæд! — Дзидзатæ ныууазал сты. Аг æрдæбон уыцы хъарм уыд,, ныр мæм уазал дарын байдыдта,— ногæй та бабустæ кодта Баграт. — Арахъ та хъарм сси, тæвдбарæнау æй мæ дæларм дарыи <емæ схъарм и. — Цомут,— æрдæггом дуарыл фæмидæг Баграт. Мах пæ 23
фæстæ бахызтыстæм æмæ, нæ къæхтыхъæр куыд нæ хъуыса,. афтæ хъавгæ цыдæй кæрæдзийы фæстæ бараст стæм. Кæрты астæумæ куы бахæццæ стæм, уæд хатæны дуар байгом. Чъæыл гомæй аззад, стæй дзы кæрæдзийы фæдыл рахызт дыууæ æн- дæрджы. Исдуг лæугæйæ аззадысты, стæй фæстæмæ фæмидæг сты æмæ дуар ахгæдтой. Мах цавддуртау фестæм. — Чи сты, чи? — æрæджиау мын мæ дысмæ бавнæлдта Ар- сен. — Нæ зонын. — Уæдæ чи сты? — йæ мидбынат иу зылд æркодта, цыма- исты агуырдта, уыйау.— Алæ-ма, кæддæра чи сты. Баграт ын йæ уæхскмæ бавнæлдта. — Æрлæуу-ма! — Чи сты? Гъей, чи стут?! — Сабыр! Гыццыл ма алæууыдыстæм, цалынмæ фæйнæ цалдæр улæф- ты скодтам, уæдмæ, стæй Баграт разылд. Мах — йæ фæстæ. Æрдæггом дуарыл рахызтыстæм. Цалынмæ клубы цурмæ ра- хæццæ стæм, уæдмæ нæ иу сыбыртт дæр ничи скодта. Бæлæ- сты бын æрлæууыдыстæм. Мæй скаст æмæ цыдæр æнахуыр уа- зал дардта дунемæ. — Дзæбе, æвæццæгæн, фынæй уьгд?— æнкъардæй загъта Баграт. — Æвæццæгæн,— йæ сæр фæйнæрдæм батылдта Майрæм æмæ бафарста: — Абхадз уыд, нæ? — Уæдæ чи уыд. — Абхадз уыди?! — тынг ныддис кодта Арсен.— Гъæуый Абхадз уыди? — Гъо! — Æмæ цы ми кодта? — Уымæй та йын йæхи бафæрс уартæ. — Æмæ цы хъæр кæныс! Фæрсын дæ, æмæ йæ, кæд зоныс, уæд æй зæгъ. Стæй райдай. Æмæ иннæ та чи уыд? Резæ ма уæд? Арсенмæ ничиуал ницы сдзырдта, уый дæр ницæмæйуал ба- фарста. Бирæ фæлæууыдыстæм уазал бæлæсты бын, стæй ацы- дыстæм скъолайы ’рдæм. Нæ кълас кæм и, уыцы агъуысты раз гуыбырæй лæууыд Нариман. Нæма йæм бахæццæ стæм, афтæ йæ хъæр фæцыд: — Фесæфти Гуымбел! — Цы кодта? — Куыд фесæфт?! Нариманы раз атыгуыр стæм, йæ цæсгоммæ йын ныккасты- стæм. — Æрцахстой йæ. — Куыд æй æрцахстой? — Куыд фæахсынц! Ам сымах фæстæ уый дæр уайтагъд фæцæуыныл. Дæ зæрдæ-мæзæрдæйы ацыд æмæ ныххуысдзæн. 24
Куыд нæ мын амæлдзынæ! Уыцы сахат фæстæмæ фездæхт æмæ та мæм ма багуыбыр уа. Ды афтæ дæ, ды уфтæ дæ, ды ин- нæрдæм дæ, сугтæ давыс, цъылынтæ давыс! Лæг йæхæдæг цы уа, иннæйы дæр уый æнхъæлы. Куы нал дзы фæрэ&зтон, уæд ыл суæгъдтытæ кодтон æз дæр... Æмæ уый хæйрæг цæмæй уыдтæн — ахæм æмбисонд ыл æмбæлдзæн! Мæнæ ацы тæккæ ран фæурæдтой, гъе, еæ машинæ. Гуымбел, дам, ды дæ? Æвæц- цæгæн æй йæ зæрдæ базыдта. Æнæбары ма бахъым-хъым код- та. Сæ гæххæттытæ йæм фелвæстой. Абадын æй кодтой, стæй ам фалæмæ йæхи аппæрста машинæ æмæ цæсты фæныкъуылд- мæ йæ кой-йæ хъæр нал фæзынди. Иунæгæй куыд аззадтæн, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Машинæйæ ма мæм йæ сæр ра- дардта, мæгуыр. Бинонтæм, дам, бауай, зæгъ, дам, сын. Цыма æнцон у афтæ бауайыи æмæ афтæ зæгъын! Афтæ лæугæйæ баз- задтæн, æмæ бонмæ дæр нал еызмæлыдаин, æвæццæгæн, мæнæ сьгмах нæ уыдыстут, уæд. Нариман «ныхас фæци æмæ та зæхмæ ныккаст. Махæй йæм иудзæвгар дзурын ничи ницы сфæрæзта. Æппынæрæджиау Май- рæм йæ сæрыл схæцыд. — Фæрсгæ дæр сæ ницæмæй бакодта? — А-ба-бау, мæнæ цыма, кæд схæццæ уыдзысты, уымæ æн- хъæлмæ каст. — Дзургæ дæр сæм ницы скодта? — Кæд сæм ды исты сдзырдтай, уæд уый дæр. — Цы кодта, цымæ? — Мæ зæрдæ мæм куыд дзуры, афтæмæй уыцы фыдбоны хæсты цыдæр фæазымджын. Иутæ æмæ дыууæтыл куынæ æр- хæцыдысты. Дæлæ Фæсалджыны ме ’мхæрæфырты лæппу. Фæ- хæцыди, мæгуыр, йæ бон цас уыд, уыйас. Ныр æй рацахстой æмæ йæ Сыбыры бамидæг кодтой; уацары дам; уыдшæ. Амæ дæр кæд исты ахæм азым и. Æз Багратыл мæ цæст æрхастон. Уый кæдæмдæр æдзæмæй касти. Сдзурынмæ йæм хъавыдтæн, æмæ та Майрæм Нарима- ны бафарста: — Цал уыдысты?, — Дыууæйы дзы федтон. Кæд ма сæ мидæгæй исчи уыд, уæддæр нæ зонын. — Цымæ районæй уыдысты æви горæтæй? — Уымæй сын ницы базыдтон. Æниу ма цы уæлдай у? Уы- мæн йæ артыл дон ауагътой æмæ гъеныр кæцæйфæнды фæ- уæнт. — Горæтæй уыдаиккой, уый дæхæдæг нæ зоныс? — ныхасы балæууыд Арсен.— Адонмæ район ницы бар дары, хæсты тых- хæй кæй ахсынц, уыдонмæ. Адон куыд нымад цæуын’ц, уый зо- ныс? Знæгтыл нымад цæуынц адон. — Цæмæй йæ зоныс? — Зонын æй æмæ уымæй. — Афтæ у, афтæ,— йæ сæр уæззау банкъуыста Нариман, 25
стæй фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта.— Цымæ ныр цал саха- ты у! Ахсæв ма мыл искуы сбон уа! Баграт базмæлыд. Нариманмæ æввахс балæууыд. — Нариман, мæнæ... æрдæбоны арахъæй иу сыкъа куы ба- назис... Дзидзатæ дæр мæнæ сты нырма... Нариман йæ тъæпæн арм батылдта фæйнæрдæм. * — Марг дæр нæ ныххиздзæн мæ хъуыры. Бæзгæ нæ кодта,. фæлæ уыцы ранмæ лæгæн йе знаг дæр м,а бахауæд. 9. Диссаг уыд — æз Иккойы базыдтон. Федтон æй æмæ йæ ба- зыдтон. Æмæ йæ куы базыдтон, уæд мæхинымæр бацин код- тон — цæуыл бацин кодтаин, цымæ? Хидыхъус лæууыд, йе ’рфгуытыл уæлиау схæцыд, афтæмæй хæхты ’рдæм каст. Бæрзонд, уæнгджын лæг. йæ палтойæн — цъæх уæлдзарм æфцæггот, йæ худ дæр цъæх уæлдзарм. Тым- был бæрзонд худ. Мæ цæст ыл куы æрхæцыд, уæд, чи уыдзæн, ууыл дæр нæма ахъуыды кодтон, афтæмæй мæхинымæр загъ- тон: «Хъæуы æрдæджы йас худ куыд ныккодта?!» Уыцы иыхас Саламбегæй фехъуыстам. Не ’мкъласон Джетæ мæнæй дæр къаддæр уыд. Зымæгон ’уазæлтты йæ фыды худ дардта, йæ райст-бавæрды хъусджъш худ. Фыццаг урокмæ йын ма байрæджы уа, уый гæнæн нæ уыд. Цыма хингонд уыд, уый- ау-иу, куыддæр дзæнгæрæг ныццагътой, афтæ фæзы астæуты æрщæйдугъ кодта. Æмæ уым^æн загъта, Джетæйæн, иу райсом: — Хъæуы æрдæджы йас худ куы ныккодтай, уæд дзы æф- сæрмы кæнын нæ хъæуы? Уæдæй фæстæмæ искæмæн йæ худ стырад кæнæд, уый йед- дæмæ йæм æндæр ницы сдзъгрдтаиккой лæппутæ: «Хъæуы æр- дæджы йас худ ныккодта!» Рахиз фарс зæронд сисы рæбын иу-цалдæр ран миты’ тъæ- пæн фæзгъæртæ лæууыд. Сæ бынтæй митсыг лæдæрст. Уынгæн йæ астæутьгадаргъ сты къахвæдтæ, фæсур сты, цæстытæ сæхи- мæ здæхтой. Ардæм хидыхъусмæ судзины сынчытау зынды- сты... Лæг тамако сдымдта, гыццыл ма алæууыд æмæ донбылты дæлæмæ араст. Æз йæ фæдыл кастæн, стæй мæхицæн загътон; «Алæ-ма, кæддæра æцæг уый у». Уый цыди, æз дæр цыдтæн. Иæ тамакойы фæздæг-иу ауыгъ- дæй аззад лæзæрд хæцъилы гæппæлау, стæй-иу уайтагъд афæс- /къæуттæ и æмæ-иу æз цалынмæ уырдæм хæццæ кодтон, уæд- мæ-иу дзы ницуал аззад тамажойы тæф йеддæмае. Уынг галиуырдæм атасыд, доны сæрты ахызт æмæ дæлæ- мæ ахæцыд йæхиуыл. Рахизырдыгæй ма дзы дыууæ агъуысты аззад. Лæг ардыггагмæ бараст. «Уый у»,— загътон мæхинымæр æмæ хъуамæ фæстæмæ раз- дæхтаин. Фæлæ мæм раст нæ фæкаст — цу, цу, стæй цæхгæр разил æмæ дæ фæд-дæ фæд раздæх! Мæ цыд фæсабыр, гали- уырдæм акастæн — уартæ уырыссаг Диминтырты хæдзар. Сæ 26
лæджы сын иууылдæр афтæ хуыдтой — уырыссаг Диминтыр, цыма нæм ирон Дймиитыр дæр уыд, гуырдзиаг Диминтыр дæр. Мæ зæрдыл æрбалæууыд Сосейы фæдзæхст, далæ ма, дам-иу уырыссаг Диминтырмæ ныццу æмæ, дам, ын йæ зæрдыл æр- лæууын кæн, æртæ асыччы, дам, мын картофы мыггаг загъта æмæ, дам, сæ макæмæн радтæд. Хæдзары раззаг рудзгуытæй иу уыд æрдæггом æмæ дзы уырыссаг фæндыры хъæр хъуыст. Кулдуары раз куыддæр æр- лæууыдтæн, афтæ йæ астæу байгом, къаннæг дæргъæццон дуар æмæ дзы, йæ сæр фæгуыбыр кодта, афтæмæй рахызт уырыс^аг Диминтыр йæхæдæг. Мæ разы æрлæууыд. — Цы зæгъдзынæ, лæггаг? — цыма чысыл анызта — бæрæг уыд йæ хъарм ныхас æмæ йæ парахат цæстæнгасыл. Æз загътон, Сосе мын цы бафæдзæхста, уый. — Æмæ цы бавæйиыс ды Сосейæн? — Йе ’фсымæр дæн. — Хъазгæ ма кæн. — Нæ хъазын. — Уæдæ.ды Сосейы æфсымæр дæ? Йæ хæрз &фсымæр? — Иæ кæстæр æфсымæр. Уый тамако спъæртт «одта, йæ бинаг был чысыл фæкæфой- гонд и æмæ дзы фæздæг цыхцырæг ныллæууыд, нучы сæрмæ ма донмарæны рацæйцæуы куыройыдон афтæ раст. т- Мæнæ хуыцауы диссаг! — загъта уæдмæ хъæрæй Димин- тыр, йæ даргъ цонг мын мæ уæхсчытыл æрæппæрста æмæ мыл мидæмæ ахæцыд. / — Цом-ма ардæм. Дуарыл куыд фæмидæг дæн, уый нæ бамбæрстон Уым Ди- минтыр йæ тамако аппæрста æмæ мын мæ цæстытæм æрбакаст. — Уæд дæ ном та цы хуыйны? Æз ын загътон мæ ном. — Гъомæ мын Сосе йуыд никуы скодта дæ кой! Ахæм æф- сымæр дын уа æмæ афтæ ма зæгъай... Æз ме уæхсчытыл схæцыдтæн. Дзургæ нпцы скодтон. Уæд- мæ мыл Диминтыр размæ анцад йæ уæззау цонгæй. Мидæгæй фæндырдзагъд фенцад. Уымæй чысыл фæстæдæр тыргъы дуарæй кæрæдзийы хæдуæлвæд рагæпп кодтой дыу- уæйæ — чызг æмæ лæппу, мæнæй чысыл хистæртæ чи уыдаид, ахæмтæ. Чызг йæ чъылдым .къулмæ фездæхта, лæппу йæм ба- уырдыг, цыдæртæ та йъш адзуры æмæ та йын йæ уадулæн аба кæиы. Чызг, æвæццæгæн, тæргай истæуыл фæци: йæ цæстытæ дард кæдæмдæр ныццавта, ныкъулгæ дæр сæ нæ кодта, Æз та-иу сæм мæ цæсты кæропæй бакастæн. — Уазд>кытæ нæм и,— загъта Диминтыр, къæсæгæроимæ куы бахæццæ стæм, уæд.— Нæ лæппу сæ горæтæй æрбакодта йемæ. Дысон дæр кафыдысты. Ныр дæр кафынц. Уадз æмæ кафой. Уый хорз у, уый æвзæр нæу. Æз хуыцаубон уымæн би- рæ уарзын. Кувæн бон у, кæрæдзийы уарзæн бон. Мидæгæй мæ фынгыл æрбадын «одта. Æдде, уынджы ’рды- 27
гæй цы уат уыд, уымæн дуар нæ уыд. Дуарæмбæрзæнтæ æрдæ- джы онг уыдысты æнгом æхгæд, æрдæгæй дæлæмæ фæйнæрдæм ацыдысты разгом къабайы фæдджитау. Æмæ-иу уыцы къæрт- тæй ауыдтон кæйдæр къæхтæ — тæккæ дуары рæбынты-иу æр- бацыдысты арæхстджын змæлдгæнгæ æмæ та-иу фæаууон сты. — Кæцы сæнæй дын рауадзон? — ай сæнæфсиры сæн у, мæ- нæ уый та хъæлæрдзыйы сæн, — дзуры хъæрæй Диминтыр. Дуарæмбæрзæнтæй мæ цæстытæ ратыдтон: кæсын Димин- тырмæ — уæртæ йе стыр цъæх цæстытæ арвы цъæхау сыгъдæг æмæ парахат, йæ хъæбæрхъус рихитæ æмæ æрфгуытæ цыбыр æлвыд. — Æви æндæр исты зæгъы дæ зæрдæ? Мæнмæ иу-цалдæр хуызы нуæзтытæ и, иууылдæр дыргъ æмæ гагадыргъæй. — Æз нуазгæ куынæ кæнын.— Мæ сæр банкъуыстон æмæ мæ цæстытæ стъолы астæу стыр сау тебæйыл æрхæцыдысты. Тебæ йедзаг уыд хтад хуыйыфыд æмæ картофы бурачъийæ. Æвæццæгæн æй æрæджы æрæвæрдæуыд—нырма йæ хъарм тæф фъшджы сæрмæ уыцы æнæзмæлгæ бадт. Диссаг — ныры онг æй куыд нæ федтон? — Фæлмæн у, фæлмæн, зонгæ дæр æй нæ бажæндзенæ. Фæ- лæуу, Сосе, æз дын схос кæндзынæн, фенон уал дæ, уый дын картофы мыггаг, гъе! — дзургæ-дзурын рауагъта агуывзæмæ сæн æмæ мæм æй æрбадардта, æмæ уыцы тæккæ уысм фæ- фæнд кодтон: аназон æй æмæ уæртæ уыцы физонæгæй ахæроя. Кæннод æй куынæ аназон, уæд куыд ахæрдзынæн физонæгæй?.. Хур арвы астæумæ фæцæйхæццæ кодта, уынгмæ куы рацыд- тæн, уæд. Диминтыр кæрты дуарыл мæ фæстæ рахызт. Уъш та мын хъæрæй загъта: — Картоф, зæгъ, дын ныууадздзынæн, фæлæу зæгъ, дыл кæд фæхæст уон, уæд, зæгъ... Фæндаджы суртæм хъавгæ стыр уынджырдæм атагъд код- тон. Ноджыдæр ма мын агуывзæйы ’рдæг баназын кодта Ди- минтыр. Хъæбæр нæ уыди, фæлæ-иу уæнгты уыцы хъарм уылæн ахаста, æмæ-иу кæрæдзиуыл фæхæцыдысты уæнгтæ. Хæринаг дæр хуыздæр æмбæлд зæрдæйыл — уыцы дзæбæх хæринаг! Ди- минтыр та-иу стыр хъæдын уидыг цъуппдзагæй фæдæлгом код- та мæ тæбæгъы картофтæ æмæ дзидзатæн сæ тæккæ бурачъи- тæй!.. Тигъыл уæлæмæ фæзылдтæн æмæ мæ цæстытыл нæ баууæн- дыдтæн. Лизæ!.. Æрцæуы. Йæ палтойы цæппæртæ—уæгъд, æмæ йæ сырх къабайы рæзтæ зынынц. Мæн куы федта, уæд йæ цыд фæхæццæ^ цыма æрлæууынмæ хъавыд, афтæ мæм фæ- каст. Стæй йæ палтойы цæппæртæ æвæрынмæ фæци. — Базон-базон, чи уæм и? — æвиппайды ме ’взагыл кæцæй абадт уыцы фарст — ницы йын базыдтон. — Лизæ æрлæууыд, бахудти. — Икко та нæм ма уæд! — Кæд ма исты зонын, уæд гъеуый Икко уыд. Лизæйæн йæ цæстытæ айтынг сты. 28
— Себæ, æмæ ды та Иккойы цæмæй зоныс? — Зонын æй. — Цæмæй йæ зоныс? — цыдæрхуызон сцыбæл и Лизæ.— Искуы йæ федтай? — Нæ. — Уæдæ йæ цæмæй зоныс? Себæ?.. — Дзиуы ныхæстæм гæсгæ... Лизæ мæм иуцасдæр æнæдзургæйæ фæкаст, стæй бабустæ кодта: — Дзерæ мын чиныг радта, цин кодтон — ныццæудзынæн æмæ кæсдзынæн. Уынгмæ куы рахызтыстæм, уæд иу... Уалæ скъолайы турникмæ куы æрбацæуы кæцæйдæр æмæ йыл куы фæзилы. Чиныг мын мæ къухæй айста. Æз уал, дам, æй бакæ- сон, фæнды, дам, дæ? Æз, дам, æй иу-дыууæ æхсæвмæ акæс- дзынæн. Æз, дам, цадынмæ чиныджы æрдæг бакæсын, уæдмæ,. дам, мæ хуыссæг не ’рцахсы. Æмæ, дам, кæсын байдайын, кæ- сын байдайын. Цы хуызæн... лæг у æви лæппу у, Себæ? Мæ цæстыты раз февза?рди Илар. Кæсын байдайы... Афтæ цард йæ сæры! — И, Себæ, лæг у æви лæппу? — Сæ иу дæр нæ æмæ се ннæ дæр. — Уæдæ? — Ницы,— æппындæр нæ хъуыды кодтон, цы дзырдтон, ууыл, афтæ хъьтг мын уыд Илар Дзерæтæм кæй бацыд, уый. Лизæ йæ æвæццæгæн бамбæрста. Иуцасдæр зæхмæ фæкаст, стæй йæ сæрыл схæцыд. — Нæ цæхæрадон, дам, æмбæрзæм æмæ, дам, нын фæстæг- тæ аразы. Йæ дæларм фæрæт æмæ дзæккор. Гыццыл дзæккор. Мæ цæстыты раз фестадысты, ибон Дзерæты раз цы тым- б-ыл фадинæгтæ федтон, уыдон — кæрæдзимæ ныццæхгæрмæты сты, æвæццæгæн, сæ машинæйæ чи раппæрста, уыдон сæ, куыд абадтысты, <афтæ ныууагътой. Афонмæ фады Илар. Иунæгæй фадæн нæй, хъуамæ йын мад æххуыс кæна, кæнæ Дзерæ йæхæ- дæг. Æмæ дын Дзерæйы цур мадьг йе ’мгæрæтты уадзы! Ды ацу, ды баулæф, ды бирæ фæкуыстай, ныр м.ах бар уадз куыс- тытæ. Ныртæккæ фадын райдайдзыстæм, фэдын райдайдзыс- тæм... Ам цæф-уым цæф ныхæстæ та кодта хæрзаг! Тагъддæр куы ацыдаин, уый мæ æрфæндыд, афтæмæй кæ- дæм ацæудзынæн, ууыл хъуыды дæр нæ акодтон. Лизæм,æ ба- касиæн — уæртæ лæууы, йæ сæр чысыл йе уæхскыл къул. Уæр- тæ йæ цæсты бынты æмæ йæ нарæг фындзы фæрсты уыцы сырхбын тæппытæ. Кæм хæстæгдæр сты кæрæдзимæ, кæм — дарддæр. Чи сæ стырдæр у, чи — гыццылдæр — стъалытæ куыд вæййынц, афтæ. Цымæ цал сты? Ныр сæ анымай, уæд куыд уаид? Кæддæра цал сты. Фæлæ мæ куы бафиппайа, æнæуи дæр æм æгæр .кæсын. Диссаг уыд — йемæ æгæр алæууын дæр мæ цæст нæ уарзта, æгæр аныхас кæнын дæр. Лæг истæуыл ауæрдгæ куыд фæкæны, афтæ... Лизæ ацыд. Æз ма уыцы ран цас фæлæууыдтæн, уый нæ 29
бахъуыды кодтон. Уынджы уæлæмæ цыдтæн, суртæм нал хъа- Быдтæн. Иу афон мæ цæстытæ æрхæцыдысты Иларыл. Лæууы æмæ мердæм йæ къух тилы. Æз дæр лæууын. Æз та цæмæн æрлæу- уыдтæн, цымæ? Намæ ауылты цæмæн рацыдтæн? — Хæрæджы былæй куыд æппарай æмæ йæ къæхтæ куыд ныццæва...— хъуысы мæм Илары хъæр. Уыцы фадинаг хъæдтæ хæдзарæн йæ ныхмæ уыдысты, уый сæ ацы фарсмæ ратылдта, æвæццæгæн, хуры хъарммæ куыд куса, афтæ. Æмæ уый хæйрæг уыдтæн! Æндæр мæм уыцы хъуыды, куыддæр мын Лизæ йæ кой скодта, уæд фæзынд — ауылты рацæуон æмæ йæм искуыцæй бакæсон, кæддæра куыд кусы, кæддæра кæимæ кусы. Ныр сæм комкммæ цыд фæдæн. Фсзмæлыдтæн мæ бынатæй. Цæугæ-цæуын сæм кæсын. Ила- р’ыл сыджытхуыз бæмбæджджын, æвæццæгæн æй æфсадæй æр- хаста, æдде йыл æфсæддон фæтæн рон баст. Иæ сæрыл дæр æфсæддон хъусджын худ. Дзерæ æмæ йæ мадыл — цыдæр хæ- дзарон бызгъуыртæ. Уæддæр Дзерæ иунæг кæй нæу! — Кæд ма исты зонын, уæд ай Бесæ дæ. Кæд ницуал зо- нын... — Æз Бесæ иæ дæн,— загътон æз. — Цы, дам, цы?! — йæ цæстытæ мьтл схъулæттæ кодта Илар æмæ æз джихæй аззадтæн: мæ ном мын тыхæй ивынмæ хъавы? — Мæнæ уал сылты ауадзæм, стæй... Цал ма сты — иу, дыууæ, æртæ, цыппар,— тагъд-тагъд анымадта фадинаг Л’ыггæг- ты Илар.— Цыппар ма сты, æмæ кæд хæрыны уæнгæл нæ ра- зынай, уæд сыл бахъæудзыстæм дыууæ сахаты. Æртæ дæр фæ- уæд. Уьтмæй фылдæр сыл, бæстæ куы фесæфа, сау сæфт, уæд- дæр нæ бахъæудзыст&м. — Кæд не ’вдæлы кæйдæр лæппуйы,— батыхсти Дзерæйы мад, æмæ мæм тæригъæдгæнæджы каст æрбакодта. — Нæ йæ æвдæлы, акæс-ма,— йæ цæстытæ та мæм æрба- зылдта Илар,— йæ куыстытæ мын кæны! Дзерæйы сырх уадултæ ноджы басырх сты. — Йæ уроктæ ахуыр кæнын дæр æй нæ хъæуы? — Йæ уроктæ-иу ахсæв сахуыр кæнæд. Ныры æхсæв куыдз бамбидзæн. Мах-иу кæд ахуыр кодтам нæ уроктæ, уый зоныс? Æхсæв. Бон-иу хорз фæкуыстам, стæй-иу куы баталынг, уæд-иу сбадтыстæм æмæ-иу ахуыр байдыдтам, ахуыр байдыдтам... Дзерæ ацыд, фæстæмæ ма мæм иу каст фæкодта, бахудт. Æ’з лæугæйæ баззадтæн. Чысыл фæстæдæр ацыди йæ мад дæр. — Ныр ды ардæм хъус. Æз-иу фæрæт æрæвæрдзынæн æмæ- иу æй ды æрцæв. Тыхджын нæ, фæлæ æгæр гыццыл дæр нæ, афтæ астæуккаг цæф. Бамбæрстай? Мæнæ дзы иу дæр фесхъис, ахæм мптæ дын бакæндзынæн æмæ мыстыхуынкъ туманæй агурдзынæ. Цыппар тымбылæй иу цыппæрваст куы акодтам, уæд мæ Илар афарста æнæнхъæлæджы: 30
— Уæдæ Бесæ нæ хуыйныс? Цыдæртæ куы дзырдтай æрдæбон. — Нæ хуыйнын Бесæ! — мæсты каст æм бакодтон æмæ, дзæккор фæрæты цæгатыл раст кæй не ’руад, уый нал ауыдтон. — Æз дын куыд загътон! — фæцъæхахст кодта Илар, йæ цæстытæ мæм ирдæй аззадысты.— Æз дын абондæргъы цы фæ- дзæхсын?! — фæрæт сыфтыдта, йæ фындз ын хъавгæ æрхаста æндæр ранмæ. — Цæв! Дзæбæх цæв, мæ арм мын ма райсын кæн дæхимæ. Бамбæрстай?! Иуцасдæр акуыстам æнæ сыбырттæй, стæй та мæ афарста: — Уæдæ Бесæ нæ хуыйны дæ ном? — Нæгъ! — фыдæнæн хъæрæй загътон æз. — Уæдæ?—ноджы хъæрдæрæй <мæ бафаста Илар. — Себæ. — Ацу, дæ хæдзар фехæлæд, уый дын. Уæдæ цы уæлдай.и Себæ æмæ Бесæйæ?! — Ис сæ уæлдай,— загътон та æз дæр. — Мæнæ басастæ — туг. ныууардзæн дæ хæдзарыл! — раст слæууыд Илар. Комкоммæ мæм ныккасти.— Гъеныр ай зæххæй къуыпп нæ дары, афтæмæй йæхи фæндтæ тæры, стæй бæстæма фесæфа! Де ’дде уæ уыцы хуылыдзæй ивæзт ардауы, æвæццæ- гæн, ома фидар лæуут, æндæра уæдæ мах цæуыннæ уыдыстæм афтæ хивæнд. Фæлæ уæ ардауы æмæ. Бауадз æй, кæд ма мæ къухты æрæфта, уæд ыл а лæппу мæ куыдэы бон акæнын кæн- дзæн. Æниу мæ уæддæр хъæстагæй нæ баззади. Ахæмтæ йыл дзы æруæгътытæ кодтон æмæ-иу загътон — йæ зæнгтæ йæ бы- ны фæцæвдзæн. Илар нал æнцад йæ дзурынæй æмæ æз тæрсын райдыдтон: æппындæр куы нал банцайа! Æмæ цы — фæрæтыл хæц æмæ дзур! Уæдæ ма дзæккорæй цæвид, кæддæра йын афтæ æнцон уаид дзурын! — Сæр, дам, ыл нæй. Уæд мын дæ бинонтæ амæлæнт, кæд- иу удæгас фрицы куы æрбафардæг кодтон, уæд-иу мемæ нæ уыдтæ! — Илар фæлæууыд йæ ныхасæй, йæ сæр батылдта.— Æцæг мын, лæг хъуамæ раст зæгъа, ордентæ мæ фаг нæ рад- той. Мæ фаг уый хонъш — цас мæм æмбæлд, уыйас. Се ’рдæг дæр мыр нæ радтой. Мæнмæ тынг бирæ æмбæлди ордентæ дæр æмæ майдантæ дæр. Мæнмæ— гъе-е, Бесæ... Дзуры æмæ дзуръь Йæ ныхасмæ хъусын мæ фæнды, нæ мæ фæнды — йæ кой дæр æм иæй. Æмæ амæй уæлдай куынæ ла^у- уа, уæд æм кæй бон бауыдзæн хъусын! Уæд та мæ дзæккор ап- парин æмæ алидзин? Æмæ мæ куы асура æмæ мæ куы æрцах- са. Æрцахсдзæн мæ, ницæй тыххæй мæ ауадздзæн. Суанг мæ нæхимæ дæр фæсурдзæн. — Æндæр æз лæджы фыртмæ бахæлæг кæнон — уый дзы нæй. Хъаруйæ дæр рацæуæд, зондæй дæр рацæуæд, кæд æй фæнды, уæд. Æрхъуыдымæ æз... Уæдæ ма иухатт æз куыд æр- хъуыды кодтон, афтæ æндæр исчи æрхъуыды кæнæд, кæддæра йæ тъанг нæ аскъуынид. з*
Æз æм хæрдмæ скастæн, афтæмæй йæ куы федтаин, уый мæ зеппындæр нæ фæндыд. — Нæ дæ уырны? — Цы æрхъуыды кодтай? — Æз немыцаг афицеры æрбакодтон удæгасæй. — Кæцæй йæ æрбакодтай? — æвæццæгæн ын йæ ныхасыл .дзæбæх нæ ахъуыды кодтон. — Кæцæй йæ хъуамæ æрбакодтаин!—фесхъиудта Илар. — Куыд æй æрбакодтай? — Куыд æй æрбакодтон. Æрбакодтон æй! Æз æй ницæмæйуал бафарстон. Йæхæдæг дæр исдуг фæ- лæууыд йæ ныхасæй. Мæхимидæг загътон: «Кæсгæ дæр æм нал бакæндзынæн, дзургæ дæр æм нал скæндзынæн æмæ кæд...» Йæ ныхас мæ уым æрæййæфта. — Æртæйæ ацыдыстæм, хъуамæ удæгас немыцаг æрбакод- таиккам. Уым æй æвзаг хонынц. Æвзаг æй цæмæн хонынц, уый зоныс? — Зонын. — Уæдæ хорз. Ацыдыстæм,— дзуры Илар, фæрæт ын раст æвæрд куы нæ фæвæййы, уæд йæ ныхас ферхæцæгау кæны, ца- лынмæ фæрæт бараст кæны, уæдмæ.— Лæсын байдыдтам, лæ- сын’ байдыдтам, æмæ иу стыр лæгуынмæ балæстьгстæм. Гыц- цыл аулæфæм, зæгъын, æрбадтыстæм къутæры бын. Иу-дæс ’ми- нуты кæнæ абадтаиккам, кæнæ нæ, афтæ дын уæртæ æрбафсæ- рынц æртæйæ гуыбыр-гуыбыр. Уыдон дæр мах хуызæн æвзаг ма агуырдтаиккой — нæ мæ уырны. Ныр махæн æхсыны дзырд нæй. Уый йеддæмæ нын æхсыны дзырд куы уыдаид, уæд цы хъуыди лæджы! Иу дзы фæхицæн кæн, иннæтыл автом.ат ас- къæр æмæ фæтымбылтæ уой. Фæлæ æхсыны бар нæ уыд æмæ... Ме ’мбæлттæм дзурын: — Кæрдтæ æрцæттæ кæнут. Дыууæйы дзы хъуамæ иу фев- нæлдæн æрæвæрæм. Иннæмæ мачи бавналæд. Чидæриддæр æм бавнала... Куыддæр нæ цурмæ æрбахæццæ сты, афтæ фæсæррæттытæ ластам æмæ дзы дыууæ хъыпп-сыпп нал сфæрæзта, фæлæ ныл а нæхион чи уыд — нæхион æй цæмæн хонын, уый зоныс, нæ?— уый автомат ауагъта. Æмæ ме ’мбæлттæк дыууæйæ дæр зæх- хыл сæ тъæпп фæцыд. Мæнæн мæ амонд куыд уыди, афтæмæй йæм хæстæг лæуд фæдæн æмæ мæм æхсынмæ нæ фæцарæхст. Æндæра мæ ныссыхырна кодтаид уыцы ран. Мæхи йыл ныздыхтон. Кæрæдзийы рахæсс-бахæсс байдьтд- там. — Æмæ йæ кардæй цæуыннæ цавтай?—йæ ныхас мæм хъа- рын байдыдта æмæ йæ зæрдиагæй бафарстон æз. — Фæлæуу-ма, дзурын мæ бауадз, уый дын кард æмæ хæ- рæджы дымæг! — фæхъæр мыл кодта Илар. Ныхас мæ дзыхæи нæма сирвæзт, афтæ æмæ йæм кæсгæйæ баззадтæн: кæд йæхи- цæн кæны йæ хабæрттæ, мæнæн нæ, фæлæ. — Кард дæм уыди æмæ... 32
— Уоу, кард дарæг мауал баззайа дæ хæдзарæй, куы ма мæ ныууадзай, уæд! — хæрдмæ фæхауд Илар,— фæрæт фади- пагæй фæиртæст, йæ ком зæххыл æрæнцад.— Уæдæ ма мæм цасй кард уыд, кæмдæр мчын ахауд уыцы рахæсс-бахæссы. Ныссабыр дæн. Фæрæтмæ кæсын. Тагъддæр æй куы æрæвæ- рид æмæ та йын дзæккорæй йæ цæгаг куы æркъуырин. — Хæцгæ-хæцын лæгуынæн йæ астæумæ бахæццæ стæм. Æмæ дын уым мæ зæрдыл куы ’рбалæууид— кæд мæ дзыппы нæ уыд гранат! Мæнæ сæ къаддæртæй, нæлгуисты мæхстæтты хуызæн куы вæййынц. «Исты амæлттæй йæ сисын хъæуы, — хъуыды кæнын.— Йæ цæг ын сцæйтондзынæн æмæ кæд фæтæр- са’, уæд мæ къухы ис, кæд нæ, уæд æй срæдувдзынæн, уадз æмæ фæхæсса нæ дыууæйы дæр». Иухатт та йæ куы æрбыр- стон, уæд цыдæр амæлттæй сластон гранат, фæлæ цалынмæ уый ластон, уæдмæ та ме ’ккой абадт. Йæ дыууæ къухæй мын мæ хурхмæ фæлæбурдта, æвæццæгæн мæ хурх кæнынмæ хъа- выд. Æз дæр гранаты цæг ацахстон, а ныр æй р’арæдувон, афтæ ныббогъ кодта фриц, йæхи фехста ме ’ккойæ. «А-гъа,— загътон мæхицæн,— ныр ам дæ!» Фæсæррæтт ластон æмæ йæ фæсте басырдтон. — Æмæ дæ автоматæй цæуылнæ æхста? — нал та йæм фæ- лæууыдтæн æз дæр. Уæдæ дæм уый хуызæн автомат уæд æмæ афтæ ралидз-балидз кæн. Илар мæм хылкъахæджы каст æрбакодта. — Цæй автоматæй?! — Цæй, автомат, цæ, йæхи автоматæй. — Гъеныр амæ зын лæууæн нæу?! Уæдæ уымæн йæ автомат уартæ кæд æмæ кæд ахауди. Уымæ автомат куы уыдаид, уæд мæм афтæ касти! — Гъомæ нæ загътай, куыд ын ахауд, уый æмæ. — Нæ загътон, гъо, уæд мын дæ бинонтæ амæлæд. — Кæд загътай? Илар мын мæ фæстаг ныхасмæ ницуал сдзырдта. Цæуыл- дæр ахъуыды кодта, цыма фырхъуыдыйæ гуыбырдæр фæци, афтæ мæм фæзынд. — Гъа, гъеныр мæ, кæй онг æй радзырдтон, уый ферох и. Мæ фæндæй æмæ дæуæн исты чи дзуры, уый дæр дæ хуызæн у. Уæдæ уыцы дзæбæх райдаиын дзурын æмæ та мæ хъæлæсы фæсæдзтл. — Мæнæ йæ фæсте кæм басырдтай, уый онг æй радзырд- тай. — Уый онг, нæ? Гъо! Хъусгæ кæн. Басырдтон дын æй, йæ разы алæууыдтæн æмæ цæгмæ фæлæбурдтон, цыма йæ рарæду- вынмæ хъавын, уый хуызæн. Уый та иыббогъ кодта, æмæ йæ къухтæ хæрдмæ сдардта. Æмæ йæ ракодтон. Суанг нæхиуæт- тæм афтæмæп фæцыдыстæм — уымæн йæ къухтæ хæрдмæ хъил, мæнæн гранат мæ къухты. Нæ къам дæр нын афтæмæй систой. Æртыккаг бон уыди газеты, ууыл дисæй чи нæ амарди, ахæм пал баззади не ’фсадæй. Загътон: дзæбæх орден дзы и. Фæлæ 3 Мах дуг № 7, 1991 33
лæгыл фæхæцæг куынæ уа... Майдан мын радтой. Мæнæ мьщ ам кæронæй куы вæййы,— фæрæтыхъæд феуæгъд кодта æмæ> йæ риумæ ацамыдта Илар.— Уæдæ ма иу дзæбæх фæхæцæг уыдаид лæгыл, кæддæра мын, амæй хуыздæр орден нал и, ахæм нæ радтаиккой... Дзæбæх цæв, куырм нæ дæ! — æвиппай- ды фæцъæхахст кодта Илар. Æз афтæ фесхъиудтон æмæ мæ хъуыры цыдæр фæцæйбадт. Æпæбары йæм бакастæн.— Уæдæ йын æз афтæ зæгъын, дзæбæх цæв, уый та... — Хъусыныл дæм фæдæи æмæ... — Æмæ ды хъусыныл фæдæ, мæгуыр ус та цы ’рсырдта?! Хъусыныл фæци! — йæ бустæй нал æнцад Илар. Æз æм ницуал сдзырдтон, фæрæты цæгатмæ та ныццарæз- тон мæ цæстытæ, фæлæ Илар уадайраг куыд райста, уый мын мæ хъуыды йæхимæ здæхта. Æмæ тарстæи, æвзæр цæф та мын куы рауайа, æмæ та куы ныхъхъæр кæиа Илар. Ай æцæг хъæ- батыр куы у, ацы Илар! Куыд æрбакодта уый хуызæн уæйыг немыцаджы! Мæнæ йын нæ куымдта, гранат фехæлдтаид, сæ- дыууæйы дæр куыд ныппискъуылтæ кодтаид, афтæ. Фæлæ кæд, мыййаг... Илармæ иу каст бакодтон. Кæд, мыййаг, йæхæдæг нæ уыд Илар... Кæд æй искуы фехъуыста хæсты æмæ йæ ам мæ~ нæн йæхицæй радзырдта? — Гъей, Бесæ, фæлæуу-ма, æрдæбон дæ ном цъг схуыдтай? — Себæ,— цыма йемæ сразы дæн, уый хуызæн æнæуæлдай ныхасæй загътон æз. — Гъомæ Себæ дæр фæуæд. Адон мæгуыр адæм сты, нæ сын лæг и, нæ æндæо. Ахæмтæн-иу нæ фыдæлтæ куыд кодтой> уый 301-гыс? Зиу-иу сын ракодтой æмæ-иу сын кусыи райдыд- той, кусын райдыдтой... Æз дæр сын уый тыххæй кусын, ды та, чи зоны, афтæ æнхъæл дæ. — Æз ницы дæн афтæ æнхъæл/ — Æз æй хорз зонын — цы ’нхъæл дæ, уый. Дæ хуызæттæ мæ дæс дæр нæ афæливдзысты. Кæс-ма амæ дæр! Цалынмæ цæст уыдта, уæдмæ мæ нæ ауагъта. Фæлæ уæд- дæр нæ фестæм. Илар хъуыр-хъуыр райдыдта. — Гъеныр искæй къухæй архайæгау куынæ архайдтаис, уæд нæ фæуыдаиккам?! Фæлæ афтæ стут. Æниу кæд барæй афтæтæ кодтай, уæддæр æй ацу æмæ ды базон. — Цытæ кæнгæ мæ федтай? — нал та йæм фæлæууыдтæн æз дæр. — Куыд цытæ кæнгæ! — сонт хъæр та фæкодта Илар.—Æз- иу фæрæт уартæ кæд æмæ кæд æрæвæрдтон, ды та-иу уæддæр оым-сым кодтай. Фæлтау дæм куынæ фæдзырдтаин. Сæхи сын куы н’ыууагътаин фæлтау. Сæхиимæ сæ раджы фæуыдаин, хур ма уыдаид, афтæ. Цы хæйрæджытæ дæ æрхастой мæ хъæлæс- мæ, цы?! Кæсгæйæ йæм баззадтæн: гъеныр ай лæг у?! Уæдæ абон- дæргъы мæ астæу не сраст кодтон æмæ ма йæм исчи акæсæд! — Гьсныр ай лæг у?! — куыд мæ сирвæзти уыцы ныхаг — ннцы йын базыдтон. Фæлæ, æвæццæгæн, æгæр смæсты дæн. 34
— Чи?! — иу хъихъ фæкодта Илар — иннæрдэем мæ ахыз- ти уыцы хъихъ.— Сисдзъшæн дæ, хуыйы уырджы хуызæн æмæ дæ зæххыл фæкæндзынæн, дæ гæндзæхтæ куыд бацæгъдай. — Гъеныр ай лæг у?! — ногæй дзурын та ма йæ цæмæн хъуыдп? Мæ былтæ ахус сты, тасын нал куымдтой. — Афтæ ма дзы фæлæуу,— йæ фæрæт аппæрста, йæ уæхс- чытыл схæцыд, æрбацæуы мæм. — Рацу, рацу, чи нæ рацæуа? — дзæккор хæрдмæ фæхас- тон. Раст уыцы рæстæджы Дзерæйы мдд хæдзары фисынæй ра- хызт. Æвæццæгæн, Илары хъæр фехъуыста æмæ уымæ рауад. Афтæмæй нæ куы ауыдта, уæд йæ къухтæ фæхъил кодта. — Кыс-кыс-кыс! Илар æм фæстæмæ фæкаст, йæ мидбынат æрзылд, æрлæу- уыд. — Алæ, гормон, алæ,— бабустæ кодта ус.— Уæдæ кæйдæр сывæллон лæппумæ дæ арм кæдæм исыс! Исчи афтæ кæны! Дзæккор аппæрстон æмæ цæхгæрмæ уынджы фæраст дæн, фæлæ дзы чысыл йеддæмæ нæ бауадтæн — ацы цъыф уынджы мæ къалостæ искуы баззайдзысты. Раздæхтæн æмæ мæ фæд- мæ фæд дæлæты ращлдтæн. Мæ развæндаг хорз нал æвзæр- стон, афтæмæй цыдтæн æмæ цыдтæн. Колхозы агъуыстæй куы бахызтæн, уæд мæ цæстытæ æрхæцыдысты дыууæ æндæргыл. Уыдон дæр хидырдæм цыдысты, фæлæ сын цыма ницы æнтысти æмæ сæм æз æввахсæй-æввахсдæр кодтон. Иу-цалдæр къахдзæ- фы ма мæ хъуыд æмæ сæ баййæфтаин. Уыцы рæстæджы сæ иу загъта мæстæлгъæдæй: — Уый хуыцауы ръшæй нæ амæлдзæн. Мæ ныхас ма дæ зæрд’ыл бадар, кæддæра афтæ нæ уаид. Иннæ та — уыцы ла- къампдзых! Гъæ уыцы æвзæрæй дæ цы радта, уый дын дæ тæ- ригъæд бахæра! Йæ сæрæй куыдз куы рахауа, уæд дзы зæхмæ ницуал æрхæццæ уыдзæн æмæ йæ къæбылайау йæ фæдыл ра- цу-бацу кæны! Куыддæр уыцы ныхæстæ æрыхъуыстон, афтæ мæ разы фев- зæрдысты Абхадз æмæ Тасол. Уыдон сты! Лакъамидзых Тасо- лы ма схуыдтаид, уый гæнæн нæй, чидæриддæр у, уæддæр. Хидмæ пæма бахæццæ сты, рудзынгæй цы рухс калд, уый сæр- ты фæцæйхызтысты — Баччери æмæ Дзæбе! Уый Баччери, уыд, Баччери, йæ хъæлæс мæм афтæ зонгæ уымæи фæкаст. Рухсæй куы бахызтысты, уæд æрлæууыдысты, фæлæ мæм сæ ныхасæй ницал хъуыст. Кæд барæй сабыр дзырдта Баччери? Дзæбе нн- цы дзырдтаид, æмæ цы хъуамæ дзырдтаид Дзæбе? Уынджы иннæ фарсмæ бахизон, рухс мæм куыд не ’ххæсса, афтæ æмæ — нæхимæ. Æнæуи дæр фесæфти бон — нæ иу урок сахуыр кодтон, нæ æнæуи исты бакастæн. Уыцы хъуыдытæ Куыд кодтон, афтæ та мæм æрбайхъуыст: — Цы хæпрæджытæ дæ бафтыдтой, уыдоныл, цы?! Де ’дде дæхпцæн сызгъæрины хуызæн æмбæлттæ куы и, уæд уыцы...— 35
Дарддæр мæм йæ ныхас нал фехъуыст, кæд ницуал загъта, уæддæр нæ зонын. : Уынджы иннæ фарсмæ бахызтæн, рухсы фале фæдæн, хи< дырдæм батагъд кодтон, сæ разæй куыд фæуыдаин, афтæ æмзе та мæм æрбайхъуыст Баччерийы ныхас— ацы хатт ноджы хъæрдæр æмæ мæстыгæрдæр: — Сæ амонд бахæрæд, мæ къухтæ баст сты æмæ цы зæ- гъон, гъа! Хидыхъусмæ ныххæццæ дæн, нæхирдæм куыд фæцæйзылд- тæн, афтæ та мæ хъустыл æрцыд: — Граф рухсы фæбадæд, кæнгæ æфсымæрæн дæр мын^уый уыд, æмæ мады зæнæгæн дæр. Куы райгуырдтæ...— мæ мидбы- нат лæугæйæ баззадтæн: тынг" мæ фæндыди, Дзæбе куы рай- гуырд, уæд цы уыди, уый базошын, фæлæ мæм ницуал æрбай- хъуыст. Сисрæбынты араст дæн уæлæмæ. Иу-цалдæр къахдзæ- фы куы акодтон, уæд Баччерийы пыхас мæ хъустыл азæлыд, цыма йæ ногæй загъта, уый хуызæн: «Сæ амонд бахæрæд, мæ къухтæ баст сты æмæ цы зæгъон, гъа!» Йæ къухтæ та куыд баст сты? Баччерийы къухтæ? Æрлæууыдтæн æмæ хъуыстон, уыцы ныхæстæ мæ хъусты куыд азæлыдысты, уымæ. Стæй уы- цы азæлд фæлæууыд, хъустæ афтидæй аззадысты æмæ зæрдæ ахъаззаджы гуыпп-гуыпп ныккодта. Мæ зæнгтæ куы фæтасой, уымæй фæтарстæн æмæ мæ фæсонтæ сисмæ бауагътон. Уыдон уыдысты! Уыдон бабадтысты Баччерийы раз — Абхадз, Илар æмæ Дзæбе! Уыдон уыдысты, уыдон уыцы æртæ æндæрджы! Уымæн афтæтæ дзуры Баччери! Уыцы хъуыды æххæст нæма ахызт ме уæнгты, афтæ мæ цы- дæр æнæбæрæг тых æрбалхъывта æмæ, гыццыл ма бахъæуа, мæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кæнои. 10. — Иу зондджыи лæг загъта: сывæллон у сыгъдæг фæйнæ- джы нывæн. Кæд уфш раст у, уæд хъуамæ уыцы фæйнæгыл алы дамгъæ дæр фыст цæуид кад æмæ радæй. Мах та бавдæлæм æмæ йæ фæйнæ-фæйнæ къухæй афтæ ныхъхъулон кæнæм æмæ йыл цы ныффыстам, уый нæхæдæг дæр нал фæхалæм. Дзиу йæ галиу къухæй гæххæттыл хæцы, йæ рахиз къух фестъæлфы, йæхиуыл уæлæмæ ахæцы æмæ уæлдæфы ауыгъдæй а.ззайы. Иæ сыиæг стъолмæ сарæзта. Æндæр стъол æй нæ бау- ромид,~æвæццæгæн, фæлæ уый цыма хиу фæци, уыйау йæ къæх- тæ фæйнæрдæм нъщцарæзта æмæ æнæзмæлгæ лæууы. Æз бирæ цыдæртæ не ’мбæрстон, Дзиу цы каст, уымæй, фæ- лæ зыдтон, Багратимæ йæ ууыл нæ ныууадздзыстæм, бирæ хæттыты ма йыл дзурдзыстæм æмæ æнцад бадтæн æмæ <ком- коммæ Дзиуы тьшбыл кæсæнцæстытæм кастæн. Хаттæй-хатт-иу сæм æнæвдæлон æвнæлд фæкодта æмæ-иу сæ йæ нарæггомау фындзы тæккæ рæбын авæрдта. — Ацы хъуыддаджы не скъола у бындуронæй рацарази- 36
наг — афтæ æмæ йæ каст чи фæуа, уыдон исты куыстмæ куыд арæхсой. Кæннод, цыма дæс азы нæ, фæлæ дæс боны дæр ни- куы ахуыр кодтой, уымæй уæлдай ницы куыст фæзонынц æмæ сæ, уæлдæр скъоламæ чи нæ бацæуы, уыдон уынджы къæйыл баззайынц.— Дзиу йæ къух уæлиау систа, йæ амонæн æнгуылдз ныттынг и, афтæмæй æмæ йæ æртхъирæнгæнæджы тылд бакод- та. Уыцы уысм мæ тæккæ раз фестади Саламбег Парсаданы фырт: бæрзонд, уæнгджын лæг. Йæ урс-урсид сæрыхил уыцы гуылфæнæй базмæлы, нæхи мпдæг сысты æм(æ адæймагмæ æврагъы хуызæн фæкæсы. — Адæм йæ удысконд> йæ зæрдæйыуаг æххæстæй æрмæсг йæ мадæлон æвзагыл равдисдзæн. Уымæ гæсгæ алы адæмæн дæр йе скъола хъуамæ уа йæ мадæлон æввагыл. Уый æрдзы фæтк амоны йæхæдæг афтæ. Æмæ йæхи æвзагыл ахуыр кæны- ны фадат кæмæн нæй, уый уацайраджы уавæры и. Æвзаг æр- мæст æвзаг нæу — æвзаг адæмæн йæ уд æмæ йæ цæст у. Æмæ йе ’взагыл чи нал дзура, йе ’взагыл чи пал ахуыр кæна, уыцы адæмæн нал дæр уд и, нал дæр цæст... Ирон куывд ирон фын- гыл ра,йгуырд æмæ æрмæст ирон фынгыл фидауы, ирон зарæг ирон зæрдæйы равзæрд æмæ æрмæст ирон дзыхы бады, ирон хъарæг ирон æвзаг скарста æмæ æндæр æвзагыл не сбаддзæн, цыфæнды хъæздыг æвзаг куы феста, уæддæр... Уæд, уыцы изæр, уыцы ныхæстæн ницы бамбæрстон. Сæ хъуыды мæм дард уыди, афтæ дард, æмæ йæм уæдæй нырмæ фæцыдтæн. Ныр дæр ма йæм цæуын. * Фæлæ-иу Дзиумæ кæс- гæйæ уымæн баззадтæн, æмæ мæм рæсугъд кастысты уыцы ны- хæстæ, тынг рæсугъд. Цыма сын базыртæ уыди æмæ мæ алы- варс пæр-пæр кодтой... Æмæ мыл дис бафтыди, афтæ мыл бафтыди дис æмæ ма дзæбæх сулæфон, уый мæ бон нал уыди. Уанцон нæу! Саламбег Парсаданы фырты риуæй сирвæзтысты уыцы ныхæстæ — сæ зыланг хъусты кæмæп нал сыоы, сæ хуыз цæстытыл кæмæн уайы!.. Æмæ-иу афтæ куы дзырдта æв- загахуырмæ, дам, мæ зæрдæ нæ лæвæрдтон, уый бæсты, дам, мæ хынцыны уроктыл бадын куы уагътаиккой, уæд, дам, мын дзы исты бантыстаид. Уæд Дзиуы нарæг хатæн дард уыди, æз уыцы ныхæстæ бамбарынхъом цæмæй суон, уымæ. Уæддæр мæ зæрдæйæ нал фæхицæн сты, мемæ сæ фæхастон, бæлццон лæг йæ уды æвди- сæндар куыд фæхæсса йемæ, афтæ. — Адæм кæуыл нал дзурой, уыцы æвзагæн æнæ фесæфгæ нæй, æдзæрæг чи баззайа, уыцы хæдзарæн æнæ ныккæлгæ куыд иæй, афтæ. Суадоп дæр ма куы бахуыскъ вæййы, куынæуал дзы фæнуазынц, уæд. Фæстаг ныхæстæм цыма мæ зæрдæ лæугæ фæкодта йæ ку- сынæй—мæ улæфт мæ хурхыуадындзты абадт. Дзиумæ скас- тæн — бæргæ чысыл куы фæлæууыдаид йæ кæсынæй, хæрз чы- сыл æмæ уал мæнæ ацы ныхæстыл куы ахъуыды кодтаин: цы- дæр æхсызгон мъш уыдысты æмæ сæ афтæ фæуагътаин, уый мæ нæ фæндыди, нæ фæндыд нæ — мæ уды бон пæ цыди. Фæ- 37
лæ Дзпу не ’рлæууыд. Дарддæр акасти, цыма æвæд миты алæ- гæрста, уыи хуызæн. Æз та уыцы иыхæсты цур аззадтæн, лæг йæ мæгуыр хæстæджыты цур куыд аззайа лæугæ, тæригъæд кæмæн кæиа, уыцы хæстæджыты цур... Хох’Ы ма куы цардыстæм, уæд мæ иу сæрдыгон бон лæгтæ доымæ ареыстой. Æз сын нæ сау дурын йæ тæккæ дзагæй схас- тон. Фæразгæ дæр æй дзæбæх* нæ кодтон — уайтагъд-иу мæ цонджы хæиъæфтæ бадон сты, æмæ та-иу дурын мæ зæнгтыл ме ’пнæ къухмæ æрбатулæгау кодтон. Лæгтæ хæдзары къулмæ бадтысты, дурьтн айстой æмæ дзы куыд дæле нуазгæ ссыды- сты. Иууылдæр куы банызтой, уæд, нæ тæккæ фисынмæ чи цард, уыдоны хъæбæрхъис лæг Хъараман йæ цæнгтæ раивæзта дурып-мæ. — Æри-ма,-гыццыл ма дзы аназои. Айхуызæн дон никуы и, никуы! Ардзи, мидæггагхъæуккаг хæрзхуыз коса лæг, Хъараманæй гыццыл дæлдæр бадти. Уыцы ныхасмæ базмæлыд. — Уогъ! Уас дзы Уастырджыйы кувинæгтæ фæчындæуæд, хорз дон у. Фæлæ æз уалæ Дисиджыны иу суадон зыдтон, иу— цымæ йæ сымахæй ничи зыдта? — æмæ, уæ дунескæнæг иунæг Хуыцау! анызтай дзы, уæд-иу кæд йæ хусысмаг не скалд, уæд мæ Хуыцау фесафæд! — Ардзи йе стыр саудзагъд æрмттæ кæ- рæдзиуыл æркъуырдта æмæ сæ йæ уæрджытыл æрæппæрста. Уыцы ныхæстæм, дæлæ дæлбыл æрдæгарæзт хæдзаръг чи цард, уыцы Бидзина йæ къубал сивæзта, йæ хæдоны æфцæг- готт дæлиау аззад. -- Де ’дде тæгæрты бынæй нæ цыди? Иæ былыл дыууæ урс дуры, сæ иу... — Фæлæуу-ма, Бидзина, дьг. Лæджы разæй ма-иу ма фæу. Цъысс!—дæлæмæ йæм радзырдта хистæртæй чидæр. Билзнна фæлæууыд, фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта. — Кæд, æзын ф!æци йæ ныхас. — Куыд фæци? Чердæм фæци? Ныхасæн афтæ фæуæнтæ и! Ардзи иу гыццыл-æнкъардæй абадти, стæй’ арф ныуулæфыд. — Цъыртт дзъ1 нал ратагъди, сау хуыскъ баци. Ахæм дис- саг никуы федтон. 'Лæгтæ исдуг фенкъард сты, стæй базмæлыдысты. — Гæр æмæ йæм цы рауад? — тынг хъæрæй бафарста Хъа- рамап. — Чи пы зоны Хуыцауы сфæлдыст хъуыддæгтæн Хуыцауæн йæхи йеддæмæ! — хъæрæй загъта, Ардзи дæр, стæй цыма сусæ- гæй исты зæгъынмæ’ хъавыд, уый хуызæы цæхгæр фæмынæг кодта йæ хъæлæс: — Мæ иу зæрдæ мæм афтæ дзуры, цыма йæм цæуæг кæй пал уыд, уый тыххæй йыл сæмбæлд ахæм æм- бисонд. — Цæуæг та йæм куыд нæуал уыди, ома? — Цæй цæуæг ма йæм уыди! Гъеуым ма дз.ы Доттоты фый- йæуттæ хыбыр-хыбыр кодтой иу-цалдæрæй, стæй уыдон дæр аивтой сæ дарæн чердæмдæр... 38
Дзиуæй цас фæиппæрд дæн, уый нæ бахъуыды кодтон, уæд- дæр мæхимидæг сдыууæрдæм дæн: иуæй ма мæ, нæ хъæуы лæгтæм ноджыдæр куы байхъуыстаин, уый фæндыд, иннæмæй Дзиу цы диссæгтæ каст! — Уæд туджы цы сырх буаргъæдтæ ис, уыдонæй урсытæ куьтд фæфылдæр уой æмæ сыл куыд стых уой, афтæ рауайдзæн пдæмы хабар дæр, æдзæсгом адæм фæфылдæр уьдаысты æмæ стых уъгдзысты инпæтыл. Уымæ гæсгæ цыфæнды æхсæндзардæн дæр йс стырдæр хæс у, цæмæй адæм цæсгомджын уой, ууыл ахуыр кæнын. Ууыл урок’ хъуамæ суаид æппæты ахъаззагдæр, æппæты ахсджиагдæр урак. Лæг цæсгомæй лæг у,— афтæ баззад ирæттæм. Тыхæй лат— нæ, кæд нæ фыдæлтæ тыхы дуджы цардысты, уæддæр, зондæй лæг дæр — иæ, кæд нæ фыдæлты парды зонд рæбинаг бынат ахста, уæддæр. Фæлæ — цæсгомæй лæг! Цы хъуамæ амынд цæуа уыцы урокты? Фыдæлты уæзæг. Фыдæлты цард. Фыдæлты туг. Фыцæлты хъæр куыд байхъуы- са рæзинаг фæлтæрмæ, афтæ йæм ницы байхъуысдзæн. Фыдæл- ты фæндæгтæ йæ куыд сразæнгард кæной размæ цæуынмæ, аф- тæ йæ ннцы сразæнгард кæидзæи. Фыдæлты пæсгом — уый йæ арвайдæн у, фыдæлты æфсарм — йæ цардархайды кодекс. Фæстаг ныхæсты хъуыдыйыл нал фæхæст дæн. Дæ къухы исты куыд уа æмæ дын æй исчи куыд айса æмæ афтидæй куыд аззайа дæ къух, афтæ афтидæй аззадтæп. Дзиу æй йæхæдæг æмбары, æвæпцæгæп, æмæ мæ мæтæй мæлы!.. Фæлæ йæ уæд æнæ кæсгæ иичи уагъта уыцы гæххæтт! Йæхæдæг иын куы загъта, мæнæ ма, дам, ам сбадут. Æз, дам, уын цыдæр бакæ- сон. Лæг цæсгомæй лæг у — уый мæ фыдыфыдæй дæр бирæ хæт- тыты фехъуыстон. Фæлæ, куыд у цæсгомæй лæг—ацу æмæ йæ ды бамбар. Росейы кой-иу кодта, нæ бафале базынæны дæл- вæндаг чи царди, уыцы фыдпъылыз лæджы кой, цæсгом, дам, ын пæй, хæдзармæ уадзипаг, дам, иæу. Фæлæ йып куыд пæ уы- ди цæсгом, уымæн-иу ницы бамбæрстон. Иухатт нæм иу уазæг уыд, хæстæг ныи чи уыд, ахæм, цæргæ та æндæр кæмдæр кодта. Æмæ сæм Росейы >кой æрæфтыд бабаимæ. Уалдзæг уыд, фыццаг уалдзæг. Уыдон хурварс хъæдтыл бадтысты, æз та дæлдæр къулы рæбын ныггуыбыр дæн æмæ æхситгæнæн арæзтон. Карды ’фистонæй хæрисы фæлмæн цъар фæлмæн æрцæв-æрцæв кодтон æмæ, цыма заргæ кодтон, уыйау мæ ныхас даргъ ивæзтон: «Ауай,- ауай, де ’мбæлттæ авд æфцæгæй ахызтысты... Ауай, ауай, де ’мбæлттæ авд æфцæгæй ахызтысты...» Нæ хъæуы иууылдæр афтæ кодтой: æхситгæнæн чи арæзта, уый — лæг уыдаид, лæппу уыдаид — уыцы пыхæстæ ма дзырд- таид, уый гæнæн нæй. Хæрисы цъар къоппæй куы фелвæст, æмæ мæ уыцы ныхæ- 39
сты сæр куы нал хъуыд, уæд мæм æрбайхъуыст бабайы дзу- рын: — Сис ракалд æмæ йын фос йæ хуым сæфтой. Ай нæм ныххатыд, фæкæсут, дам, мæм йæ ацамайынмæ, хорз сихор, дам, уын скæндзынæн. Ацыдыстæм, иу дæс-дыууадæсы бæрц баис- тæм. Райхæлдтам сис, амаргын байдыдтам, æмæ, дам, ныр æз сихоры кой бакæпон. Ацыди. Мах амайæм, уæдæ цы! Лæг иал зыны, загътам кусарт кæны ам, æвæццæгæн. Гыццыл ма нын аззади снсæй, уый дæр схæццæ. Йе ’ккой сæ дынджыр бур дзæкъул. Нæумæ йæ æрæргъæвта æмæ, дам, аба — сихор! Æр- бадтыстæм, æз уæлдæр, мæ дæле — Сикъо, уый дæле иннæтæ. Фынгмæ кæсæм — цæй кусарт æмæ цæй æндæр! Цыхтытæ, кæр- дзынтæ, скъудайы цæхджынтæ, арахъ иу дурын æмæ иу стыр авджы. Ныр а Сикъо чи у, мæнæ мæ дыккаг хæдзар, уый йæ иу цæстæй нæ уыны, фæлæ рахатынмæ æмæ бамбарынмæ йæ- хицæй мачи раппæлæд. Фынгмæ æркæсы, йæ сæр иуырдæм æр- къул кæны, иннæрдæм æй æркъул кæны. Æрæджиау афтæ куы бакæнид: — Кæд ма исты зонын, уæд дæлæ уыцы кæрдз-ын мах кæр- дзынты хуызæн у. А Росе иу æнæуд худт бакодта. Дзуры йæм: — Æмæ дæ усæн æндæрхуызон къухтæ и, Сикъо? — Афтæ исты амынд мæ куы уаид, æмæ мæ усæн дæр æн- дæрхуызон къухтæ куыд и æмæ сымахты устытæн дæр,— æн- дæр ма йæм цы сдзырдтаид уый дæр. Бахордтам, банызтам, сис фестæм амад. Изæры мæ нæхион фæрсы: — Нæ хуым æмбæрзт куы уыди, ацы лæг, уæд ма дзы цы ’мбæрзтай? Цæй хуым у, зæгъын, цæ? Росе, дам, афтæ куы загъта, хуымтæ æмбæрзæм... — Кæд загъта? Абон, дам, пæм æрцыди дзæкъулимæ æмæ, дам... Ай бамидæг и, ацы кæрдзынхъус, æмæ цал уыдыстæм, уал хæдзары балæууыд, афтæ æмæ, дам, афтæ хуымтæ æмбæрзæм æмæ, дам, алчи йæ лæгæн — сихор. Кæрдзынтæ дæр æмбырд æркодта, цыхтытæ дæр, арахъ дæр. Æрмæст скъудатæ раха- ста сæхицæй. Йæхæдæг хъуыддаг хъазыны ’рдæм ма аздаха! Худын, дам, уæ кодтон. Гæр æмæ, хоры азар дæ фæдыл бафта, æндæр цæуыл фæхудтаиккам, уый нал уыд? Науæд нæ æнæ худгæ ничи уагъта? Уазæг уæды онг æдзæмæй бадти, уым базмæлыд. — Æмæ кæд æцæг хъазгæ .кодта, вæййы ахæм хъазаг лæгтæ. — Хъази-хъазт фæкæнæд, гъеуый йып, гъе! Де ’дде кæрдзын- хъус у æмæ фæдсафæнтæ кодта, æндæр хъазыны мæтæй мард,— хъæрæй загъта баба æмæ йæм æз кæсыныл фæдæн. Уый йæ уæнтыл уæлæмæ схæцыд, стæй уазæджы ’рдæм акъул æмæ та хъæрæй загъта: — Уæдæмæ цæрынмæ дæ гæрзтæ раба- 40
стай, уæд дæ цæсгом хиз. Уымæй ахсджиагдæр куыст нæй лæ- гæн ацы дунейыл. Мæнæ дьш гыццылдæр фæчъизи, ^уый æн- хъæл ма у æмæ ма йæ ссыгъдæг кæнай. Цæсгом дын йед нæу, нае! Дзиу гæххæтт стъолыл æрæвæрдта æмæ гуыбыр-гуьгбыр пецмæ бауад, аджы сæр фелвæста. — Куыд нæ федтон картоффыцджытæ, фæлæ дзы мæхицæн æмбал...— Уым фæлæууыд, тæвд агыл цыдæр хæцъил æрбатыхта, фæсдуар цы цугун уыд, уырдæм ын йæ дон ауагъта, стæй йæ стъолыл авæрдта æмæ йып йæ сæр фелвæста. Картæфты тæф цармæ ныццавта. Лæууыдыстæм тæвд аджы уæлхъус. Агæй картоф фелвас, дæ иу къухæй йæ иннæмæ райс-байс кæы, а }зтæмæй йын йæ цъар астигъ, цæхх .ыл æрызæр æмæ йæ уыцы урс-урсид лæху- рæгæй дæ дзыхмæ схæсс... Æз æфсæрмы «одтон, Дзиу æмæ Баграты хуызæн тагъд не ’внæлдтон, фæлæ цыма не ’фсæрмы кæнын, мæхи афтæ да- рын—астигъын картоф, цæхх ыл æрызæрын... Багратæн йæ ныхыл лыстæг цæппузыртæ сбадт æмæ сыл йæ сæрыхъуынты кæрæттæ æрфæлдæхстысты. Уыцы адджъшæн хæры. Картоф бирæ уар’зы. Уалæр ма цыппæрдигъоп лыгтæ куЫ уаиккой æмæ афтæмæй дзулфъщæны куы сфыхтаиккой. Фæдæ Дзиуæн пец нæй, дзулфыцæн кæмæн и, ахæм пец. Дæлæ йый уыцы электрон пец и. Дзиу дæр æууилы, змæлынц йæ фидар æфсæртæ, уæзбын, иугæндзон змæлд. Афтæ зыны: дур куы фæуид се ’хсæн, уæд- дæр æм нæ фæкæсиккой, æрæууиликкой йæ, уæртæ картоф куыд æрæууилынц, афтæ. Агмæ ныккаст, йæ къух дзы фæцав- та. Иу картоф мæ разы авæрдта, иу Баграты раз, иу — йæхи. Агыл схæцыд, фæкъул æй кодта. — Зæххыл фæзылдтæ — мæ хуызæн раст лæг кæд ссарай иу, фæлæ дын уый дæр афтæ раст разына... Баграт, цыма, Дзиу уыцы ныхас кæд зæгъдзæн, уымæ æи- хъаммæ каст — хæргæ-хæрын бафарста: — Ды Г;ын æм ницы бафтыдтай? Дзиу йæ сæр батылдта, стæй загъта: — Æфтаугæ — ницы. Æнæуи дзырдтыл бахæстытæ кодтон, мæцъпсæй къæйтыл куыд бахæстытæ кæнай, æмæ сæ бынæтты куыд абадой. — Кæдæм æй æрвиты? — ногæй та бафарста Баграт. -- Арвыста йæ. Афонмæ сæм ныххæццæ. Фæлæ исты рауа- дзой... Бгграт цыдæрхуызон фенкъард и. Р1æ цæстытæ радыгай баз- мæлыдысты, цыма кæрæдзийæн исты дзырдтой, стæй йæ дзып- пæп хуыздзыд къухсæрфæн систа, нæ пыхы хид асæрфта. -- Цæуыинæ йæ хъуамæ рауадзой? — Фæрсып æнцон у, дзуанп дæттын — зыи,—Дзиу йæ цæнг- тæ фæйпæрдæм айтынг кодта, сæ рæбынтыл сæ æрзылдта.— Уæчæмæ цомут Цъаламæ. Ранæй-рæтты фегæмттæ, фæсаутæ, 41
кæрдæджы тæф кæны. Цъæх обаумæ ссæудзыстæм, йæ сæрыл слæуд^ыстæм æртæ бæгъатырау æмæ фæйнæрдæм фæлгæсдзьь стæм, ьуыд нæ фæнда, афтæ. Цыдыстæм кæрæдзийы фæстæ: разæй — Дзиу, фæсте —æз: Баграт—йæ къухтæ йæ цинелы дзыппыты — цыди иу-цалдæр къахдзæфы раздæр. Æдде бакæсгæйæ афтæ зынди, цыма йæ нæ фæндыди, афтæмæй цыди. Былмæ куы ныххæЦцæ стæм, уæд æрлæууыдыстæм. Хуссар дзæбæх фæсаутæ, æмæ цыдæр ныфс уагътл гæрдæны, Цыма стырдæр фæци, стырдæр æмæ ахъаззаг- дæр... Афтæ фæлæууыдыстæм иу-дзæвгар æмæ та кæрæдзийы фæ- дьы араст стæм дæлæмæ цъаламæ. Фæзмæ ныххызтыстæм æмæ рæбынты ацыдыстæм обауы ’рдæм. Уый диссаджы обау уыди! ’Суадæттьг дон ыд йæхи æрбабæттæгау кодта роны хуызæн æмæ доны хъармæй нъæх-цъæхид дардта сæрдæй-зымæгæй. Йæ рæ- быны æрлæууыдыстæм, стæй йыл дзуармæ цæуæгау сындæггай Ссыдыстæм уæлæмæ. Обауы сæрмæ æххæст нæма схæццæ сгæм, афтæ мæ цæстытæ æрхæцыдысты Саламбегыл: дæле, лæпкау кæм ахаста, мах-иу сæрды тæвды йæ аууон кæмæи нымбырд стæм, уыцы гуыбыр фæрвы бын æнахуыр схъæлæй лæууыд, цыма æдзæм баци, уый хуызæн. Йæ ргзе та — йæ зон- гуытыл лæууыд стыр цъæх худ æмæ цъæх æфцæгготджъш лæг. Лæууыд æмæ йæ цæнгтæ размæ ивæзта. Афтæ зынд: йæ бон сыстын нал у æмæ йæ уд хъары, исчи йыл куы схæцид, уымæ... Исдуг ахъуыды кодтон: фын у. Уымæн æмæ уæд, уыцы бон- ты, царды цы уыдтон, уыдон ницы уыдысты, фыны цы уьгдтон, уыцы диссæгты цур. Лæг базмæлыд, цыма сыетынмæ хъавыд, уый хуызæн, .æмæ йып йæ худ æмæ йе ’фцæгготмæ кæсгæйæ баззадтæн. Цыдæр æхсызгон мын уыди уыцы худ æмæ æфцæгготмæ кæсын. — Æз дæр адæймаджы цармы тыхт дæи, Салам, Къамбецы цармы тыхт нæ дæн — хъарм дæр мæм хъары æмæ уазал дæр! — æнæнхъæлæджъ! ныууынæргъыдта. Мæ хъусты иннæр- дæм агæпп кодта йæ фидар бæзджынбадт хъæлæс æмæ мæ цьт- ма йæ уылæи аппæрста, уыйау фæстæмæ алæууыдтæн. Дзну лæугæйæ баззад оба.уы цъуппыл, йæ цæстытæ-иу сыл куы иуырдæм сзылдта, куы ипнæрдæм æнæууæнкгæнæджы хуы- зæн. Афтæ а^æууыд иуцасдæр, стæй Бзграты цонгаæ бавнæлд- та æмæ йыл фæстæмæ рахæцыд. Иæхæдæг дæр иу-цалдæр къ*:хдзæфы а^одта фæстæмæ. — Уый та уын Икко! — загъта Дзну, лæгтæ нæм куы нал зындысты, уæд. — Уо-гъо — Икко! — цыма мын тынг æхсызгон уыд. уыцы лæг Икко кæй разынд, уый хуызæи батагъд кодтон æз. Мæ ны- хачс дæр æгæр хъæрæй сирвæзт æмæ ма мæ сæр мæ уæхсчыты фæтъыстон. " Багрпт мæм комкоммæ æрбакаст. — Ды та иæ цæмæй зоныс? Зоныи æй,— цыбырæй загътон æз. Багратмæ ма исты 42
сд3урын хъуыд, уый æмбæрстон, фæлæ цы? Хи^ыхъус куыд федтон Иккойы, йæ фæстæ куыд ацыдтæн, уыдæттæ дзурыныл ын куыд схæцыдаин? Уæдмæ Баграт Дзиумæ аздæхт. — Цы ми кодтой, цы? — Цы ми кодтой, куы зæгъай, уæд...— Дзиу æрлæууыдг цæуылдæр ахъуыды кодта.— Иккойы рагæй нал федтон, уартæ^ йæ куы фенин, уый мæ куы æрфæидыди, уæдæй,— цыма йæхи- цæн дзырдта, уыйау æрæджиау йæ иыхасыл бафтыдта Дзиу. — Æмæ цы ми кодтой, цы? — ногæй та бафарста Баграт. — Нæ сæ федтай? Сæ иу йæ къæхтыл лæууыд, иипæ — йæ зонгуытыл. — Гъомæ цæмæн лæууыд йæ зонгуытыл? — Йæ цæсгом сыгъдæг кодта, гукк! — Куыд сыгъдæг кодта йæ цæсгом? Дзиу фæстæмæ ахæцыд нæ дыууæйыл дæр. — Икко слæг и, уый уын нæ загътон? * ^ — Куыд слæг и? — Сулæфын мæ бауадз! — фесхъиудта Дзиу, кæд хъазгæ кодта, уæддæр ыл нæ фæзынд.— Куыд слæг и! Куыд куы, ба- мидæг и æмæ йæ зæрдæмæ ныхъхъуыста, æмæ дын æм иу хуы- цауысконд бон куы сдзурид йæ зæрдæ: дæхиуыл æрхуд, уæлæ лæг, цæсгом ссыгъдæг кæпынæн уымæй хуыздæр хос нæй. Æмæ æрхудти йæхиуыл. — Куыд æрхудти? Æз Дзиумæ бакастæн — ма та фесхъиуæд. Фæлæ уый цыма хъусгæ дæр нæ фæкодта Баграты фарст, уыйау дзырдта дард- дæр: — Райкомы пленумы раныхас кодта, ахæм ныхас дзы ра- кодта æмæ ньтрма иу пленумы дæр ахæм ныхас ничи ракодта. Плспумты алчи йæхи фæраст кæны, ай та дзы зылын кодта йæхи — нæ батыхстæн, нæ бацархайдтон, нæ сарæзтон. Ныр, дам, нæ хъустыл не ’ууæндæм,— райкомы чи кусы, ахæм мын кодтз х?бæрттæ, мæ зонгæ. Кæрæдзимæ, дам, бакæс-бакæс кæ- <пæм: уъазгæ кæпа — æмæ чердыгои хъазт у уый! Искуы, дам, фсдтат хъомыладон куыстæн йæ ном дæр кæм нал зонынц, ахæм скъола? Нæ фсдтат. Æз, дам, уын равдисдзынæн ахæм скъола. Æз, дам, уын равдисдзынæн æнæкъласон куыст æппын- дæр кæм пæн, æрмæст ма уыцы æнæбары хæдмæл уроктыл йæ зæрдæ æпæбары тæпп-тæпп кæмæн кæны, ахæм скъола. Уый, дам, у мах скъота, алът æмбырдты йæ хорз хъуыддæгтæй кæ- мæь феппæлут, йæ директоры ном цæвиттонæн кæмæн радавут, уыцы скъола... /Емæ ма се ’ппæт кæй зæрдыл лæууынц! Куы нал дзы фæ- рсг ’той, уæд къамис сарæзюй æмæ сæм æй арвыстой. Йæ карз æфхæрд йæхирдыгæй куы фæци, уæд курдиат балæвæрдта æмæ дчр^кторы куыстæй дæр суадзын кодта йæхи. Мæнæн мæ цæстыты раз баззади, фæрвы бын æй куыд ауыдтоп, афтæ — йæ уæрджытыл лæууы, йе стыр цъæх худ 43
иуырдæм къул æмæ йыл нæ фидыдта æгтындæр: дæ уæрджы- тыл лæууай æмæ дæ> худ та къул ныккæнай. Йæ къухтæ цыма мæнмæ дардта, уыйау мæ уæнгтæ уыцы æлхъывдæй баззады- сты. -- Æмæ ма уæд йæ зонгуытыл цæмæн лæууыди? — Мæ фарстæй куыддæр фæкъæмдзæстыг дæн, фыццаг Багратмæ ба- кастæн, стæй —Дзиумæ. — Æвæццæгæн, хатыр куырдта Саламбегæй. — Дæй тыххæй дзы куырдта хатыр? — Куыд цæй тыххæй? Ардæм куыд æрæфтыд Саламбег, уый уын нæ дзырдтон. Фæлыгъд. Уыцы раныхасы фæстæ ма йын уым .кусæн уыди! Иккойы ныхмæ радзур! Йæ хæдзар уæй- йаг фæци. Стæй, боны. фæстагмæ, Саламбег раст кæй уыд, Ик- ко та раст кæй нæ уыд, уый тыххæй не ’мбæлы хатыр раку- рын? — Æмæ йæ йæ зонгуытыл лæууын кодта Саламбег? Зæххы ма сур дæр куы уыдаид! — Гъæй, дæ бонæй уай, Себæ? Лæг зæрдиагæй куы кура хатыр, уæд ма дын уыдæттæм кæсы! Йæ уæрджытæ счъизи уы« дзысты, йæ уæрджытæ не счъизи уыдзысты! Æрмæст ма йæ цæсгом ссыгъдæг уæд, æндæр... 11/ Зæрдæ ’ддæмæ ’хсайы — æдде уалдзæг. Бæлæстæ тарбын цъæх адардтой, сæ аууæттæ дзæбæх фæудджын сты. Ахуыргæнæг рудзынгæй æддæмæ кæсы. Фæстаг рæстæджы фендæрхуызон, фæлæ абон бынтон нал у йæхи хуызæн. Иæ былтæ æнахуыр цъупп, æмæ суцца лæджы хуызæн зыны. Иæ цæстыты цыдæр сагъæс бабадт æмæ дзъг цымæ æмбæхсынмæ хъавы, уыйау уæлтъыфæлттæ—æрдæгæхгæд. Худгæ дæр афтæ арæх нал кæны. Куы бахуды, уæддæр цы- быр, знæт худт. Цæугæдонау-иу уылæнтæ чи ахаста, уыцы па- рахат худтæн йæ кой дæр нал й. Фыццаг хатт æй уæд федтон сагъæсхуызæй, сæ цæхæрадоны дæлбыл талатæ куы сагътам, уæд. Изæрырдæм нæм Дзиу ныц- цыди. Нæ куыстæй пын æппæлдтытæ кодта, цыдæртæ нын адзырдта — æцæг уымæн дæр иннæ хæттыты ад не скодтой йæ хъазæп ныхæстæ. Уый фæстæ иуварс алæууыдысты, Дзиу цы- дæртæ дзырдта, уый æнкъардæй лæууыди. Цæстытæ фæхицæн кæнын нæ комычц рудзынгæй, уæддæр сæ ратонын æмæ сæ фæйпæгмæ фæцаразыч. Фæйнæджы раз — нæ ног чызг. Ныр ыл иу мæй цæудзæн, уæд нæм æй æрбакодта нæ кълас- гæс, мæпæ, дам, уын ног æмбал. Нæхи чызджытæй стырдæр æмæ арæзтдæр. Йæ дзыккутæ дыууæ быдæй йæ фæсонтыл æр- даргъ сты. Ацафон ма пæм кæцæй æрцыд, фæлварæнтæм бирæ куы нал баззад, уæд! Стæй нæм хъус-хъусы æрхæццæ — дпрек- торы хæстæг, дам у, цæргæ дæр, дам, уыдонмæ кæны. Æмæ 44
,Ь1Й ДæР Х0Р3' Фæлæ цæугæ цæмæн æркодта? Ныронг кæм ^. уьтр кодта, уыцы скъола цæмæн ныууагъта? а Иннав урокты махæй ницы уый бæрц хицæн кодта: йæ къух \га?р-пу сдардта, дзургæ дæр-иу ракодта, кæд-иу йæ дзурынæй гфæЦæйлæууыд, уæд-иу æм ахуыргæнджытæ фæцырд сты æмæ- ,'у æй æрлæууын нæ бауагътой. Фæлæ ацы хынцыны урокты уый цы хъизæмар æвзæрста! Фæйнæгмæ-иу куы рацыд, уæд-иу ла1 дыууэе уадулыл фæйнæ сырх тæлмы абадт, стæй-иу цæсты- фæныкъуылдмæ уьщы тæлмытæ æгас цæсгомыл анхъæвзтой. 1!æ цæстытæ-иу хус æрттывд кодтой, афтæмæй-иу куы фæйнæг- IV*а? фæкаст, куы ахуыргæнæгмæ. Æвæццæгæн иннæ чызджы- гæй стырдæр æмæ «арæзтдæр кæй уыд, уый дæр æфтыди хын- цлнæгтæ аразын кæй нæ зыдта, ууыл æмæ уымæн афтæ тыхсти. Чызг-иу цыдæртæ афыста æмæ та-иу сæ асæрфта — фысгæ лæр тагъд-тагъд сæрфгæ дæр. Уæдæ цы бакæна! Тæрсы — цы афыссы, уый ахуыргæнæг куы фена æмæ сæ асæрфы, фæлæ ни- пы фыссы, уый куы фена ахуыргæнæг, уымæй дæр афтæ тæрсы æмæ сдыууæрдæм вæйй’Ы... Мæнæн æм мæ бон кæсын нал у, мæхи бандонмæ нылхъыв- тон, нындзыг дæн. Баграт дæр тыхсы — кæсгæ йæм нæ кæнын, фæлæ йæ йæ улæфтæй хатын—цыма æрхæцгæ фæкæны, уыйау фæлæууы, стæй сонт улæфт окæны. Иу афон йæ уæхсчы сæрты фæстæмæ ракаст ахуыргæнæг. Чызг йе змæлыныл уыд— афыста æмæ та-иу æй асæрфта. Охх, куыд нæ фидыдтой уыцы дзыккуджын чызгыл уыщы митæ! Æмæ та рудзынгмæ аздæхта йе ’ргом. Фæлæ уайтагъд фæстæ- мæ фæзылд. — Кæцы хъæуккаг дæ, загътай? — цыма й-ыл раст куы нæ зæгъа, уымæй тарсти, уыйау æм æдзынæг бакаст. — Æрыдоны хутыры цæрæм,— йæ къæхты бынмæ ныккасти чызг. — Æмæ Æрыдонæн йæхимидæг цæуылнæ цæрут? — йæ цæс- гомы ну&рттæ фæтынг сты Саламбег Парсаданы фыртæн. Æз æй куыд бамбæрстон, афтæмæй йæ зæрды бахудын уыд, фæлæ не сфæрæзта худын æмæ ма уæд йæ иыхасмæ бафтыдта: — Сбад уæдæ, кæд Æрыдоны хутыры цæрут, уæд. Чызг йæ бынатмæ ацыд. Ахуыргæнæг ныл йæ цæст æрха- стл—/кæйдæр нæ фæйиæгмæ кæидзæн. Æз нæ тæрсын, акæнæд А*æ, афтæ сараздзынæн уыцы хынцинаг æмæ хуыздæр нæ хъæуы. Майрæммæ акастæп — уый, æвæццæгæн, тæрсы. Уæд ныссабыр вæййы. Хынцпнæгтæ аразынмæ уый дæр нæ ног чыз- гæй бнрæ рæвдздæр нæу. Фæлæ сып сæ дзуринæгтæ афтæ хорз Ралзур’ЬЙ, афтæ æмæ йæм хъусыпыл фæвæйпæм ахуыргæнæгæй Дæр æмæ æндæрæй дæр. Нæй, никæй нæ акодта фæйнæгмæ æмæ ныссабыр кълас. Мæ цæстытыл схæцыдтæн — лæууы ахуыргæнæг, [ю ’ргом ма\Мæ здæхт, йæ цæсгом рудзынгмæ арæзт. Стæй ауыдтон И 1гры — ахуыргæнæгæй куыд фæхнпæн сты мæ цæстытæ, ни- цы нын базыдтон. Турникы бын æрлæууыд, йæ пинджак рала- 45
ста, сгæпп кодта турншшæ. Йæ алы фезмæлд дæр — нывыл йæ алът хъеллау дæр — зонгæ. Иу афон бандоныл куыд æрба’ дай, афтæ абадти турникыл. Æвæццæгæн аулæфынмæ хъавыд æмæ, ома æз улæфгæ дæр ам кæнын, уæдæ зæхмæ куыд нæ; хиздз’ынæн улæфыны тыххæй! Бæлæсты бынты, турникы ’рдæм æрбацæйцыд Дзиу. Æмæ мæ хъуыдытæ феуæгъд сты, лæгæн йæ улæфæнтæ куыд фе^ уæгъд уой, афтæ: цæуыннæ ссыдыстæдо афонмæ дæр Баграти- мæ æмæ йæ цæуыннæ бафарстам, Саламбег цы кæн-ы, уымæй? Цы йын загъта, ибоп цæхæрадоны дæлбыл иуварс куы алæууы- дысты, уæд! Æмæ нын куы ницы схъæр кæна? Æмæ нын цæй тыххæй хъуамæ ма схъæр кæна?! Уæдмæ бахæццæ, турник ,цы бæлæстыл уыд, уыдонмæ. Дзиу Илармæ скæстытæ кодта, шыдæр æм сдзырдта, æвæццæгæн, афтæ: — Байраи, нæхион. У’ый дæр æм цыдæр æрдзырдта, æвæццæгæн ын салам рад- та, фæлæ цы ныхæстæ загъта, уыдон ссарын мæ бон нæ баци. Уый фæстæ — уыцы бон нæ, фæстæдæр, бирæ февзæрстон Дзиу æмæ Илар кæрæдзимæ кæй хъуамæ дзырдтаиккой, уыцы ныхæстæ æмæ мын дзы цыма бирæтæ сбадт сæ бынæтты, афтæ мæм зынд. Уæлдайдæр Дзиуы ныхæстæй. Дзиу æм афтæ сдзырдтаид хæрдмæ: . / — Цы бадыс уым, «арк йе ’фтауæн хъæдыл куыд бада, уый хуьгзæн? Илар бахъуыр-хъуыр кодтайд: — Дæуыл та дзы цы цæуы, кæм бадын, уымæй? — Куыд нæ мыл дзы цæуы, дæ хæдзары мыггагыл, уыцы турникы хæррæгъ дæу йеддæмæ никæйуал хъæуы! Кæд ма йыл искæй дæр иу-дыууæ зылды кæнын фæнды, уæд та? — Æмæ дæ кæд зилъш фæнды, уæд дæ чи нæ .уадзы! Дæ хъуыры дæр аирвæзæд.— Илар æргæпп кодта — сæрæн лæджы гæпп. Дзиу йæ кæсæнцæстытæ рафтыдта, йæ пинджаччы дзыппы сæ нывæрдта, стæй раласта йæ пинджак æмæ йæ æрцауыгъта бæласы зæнгыл. Турничы бын æрлæууыд, цыдæрхуызон хæ- бæцц лæуд. — Уæдæ кæсгæ, кæн, кæддæра ды размæ цы ’рзылдтæ, уый æз фæстæмæ не ’рзилин. Илар æм фæзылд, æвæццæгæн æм исты схуыст ныхæстæ скæнын уыд йæ зæрды, фæлæ уæдмæ Дзиу турникыл ацауын- дзæг, йе ’рмттæ æддæмæ нæ, Иларæн куыд вæййынц, афтæ, фæлæ мидæмæ, йæхирдæм. Ахъеллау кодта размæ, фæстæмæ æмæ турничы сæрмæ фæцæхгæр. Уым чысыл афæстиат, цыма истæуыл фæхæцыд, уый хуызæн æмæ.райдыдта зилын. Уæ, бындар фæуай, Дзиу! Афтæтæ зонай турникыл æмæ афонмæ макуы схизай æмæ макуы ныззилай! Уæдæ йæм Илар алыбоь куы цæуы. Йæхи-иу турничы сæрты куы фæцæйхаста, уæд-иу цыма йæ 46
къухгае феуæгъд кæнынмæ хъавыд, уыйау-иу сæ куыддæр фес- ^уыста сæхимидæг æмæ та-иу уыцы дзæбæх æнæкъуылымлыйæ язылди. Мæ фырдисæй мæ, цал зылды æркодта, уый айымайын двор ферох и. Уæдмæ æргæпп кодта æмæ уайтагъд йæ кæсæн яаогьпæ кæныныл фæци. Илармæ бакаст. — Гъы, исты арæхсын, нæхион? — Ныр дæхицæй цы ’ппæлыс! Уа^дæ ма мыл мæнæ ацы фчутæ ма уапккой,—Илар йæ дыууæ къухæй йæ гуыбынмæ фзи.æбурдта, бауыгъта йæ, æз цалынмæ не снард дæн, уæдмæ- ну турникмæ 1.уы схызтæн, уæд-иу зилын байдыдтон, зилын б л’ДЫДТОН... — Лæг уыдтæ кæддæр, фæлæдæ цæмæй афæрсон: Ныр-иу цымæ хъæбысæй хæцын куы байдыдтай, уæд та-иу куыд уыди д:е хъуыддаг? Илар цæхгæр ныззылди, йе ’нгуылдзтыл нымайынмæ фæци. ,— Хъæбысæй хæцынæй дæр дæ нæ тæрсын, дугъъг уайынæй гæр дæ нæ тæрсын, гæпп кæныкæй дæр дæ нæ тæрсыи — æп- иыя/.æр дæ ницæмæй тæрсын. Мæнæ 1.й нæ дæ?! Гъеныр ацу &мæ де ’мыйас лæйрæг фест, гъе уæд дæр дæ нæ фæтæрсдзы- нæ:;. Æрзьпдн м-ын фæстæмæ! Лæг хъуамæ размæ зила, кæд з_~ь:, уæд, мæнæ æз куыд æрзылдтæн, афтæ, уый йеддæмæ... — Сст’лæг* дæ, Хуыцауыстæн. Уый лын саг гæг æмæ сычъ:1 лæг! — Уæдæ кæд мæ фæнд дæ зæрдæадæ цæуы, уæд бавдæлæм, нгечюн, æмæ ну-дыууæ хæсгы ракæнæм, кæддæра куыд уаид. Илар та йæм цæхгæр ныззылд, йæ къухтæ зæхмæ фæца- рæзта. — Уæд мып ’дæ бинонтæ амæлæд, ам дыц сывæллæтты л ъæхты бын куы’д нæ хæцдзынæн хъæбысæй! Дзму клубы кæртмæ ацамыдта. 1 — Уартæ ма уырдæм акæс, хæддæра дзуарбадæны хуызæн иæу. Илар чысыл æлзæмæй алæууыд, æвæццæгæн, хъуыды код- т~- рахæца’— ма рахæцз, стæй ныззылд йæ мидбынат. — Цом-мг, «æддæра ма гы гхæссис!— йæ пинджак зæгæ- лæл р^тонæглу -кодта æмæ клубы ’рдæм фæцæуæг и. Дзпу дæр райста йæ пинджак æмæ фæцæйцыдысты лыууæ лæджы кæрæдзийы фæстæ, сæ пинджактæ сæ дæлæрмтты, аф- тæмæй. Быруйæ иу цæст хауд уыди, ууылты бахызтысты мидæ- мæ. Уым Дзну йæ пннджак бæлагы сзджилыл баппæрста, йæ къæхты бын цыдæртæ рауыгъта — æвæццæгæн д~ы дуртх уыт-- гнсгæрон гæ æркалдта æмæ фæзгонды астæу æрлæ/уыд. Ст;ей ауыдтон: Илар ыл лæбурæджы скъæрд бакодта йæхи, и’е пстæ> ын ацахстз æмæ йæ хæрдмæ фелвæста. Лæ бынатæй фечалтæн, мæ >'ъæр фæцыд, фæстæмæ абад- та л. \7æдмæ Дзиу уæлдæфы фæеяджнл и, уæсгард куыд фæса- джнл уа, аф~æ. Къæхтæй иу Илары къæхты ’хсæн фæмидæг, Иллры къахыл атыхта йæхн. Илзр фæстæмæ а;\хъæл, иу-цэлдæр :,^.тыфæт1ыхъуылды ма алæууыд æмæ Лæ уæнтæ зæхмæ ахаста. 47
— Хæйрæг у ацы Дзиу, хæйрæг,— дзуры хъæрæй чидæр æмæ æз хъуыдъг кæнын: чи уа? Илар æмæ Дзиуы йеддæмæ куы никуы ничи и, уæд уыдопæй чи хъуамæ загътаид афтæ? Уыцы фарстæй фæтыхстæн, рудзынгæй мæ цæстытæ фæиртæстысты — мæнæ кълас. Чызгæй, лæппуйæ — цыдæриддæр уыдысты, иу- уылдæр кодтой лæугæ, сæ цæстытæ — ’нæ дыууæ рудзынгмæ арæзт. Уæртæ ахуыргæнæг. дæр. Лæууы, æрдæбон куыд лæу- уыд, афтæ. Уый загътаид, уый уыцы ныхæстæ! Æмæ та мæ цæстытæ ацахстой Дзиуы. -Лæууы фæзгонды астæу. Йæ цæнгтæ фæйнæрдæм айтыгъта. Илар йæ алывæрсты æрзылд, стæй йын фæстæты йæ астæумæ фæлæбурдта æмæ йæ бæрзонд фелвæста. Æмæ та фæсаджил и Дзиу. Йæ иу къах та атыхта Илары къахыл. Илар йæ тых-йæ бонæй ’сриуыгъта Дзиуы, æвæццæгæн, йæ къах куыд феуæгъд уа, афтæ хъавыд. Фæлæ къах нæ феуæгъд æмæ фæстæмæ фæцудыдта Илар. Дзиу йæ хъæбысы, афтæмæй цалдæр æнæбары къахдзæфы акодта æмæ та ауæлгом. Зæхмæ куы æрхауд, уæд тынг схæл- бурцъ кодта,— æвæццæгæн, Дзиуы йе ’ккойæ ’ппарыпмæ хъа- выд. Стæй æрсабыр. Æмæ куыддæр æрсабыр, афтæ къласы смидæг дзæнгæрæджы хъæр. Дзæнгæрæджы хъæр нæма ’рса- быр, афтæ ауыдтон: фæзы цæхгæрмæ фезгъоры дунейы лæппу. Куыд тагъд ахæццæ сты, ууыл бадис кодтон. Кæд сæ, дзæнгæ- рæг куы нæма уыд, уæд рауагътой? Мах бырумæ куы# бахæццæ стæм, уæд та Дзиу лæууыд фæзгонды астæу. Илар чысыл æддæдæр ныггуывыр æмæ тагъд- ’тагъд улæфыд. — Хæцыс ма? — фæрсы Дзиу, бахудти, йæ бинаг æфсæр размæ рахæцыд йæхиуыл, йæ бинаг дæндæгтæ разындысты,. фидар урс-урсид дæндæгтæ. Илар æм гуыбырæй бацыд, йæ астæумæ та йын фæлæбурд- та æмæ та йæ фелвæста, ацы хатт ноджы уæлдæр, æмæ та уы- цы уысм хæсгард саджил фæци Дзиу, къах та къахыл атыхст, стæй къух уæхсчы сæрты фæфале ис æмæ рон ацахста. Илары къах зæххæй фæхицæи æмæ сындæг-сындæг уæлæмæ ацыд. Иæ цæсгом ын ауыдтон — тынг ныйивæзти цæсгом, ныддаргъ, цæс- тытæ ныджджыгъгъытт сты, исты сыл куы сæмбæлдаид, уæд цымæ зæлланг ныккодтаиккой, афтæ мæм фæкаст. Уæдмæ йæ тъæпп фæцыди зæххыл. Уым удисæджы хæлбурцъ скодта æмæ Дзи- . уæн йæ кæсæнцæстытæ иуварс нæууыл абадтысты. Йæ цæсты- тæ бынтондæр ныцъцъынд сты Дзиуæн, афтæмæй гуыбыр-гуы- быр кæрдæг къухæй сгаргæ фæцæйцыд кæсæнцæстыты ’рдæм. Илар фестад æмæ йыл йæхи бауагъта, кæсæнцæстытæ иуварс акъуырдта къахæй, йæхимæ йын фæлæбурдта æмæ йæ фæстæ- мæ тынг атасын кодта. Æвæццæгæн зын тасынгæнæн уыди Дзиу: йæ дæндæгтæ байгом сты Иларæн — уæллæгтæ дæр æмæ бинæгтæ дæр — тыххæст чи акæны, уыцы лæджы дæндæгтæ куыд байгом вæнйынц, афтæ. Иухатт райхъуыст уыцы гом дæи- дæгтæй: — Нæ-нæ, æз дæр дæ хъуамæ абырсон! 48
— Уыдондын цы хуызæн митæ сты? Хъæддаг лæг дæ æви >_æдзарон лæг?—дзуры чидæр хъæрæй — зонгæ хъæлæс. Æх- сызгон хъ^лæс. Фæстæмæ фæкастæн. Саламбег быруйы æдде иу урс дурыл лæууыд æмæ мидæмæ каст. Уæдмæ Дзиу адаргъ и, цыма йæхи гъæдæй æрхуыссыд, аф- тæ. Илар йæ уæлхъус лæууыд æмæ тыхулæфт кодта. Ныхасмæ #æ сæрыл схæцыд. — Уæдæ мæнæн æнцон уыди, æнхъæл^ дæ! — Гъомæ-иу дæ уый уаг æмæ æгъдауæй абырста. Ды дæр æй афтæ абырс. — Æз дæр æй афтæ абырстон. Стæй дæ ничп фæрсы, куыд æй бырсын, уымæй, æмæ мæ дæхимæ ма сдзурын кæн ацы... мæстыйæ. Ныр ахуыргæнæг дæ, уый тыххæй... Баграт кæсæнцæстытæ фелвæста æмæ сæ Дзиумæ радта. Дзиу рабадт, кæсæнцæстытæ йæ уæлæ бакодта, кæсæнцæсты- тæй иу æрдаегæй уæлæмæ уыди гом — авг ыл нал уыд. Дзиу æм сæвнæлдта, æрысгæрстытæ йæ кодта, стæй йæ сæр ныууыгъ- та, бахудт. — Хъæбæртæ уæйыг лæг дæ, мæ кæсæнцæстытæй мын иуыл фæтых дæ. Лæппутæ ныххудтысты. Илар сæм сонт каст фæкодта. ’ — Йæ дзых уæ мæнæн мачи афадын кæнæд. Мæнмæ айтæ- уйтæ нæй, уый хорз куьг зонут,— лæппутæм ма йæ сæр иу хатт батылдта æмæ Дзиуы ’рдæм разылд.— Ды дæр мæ ницы аха- стай, иыма. Стæй ма, уæдæ уыцы дзæгъæлзады къях ма уы- даид. Лæппутæ та фæпыррыччытæ кодтой, Илар дæр тд ныззылд, Ьæлæ худгæ никæй федта. Дзиумæ раздæхт. — Æз дын уымæн нæ зæгъын, нæ. Æз дын уымæн зæгъын ^мæ-иу дæ хæодмæ куы фелвæстои, æмæ-иу мæхицæн афтæ чуы загътон: гъеныр æй зæххыл фæкæнон, уæд та-иу мæ къа- хыл атыхст æмæ та-иу мæ змæлын нал суагъта. Æндæр ай ды нæ дæ? Мæ тыхы бæрц дæумæ дæ фыны дæр никуы уыди. Уы- мæй дæр æй нæ зоныс — кæй онг-иу дæ фелвæстон?! Арсен мын мæ цонгыл ахæцыд. — Ницы ма фехъуыстай? Æз æм бакаетæн. 4—’ Цы хъуамæ фехъуыстаин? — Из’æры ахуыргæнджытæн æмбырд уыдзæн, уый зоныс? Саламбег, дам, Мæскуымæ цыдæр ныффыста æмæ, дам, ын рæдыд фыст разынд. Сталины ныхмæ фыст. Районæй, дам, ссæудзысты, горæтæй дæр, дам, æрбацæудзысты. Иæ куыстæй, дам, æй исдзысты... Цыма мæ хъуыды æндæр кæмдæр аззад, уыйау ме ’муд нал цыд. Æрæджиау ауыдтон, мах бадæм Багратимæ, Дзиу лæууы, йæ сыпæг стъолмæ бахаста, йæ фатсры цы нарæг хиукъах стъол ис, уымæ. Уый у уый, уыцы гæххæтт! Æмæ дзы Стали- пæн йæ кой дæр куыпæ уыд, уæд куыд у Сталины нътхмæ фыст?! 4 Мая дуг М 7» 1991 49
Дзæнгæрæг куынæ уыдаид, уæд тæгъдты нæ сызмæлыдащ мæ бынатæй. Ныр æнæбары феггуырстæн. Фæцæуын. — Цæй, цы ми ба^кæнæм? — фæйнæрдæм ракæс-бакæс кæ^ яы Арсен, афтæмæй цæуы мæ фæрсты. — Чи дын æй загъта? — Цæмæн дæ бахъуыд, чи мын æй загъта, уый? Æз-иу æрцæйлæууыдтæн æмæ та-иу мыл Арсен размæ ахæ- цыд. Скæуынмæ мæ бирæ нал хъуыд. — Гъомæ дын æй чи загъта?! Хæргæ йæ акæндзынæн?! — Цы мыл хъæртæ кæпыс? Зæгъгæ йын æй кæй кодтон, >ый,йын æгъгъæд нæу — ноджы йæм ничи кæсы! Изæры æцæг дыууæ машинæйы лæууыди, ахуыргæнджытæ кæм вæййыкц, уы^ы агъуысты раз. Мах машинæгы алыварс хьеллау кодтам. — Нариман паддзахы бадт куыд кæны! — мæ фарс мын ба- цавта Майрæм æмæ ауыдтон Нарпманы—аси»ы сæрмæ, дуар- бахизæны цы æрлæууæи уыд, уым къæлæтджыныл бадт æмæ нæм дæлæмæ каст. Æппындæр пæ фидыдта афтæмæй Нариман. — Уым нæмæн бады, цæ? — кæсгæйæ йæм баззадтæн æз. — Иæхи фæндæй бадт ын, цыма, нæу,— загъта Майрæм. Нариман нæм иæ къух фæтылдта. Мах асины схизæимæ баныдыстæм. — Цы зилахар кæнут кæйлæр машинæты алыварс? Каед уæ уæ къласмæ фæнды, уæд уын мæнæ дæгъæл. Ацаеут æмæ ахуыр кæнут. — Къласмæ нæ нæ фæнды,— йæ сæр банкъуыста Баграт. — Уæдæ уæ цы фæнды, мæ уд? — Мæнæ ардæм куы байхъусиккам, уый нæ фæнды. — Иæ, уый кой дæр ма скæнут, æз уæ мæрдты уазæг. Æмæ мæ ам уый тыххæй а,бадын кодта нæ дилектыр! — чысыл æн- къардæй абадт, стæй Багратмæ рг.злæхта йæ цæстæнгас.— Цы фыдбылыз сыл сæмбæлд, сымах дæр ын ницы зонут, цæуыл æмбырдтæ кæнынц хиопæй-æддагонæй? — Мæнæ ахуыргæнæг цыдæр ныффыста æмæ, дам, ын раст фыст нæ рауад. — Уу-уу! Кæцы ахуыргæнæг? — Саламбег. — Уу-уу! — ногæй та бакодта Нариман.— Агъæц æмæ ахæ- мæй цы хъуамæ ныффыстаид, æмбаргæ лæджы каст куы кæны? Сафдзысты йæ.— Наргуги пæ сæрты кæдæмдæр акаст.— Куый- тæ сты ныры г;тæм æнæ ’ьуди куыйтæ. Баграт Нарпманмæ хæстæгдæр балæууыд. Ныккæчдæй куы байхъуспккам, уæд та куыд уаид? — Бакхъусут,— йæ сæр бакъуятæ ;:одта Нариман,— фæлæ гзы уымæл уыдзæн, кæиæйдæр æм дон хъары æмæ уымæл вæййы. Æплæра байхъусынæп ^ый хуыгæи — гъæй дæ бонæй , уай! Аиæут, уæдлæр уæ хуыздæр фæрæз нæй. Худгæ дзуары хуьпæп ;<æг æмæ йæ мпсты тъысдз’ысты. , Кæрæдзийы фæдыл бкрæ фæцыдыстæм лæгæты цæуæгау,
яерæджиау бахæцдæ стæм, астæрды зыхъырæй хъазы сисау рухс кæм æрзынд, уыцы ранмæ. Уæле чидæр хъæрæй дзырдта, |евæЦЦæгæн' машинæтыл чи æрбацыд, уыдонæй исчи уыд, нæхи ахуыргæнджытæй афтæ хъæрæй ничи дзырдтаид. — Ныр æмбал Сталин разамынд’ цы большевикты парти- йæн дæтты, уыимæ коммунизмы æрттиваг галуан куы снывæз- та — нæ бæстæйы адæмтæ иу адджын бинонтау хæлар æмæ уарзонæй кæм цæрдзыеты — уæд ма, кæцæй фæци ахæм адæй- маг, националистон цъымарайы йæ хъустæм чи аирвæзт æмæ уырдыгæй скæс-скæс чи кæны?! Афтæ у ацы фысты хъуыддаг— бæз-бæз дзы кæнынц къуындæг националиæон идеятæ, иу адæ- мы иннæ адæмтæй фæиппæрд кæныны фæлтæрæнтæ, иу адæмы иннæ адæмы ныхмæ æрæвæрыны фæлтæрæнтæ... Арсен базмæлыд — уынгæ йæ дзæбæх нæ кодтон, фæлæ Ар- сен кæй уыд, уый хатыдтон йе змæлдæй, йæ мидбынат æрзыл- ди æмæ хъæрæй æрæхснырста. Æмæ уæд бафиппайдтон: мæхи- цæн дæр æнæ æрæхснырсгæ нæй. Чъыры тæф цæстытæ къахта, фындзыхуынчъытæ гæрста. Уæддæр Майрæм мæнæй фæра- зæй — цыдæр цъæхснаг пыррыкк фæкодта æмæ фæлæууыд. — Ау, æмæ дунейы адæмтæн сæ ныфс æмæ се ’ууæнк чи сси, адæмы зонд æмæ адæмы хъуыды кæм баиу и, уыцы ком- мунистон партийæн амонын хъæуы, цыхуызæн скъолатæ нæм хъуамæ уа, уый?! Кæцы æвзагыл хъуамæ ахуыр кæнæм, уый?! Уæды онг фæурæдтон ме ’хснырсын — иу къухæй мæ цæс- тытыл хæцыдтæн, иннæмæй мæ фындзыл, иу æхснырст нæма æркодтон æххæст, афтæ мæ иннæ ацахста. Гуыбыр-гуыбыр мæ- хи къулыл къуырттытæгæнгæ æддæмæ ратагъд кодтон. . Æдде нын Баграт уайдзæфтыл схæцыд. — Чыххытт-чыххытт æмæ пыххытт-пыххытт систой фæйнæрды- гæй. Баграт иу-цалдæр хатты сулæфыд æмæ мæм æрбадзырдта: — Цом, Себæ, мах ма иу хъуыст бакæнæм. Арсены зæрдæмæ нæ фæцыд уыцы ныхас. — Уогъ, цыма уыдоны йеддæмæ никæй фæнды хъусын! — Æмæ та лæгæтмæ цæуæгау кæрæдзийы фæдыл бараст стæм талынг ныккæиды. Рухс кæцæй хъардта, уыцы фæйнæ- джыты бынмæ бахæццæ стæм, æрлæууыдыстæм. Уæле чидæр дзырдта, фæлæ чи уыд, уымæн базонæн нæ уыд, цы дзырдта, уымæн та — бамбарæн. Чысыл ма алæууыдыстæм, нæ хъустæ арадар-бадар кодтам уыцы талынджы фæйнæрдæм. Арсен æмæ та Майрæм фæйнæ æхснырсты дæр æркодтой æмæ фæстæмæ раздæхтыстæм. — Уæдæ æрдæбон куыд хорз хъуыст уыцы лæджы ныхас?— дуарæй куыддæр рахызтыстæм, афтæ хъæрæй бафарстон æз. Баграт мæм фæстæмæ разылд. — Æрдæбон тæккæ зыхъыры уæлæ лæууыд, чи дзырдта, уый. — Стæй дзурынмæ дæр лæгдæр чи уыд, ахæм уыд æрдæбо* ныон,— æрбаппæрста ма йæ ныхас Майрæм дæр. Нариманы куыддæриддæр ныууагътам, афтæ бадти. Фæл- 51
.лайгæ та куыд нæ кодта уыцы иугæндзон-иухуызон бадтæй! Куы нæ федта, уæд нæм æрдзырдта: — Ницы бафтыд уæ къухы? ,— Ницы,— цыбырæй йæм бадзырдта Баграт. — Уæдæ уын æндæр мæ бон ницы у, уæд мыл мæ бонтæ сфидиуæд. Дæлæмæ азылдыстæм, афтиаджы ’рæзты ныххызтыстæм, рынчъындоны рухс рудзгуытæм бакæстытæ кодтам, стыр скъола кæй хуыдтам, уы« рæбынты бауадыстæм æмæ, ’нæхи кълас кæм уыд, уыцы дæргъæццон агъуысты раз æрлæууыдыстæм. — Фæлтау дæгъæл куы райстаиккам, уæд уал къласы нæхи ирхæфстаиккам, стæй æмбырды фæстæ кæд Дзиуæй исты бæ- рæг базыдтаиккам,— цыдæр æвæрæз лæджы хъæлæсæй загъта Майрæм. — Æмбырд куы фæуа, уæд Дзиу дæу куыд нæ агурдзæн, «æндæр æй цы мæт и!—Майрæм æмæ Дзиуæй кæуыл бустæ кодта Арсен, уый зын раиртасæн уыд. Баграт æмраст лæууыд æмæ зæхмæ каст. — Уæдæ ма цы ми бакæнæм? Куыддæр загъта, афтæ фезмæлыд, клубы ’рдæм араст. Мах дæр базмæлыдыстæм. Дзиу æмæ Илар хъæбысæй кæм хæцыды- сты, уым чысыл алæууыдыстæм, стæй клубæн йæ раззаг дуарырдæм байстам нæхи. Дуары сæрмæ цы цырагъ уыди, уый рухсмæ кæрæдзийы цæсгæмттæ уынын байдыдтам, афтæ бай- гом и дуар, æмæ дзы Абхадз æмæ Дзæбе рахызтысты. — Куыдзы фырт! — загъта хъæрæй Абхадз.— Уæдæ дæ ки- нотæй бар ис æмæ сын сæ дзæбæхтæй райс, сæ таккæ æвзæр- дæр сын кæдæм исыс! — Уым йæ ныхас фæсабыр кодта.— Рад- тай йæм æй? — Нæ йæм æй радтон. Хъуамæ йæм æй радтаин æмæ йæ нал аййæфтон,— æдде байхъусгæйæ бæргæ фидар зынд Дзæ- бейы ныхас, фæлæ дзы фидарæй ницы уыд. — Гъеныр ды лæг дæ?! — фесхъиудта Абхадз.— Нал æй ай- йæфта! Куыд нал æй аййæфтай, дæ сыдзыл къæхтæ нæй! — Мæ сыдзыл къæхтæ и, фæлæ... Куыд тагъд цæуы, уый нæ феныс? Æмæ йæ сургæ акодтаин фæсте? — Æмæ дын цы уыдаид, куы йæ асырдтаис, уæд?! Баййаф æй æмæ йæм æй радт, æндæр дзы дæуыл цы цыди?. Дзæбс ницуал з^гъта, кæнæ та йæ ныхас мах онг не "рбай- хъуыст. — Уæдæмæ дын гъеныр макæмæй аргъуц кæн æмæ дын де рагъыл дзæбæх абыр, уæд иннæ хатт афтæ нал бакæнис. Æри йæ, цæй! — Мæхимæ нæй æмæ дын цы радтон! — фæтызмæг и Дзæбе дæр.— Нæхимæ и, мæ чингуытимæ. — Кæм и, зæгъыс?! — цыма гом къахæй тæвд судзæнъгл фæ- лæууыд, уыйау фестъæлфыд Абхадз.— Уæдæ ма ныртæккæ ам ма уачд, кæддæра дын цы митæ бакæнин! 52
Дзæбе фæцæуыныл, фæлæ йæ Абхадз йæ къабазæй рацах- ста. — Нæгъ, иумæ цом. Нæгъ, ды ам лæуу. Киномæ баздæх, фæсте хуыздæр уыдзæн. Æз дæр фездæхдзынæн, рахæсдзынæн #й æмæ. Мæ бынаты мын макæй бауадз. Абхадз ацыд. Дзæбе фæстæмæ баздæхт клубмæ—кино- йæн-иу йæ фылдæр æрдæг куы фæци, уæд-иу дуар нал æхгæд- той. — Цы дзы агуырдта, цы? — клубы дуармæ каст, афтæмæй бафарста Баграт. — Алæ, йæхи аххос у,— бабустæ кодта Арсен, уым фæлæу- уыд йæ ныхасæй, фæлæ лæг уырдыджы йæхи куыд нал бауро- ма, афтæ нал баурæдта йæхи æнæ дзургæ: — Уæдæ дын æй арвыста æмæ йæ ахæсс æмæ йæм æй радт. Цæмæй дзы тæр- сыс! Уæдæ ма йæ мæнмæ радтаид. А лæппу йын æй йæ тæккæ къухты фæсагътаид. — Бафæрсын аипп ма уæд,— Арсенмæ аздæхти Майрæм, бахудти йæ мидбылты.— Фæлæ ма нын чысыл фæбæстондæр кæн дæ ныхæстæ — цы радтаис, кæмæ йæ радтаис? Арсен иннæрдæм ныззылд. — Уогъ! Сымахæн æй зæгъ, стæй хъуамæ хъус-хъус ацæуа æмæ Абхадзмæ бахæццæ уа. — Æмæ æнæуи куы никæмæй фæтæрсыс,— бадзырдта йæм Баграт. — Æмæ дзы тæрсгæ чи кæны? Куыд нæ дзы ’тæреын — уæд мын йæ бинонтæ амæлæнт! — Уæдæ дæ ныхас æрдæгыл цы; фæуагътай? — Цы, цы, сымах мæ къахгæ кæнут, ома, ракъахæм æй. Ма уын ахауæд. — Уæдæ-иу дæхицæй ма ’ппæл: «А лæппу йын æй йæ къух- ты фæсагътаид, а лæппу...» — Æмæ цы?! Нæ йæм æй бахастаин. Уæд мæ мæлæт хуыз- дæр у, уымæ куы пæ бауæндон! Чызг ,йеддæмæ ма исты у! Уый зæрдæхтæй даргъ дзыккутæ йын ис æмæ... Иуцасдæр нæ ничиуал ницы загъта, стæй Майрæм йæ сæр батылдта. ч . — Акæсæд-ма йæм исчи, куыд æм бахъавыд! — Чи йæм бахъавыд? — фездæхт Майрæммæ Арсен. — Уый уадз æмæ дзура,— йæ къух ауыгъта Баграт.— Æмæ ныр Резæтæм фæцæуы? — Уæдæ! Æвæццæгæн Резæйæ тæрсы йæ фыстæн, ома мын æй куы бакæса,— загъта Арсен. Клубы дуар базыхъыр æмæ дзы Дзæбе рахызт. Цыдæр гуы- бырмæм фæзынд æмæ йын фæтæригъæд кодтон. Уыцы гуыбы- рæй асинтыл æруæд æмæ кæртæй федде и. Майрæм Баграты дысмæ бавнæлдта. — Афтæ йын куы загъта, ам лæуу, уæд кæдæм агуыбыр? — Уæдæ, уæдæ! Абхадз зæгъа æмæ Дзæбе ма байхъуса... Уæдмæ Дзæбс азылд æмæ сæхи уынг нæ, фæлæ дæллаг уынг- 53
мæ сарæзта пæ ных. Мах æнæдзургæйæ йæ фæдыл араст стæм| Колхозы къантормæ бахæццæ, уьгм фæлæууыд, махырдæм ра| к^ст. Æз афтæ фенхъæлдтон бафиппайдта нæ. Фæлæ уайтагъя азылд æмæ рухс кæцæй цыд, йæ цæстытæ уыцы рудзынгмæ сщ рæзта, афтæмæй асиныл суадп. Мидæгæй дзæвгар афæстиат^ Куы рацыд, асинтыл куы ’рхъгзт, уæддæр та иуцасдæр алæу-; уыд. Майпæм мыиæг хъæлæсæй загъта: .; — Цыдæр сфæнд кодта, кæсут-ма-иу. ;. Дзæбе ма иу каст скодта рудзынгмæ æмæ фæцæуыныл. Мах: æй цалыкмæ уыдтам, уæдмæ йæ фæстæ кастыстæм, стæй та; базмæлыдыстæм мах дæр. Ахуыргæнджыты æмбырдæй цыдæр ныууæнгуагъд стæм, æмæ нæ никæмæ шщы кæнын цыд, стæй йæхæдæг дæр цыдæр зæрдæхсаигæ æрлæуу-æрлæуу кодта, æндæр ыл цы бафтыдыс- тæм. КæдæхМфæнды цæуæд?! Сæ каудуар — нæ гом — нæ ’хгæд, зымæджы-ну сын куыд уыди, афтæ. Мæнæ чысыл раздæр æрбахæццæ стæм — сæ рæз- ты ацыдаиккам, фæлæ куыддæр дуары размæ бахæццæ стæм, афтæ кæртæн райхъуыст Абхадзы ныхас, цыма махæй искæмæ дзырдта, уый хуызæн — хъæрæй: — Къахгæ дæ куынæ кодтаин, уæд дын æй дæ фындзы бынмæ ’рвыстаин! — Гъæ, уæд мæ дæуыл цы бафтыдта, уымæн мæ ма^туыр уды тæригъæд баззайа! — ныуунæргъыдта Резæ æмæ лæугæйæ’ аззадтæп. Фæка’стæн— иннæтæ дæр лæууьшц. «Дзæбе цы фæци, Дзæбе?» — тыхсын цæуылдæр мæхинымæр æмæ фæрсын мæ- хи.— Нæ разæй куы цыди, уæд æй хæйрæг ахордта?!» «Ацæ- уæм, худинаг у»,— фæзынди мæ сæры æмæ уæд кæрты рæбын кæцæйдæр куы ратæхид Абхадзы хъæр: — Æз дын бацамондзынæн, фæрæтэей куыд лæбурын хъæуы, уый! — Фæрæты кой та цы кæны? — фæсус хъæлæсæй фæрсы Ареен.— Цæмæн æй бахъуыд ацы талынджы фæрæт? — Кæд ын дзы йæ сæр фæцæйфаста, уæд йæ кой дæр ма скæна? — Бахудти Манрæм.— Нæ уыи дзырдтон — цыдæр сфæнд кодта Дзæбе. — Ахæм фæрæт сæм ис, ахæм. А зымæджы...— уый онг тагъд-тагъд адзырдтон, уым æрлæууыдтæн. ^ Чидæр каудуарыл бахызт, афтæ мæм фæзынд — Баграт у. Æмæ йын цæмæйдæр фæтарстæн. Баграт кæм лæууыд, уыцыр- дæм фездæхтæп — уæртæ лæууы, цыма кауыл суг бахъил чын- дæуыд, уый хуызæн. Иннæтыл дæр зына-нæз’ыпя хæцын бай- дыдта цæст: хæдзарæй рухсы цъыртт никуыпæй цыд, фæлæ æвæццæгæн мæй сæввахс скæсæнмæ æмæ æхсæвы тар хырыз кæнын райдыдта. — Уый ды куы дæ, ды, мæнæ куыдзы тугæй æхсал! Алæма, ныр аныхас кæнæм æз æмæ ды. Уæд дæ мæ дамбаця куьт хъуы- ди, æнхъæлдæн æмæ мæхимæ куы нæ фæци! — Баччери!.. 54
резæйы хъæр тыхыскъуыд фæци, кæрты астæу— дæнг! Хъусты агæпп кодта, зæрдæйы амидæг, фæлæ нæ фæтар- стæн. Тæрсгæ нæ, фæлæ мын цъша æхсызгон уыд, Баччерийæн хæсты цы дамбаца радтой, уымæй кæй ныддæнг кодта, уый... Арсен дзырдта уый фæстæ, Абхадз, дам, ныхъхъæр кодта, амардта, дам, мæ. Фæлæ æз уыцы хъæр нæ фехъуыстон. Æз ауыдтон; рацæйлыгъд, стæй æрхауд. Куы ахауд, уæд йæ цып- пæртыл алæууыдæмæ афтæмæй ратындзыдта махырдæм. Кау- дуарыл дæр йæ цыппæртыл рамызт, цыппæркъахыг куыд рахизы, афтæ. Æдде та фестад æмæ цуттытæгæнгæ йæхи аппæрста дæ- лæмæ суадоны ’рдæм. Стæй та кæртæй райхъуыст: — Ма тæрс, уæлæмæ фехстон, фæлваргæ йæ кодтон. Æ’мæ дзыхæй куыд фидар у, удæй афтæ нæ разынд. Нæхимæ Сосейы фарсмæ хъармы куы алæстæн, уæд махи- цæн загътон: «Æвæццæгæн къантормæ уымæн бацыд, ома Бач- черийæ дамбаца райсон. Æмæ Ба.ччери та, ома алæма кæддæ- ра цы ми кодта дамбацайæ»... 12 Æмбырдæн нæм йе ’ртыккаг бон Ерыстау æрцыди. Сбадти, журнэл рафæлдæхта, касти йæм, цыдæртæ дзы нымадта — пъеройы фындз куыд ныххæсс-Н’Ыххæсс кодта журналмæ æмæ йæ былтæ куыд змæлыдысты, уымæй бæрæг уыди. Уыйфæстæ ныл йæ цæст ахаста. — Ай, æз ’кæй ныууагътон, уыды кълас куы нал у, æви къæссавæлдæхт фестут? — бахудти, йæ тыхыл йæ зæрдæ чи да- ры, ахæм лæджы худт.— Уæдæ ма мæнæ ай рацæуæд, чидæ- риддæр у. Уартæ æнæхъæн мæйæ фылдæр фарст куы нæма уыди. Æмæ мæ ном куы зæгъид. Сыстадтæн, партæйæ рахызтæн, иу «къахдзæф акодтон, дык- кагыл æрлæууыдтæн. — Нæ йæ зонын. Ерыстау йæ сæрыл схæцыд, йæ былтæ фæйнæрдæм айтынг сты, æвæццæгæн æм худын æрцыд. — Æмæ дæ нырма куы ницæмæй бафарстон, уæд та йæ зо- ныс? — Нæ йæ зонын,— ногæй та загътон æз. — Нæ йæ зоныс, уый æз дæр бæргæ зонын. Фæлæ дын, цы- мæ, ай æппæт дзæбæх бæрæггæнæи цæй тыххæй февæрлæуыд? Æз дын — сæ фæстæ ахæм «дыууæ» ныззилдзынæн æмæ раст дæхи аргъ уыдзæн. Нытътъæпæн у! Уыйфæстæ хъуыды кодтон мæ митыл. Цалынмæ сдзырдтон, уæдмæ мæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыди, афтæ зæгъдзы- нæн, уый. Уæдæ мæ цы фæурæдта? Куы фæцæйцыдтæн? Кæд мæм афтæ фæкаст, Ерыстауæн урок дзурыныл куы схæцои, уæд гадзрахатæй пæуын Саламбегыл? Кæнæ Саламбеджы урокты 55
цы фехъуыстон, уым цы брзыдтон, уыдон Ерыстауæн дзуры нæ фæтчы, дзуары бып гæды ныхас кæнын куыд нæ фæтч * афтæ. ^ ’ Нæ зонын. Лизæйы дæр ’нал федтон. Аф>тæ ма йыл дардмæ мæ цæс æрхæцы. Фæлæ йæм хæстæг бацæуон æмæ йæ истæмæй бафæ сон, уымæ йæм мæ цæсгом нæ бахъæцы. Æмæ йæм куыд бахъæца!.. »] Хидмæ мæ бирæ нал хъуыди, афтæ ауыдтон: хидыхъус æр] З’ылдысты дыууæйæ. Фæстаг Лизæ куы разына, уымæй фæтар- стæн — нæ мæ фæндыди Лизæйы хæстæгмæ фенон, уый — мае бон ын исты баххуыс кæнын куынæ бауыдаид, мыййаг! Йæ уæ- лæ цыдæр фæныкхуыз къаба æмæ йын цыма йе уæнгтæм уазал хаста, уыйау йæ уæхсчытыл уæлæмæ схæцыд æмæ цыдæр æна- рæхст къахдзæфтæ кодта. Æпиу Лизæ ам цы ми кæны абон, куынæ ахуыр кæны, куыпæ æндæр! Уæдмæ мæ бакомкоммæ æрхæццæ сты. Раззаг мæм цæугæ- цæуын йæ сæр батылдта. Фæстаг фестъæлфыд, цыма йæ къу- хæй, ныртæккæ чи базгъæлæнтæ уыдзæн, ахæм исты æрхауд. Фæлæууыд, йе ’нкъард цæстытæй мæм æрбакаст, æмæ уæд та Лизæ куынæ разына, уымæй фæтарстæн. Мæ бедра мæ дæларм, афтæмæй доны тæккæ былмæ бауад- тæн. — Лизæ?! Мæ ныхас æм пæ фехъуыст, æвæццæгæн, куыд лæууыд, аф- тæ лæугæйæ баззад. Стæй та фестъæлфыд ногæй æмæ мæм æр- бараст и уыцы æнарæхст къахдзæфтæй. Æз фæтарстæн. Афтæ мæм зынд, дон нæ фендзæн æмæ дзы æрбалæгæрддзæн. Уæд- мæ æрлæууыд, цыдæр мæм æрбадзырдта — иу дзырд нæ, иу- цалдæр дзырды фæд-фæдыл. Æз сæ иу дæр нæ фехъуыстон, фæлæ йæ афæрсон, уый мæ цæст нæ бауарзта — ногæй мæм куы дзура, куы стыхса. Йæ сæр мæм банкъуыста, йæ къух мæм фæтылдта. Уæдмæ йе ’мбал адард и. Æмæ йæ нырма ныр базыдтоп: Дзиу уыди уый. «Æвæццæгæн æй Дзиумæ сæрвыстой æмæ Дзиуы фæкæны сæхимæ»,— уынджы кæрон куы базылдысты, уæд загътон мæхинымæр... Куыддæр æз æрбадтæн, афтæ Баграт йæхиуыл схæцыд, слæууыд. — | Саламбег Парсадапы фырты цæмæи систой? — Нæ хордта æмæ уымæн! — Ерыстау йæ раст æнгуылдз æмæ пъсройы сЬындз рахæсс-бахæсс кæны журналы тъæпæн фарсыл. Иу ран сæ æрурæдта.— Фæлæуу æмæ дæу та цы хъуыддаг и, систой йæ, нæ йæ систой, уымæ? Æви дæм афтæ кæсы, уым дæуæй нæдæр лæппутæ бады? — Кæм! — Гъеныр мæ цæмæн дзурын кæныс?! Кæм. Кæм, кæ, куы- ройы къæркъæрагыл, æидæр кæм! Исгæ нæ, фæлæ къалаичайы кæд нæ амидæг уа, уæд йæ худ уæларвмæ æппарæд. Акæс-ма 56
1Мяз! ЦИК мын нал зоны, Сталин мын пал зоны, мæгуырсар, 1^æЛæ ай. Уæдæ, æмæ фæвæййы ахæм змæнтджытæ æмæ буза ^уынае кæной, уæд сын ад нæ кæны. Ардæм дæр афтæмæй не ’рхауди? Ныр та ардыгæй дæр фæхаудзæи. ’ Ёрыстауы фæстаг ныхæстæй мидæгæй фæталынг дæн, хæ- дзары рухс куы ахуыссын кæнай, уæд уый куыд фæталынг ваеййы, афтæ. Æмæ уыцы талынджър мæ цæст ацахста хæдза- ры ДУаР- Дуарыл æдде тигъ-мигъы дыууæ дæлтъур фæйнæджы хуыд, цæргæ-цæрæнбонты дæр æй куыд ничиуал бакæна, аф- тæ .. Кæмдæр федтон фæйнæджытæ афтæ хуыд, кæмдæр... Кæд- дæр- Фаелæ кæм федтон, кæд федтон?.. Хидæй куыд бахызтæн, афтæ ауыдтон «Бехъойы — рудзгуы- ты бын дæргъæй-дæргъмæ бапдоныл бадт æмæ тамако дымдта. — Арсена ам’нæй,— нæма йæ бафарстон, афтæмæй мæм дзуры Бехъо. Арсены афтæ хуыдта — номы кæрон гуырдзиа1- здæхт. Кæй мæ федта, уый йып æхсызгоп уыди, æвæццæгæп. Базмæлыди, цыма стынмæ хъавыди, уый хуызæн.— Мæнæ мæ цуры абад æмæ мын исты хабæрттæ акæн. Арсенайы дæр ар- дæм хъæуы ацы сахат. Дæлæ йын хъыбылджын дзæргъы цъала- мæ арвыстоп. Уавдæ куыдтæ стут, æндæр? — Ницы нын у. — Уæ цæхæрадоны гæппæлы исты аппæрстат? — Аппæрстам. — Нартхор æви картоф? — Нартхор дæр æмæ картоф дæр. — Агъæц, æмæ хъæдур та? — Хъæдур дæр. Бехъо йæ тамако сцæйхаста йæ дзыхмæ, фæлæууыд, йæ къух клубы ’рдæм адардта. — Ай, нæ -кæсыс, нæ! Клубы рæзты фæндаджы тæккæ уæрæхыл цыма дугъ ра- уагътой, уыйау, сцæйлыгъдысты Арсен æмæ сæ дзæргъ. Арсен размæ рагуыбыр, æвæццæгæн, загъта: ды мæнæй куы фæразæй уай, уæд — мæ мæлæт. Æнæуи афтæ дзураг у. Иу ран Арсен раразæй, дзæргъмæ фæзылди, къухæй-къахæй йыл йæхи сцагъ- та, фæлæ дзæргъ йæ иувæрсты рагæпп ласта. Арсен дæр та ныззылд æмæ та лыгъд радта. Уæлдæр, уынджы дæллаг фæр- сты дзæргъы ныхмæ сæхи рауагътой Баграт æмæ Майрæм — уыдон та кæцæй февзæрдысты! Уæд æз дæр Бехъойы иунæгæй фаеуагътон. Фæлæ дзæргъы, зæрæдты загъдау, уырысы æфсад Дагр пал баурæдтаиккой, æвæццæгæн. Йæ разы-иу куы алæууы- Дыстæм, уæд-иу ныффуттытæ кодта, афтæмæй-иу не ’хсæнты Нæхи фæцарæзта. Бехъо дæр ма бæргæ фестад, фæлæ дзæргъ Уьгцы гæпдупьæй дуары зыхъыры фæмидæг и. Бехъойы раз æрлæууыдыстæм. — Æппыпдæр нæ ахызти? — æнкъардæй бафарста Бехъо. — Куыннæ! Æнæ ахизгæ фæлæууыди! Мæ туг мын мæ Хъоелæсы хуынкъæй акалдта,— йæ цæнгтæ стылдта Арсен. 57
— Фæлæууæд! Æмæ мæ йæ хъыбылты мæт и, уый йеддæм уымæн æз схос кæнин. Бехъо кæртмæ бахызт, мах дæр ацæуынхъус уыдыстæм, уæд дæр ма лæууыдыстæм. Майрæм бындзыдты бакаст Арсенмæ, бахудти. — Хæснаг скодтат? — Чи? — фæзылд æм Арсен. — Ды æмæ уæ дзæргь. — Цæй хæснаг? — Чи уæ фæразæй уа. Бехъойы размæ ни раздæр схæццæ уа... — Дае дзых дæхямæ куьтнæ ’рдарай, уæд дæ ахæм хæснаг фæуыд:<æн. Стæй мып мæ мастыл цæхх кæн. Майрæм æм бындлыдты бакаст, фæлæ йæм дзургæ ницуал скодта. Иугай дæлæмæ азылдыстæм. Фæцæуæм сындæггай. Мæнæн мæ цæстытæй нæ хицæн кодта, Лизæ æмæ Дзиу куыд фæнæйцыдысты, уый. Æмæ мыл æнæнцои бафтыд. Афтæ мыл бафтыд æмæ ма цы ми бакодтаин, уый нал зыдтон. Афæнд-иу кодтон — зæгъон сып æй. Фæлæ Лизæйы кой ракæ- нон, уый мæ цæст нæ уарзта. Афтид Дзиуы кой та куыд ракод- таин? Уæддæр пæ ныффæрæзтон: — Æрдæбон Дзиу Саламбегты ’рдæм фæцæйцыд. — Æмæ цы? — æрбакаст мæм Арсен.— Лæг цæугæ никуы федтай?' —, Нæ, нæ, æмæ афтæ нæ фæцæйцыд, нæ. — Уæдæ куыд фæцæйцыд? — æрбакаст мæм Баграт дæр. — Афтæ фæцæйцыд...— фæтыхстæн, цы ма загътаин, уый нал зыдтон. Майрæм бахудт. — Куы дын афтæ нæ фæцæйцыд, куы дын афтæ фæцæй- цыд... — Фæлæуу-ма, гъо! — зыдтон æй: Майрæм мæм мацы едзу- ра, афтæмæй нæ ныллæудзæн, уæддæр мъш хъыг уыдысты йæ ныхæстæ.— Æнкъардæй фæцæйцыд. Тынг æнкъардæй. Æвæц- цæгæн æм Саламбег искæй сæрвыста, ома рацу-ма... Клубы раз æдде, фæндаджы хъæбæрыл цыппæрдзæлхыг уæрдои, йæ уæлæ иу-цалдæр ногконд тымбыл фæрвы. Галтæн дыууæйæн дæр сæ бынтæй сау фæдтæ ацыд дæлæмæ доныр- дæм — рыгыл къæдз-мæдзыйæ аззадысты. Клубы дæллаг фи- оьгнæй æрбазынд Харитъо, йæ къухы даргъ уис. Мах куы ауыд- та, уæд нæм февзыста упсæй. — Уæд уын Харитъо амæлæд, сымах мæнмæ куынæ фæкæ- сат,— нæ разы æрлæууыд, йæ уис йæ уæхскыл акъул кодта.— Нæ сæрдар мæ нал ныууагъта, Баччери, уыцы хæдзары дуæрт- тыл, дам, истытæ ахуый. Мæ лæрдæ ныссæххæтт кодта уыцы ныхæстæм, стæй æруæз- лау, æрæннади мыл. Мæхи байстон уæрдонмæ, фæрвытыл æр- бадтæн. — Гъс, сымах дæр æрбæдтытæ кæнут æмæ цомут,— йæ уи- 58
^д та бавзыста Багратитæм Харитъо. Фæлæ мæн нæ фæндыди æМæ сбадтанккой — исты сæ разæй уымæн не сбадтæн æмæ таГЪддæр ацæуæм... Мæ цæстыты раз февзæрди уьщы дуар. Ирæ æмæ-иу мæм Заирæ худгæ кæцæй рауадысты... Уæд æй нæ бахъуыды кодтон, хЪуыды йæ уыйфæстæ бакодтон, чидæр ыл тигъ-мигъы фæйнæ- джытæ куы ныххуыдта, уæд. Зæрдæйыл æрхæндæг æфтътдтой уыцы фæйнæджытæ. — Цæмæн ныххуыйынц, цæ, дуæрттыл фæйнæджытæ? — ба- фарстон æз, афтæмæй, искæй бафæрсон, уый мæ хъуыдыйы æп- пындæр нæ уыдн. — Цæмæн, цæ, ме ’мбал,— дзуры Харитъо, фæстæмæ дæр нæ ракэст, æзæццæгæн ын уæлдай пæу, чнфæнды йæ бафæр- сæд,— ома хæдзар æдзæрæг у, ома æхгæд у, хæдзар æмæ йæм дзæгъæл цыдтытæ-йеддæ гæнæн нал и. Хæдзар дуарæй хæдзар у æмæ рудзыпгæй æмæ иугæр уыдон хуыд æрцыдыст-ы, уæд ма дзы цæй хæдзар и. Хахх у ахæм хæдзар, хахх. Æмæ та сног сты уыцы хъуыддæгтæ мæ уды: алыгъдысты. Чи кæдæм дзуры, ли — кæдæм. Махæй сæ ничи никæйауал федта. Фæлæ — диссаг! Куыд æвиппайды алыгъдысты, лæгæн ма йæ уæлæфтау дæр истæуыл куы фæхæцы! Сæ хæдзар, дам, уæй кæнынц. Æмæ йæ куыд уæй кæндзысты уырдыгæй ардæм. Кæд сын æй Баччери ауæй кæна... Цы дзæбæх-иу уыди, цы хъарм, цы рухс! Резæ-иу нæ уыцы сыгъдæг стъолы алыварс куы рабадын кодта! Æмæ ныр хъуа- мæ нæ быны цы фæрвытæ и, уыдон ныффадæм æмæ сæ дуæрт- тæ æмæ рудзгуытыл ныххуыйæм. Махмæ касти Харитъо дæр! Мах æвдæлгæ дæр куынæ кодта, Мах далæ... Дзæбеты раз ныл баизæр: цалынмæ уыцы тымбыл фæрвы- тæ фастам, стæй сæ Харитъо æндзæламад кодта, уый фæстæ сæ хуыйгæ кодтам... Клубы раз, кæм нæ сбадын кодта, уым баурæдта йæ уæр- дон Харитъо. — Гъеныр м’ын уæ цæнгты тых æнæнизæй бахæрут. Изæрмилтыл цæст хæцын райдыдта. Гыццыл аралæуу-балæуу кодтам фæндаджы хъæбæрыл. — Цымæ Дзиу сæхимæ нæма ссыдаид?—Багратмæ бакас- тæн æз. — Цом-ма, абæрæг æй кæнæм. Дзиу кæрты рацу-бацу кодта. Куы нæ федта, уæддæр йæ цыд ахæццæ кодта. Стæй раздæхт, нæ разы æрлæууыд. — Фæстг-г хабæрттæ цыбыр вæййынц, уый зонут, нæ? — зына-нæ^ыпа бахудызмæл и. — Зонæм,— æрхъæцмæ нал хъæцыдтæн æз. — Уæдæ хорз. Райсом Саламбег æмæ Икко Мæскуымæ араст уыдзысты. Нæ мæ уырны æмæ уыцы стыр горæты иу ^уыцауысконд лæг ма разына ,æмæ сæм йæ хъус ма æрдара. — Сталинæн йæхимæ цæуннæ цæуынц, йæхимæ? — йæ тъæ- яаен арм батылдта Баграт. 59
’— Бæргæ бацæуиккой, фæлæ сæ куынæ бауадзой. — Æмæ сын афтæ æнæ бауадзгæйæ у? Дзиу йæ кæсæнцæстытыл схæцыд, къух фындзы рагъь| афæстиат. — Фæлæуу-ма, Дзиу, æмæ ды цæуыннæ цæуыс семæ? — Фистæгæй куы цæуиккой, уæд ацæуин. Ацæуин æмæ Ш: сæ хордзентæ хæссин сæ фæдыл. Фæлæ сæ поезды хæрыщ уæнгал цæмæн бахъуыди?! < Уынгæй ма иу каст фæкодтон фæстæмæ. Дзиуы æндæрг та лынгимæ иу кæнын райдыдта, уæддæр ма йæ æвзæрстон—кæр ты фшæмæ фæцæйцыд, æвæццæгæн æм йæ рацу-бацу ныууа дзыны фæнд нæ уыд. Дзиу иннæты хуызæн нæу, иннæ лæгть хуызæи. Æндæрхуызон у, йæ бон у æмæ рацу-бацу кæна æрдæ гæхсæвмæ дæр, /Суанг, боымæ дæр. Фæлæ цымæ цæмæн рацу бацу кæны?.. Ибоны къуырийы, дам-, Илар Дзерæтæм уыд. Дзерæ дам æм пецы сæрæй суг фелвæста. Æвæццæгæн ын йе ’нæууыл/ ныхæстæм нал бафæрæзта. Йæ мад, дам, æй хъаст кодта сы- хæгты устытæн, Дзерæйы мад. Хъаст кæмæй кодта — Иларæ* æви йæхицæй Дзерæйæн, уый дзæбæх не ’мбæрстон æз. Уыпджы дæр, дам, нæ ныууагъта йе ’ртхъирæнтæ: а лæппу, дам, дæ къу- сы æркæуын кæндзæн. Мæгуыр уæрццæн, дам, зад хуымы хи- зын нæ фидауы. Цæй уæрцц æмæ цæй хуымы кой кодта — ацу æмæ йæ ды базои. Фæлæ йæ нырмæ цæуылнæ искуы сырдта, диссаг мæм уый кæсы. Нæ йæ уыдта! Йæ ныхæстæм-иу йæ уадултæ куы ныссырх сты. Уæддæр дзы цыдæр цыди йæ зæрдæмæ — ууыл дзырд дæр нæй. Фæлæ цымæ цы? Уæд ыл фæхудтаид йæ зæр-, дæ, Дзиуимæ хъæбысæй куы хæцыди, уæд. Йæ кæсæнцæстытæ йъгн .куы акъуырдта къахæй... Хидыхъус, мах-иу Лизæимæ дæлæмæ кæм фæзылдыстæм,1, уым машинæ лæууыд, йæ рухс йæ размæ хауд æмæ зæххыл, змæлыд. Æз æм кæсыныл фæдæн. Раст уыцы тæккæ чидæр^ бауади рухсыл. Рухс фестъæлфыд, цыма арт уыд, уыйау сырх; фæйлауæн ахъазыд йæ сæрмæ. Цалдæр цæстфæныкъуылды ра^ уад æмæ дыууæ цырыхъы бахызти рухсмæ, йæ бæстастæу æр-[ лæууыдысты, сæ сæрак хъустыл рухс нæ хæцыд, æрттывта сыл.; Иуцасдæр афæстиат сты, цыма рухсдзаст фесты æмæ талынг-| мæ куыд ахызтаиккой, уый нал зыдтой. Стæй рухс базмæлыд,? адаргъ и, йæхи хидырдæм баивæзта, баххæст æм æмæ йæ сæр-;: ты агæпп кодта. ^ | Машинæ кæм лæууыд, уым чидæр баззад æмæ æмбæрзты;' рæбыпты дæлæмæ ныззылди. Талынгæй дзæбæх нæ хицæн код-< та, цыма лæг мæ уыд, цыма талынг йæхæдæг змæлыд, уæддæр| æй базыдтон: Саламбег Парсаданы фырт! Æмæ уæд рухсма^. цы цырыхъытæ лæууыд, уыдон... Иккойы ма уыдаиккой? УыцЫЙ æрттиваг цырыхъытæ? Æмæ уæд цырыхъыты размæ уыцы сырх? фæйлауæн... Уый къаба нæ уыди?! Лизæйы къаба ма уæд. Ли-' зæйы сырх къаба?!. 60
Мæ мидбынат æрзылдтæн — бамбæрстон æй. Ноджы ма зи- лЫИ. Ацыди?.. Кæдæм ацыди?!. Хидыл бауадтæн, уынджы фæуайын, колхозы къантормæ нзема бахæццæ дæн, мæ цыд фæсабыр, æрлæууыдтæн. Фæстæ- мæ фездæхтæн. Хидыхъус фæзылдтæн. Дæллаг уынджы, дон æмбæрзты рæбынты кæм азилы, уырдæм ныххæццæ дæн. Æр- лæууыдтæн, цыма айонг дæр доны ныфсæй фæцыдтæн. Кæсын размæ, кæсын фæстæмæ — уынг цыдæр сабыр уыд, куыдзы рæ- йын дæр дэы никуыцæй цыд. Цыма мæ фæлваргæ чындæуы, кæддæра цы ми кæнин ацы талЫнг уынджы иунæгæй. Низовойты размæ куыд ныххæццæ дæн, уый не ’рхъуыды кодтон. Æмæ йæ уæддæр не ’рхъуыды кодтаин, фæлæ сæ чи- дæр тыргъмæ рауад æмæ куыдзмæ фæдзырдта, æвæццæгæн ын хæринаг рахаста. Лæууыдтæн æмæ мæ зæрдæиы цæфтæм хъуыстон. Иу афон мæм.иу хъуыды æрцыд — нæхимæ ацæуон, фæлæ куыд рацы- даин, уымæ нал арæхстæн. Мæ мидбынат та æрзылдтæн æмæ ауыдтон рухс — рудзынгæй рагæпп кодта, къулрæбын цы бæ- лас уыд, уый къалиутыл абадт æмæ сыл змæлыд, цым.а сыл исты агуырдта, уый хуызæн. Фыццаг цæмæй фæтарстæн — мæ цæст куы фæныкъулон æмæ рухс исты куы фæуа; æдзынæг æм ныккастæн, афтæ æдзынæг æм ныккастæн æмæ мæ цæстыты рухсимæ баиу и уыцы рухс. Æмæ мæм раст уыцы уысм æрбай- хъуыст фæндыры цагъд, уыцы цагъд, Лизæ кæй цагъта... Исдуг мæм афтæ фæкаст — доæ хъустыл ,цыдæр ауад, мæ сæр бауыгъ- тон — нæй, нæ банцад фæндыры цагъд — уылæнтæй ивылд ру- дзынгæй рухсимæ æмæ бæлæстыл змæл’ыди. Æмæ уым уынджы хъæбæрыл лæууыдтæн, афтæмæй дисыл бафтыдтæн: цы ’гъда- уæй бдиу уыдаид фæндыры цагъд рухсимæ? Мæ дис тынгæй- тынгдæр кодта æмæ иу кæцыдæр уысм ауыдтон: бады Лизæ, фæндыры тæнтæ улæфынц,— фæйнæрдæм фæцæуынц, йæхæдæг рудзынгмæ кæсы, æдзынæг, тынг æдзынæг æмæ рухс æхсæр- дзæнтæ ныллæууыд йæ дыууæ цæстæй, урс-урсид рухс æмæ ивылы рудзынгæй... Уæдæ уымæн баиу сты, уымæн рухс æмæ фæндырдзагъд, сæ дыууæ дæр рухс сты — цæстырухс æмæ зæр- дæйы рухс... Æз та дис кодтон... Фæлæ кæмдæр мидæгæй цы- дæр цæлхдур æвзæрстон — фæзыпд æмæ та-иу фæлуварс—æмæ 'Мæ уыцы дыууæ рухсыл фаг цин кæнын нæ уагъта. — Уæдæ машинæйы рухс артау кæй сырх къабапыл сир- вæзт?— бафарстон мæхи æмæ уайтагъд дзуапп дæттынмæ фæ- дæн: — Уый æндæр чидæр уыди. Сырх ,къаба йыл уыди æмæ ба- хызти машинæйы рухсыл. Цæуыинæ хъуамæ бахызтаид, хизыи æй хъуыди æмæ? Æрцардтæн уыцы дзуаппæй, мæ риуы дзаг сулæфыдтæн. Цин ныггуылф кодта мæ риумæ, пæ йын бафæрæзтон, размæ Фæцудыдтон... Дон уынджы æмыдынг кæм цæуы, уырдæм куы схæццæдæн, Уэед æрлæууыдтæн æмæ мæхицæн загътон: 61
— Алæ-ма, кæддæра абон кæм лæууыд, кæцæй мæм дзырд* та кæддæра.— Тынг ныггуыбыр дæн, афтæмæй цæуын тæкк былты уæлæмæ. Хидмæ мæ бирæ нал хъуыд, афтæ — мæнæ иу| тъæпæнгомау дур. Къухæй йæ æрысгæрстон. Ам лæууыди, ам| ацы дурыл, ардыгæй мæм дзырдта. Дурыл слæууыдтæн ма^ фæлмæн хæцъил дзабыртæй, мæ къух батылдтон,- абон Лизæ* куыд батылдта йæ къух, афтæ. Æмæ мæ хъусы азæлыд Ли4 зæйы хъæлæс: «Хорзæй баззай, Себæ! Æз цæугæ ,кæнын» Фес~| хъиудтон, гыццыл ма бахъæуа доны мæ къах фæтъыссон. Фæс-; тæмæ дурыл алæууыдтæн. Нæ, нæ, афтæ нæ загъта, цæмæн’1 хъуамæ загътаид афтæ?! Исты цæугæ акодта. Йæ къух мæм батылдта æмæ цы? Къух, цыфæнды куы дзурай, уæддæр и ба- тилæн. Йæ къух батылдта, уый цы! Райсом мын сæ къласмæ æнæ бацæугæ нæй. Кæй цы хъæуы? Мæнæ Къостайы æмдзæвгæтæ ахуыр кæнæм иумæ! Фæрсгæдæр’ >лæ бакæнæд, кæддæра сын дзы цас радзурин! Нæ, фæлæ цы,, хорз уьцп, Лизæмæ «Иррн фæндыр» сахуыр кæна, уыцы зонд кæй æрцыди, уый! Æндæр-иу иумæ куыд рацыдаиккам, стæй-иу цы дзырдтаиккам, куы-иу рацыдаиккам, уæддæр? Райсом... йæ цæстытæм дæр ын бакæсдзынæн, йæ цæсты- бынтæм дæр. Уыцы сырхбын стъæлфытæ... Афтæ йæм цыма æнæуи бакастæн, уый хуызæн. Бакæсдзынæн сæм. Кæй цы хъæуы? Фæлæ дыккаг бон Лизæ скъолайы нæ раз^ынд. Æртыккаг бон дæр. Уыйфæстæ дæр никуыуал уыд Лизæ не скъолайы. Никуыуал дзы уыди Саламбег йæхæдæг дæр. 52
ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРЛЗ ДÆ КУВÆНДÆТТÆ СОНЕТ «Ты с песней живешь, Я с песней умираю». Педро де Рохас. Хъыцъыдæттæ мын бадардтай, Хуыцау! — Æвæццæгæн дæ коммæгæс нæ фæдæн. Нæ дын куывтон, фыдæнхъæлау, фыдæнæн, Хъыджы уа, цнны, гъе, мæм уа æхца. Дæ рæстдэинадыл ахуыр кодтой мæн, Нæ йæ федтон æз а-царды мæ цæстæй. Дæ кувæндæттæм нал цыдтæн æввæхсты, Мæ хъуыды уыд: кæмæн æмæ цæмæн! Ныккалдтай мыл уæд ды дæ хинты хин: Паддзахы фыдæх, сонт чызджы рæумитæй Мæ тæвд туг кодта дадзинты æдзынæг, Фæлæ уæддæр кæ айсæфти мæ цин. Хъуырмæ — цæссыгæй, гъеуæддæр-ма, зинау, Тæккæ райсом æз заргæйæ мæлдзынæн! АМОНД (Кузминмæ гæсгæ) Æз куы уыдаин кадджын, Уæд кæ дунейы адæмтæ, Цымыдис фæндаггæттау, Цыдаиккой радгай дæ къæсмæ, Цæмæй-ма æддейауæй Иунæг хатт бакæсой, Æз кæй уарзтон, уымæн Йæ цæсгоммæ. Æз куы уыдаин бонджын, Уæд авд-авд хæхты фæсте Цъæх денджызы 9рфы Цы диссаджы кæф цæры, Уымæн (мæрдты, дам, æгас кæны) Æрхастаин иу бон йæ игæр, Цæмæй ды æкустæм дæр Цардаис зæххыл. Æз куы уыдаин хъаруд"ыи, Нæртон бæгъатыртæ Бола æмæ Гоиъийау, Уæд дæ фы^дæр ызнæгтæ, Дæ хæлæг æрдхæрдтæ Цыдаиккой *у а æл’* Дæ фæлмæн къæхты бынтæн Пъа^тæ кæнынмæ. 63^
Æз сæрибар куы уыдаин, Уæдг кæйонг уыны нарты Æвæджиау арвайдæн Дæлзæхæй — уæлзæхмæ, Æз уырдæм фæкодтаин дæуг Æрвон рухсау мемæ Дæ зæрдæ рæуулæфт фæкæна Æрвылбоны даутæй. Æт куы уыданн амондджын, Уæд афонмæ ды Хæхбæсты æппарис уæлибыхтæ Дæ тæвд пецæй. Æз та дын мæ сонт æмæ ницæйаг митыл Æппынфæстаг басæттин, дзуары лæгау, Æмæ дуне нæ худæгмæ Худæгæй тонид йæ фæрстæ. АФРИКÆЙАГ ПОЭЗИ КÆСГÆЙÆ Уый ды дæ* Бирæ азты фæстæ Æз хъусын дæ хъæлæс Фæсус телефоны. Дзург тагъддæр-иу дзур, Науæд иу уысм Æмæ нæ фæхицæн кæндзысты |Йæ аргъ мын фыст нæуг— Æхца та мæм нæй). Зæгъ: нæ хицæны фæстæ, Цъæх арв æмæ хурау, Нæ уддыл кæй нытталынг Дуне... Ис уарзты къæсæрыл Æртæ дидинæджы: Сæ иу вæййы малусæг, Дыккаг — сæрдыгон æрыскъæф, Уыд иннæ — Фæззыгон фыдтымыгъты дæр ма Йæ уд кæмæн тæлфы, Гъе ахæм Рæдау хризантемæ... Нæ хъысмæты куывды Сæ фыццаг ды уыдтæ, Æрвцæхæрау;—малусæг. Уыд иннæ — нæ уарзг, Мыдыбындзы базыртау, Адджын... Æз цы зæгъон! — Мæ фæззыгон бонтыл Ныффутт кæны ихдымгæ, Фæлæ, оххай, дæ сурæт Нæ хизы Мæ цæстыты къуырфæй. ТЕЛЕФОН Дæ фæрцы æз бирæ Æфхæрдтытæ, Бирæ рæсугъд фынтæ Федтон мæ царды... Д ы^дтои-иу тызмæгæй Мæ фьгддæр ызнæгтæм; Æпт^ъирæнтæ кодтой, Фæлæ та-иу,—абон уа, сом уа,— Сæргуыбыр цыдысты мæ рæзты. Дзырдтен-иу тæргаисе, Мæн чи ныууæй кодта, Гъе уыцы рæсугъдмæ; !-æнæ та фæсмонау, Мæхæдæг цы чы?джы Фæкодтон фæсмойнаг, гъе уымæ. -Д-*ьрдтон-иу фæлмæнæй Мæ рæдау, мæ сагсур æрдхæрдтæм: Нæ уыдтæн æз се ’мсæр, Фæлæ-иу мын алкæд Мæ талф-тулфы митæн дæр барстой, Ы
Дзырдтои-иу — фыдрасыг — Æнæзонгæ адæмтæм Æмæ-иу сын кастæи Мæ ногфыст æмдзæвгæтæ: Нæ мын кодтой уайдзæф,— Æррайыл ма чи кæны дистæ, Дзырдтон-иу ыстæмхатт Хъуынтъыз бюрократмæ Хъуыддаджы ныхæстæ дæрг Фæлæ алы хатт сабырæй. Ныр та хъæр кæнын: Цы фæдæ, гыцци!! Фæлæ никуы ’мæ ницы... Хъæр мæрдтæм нæ хъуысы. уæсты сау азар фæцис, Г ыд салдат йæ хъæумæ. Сабыр къæсыл кодта дис,— -’н йæм каст æнхъæлмæ!.. Дымгæ джагуртæ кæны Арф комы рæбынты Тæрсы къалиутæй кæлынц Сау уыджы цæссыгтæ. ФЕМБÆЛД Æцæг хабар Мæ мад æмæ ме *фсымæрæн. Калди хохагæн йæ хид; Лæппу цыд æдзæмæй. — Чи дæ,— загъта лæг, кæмæй У, мæ хур, дæ мыггаг! — Ам дзæгъæлдзæуджытæ нæй, Уæд рæстмæ дæ хъуыддаг! Мæнæ куырой. Рахызт дзы Иу мæгуыр хæххон лæг. Къæсса — фæсæфцæг, тындзы: — Чи уа ацы уазæг! Уары урс тъыфылтæй мит, Иу фæдыл — сæ цæуæн. — Ис мын ам фыд æмæ мад, Сты ма ’гас — нæ зонын, Фæлæ ахсæв у мæ рад,— Рох къæсмæ дæ хонын! Лæг фæзылд, ызнæт сырдау, Фехста митмæ хордзен: — Уый ды дæ, хъæбул! Æз дын Хистытæ куы кодтон. I МАД ÆМÆ ФЫД Дæ авдæны зарæг уыд хъарæг, Мæ ирон сылгоймаг! — Ацыцытæ кæ, рахъомыл мын у, ^, хъæбул! — Райсом раджы дæ дæ фыд æрвитдзæни Сау хæстмæ. Н ^эеууы ма мæ зæрдыл,— ^æ мад-иу мын сабийæ ^Уыд фаста мæ къæбæлдзыг бецыкк 2* рæдау, ^ге фæлмæн æнгуылдзтæй; ^ мæ баззад рохы,— Мое фыд-иу мæ, сонтау, ^Уыд баппæрста рогæй ;' Мах дуг М 7, 1991 Æнæсаргъ, æнæидон уырсыл: Тæх, хъæбул!.. III Мæнæн та мæ зæрдæ Æнд&р цæмæдæрш æхсайдта: Ныннæрыд-иу уалдзæг Иæ ызнæт, Йæ бур-бурид хьæпæсæй Иомы дон, зинау, Æмæ-иу йæ былтыл, Раст урскъаба чызгау, Фæцагайдта зилдухтæм Малусæг... Дыууæ туджы ивылы уæнгты: Дæ рæдау, гыцци, Дæ тызмæг, мæ фыд! 65
ÆХСÆВЫ ХЪУЫДЫТÆ Ницы-мацытыл рагæй Цы бонтæ ныххардз кæнæм, Уыдон Кæй нæ фæнды раздахын царды. Ныр, æцæгæй, Хуыцаумæ Куы разынид искуы лæгдзинад, Куы сæ радтид ногæй, Уæд (уый у мæ хъуыды), Цы хæрзтыл ныйивин сæ рæетеегП Куырыхонау ахæм хъуыдытæй Маь къухтыл ныххауы мæ сæр Æмæ та фæзæгьын: Фыццаджы-фыццагдæр Мæ сонтæй кæй бафхæрдтон раджы, Гье уыцы рæсугъдæн — Мæ рагон, мæ тæргай æрдхордæн Фыд-зымæджы хъызты Æз их донæй дуртæ фæхæссин; Мæ фыддæр ызкагæн Цыфыддæртæ бгкæнин ногæй, Цæмæй ма мæрдты дæр Мæ сонт хъæлæс хъуса, Æлгъыстау... Ыстæй уæд фæцæуин хæхбæстæм— Мæ райгуырæн хъæумæ, Мæ куыдзæн фæкæнин лæггæдтæ Дзидза уа, æхсыры хуыздæрæй, Ныр уал азы дæргъы Мæ уындмæ бæллыди. Ракæсæн уæлхæдзæрттæй миттга, Фæкалин... Мæ хъуырмæ куы схæццæ уа Хъарæг,— Уæд дурыны гуыбын Æз бахуылыдз кæнин Драхъæй — (Мæ мадæн дыууæ сæдæ азь? Ныгæд у мæ комыл], Фæцæуин мæ рагон Фыдæлты уæлмæрдмæ, Мæ мадмæ, мæ фыдмæ. Луаеитæ, лауызтæ скæндзысты Сыхæгтæ; дон та — сæ разьг. Куы фæцæуа алчи йæ къæсмæ; Уæд дзы æз ныккалин, Æнустæм цы куыдæй нæ фæкæуи Ахæм цæссыгтæ. 66
ХЪАЙТЫХЪТЫ АЗÆМÆТ ЕСÆЙЫ МÆСГУЫТÆ Историон цаутæ Хъайтыхъты сагсур лæппу Хъазыбег æмæ Дзулкойты сауæр- фыг, урс дæллаг^ъуыр чызг Есæйæн Ходы урсзачъе хистæртæ сæ чындзæхсæв куы афутт ластой, уыдои та æгъдауыл сæ сæр- тæ иу базмæ куы ’руагътой, уый ацы æнус сыфтæр æппарын куы байдыдта, уæд уыдис. Фарны бæлон пæр-пæргæнгæ æрба- тахт хохаг талынг къуыммæ æмæ Хъайтыхъты сæгдзыд хæдзар ныррухс. Ахæм гуыппхъазт рагæй нал уыдис хъæубæсты æмæ дзы ныр куыстдзагъд фæсивæд сæ мондæгтæ уадзъшæй нал æф- сæстысты. Æнæхъæн мæй нæ банцадысты хъуытазхъуыр фæн- дыры æхсызгон зæлтæ æмæ сæракдзабырты рог сырт-сырт. Сæрзæды урс тырысайы бын, йæ чындздзон дарæсы, сойын цырагъау уырдыг лæууыди, нарæгастæу, гуырвидауц чындз æмæ йæ сырхварс уадултыл хуртæ мæимæ хъазыдысты. Хохаг хъæуы, ирон чындзæн цы уæззау фæлварæнтæ уыд, уый Есæ хорз æмбæрста æмæ сæм йæ цæнгтæ бафистæг кодта. Хæдзары уæззау куыстытæй уæлдай, лæггад кодта æнæхъæн хъæубæстæн. Кæмæн дзабыртæ хуыдта,' кæмæн та басылыхъы гоцоратæ быдта. Чи йæм æлвисииаг хаста, чи та — йæ пиринаг. Кæмæн фæсмын цъындатæ быйын хъуыд, кæмæн та сæрак зæн- гæйттæ хуыдта. Куы-иу искæмæн дондзау ауад, кæмæн та-иу йе стуртæ радыгъта. Æхсæв та мæйрухсмæ сыхæгты кæртытæ æмæ хъæууынг мæрзын хъуыд æмæ Хъайтыхъты чындзæн уисой къуыриваг дæр нæ кодта. Æмæ чи фæуаид нымад ирон чындзы бирæ лæггæдтæ, йæ уæззау фыдæбæттæ! Абабау, истæуыл дзы куы фæкъуыхцы уы- даид, уæд йæ худинаджы хъæр æнæхъæн комыл айхъуыстаид æмæ адæм цъиутау уасыдаиккой. Хуръг зæрин тынтау ног чындзы уатмæ гуылф кодтой адæмы бирæ арфæтæ, фæлæ, дам, амонды фæдыл фыдбылыз сусæгæй хилы æмæ иуахæмы Хъазыбсджы фæдджийыл дæр фæхæст. * Рæстæг бекъæтæй хъазгæ гæпп кодта. Фæззæджы бур рихи- тæ бындзарæй Галæгоп ачъепп ,кодта æмæ хæлын барæгау, ко- мæй-коммæ, хохæй-хохмæ æхситтæп заргæ гæпп кодта. Кæм цы ардта, уыдон ссывта æмæ сæ алы цъæссымты мыстау æвæрæн- гæ кодта. Хъазыбегæн дæр пæ фæззыгон куыстытæ фесты æмæ иу æвдæлон бон Бады хъæуы йæ хорз хæстæджыты кулдуар ехсы хъæдæй бахоста. Уазæг хуыцауы минæвар у æмæ Хъазы- бегыл дæр йæ уæздан фысымтæ зæрдиагæй бацин кодтой. Дык- 67
каг бон хур Къуыдзепы лæгæтмæ куы бакаст, уæд хъæубæст^ сæ буц уазæджы афæндараст кодтой. " , ;| Барæг паддзахвæндагмæ куы ’рхызт, уæд тæлтæг дымг^ йæ размæ февзæрд æмæ йын йæ сау ньи^æты фæдджитыл фæ<3 тæмæ бæргæ ахæцыд, фæлæ хъал бæх йæ сæппы кой кодта; Æрыдоны дон дæр, урс фынк калгæ, фæлхæрст богъайау абух^ гæ, бæлццоны йæхимæ бæргæ цыбæл кодта, фæлæ, дам, дзæ^ бидыры хъусы — уад. Уæ, бæргæ, чысыл куы афæстиат уыдаид, гъе та раздæр куы сивгъуыдтаид, уæд.ын Садоны нарæг уын- джы, кæйдæр сау гæды йæ ’фæндаг пæ ачъепп кодтаид. — Мæ фыдбылызтæ дæ хай!—хинымæры бахъуыр-хъуыр кодта Хъазыбег æмæ йе ’фсургъы тæнтæ зæвæтæй > фæцагайгæ зулцæстæнгас гæдыйы фæдыл ныззолочъи кодта. Садоны дзыхъы, æрзæткъахджытæ мæлдзыджытау змæлы- дысты. Фæйнæрдыгæй зæлыдысты æндон мæцъисты зæлланг æмæ æфсæн фыййæгты хъыррыст. Чи къæдзæхдуртæ дзæгго- рæй саста, чи та æккойæ йæ уаргъ скъæфта. Зæрдæ уынгæг кодта цагъайрæгты хъæрзын æмæ нæтынмæ. Чъиухидæй цы уæлæфтау ныггам, уыдон ихдзагъд залмысыфау ныскъуыдтæ сты æмæ хурæфхæрд, хæпылой буары цъæй лæдæрсти, фæлæ сын цæстдарджыты гуымыдза богътæ æмæ ехсы æнауæрдоп цъыччытæй «уæуу» зæгъыны бои дæр нæ уыди. Уыцы æбуалгъ нывтæм ходон, барæджы маст йæ хъуырмæ схæццæ, цавæрдæр ыалат фæндтæ йæ зæрдæйы схæлбурцъытæ кодтой, фæлæ йæ хъуынджын худ арфдæр æрсагъта æмæ та йæ- хъал бæх базмæлыд. Барæг аргъуаны уæле ходонгоммæ фæзи- лæны уæрмы размæ куы схæццæ, уæд йæ маст нынныхъуырын нал бафæрæзта. Дыууадæс цагъайраджы æрзæт дурты кæрийæ сæ цæрмын голджытæ дзаг кодтой.Иуæн дзы уæззау уаргъæй йæ голла- джы фарс афарин. Дыууæ гуыбынджын цæстдарæджы йæ ку- сартау зæххыл радæргъ кодтой æмæ йæ лæдзджытæй уырд нæ- мæгау хостой. Лæг йæ гæндзæхтæ тилгæ, зæрдæхалæн æрдиаг кодта, йе ’мбæлттыл та тæссæй ризæг бахæцыд æмæ зыр-зыр- гæнгæ сæ куыстьт кой кодтой. Хъазыбеджы цъæх цæстытæ арвау ферттывтой.æмæ йæ бæз- джын хъæлæс сармадзанау пыннæрыд: — Æрлæуут, хъамылы хуытæ! — фæлæ йæм хъусæг куынæ уыд, уæд йæ нымæт феппæрста æмæ стайау йæхи дыууæ цъул- берыл фехста. Сæ лæдзджытæ сын донмæ ныззыввытт кодта, се ’фцæггæттæй сæ зыгуымы голджытау фелвæста æмæ йæ пырх кæмæн акалдтой, уымæ дзуры: — Маргæ, ацы сау хæрджыты, дæ маст сæ райс! Цагъайрæгтæн тæссæй бынтондæр сæ туг фæлыгъд. Хæххон цæргæсы раз æрзоныгыл кодтой æмæ дзуар æфтаугæ сæхирды-, гонау лæгъстæ кодтой: — О, господи, помоги! — Господин, ради бога отпусти их. «Адон лæгтæ куынæуал сты»,— дисгæнгæ ахъуыды, кодта. 68
^ъазыбег, фæлæ сын ,кæд сæ ныхæстæн ницы бамбæрсъа, уæд- д#р сын се ’фхæрджыты сæртæ кæрæдзиуыл ныххоста, йæхæ- ч#г цæргæсау бæхыл абадт, хурау ма æрзæткъахджытæм фæ- худт æмæ парæг комы фæтарк. Цагъайрæгтæн цыма сæ Уас- гЬ1рджийы хай атахт, уыйау дзуæрттæ æфтаугæ йæ фæдыл кас- тысты. Къазнайы дыууæ цæстдарæджы зокдцухæй кæй баззадысты гмæ лæгтæн кæйпæуал сбæззыдысты, уый æрзæткъахæнты хи- цау Филковичæн йæ къуди аныхæгау фæци. Ходонгом’Ы æрзæ- гы хъæздыг æвæрæнтæм къухбакæнæн рагæй агуырдта æмæ йын ныр хорз æфсон фæцис. Хъæубæсты хистæртæн хуыздæр гæнæн нал уыдис æмæ комы къæдзæхтыл къазна йæ дзæмбы æрæвæрдта. Фæлæ уæддæр Хъадабеджы хъуыддаг бынтон æх- гæд не ’рцыд. Уыцы аз Япон æмæ Уæрæсейы æхсæн хæст ныг- гуыпп ласта æмæ Сыбыры бинаг къæйы бæсты Филковичы «æх- хуъьсæй» ходон «бунтгæнæг» уым стæлфыдис. Хъазыбеджы лæгдзинады кой æнæхъæн комыл айхъуыст æмæ йæ адæм Уастырджийыл фæдзæхстой. Хъæуыхицау Гате- т,ы Гоцц та дзылæйы зондахаст зыгъуыммæ фæлдæхта: — Цы хъуыддаг ис мах уырыссæгтимæ, кæрæдзийы дæр бахæрæнт. Дæ кас кæм нæ уа, уым дæ уидыг ма тъысс æмæ дæ къона ма хæла! — Лæгты рухс дзуарыстæн, нæ лæджы быиаты æз дæр аф- тæ бакодтаин. Цалъшмæ удмидæг уон, уæдмæ та ацы къонайы арт хуыссын нæ бауадздзынæн,— хъæуыхицауæн ныхкъуырæн кодта Есæ. Рæстæг цыд æмæ кæмæн йæ мастыл цæхх кодта, кæмæн та М’ыд. Бонджынтæм хуры тынтæ здæхта, мæгуыртыл та аууон æппæрста. Фæлæ уæддæр хъысмæтæй æфхæрд адæмы ныфс нæ састи æмæ æхсынæны чъирийау сæхи хурмæ ивæзтой. Æхсæ- вæй-бонæй зæдтæ æмæ-дауджытæм куывтой, Хуыцауæй хæр- зиуджытæ куырдтой. Есæ дæр адæмы фæзмыдта æмæ ницæ- мæй фæрæдыд. Хъазыбег йæхи Ходы Уастырджийыл бафæдзæхста æмæ фыдвæндаг нæ фæцис. Æнæнхъæлæджы дард Скæсæны, иуæй йе ’рвад, дæлбулкъон Михел’ыл фембæлд, аннæмæй та йæ фæн- диаг хæсты пиллон арт ахуыссыд æмæ æфсæддон хæйттæ æр- фысым кодтой Харбины горæты. Японы сæ худты бын фæкæиинаг чи уыд, фæлæ самурайтæ апп-ушгы кæй айстой, паддзахы уыцы инæлартæ сфæнд кодтой сæ ирвæзынгæнæг Хуыцауы ном ссарын æмæ афицертыл æх- цайы къусбар æркæпын кодтой. Куывды бынат снысан кодтой хуыцаубонмæ Харбинæй дыууадæс всрсты æддæдæр — цъæх ^рдузы, доиы был’. Инæларæн сабат бон куыст ницы уыд æмæ къусбары фылдæр æхца чи нывæрдта, уымæй йæ адъютанты Зафарста. Уый дæр номхыгъДтæм æркаст æмæ цыбыр дзуапп Радта: — Хъайтыхъты Михел æмæ Хъазыбег, дæ бæрзоиддзинад! — Чи сты? 69
— Михел — дæлбулкъон, чъылдымыхицау, Хъазыбег та — урядник, дæ бæрзоиддзинад! — Тагъд цæугæ æмæ базон, кæд не ’мсæр уæздан адæмæй не сты, уæд сын сæ капеччытæ адде кæн. Æз мæ сæрмæ нæ хæсоын-сау адæмимæ иу фынгыл бадын, — Ис, дæ бæрзонддзинад! Хуыцаубоны райсомæй арв уыди сæгъы цæстау сыгъдæг. Куывддон æфсæддонтæй чи йæ рæсугъд усимæ, чи та йæ уарзон чызгимæ араст сты Харбины горæтæй цъæх æрдузмæ^ Михел æмæ Хъазыбегау æлдары туг кæмæ нæ хæццæ код-, та, уыдон та фæлвыхæй горæты уынгты дзæгъæл хъеллау код- той. Фæссихор дондзаст тар мигътæ арвы цæсгом сæхгæдтой æмæ бон йæ былтæ тæргайгæнаг сывæллонау нысчъил тсодта. — Цалынмæ нæ тæрккъæвда не ’рсырдта, уæдмæ нæ фа- тер бацагурæм,— арвы милтыл йæ цæстæнгас асæрфгæ загъта Михел æмæ дыууæ æрвады файтонты æфтауцдоимæ атындзыд- той. Михел æмæ Хъазыбег кæд сæхи хъæлдзæг дардтой, уæддæр- урскъухджынтæй сæ маст цы хуызы райсой, уый сæ нæ рох кодта. Ныр мæнæ файтонты æфтауцæй куы ’рбаййæфтой, уæа Михел сæ хистæры бафарста: х — Уæ боны æфтиаг фылдæр цасмæ схизы? — Фондз ту-маны онг, господин дæлбулкъон. — Уæдæ уып мæнæ дæс туманы. Уæ боны куыст цыма фæ- цис, æмæ ардыгæй райсоммæ цæл кæнут. ’Æрмæст уал нæ иу файтон нæ фатсрмæ баскъæфæд, уый фæстæ ма уæ ардыгæй райсоммæ иу дæр йæ бынатæй фенкъуысыди, уæд уемæ æндæр æвзагæй ныхас кæндзæн Хъайтыхъы-фырт. Фæндагщл Хъазебег (мидбылхудгæ Михелы хин фарст акодта: — Дæ хорзæхæй, утæппæт файтæттæ цæй тыххæй баххуыр- стай? — Гуыппы тыххæй, гуыпп-ы, ме ’фсымæр, мастæн, дам, гæр- рæтт дæр æххуыс у,— уыди дæлбулкъоны дзуапп æмæ уыцы рæстæг цыма арвы бын æрхауд, уыйау къæвдайы ставд æртæх- тæ ныггæр-гæр кодтой. Цъæх æрдузьт лæг йæ сæр кæм фæцав- таид, ахæм бынат нæ уыд æмæ донласт куывддзаутыл, цыма хъаймæт схъызыд, уыйау фесты. Тарст фосау схъомпал сты æмæ горæтырдæм сæ цæстытæ ныццавтой. Уалынмæ æнтъæрд рувасау лæф-лæфгæигæ адъютант æрбахæццæ æмæ йæ инæлар’ афарста: — Кæм сты файтоптæ? — Уæ бæрзонддзинад, бахатыр кæнут, æнæвдæлон сты... — Се ’ппæт дæр? ^ — Се ’ппæт дæр, мæ инæлар. — Ау, чи сæ баххуырста? — Дæлбулкъон Хъайтыхъы-фырт,— фæкъуыхцы адъютант. Бирæгъы холы хæргæ куы баййафай, уыйау инæлары цæстьте ферттывтой æмæ бардзырд радта: 70
— Мæ фæдыл, горæтмæ! — æмæ паддзахы дурхор афицер- т0?} лæхъир фæндагыл цъæп-цъæпгæнгæ ныххал сты. Æрта- ^ынг, уæддæр ма фæндагæй хъуысти куывддзау сылгоймæгты цъиах-цъиах æмæ къæвдайы сæх-сæх. Дыккаг бон инæлар сфæпд кодта къæйных ми бакæнæджы }<арз бафхæрып, фæлæ йæ разы кавказаг дарæоы, гуырвидауц ^фсæддон лæг цæхæркалгæ куы ’рбалæууыд, уæд йæ зæрдæ барухс æмæ сындæггай йæ ныхы æлхынцъ райхæлд. Лæппуйы бæрзонд æвæрд æрфгуытæ, дыууæ хъæлдзæг цæсты, гуыбырго- мау фындзы бын аив рихитæ, фæтæн уæхск, нарæг астæумæ цнæлар кæсыпæй нал æфсæст æмæ хинымæры батæхуды кодта: «Ахæм уæнгты æвæрд мын куъг уаид, уæд мæ инæлары цин дæр бæргæ нæ хъæуид, сылгоймæгтæ мыл хæлоф кæниккой». Хъæрæй та- бафарста: — Кæцон дæ, кæ, джигит? — Ирои, дæ бæрзонддзинад. — Уæдæ ма зæгъ, къæйных джигит, знон файтонтæ кæй фы- дæнæн баххуырстай? — Ныххатыр кæн, мæ инæлар, куывдæй мæ чи фæсырдта, уыдон фыдæнæн. — Ха-ха-ха,— бахудти паддзахы рахиз цонг,— уый æцæг кавказаг цæргæс куы дæ, де ’ргом дзырды тыххæй дын ацы хатт хатыр, ныр та бафидауæм,— æмæ йæ урс дыууæ къухæй æрхæцыд дæлбулкъоны дзæмбыйыл. Тæрккъæвдайы фæстæ та сæрдыгон хур йæ фæлмæн тынтæй æрдзы рæвдыдта. Хæлардзипад хæрамыл фæуæлахиз æмæ Хъа- зыбег æфсады рæнхъытæй Михелы фæрцы уæгъдгонд æрцыд. Кæмæндæр йæ сины саст куыд фæрæстмæ, уыйау Хъай- тыхъты бæлццон дæр Харбинмæ йæ улупа ласынмæ цыма фæ- цыд, йæ хъуыддаг афтæ рауад. Иу изæр Есæйы раз сызгъæрин æхцаты дзæкъул куы ’ркалд- ■ та, уæд æй уый афарста: — Кæм фæфос кодтай адон? — Уæ, Бесæгъуыр’Ы хъал чызг, кæмæи — хæст, кæмæн та — хуры цæст,— бахудти Хъазыбег. Сæрак дзæкъулы хуылфæй йæ бинойнагмæ цым-а калмы цæ- стытæ ферттывтой, уыйау йæ цæсгомы хуыз фаалыгъд æмæ саст хъæлæсæй афтæ зæгъы: — Ма сыл цин кæн, мæ хур... Дæ хиды тæф цы фæллойы нæ ахъара, уый хаир никуы вæййы. Рацыд иу къорд азы æмæ Хъазыбеджы пог арæзт хæдзар пæ былтæй акалд. Фæзынди дзы æртæ чысыл хуры: Буца, Чер- мсп æмæ Петкæ. Уæрæх кæрты базмæлыдысты дыууæ аласайы, ^алтæ, стуртæ, фысты дзуг æмæ мæргъты бал. Фæлæ йæм сы- ^æгтæй чидæртæ зул цæстæй кæсыи райдыдтой. . Æвæдза, адæм дæр худæг сты, худæг. Æгуыдзæджы сæ ных- тæ ныссадзынц, сæрæнæй та се сæфт фенынц. Хъазыбег ма йæ ^æдзары дукани дæр куы байгом кодта, уæд адæм къуыр-къуыр Кодтой: 71
— Уагæр æй цастæ хъæуы, йæхи бынтондæр куы ныхх^ кодта. Бирæгъау ын бафсис^ницæмæйаул ис,— æмæ гуыпп ха& дзары алфамблай худгæхæрам «лымæнтæ» сау халæттау зи|. дух систой, афтæмæй бонтæ цыдысты. $ 1916-æм аш, ходоп лæппу Буца æнтыстджынæй каст фæп4 Æрыдоны сем.ипар. Хъæубæсты адæм ныййарджытæм арфæтæ| згъордтоп, Буцайы та йе ’мгæрттæ хæдзари-хæдзар рахон-б|. хон кодтой. Хъазьгбег хъæубæстыл сой ауадзыны фæнд скодг| фæлæ йæ цпн фæдзæгьæл. 11п зоиы, кæмæ цы емынæйы къа§ бæр ахордта супнаг æвзонг лæппу, барæй æви æнæбары æрцъ| даид æвирхъау бæллæх, уый абон дæр не сбæрæг, фæлæ уыц| æхсæв Буцайы царды сызгъæрин таг аскъуыд. Акалд Есæй! пыфсы мæоыг æмæ куывдæн цы фынгтæ æрцæттае кодта, уыда ныл бæрæчеты бæсты хæрнæджы хойраг æрæвæрын бахъуы| «Æгъгъи, уымæй фыддæр ма дын цы фенæм»;— сæ къах æр; къуырдтой фыдгултæ Хъазыбегыл æмæ хойрагæй гуымэд руста кодтой. Фæлæ хæдзары хицаумæ уыдæттæй ницыуал зынди Иувйрс æрвдзæфау лæууыдис æмæ зæхмæ æдзæмæй касти. 1 Ирон лæгæн йæ’ бинойнаг, кæнæ йæ хъæбулты хуыздæр куь фæхъуыдаид, уæддæр хъуамæ йæхи адæмы раз уромын фæрæз таид. Хъазыбег дæр уыцы æнæфыст карз æгъдау бæргæ æх хæСт кодта, фæлæ сусæг цæссыгтæ хуылфырдæм фесты æма йын йæ игæр басыгътой. Æхсæв-иу уæлмæрдтæм ахъуызьи æмæ уазал ингæныл дæлгæмттæгæнгæ йæ тыппыртæ уагъта. — Нæ лæг, афтæ лæмæгъ æнхъæл дын нæ уыдтæн. Æрв дзавд бæласыл, дам, сызгъæрин къутæр æрза(ди, фæзæгыынц дæхи фæуром, гормон,— ныфсæвæрæн кодта ус йæ лæгæн, фæ лæ масты къуыбар хурхы уадындзты нынн’ыхст æмæ дзы бын’ мæ къæбæр нал цыд. — Зынг зæгъынæй )Ком нæ судзы, не ’фсин, фæлæ, мыййаг мæ цæсытæ куы фæцъынд уой, уæд-иу нæ дуканийы мулк хъæ уыл байуар. Мæ зæрдæмæ^уыцы æнæхаиры капеччытæ хæссын æндæр кæмæн цы кодтам,— иу изæр сфæрæзта Хъазыбег æма æрхæндæгæй уынгмæ йæхи айста. Уыцы æхсæв-бонмæ Хъайтыхъты хæдзары рудзынгæй цы рагъы рухс стъалыйау фæрухс-фæталынг кодта. Саударæг ма; пецы фарсмæ бадти æмæ къуымбил æхсæдгæ йæ сæры хицау мæ æнхъæлмæ касти. Фæлæ Хъазыбег нæ фæзынд. Райсомæ* йæ фæдисæттæ Буцайы ингæныл дæлгоммæ хаудæй ссардто| æмæ та Есæ йæ тугæрхæм рустæм бавнæлдта. Бæрзы талайа} •бæрзонд сылгоймаджы сæр фæгуыбыр, хъуытаз хъæлæсæй уæз( зау хъарджытæй ныффæсус. Р1æ фарсмæ дыууæ къаннæг мæсь! гау хæкъуырццæп кæугæ лæууыдысты Чермен æмæ Петкæ дæй Хуыгайау сæм сæ худты быитæй ’кастысты, сæ фыды худгæхаз? рам «лымæнтæ» æмæ аивæй сæ кæрдты комтæ уырзæй сгæ}* стой. Аныгуылд Хъазыбег йе ’нусон саудалынг хæдзары, мæрД дзыгой йын рухсаг загътой æмæ æфсæстæй сæ фæрныг хз$ дзæрттæм фæцыдысты. Хæдзары æфсарм æмæ уæззау уæз Чер мсны æвзоиг уæхсчытыл æрæнцад. * ; 72
Дрвы дыууæ ахъаззаг дзæхстæн чи нæ фæтасыд, уыцы Есæ ~тыккаг сабаты йæ лæджы фæстаг фæдзæхст баххæст кодта. ’пуканийы фæллæйттæ денушкайы онг мæгуыртыл байуæрста '^мяе йып йæ дуæрттæ хурмæ пыттыгъта. Фæлæ йæ къона фыд- ’ Ч1ты фæндиаг бынтон нæ фæци. Уарзои адæмы арфæ йыл æр- [Ьщ æмæ йып уæззау зианты фæстæ Тыхъылы фæрдыджы хуы- ,æн амменгæнæг райгуырд. Уæд ма паддзах Микъала йæ кады л'ыд æмæ ’йыл уый ном ныпъпъезо кодтой. Алы хурыскаст дæр амонд хæссæг у, фæлæ йæ хъаймагъ, раздаер æй чи фены, уый вæййы. Æвæццæгæн, уымæн тырныд- 10й нæ фыдæлтæ дæр бæрзæндтæм, æндæра Ходы хъæу цымæ ^елæ æфцæг рæбын цæй охыл æрæнцадаид? Куынæ дзы тыл- ^æг цæттæ кæны, куынæ йæм цъиу батæхæн и. Хур æм бакæ- сы Авдæнауы тигъæй æмæ хæдзæрттæн канд сæ рудзгуытæ нæ, фæлæ сæ дуæрттæ дæр уырдæм амонды хуры тынтæ ахсæгау фæлгæсынц. — Нана #уæ рынтæ ахæра, хурыскаст чи цал хатты фены, уал амонды йæ вæййы,— сæумæцъыккæй-иу сидзæргæс Есæ базмæлын кодта йæ, зæнæджы. Ногдыгъд æхсыр сын-иу фæйнæ къусы адардта, науæд, дам,- Уасæгойы уасын æххормагæй куы фехъусат, уæд дуртыл уæ бæгъæмв<ад къæхтæ хойдзыстут. Уый фæстæ-иу сæ алы куыстыл бафтыдта, афтæмæй азтæ хылды- стът. Рæстæджы хорзæх фыдгулты сармадзаны хæтæл Хъайтыхъ- ты зæрдæрыет хæдзарæй иуварс азылдта. Есæйы ныфсы мæс- гуъцгæ тулдзы талатау рæз хастой æмæ сæ мады сæрты ака- стысты. Сидзæргæсы тар æрфгуытæ та сæхиуыл схæцыдысты, цæс- гыгзæд рустыл сæуæхсиды тынтæ ахъазыдысты æмæ йæ зæр- дæйы дудгæ хъæдгæмттæ байгас сты. Æртæ хосдзау æфсымæ- ры иу зад уыгæрдæны кæрæдзийы куы айстой, уæд сæ цæвджы- ~ы æхситмæ ,къададæттæ ивылдысты. Зымтæ та сын Урсхохы рæбынæй æмбисонды зарджытæ нывæзтой. Фæлæ цæргæсы лæппынтæ арвы уæрæх риумæ куыд фæтырнынц, афтæ нанайы лæппутæ та сæ быцъыиæг ахуырмæ тыдтой. Фæстæдæр сæ хис- чæр Чермен хъæууон скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр >кодта Дзæуджыхъæуы, партион комитеты уынаффæмæ гæсгæ æрыз- Дæхт Садоны поселокмæ æмæ уым кусын байдыдта, æрзæт- кьахджыты партчыры разамонæгæн. Уьщы уæззау дуджы, ку- ^æгæи ма йæ иу къухы топп куы уыд, иннæйы дзæбуг, уæд Чер- мен æхсæв дæр нал хуыссыд. Æрзæткъахджытæн амыдта ног ^арды мипиуджытæ, разæнгард сæ кодта хъазуатон фæллойуæ. ^æ арм цас амыдта, уыйбæрц æххуыс кодта мæгуыртæн. Иу- -ыбырныхасæй уарзта адæмы æмæ йæ уыдон дæр «мæ хур»-æй Р^евдыдтой. Æртыпæм азты Хъайтыхъы-фырт нысангонд æрцыд Садоиы ^айоны æххæсткомы индустриалон хайады хицауæй æмæ уæд ^Дæгæйдæр йæ æрдзон курдиат раргом. Фæстæдæр æй царды ^ъæпхæнтæ æрæвæрдтой райкомы дыккаг секретаръг къæлæт- 73
джыныл, фæлæ йыл бирæ нал абадт*. Йæ фыдæн, дам, дукани тæ уыд, зæгъгæ, йыл æвзаг бацыд æмæ йæ НКВД сагойы: фы^ дзыл систой. Кæд йе ’рцахсынмæ къухбакæнæнтæ не ссардто* уæддæр ын йæ сырх билет байстой æмæ йæ куыстæй фæсыр^ той. ’ ’ Æвæдза, æгæр уæззау уыдысты 1937 азы æнæзакъон >мита Чермены æхсидгæ зæрдæ сын нæ ныббыхста æмæ æнафоны ш царды сызгъæрин таг фырмæстæй аскъуыд. Сау тудж,ы зæ фæласта Есæйы ахсджиаг мæсыджы æмæ та мад йæ рустæ] бавнæлдта, йæ фæллад уæрдж’ытæ ныххоста. Рæсуг;ъд æхси Дарцкæ дæр æфсины сау базыры бын, лæгуын уæрццау йæх балхъывта æмæ йе ’ндхъом дыууæ сабиимæ оау марой кодтс Фыдгултæ та сыл сæ къах æркъуырдтой æмæ хæдмæлхор хг лæттау фыдохы фынгыл сæ дæндгæтæ схъаудтой, фæлæ зиаь дадын бинонтæ уыдоныл нæ уыдысты. Сусæг дзырдхæсджытæн хуыцау ма ныббарæд. Чермен] зазхæссæны сæ дæстæнгас Лежæйыл æрхæцыд æмæ стæг æз сынгæ кæрæдзийы хъусты бадыв-дьщ кодтой: — Амæ та ма цæмæ кæсæм, йæ сæр ын цæуыннæ ахæрæм? Æмæ та НКВД Петкæмæ дæр расид-басид райдыдтой. «Ды, дам, Советон хицауады ныхмæ ,йæ роны дур æмбæ; стæй чи хæссы, уыдонæй дæ. Партийы рæнхъытæм, дам, барæ рæмпæг>ау бахъуызыдтæ æмæ дæ фыды дуканийы сæрыл халæ куыст кæимæ кæныс, уыцы æрдонджы нын раргом кæн»,- скъуындæг-иу æй кодтой елестгæнджытæ, фæлæ айчы хуылф] къæм чи кæд ссардта. 1938 азы сыфтæрзгъæлæны Дзæуджыхъæуы слестгæнджыт< Петкæйæн йæ масты дзæкъулы цæхх нывгæдтой, афтæмæй й< сæхимæ рарвыстой. Фæлæ фыдвæндаг фæци, машинæйы фьц былызьг бахауд æмæ та судзадж-ы мард Есæйы мæгуыр къонг йыл сфидыдта. Куыннæ фæхъыг кодтаиккой Ходы хъæуы колхозонтæ, с< уарзон, фæлмæнзæрдæ бригадирыл, фæскомцæдисон æмæ пар тион æвæлмæцгæ разамонæгыл, фæлæ, дам, адзалæн мадза нæй æмæ йæ йæ фыд, "йе ’фсымæрты фарсмæ бавæрдтой. Ру> саджы фынгыл та худгæхæрæмттæ дæр, сынæрцæгъдгæ, кæра дзшйьг басхуыстой, гъæй .кæ, мард æгæстæн хæрдааг у, зæгъгæ æмæ-иу сылысдæрæг куыдзау сæ цъæм-цъæм райхъуыст. — Арвы цыппар цæфы хох дæр нæ бауромдзæнис, ущ æвæдза, ацы сылгоймагæн цавæр фæрсты фидар ис, æви авду, дон у! — дис кодтой мæрддзыгой адæм Есæйы фæразондзина! дыл. Фæлæ, æвæццæгæн, Чермены дыууæ æвзонг талайы, Æх’ сар æмæ Зарæ йæ дæлæрмтты куынæ бацыдаиккой, уæд ац^ хатт кæлдым бæласау æрфæлдæхтаид. ^; Бонтæ фарнхæсгæ цыдысты. Есæйы фæстаг мæсыг Коля Щ ’фсæддон службæ ахицæн кодта æмæ æрдиаггæнгæ йæ сауд^, -рæг мадыл ныттыхсти. Дзугкон дæр, арфæтæм цæуджытæй ха^ тьгр ракургæйæ, бæлццоны сæр йæ фæйнæг риумæ æнгом ньтЛ^ хъивы æмæ ныфсæвæрынæн фæзæгъы: 74
— Уæ мæ зæрдæйы арф æвæрд уидаг, хæдзяры уæз дæуыл ззрæнцади æмæ йæ цудын ма бауадз. Дæ ирон æфсарм макуы бахæр. Райс фыдæлты фарнът тырыса æмæ дæ хуыцæутты хуы- цау адæмæн лæггадгæнæг æмæ æгъдаудæттæг фæкæнæд. Цыд 1939 аз. Садоны æрзæткъахджыты стахановон змæлды хабæрттæ нæрыдысты не стыр Цæдиоы алы къуымты. Уæды чызджытæ хæлæг кодтой садойнаг æвзыпьд лæппутæм æмæ сыл кады зарджытæ сæ фæндыртæй нъьвæзтой. Коляйæн та азрзæткъахæнтæ йæ фындзы бын уыдысты æмæ йе ’фсæддон буц цинел шахтеры дæрзæг дарæсæй раивта. Уыцы аз фæрæст- мæ йæ дыккаг райгуырæн бон дæр. Есæмæ бакуывта зджыдаг рæсугъд чызг, колхозон бригадир Габолаты Серафин. Зæрдæ- рыст мад дæр та йæ саутæ систа æмæ йæ дондзаст цæстытæ стъалытау сæрттывтой. Цард бонæй-бон дзаджджъшдæр æмæ хъæлдзæгдæр кодта. Нæ республикæйы куыстуæттæ иу æнтыстæй иннæмæ хызты- сты. Нæрыдысты иæ сойджын быдыртæ. Колхозонтæ сæ ба- куыст фæллой, хор, картоф сæ кæртыты калын нал уагътой, цы йæ фæкæнæм, нал, дам, нæ^хъæуы. Уæлдай рæсугъддæр æмæ хъæлдзæгдæр та цыппор фыццæгæм азы майы бæрæгбон уы- дис. Уæд соцерысы раззагдæрты хорзæхджын кодтой паддзаха- дон хæрзиуджытæй æмæ зынаргъ лæвæрттæй. Колямæ дæр дзы æрхауди æхцайы гуцъула æмæ патефон. Серафин дæр фæсте нæ баззад. Колхозы разамынд ын балæвар кодтой персайнаг зынаргъ гауыз. Мыды къус Есæйы ’рдæм анхъæвзта, фæлæ Елиатæ цыппар хатты цы бæлас ныццавтой, уый йæ амондыл нал æууæндыд, Йæ зæрдæйæ ыал цух кодтой харбинаг кæлæнгонд æхцатæ. Хи- пымæры тыксти: «Царæфтыд мæ фæкодтой æмæ цалынмæ бын- тон нæ байрæджы, уæдмæ ацы æлгъыст бынатæй исчердæм фæ- лидзын хъæуы». Иу изæр йæ тыппыртæ æргом суагъта. Чындз æмæ фъгрт йæ фæндоныл дыууæ нал загътой. Сæ мæрдтыл къух’тæ бавæрдтой æмæ æпæнхъæлæджы быдыры Ходы, кæй- дæр мæнг агъуысты сæ тъæпп фæцыдис. Коляйы зæрды уым уъгдис цъæхсæр галуантæ аскъæрын, фæлæ йæ дзыпп нæма амыдта æмæ уал уый Садоиы арф уæрмыты æхцайы куыстгæн- гæ баззад. Есæйы фæндтæ афтæ тагъд фæдзæгъæл уыдзысты, уъш æн- хъæл та чи уыди. Сæ ног бынаты мæй дæр нæма ацардысты, афтæ ныррыпп ласта Фъгдыбæстæйы стыр хæст. Нæ фæлæ «иу- I пæг лæг быдыры хæстон иæу», уый зæгъæг мацыуал зæгъæд. |Уæдæ'Гитлер иунæгæй зæххы .къори ,куыд сызмæста? I Мæлæтхæссæг сау дзуар æмæ цардмондаг сырх стъалы ны- хæй-ныхмæ æрлæууыдысты. Гитлеры æфсæн хъæрццыгъатæ ^мæ æндон тигыртæ нæ зæххыл туджы зæйтæ уадзгæ размæ ;,гсгæрстой. Топпыхосы пиллон арты æвзæгтæ Кавказы хохрæ- бынтæм дæр æрбаввахс сты. Коля æфсæддон хайадмæ къахихсыд баци, фæлæ йын хæст- ^æ ацæуыны бар нæ лæвæрдтой. Уымæн æмæ цы æрзæт къах- 75
та, уый фропты удхосау хъуыди. Искæд бон истории ской кæн| дзæн, садойваг здыйы зæй мæрдтæм цал фашисты барвыста! уый. Æмæ уым Коляйы хидвæллойæ дæр чыойл нæ уыди, фæла| æвирхъау хæст карзæй-карздæр кодта. ,, , ’’ | Мин фарастсæдæ цыппор дыккæгæм аз урсзачъе Дадай^ кæд дедатæ уарынмæ нал æвдæлди, уæддæр Коляйæн сæххæс^ .кодта дыууæ ахсджиаг бæллицы. Серафин ъш балæвар кодта хуры фæрдыджьГ хуызæн цæхæрцæст ,хъæбулыч æмæ йыл но^ сæвæрдтой Юрий. Дыккаг бæллиц хурдзаст сабийы фыдыд сæмбæлд мæй фæстæдæр. Фронтмæ ^цæуыны тыххæй йын кæ| дæй-уæдæй æфсæддон комиссар сразы йæ курдиатыл, фæлæ йа> бинонты кæйдæр мæнгагъуысты кæй уадзы, уый тыххæй йæ? рæхснæг’цæсгом уыд сагъæсху^з. Мад ын æмбæрста йæ зæр^ дæйы уаг æмæ йын зæрдæвæрæнтæ кодта: ; — Ма тыхс, мæ хъæбул, хæст банцайæд, æндæра мая дурц бын дæр цæрдзыстæм. • ’ ,| — Дзъщца, бæстæ топпыхосы арты судзы, Æхсарбеджы-иу мын фыдбылызæй бахизут,— уыдис Коляйы фæстаг фæдзæхсх æмæ фидар къахдзæфтæй уынгмæ ахызт. Серафин йæ хурц чысыл тъшы риумæ æлхъивгæ йæ бæлццоны фæдыл кæсгæйæ| хъуыдытæ кодта: , , , I «Æвæдза, куыд тыхджын æмæ рæсугъд у ирон æфоарм, ар-/ ты хуылфмæ цæугæйæ дæр дзыдцайы раз йæхи хъæбулы’ .кои; ,куыннæ скодта». - ’ , , ;| Немыцаг бирæгътæ Ирыстоны бирæ бæргæ нæ афæстиат! сты, фæлæ ма.абон дæр зæхх сæ фыдбылызтæй ныхъхъæрзы^ Уæлдайдæр та уыцы фыдазты, хъæды æмæ быдырты адæмьц бирæ бæллæхтæ æрцъгдис. Есæйы мæгуыр ;къона дæр та дзы;" æвыдæй нæ^баззад. Бинонтæ цæмæй тарстысты, уый æрцыд! Черодены бындар Æхсарбегыл иемъщаг минæ фехæлд æмæ уды| ’ гагайы хуызæн лæггаг баЬын. | Æнауæрдонæй та ихсыд(рустыл æрхæцыд Есæ æмæ та сау фæлысты бацыд. Мæрддзыгой устытæ дæр та йæм дæдæйгæнгае цыдысты. Æрдиаджы бон ма фронтæй схæццæ æртæтигъо1| (къонверт цин уацимæ. Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Кол| хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй. Фæлæ ма уьг- дæттæ кæй æндæвтои. ] • Хæсты æртыккаг аз Сырх Æфсады дыккаг уд бацыд. ÆлЬ гъыстаг сау дзуары карды ком цъула кæнъш байдыдта æм^ фæстæмæ фæкъæп-фæкъæпгæнгæ ныгуылæнмæ тылди. Тохы бы} дырæй æртыгай базыртыл тахтысты урс бæлæттæ-æмæ адæм^ ныфс фидарæй-фидардæр кодта. Фæлæ хæст хæст у æмæ дзй сау сынтытæ кæмæ тахт, уыдон дæр чысыл нæ уыдысты. УыцЙ фыдвæззæг æфсин æмæ чындз мъгдыбындзытау æнцой нал зыд; ’той. Сæ -къух куыд амыдта, афтæ фæззæгмæ мадзæлттæ кодто|- Иу тыхстизæр та Есæйы дæрзæг ^армыл урс бæлон цъыбар’ •цъыбургæнгæ абадт. Дæ хæрзæггурæггаг, дам, мæн, Коляйæ# та, дам, дыккагхæрзиуæг радтой. Фæлæ уыцы циныхабар бир^ 76
#æ ахастд. Æртыккаг бон сæм сау халон Коляйы сау гæххæтт сласта æмæ та хæдзар æрдиагæй .байдзаг. Нæ, ацы хатт Есæ йæ зæронд.сæр нал ныххоста. Ныры ду- джы ахæм рæдыд хабæрттæ арæх вæййы, зæгъгæ, йе ’рькгон чындзæн ныфсæвæрæнтæ кодта, фæлæ сусæгæй та йæхи хæры- ныл нæ ауæрста, ^афтæмæй бонтæ адаргъ сты. Райдайæн кæмæн уа, уымæн кæрон дæр æнæуæвгæ нæ вæййы. З&ххыл чи никуыма .уыд, уыцы стыр хæст дæр фæци æмæ уæлахиздзау бæлццæттæ сæ мæгуыр къонатæм здæхты- сты. Есæ æмæ Серафинæн дæр фæндаджы фæзи^æнмæ сæ цæс- тытæ бæргæ ныуурс сты, кæд сыл хъысмæт гадзрахатæй ра- цыд, уæддæр сæ ныфсы’ зынджы мур хуыссын нæ уагътой. Кæд, дам, цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та рæхуыст. Хæс- ты хъæдгæмттæ нæма байгас сты, афтæ 1947 аз ахæм æххор- маг аз скодта, æмæ адæм сæ хъиутæ хæрынмæ æрцыдысты. Есæ æмæ Серафин æхсæв дæр ,нал хуысоыдысты. Колхозон бы- дырты сæ удтæй арт цагътой. Кэем нæмыджы гага мадзал код- той, кæцæй та —хуыскъæл. Сæхи-иу æххормаг фæуагътой, уæд- дæр сæ ныфсы чысыл мæсгуытæ Юрик æмæ Зарæйъг сыдæй мæлъш нæ бауагътой. Сабиты мæт æмæ хæдзары мæгуырдзи- над æфсины йæ чындзимæ бынтондæр хъæдуры кæрддзæм æмæ йæ гагайау æрбангом кодтой. Фæлæ куыд фæзæгъынц, иу боц- ,къа цæрæнбонты сæн нæ ласы. Уæззау хъысмæт æмæ мылазон азты уæз Есæйæн йæ гæрзтæ æрæвæрын кодтой. Æнæ ’лдар мыдьгбындзау хæдзары мæт æгасæй дæр Серафины бацыд. Райопы æмæ республикæйы ’газетты фæрстæй нал хицæн кодта колхозои бригадиры кадджын ном. Уыцы рæстæджы колхозон- тæп сæ фæллойыбоптæн сихоры хæрд йеддæмæ ницы лæвæрд- той. Серафин-иу йæ къæбæр йæ роны бавæрдта æмæ-иу æй изæрæй йæ бинонтыл, байуæрета. Дисс^г ма уый уыди æмæ уы- цы гæвзыкк азты Есæйы чындз йæ иыфс хæдзар аразынмæ куыд бахаста! Уæ цæстытыл ма ауайæд ,ахæм ныв, сæрдыгон бон-еауизæрмæ æххормагæй, быдыры хъæбæр зæхх къæпийæ фæхой, æхсæв та мæйрухсмæ сам.андуртæ араз. «Зынгзæгъынæй, дам, ком нæ судзы, фæзæгъынц, фæлæ ис- кæй фæсдуар ме ’нæмаст æфсиныл исты куы *рцæуа, ужд — ко- мы худинаг»,— хъуыдът, кодта Серафин æмæ зиууæтты фæрцы ног хæдзар.æхсæвæй бонмæ рæзыди. Фæндзайæм азты, цард йæ гаччы бадын куы байдыдта, уæд Есæ æруатон. Иу изæр Æгъуызаронмæ фæситт æмæ йын афтæ зæгъы: — Чъшдз, мæрдты дæ ницæмæй схъæрздзынæн, сывæллонау мæ фæрæвдыдтай, фæлæ ма дæ дыууæ хъуыддаджы курын. Коляйы ингæн искуы ,куы рабæрæг уа, уæд-иу йæ мæрдон сы- джытæй армыдзаг слас æмæ-иу æй мæ ингæныл байтау. Мæ дыккаг курдиат: Юричы чындзæхсæвъьиу мæ номыл гаджидау рауадзын кæн. Уый адыл аскъуыд диссаджъ! æвдудон, намысджын, фæл- п
мæн зæрдæ. Зæгъьшц, Есæ кад æмæ радимæ йæ сыджыты ха, йыл сæмбæлд. Адард сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азтæ. Фæлæ нырм,а нæма байгас сты æвирхъау, тугкалæн хæсты арф хъæдгæмттæ. Кæд хæсты фæстæ дзæвгар азтæ рацыд, уæддæр ма абон дæр бирæ ныййарджытæ æмæ хиуæттæ æнхъæлмæ кæсынц сæ хæс- тонтæм, ссарынц сын сæ ингæнтæ, сæ ризгæ къухтæ сыл æруа- дзынц, рухсаг сын фæзæгъынц. Ирон сылгоймаг ’ Хъайтыхъты Серафин дзырддзæугæ у хъæубæсты, уарзынц æй’йæ уазæгуарзон æмæ зæрдæхæлардзи- нады тъиххæй’. Фæлæ æгъатыр разыид хъысмæт. Цыппар æмæ дыууиссæдз азы дæргъы Серафин æмæ Юрий нæ зыдтой Коляйы æнусон бынат. Фæлæ 1989 азы уалдзæджы Орловы облæстæй чысыл горæт Малоархангельскæй Ирыстон- мæ æрцыд æхсызгон фыстæг. Ныффыста йæ горæты астæуккаг скъолайы æвдæм къласы ахуыргæнинаг Александр Лукин. Æмæ- æвæстиатæй дард Малоархангельскы зæхмæ Цæгат Иры- стонæй араст зынгхуыст хæстон Хъайтыхъты Коляйы æм.къай Серафин дæр. Уым ирон сылгоймаг ссардта1 йæ цардæмбалы ингæн æмæ йъгл сæвæрдта дидинджытæ. Хæларзæрдæйæ фем- бæлдысты ирыстойнаг уазæгыл Лукины бинонтæ — Иван Ми- хаилы фырт æмæ Надеждæ Федоры чызг. Уæдæй фæстæмæ райдыдта сæ хæлардзинад Хъайтыхътæ æмæ Лукинты бинон- тæн. Дард Малоархангельскы æфсымæрон уæлмæрдæй Сера- фин сласта армыдзаг сыджыт æмæ йæ байзæрста Есæйы ингæ- ныл. . Дарвазы бæрзонд айнæджы цъуппыл та уарзонадæмыфæн- диаг фидар слæууыд Хъайтыхъты фæтæнуæхск мæсыг æмæ дардыл чфæлгæсгæйæ агуры, ныронг чи нæма сбæрæг, уыцы хо- дон æртæ æмæ ссæдз зынгхуыст хæстоны ингæны.
БАЛЛТЫ ХУРЫ ТЫН ЫССЫГЪДИС ХЪÆРМÆДОНЫ Чызджыты хохыл хуры тын Æвдадзы хос — нæ хæхты уæлдæф ыссыгъдисг УДæн, ’ Йæ фахсыл хизы дзæбидырты Ам мæргъты зарæг — минмырон дзуг. фæндыр. Сæууон арвыл тъыфыл цæргæс Ам дуртæм дæр кæнын, мардзæ, æрзылдис, тæхуды, Дæджджинаг фестад ме уæнгты Æмæ мæ ногæй райгуырын мæ туг. фæнды... МАДЫ МЫСГÆЙÆ Ферох ис дæ ингæнмæ мæ фæндаг, Хистхор уг нæй, ницы у фырт дæр, Фæлæ мæг фæнда æви нæ фæнда, Искæд бон дæумæ хъæудзæн уæддæр. Зонын æй — рæвдаудзынæ мæ уым дæр,— Мады зæрдæ бараг у уæддæр, Чи нæ бафсæст де стыр цин, рæвдыдæй, Æз дæ уыцы ницæйаг гуырд дæн! МÆ РУХС БÆЛЛИЦ Мæ фидæн у æнæбæрæг мæнæн дæр... Мæ рухс бæллиц! Дæ уæрджытыл мын ма ’рхау. Æнæ дæу, о, афтид къуымау мæ зæрдæ, Æмæ мын тæх сыгъдæг арвы бын маргъау. МÆ ЗÆРДÆ ДЕМÆ X. В.-йæн Мæ уæлмонц зæрдæ — демæ, Мæхи гыццыл Тамар дæг Æкæ дæу цард — зындон. Мæ Хуыцау, дæ мæ зæд. Æз уæллæгтæй дæн, Демон, Ды мын куынæ уай, мард дæн; Дæу ферох нæу л\æ бон. Нæ мæ хъæуы дзæнæт. ФÆЗЗЫГОН НЫВТÆ Бур гæрæм арс — фæззæг. Арвгæрон рæдæнгæй Кæс, уæззау — йæ цыд. Хуры цæст нындзыг. Нал у кæрдæг схъæлзæнг, Быдырты бæркадæй Тæфсæг ’ыл фæзынд. Гонтæ дзаг кæнынц. Бæлæстæ бæгънæгæй Мæргьты тьæлланг зардæй Сидзæртау лæууынц, Бавдæяон ис æрдз!
ТОТРАТЫ РУСЛАК ЦАРДВÆНДАГ Æрхæндæг в а р и а н т Скъуыддзаг роман «Уарзон сывæллæттæ»-йæ Зæринæйыл цыд авд азы, сæ фыд сæ куы ’ ныууагьта, уæд. Чызг цæмæй йæ зæрдæмæ хъусыныл ма фæуыдаид, уый охыл ын мед ног къаба балхæдта, уый фæстæ та йæ Но,гдзауты га~ луаны нывгæнджыты къордмæ радта. Ныффыста йæ гимнасти- кæйы къордмæ дæр, цæмæй физикон æгъдауæй дæр, куыд æм- бæлы* афтæ рæза, уый тыххæй. Абоп — алыхуызон фæлтæрæн- тæ, райсом — ахорæнтæ, иннæбон та — ногæй ’ фæлтæрæнтæ^ стæй-м-а уыдонæй уæлдай - Зæринæ аыд скъоламæ дæр, æмæ, бæгуыдæр, афтæмæй мады фæнд’ сæххæст — чызгæн рæстæг нæ уыд йæ фыды мысыиæя. Æма^ йæ цадæггай рох кæнын бай- дыдта. Уыимæ ма фыд йæ ног усимæ ацыд цæрыимæ Душан- бемæ, æмæ, æвæццæгæл, йæхи æвзæр не ’нкъардта — æгæрмæ- гуътр сæм писмотæ дæр нæфыста. Чыз’гмæ ныв кæнынмæ уыйас курдиат нæ уыдн — ацъапп-иу ласта хæдзаргæндтæ, туымиры адæймæгтæ, сырх трамвайтæ, цъæх арв æмæ хъæлдзæг æврæгъ- тæ;— фæлæ уый хыгъд гим’настикæйы йæ хъуыддаг фæрæстмæ. Лфтæмæй та райдианы тимнастикæ æвæрдтой ’дыккаг бынаты. Чызджы ф’ыд йæхи Пахмиры дæлбазырмæ куы айста, уымæй афæдзы бæрцы фæстæ Зæринæ рамбылдта йæ фыццаг ерыЬгæ. Чысыл фæстæдæр та ногæй фæуæлахиз æмæ бахызт иннæ къордмæ — уым архайдтой хистæр чызджытæ, фæл’æ та уыдо- ны дæр уайтагъд æмбулын райдыдта. Ахуырты рæстæг йæхи, мыййаг, нæ м.ардта — йе ’птыстытæ гуырыдысты сæхи ’гъда- уæй. Зæрппæйы размæ байгом ног æвæджиауы дуне, уыцы ду- нейы алы змæлдæн ’дæр уыдис йæхи нысаниуæг. Æмæ цыма сабион æндзыгæй феуæгъд, уыйау райхъал, йæхи банкъардта адæймагæй. Уыцы æнкъарæн та йæ дарддæр цæт’тæ кодта цар- ,ды ног хуызмæ — дæргъвæтин ахуыртæм, быхсондзинадмæ æмæ ерысты диссаджы уысмтæм. Уыдонæн-иу радта йе ’ппæт хъару- тæ. Цыд рæстæг æмæ уыцы дыууæ æууæлы рахызтысты Зæри- нæйы удыхъæды сæйрагдæр миниуджытæм:' «фæразондзинад æмæ охъиудмæ. Фæлæ уыцы тыхсæттæн фæллойы, стæй фæразопдзинады дæр æмбæхсти цин. Æмæ-иу мин фæл- тæрæны, йе та мин æмæ сæдæ фæлтæрæны фæстæ йæ къухы вазыгджын элемент куы бафтыд, уæд-иу йæ зæрдæ хурварс абадт. Нывгæнынад æй, бæгуыдæр, ныууадзын бахъуыд, нал 80
,æй (æвдæлд уымæ — ахуыртæ, ерыстæ — райдыдта йæ спортивон цард. Уæдæ ахуыр дæр ^орз кодта, æмæ скъола каст куы фæ- ци, уæд йæ бон уыди бацæуын кæ’цыфæнды институтмæ дæр,— спортсментæн уыцы хъуыддаджы сæ авдалæнтæ хуыздæр сты,— фæлæ Зæрйнæ æнæдызæрдыгæй равзæрста университеты физикон хъомылады факудьтет æмæ цæ гæххæттытæ уырдæм ратта. Уыцьт рæстæджы дæргъы, ома дæс азмæ, фыд фæзынд æр- мæст дыууæ хатты. Фембæлд-иу йæ чызгим’æ, горæты-иу тезгъо кодтой, фæлæ Зæринæимæ йæхи афтæ дардта, цыма йыл ныр дæр авд азы йеддæмæ нæма цæуы. Æмæ-иу чызг дæр фæтых- сти, нал-иу зыдта, цы æмæ куыд дзура, уььй. Фыд æй нц’куы 4>арста мады тыххæй, æмæ чызгæн уый зын уыд. Æмæ канд гимиастикæйы нæ, фæлæ æнæуи царды дæр цыдæртæ. æмбарын кæй райдыдта,—’касти телевизормæ, цыди кинотæм,— уымæ гæсгæ йæ йуахæмы, æвæццæгæн, фыддæрагæн бафарста: «Цæй, куыд цæрыс дæ ног усимæ?» , *ч , Фарст уыд, чингуыты уыцы уавæртЫ куыд фæфæрсынц, аф- тæ арæзт, фæлæ фыд уый нæ рахатыдта æмæ загъта вазыг- джынхуызæй: ■ . «Æвæджиауы сылгоймаг у. Хъæугæ адæймæгтимæ мæ баиу кодта». , Зæринæ йæ нæ бамбæрста, фæлæ ног бафæрсынм’æ йæ ныфс нал бахаста. Æрмæст йæ сæр батылдта, цæмæй йæ фыд æды- ’ лы ,ма фæхона. Фыд та ма йæ ныхасмæ бафтыдта: «Йæ фæрцы мæ адæйм.аг рауад». ч ■ ’ ’ * Уыцы: дз’ырдты, стæй сæ цы хъæлæсы уагæй загъта, уый Зæринæмæ цыдæрхъыг фæкаст, æмæ, сæ рæзты чи цыди, уы- донмæ -ацамонгæйæ, бафарста: «Æмæ адон та адæймæгтæ не сты?» Фыд æнæрвæссон худт бакодта, ома нырма гыЬ,цыл у æмæ дастæ æмбары, зæгъгæ, фæлæ йын уæддæр дзуапп радта: «Нæ, уыдон адæймæгтæ не сты. Уыдон адæм сты». «Æмæ сæ цы хъауджыдæр ис?» — дисы бацыд Зæринæ. Фыд бахудт, чызджы æрбахъæбыс кодта: ’ «Куы сыстыр уай, уæд æй базопдзынæ»... Зæринæйы йæ мад дæр иикуы фарста фыды тыххæй, раст цыма дзырд бакодтоц,-кæр,æд,1зийы тыххаай сæ дзыхæй^’иу ,сым .дæр не схаудзæн, зæгЬгæ. Раздæр, цæмæй сывæллоны тæлæс- сон зæрдæ ма фæцагайой, уый охыл; уый фæстæ та, цæмæй сæ ивгьуыдæй рæвдздæр фæхицæн уой, уый тыххæй... З’æринæ университеты æртыккæгæм курсы куы уыд, уæд фыд йæ бино11тимæ — уæдмæ йын дыууæ фырты фæзынд — æрбаздæхт Орджоникидземæ. Бирæ рæстæг иал рауад, афтæ йæ фыд ахуыдта сæхимæ æмæ, йæ базонгæ кодта йæ ног æфсы- мæртæ æмæ сæ мадимæ. Цыбырдзырдæй, <йæ ныхæстæй рабæ- рæг, йæ хистæр чызг æмæ йæ дыккаг ус дæр кæрæдзийæн хæс- тæг кæй æййафынц, уый. Лæппутæ чызгæн радыгай йæ къух райстой æмæ кæртмæ азгъордтой — уыйразмæ уым хъазыды- 6 Мах дуг № 7, 1991 81
сты футболæй. Тамарæ та фæлтæрдджын сæудæджергæнæгау чызгыл сæрæй къæхты бынмæ,йæ цæстæнгас æрх,аста: хуьшæ- тæджы дарæс, аслам! Фæлæ уый хыгъд йæ уæнгты конд — бынтон диссаг! Тамарæ иуцасдæр хъуыдытьг ацыд, стæй зæр- диаг худт бакодта. Зæринæ та фыццаг афтæ банхъæлдта, æмæ йæ разы цы стырцæсгом, ставдкъах сылгоймаг лæууы, уый фы- рæфсæрмæй ницы дзуры/ фæлæ ныр йæ мидбылты куы бахудт,. уæд Зæринæйы цæсгомыл дæр мидбылхудт ахъазыд. Фыдæн дæр уый ауынгæйæ, йæ зæрдæ барухс: «Æз æй афтæ дæр зыдтон, алцыдæр хорз кæй уыдзæн, уый». Фыд йæ ног бинонтимæ цард æртæуатон фатеры. Йæ ду- шанбейаг хæдзарыл æй баивта, æви йæ æлхæнгæ бакодта, уы- мæн Зæринæ ницы бамбæрста. Ч»ызгæн фыды хæдзары, йæ цæс- тытæ тыбар-тыбур кодтой. Æмæ куыннæ! Баххуырстой цавæр- дæр сæрæн æрмдæсныты æмæ сын уыдон — бæгуыдæр æхца- йыл — диссаджы цалцæг скодтой сæ хæдзар: пъолыл — тул- дзæй паркет, чъырæйцæгъдджытæ-нывгæндж-ытæ къултæ хъæ- дабæ æмæ зæлдаг фестын кодтой, царыл дæр — алыхуызон нывæфтыдтæ; Тамарæ айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ Мæс- куыйы бамидæг, сласта дзы чехаг хихсæн дидинджытпмæ, фин- ыаг кърантытæ, францаг газын пец, ирайнаг кафел цæлгæнæн,, абаыайæн та — швсдаг, уазæгдонæн та-^сæнтсау шведаг ка- фел, иннахæм люстрæтæ æмæ афтæ дарддæр. Хæдзар цæхæргæ калдта, æмæ Зæринæ’сцыппæрдзæстыг. Кæсыпæй æмæ дис кæ- ньшæй куы бафсæот, уæд ып фыд затъта æхсызгоиæй: «Æхсæз минът слæууыд нæ цалцæг». ...æмæ ма гауызтæ, хрусталь, æвзист æмæ ин’нæтæ... «Гъеныр-ма иæ иæ хæдзары дзаума баивын хъæуы»,—къæх- ты бынæй ныуулæфыд Тамарæ. ...хæдзары дзаума та сæм ахæм уыд, æмæ уый хуызæн Зæринæ кинойы дæр никуы федта... «Ивинаг? Цæмæн?—дис кæны чьпзг.— Ау, ацы дзаумæттæ æв- зæр сты?» «Уыдон модæйы пал сты,— фæлгъауы Тамарæ.— Хæдзары дзаума ивын хъæуьг дыууæ азæй дыууæ азмæ». Æмæ та цасдæры фæстæ сылгоймаг арæвдз Мæскуымæ — афои, æвæццæгæн, æрхæццæ — æмæ ’ дæс бонмаё ссыд, йемæ- араббаг æви пакистайнаг зырнæйзылд диссæгтæ сласта, афтæ- мæй. «Уæллæй, тагъд фездæхтæ,— бахудт фыд, къамоды æрттив- гæ риу лæгъз кæнгæйæ,— тынг тагъд фездæхтæ»... «Мæскуыйæгты дæр хæрын ф,æнды»,— бахудти Тамарæ дæр. «Адон та дæуæн,— загъта> сылгоймаг æмæ чумæдан байгом кæнгæйæ, Зæринæйы разм^е исып райдыдта англисаг-америкаг-. парил<аг дзаумæттæ.— Ахæмтæ нæ дуканиты нæ вæййынц, ба- зары та сты туджы аргъ». «Цытæ дзурыс! — фефсæрмы чызг.— Нæ хъæуы...» «Ныууадз ма дæ ныхæстæ,— йæ къух ауыгъта Тамарæ,— мах æцæгæлæттæ не стæм». Дзаумæттæ иумæ батыхта — тыхтон стыр рауад.чУыцы тых~- 82
тон йæ къух’Ы, афтæмæй Зæринæ дзæвгар фæлæууыд сæ дуары цур — йæ ныфс нæ хаста мидæмæ бацæуын æмæ дзаумæттæ* мадмæ равдисынмæ. Фæлæ сæ нæ уæндыд бырæттæм аппарын дæр æмæ æппынфæстаг, йæхимæ дæр æм’æ æгас дунемæ дæр мæсты кæнгæйæ, бахызт ми-дæмæ, райхæлдта тыхтон, йæ синаг •ьгн ныскъуыдтæ кодта, афтæмæй, æмæ дзаумæттæ радыгай рай- дыдта калын къæлæтджынмæ: , . ’ ч «Мæ фъгды (лæвар! Мæ фыды лæвар! Мæ фыды лæвар!» Мад æм касти æнæ дзургæйæ, уый зыдта, бæгуыдæр, Зæри- нæ йæ фыдмæ кæй вæййы, уый, фæлæ йын никуы ницы загъ- та — иуырдыгæй йын йæ сæръгстырдзинад бар иæ лæвæрдта, иннæрдыгæй та чызджы уагъта йæхи ба.р, ома кæн, куыд дæ фæнды, афтæ. Æмæ æрмæстдæр ныр, йæ чызджъг сабыр кæн- гæйæ, загъта аххосджын хуызæй: «Исчи дын нæу, мыййаг». Уыцы ныхæсты фæстæ, ахæм уавæры куыд вæййы, #фтæ Зæрипæ æрцауыидзæг йæ мады^хъуырыл æмæ скуыдта. Скæуыи æй кодта тæригъæд, тæригъæд та кодта йæ мадæн дæр æмæ йæхнцæн дæр. Зæринæ кæугæ-кæуын ард бахордта, кæй зæ- гъын æй хъæуы, йæхинымæры — йæ фыдмæ >кæй никуыуал ба- цæудзæн æмæ ацы æиæхайыры дзаумæттæ дæр кæй нæ дар- дзæн: йæ фыд сæ куы балхæдтаид, уæд ма гъа, фæлæ сæ Та- марæ сласта. ФÆЛÆ МА ÆРТÆ АХÆМЫ АРД БАХОРДТОЙ. (Йæ ард чи фæсайдта, уыцы таксист; дæснымæ сæ чи аласта, уыцьг шо- фыр, æмæ Габо — уый та афтæ загъта, æз, дам, ног цард кæ- ’ нын райдайдзынæн.) Дыууæ къуырийъг фæстæ фьгдьг зæрдæ нал фæлæууыд — те- лефонæй æрбадзырдта. Зæринæ хæтæл æрæппарынмæ хъавыд, фæлæ уьгйбæрц хъару йæхимæ не ссардта, æмæ йын фыд цыма йæ уавæр æмбæрста, уыйау райхъуыст йæ тыхст хъæлæс: «Дæхи куыд æнкъарыс? Рынчын нæ дæ, мыййаг?» «Нæ,— дзуапп радта чызг,— æмæ цы?» «Ни|ку1ымаайуа'л <зыидтæ æмæ>, рæгъын, ^^æд дынчьин фæдæ». «Æз дзæбæх дæн, мæ хъуыддæгтæ дæр хорз цæуыиц». «Уæдæ нæм уæд цæуылнæ ’рбацæуыс?» — фыды хъæлæсы фæзынди æрхæндæг, æмæ Зæринæ æрымысыд, сальто-мортале,. зилгæйæ æмæ ныв кæнгæйæ цы хъуамæ ферох кодтаид, уый. Æрымысыд, гыцг^ылæй йæ фьгды куьгд бирæ уарзта, изæрыгæт- ты-иу йе ’рбацыдмæ-æрхъæцмæ «уыннæуал лæууыд, уый. «Уроктæ,— сулæфыди æфсæрмы кæпгæйæ, кæртьг; та йæ тæ- мæны уыди сæрд, æмæ рудзынгæй æддæмæ акæсгæйæ, чызг уа- дидæгæн йæ ныхасмæ бафтыдта,— тренировкæтæ». «Иу хъуыддаг хъуамæ иннæйы ма хъыгдара,— загъта фьгд, цьгма йæ ахуыр ,кодта, уыйау.— Алцæмæн дæр ис афон». «Мæгъа, мæ къухы не ’фты»... «Мыййаг, тæргай фæдæ? — бафарста фьгд афтæ, цым-а йæ аххосыл басаст æмæ фæсмон кæньг.— Мæньгл дæ зæрдæ фæ- худт æви Тамарæйыл?» гг
1 «Нæ,— загъта йъш Зæринæ,— ахæм хъуыды дæм цæмæнфæ’ зынд?» «Гъемæ хорз,— сулæфыд æхсызгонæй фыд,— æрбацу нæм^ аизæр, æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн»... Къуыри иу хатт, хуыцаубæтты, фыды хæдзары æмбырд .код-; той æвзæрст адæм. Къæсæрæй-иу куы ’рбахызтысты, уæд-иу фьюымы вазыгджын хуызæй фарстой бинонты æнæниздзина- дæй, уыдон та-иу рарæгъ сты тыргъы — худæндзаст Тамарæ, земæ йæ хæрзæгъдау фырттæ,— æмæ-иу уазджытæ æппæлыды- сты лæппутæй: «Цæргæстæ! Кæс-ма сæм — куыд тагъд рæ- зынц!» æмæ сын сæ дзыппыты тъыстой æхцатæ — куы фондз сомьг, куы та — туман, æмæ-иу фъгд загъта фæччыгъæдæн: «Ал- ц’ыдæр сын фаг ис. Ныууадзут-ма уыцы митæ», уазджытæ та- иу сæ цæст æрныкъуылдтой лæппутæм: «Ницы кæны, уадз æмæ сæм сæхи ’хца уа, ницы сæ бахъыгдардзысты», æмæ-иу лæппу- тæ сæ сæртæ разыйы тылД бакодтой: «Бахъæудзысты нæ», æмæ-иу дуары дзæнгæрæг куы айхъуыстой, уæд та-иу тыргътæм ног уазджыты размæ атындзыдтой, æрлæууыдысты-иу кæрæ- дзийы фарсмæ лыстæг сойдзырæгътау, æмæ-иу æнхъæлмæ кас- тысты иннæ лæвармæ, æмæ-иу сыц фыд загъта тызмæгæй: «Ир- бегæн (Хъауырбегæн, Батырбегæн) бузныг зæгъут», æмæ-иу лæппутæ дæр фæхъæр ластой: «Бузныг!» — æмæ-иу азгъордтой сæхи уатмæ. Зæринæ тох кæнынмæ хъавыд уыцы ног æгъдауы ныхмæ, фæлæ фыд йæ сæр батылдта: , «Иуырдыгæй уый, бæгуыдæр, æвзæр у»... «Иннæрдыгæй та?» «Иннæрдыгæй та хорз у...» — дзуапп’ радта фыд. -• Ацы ран Зæринæ хъуамæ хъæддых фæлæууыдаид йæ фыды ныхмæ, фæлæ уыи куыд’загътам, афтæмæй йæ удыхъæды сæй- рагдæр дыууæ миниуæгæй фыццаг уйди фæразондзинад, æмæ пырма уымæн-йе ’мгъуыд нæма фæци. Уазджытæ-иу бадыдысты цæлгæнæнмæ, рабадтысты-иудзаг фынджы уæлхъус — алчидæр йæхи . бынаты — æмæ-иу ’райдыд- та минас. Сæ гуыбынты тæригъæды нæ цыдысты уазджытæ, -кодтой иухуызон сидтытæ, кодтой фæлхат сæчхъазæи ныхæстæ дæр. Нæ ивтой сæ темæтæ дæр — футббл æмæ дæргъвæтин те- ’ левизион кинонывтæ — æмæ алцæй тыххæй дæр дзырдтой сæ- рыстырæй, уæлæхохæй фаудтой бæстæйы цард, хицауады, адæ- мы сæхи бар кæй ауагътой, уый тыххæй. Адæмы гыццыл фел- хъивын хъæуы, фелхъивъш хъæуы дзæгъæлдзыхты, æгæр зонд- джынты, ’ бæгънæджыты! — æмæ та ам дæр Зæринæ хъуамæ уæндонæй загътаид йæ хъуыды, фæлæ уый æндæвта æндæр хъуыддаг — афтæ йæм каст, цъша цæлгæпæны цытæ уыдта æмæ уазджытæ сæхи куыд дардтой, уыдæттæ йыи тыкг зонгæ сты. Фæлæ сæ кæцæй зыдта, уый æрым-ысын йæ бон пæ уыд. Æмæ иуахæмы ныппыррыкк кодта, æвиппайды йæ сæры фе- гуоррд: адон æвзæрст æхсæнады ролы куы хъазынц, æнарæх- стæц фæлхат кæныпц киноты, театры цы федтой, уыдæттæ, 84
æмæ фыццаг бакастæй алцæмæй дæр æххæст сты, гъе æрмæст . м-а цух сты’иуæй.— <йæ сæрæй сын ныллæг ничи кувы, йæ худ сын ничи исы,— æмæ ам Зæринæ хъуамæ æртыккаг хатт’бы- цæуы бацыдаид, фæлæ йæм йæ ног хатдзæг диссаг фæкаст æмæ пæ< худгæйæ, загъта Тамарæйæн, ды дæр ма сæм лæмбынæг кæс æмæ байхъус, худæгæй сыл дæхи схæсдзынæ, зæгъгæ. Фæлæ Тамарæйæн йе ’рфгуытæ алхынцъ сты æмæ йæ сæр батылдта: «Рæдийыс, чызг,— загъта уайдзæфимæ æ,мæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — .Уыдон иууылдæр кадджын адæймæгтæ сты». Сæхи-иу хорз куы федтой, уæд-иу æрбадтысты æндæр стъо- лы цур — сау зырнæйзылд хъæд, бронзæ, æртхутæгдæттæ, кæр- дæгхуыз хъуымац — къамтæ-иу æрцагуырдтой, ’фæлæ префе- рансæй кæнæ покерæй, мыййаг, нæ .хъазъщысты — хъазыдысты очкойæ æмæ бурайæ! — æмæ уый дæр худæг каст Зæринæмæ. Тамарæ уыцы рагон стъолимæ Мæскуыйы самал кодта рагон æртæтигъон айдæн дæр, уый, дам, кæддæр лæууыди ус-паддза- хы уаты (йе Екатеринæйы, йе та Елизав’етæйы), æмæ-иу æм уазджытæ (Ирбег, Хъауырбег, Батырбег) рæстæгæй-рæстæгмæ бауадысты æмæ-иу сæхи буц кодтой. Слæууыдысты-иу йæ, ра- З’Ы, сæхи-иу пыттыпп’ыр дастой, афтæмæй æмæ-иу æнахуыр худт хъазыд сæ цæсгæмттыл, раст-иу цыма къамтæм мадард бæгънæг сылгоймæгтæм кастысты... Айдæимæ-иу йæхи байста цазæрдæр Дудар дæр, хъазгæмхасæнты йæ хуыдтой Хицау, фæлæ-иу иннæтæй^ хъауджыдæр уый йæ дæндæгтæ нæ ныззыг хъы’р кодта — йæ цæстæнгас-иу уыд ахæм, цыма ацы айдæнмæ цалдæр æнусы размæ йæ æвæджиауы галуаны чи кает, уыдоны æмсæр у йæхæдæг дæр., Хицау иннæтæй æрыгондæр уыд, цы- даид ыл -дыууиссæдз азы бæрц, фæлæ4 йæ алы фезмæлд дæр кодта вазыгджын хуызæй. Фынджы уæлхъус дæр-иу бадт хис- тæрæн æмæ-иу йæхи афтæ дардта, цыма бæсты бикъ, комьгдæ- гъæл уый у. Исчи-иу куы фæхъæбатыр æмæ-иу æй ныхасæй куыфелхыскъ кодта, уæд-иу ын тызмæгæй загъта: «Дæ бына- тæй дæ суа^гъд кæндзынæн!», æмæ-иу æлхыскъгæнæг хорзау нал фæци, йæ къæлæтджыны-иу нынныгъуылд, æмæ-иу ын йæ фарсмæ бадджытæ тæригъæдгæнгæ йе уæхск æрхостой, æмæ-иу Иафы куывд цыд дарддæр. Тамарæ уазджытæй алкæимæ дæр уыд æмхуызон зæрдæхæ- лар’æмæ къæрцхъус, фæлæ-иу уæддæр Хицауы хъулон кодта. Цæттæ уыд йæ алы фæндон æххæст кæиынмæ, раст ма Хицауы размæ йæхи гауызæй дæр байтыгътаид. Ахæм ахастæй сцымы- дис Зæринæ дæр, æмæ иу ахæмы йæхи иал баурæдта — афар- ста: «Чи у уагæры?» «Дудар?—фæцырд Тамарæ, цьша уыцы фарстмæ рагæй æнхъæлмæ каст, уыйау.— Стыр лæг у. Хъуыры цъарæй йæ агу- ры алчидæр, стæй дæ фыды дæр æнæмæнг хъæуы.— Чызгмæ къахæгау бакаст æмæ дызæрдыгимæ загъта:—Ды дæ фыдæн бæргæ баххуыс кæнис, куы дæ бафæндид, уæд...» 85
«Æз?!» — диоы бахаудта Зæринæ. -«Уым ахæмæй ницы" ис, ма стыхс,— Тамарæ ныххудт, чыз- джы æрбахъæбыс кодта.— Ус ын ис; сывæллæттæ, хорз бинон- ты сæргъы лæууы, фæлæ мæ бамбар,— ам сылгоймаг фæ- .хъус,— кæцы нæлгоймагæн нæу æхцон рæсугъд чызгмæ бакæ- <сын,— Тамарæ арф ныуулæфыд,— ахæм сты нæлгоймæгтæ, хуыцау сæ афтæ сфæлдыста». Зæринæ ницы зыдта, нæлгоймæгтæ куыд арæзт сты, уы- мæн, фæлæ йæ уыцы фарст бынтон æнæ агайгæ нæ уыд, кæй зæгъын æй хъæуы. Кæд гимнастикæйы руаджы физикон æгъда- уæй йе ’мгар чызджыты фæсте фæуагъта, уæд бирæ хъуыддæг- ты та хæдзары уавæрмæ гæсгæ уыд æвæлтæрд æмæ бьщтон хуымæтæг, æмæ уымæ гæсгæ ныр фырæфсæрмæй сырх-оырхвд яфæлдæхт æмæ иу сым дæр нал хауд йæ дзыхæй, æрмæст æн- хъæлмæ каст, дарддæр ын цы зæгъдзысты, цавæр сусæг ын раргом уыдзæн, уымæ... «Цы дзаумæттæ дын сластон, уыдон та цæуылнæ дарыс? — бафарста æвиппайды Тамарæ, йæ цæстыты дæр зындис уай- дзæф.— Кад дæ йæ зоцын фæнды, уæд нæлгоймæгтæ уарзынц, чызг арæзтæй куы фæцæуы, уый». Ам Зæринæйы уды Ъарджынæй сдзырдта, спорт ын цы рад- та, уый — тырнындзинад,— йæ ардбахæрд ’та, уæ зæрдыл куыд лæууы, афтæмæй уыди дыууæ хайæ. Фыццаг — фыды хæдзар- мæ нал цæуын — нæ сæххæст кодта. Фæлæ дыккагыл — цы да- ’рæс ын1 балæвар кодтой, уый нæ дарын — йæ тых-йæ бонæй иыæечъелæг, æвæццæгæн; афтæ нымадта, ^æмæ йæ ардбахæрды ^ердæг .куынæ фæсайа, уæд ын уый, бар дæтдзæн йæхи раст адæймагыл нымайынæн. Тамарæ дæр бамбæрста чызджы зæр- дæйы уаг æмæ та ныххудт, иогæй та^ чызджы æрбахъæбыс код- та: «Цæй, хатырæй мын уæд! Æз кæцæй хъуамæ зонон, ныры фæсивæдæн модæйы цы ис, уый?!» Зæринæ афтæ банхъæлдта, æмæ фæуæлахиз ацы быцæуы •æмæ фæлæмæгъ. Тамарæ уый’фæфиппайдта, æмæта, йæхъæлæ- сы уаг аивгæйæ, сæ раздæры ныхасмæ рахызт: «Дæуæй уыйас ницы агурæм,— бахудти та йæ хуыздæр хæ- ларау,— æрмæст-иу æрбацу, уый ам куы уа, уæд. Æндæр шщы». ’ «Æмæ уæм æз æнæуи дæр тынг арæх куы вæййын»,— гуы- завæгæмгæ сдзырдта Зæринæ, уымæн æмæ не ’мбæрста, цы дзы агурынц, уый. «Кæсдзæн дæм, кæсдзæн дæм æмæ йæ зæрдæ фæззыгоц кæрдойау æрфæлмæи уыдзæн, æмæ уæд дæ фыдæн дæр йемæ æнцондæр дзурæн у,— æмæ цыма истæмæй фæтарст, уыйау æваст фæлæууыд, стæй та чызджы хъусы сабыргай загъта: — Æрмæст дæ фыд мур дæр мацы хъуамæ зона,— Тамарæ къæх- ты бынæй ныуулæфыд: — Ахæм у сылгоймаджы хъысмæт,— æмæ худгæйæ загъта дыууæрдæм бамбарæн кæмæн уыд, уыцы 86
^съуыды:— Нæлгоймæгтæ уæле фæаразынц хъуыддаг, мах та— бынæй, афтæ уыд æнусты дæргъы». Хъуыддæгты ахæм арæзтадимæ Зæринæ никуыма фембæлд земæ уымæ гæсгæ Тамарæйы ныхасы æмбæхст мидис нæ раха- тыдта, æмæ та фефсæрмы, ам хъуамæ сыстадаид æмæ ацы- даид, фæлæ баззад, уымæн æмæ тæригъæд кодта йæ парахат- зæрдæ фыдæн. Уымæн æмæ йæ нæ фæндыд бынтон æнæфендæй равдисын йæхи, стæи йæм Тамарæйы фæндон тæсс’аг дæр ни- цæмæй фæкаст, уæдæ йын дзы ногæй дæр ницы уыд: уыйразмæ дæр-иу арæх цыд йæ фыды хæдзармæ, æмæ-иу Дударæн афтæ ничи загъта, Зæринæйыл дæ цæстæнгас ма рясæрф-0асæрф кæн, зæгъгæ. Æмæ-иу »кæд йæ зæрдæ æрфæлмæн, уæд — та- буафси!— æрмæст ын дзы цымгæ мафауайæд, бынтон ма сдон уæд?.. ЦАРДВÆНДАГ (Æрхæндæг вариант дарддæр) Ралæууыд сеитябрь, университеты та ахуыртæ райдыдтой, тренировкæтæ дарддæр цыдысты, Зæринæ ахуыр кодта æмæ уыциу рæстæг йæхи цæттæ кодта ерыстæм. Уæгъд заман-иу йауад йæ фыдмæ, уæгъд та-иу уыди айдагъ хуыцаубон, фыд- мæ-иу йæ хæлæрттæ куьт ’рбамбырд сты, уæд. Æмæ йæ йæхæ- дæг дæр нæ хатыдта, афтæмæй арæхдæр кæсын райдыдта Ду- иарырдæм. Иуиыхасæй, Зæринæйыл цымыдис фæтых, раст æй цъгма фенын фæндыд, Дудары зæрдæ куыд фæлмæн к&ндзæн, уый. Нæлгоймаг уайтагъд цыдæр бамбæрста, йе та йын æй Та- марæ йæ хъусы бадзырдта—мах сымахимæ зонæм, уымæ куыд арæхсы, уый — æмæ иу хатт æхсæвæры фæстæ къамæй хъазæн ■стъол’Ы уæлхъус пе ’рбадт, фæлæ диваныл — Зæринæйы фарс- мæ. Йæ ныхас та уыди алцæуыл дæр æмæ ницæуыл, царды мидисыл æмæ, ирон чызг цавæр хъуамæ уа, ууыл: уисæнгæнаг, хуьшæтæг æмæ, бæгуыдæр, хæдзардзин, фæлæ гимнастикæ та йæ койы аккаг дæр пæу — ау, уый кæд фендæуыд, æмæ ирон чызг адæмы раз къуыбылеццытæ кæна?!—æмæ, æвæццæгæн йæ спортивон фæлтæрддзинад равдисыны охыл йе ’игуылдз æр- хаста Зæринæйы арм’ыл æмæ загъта фæдзæхсæгау: «Чызджы къухтæ фæлмæн хъуамæ уой, дæуæн та сыл сау- кусæджы къухтау тæппæлттæ ис». Зæринæйы цæсгом асырх, иуварс абадт, Дудар бахудт: , «Ницы кæны, тагъд-афтæ нал уыдзæн». «Цы нал уыдзæн?» — нæ йæ бамбæрста Зæринæ, æмæ ца- лынмæ сырхдæр кодта, уæдмæ Дудар сыстад æмæ хъæлдзæ-" гæй расидти: «Иннæ хуыцаубон иууылдæр цæуæм хохмæ’» «Хохмæ!—схор-хор кодтой фырципæй йæ цæдисæмбæлт- тæ.— Гъе уый дып лæг! Бирæ нып фæцæр, Дудар!» «Æрмæст æнæ сылгоймæгтæй! — фæдзæхста уый.— Тамарæ, 87
дæуæй стыр хатыр курын, фæлæ нæлгоймæгты хатгай фæфæн- ды сæрибар уæвын. О, фæлæ цæмæй бынтои нæ синысæртыл м.а ныххæцæм,— Дудар бахудт,— уый охыл Зæринæйы немæ ахонæм. Уый сарæхсдзæн, фæкæсдзæн нæм. Афтæ нæу, Зæр>и- нæ?!» ; , «Хуыцаубоны мын тренировкæ ис,— дзуапп’радта «чызг æмæ йæ къухтæ цæмæндæр фæстæмæ акодта,— мæ бон нæ’, бауы- дзæн». - «Ууыл та цы тыхсыс? — ныххудт Дудар,— Тренировкæ йед- дæмæ ма исты у! Адæм æхсызгондæр хъуыддæгтæ ныууа- дзынц!» - Йæ цæдисæмбæлттæ сæ сæртæ батылдтой, цыма йæ æмба- рътн кодтой, ныхас цы адæмыл цæуы, уыдон кæй сты, уыйау. Хъуыддæгтæ уал анхъæлмæ кæсдзысты, æмæ, Зæринæйыл æр- хъула уæвгæйæ, шыхасæппарæп кодугой алырдыгæй: «Æнæ дæу хæхтæ хæхтæ не сты!» Фæлæ Зæринæ нæ саст фæччыгъæдæн, Тамарæ хин(кæм нæ’ уыд—бамбæрста та йæ: «Афтæ хорз нæу, Зæринæ! Цалæй дæм хатынц, уымæ-ма: акæс!», æмæ фыд дæр цыма йæ чызджы сæрыл хæцыд, уыйау дзуапп радта: «Иыр разы у», æмæ Зæринæ дæр дыууæ нал з>агъта. Æм’æ ма кæд хуыцаубонмæ æнæхъæн къуыри уыд, уæд- дæр Дудар фехъусын кодта: «Фембæлдзыстæм дæс сахатыл Джызæлы фæпдагмæ фæзи-- лæны». Зæринæ сæхимæ ’ницы дзырдта йæ фидæны бнлцы тыххæй, æмæ ,кæй ницы загъта йæ мадæн, уый йæ стыр æфсармы æф- тыдта, йæ сусæг æй тыхсыы кодта, фæлæ йæ’схъæр кæнындæр- нæ уæндыд,- уымæн æмæ æмбæрста, ,цы аразы, уый йæ мады. ныхмæ кæй у. «Ыал ацæудзынæн»,— скарста йæ мидхъуырду- ’хæны фæстагмæ, фæлæ уый уыди сабаты изæрæй æмæ, мады цур телефонæй фыдимæ куыд хъуамæ дзырдтаид, æмæ, райсо- мæй раджъ1 сыстгæйæ, иниæ хæттытау йæ спортивоп дарæс хызыны нывæрдта — тренировкæмæ йæ цæуын хъуыди — æмæ,, уынгмæ рахизгæйæ, фыццаг фæраст тр^мвайы æрлæууæнмæ,. цæмæй ацыдаид спортзалмæ, фæлæ уъш фæстæ дызæрдыджьь бахауд æмæ æрлæууыд. Уалынмæ йæ размæ æрбахæццæ сæ- сыхæгты чызг æмæ, раст цыма æнæхъуаджы уаргъæй фервæз-- ти, уыйау Зæринæ йæ хызын бадардта чызгмæ: «Уæхимæ уал æй æрæвæр,— загъта,— изæры йæ райсдзынæн». «Мæнæн æй мæ бон у уæхимæ бадæттын дæр»,— сдзырдта чызг. «Нæ йæ хъæуы,— фестъæлфыд Зæринæ,— нæхимæ ничи ис».- Зæринæ сбадт автобусы æмæ æрхызт Джызæлмæ фæнда- гыл фæзилæны, бæлццæтты къорд уæдмæ иууылдæр æрæм- бырд сты — фараст адæймаджы фондз машипæйыл;— æмæ Зæ- ринæ фæраст йæ фыды машинæмæ, фæлæ йæ Дудар «фæурæд- та». • ’ ’ «Иннæтæ дыгæйттæ сты, æз та иунæгæй,— бахудти,— æмæ- 38
зенкъард кæнын,— фæстæмæ разилгæйæ, ныхъхъæр ласта: — Гррас, бар мын дæттыс?» «Æз разы дæн!» — райхъуыст, æмæ Дудар Зæринæйæн дуар ’фегом кодта. Машинæ араст æмæ йæ фæстæ ныххал стьт иннæ- тæ дæр. Паддзахадон автоинспекцийы < постьт рæзты цæугæйæ машинæ^гæ се ’ппæт дæр дæргъвæтин уастæй салам радтой, æмæ милиционертæ дæр — æвæццæгæн, зонгæтæ—сæ къухтæ тылдтой хъæлдзæг бæлццæтты фæстæ. Зæринæ цæсты кæро- нæй’ каст цыдбарæны фатыгмæ, уый уайтагъд ахызт сæдæйæ. Тахтысты размæ’ машинæтæ æмæ быдыррн раст фæндаджы раивта хохаг къæдзтæ-мæдзтæ фæндаг, цæлхытæ-иу фæзилæн- ты схъыс-хъыс кодтой, разæй та зындысты хæхты урссæр цъуп- пытæ, сæ сæрмæ айтынг арвы цъæх-цъæхид тыгъдад, фæхстыл та хуры тынтæм йæхи тавта бурхъулон хъæд, бынæй та, комы -арф’Ы зарыд, йæхи дуртыл цавта дон, æмæ дурты сæрмæ æр- къæлæт сты гыццыл ризгæ арвæрдынтæ, æмæ Зæринæйæ айрох сты йæ сагъæстæ, айрох дзы ис йе ’мбæлццон дæр, уый та ма- шийæ афтæ цæрдæг кæй скъæрдта, уый тыххæй æнхъæлмæ каст чызджы дисмæ, фæлæ Зæринæ йæ арæхстдзинадæй зæр- дæскъæфт куы нæ фæци, уæд æваст фæурæдта машинæ. Æмæ ныр, æрдзон æдзæмы иоджы тынгдæр райкъуыст доны хъæр. Зæринæ байгом кодта дуар, фæндагмæ рахызт, хурмæ скаст æмæ йæ цæстытæ куы атартæ сты, уаед æнæб-ары бахудт. Ду- дар дæр рахызт æддæмæ æмæ барджынæй загъта: «Сентябрь Ирыстоны^ у æппæты хуыздæр афон». Уæдмæ бьь нæй æрбазындысты иннæ машинæтæ дæр, куы ’рбаввахс сты, уæд Дудар ф^езылд алæмæты гыццыл коммæ, ам бæлæсты цъæх сыфтæры бур лхорæн афтæ нæма фæзынд, стæй дзы цы дон уади, уымæн дæр йæ зард хъæлдзаегдæр йеддæмæ æнкъард- дæр нæ уыд. Уалынмæ разæй .æрбазынд шиферæй æмбæрзт .агуыридур агъуыст, йæ алыварс æрхъула бæрзоид æмбонд, ,-стыр кулдуары цур лæууыдысты зæронд лæг æмæ ус, сæ дыууæ дæр — рæстæмбис, асæй чысыл къаддæр æмæ фидæрттæарæзт. Куыд худтысты, уымæй Зæринæ бамбæрста, уазæджы нæ, фæ- лæ хицауы размæ кæй рацыдысты, уый, фæлæ ма уæддæр ба- фарста, ома кæд рæдииыи, зæгъгæ: «Кæй хæдзар у?» «Уыдоны,— Дудар йæхицæй ныббуц, афтæмæй ацамыдта зæрæдтæм: —Уыдоныл фыст у»., Дудар машинæйæ куы ра)хызт, уæд оып цъиппсалам радта; , уыдонæи та сæ цинтæ ныддæргъвæтин сты. Уазджытæ куыд хæццæ кодтой, афтæ зæрæдтæ се ’ппæтæн дæр ном’æй-номмæ ар- фæ кодтой. Æмæ-иу æрбацæуджытыл дæр уыцы, бæрзонд ны- хæстæй цыма базыртæ базад, уыйау сæхи ноджы тынгдæр фес- хъæлгæнгæйæ, бахызтысты кæртмæ, дæргъæй-дæргъмæ стъолы цурмæ. Стъолыл.лæууыд цæхæртæкалгæ егъау тас, уым та ихы къæрттытимæ францаг коиьяк æмæ шампайнаг. Кæрты рæбын; дыууæ лæппуйы кодтой кусарт, Дудары куы ауыдтой, уæд тагъд-тагъд сæ къухтæ асæрфтой хисæрфæнæй æмæ сырх-сыр- 89
хид фестад. Рауадысты Дудары размæ, салам ын радтой æмæ- йын дзурын райдыдтой, цæмæй цæттæ сты, уазджыты цæмæй хынцдзысты, ууыл. «Марадз-зæгъай æмæ нын Мъгсост шампайнаг лæвæрдта»,— рахъаст кодта дæппутæй иу. «Йæ къæхтæ ныццавта, нæй, дам, мæм»,— бафтыдта дыккаг фьпццаджы ныхасмæ’ «Цалынмæ йыи, Дудары хъæуы, зæгъгæ, нæ бамбарын код- там, уæдмæ. х , «О, уæд къæссавæлдæхт фæци!» «Шампайнаг йæ, фæлæ ма нын йæ уд дæр дæттынмæ хъа- выд». Уый дæр уыди козбаудзинады хуызтæй иу, æмæ бæлццæттæы (Ирбег, Хъауырбег, Батырбег) сæхи худæгæй схастой сæрхъæн- æмæ кæрæф Мысостылæмæ та уымæй дæр ноджы бæрзонддæр’ систой Дудары. Уый фынгæй райста шампайнаджы авг æмæ йæ гом кæнын райдыдта а&нæ дзургæйæ, бафæзм’ыдтой й’æ ин- нæтæ дæр æмæ райхъуыст цалдæр гуыппы, къæрмæджытæ стахтысты арвмæ, сæн сфынк ис агуывзæды, æмæ Дудар загъ- та: «Бадгæ нæма ’ркодтам, фæлæ уæддæр фæсидæм, райдайæм,. райдайæнæй та, скъолайы уæ куыд ахуыр ^кодтой, адЬтæмæй, уæвгæ мæлæты ахуыртæ нæ кодтат æйæ дзы уæ зæрдыл дæр» цаст’æ бадардтаиккат,— иууылдæр ныххудтысты,— цыбырдзыр- дæй, райдайæнæй аразгæ у алцыдæр, æмæ • æз нуазып Гераоы чызг Зæринæйы цæрæнбоньт тыххæй, уымæй сфидыдта нæ ,або- ны балц!» ’ V ’ «Оммен! Сызгъæрин дзырдтæ хауы дæ дзыхйей, Дудар! — райхъуысти ^алырдыгæй,— Хуыцаумæ фехъуысæнт». Дудар анызта, æм,æ уæд ипнæтæ дæр — куыд хистæрæ’й — райдыдтой арфæ кæнын Герасæи, ахæм сæрæн чызджы кæй схъомыл кодта, уый тыххæй. Феппæлыдысты Зæринæйæ, арвмæ йæ систой, Герас дæр сын «бузныг, бузныг!» дзырдта, æмæ æп- пыифæстаг йæхæдæг дæр банызта Зæрипæйы æиæниздзинады æмæ æитыстдзинæдты тыххæй. Зæринæ лæууыд, агуывзæ йæ къухы, афтæмæй æмæ нæ зыдта, цы кæна, уый, фæстагмæ ар- фæ ракодта Герас æмæ йе ’мбæлттæн æмæ йæ нуазæн«стъолыл æрæвæрдта. Фæлæ иууылдæр схор-хор кодтой: «Афтæ кæд федтай?!» «Ахæм арфæты фæстæ куыннæ хъуамæ бануазай?!» «Омæ æз æпыпдæр нæ нуазьтн,— стыхсти Зæринæ,— никуы- ма бапызтон». «Æмæ ай дæр нозтыл нымайыс? — фæцьтрд та Дудар,— уый хуымæтæджы "суар у». «Айс æн, аиаз æй, ахуыпп æй кæн!» — ныззарыдысты лæг- тæ, Зæринæйæн гæнæн нал уыд æмæ агуывзæ сдардта йæ был- тыл, шампайнаг уыд хæрзад, æрмæст фындз хъыдзы кодта йæ тæфæй. Зæрииæ афтид агуывзæ фынгыл куы ’рæвæрдта, уæд зарæг’банцад æмæ иууылдæр нымдзæгъд кодтой. Дудар бацыд кусартгæнджытæм, зæронд лæгмæ — уый сил- - 90
.лæг арты цур, кодта физонæг; Дудар бахызт цæлгæнæнмæ дæр — уым зæронд ус архайдта арынджы уæлхъус — фæстæмæ куы рацыд, уæд фехъусын кодта: «Æрбаддзыстæм сахаты фæстæ, ныр та уал улæфут, цы уæ •фæнды, уый кæнут, уæ сæрыл хъен дæр слæуут. Æз та цæуын балер.кæсаг ахсынмæ, нозтимæ, дам, ’балер тынг хорз цæуы, стæц...» «Æмæ балер ахсын куынæ уадзынц!» — нал фæлæууыд Зæринæ. «Кæй уадэынц, кæй та^—нæ;—бахудт Дудар;—закъæттæ се '’ппæт дæр афтæ арæзт сты... Кæд дæ фæнды, уæд цом мемæ æмæ йæ дæхæдæг дæр бамбардзьшæ. Цом, Герас, абадæм до- ныбыл». Уыцы н-ыхæстæ айхъусгæйæ, лæппутæй иу хæдзарæй раха- ’ста рæсугъд, æмбырдгæнгæ æнгуыртæ, Дудар та уæдмæ байгом кодта ног шампайнаг, иогæй та райхъуыст гæрах, къæрмæджы- тæ та стахтысты арвмæ. «Кæй уадзъшц, алцыдæр йæ бон кæмæн у, уыдоны тыхи хæй! — Расидт Дудар,—Хуыдау ный æххуысгæнæг уæд!» «Оммен!» — æмхъæлæсæй загътой лæгтæ’ æмæ та нуазынмæ -фесты. Зарæг та азæлыд комы, Зæринæмæ дыккаг хатт шам- пайнаг фæкаст ноджы хæрзаддæр. Зарæг, сæртæг хъæртæ, къухæмдзæгъд Зæринæ ныр банымадта æмбæлгæ хъуыддагыл. Чызгæн сæн йæ сæры смидæг æмæ йæ зæрдæ цины цады ка- 4>ыд. Дудар æмæ Герасы фарсмæ цæугæйæ,— нæ, цæугæ нæ- кодта, фæлæ кафгæ,— кафыд йæ мидмузыкæйы зæлтæм. Ахæм каръи чызйжытæ ахæм уавæры бахаугæйæ куыд зæрдæокъæфт вæййынц, афтæ Зæринæйæн дæр йæ алы къахдзæф лæвæрдта æгæрон цин. Фæлæ йе ’рдзон хиуылхæст лæууыд уыцы æна- хуыр æнкъарæны ныхмæ, æмæ Зæринæ архайдта хуымæтæг цыд кæныныл. Фæрсырдыгæй кæсгæйæ ничи рахатыдтаид йæ зæрдæйы уаг, фæлæ чызг йе '^ыдзаг цы æхцондзинадæй уыд, уый куыддæр æгъдауæй хæццæ кодта нæлгоймæгтæм дæр, æмæ уыдон дæр ныр цыма æръигондæр фесты, уыйау уыдысты уæнг- рог æмæ хъæлдзæг. Кæрон нал уыд сæ хъазæн ныхас æмæ кæл- кæлæн, Зæринæйы дæр фæндыд худыЦ, фæлæ йæхиуыл хæ- цыд — ирон Ч’ызгæн афтæ æмбæлы. Бахæццæ сты донмæ, иу гыццыл хуыдымы цур Дудар æр- .лæууыд æмæ, Герасмæ æнгуыр дæтгæйæ, загъта: «Ды ам ахс, мах та дæлдæр ацæудэдстæм». Фыд райдыдта ахсын, Дудар æмæ Зæринæ дæлæмæ фæраст сты. Дудар иæ цыд фæтагъддæр кодта, æмæ кæд сæ размæ стырæй-стырдæр дуртæ æмбæлдысты, уæддæр нæлгоймаг ар- хайдта нодЖ’Ы рæвдздæр цæуыныл, æмæ Зæринæйы риуы дзир- дзур кæнып райдыдта сагъæс, æнхъæлмæ касти цыдæр бæл- лæхмæ. Уалынмæ чызг йæ къах бакъуырдта дурыл, фæлæ йæ Дудар ’рацахста æмæ йæ йæхимæ ’рбалкъывта. Чызг дзæбæх куы ’рлæууыд зæ^хыл, уæд дæр æй не суагъта, иоджы тынгдæр жа йæ цы ’рбалхъывта йæхимæ, æндæр. Зæринæ ацархайдта йæхи суæгъд кæныныл, фæлæ дзæгъæлы. Фырæфсæрмæй ссыгъ- 91
ди, Дудар ын цым.а йæ уавæр фембæрста, уыйау, фæци чызджьр хæдоны æгънæджытæ уадзынмæ. Суагъта фыццаг æгънæг, дык- каг, бавнæлдта æртыккагмæ, Зæринæйæн та йæ хæрзæгъдау- дзинад бар пæ лæвæрдта ныхъхъæр «æнынæн, æмæ фæстæ’мæ- ракаст, фъщырдæм, ома мын уый баххуыс кæндзæн. Æмæ йæ уыдта — се ’хсæн æвдай метрæй фылдæр нæ уыд—сæ цæс- тæнгастæ баиу сты, æмæ фыд силлæг, æргуыбыр кодта, рас- тæндæр йæ дзабыры бæттæн цыма баста, уыйау, æмæ афтæ- мæй, хъуызæгау къудзиты фæаууон, æрбайсæфт, æмæ Зæри- нæйы хъусты азæлыд Тамарæйы лæгъстæхуыз.хъæлæс: , «Дæ фыдьг æхсызгон хъæуы, тынг æхсызгон», æмæ чызг æвиппайда æрæрвонг. Йæ тых-йæ бонæй ахæцыд Дударыл, фæлæ та дзæ- гъæлы. Дудар йæ иу къух бакодта риуагъуды бъгнмæ æмæ уæндонæй узæлыд чызджы æнæвнæлд буарыл, йæ иннæ къу- хæй та йæ схуыста айнæджы рæбынмæ, дзырдта йын æхцай-ы тыххæй, фæлвæрдта йæ зæлдаг кæрдæгыл афæлдахын. «Сызгъæринæй нал зындзыиæ»,— хæкъуырцц дзырд кодта Дудар, фæлæ нæ зыдта, Зæринæ ирон æгъдæуттыл кæмæн дзырдта, уыцы чызг кæй нал у, кæй нал у, шампайиаг кæимæ- нызта, уый дæр, кæи нал у, Ч’ысыл раздæр кæй ныхъхъæбыс кодта, уый дæр: Зæринæйы быхсондзииады æмгъуыд фæци ’æмæ æрбаввахс срæмыгъд. Нæ, не суагъта Дудар чызджы, нæ* фæтары ис—афтæ йъш бæргæ хуыздæр уыдаид—^уый нæ, фæ- лæ’ ма иоджы тыпгдæр ауатъта йæ уæз чызгыл æмæ йьгн лæва- рæн нымадта алыхуызон зынаргъ дуртæ. Зæринæ та спайда кодта нæлгоймаджы уæзæй, стæй йъш йе ’мкурсон самбойæ хæцджытæ цы наукæ бацамыдтой, уымæй æмæ йæ йæ сæрты нынтъыхта, Дудар ма бæргæ фæхæцыд чызджы нарæг риуагъу- дыл, фæлæ хъуымацы хæррæтт ссыд, æмæ риуагъуд йæ къухы,. афтæмæй иуцаодæр уæлдæфы ата-хт æмæ йæ сæрæй айнæг ныг- гуымс кодта, стæй ныддæргъ ис зæххыл. АХÆМ ЧЫЗГ Зæринæ йæм кæсгæ дæр нал фæкодта, цæф сæгуытау астъæлфыд уырдыгæй, фæлæ не згъордта йæ фыдмæ, не згъордта, сойæвдылд ныхæстæ ,чи кодта, уыцы зæрæдтæм дæр, не згъордта кусартгæнæг лæппутæм дæр — нæ, уый лыгъд ин- нæрдæм, лыгъди донбылты дæлæмæ. Иу дурæй иинæмæ’гæпп кæнгæйæ, сæрсæфæны был сабыргай цæугæйæ, Зæринæ йæхи- мæ лæвæрдта фарст: «Цæй охыл мæ æрхаста нывондæн мæ фъщ?» Хъуыды кодта Дудар æмæйæ цæдисæмбæлттыл æмæ- йæ цæстытыл уадысты, паддзахы айдæи сæ куыд æвдыста, аф- тæмæй — зынæрвæссонæй, былысчъилæй. Æмæ ныр æвиппай- д-ы бамбæрста,— гыццыл фæлтæрдджындæр куы уыдаид, уæд æй ^аздæр дæр бамбæрстаид,— уыдон æмбæлттæ кæй не сты, кæи не сты цуроны хæлæрттæ дæр (Ирбег, Хъауырбег, Батыр- бег), фæлæ сусæг къорд, ома цæстфæлдахджыты, тонагæнджы- 92
ты бал: иу базар кæны, иннæ та худтæ, йе дзабыртæ хуыйы, æртыккаг та йе цæхджынтæ кæн-ы, йе та ,кæсаг хус кæны, æмæ афтæ дарддæр — стыр къуыбылой, æмæ уыцы къуьгбылой та ис Дудары къухы. Уый у сæ зондджындæр æмæ сæрæндæр, уын сын у разамонæг, уый дих кæны æфтиæгтæ, æмæ йын Зæри- нæиы дæр лæвæрдтой гæртамы хуызы, цæмæй сæм уый фæстæ рæдаудæр уа, фæлæ, чи -зоны, Герас каст поджы дарддæр æмæ йæ Зæрин&йы фæрцы йæкъухтæм æрбайсын фæндыд Дударæн йæхи дæр, стæй æнæхъæн къорды дæр. ’ * Сахат-дыууæ сахаты фæстæ Зæринæ æрхызт фæндагмæ, фæлæ автобуСы бадып нæ уæпдыд. Уæддæр’ æппынф-æстаг сбадт æмæ йæ, æппъгндæр кæмæй ницы ирвæзы, уыцы хъæуккаг сыл- гоймæгтæ хуынчъытæ кодтой сæ цæстытæй. Æмæ Зæринæйæн кæд йæ хæдоны æгънæджытæ иууылдæр æвæрд уыдысты, уæд- дæр фæсырх æмæ рудзынджъфдæм азылд. Горæты трамваймæ куы схызт, уæд дæр йæ цæстæнгас æддæмæ ныццавта,, æрлæу- уæнæй сæхимæ дæр цыд аууæтты,, йæ къухтæй йæхи æмбæрзта, цыма бæгънæг уыд, у’ыйау. Афтæ йæм каст, цыма иууылдæр уымæ ныджджих сты. Хæдзары Зæринæ бацыд абанамæ, рала- ста йæ дарæс айдæны раз æмæ æнæуынон цæстытæй каст йæ- химæ. Уый фæстæ кърант æрзылдта æмæ йæхи фехсадта дон æмæ цæссыгтæй. Фæсахсæвæр æм æрæджиау телефонæй æрбадзырдта Ду- дар, æвæццæгæн æм йæ ныхы къобола фаг"нæ фæкаст. «Фесæф! — загъта йын карзæй, фæлæ мынæг хъæлæсæй Зæринæ — тарсти, мад æй ’куы фехъуса, уъшæй,— фесæф, æрра!» Райсомæй æрæмбы’рд кодта„ Тамарæ йын цы дзаумæттæ ба- лæвар кодта, уыдон æмæ сæ ахаета бастдзинады хайадмæ, ар- выста сæ фыдмæ. Дыууæ боны фæстæ йæм Герас телефоны æр- бадз’Ырдта: / «Цы ’рцыди, Зæринæ? — цыма æппындæр ницы зыдта, афтæ бафарста фыд.— Цы кæныс?» , «Ницы,— цæхгæр дзуапп радта чызг.— Макуыуал мæм æр- бадзур. Макуыуал!» «Цæуылнæ? Цæуылнæ?!» «Уымæн æмæ сымах адæм не стут! Уымæн æмæ сымах здæм не стут!»' ’ «Цытæ лæхурыс уый?! — рамæсты фыд.— Дæ мад дæ? са- хуыр кодта афтæ?!» «Дæуæн дæ цæсгомыл фыст ис уый! — ныхъхъæр ласта чызг.— Абонæй фæстæмæ дæ æз нæ зонын!» ЦАРДВÆНДАГ (Æрхæндæг варианты кæрон) Зæринæ, цы ’рцыди, уый куы ферох кодтаид, уæд та, рай- дыдтаид, кæуыл сахуыр, уыцы иугæндзон цард. Фæлæ йæ бон 93
нæ уыд ныббарцн æмæ ферох кæнын — къæхтæсæрфæн дзы са~ разынмæ хъавыдысты! Æмæ йæ йæ растаудæн маст æмæ хуы- мæтæгдзинад æрлæууын кодтой тохы фæндагыл. Тохы та бы- цæугæнджытæ сæ хъарутæ фæфæлварынц —йæ ныхмæлæууæг уыдонæй цыдæртæ иыронг равдыста — æмæ Зæринæ дæр рав- зæрста йе стырдæр хотых — гимнастикæ. О, уый фæрцы райс- дзæн йæ маст. Нæ, ныр ыи хæдзарон кад æгъгъæд нал у, йæ- ном хъуамæ азæла æнæхъæн Цæдисы, Европæйы æмæ дунейы дæр, цæмæй йæм уыдон, (Ирбег, Хъауырбег, Батырбег, стæй Герас æмæ Дудар), телевизоры цур бадгæйæ, кæсой Хуыцаумæ кæсæгау. Кæсой йын хæлиудзыхæй йæ диссаджы стахтмæ æмæ- адæргæй ныхой сæ нард синтæ, бамбарой æппынвæстаг, кæй ис æндæр, рухсы æмæ бæрæгбоны дуне, уырдæм давд æхцатæйг нæй билет балхæнæн, бамбарой, сæ цард ницæйаг кæй у, уый. Гъе, ахæм уæлахиз уыдта разæй Зæринæ, æмæ йæ тыхтыл нæ ауæрста, афтæмæй йæ æввахс кодта. Алцыдæр авæрдта\иуварс, баззад ма айдагъ гимнастикæ—мингай фæлтæрæнтæ, уыцы иу фæзылд-иу фæлхат кодта сæдæгай хæттытæ, цалынмæ-ма-иу йæ буарæй хид хъардта, цалынмæ-ма-иу фезмæлын йæ бон уыд, уæдмæ, æмæ афтæ суткæ дыууæ-æртæ хатты! — уыдон та (Ирбег, Хъауырбег, Батырбег) нæ тагъд кодтой тæрхондонмæ, аххосджынты бынатмæ, раздæрау сæ хъул сах бадт, тона код- той, фæлæ гæххæттытæ аразынмæ дæр рæвдз уыдысты; ам- бæлд-иу сыл Зæринæ уынджы стæм хатт,— цæхæртæ калдтой, сæ сæртæ бæрзæндты хастой, салам-иу радтой Зæринæйæн, фæндыд-иу сæ йемæ аныхас кæнын, фæлæ-иу сæм чъгзг кæсгæ дæр нал фæкодта, атындзыдта-иу йæ нысанмæ, кады æмæна- мысы уæлдæр къæпхæпмæ. Афтæ агæпп ласта аз, йæ фæстæ хус сыфау атахт дыккаг дæр,^фæлæ Зæринæ рæстæг афæдзтæй нæ барста, фæлæ ерыетæ- æмæспортивон ахуыртæй. Æнцонæй æмбылдта республикон еры- сты, фæлæ йын сæйраг къахдзæф акæнын æмæ рухс бæрæгбо- ны дунемæ дуар бакæнын не ’нтыст. Уыцы фæстаг къахдзæф кæнгæйæ-иу йæ къах бакъуырдта, æмæ та-иу уæд райдыдта но- .гæй. Йæ къах бакъуыргæйæ, цы т’ас бавзæрста, уый-иу бам- бæхст йæ уды æмæ-иу æнхъæлмæ каст йæ сахатмæ. Бæгуыдæр, йæ арæхстдзипад рæзыд æмæ, чи зоны, йæ къу- хы бафтыдаид йæ сæйраг уæлахиз, фæлæ рæстæг дæр иу бына- ты нæ лæууыд. Æмæ кæд Зæринæ сабыргай цыд йæ нысанмæ, уæд гимнастикæ та æваст егъау санчъех акодта размæ, æмæ- зæххæй уæлæмæ дæр чи нæма зынд, уыцы æртыпдæсаздзыд чыз- джытæ æвдисын райдыдтой, гимнасттæн знон сæ фæсонæрхæ- джы дæр чи нæма уыд, ахæм царциатæ. Æмæ Зæринæ дæр цæугæ-цæуын ивта йæ программæ, уый та уыд тынг зын æмæ- йæ æууæнк сындæггай тайын райдыдта. Иуахæмы та ерысты ,куы ,ферхæцыд æмæ изæрæй сæхимæ фæндагыл йæхимæ куы ныхъхъуыста,— æгъуыз бæлæстæ æмæ телыхъæдтæ фæстæмæ згъордтой, трамвайы цæлхытæ иугæндзон уынæр кодтой æмæ 94
йæ уыдон дæр æфтыдтой æрхæндæг хъуыдытыл;— уæд ын тре- нер худгæйæ загъта: «Ды сылгоймайгты гимнастикæйæн æгæр сылгоймаг дæ». Уыцы ныхас ’ иуырдыгæй уыд зæрдæлхæнæны хуызæн, ин- нæрдыгæй та — тæрхон, æмæ уьвцы дыууæ мидисæй уыд арвис- тон саразæн, æмæ сæ Зæринæ дæр куы сæмхæццæ кодтаид, уæд ахудтаид йæхиуыл æмæ йын фенцондæр уыдаид. Фæлæ йæ- Зæринæ банымадта æфхæрæн ныхасыл æмæ, фыццаг ахуьгртæйг фæстæмæ иумæ цы тренеримæ цыд, иудадзыг кæрæдзийы кæ- имæ æмбæрстой, уыимæ ныр фæхыл. Фæстагмæ йæм сдзырд æппындæр нал уыд, вдсыл иицæуыл дæр-иу ратæвд ис, раст цыма йе ’ууæнкимæ йæ фæразондзинад дæр кадавардæрмæ цыди, уыйау. Тренйровкæтæ йын кæддæрау цины хос нал уыдысты, чызг тыхсти æнæмæиг цæуын сæм кæй хъæуы, уымæй, фæлæ сæ уæддæр нæ уагъта йæхи фыддæрагæн. Æмæ ноджы тынгдæр мæсты кодта, йæ алфамблай йæ хъыг- дардта алцыдæр — дзаумæттæ дæр æмæ адæм дæр — йæ чызг- æмбæлттæ дзы адард сты, йæ лæппу-æмбæлтты та йæхæдæг ассыдта раздæр: сæ алкæцыйы дæр уыдта Дудары, йæ цæсты- тыл-иу ауад Дудары ,къух — хидæй æлгъаг хуылыдз, цыма та- иу ногæй йæ риуагъуды бынмæ баирвæзт æмæ мыдул кодта чызджы æнæвнæлд буар, æмæ-иу ыл фырмæстæй ризæг бахæ- цыд. Гъе^ уымæн ласта дæрдты йæхи лæппутæй, уынджы-иу æм чи сдзырдта, уыдон дæр-иу хорзау нал фесты,- комкоммæ-иу сæ- куы бафарста «Цы дæ хъæуы?», уæд. Афтæ ма атахт ноджыдæр иу аз, Зæринæ каст фæци уни- верситет æмæ кусын райдыдта сывæллæттимæ. Бæргæ куы сæ- бауарзтаид, куы сæ ахуыдтаид, кæддæр йæхæдæг æрхъæцмæ- кæуыл нæ хъæцыд, уыцы фидауцы дунемæ, фæлæ сын уæд хъуамæ æнæмæнг сн&вонд кодтаид йæхи. Уый та æнДæр хъуыддагæн радта йæхи, уынджы-иу Ирбег, Хъауырбегылфем- бæлгæйæ ахызт сæ иувæрсты, цыма сæ нæ федта, уыйау. Афтæ- мæй йæ НЫСАН иал зынд, рæстæджы атад-, баззадис ма ай- дагъ МАДЗАЛ, æмæ йын уый хордта йæ уд, сысти йæ хъаруйы суадон, Зæринæйы зылдта æмæ зылдта иугæндзондзинады хуы- дым. Раздæрау æмбылдта рæстæмбис ерысты, фæлæ уый йæ къу- хы æфтыд бынтон зьгнæй, йæ ’кæддæры ньихмæлæуджытæ фæд- фæдыл чындзы фæцыдысты, рауагътой цот, æмæ Зæринæ ерыс кодта нырма лæппуты æнгæс чи уыд, ахæм къаннæг чызджыти- мæ. Се ’хсæн йæхи æнкъардта урс халоиы хуызæн, фæлæ уæд- дæр нæ саст, ,йæ цæстытæ-иу æнахуыр æрттывд кодтой, (афтæ- мæй архайдта тренировкæты. ’ Иæ фарсмæ та уыдысты уыцы æнæнтыстытæ. Зæринæйæн-иу раздæр афæдзгæйттæм цы бан- тыст, уый-иу уыдонæн уайтагъд сæ къухъг бафтыд, уыимæ æн- цонæй, æмæ дис кодта Зæринæ. Кодта вазыгджындæр йæ ком- бинацитæ, цыд арæныл, тас ын уыд æрхауынæй, фæлæ нæ тар- сти, уымæн æмæ йъш уæлдайнал уыд. 9*
АХÆМ НЫСАН Иу хатт, спортивон ахуырты рæстæг, Зæринæ бадти дарæси- вæн уаты, иннæ уаты та йæ ныхмæлæуджытæн бацайдагъ ны- . хас фидæны ерысты тыххæй. Чи бацæудзæн республикæйы иу- мæйаг командæмæ, ууыл уыд сæ сусу-бусу чызджытæн. Дзырд- той алкæй тыххæй дæр, кæрæдзийы-иу фелхыскъ ^кодтой, худæ- гæй-иу бакъæцæл сты. Уалынм’æ æрхæццæ сты, Зæринæмæ, æмæ окæд ’йæ архайд цæдисон ерысты æнæгуырысхо уыд, уæддæр чызджытæ дыууæ дихы фесты. «Р1умæйаг командæмæ йæ райс- дзысты»,— уыд фыццæгты хъуыды, фæлæ иннæтæ семæ разы нæ уыды’сть!, иуæй та ма дзы суанг ахæм дзырдтæ дæр сир- г вæзт: «Зæр’инæ ныр зæронд у». Куыд?! Нудæс азы дæр ыл æххæстæй куы нæма цыд, Ду- дар æй балер кæсаг ахсынмæ куы ахуыдта, уæд! Æмæ уæдæй -фæстæмæ йæ царды иунæг уалдзæг, иуиæг сæрд дæр куынæуал уыд — æрмæст спортзалы æгъуыз къултæ,— æмæ иугæр афтæ у, уæд та рæстæг нал цыд размæ, ’æмæ алцыдæр лæууыд йæ бынаты, ницы аивта йæ алыварс дæр’ æмæ йæхимидæг дæр ,æмæ уæд куыд хъуамæ базæронд уыдаид?! — адæм æнæ рæс- тæг нæ зæронд кæнынц!.. Зæринæ залмæ рахызт, тагъд-тагъд йе уæнгтæ айвæзта, стæй .æвиппайды йæ тых-йæ бонæй ратахт залы астæумæ — хъуамæ равдиса ацьг дæлæмæдзыдтæн, сæ фыны д’æр цы нæ федтой, уый, дывæр сальто, стæй ма тæхгæ-тæхын хъуамæ æнæхъæн зылд дæр æркæна, нырма хæрзæрæджы бафтыд уый йæ къухы ,æм-æ йæ æнæ ’æххуысгæнджытæй иунæг хаттдæр нæма фæл- вæрдта,— разгъордта ’ йæ т.ых-йæ бонæй — уый та уын-зæ- роЦд! — æмæ йæхи куы фесхуыста, уæд бамбæрста, кæронмæ кæй н;е ’рзилдзæн, фæлæ йын æрлæууæн нал уыд, стæй йæ фæндгæ дæр нал кодта: цы уа, уый уæд, æмæ, æдæрсгæйæ, æнæ >фæсмонæй, раст цыма йæхи фыддæрагæн кодта, уыиау æн- хъ’æлмæ касти цæфмæ, кæронмæ, æмæ ма уæлдæфы тахт, аф- -тæмæй айхъуыста чызджыты удаист цъæхахст...^ Къадзаты Станиславы тæлмац
Нæ чысыл’ хуртæн ХОЗИТЫ МАКАР ТÆРХЪУС - ХЪИ ЛХЪУС хъызт зымæг Пец та лулæ Сдымдта зулмæг Бæрз ысхуыфы Хатт йæ хуылфы. Хъызт ыстыхджын Фæзты, уынджы. Йрд æрвцъæхы Маргъ нæ тæхы, Бады халон Смсы аууон. Кæрты астæу Бирæ хъазтæ Бзндзыг ысты АФТÆ ДÆР ВÆЙЙЫ Алкæм-иу ныххоста Иу тæрхъус йæ риу: — Æз мæхи карст хосы Бамбæхсин Хъæриу. Рихийыл мын бастæй Бур нæл арс кæуид. Ме знæт дзырд, мæ кастæй Дкæлид йæ хид. Кьæдзилæй ыстонин Зæххы даргъ сæмæн. Домбайы ныххойын У æнцон мæнæн — Цас фæдзырдта а сырд! Хи стауынæй рæзт, Уалыимæ йæ фарсыл Иу хъæндил ыслæст. Судзаг хъызты. Сæрхъæн дымгæ уазал цымгæ Мит ыссоны Æрхы роны. Гъæй-да-гъа, йæ фендæй Нал улæфыд, рызт. Уадидæгæн фендæр, Йе ’рдиаг ма хъуыст. Гъе стæй пыхс йæ сæрыл Ахаста æваст. Арф комы къæсæрæй Иу хатт ма фæкаст. МАХ — ХЪУСОЙТÆ — ХЪУСДЖЫНТÆ Пыхсытæй та æрдузмæ Ракалдысты тæрхъустæ. Гæпп! Гæпп! Гæпп! Мах — хьусойтæ — хъусджынтæ Морæтæ ’мæ урсбынтæ. Гæпп! Гæпп! Гæпп! Фæстæгтыл дæр алæууæм; Рæнхъ салдæттау ралæууæм\ Гæпп! Гæпп! Гæпп! Зад кæрдæгыл ахизæм, Над фæндагмæ нал хизæм. Гæпп! Гæпп! Гæпп! Махг тæрхъустæ, арæхсæм, Бирæгъæй дæр нал тæрсæм. Гæпп! Гæпп! Гæпп! 7 Мах дуг X* 7# 1981
АЙЛАРТЫ ЧЕРМЕН ЗАРÆДЖЫ ТЫХ Радзырдтæ ХÆФСÆН ЙÆ ЛÆППЫН — ХУРЫ ТЫН Цады был хъæзджыны царди хъоппæгцæст гал-хæфс. Ра- уагъта дзы бирæ лæппынтæ. Мад сæ йæхицæй дæр фылдæр уарзта. Рæвдыдта сæ. Æндæр хæфсы лæппынтимæ сæ нæ ивд- дзаг кодта. Алкæйы дæр сæ зъщта йæхи номæй. Иухатт фыдзæрдæ кæсаглас бахъуызыд цъыфдзастмæ. Ба- хъавыд æмæ лæппынтæн сæ тæккæ дынджырдæры, сæ тæккæ- тæккæ зондджындæр’Ы, сæ тæккæ-тæккæ-тæккæ рæсугъддæры'• йæ фæстаг къахæй ацахста æмæ стахт арвы тыгъдадмæ, йæ ных сарæзта хурмæ. Хъоппæгцæстджын гал-хæфс ныттыппыр фырмæстæй, фæ- куыдта йæ лæппыны сæфтыл. Æхсæв-бонмæ йæ зæрдæ нæ бан- цад йæ рыстæй. Мæгуыр мады зæрдæ æрдуйæ нарæгдæр, сси. Райсомæй бæстæ куы райхъал, куы ^сбон и, уæд хуры( зæл- даг тын сæмбæлд гал-хæфсы къуызъфтæ риуыл. Хуры ты’н’ба- тавта '.мады .æфхæрд зæрдæ, бауагъта йæм рухсы цъыртт. — Мæ хъæбул мæм уæларвон балцæй æрхæццæ! — фæхъæр кодта хæфс æмæ йæ риуыл цы хуры /гын афынæй, ууыл йæ .дыууæ къухæй фидар ныххæцыд.— Цæй рæсугъд дæ, цæй ад- джын дæ, цæй хъарм дæ, мæ чысыл хъæбул! Адæм мæнгæн нæ фæзæгъынц: «Хæфсæн йæ лæппын — хуры тын». ЗАРÆДЖЫ ТЫХ Зарæг куы нæма райгуырд, уæд дуне æмбис мæгуырдæр цард. Талынг уыд.Æпкъард. Фæлæ кæйдæр сызгъæрин зæр- дæйæ хæххон урс æхсæрдзæнау рухсмæ ныццæлхъ ласта. Фыц- цаджыдæр йæ ахæсты чи бахауд, уыдон уыдысты: Халон, Уал- лон æмæ Æхсынæн. Рæсугъд зарæг апырх и Халоны æгас буары. Зæрдæ бай- дзаг зарæджы зæлтæй ,æмæ ныррухс, цыма дзы мин хуры ра- каст. Раздæр æпад чи уыд, уыцы æдзæсгом маргъы миддуне къæссавæлдæхт фæци. Халон йе ’мбæлтты хуызæн нал уьтд. Фыдуаг митæ дзы айрох сты. Хæдмæлæн йæ тæфты дæр иал цыд. Бырæтты джиуын йæ сæрмæ нал хаста. Уый хыгъд бæлæ- • стæн агуырдта сæ аивдæрты, дидинджытæн — сæ тæфгæнаг- дæрты. Иудзырдæ’й, йæ цæрæнбынат дидинæгдон фестад. , — Ехх, цымæ, æз та дидинæгау рæсугъд цæуылнæ фæ-' дæн?!—дзырдта Халон æмæ йæ ницæйаг бумбулитæ иугай- ,дыгай тоцъгн райдыдта. Сæ бæсты сын оагъта алыхуызон ди- динджыты хаутæ. Хуры тынтæй сæ баста йæ цардбæллон буа-
рыл< Хуры тынтæ здыхта йæ зæрдæйы тугдадзинтыл. Мар- гъы размæ гуырыд ног бæллицтæ, рухсдæр нысантæ. Суанг ма йæ къахайст дæр сирæгау сси. Афтæ, зарæджы фæрцы Сау Халонæй- рауади мæлхъ. Дзæ- нæты цъиу, Æппæт зæххы цæрæгойтæ ард кæй рæсугъддзина- дæй хæрынц^ ахæм маргъ! Зарæг бахъардта Уаллрнмæ дæр. Алы зæл дæр æвзист тæп- пæй ныхæст буарыл. Æрзад ыл чысыл базыртæ. Уыдонæй иу йæхи систа уæлдæфмæ. Иу уалдзæг æй йæ базыртæ ахастой сыгъдæг суадонмæ. Уырдыгæй ацыд гуылфгæнгæ донмæ. Хæх- хон доны зæлланджы уаллон ссардта ног зарæг. .Йæ фезмæлд ын цæст нал ахста. Йæ авналæнтæн фурды уылæнтæ скъуын- дæг сты. Афтæ Зарæг Уаллонæй сарæзта сызгъæрин базырджын Кæ- саг. Донæн йæ сыгъдæг чи агуры, фурдæн — йæ арф, ахæмКæ- саг, Фыццаг зарæг уарзон зæххæй атыдта Æхсынæны дæр. Иæ уæлныхты йæ ахаста цъæх арвы хъæбысмæ. Ныххудын æй код- та йæ дзыхыдзагæй. Иæ <чысыл зæрдæйъг йын бавæрдта стыр цæхæр. Йæ бур цæстыхаутæ фестадысты судзгæ тынтæ. . - ÆИÆВДÆЛОИ — Мæлдзыг, уæ, Мæлдзыг! Æнцад цæуын нæ зонъис. Æдзухдæр — згъоргæ. Кæдæм фæтындзыс, уагæр?! — Мæ куыстмæ, мæ куыстмæ! Бон цыбыр у, мæнæн та ма изæрмæ бирæ кусинæгтæ ис. — Мæлдзыг, нарæгастæу гуырвидауц та цæмæй- сдæ? — Фæллойы цинæй! Зивæг кæй нæ зонын, бон-изæрмæ кус- гæ кæй кæнын, уымæй. — Мæлдзыг, рынчынæй дæ никуыма федтон. Æнæниз та цæмæй дæ, æнæниз? — Рæстæг мын нæй сæйынæн. Хуры скастæй хуриыгуылд- мæ кусгæ кæиын. — Мæлдзыг, дæ царды ницæмæй тыхст дæ. Зæгъ-ма, дæхи цæмæй хоныс амондджын? — Мæ бон кусын кæй у æмæ бон-сауизæрмæ кусгæ ,кæй кæ- нын, æрмæстдæр гъеуымæй. Мауал мæ хъыгдар, нæ мæ ’вдæ- лы... ’ ДЫМГÆ, УАДЫНДЗ ÆМÆ СИДЗÆР САБИ Дымгæ ма адæймадж-ы хуызæн уыди уæд. Хохаг хъæугæ- рон айиæджы тигъыл бадт хæрзæнахъом саби. Æххормаг æмæ уазалæй йæ кæуынмæ дур дыууæ кодта. Нæ йæ уыд иу барæв- дауæг, нæ йыл уыд иу фæхæцæг. Дымгæ* тыкг фæтæригъæд кодта сабййæн æМæ сцъил и, æркафыд йæ алыфæрсты. Иæ уæ- л’арвон æрвхуыз уадындзæй йын ахæм нæртоы цагъд æркодта, ахæм, æмæ йæм æгас дунетæ дæр цымыдиеæй æрыхъуыстой. 9^
Уыдындзы зæлтæ сæмбæлдысты сывæллоны æнкъард зæрдæ- йыл. Сабийæ æрбайрох, стонг кæй уыди, уазал кæй уыди, уый æмæ бахъæлдзæг. Худын райдыдта. — Авæр мæм, Дымгæ, дæ уадындз, æз дæр’ дзъг ацæгъ- дон,— æрзоныгыл и лæппу. Сидзæр саби райста Дымгæйы уæларвон æрвхуыз уадындз, æрцагъта дзы ноджы рæсугъддæрæй. Уыцы цагъды уыди зæр- дæйы маст æмæ хурмæ тырнындзинад. Цагъдмæ атадыстыхус- сары миттæ, урс дидинæг фестадысты ком’Ы- бæлæстæ. Тæрхъу- стæ æмæ рувæстæ, бирæгътæ æмæ æрсытæ кæрæдзийы >къух- тыл ныххæцыдысты æмæ иу мады хъæбултау Соппæры сæрмæ зæлдаг фæзы кафынтæ систой. — Æнæ уадындзæй мæ бон цæрын нал бауыдзæн! — скар- ста саби æмæ аскъæфта Дымгæйы уадындз. Иæхи бамбæхста уалæ Арвæрдыны авд авдхуызон дуары фæстæ. , Уыцы бонæй ацы бонмæ Ды,мгæ осæргой. Агур^л йæ дисса- джы уадындзы. Нæ йыл фæхæст вæййы æмæ та йæ фырмæстæй нынниуы талынг лæгæтты, кæмтты нарджыты. Ныкъкъуыс- къуыс ласы бæлæсты хихты, тохынаты. Агуры, агуры Дымгæ йе стыр хæзна! РИФМÆТÆИ ХЪАЗТ Рифмæ цы у, уый Ингæ рагæй зоны. Къуырийæ фылдæр. Сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылæнæг Иринæ Харитоновнæ йын æй бацамыдта. Райсомæй аходæн дæр нæма бахордтой, афтæ Ингæ æрха- тыд йæ кæстæр æфсымæр Арсикмæ: — Цæй-ма, рифмæтæй ахъазæм. Кæддæра нæ рифмæтæ чи фылдæр æрхъуыды кæнид! — Лифмæтæ та цы сты? — Лифмæтæ нæ, фæлæ — рифмæтæ! Зарæджы чи вæййы, ахæм æмзæл д^ырдтæ. — Æвзæл дзылдтæ, зæгъыс? • — Æвзæр нæ, фæлæ—æмзæл. Æнгæс. «Æвзæр» æмæ «æм- „ зæл» дæр рифмæтæ сты. — Уæдæ ма ды æлхъуыды кæн лифмæтæ. Ингæ хъуыдыты аныгъуылд æмæ райдыдта: — Нас, туас, бас, къалбас, кас... — Æллæх\ — Арсикыл цыма исчи уазал дон бакалдта, уый- ау фæгæпп ласта æмæ фæлидзæг. — Фæлæуу-ма! — йæ фæдыл хъæр кæны Ингæ,— æз ма иу рифмæ ссардтон! (— Афонмæ ныууазал мæ бас, Кисæ мын ысмалзта мæ кас,— цæлгæнæн,ы дуæрттæ йæ сæрыл бахаста лæппу. Ингæ та ныр дæр ма агуры ног рифмæтæ. Уый йæ зæрдæ- мæ арф айста сæ хъомылгæнæг Иринæ Харитоновнæйы пъгхæс- тæ: «Бирæ рифмæтæ чи уарзы æмæ чи агуры, уымæй поэт ра- уайы, зарджытæ фыссæг!» 100
Сфæлдыстадон бынтæ ФÆРНИАТЫ ДЗИБУС ЗНОНЫ ХЪÆБАТЫР Радзырдтæ I Æрттиваг лæгъз асинтыл æй хæрзаив æртыккаг уæладзыг- мæ схизъш хъæуы. Æнкъард, уæнгуагъдæй йæ къах размæ ак- сы. Цæстыты сау катай, судзгæ сагъæс баидзыг и. Сæр бын- мæ æруагъта. Цыма Хъæриуы хох йе ’уæхсчытыл фæцæйхас- та — ныггуыбыр и. Зæнгты цыма магъзы мур нал и. Ныххус сты. Сæ зыр-зырæй не ’нцайынц. Будтуз асины гæзæнхъæдыл ныххæцы. Чысыл йæ фæллад суадзы. Арф ныуулæфы. Зæрдæ мидæгæй риуы ныддур и. Рухсы цъыртт æм ничердыгæйуал кæсы; йæ армытъæпæны цъг гæххæтт ис тыхтæй, тетрады сыф, уый райхæлдта. Æркасти йæм. Кæд, мыййаг, йæ мадыфоымæр уым’ нæй, йæ бынаты. Йе та тынг æнæвдæлон у. Уæд æм дзæ- гъæл’Ы цæуы. Æнæ цæугæ дæр ын цы хос ис? Иæ мад Лезайы тыхст рынчынæй ныууагъта./ Æгас къуыри фырадæргæй дæл- гæмттæ-уæлгæмттæ кодта. йæ улæфæнтæ æхгæдтой, йæ игæр æй сагацдта. Иæ фарсыл-иу ныххæцыд. Рæуджыты хыр-хыр... ты- хулæфт. Старстысты йын. Адзал йæ фæсхъус æрбалæууыд. Цалдæр боны размæ цæ горæты рынчындонмæ фæдисы ластæй .æрбахæццæ кодта. Дохтыртæ Будтузæн ныфсытæ æвæрдтой: «Ма тæрс, ам бирæ ахæм рынчынтæ адзæбæх вæййы. Ацу, фæз- зæг у, дæ хæдзары куыстытæ кæн». Мад м,ад у. Иæ зæрдæйæм æхсайдта.' Абон райсомæн раджъ1 фестад. Рабæлодон. Рынчын- доны балæууыди. Палатæйы къæсæрæй хъавгæ бахызти. Иæ ныййарæшæ йæ номæй сдзырдта. Леза сынтæджы уæлгоммæ хуыссыд, фæлурс. Будтуз сагъдауæй аззад. Фæтарсти. Кæд, мыййаг, дæ балгъитæг афтæ, исты йыд... Лæппу андзыг. йæ дид акалди. Буары дыз-дыз ссыд. Фæйнæрдæм акасти. Рын- чынтæ. Йæ уырзтæ йæ мады ныхыл ахаста. Мадæн йæ разы йæ хъæбул. Бахудын æй фæндыд. Былтæ йæ коммæ нæ ба>ка- стысты. — Ц&й куыд дæ?—сирвæзти фъфты уынгæг хъæлаосæй. — Ницы мын у. Ницы. Мæнæ рецепт. Дохтыр мын æй ныф- фыста. Зын ссарæн хостæ... Гæххæтт ме ’фсымæр Хъазиханмæ ахæсс. Уымæн бирæ зонгæтæ ис. Кæд хостæ самал кæнид. Тагъд, дæ хорзæхæй! — æмæ Леза хъæрзгæ-нæтгæ, йæ базы бынæй, дохтыры фыст рецепт раласта, Будтузмæ йæ радта. — Хорз, хорз... Ма тыхс, ныртæккæ! — йæ тыхст ныййарæ- тæн ныфсытæ лвæрдта, чысыл ,ма йæ уæлхъус алæууыд, æмæ фæцæуæг и. 101
Æмæ ныр фыркатай, фыртæссæй’ Хъазихан цы хатæны ба;| ды, уыцы дуарът раз æрлæууыд. Къорд хæттыты дзы уыд. Зонь|; йæ. Дуарыл бахæцыд. Мæнæ йæ секретарь, æрыгон даргъдзæс^ гом худæндзаст чызг. Фестади йын. , \*ы — Хицау ам ис? > ;( — Ам ис Бацу йæм,— ацамыдта йын сау сæрак фæтæн\ дуармæ. % ’ Рахæцыди„й'ыл. Дуар байгом. Куыд хион, æдас, æдзæстхит| зæй йæм бараст и. Хъазихан... Йæ сæрыхъуынтæ зулмæ фаст^ Халас сьгл фæхæцыд. Цæсгом ранæй-рæтты хæбуздзыхъытæ...':* фæныкхуыз костюм..; Урс хæдоны æфцæггот игæрхуыз фæтæ^ галстук æнгом æрбалвæста. Æнæвдæлон у. Кæмæдæр телефо^! ны дзуры. Мæстæнгасæй. Йæ пыхцыл æрфгуыты бынæй йæ ирд; цæстытæ ферттивынц, сæ цæхæЬ акæлын æввонг. Будтуз къу-.» лæрдыгæй стъолы фарсмæ æрбадти. Йæ мад Лезайьг хосты ре-1 цепт йæ армы цæттæйæ дары, йæ хæстæг куыддæр ныхас фæуа„< афтæ йæм æй авæрдзæни. Хъазихан телефоны хæтæл æрæвæрд- та. А-ныр йæ хæрæфъ1рты,истæмæйты афæрса, афтæ дуар æр~ бахостæуыд. Лæг йæ уæхсчытыл хæрдмæ схæцыд. — Мидæмæ! Оу, мæнæ уал... Чи йæ æрбауагъта? — фæуыр- гъуыйау Хъазихан. . Уайтагъд пъолы къæс-къæс ссыд. Æрбахызти царæй зæх- мæйы дæргъæн хытъынджын лæг. Цæсгом — сырх-сырхид. Сау пинджак ыл, сау хæлаф. Рихиты , кæрæттæ хæрдмæ — схъæл. Уый уыди консервгæнæн заводы хицау ’ Мырзахъулты Арцхъи. Будтуз æй ауыдта. Стъолыл цы газет уъгд, уый йæхирдæм æр- балас’та. Сæргуыбырæй йæм йæхи кæсæг окодта. Арцхъи хъæлдзæг, худæндзастæй Хъазиханæн, хуыцауæн ку~ вæгау;йæ сæрæй ныллæг, акуывта, йæ къухыл ын зæрдиагæй Быххæцыд.- - • " — Цæй, цы хабæрттæ дæм ис? — тагъд-тапьд æй афарста Хъазихан. * ’ • — Нæ тресты хицау дæ, нæ разамонæг. Мæхи хуыздæр.кæ-1 мæ баппарон. Дæ сæр мæ бахъуыд..., иу мин афтид асыччы...; Дыргъафон у... Ссæдз тоннæйы. Сæкæр... Халвайæн, джем, ва’- рени... • ’ ’ Арцхъи Будтузмæ фемдзасти. Цыпцар цæсты кæрæдзимæ фæкомкоммæ сты. Арцхъийæн цыма йæ уырзы хъæстæ сындз фæныхсти. Кæнæ йын æй маргджын калм æркъуырдта. Иаз; къух фæстæмæ аскъæфта. Бынмæйæ æруагъта. / — Сбад, кæрæдзи нæ зонут? Иу районы куы цæрут... Мæ^ лæты стыр район куынæ у,— бакасти "Хъазихан Ардхъимæ æмæ йын Будтузмæ ацамъщта. . ’ х — Зонын,— фæсус хъæлæсæй дзуапп радта Мырзахъулы-, фырт. ^ , V —, Мæ хистæр хойы лæппу у. Мæ хæрæфырттæн сæ тæккæ хуыздæр. Уый мын чи бахъыгдара — йæ хабар æвзæр у1ыдзæ; ни! — бахудти Хъазихан æмæ Будтузы уæхск æрхоста. ’ ^:!' Арцхъийыл цыма тугдзых стонг балбирæгътæ тархъæды й# 102
алыварс .æрбамбырд сты. Йæ хуыз фæлыгъд. Уыцы уысм бы- яæй, кæртæй сыхъуысти ыæлгоймæгты загъд-замана. Рудзын- гæй æрбасхъиудтой къæйных, æнæфсарм ныхæстæ. — Гъей, æнæрай .куыд фестут! Нал фæразын адонæй! — стыхсти Хъазихан. - — Чи сты? Цы хабар у? —сирвæзти Арцхъийæ. — Скълзды’хицау æмæ нæ шофыртæй иу галиу лæппу. Æх- сæа йæ машинæйыл ,кæдæмдæр акъуыры. Сусæгæй. Ныр иу къуыри алыбон кæрæдзи æвдæрзынц. Фæлæууæнт, æз сын сæ хъуын |Куынæ «ацæгъдон’. Бадут уал. Тагъд фездæхдзынæн,— загъта йæ уазджытæн Хъазихан, æмæ асинтыл бынмæ кæртмæ ахызти. 2 Знон уыди уый. Фæззыгон ’арв ныхъхъуынтъыз, ныттар и. Скæуынæввонг Иугай æртæхтæн рыгæйдзаг зæххыл сæ тъæпп фæцыд. ’ < — Цæй, кæд йæ къæв’да абонмæ не ’рхæссид. Науæд цæхх дæн, тайынæй тас мъш у. Цæуон,—сæ кæрты рахизæньи рахъуы- ды-бахъуыды кодта/Будтуз. Стæй йын цыма чидæр йæ дæлар- мы йæ цонг фæцавта, размæ иæ аскъæфта, афтæ фæцæуæг и. Тæрккъæвда Будтузы хиды тæккæ астæу ацахста. Цыбыр-^ гомау цъæх цлащ ыл бæргæ ис. Йæхи дзы æрбатухы. Уæдмæ суыдта, агуыридурæй амад бæрзонд агъуыст. Дæргъæй-дæргъ- мæ машинæтæ йæ кæрты къæсæртыл дыууæрдæм хизынц. Къæ- сæры тæккæ фарсмæ яъаннæг будкæ. Иæ дуар ын ратъæпп лас- та. Смидæг дзы ис. Æхсæв уа, бон — хъахъæнæг дзъг лæууы. * — Цы дæ æрсырдта? — афарста Будтузы дуаргæс, кæсæн- цæстджын зæронд лæг’ — Директор мæ хъæуы,— загъта, лæппу! — Иæхимæ ис. Бауай йæм,— ацамыдта дуаргæс Будтузæн кæдæм бацæуын хъæуы,уый. • Будтуз уæладз’ыгмæ схызти,. Хицауы уат. Дуарыл бахæцыд. ’— Цы зæгъдзынæ? — йæ бæрзæй фесхъæл, бапъироз спъæртт ’ласта, афтæмæй афарста Мырзахъулты Арцхъи æр- гъæвст бæлццоны. — Ацы аз нæ цæхæрадоньт пъамидор не ’рзад, не срæгъæд сты, афтæмæй бамбыдысты. Баххуыс мын кæн. Сæдæ килограм- мы мын пъамидортæ рафысс. Зымæгмæ- боцкъайы цæхджы- нæн,— иудзæвгар æфсæрмдзастæй куы алæууыд, уæд раргом йе ’рбацыды сæр.( * — Дæ гуыбыны цъар дыл ныккалди. Фырæххормагæй сæ- фыс. Дæ бинонтæ сыдæй^ скъуыйынц? Стонг йз у? Ацы фыдрæс- тæг дæ пъамидоры йеддæмæ ницы æндавы? — Арцыхъийы цæс- тытæ ферттывтой. — Цы бачындæуа... Адæймаджы цæрын хъæуы. Лæвар дæ нæ агурын. Сæ аргъ цас у? Ныртæккæ сæ бафиддзынæн,— æмæ Будтуз йæ дзътпмæ нывнæлдта. 103
— Дæ артдзæсты нытътъæфс у, æндæр цы бачындæуа?..— фыдцæстæй та йæм бакасти Арцхъи, æмæ цыдæр дъæхцъар чи- ныджы кæсыныл схæцыд. — Мæгуыргур нæ дæн. Рафысс мын,— нæуæндонхуызæй та сдзырдта Будтуз, æмæ агъуыстьг нывæфтыд къултыл йæ цæс- тæнгас ахаста. - ^ — Пъамидоры фыдæй нæхæдæг нæ къухтæм æмхасæнтæ кæнæм. Нæй нæм. Нæ зфæдзы пълан æмбис сæххæст кæнын дæр нæ бон нæ бауыдзæн. Мæ бон дын ниды’ у,— æмæ хицау йæ цонг тилгæ, -кæимæдæр телефоны дзурын райдыдта. Лæппу йæ бынаты сагъдауæй баззад. Иу хатт ма йын зæ- гъид... Чп зоны æрфæлмæн уа, бамбара йæ. — Ам ма дæ!? Мæ уæлхъус хъарагъул цы схъримаг дæ?— фæтызмæг и лæг. — Цæй, цы диссаг у. Бирæ уæм куы ис. Дæлæ бæх-дугъ са- райы асыччытæ сæ тæккæ дзæгтæ, хох амадтытæ. Пъамидорæй лæф-лæф куы кæнынц, фёдтон сæ,— фæхъæддых и лæппуйы æв- заг. * — Ревизор дæ, кæм нын цы æвæрд ис... цы дæ хъуыддаг ис? Ацы аз пъамидор, джитъри не ’рзад. Æнæбары цыдæр мур- тæ... Цы дын радтæм’— мауал лæуу^ фæндараст! — Иннæтæн куы радтай. Дуы рафыстай... Æнхъæлыс, нæ сæ зонын? — Цы зоныс? — Скъолайы дкректор Алхæстæн нæ радтай? Колхозы пар- торг Цицка ардыгæй нæ аласта фондз асыччы? Дуканийы хи- цау Хаджейæн. Хъæуыхицау Дзигайæн, дохтыр Верæйæн, ми- лицæйы капитан Андрейæн. Адæмыл хъустæ æмæ цæстытæ ис. Зонæм дæ. Дæхæдæг сæм телефонæй нæ адзурыс? Пъамидортæ уæ нæ хъæуы? Уæ машинæтыл изæрырдæм рацæут! — Кæуыл дæхи барыс? Дæ цъыф къæхтимæ, дæ дон тæдз,- гæ? Цы гуыбынниз дæ ис, кæмæн цы дæттын, уымæ? Джигул кæнынмæ æрбацыдтæ? Чи мын дæ? Кæм цы уынгзил æмæ къу- лыбадæг ис, уыдонæн ам мæ заводы фæллой уарын! — Туджы разылд Арцхъийы цæсгом, хæрдмæ фæхаудта. — Адæймаг дæн, æндæр ницы. Ме ’хда æхца нæу?—фæса- быр и Будтуз. — Ам мæнмæ дукани нæй. Уартæ горæты базар’Ы балхæн. — Уым зынаргъ у, уыцы аргъæй мæ бон æлхæнын нæу. — Нæ ныхас фæци. Дзырд не ’мбарыс? Хуырым ф’ыс дæ? Цы мæм дæ цæстытæ ныджджыгъгъытт сты! — Кæй хоныс хуырым? Хицау лæг ма дзы хуыздæр цыуаГ Дæ дзыхæй цытæ хауы! — фæхъæддых и Будтузы хъæлæс. — Ахъуыдты, у! Хулиган! А лæппу^дæ... Ныртæккæ мили- цæйы батæлфдзынæ. Æмæ Арцхъи телефоны хæтæлмæ фæлæ- бурдта. ’ Будтуз уынгмæ йæхи раппæрста. Лидзынмæ,, йæ сæр æфс- найынмæ фæци. Арцхъийы хуызæн лæгæн алцыдæр бантыс- дзæн. 104
3 ...Æмæта ныр ногæй сæмбæлдысты. Хъæбатыр Арцхъи æмæ зноны хуыл’ыдз, æргъæвст лæппу Будтуз. Арцхъи Будтузмæ ба- кæсы. Сæр æркъул вæййы. Бакæсы та йæм. Цæсгом ныффæ- лурс и. Цыма Будтузы къухты ифтыгъд æхсæнгарз æргъæвд, æркъæппæввонг у. Старсти дзы. Йæхимидæг бандз’ыг. - — Знон мæ æнæрхъуыды ныхæстæ сирвæзти. Тыхст уыд- тæн. Нæ кусджытæй мæ чидæр масты хай фæкодта... Æмæ ма дæу дæр...' Хатыр,— тыхнæтыдгæнгæ райдыдта Мырзахъулы- фырх. 4 — Тыхст нæ уыдтæ, фæлæ Фæлвæрайы фосмæ цы тугдзых бирæгъ фæлæбуры, къоппа-къуыдырдзагъд сæ чи ныккæны, знон раст ахæм хъæддаг сырды хуызæн уыдтæ! — æнæуынон цæстæй йæм бакасти Будтуз. — Фæрæдыдтæн. Куыд нæ мын загътай, Хъазиханы хойы лæппу дæ, уый. Мыййаг, знон хабар дæ мадыфсымæрæн ра-' дзырдтай? — афарста йæ тыхст лæг. — Ныртæккæ къæсæрæй ’æрбахиздзæн 1 æмæ йын зæгъдзы- нæн. Цы хъылма лæг дæ. А лæппу йын æй йæ хъусты бацæгъд- дзæни. Де зноны диссæгттæ... Ме зноны æфхæрд дын нæ батай- дзæни... Стæй, æз дæу тыххæй бирæ æнæуаг митæ зонын... ис- «кæй æцæг хуыръгаъи фыс æнхъæлыс! Фæлæуу! — Хъазиханы хæрæфырт йæ цæст йæхимæ æрныкъуылдта. Дæ фыдгул Арцхъийы ран бахауæд. Цалдæр азы йæ з-авод фæд-фæдыл, паддзахады пълан не’’ххæет кæны... Адæмы фыд- дæр. Арцхъийæн райкомы бюройы карз æфхæрд радтой... Чы- сыл ма йæм исты къухбакæнæн куы ссарой, уæд дæ балгъитæг афтæ — асхъиудзæн йæ бынатæй. Йæ ус дæр заводы лаборант- кæ у... .Хæдзармæ , лухынмæ йæхицæй сæрæндæр арвы бын иæй... Уайтагъд æй федде кæндзысты... чи ма сдзурдзæни йæ сæрыл? Хъазихан... ’ ’ «Уæздан ныхас æхсондуры куы æрфæлмæн кæны»,— базмæ- лыд Мырзахъулы-фырт. — Мацы йын зæгъ, дæ хбрзæхæй! Райсом нæм изæрырдæм* æрбауай. Кæнæ ацы сахат дæр, дæлæ мæ машинæйы иумæ ацæудзыстæм. Ратдзынæн дын. Дæс асыччы дæр алас. Кæд дæ цæттæ цæхджын пъамидортæ хъæуы..* Иу боцкъайы дзаг та цæхджын джитъри. .Æхца дæр мæ нæ хъæуы. Лæвар. Стæй нæм балонты- цас æвæрд ис фæткъуыйы, чылауийы, кæрдойы варенæ. Нйвзы, кабачки. Уый бæрц дæр дæ хъæуæд. Ныронг дæр дæ пæ зыдтои,4 æидæр... Иæхи дзæбæх лæппу куы дæ!— ратас-батас райдыдта, сир-сур кæны Арцхъийы æвзаг. Уыцы рæстæдж’Ы кæртæй æрбайхъуыст Хъазиханы тызмæг, мæстæйдзаг загъд-замана. Скълады хицау æмæ йæ шофыры хъуынхъис цæгъды. Дæ фыдгулмæ ахæм хуызæнæй фæком^ком- мæ уæд. Йæ цæстыты йъш мигъ сбадын кæндзæни. — Цæй, изæры уæхимæ уыдзынæ, мæ шофыр дын ныллас- дзæни,— ныммæгуырхуыз и Арцхъи. 105
— Æз лæджы фырт дæн, мæ цæсгом, ме 'уУæн,к дæ цьтзы- тæ, лæ пъамидортыл нæ ивын! Ницæмæнуал мæ хъæуынц дæ боцкъатæ! Дæхицæн сæ уадз, дæхæдæг сæ бафсæд! Арцхъи цыма зилгæ-дымгæйы фæлгæтæджы бахаудта. 'Æр- бады. Фесты. Æрбады. Рафт-бафт кæны. — Зæгъæм, зыон мæ базъщтай, уæ тресты хйцау Хъазиханы хæрæфырт дæк. Цы дæ куырдтон — радтаис мын æй. Хорз, æмæ ныр йæхион, йæ хæстæг бæрзонд бынаты кæмæн нæ ба- ды, стыр хица’у кæмæн нæу, уыдон дæг^ мæнау бындзъггæй хъауджыдæр ницæуыл нымад сты? Хъуамæ сын дæ цъыфæй- дзаг дзабырæй сæ’ къубæлттыл ныллæууай! — Будтузы хъæлæс тызмæг. Арцхъи сагъæсы аныгъуылд:- «Цæуылнæ йæ афарстон знон, чи дæ?» — Куыд æрæгмæ зыны Хъазихан? Йемæ мæ ныхаеаг ис,— сдзырдта Будтуз хъæрæй, æмæ йæ къухы цы гæххæтт уыд, уы- мæ æркасти, батылдта йæ. — Уый дын цавæр гæххæтт у? — сцымыдис и Арцхъи. — Тынг ахсджиаг гæххæтт. Мырзахъулы-фырты зæрдæ, йæ хъуыдытæ алырдæм аса- джилтæ сты... Бæлвырд, ацы ’лæппу йæ мадыфсымæрмæ хъæст- мæ æрбацыд... Зноны хабæрттæ тетрады сыфыл ныффыста... . Бынæй, кæрты загъд, уынæр нал хъуысы. Хъазихан ссæуы, æндæр, цы. Абон куынæ уа, уæддæр æй Хъазцхан йæ фæлмæн (къæлæтджын бандонæй скъуырдзæни. Цæй тыххæй? Лæхъуг пъамидорты тыххæй. Арт сыл сирвæза! , 4 Дуар фегом: Хъазихан тагъд-тагъд æрбйцыд. — Уæллæгъи, нæ шофыр æмæ^ скълады хицау карк æмæ уасæгау бон ссæдз хылы æмæ ссæдз фидыды кæнынц,— уыцы тыхстхуызæй загъта хицау/ Арцхъимæ фæкомкоммæ: — Цыдæр рыпчынхуыз дын ис: Цыма уæззау опера|цийæ[ ршрвæзтæ! — Ницы. Æнæхайыры зæрдæ... Будтузы ’нышшрр’ьцкмæ бирæ иал бахъуыд. 'Йæ фыидз, йæ былтæ йæ армытъæпæнæй ахгæдта,.. цыма æхснырсгæ æркодта. Йæ рынчын м>ады рецепты гæххæтт йæ къухы. Йæ мадыфсымæ- ры раз æй стъолыл аёрæвæрдта: , ’— Цæй гæххæтт дын у? Искæуыл мæм хъæстмæ æрбацыд- тæ? — афарста йæ хойы лæппуйы тресты хицау. — Мæнæ цыдæр гæххæтт... æркæс æм... Кæддæра,— æмæ Будтуз Арцхъимæ бакаст. Арцхъийы уæнгты ихæнриз ацыд. Йæ зæрдæ йæ рæхойы. Уыцы гæххæтты цыма йæ адзал, йе сæфты тæрхон фыст ис. Цы уыдзæп, цы...
Аивад, культурæ О БИАЗЫРТЫ КЪАМЕРЛАН Н ывгæнæг—фыссæджы æмхъуыдыгæнæг ЛГ 1, Поэзийы музыкæ æмбæхст ис, æмæ æмдзæвгæтæ поэты æмс’еер музы- кантыл, композиторыл куы сæмбæлынц, уæд.сæ райгуыры, зæрдæйы æмæ адæмы цин, мæт æмæ рыст чи ’вдисы, ахæм зарджытæ кæнæ хъарджытæ. Аивадон литературæйы æмбæхст сты дунейы хуызтæ æмæ ахорæнтæ, , адæймаджы æмæ рæстæджы хаххнывтæ. Фæлæ сыл адæймаг нæ хæст кæны: зоны сæ, кæй сты, уый æмбары зондæй, йæ уды арфæй дæр сæ æнкъары, фæлæ сæ цæст нæ иртасы, цалынмæ фыссæджы æмхъуыдыгæ- нæг, æмсæр, æмдых нывгæнæг, хуызфыссæг фæзына, уæдмæ. Ахæм нывгæнæг кæддæриддæр фæзыны, уымæн æмæ аивадон лите- ратурæйы рæзт, абон уа — сом уа,, йæ фæдыл сайы музыкæйы, хуызфыс- сынады,, графикæйы æмæ иннæ аивæдты рæзт. Раздæр кæнæ фæстæдæр, фæлæ уæддæр фæзыны, Къостайы «Ирон фæндыр»-æн Тугъанты Махарбег куыд фæзынд, афтæ. Гæдиаты Секъайы уацмыстæ абоны онг æнхъæлмæ кæсынц сæ авторы æмхъуыдыгæнæг нывгæнæгмæ, графикæйы дæснымæ,— Азау æмæ Зæл- дайы уæнгты конд чи равдиса, Цыппу æмæ Садуллæйы уæнгты туг чи бауа- дза, сæ цæстыты хуыз нын чи фенын кæна, Берд æмæ Хъызмыдæйы тра- гедийы бауырнинаг нывтæ нын нæ разы чи ’рывæра. Ахæм хæс æнцон райсын нæу. Ахæм уаргъ алчи н’ афæраздзæн. Иу курдиат иннæмæ хъуамæ ’ввахс, лæууа. Дзиуаты Батрадз Секъамæ йæ ныфс бахаста. Æмæ йын цыма æнтысгаэ дæр бакодта. Æстдæсæм æмæ- нудæсæм æнусты цаутæм нæ абоны бæр- зæндтæй акасти. . Секъайы ирæтты сурæттæ> зæххы къорийы цæрджытæ скодта, ирон удты дуне иннæ цæрджытимæ сæввахс кодта. Секъайы сфæлдыстад вазыгджын у, йæхæдæг куыд вазыгджын удгой- маг уыд (поэт, таурæгъгæнæг, дйны кусæг, зæхкусæг), ахæм, æмæ йын йе сфæлдыстады сусæгдзинæдтæ алчи нæ раиртасдзæн. ДзИуаты Батрадзæн ацы сусæгдзинæдтæ раиртасын бантысти? «О» кæнæ «нæ» зæгъыны агъоммæ мæ фæндьГ иу-цалдæр ныхасы мы- синæгты хуызы æрхæссын. 1967 азы, сæрды Хъодзаты Æхсармæ куыстмæ бауадтæн. Фæныхæстæ кодтам, стæй мын йæ ног чиныг «Ныббар мын, Дзерассæ» балæвар кодта. Чиныджы цъармæ фæкомкоммæ дæн — мæхинымæр ахъуыды кодтон: «Ацы нывгæнæджы- нæ зонын; цыдæр ног цæстæнгас ын ис»>. Æхсар чи- ныджы цъарыл иу-цалдæр ныхасьГ афыста æмæ мæм æй радта — ногæй та чиныджы цъармæ кæсгæйæ баззадтæн, иу-цалдæр сыфы рафæлдæхтон: «Чи у ацы нывгæнæг?» — Дзиуаты Батрадз, æрыгон лæппу, нырма ахуыр кæны. Бæрæг уыди, Æхсар йæхицæн график-соавтор кæй ссардта, бæрæг уы- ди, нывгæнæг сæрибар уд æмæ сæрибар зонды хицау кæй у, уый, стæй ма зæгъæн уыд, нывгæнæджы къух курдиатджын кæй у, уый дæр. Кæй нæ 107
фæрæдыдтæн, уый фæстæдæр сбæрæг. Чиныг куы бакастеен, уæд æй бам- { бæрстон, кæй зеегъын æй хъæуы, Æхсарæн дæр кæй бантысти лирикон про-;; зяэйы формæйы хæсты рæстæджы уæззау цард равдисын. Ирон культурæ- æмæ ирон литературæйы ныхмæ уыйбæрц фыдракæнд- тæ конд цыд республикæйы партион æмæ административон оргæнты ’рды- ; гæй, гзмæ адæймаг дис кæнын дæр нал фæрæзта, фæлæ уæддæр... /■Лаэйы’ бæрц рацыдаид. Иубон чингуыты дуканимæ бауадтæн. Иу-цал- дæр чиныджы равзæрстон, стæй дьГн кæсын — æмæ, мæнæ Хъодзаты Æх- ’ сары «Ныббар мын, Дзерассæ». Æрмæст — диссæгтæ! — ура цъар бынтон æндæрхуызон. Мæнæн кæй балæвар кодта Æхсар, уый цъарыл дзидзидай сывæл^он йæ мады хъæбысы, мад та хæхты, Ирыстоны хъæбысы, сагъæс-* ты аныгъуылд. Сывæллон, мад æмæ Ирыстон иумæ — уæззау, сау рæстæ- джы хъæбысы. Нывгæнæг архайдта æрмæст дыууæ ахорæнæй: урс æмæ сауæй. Урс ахорæн — сабийы бонтæ, сау ахорæнтæ — хæсты рæстæджы зыч цард, сау рæстæг, сау’ бонтæ. Иуныхасæй, нывгæнæг фыссæджы хъуы- дытæ æмæ ’нкъарæнтæ бамбæрста, графикæйы æвзагæй сæ раргом кодта, Ацы цъарыл та—чызджы ныв æнкъард цæстытимæ, сырх-сырхид хур æмæ сырх-сырхид дамгъæтæй чнныджы ном. Кæд дзы нывгæнæджы кур- диаты иуæй-иу миниуджытæ ракртасæн уыд, уæддæр æгæр хуымæтæджы ерæзт уыд. Цы ’рцыдис? Цæмæн бахъуыдысты чиныджы ацы ивддзинæдтæ? Куыд рабæрæг, афтæ та Æхсарыл (æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Дзи- уаты Батрадзыл дæр) чйдæр ныффыста обкоммæ,— мах адæм кæддæрид- дæр рæвдз уыдысты нымудзынмæ,— абстракционизмы фæндагыл, дам, лæууынц фыссæг дæр æмæ чиныджы нывгæнæг дæр, социалистон реализ- мæй сæхи фæиуварс кодтой. Уæлдай цъыфкалæн кодтой чиныджы цъарыл. Обкомы тынг фæтарстысты: куыд гæнеен ис æмæ ирон аива,цы æм$ы,ц Нь^ гуылæ:,ы мотод — абстракционизм—æрбынат кæна! Уæды обкоМЫ еекре- тарв Кучиты Агуыбе æмæ агитаци æмæ пропагандæйы хайады сæргълæу- уæг Тотраты Абхаз, фæдисхъæргæнгæйæ, сæ тыхтæ сарæзтой (тыхтæ та сæм фаг нæ уыд, цы!) æрыгон нызгæнæджы ныхмæ. Чиныджы æрцахстой типографийы, æмæ цалынмæ Дзиуаты лæппуйæн сæ примитивон. принцип- тæм гæсгæ цахæм нывтæ æмбæрстой, ахæм нæ саразын кодтой, уæдмæ йæ нæ рауагътой. Уæдæй фæстæмæ Дзиуаты Батрадз ирон литературæимæ фидар тæг- тæй баст у. Æрмæст Токаты Алиханы æмдзæвгæты мотивтыл цы графи- кон куыстьпæ скодта, уыдон дæр сты сæрмагонд монографийы аргъ. Нæ нывгæнджытæй дæр бирæтæ ирон литературæйæ æмæ ирон историйæ иппæрд уыдысты: дæсгай азты дæргъы, ирон æззаг æ’мæ ирон скъола цардæй кæй сыскъуыдтой, уый тыххæй ирон нывгæнджытæн дæр сæ фыл- дæр социалистон реализмы примитивон схемæты уацары уыдысты, пар- тийы’ лозунгты фæдыл цæуджытæ, кæкнод та ноджы фыддæр—гонорар-, ты бæрзæндтæм сæ гуыбыны цъæрттыл бырыдысты, чи ма мæт кодта, иуæйг-иуты йеддæмæ, и’рон аивады хъысмæтыл, намыс æмæ адæймагдзи- надыл, гуманизмы принциптыл! Нæ нывгæнджытæй бирæтæ иронау кæсын дæр нæ зыдтой æмæ-иу сæ графикон æгъдауæй чиныгыл бакусын куы ба- хъуыди, уæд-иу литературон дунейы арфы сæ бон чбацæуын не сси. Батрадз йæхи фæндаг ссардта. Йæхи ахорæнтæ. Йæхи бæркадджын къухвæд. Йæхи Ирыстон, æрмæстдæр йæхи Ирыстон. Дзæнæты Аза-бæлæ- 108
стимæ, сæ уидæгтæ цыма зæрдæйы æрфытæй цæуынц. Аргьауы аласа- бæхтимæ. Хуры тынтимæ хъазæг сывæллæттимæ. Талаты хуызæн рæхснæг æмæ кондджын чызджытимæ. ^’ Мæнæ мæ разы «Азау æмæ Таймураз»-ы интерпретаци. Бирæпъланон куыст у ,таурæгъы куыд у, афтæ ам дæр бирæ архайджытæ ис, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, астæуæй уæддæр — Азау, ирон сылгоймаг, хохаг зын царды амæддаг. Ирон сылгоймаг йæ зынтимæ, йæ сагъæс, йæ цæссыг æмæ йæ цинимæ. Сыгъдæг, æлвæст хæххытæй архайы нывгæнæг, арæх схизьи символикон арæнтæм, пайда кæны æрмæст дыууæ хуызæй — урс æмæ са~ уæй. Хохы царды, уæлдайдæр та Хъуды комы, ацы дыууæ хуызы йеддæмæ- ницы уыдис: гæзæмæ урс хуыз—сабибонт’æ, мады рæвдыд, уарзондзина- ды хур, стæй бирæ — сау хуыз—сау бонтæ, сау куысг, сау цард, сау зы- мæг. Фыццаг пъланы, бынæй, нывгæнæг æвдисы саст царды символ — уæр- доны цъæл цалх. Зын бамбарæн нæу: Азау æмæ Таймуразы царды уæр- дон ныппырх и, йæ цæлхытæ ныцъцъæлтæ сты, сау коммæ ныххаудтой сæ дыууæ дæр сæ уæрдонимæ. Дзиуаты Батрадзы æртæ уарзон символы сты бæлас йæ уидæгтимæ (арæх сæ ныв кæны адæймаджы нуæрттæ æмæ тугдадзинты хуызæн); цалх- æмæ къори. Бæлас йæ уидæгтимæ — æрдз æмæ адæймаг йæ зæрдæйь^ тæгтимæ. Цалх — адæймаджы цард. Къори — дуне æмæ адæймаджы миддуне.. «Æрдхæрæны бон кувæндоны» — афтæ схуыдта нывгæнæг йе ’ннæ куыст, «Арагвийы Ерыстау æлдары» кульминацион момейт æвдисы—адæм ард хæрынц, сæ сæрибарыл казй тох кæндзысты. Ам дæр та — бæлас, сæ- рибары символ, фæцыд уæлæрвтæм, Токаты Алиханы загъДау, æмæ къо- ри — дуне. Нывгæнæг Хъуды комæй Зæххы къори скодта; Хъуды ком ду* нейы æмвæз сæЕæрдта, уый тыххæй æмæ уыцы рæстæджы Зæххы цъарыл, æвæццæгæн, Хъуды комæ^ рыстдæр бынат нæ уыди. Дуне Ирыстоны зын- тæй хъæрзыдта. Æмæ Хъуды комы адæм — къорийы алыварс — дунейы æфхæрд адæмты номæй ард хæрынц. Тызмæг зæхх. Тызмæг рæстæг. Тызмæг цард. Тызмæг цæсгæмттæ — Дзиуаты Баградз Гæдиаты Секъайы арф хъуыдытæ райхæлдта. Кæн зæгъын æй хъæуы, Батрадзæн ис йæЯи æрмдзæф, йæхи фæндаг, йæхи сфæлдыстадон бæрæггæнæнтæ,— никæимæ йæ схæццæ кæндзынæ, фæлæ ма уый зæгъын дæр хъæуы, æмæ Дзиуайы-фырт айдагъ æрмдæсны нæу. Йæ дæсныдзинад ын йæ хъуыдыты, йæ сагъæсты, йæ мæт, йæ зæр-, дæйы рыст йæ быны не скодта, фæлæ дæсныдзииад ймæ хъуыдыгге# са- гъæстæ, мæт, зæрдæйы рыст кæрæдзиуыл стыхстысты, кæрæдзийы мидæг арф ацыдысты, уидз^эгтæ ауагътой, иу иннæйы ирддæр кæны, иу иннæйы иртæсын кæны, æмæ афтæмæй сырæзы аивадон, графикон гармони. Чи зоны, искæмæ афтæ фæкæса, Батрадзы графикон куыстыты гармо- ни Ирыстоны æрдзы гармонийы хуымæтæджы фæстиуæг у. Фæлæ уый рæ- дыд хъуыды разындзæн, уымæн æмæ æрдзы гармони равдисынæн айдагъ дæсныдзинад фаг нæу,— хъæуынц ма курдиат, фæллой, зонындзинад æмæ зæрдæйы рис. Æрм^æст уæд ссардзысты æрдзы гармони æмæ царды æцæг- дзинад сæ бынат аивадон уацмысты. Дзиуайы-фырты нысæнттæ бæрæг сты: Ирыстоны цæрджыты нымæц графикон сурæттæй фылдæр кæны, не ’хсæны сæ ’рцæрын кæны, ахорæн- ты фæрцы нæ фыдыбæстыл зарæг, сагъæс æмæ мæт кæны. Æмæ йе сфæлдыстадон фæндагыл фæрнджынæй цæуы. 109
Очерк, публицистикæ 0. , г ■ АЙЛАРТЫ ИЗМАИЛ Ирыстоны кæмтты бынхортæ Тулаг дурыл хьуына нæ хæцы, Ц2ды бадт дон та — хьуынагæнаг, зæгъ- гæ, фыдæлтæй æмбисондæи баззад. Уæддæр, нæ фыдæлтæ сæ дыууæ æм- бисондæй дæр цæргæ-цæрæнбонты хайджын уыдысты: хуыздæр бынæгтæ æмæ фадæттæ агургæйæ стæрты — :;æтæнты кæм нæ балæууыдысты, цы бæстæтæ’нæ басгæрстой; ахæм нал баззад. Сонт бæллицтæ; мидцыбæлтимæ суанг уæлæрвтæм нымæтын асинтæ æвæрдтой, мæрдты бæстæм тымбып- къухæй дуæрттæ хостой. Сфæкд кодтой, уæд сæ ницы урæдта цæугæ-хæт- гæ царды зымæгæй, сæрдæй. Æмæ сæ цардвæдыл хохæй быдырмæ кыу- уагътой æвдисæнтæн обæуттæ æмæ уæлмæрдтæ, чъырынтæ æмæ зæп- лæдзтæ, мæсгуытæ æмæ гæнæхтæ, дзусарттæ æмæ кувæндæттæ, тзбуйы æмæ нæфæтчиаджы хъæдтæ. Мæнæ хæтгæ-цæугæйæ сæ бирæ фыдгулты марæнгæрзтæй тыгъд быдырты куымæгмæ-сæфтмæ ке ’рцыдысты æмæ сæрфæцæвæн Кавказы уынгæг хæхты цъасты не ссардтой, уæд сæ хъæсгæ бынтондæр сыскъуыдаид. нæртон адæмау, æмæ абон ирæтты номæй нæ кой дæр нал уаид... - Ирон адæмы номыл нын фыдæлтæй цы хæрзтæ баззад, уыдон мууьзл- дæр — хæхты руаджы, хæхты фæрцы, мæнæ авд дуары мидæгæй хæзна- тæ куыд бафснайай, афтæ. Нæ абоны быдираг хъæуты цы фарнæй цæрæм, уый тавс дæр нæ ныййарджытæ хæхтæй рахастой. Хæххон райгонд гуыр- дзæй ифтонг нæ фæци Ирыстон, уæд нæм Кьоста дæр нæ уыданд æмæ йæ хуыздæр фæдонтæ дæр. Иры куырыхондæр лæгтæй чи нал и æмæ абон чи цæры, уыдонмæ ма лæмбынæг æркæсут, кæддæра сæ быдираджы номæй цал рантысти, искуы-иугæйттæ, æмæ уыдон дæр арфдæр уидæгтæй баст сты хæххон æрдзы хъзймагъыл, уымæн æмæ кæ быдыртæ æнæ хæх- хон дæттæ æмæ уæлдæфæй ницы бакæниккой, иннæ хæрдзты куынæуал нымайæм, уæд. Мæгуыр, цæмæй мæгуыр дæ, æмæ — ис, фæллэйæ. Ис æмæ фæллойæ мæгуыртæ куыстуарзонæй тæригъæд куыннæ вæййынц, магусайæ та — æгад æмæ фидиссаг. Фæлæ кæд æппæтæй тæригъаэддегдæр; бецаудæр исчитæ ис ацы зæххыл, уæд удæй мæгуыртæ æмæ гуыбынæй æфсæстытæ. Мæхи зоньзнхьом фæдæн, уæдæй абонмæ Ирыстоны удæй мæгуыр, гуыбы- нæй æфсæст адæймæгтæ, кьæвдабоны зо.чъотау, азæй-аз фьшдæр кæнынц. I Уæлдай фыддæрæй разындысты фæстаг 40 азы дæргъы — «мидцоппай» æмæ «рацарæзты» замантæ кæй хонæм, уыцы рæстæг. Уæдæй нырмæ адæмты хуыздæр уагыл размæ иуиæг раст къахдзæф иап гкодтам, афтæ- мæй азымы дарæм мæрдты, фыдæлты, куыйты хæринаг сæ кæнæм алыбон, кеэхæдæг та халык-сафьшæй уæлдсй хорзæГ; нмцыма сарæгтам. Гæды йаэ* фаджыстæ æмбæрзгæ-нуæрдгæ куыд цæуа, афтæ бæргæ еæхи фыдгæндтаз, æмбæхсыкц кусæг адæмæй нæ фырдзырды, æбæркзды хицæуттæ куыд; бæрноидæрæй, фæлæ кæдмæ и сайæн къустæй адæмæн рæвдауæн! Мæ-| 1*0
гуырæй «мæгуыр» зæгъæджЫ ~ удыбæстæ, дыууæ удыбæстæ тс, ч:< Г;ын феххуыс кæна, уый вæййы, æмæ абоны мæгуыртæ æгæр бмрæ Е;æ бэмсты ис куыстытæ, ис фæллæйттæй! Куыд зæгъут? Æвн сæрсæфгаиы бьшыл аф- тид армæй чи алæууы, уыдоны ахæм фарстытæм нал фев/ггелы, зæгъьммæ хъавут? Нæ фыдæлтæ-иу цæйау загътой: нæ, мæ хургæ, нæ, йфтæмæйты йæ нал ату кæндзыстут? Адæм ис куыстытæй æххормгг, бæгъкæгмæ кæй тыххæйты æрцыдысты, уыдоны хорз бзмбæрстой, æмæ сьш куахæмы дзуапп раттын хъæудзæни... Дзуапп дæр сбоны хуьпæн сайæн, былдауæн ныхæстæй — нæг комкоммæ хъуь!ддæгтæй? цард æмæ мæлæты арæныл рæстауазæнæй лæугæйæ. Æнæхъуаджы, алыхуызы æмбырдш уа æмæ хуымæтæджы ныхасы, адæмæн сæ дзурындзæг уыйас æвдæлонæй феуæгъд-фæкъæртт, бауромæн кæмæн нал и. Иууыядæр цæрдаудаэны зондамонджытæ систæм, бæстæйы нæ, æгас дунейы фарстытæ политикон æгъдауæй лыг кæнæм, афтæмæй’ мæгуыры хъистæ уæрыкмæ æрцыдыстæм, куыстмæ нæ уæнг нал райы\ Хæйрæджыты сайдау «циу» æмæ «цы кодтон» кæкæм. Цыдæриддæр рæ- дыдтæ æруагътамг уыдокы срастыл нæ ничи тыхсы, æрмæст æппæт рын- тæ ардауæм хиетæртæм, æгас чи нал у, уыдонмæ, нæхæдæг та — зæдтæ, рæстæГ* цæрджытæ. Ддæймаг уымæн адæймаг у, æмæ йæ уаргъы басты* ис бартимæ яæстæ дæр. Барты рæгъы чи цæуы, хæстæ иуварс æвæргйёйæ* уыл у сырд, уымæй дæр — тугмондаг, æнæтæригъæд, фыдгæнæг сы$ЭД* Адæймаг-сырд та тугдзых сырдæй тæссагдæр у, уымæн æмæ йын бафсис 4нæй. Уый сгонгæй нæ лæбуры, уый æфсæстæй архайы, æмæ цас æфсæст- дæр уа, уыйас у æнæфсисдæр, æгъатырдæр, тугмондагдæр. Балбирæгътæ цасфæнды стоиг ма уæнт, кæрæдзийы фыдмæ кæ бавналдзысты æнæ хъзрм туджы тæфæй. Æххормаг адæм бавналынц кæрæдзийы фыдмæ дæн- дагæй, уыйас æнамонд у адæймаг, гуыбыны сæр куы райсы, уæд. Уыцы уазæры цзрдыл кыхæстæй аудын сыхырнайæ дон æвгæнымæй хъауджы- дæр нæу. Цардыл аудын ма фарны уагыл йæ зæрды кæмæн и кусæг-фæл- лсйгæнæг адæмæй, уыдоны хæс — бæстон куыст, зæрдиаг архайд, хъуыд- дæгтæ зр&зын, уымæй дæр нæ разагъды фыдæлтау — хæстбойнонæй, иу къухы хæцæнгарз, иннæйы кусæнгарз даргæйæ. Ахæм у нæ дуджы æргом цæсгом, Нæ фыдæлтæ барон, быхсаг, нымдгæнагæй уыдысты сæрыстыр, сæр- уызт æмæ æгады митæ сæ сæрмæ нæ хастой. Уыцы сæрыстыр, сæрхызтьа фæрцы скодтой уыйбæрц фæллæйттæ — бынтæ сæ фæстагæттæн. Уыцы бынтæк’ мах цæуыл нæ арм дарæм абоны окг, уый — се стью нæмттæ — скифтæ, сæрмæттæ, алантæ, иннæ фæллæйттæ сын æдзæлгъæды бындар- т’зу —■ бынхортау згъалгæ — та\гæ фæцыдыстæм хохæй быдырмæ, æмæ або51 «коммунизмы» къæсæрыл афтидармæй аззадыстæм. Цытæ дзуры уый, зæгъгæ, рагацау хъусын нæ «ахуыргæндтæй», уæдæ ма музейты фен, æви уырдæм цæугæ дæр нæ бакæныс? Музейтæм бацæуын та цас зын у, зындæр у Ирыстоны хæхтыл, кæмттыл фистæгæй фæзилын æмæ фенын æдзæрæг хъæуты дæрæнтæ — пырхæнтæ. Фыдæлты къухты хуыздæр фæл- лæйттæ уыцы хъæуты куыд фидыдтой цæрдхъомæй, уый та, стыр хъыга- гæм, кæ абоны «ахуыргæндтæй» ничи бæрæг федта æмæ æрыййæфта, уы- мæн æмæ горæтты музейты сæгдзыд дзаумæттæм кæсгæйæ зонынц ирон цард. Гыццыл хæс нæ райстам нæхимæ, æмæ уыцы стыр уаргъы бын нæ 111
мæнг ныхас — нæ сафæг, нæ рæстаг хъуыдытæ — нæ ирвæзыигæнджытæ. Æрмæст рæстæй хъусджытимæ кæрæдзийы раст бамбарæмг науæд нæ абсны уæрæседзаутæ æмæ æхсмнылæгтæ куыд ахуыргонддæрæй сгы тæс- еагдæр: гуыбыны хæрд æмæ уæлæйы дарæсыл ныууæй кодтой ирон на- мыс, дзыллон хъомысæй сафтид сæ мæгуыр удыхъæд, нал дзурынц ма- дæлон æвзагыл, райстой æндæрныйаны зæрдæтæ... Иры рæстаудæны фæ- донтæн—рæзгæ фæлтæртæн ма сæ каст у, йæ мадæлон æвзаг æмæ дзыл- лон культурæйыл æнувыдæй цы хистæртæ архайынц, уыдонмæг æндæр Гуырдзыстоны цæрæг ирæттæй гуырдзиаг зæрдæ чч райста, Уæрæсейы цæрæг ирæттæй — уырыссаг зæрдæ, уыдонæй ма цæй Алантæ æмæ Аслан- тæ и! Уыдонæй иутæ хæцæнгæрзтæ райстой æмæ кæрдзындæтджыты фарс хæцынц иры дзыллæнмæ. Афтæ уыди раджы дæр æмæ ныр дæр: мæсьвг иугæр кæлы, уæд æппæты разæй йæхи хырыз, мæнг дурты аза- рæй... Ирм рагфыдæлты цардвæндагмæ æнусты сæрты æддиæуттæм нал ахæсдзынæ, æрфæиы тары аныгъуылдысты. Æвднсæйнагæй цы бæрæггæ- нæ :тæ баззад, уыдон та сæрысуанг дзурæг сты сæ сонт рæдыдтæ æмæ се С1ыр удыхъæдыл. Сæ сонт рæдыдты фæдыл-иу ныллæууыдысты сæфты гкъаэдл, фæлæ та-иу сæ цыдæр амæлттæй сæ диссаджы сыгъдæг, хъомыс- джы : удыхъæд систа царды базыртыл æмæ та-иу хæларæй, уарзонæй зæд- тæ-дсулжыты æмвынг æрбадтысты. Æрмарæхст,"зæрдæргъæвдæй сæ дæс- ныйад уæларвы Куырдалæгоны дæсныйадмæ бирæ хæттыты схызти, Ацæ- мæзгы гсъæбæлхьуыр уадындзтæй сæ алæмæты зарджытæм æрдз бирæ хæттыты æрыхъуыста саг-сæгуыты онг. Кæрдзындæттон, уазæг-уарзонæй сæ куьзрыхон зондæй ныхасы дæснытæ басгуыхтысты. Зæххы, фосы куыс- тытæм сæ?:ицæй хуыздæр ничи арæхсти. Æппæт уыцы хæрзтимæ ирон сыл- гойм«д*кьз над æмæ намыс систой зæдты æмвæзмæ. Мадымайрæм сык сси гуырдзы хъомыс, рæзгæ удты сыгъдæг бардуаг, бинонты бынатыхицау. Уыцы фарны хæрзтæ Ирыстоны хæхты комгай æрæнцадысты, биноныгæй сфидыдтой, зæххæй арвы ’хсæн сæ хуыз равдыстой, урссæр хæхтау систы æнусон, сæ хæстæгдæр бацæуæнтæ фестадысты дзуæрттæ æмæ кувæндæт- тæ. Ирон хæххон адæм уæды заман комæй-коммæ, æфцæгæй-æфцæгмæ хизгæйæ фылдæр хæттыты бæлццоны номыл фæндаггаг нæ хастой: цæ- уæг — æфтæг лæгтæн алы хъæуы дæр уыди хæстæджыты уæлдай зонгæ- тæ, хæлар адæмтæ, æмæ сæ фæндаггаг хæрзæггурæггагау, фæдисы уацау цыди сæ разæй. Хохаг хæдзæрттæ æмæ хъæуты æвæрд у сæрмагонд ныхасы аккаг, æнæфмст царды чиныгæн сты йæ сæйраг сыфтæ, кæд сæ абоны онг ни- чима рафæлдæхта биноныгæй; уæддæр. Хæххон цардимæ фыдæлты стыр фарнæй хайджын ч" фæци, уыдонæн хохаг тъæпæн сыджытсæр хæдзæрт- тæ æддæгуæлæйæ уь’дысты фыдæлтыккон æнæфыст чингуытæ æмæ сæ бирæ чидæртæ кæсь*::; дæр базыдтой. Уыцы амондджынтæй иу, уыди Къо- ста, æндæр «Ирок фæндыр» ныффыссын йæ къухы нæ бафтыдаид... ^рон хæххон хæдзар... Йæ алы дур, хылычъы, сыджыты мур, хъæд- æрмæджы гæппæп дæр уыди фыдæлты туг æмæ хидæй сæрст, сæ сыгъ- дæг удыхъомысæй фæрмьзг. Уыцы фæрныгад зæхбын ирон хæдзарæй цы- ди шхмæ, хъæубæстæм, комбæстæм. Ирон зæхбын фæрныгадæй Иры хуыздæр тырымтæ уадысты бахъуыды бон фæдисты, æххуыс кодтой сыхаг адæмтæн, хъахъæдтой Стыр Уæрæсейы урс паддзахы арæнтæ фæсарæйнаг 112
фыдгултæй... Ирон хæдзар, ирон хъæу... Куы сæм бакастаис, уæд цæрæн галуантæ æмæ хæцæн-рæдæн мæсгуытнмæ иу дзыхæй, иу æвзагæй дзырд- той цæргæ-цæрæнбонты, цыма лæджы къухæй арæзт-амад нæ уыдысты, фæлæ сæ æрдз хæхтимæ æмвынг-æмгуывдæй- сфæлдыста-сфæлыста. Ирон зæхбын хæдзары æфснайд уыдысты аргъауы æргъæу чырынау аланты стыр уды хæрзтæ кымдæй-рымдмæ, æгъдауæй~æфсарммæг æрхъуыдыйæ хъарумæг хæринаджы хæрзадæй — дзаумайы ифтонгмæ. Алы ирон хæдзар дæр уыди хмцæн сыгъдæг бьшат, кувæмдсн, дзуар æмæ æппæт хæрдзты къæбиц. Уæды ирон хæдзары цас кад æмæ рад уыди бæркады равгæй, уый абоны стыр музейты нæм. Нæй, уымæн æмæ абоны музейты цард нал змæлы. Цæуынц бонæй-бон куынæгдæрмæ, æгæссад зæгъæг сын иал и. Абоны музейты ма фыдæлты бынтæй цы аззад, уыдон еты фæзмæгой ту- титы бьшзты, уымæн æмæ сæ ргйгуырæн къоиатæй фæхаудтой æнæ мæн у зæгьæгæЗ. Кæм сæ нæ фендзынæ марды стæгдартау згæтæ, кæлмхæрд- тæ æмæ сæгдзыдтæй. Музеймæ бацæугæйæ бафæрс кусджыты, уæддæр æппæт д^аумæтты нæмттæ нæ зонынц. Уагæр ма фыдæлты фæллæйттæ се "ппæт æвæрд куы ’рцидаиккой абоны сахарты райдзаст, уæрæх музейты, уæд фыдæлты армæйконд хæзистæн се ’ппæтыл нæмттæ сæвæрынмæ цы- фæнды цареæйæфсæст аргъæутты цæллаг рувас дæр нал сарæхстаид. «Уагæр ма дзы цытæ баззад æнæфснайдæй?» — бафæрсдзысты нæ уæрæ- седзаутæ адæмы разæй. Ирыстоны æддæкъах-æддæдзутæн æппындæр ни- цы, Ирыстоны биноныг ирæттæн та бирæ цыдæртæ: хæдзары дзаумæттæй райдай, кусæн æмæ хæцæнгæрзтыл æрзил, бакæс-басмуд нæ алыхуызы эсæринæгтæм, куысты, ахуыры уагыл ныккæс бинонты удыхъæдмæ хистæ- рæй кæстæрмее, дæ цæст æрæзæр сæ фарныл уазæггадæй фысымæггад- .мæ, байхъус куыд намысджындæрæй чындзыты-чызджыты фæлмæн — къуызггз уаксæстмæ, æмæ уæд нæ фыдæлты стыр хæзкатæй цыдæриддæр фесæфтам, уыдон цæстытыл ауайдзысты, зæрдыл æрлæудзысты. Æппæт уыцы диссæгглмæ нæ ; ироп удыхъæды хорзæхтæ дæр азæй-азмæ ихсигæ- сафгæ кæй рацыдыстæм, сæкраг бæллæх уый у. Уæвгæ та яæ æддæкъах, æддæд?аст гуырдзыдзаутæ æмæ уæрæседзауты бафæрс ирон удыхъæдæи, уæд ыл 1гы**æ æвзæр фаутæ сæвæриккой! РæдыдæЗ рседыды ’хсæн хицæндзииæдтæ куыннæ вæййы: иу хуызы рæдыдтæ æругдЬæм не ’нæмæты фыдæй, инкæ хуызы рæдыдтæ — не ’нæрхъуыды сзчсэ æвæлтæрды аххосæй, æмæ сын вæййы бамбарæн, ныб- быхсæн, ньтатыр кæнæн. Фæлæ барæй, зенгæ-зонын кæрæдзийы фыдæ- нæн, кусæг лæджы мæстæймарынæн цы рæдыдтытæ æруагътой нæ хица- урд фæтаг -*гы, уыдзхæн кæ&æр рохггснюн и, нæдæр хатыргæнæн, уы- мæм æмæ Мрыстоны æнæниз буарыл фыдызнаджы карды цæфау риссаг- дудаг хъæд.омæй баззадысты. Наэ хмиауады барæй арæзт стыр рæдыдтæ — нæ цыфыддæр знæгтæ, нæ низты нхзтæ, нæ худниаджы æмæ ’аллайаджы зарджытæ, нæ фыдохы хъарджытæ. Дзьшлон низау фыдæлты стырдæр рæдыдтæн дарддæры æв- дисæнтæ сты уæлдай карздæр æмæ арæхдæрæй. Уæлбæхæй сæ йехсыхъæ- дæй рачымайæн мс æнæ уæлдай хъуыдытæ æмæ сагъæстæй. Æмæ Иры сæф- ты рæдыдтæн сæ^сæйраг аххосджынтæй дæр, фыдæнæнгæнæгау, кæйдæр- ты нæмттæ абоны онг дзуарау мысæм, цыма нын бахъуыды бонты стыр хæрзты бацыдысты. Кæуылты сæрыстырæй мысæм Дауыт-Сосланы. Ирысто- иæн йæ уынгæджы бонты та хорзæй цы сарæзта? Хъарм нывæрзæнырдæм 8 Мах дуг № 7, 1991 113
аздæхт, Гуырдзыстоны цырен артыл хус цырæгътæ фæкалдта, искæй за# хуымты цыргъ æхсырф басгуыхт, паддзахы къæлæтджыныл æй æрбадык кодтой. Æппæт æхсызгæттæ куы сарæзта йе стыр мадырвадæлтæн, уæд сæ нал бахъуыди æмæ йæ сырды мардæй амардтой. Иæ ирон сыджытмæ дæр æй нал æруагътой, кæмдæр æй æнæбæрæгæй баныгæдтой. Ир та æнæсæр- хъузой, æнæ паддзах куыд уыди, афтæмæй баззад йæ хуымæтæг кусæг адæмимæ. Куындыхаты Муссæ æмæ йæ цардхæрæфырт Мамсыраты Те~- мырболат цардысты æмæ уыдысты Ирыстоны. Дыууæйы аххосæй, ’ пысыл- мон дины ардыд æмæ амындæй ирои пысылмæтты сæрра кодтой се ’мпы- сылмон адæммæ — Туркмæ лидзыныл, æмæ æнæ фыдыуæзæг фесты. Бæр- гæ ма хъарджытæ кодта Темырболат, бæргæ ма фæдзæхста туркаг ирæт- тæн, туркаг зæрдæтæ ма райсут, фæлæ дæ фыдгулы базайраг — афтæ, кæ- мæй уыдысты æмæ сты, уый бæрæг дæр нал и. Хетæгкаты Леуан — Къос- тайы фыдг йæ заманы паддзахы хицауадмæ нымад лæг, ирон адæмы астæу кадджынæй — дзырддзæугæ. Паддзахы хицауад ын Нрыстоны хæхтæм. хæстæг быдырты кæмфæндьг дæр зæххы хай радих кодтаид æмæ дзы фæрсылæй æрцардаид йæ адæмимæ. Фæлæ уый бæллыд Кубаны быдыр- тæм, уымæн æмæ йæ хъæстæ нымадта кæсгон кънйæзты хъæстæйыл, тыр- ныдта уæзданы номмæ, ’ æмæ мæгуыр уæлладжырæгтæ æмæ туаллæгты фыдыуæзæгæй фæхауæггаг кодта, æмæ фæззыгон цъыф фæндæгтыл мæй- балцæй сæ уæрдæтты цы зынтæ федтой, иннæтæ та сын бынаты æвзари- наг фесты. Къоста уыцы азты æвзонг уыди, фæлæ фæстæдæр, йæ усгурь? карæй бацыд Мамысонмæ æмæ адæмы разæнгард кодта Лабæмæ алидзы- ныл. Цы хуыздæрæн, стæй цæй сæрæн, уый нæ зонын, фæлæ йæм мамы- сойнæгтæй бирæтæ уый тыххæй мæсты кодтой, лидзгæ та дзы иу дæр нæ акодта. Раст хъуыды кодта мамысоинæгты Лабæмæ лидзыныл разæнгард кæнгæйæ КъостаП Лабæ æцæгæлон, зæхх кæй уыди, йæ райгуырæн къона мады хъарм хъæбысау хæхты цъасы — Нары кæй баззади, уый фæстæдæр бамбæрста æмæ ма ры.ччынæй, æнæбонæй йæ «цæстысыг донау мызтиг куы скасти цъитиджын хæхтæм», уæд, фæлæ æгæр байрæджы. Херсонмæ йæ куы хастой, уæд йæ хæстæгдæр Асатæй кæмæндæр фæдзæхста: «Цы- нæ вæййы, æцæгæлон бæсты куы амæлон, уæд-иу мын мæ мард нæхимæ хохмæ балвсут». Цæмæннæ ныгæнын кодта йæ мард Лабæйы, йæ зонд- джын фыды равзаргæ цæрæнбынат куы уыди! Лабæйы ирæттæ ма абон дæр сæ фыды уæзæг агурынц. Агурынц æмæ иугай-дыгай лидзынц Иры- стонмæ, Леуан сæ уæзданы коммæ бæлгæйæ цы’ фыдыуæзæгæй фæхауæг- гаг кодта, уыцы æмбисондæн дзуринаг Ирыстонмæ..; Уыдон уыдысты æмæ сты царды æцæг къуыхцытæ æмæ цаутæ. Ирон хæххон адæм зæхцухæй алы афæтты Стыр Æрдузы быдырмæ кæй’ лыгъдысты, уый кæуылты райгоид хъуыддаг уыди фадат — мадзал хатгæйæ, рæстæджы комулæфтæн фаг аргъ кæнгæйæ, социалон-экономи- кон-политикон уавæртæ хынцгæйæ. Фæлæ мидхæсты фæстæ цалдæр фæл- тæры лыгъдтытæ дæр æрцыдысты талф-тулфæй, иугай хицæутты фæндæйг кæмтты фæллойгæнæг адæмы ныхас ницæмæ даргæйæ. Уæды хицæуттæ кастысты иу боны цæстæй, кæмтты фидæны хъысмæтыл хъуыды дæр нæ кодтой. Хæхтæй быдырмæ лидзыны цауты астæу æппæты фыдракæнддæ- рæн баззадысты уæддæр 40-æм азты æхсгæ-уады тыхмитæ. Æнæхъæн цап- дæргай адæмты Комахсæны карзы фыдгæнджыты номæй Сыбыры салд къæймæ куы фервыстой, уæд уыдоны тæригъæддаг фæллæйттæ æмæ ту~ 114
гæйдзаг зæххытæм фæлидзын кодтой Нрмстоньг хæхты алы кæмтты цæр- джыты, уыдонимæ баиу сты Хуссар Иры бирæ хъæутæ дæр. Иу къорды советон адæмы æнамонд æмæ хъодыгондæй нæ уæды паддзахады сæргъ- лæуджытæ ам’ондджын кодтой иннæ къорды советон адæмы, уыйадыл сæ æнусты мастæн ардыдтой кæрæдзиуыл, уымæй дæр — Кавказы бындурон «сыхег адæмгы. Уыцы уавæры бынтон , æнæрхъуыдыйæ чи архайдта уæлдæр хицауадæй, ахæмтæ уыдаад. Оæлæ фндæны цаутæ чи уыдта æмæ барæй æнæхьæн адæмть: æддæг-мидæг чи ауайын кодта уæлмит-уæлих, ахæмтæ дæр уыди. Абоны хуызæн цæстышл уайыиц уыцы хæсты фæстаг азтæ æмæ мæг/ырау бонтæ. Ирон бинонтæй фыдохы сау гæххæтт кæмæ нал балæ- вæрдтей, ахæм бирæ нал баззади. Æхсæнады куыстытæ хæдзары тыхсты- тимæ сылгоймæгтæ æмæ карджын лæгты уаргъы баст фесты æмæ сæ ^æгънæг рагъæй стонг гуыбьшМæ, тыдтой, стонг гуыбынæй бæгъиæг рагъ-, мæ, афтæмæй хæсты банцайынмæ æнхъæлмæ кастысты. Æкхъæлмæ, стонг- бæгьпæг сызæллæтгæ сæ мадмæ истытæ æрхæссынмæ куыд æнхъæлмæ кæсой, афтæ. Уыцы уавæры ма дæ хъарм къонайæ сыст æмæ фæлидз ис- кæй тæригъæддаг уазал къонамæ... Уæвгæ дæр уæды дæвдæг бонтæ æмæ сонт рæдыдтытæ!.. 1944 азы; тæккæ Комахсæны хъызты Хъæрæсе æмæ Балхъары партнзанты бæхджын къорд 70 барæгæй мах хъæуыл æр- бафгыд&сты. Æрыгон фæсивæд, уæд дзы 30 азæй карджындæр ничи уы- дамд. Марухы æфцæгыл немыцы иу къорды фæстæ ахызтысты , Сванетнмæ, уырдыгæй Оны калакмæ, стæй æнцондæрæн хъуамæ Мамысоны æфцæгыл рахызтаиккой сæхирдæм. Мит — бирæ, бæхтьГл æнцон ахизæн нæ уыди æнæзонгæ æфцæгыл, æмæ сæ мах дыууæ ’мбалæй суанг Мæлычы донмæ лыйкрхæфстам. Бæхæй, лæгæй уыдоны хæрзарæхст æмæ сæрæн диссагæи дзуриьгнг у, æмхуызонæй сæ хид мызт; афгæмæй лæгбæрц митимæ хъæ- бысæй хæцыдысты... Мæлычы донмæ куы ныйирвæзтысты, уæд уæйлаг ны- мæтып байраджы фыд æрлыгтæ кодтой, æмæ ма дзы махæн дæр цы1 нæ бахæргæ уыди. Арфæ нын ракодтой, фæндараст сын загътам, стæй ацыды- сты. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы партизанты къордæн сæ мыццæуыимæ сæ бинонты арзыстой Сыбырмæ... Се ’ппæты дæр, зкаджы нсмæй... Ау, æмæ кæд се ’гшæт знæгтæ уыдысты, уæд ма зымæгои æфц- джытыл нсмыцы фæдыл цы рахау-бахау кодтой! Бирæ æнæраст, тæригъæд- даг хъуыддæгтæ æмæ цаутæ. ’ Цæцæн æмæ Мæхъæлы куыд æрвыстой æмæ цы уавæрты, уыдæттæ комкоммæ цæг/гæй иæ федтен, фæлæ сæ зонгæтæй бирæ чидæртæ фæци уынæг. Ирон ’хуымаэтæг кусæг адæмæй сын тæригъæдгæиджытæ цы уы- ди/ ашдæр сыл райгэг нæ фæци. Кыр ардауæн ныхæстæ куыд хъуысы: мæ- хъæл æмæ цæцæны æрвитæн бонты, дам, нрон зæронд лæгтæ станцæты слæууыдысты æмæ фыдæнæн райгондæй кьæцæлтæ амадтой. Мæнг ныха- сæн дæр бæрц хьæуы, кауæд йе ’рымысæджы цæсгомыл фæстæмæ тæф- гæнаг фцджысау сæмбæлы. Уыцы бæгънæг, æххормаг азты ма Ирыстонь: хъæуты цы æнæбары зæрæдтæ баззади, уыдоны станцæты лæууынмæ æв- дæлди: сæ къухтæм фыртыхстæй мæгуыры æфтуæттæ куы кодтой! Æнæниз, æнæцæф лæг куынæуал баззад, иууылдæр хæстьз* куы уыдысты. Станцæты лæууынмæ кæд уыцы азты искæцы адæмы æздæлди, уæд хæсты быды- рæ^ æд гæрзтæ кæй фæсивæд лыгъдысты, гуппаргай, уыдоны. Æмæ цæ- мæн кьахæм æцæг хъæдгæмттæ! Дæхи цæсты æнæхъæн къала бæлас куы æрззйз, уæд искæй цæсты æрдумæ цæмæн ;æфхæрæгау амоныс? 115
Мæхъæлы зæххытæм лидзын дæс ирон хæдзарæй кæд иу, дыууæйы бафæндыдаид, æндæр иннæты фæлидзын кодтой бынæттон хицауад ты- хæй, æвæндонæй. Уымæй дæр дыууæ-æртæ бонцауы фæндагыл фылдæр фистæг æмæ æккойæ хæсгæйæ. Уæды хæххон хъæуты ма фыдæлты уагыл ирон фарны хæрзтæй бирæ цыдæртæ уыди зæрдæмæдзæугæ. Иу уыдиг æмæ — хæдзæртты, цæрæн бæстыхæйтты арæзт алыхуызы фосдарæытæ, хор æмæ хосдæттимæ. Иннæ уыди, æмæ зæххы, фосы куысты кусæнгæрз- тæ гæркъайы арæзтæй мусы кæриппарæн хъæдын фыййаг, æрчъиаг нæмæн нæрвы онг. Уæды ирон хæххон хæдзары дзаумæттæ, бынæттон æрмæгæй (дур æмæ хъæдæй, стæг æмæ сыкъайæ, гæн æмæ гæрзæй, чъыр æмæ æлыгæй, сызгъæрин æмæ æвзистæй, æрхуы æмæ къалайæ) арæзт куы ны~ маиккам, уæд минтæй фæуæлæмæ уаиккой, сæ диссаджы æрмдзæф, аива- дыл куынæ дзурæм уæд. Æппæгуыцы диссæгтæй фистæгæй лидзæг хæх- хонтæ цытæ рахастаиккой æккойæ! Лæг æмæ лæдзæгæй балæууыдысты кæйдæр зæххыл, кæйдæр хæдзæртты, æнусты тугвæллæйттæ та райгуырæн хæхты æнæхицауæй иыууагътой. Мæхъæлон адæмы фыдгæнджыты номæй иунæг суткæмæ вагæтты бавгæдтой æмæ сæ хасты бынат балæууын код- той. Ирон адæмæн, хæрзты цæугæйæ, паддзахад хуыздæрæн сныв кодта фистæгсарæй лидзын æмæ æккойæ дзаумæттæ, дзидзидай сывæллæттæ хæссын. Уымæй дæр цыбыр рæстæгмæ — нæ, цалдæр азы дæргъы: ли- дзыкыл разы чи нæ кодта, уыдон ма тыхамæлттæй дыууæ, æртæ азы ба« фæрæзтой, иннæтæ сæрдæй, зымæгæй тыннывæндæгау дыууæрдæм код- той. Мæхъæлы хæдзæртты хор дзæвгар баззад: цæрæнбонты сæрæн кæм нæ уыдысты быдырты тыллæгæй æфтиæгтæ кæнынмæ. Ирыстоны хъæуты уыцы дыууæ уалдзæджы хæрыкы кæрдæг дæр скуынæг, афтæ нылхъывта стонг заман адæмы, бирæтæ æххормагæй бгрæсыдысты. Сосавæндæгтыл бæхты фаджысты нгртхоры нæмгуытæ агурьшмæ æрцыдысты. Мæхъæлон хæд-æртты та хоры къутутæн банымайæн дæр нæ уыди. Сæ галиуты зондахастæй куыдзы бæлæгъæй дон банызтой канд мæ- хъæлон æмæ цæцæкнаг адæм нæ, бирæ адæмтæ, уыдокимæ ирон адæм дæр. Оæззыгоя хус сыфтæртйу ма хæххон хъæуты цы иугай хæдзæрттæ ныззæдæлæ- сты, дзидзидай сывæллон тыхиртæстæй йæ мады риутæм -дыууæ къухæй куыд лæбура, афтæ, уыдонæн хи^æн хæдзæртты номæи паддзахадæй æххуыс нал цыди: дуканитæ æмæ скъолатæ сæхгæдтой, фæн- дæгтæ цалцæггонд нал цыдысты. Хæххон зæххытæ хуымæй, уыгæрдæнæй, сæрвæтæй быдырты колхозтæ æмæ совхозтыл байуæрстой, уымæй дæр Тлаттаты уæздæтты зæххыты уæрст: хицауадæй кæуыл куыд хуыздæр фæ- хæцæг разынд, афтæ — сины хæйттæ. Уыйадыл æппæт хæххон зæххытæи хицæуттæ систы колхозты сæрдартæ æмæ совхозты разамонджытæ æмæ фыдыустыты цæстæй акастысты хæхбæсты цæрæг иугай хæдзæрттæм. Сæ райгуырæн сыджытæй сæм нал хуымы дзæбæх хаудта, нал сæрвæтьг лæгъз, уыгæрдæны зад. Хуымæй, уыгæрдæнæй, уæлмæрдæй фыдæлты туг æмæ хидæй хъацыд зæххытæ фестадысты æдзæлгъæды уæтæртæ — дарæн- тæ, лæзгъæртæ — лæтæргæнæнтæ. Хъæуты иугай хæдзæрттæ ма фыдæл- тыккон уагыл цы хъæбæрхоры, хлепайы хуымты гæппæлтæ тыдтой, уыдон дæр зынтæй ирвæзтысты кæрдын афонмæ: фыййæуттæ-иу сыл дзугтæ ба- рæй дæр баздæхтой, сæ фидар сæхгæнынæн та уыйас фадат кæм уыди, уæлдайдæр æнæхъæд кæмтты. Уыцы уавæрты ма хæххон кæмтты дæсгай. 116
ссæдзгай хæдзæрттæ фæтухæн кодтой æртæг цыппар азы бæрц, стæй уы- доны фылдæр хай дæр быдыртæм æнæбары сæхи айстой, æмæ фылдæр* хæххон хъæутæ бынтон æдзæрæгæй баззадысты. Алчи дæр ма нæ йæ цæст райгуырæн комбæстыл ахæссæд, кæддæра афтæ нæ уыди. Хохы ма цы иугай хæдэæрттæ аззадг уыдонæй цал нæ ферох кодта фысымæггаг, уазæггаджы æгъдæуттæ. Искуы-иугай бинонтæ æмæ хæдзæрттæ, иннæтæ сæ фырзыд æмæ кæрæфæй ницæмæйуал æфсæстысты, æнæхъæн хьугæмт- тæ сын нал хуымгæндæн æххæссыдысты, нал уыгæрдæнæн. Куыд фæстаг- мæ дзы ахæм хæдзæрттæ разынд, æмæ дæс дуцгæ хъуджы чи дардтаг ссæдзæй фылдæр — хуыскъæгтæ, фондзыссæдзæй уæлæмæ — лыстæджы- тæ. Уый хыгъд сыл æлгъин æмæ чъынды бахæцыд фыднизау, æмæ йæ уа- зæгæн гуымбыл æлыгкæныны бæсты йæхи хъусæй туг рауагътаид. Уыдон систы хæхбæсты разагъды адæмты цыфыддæр æгадгæнджытæ, æмæ дзье цæргæйæ куынæ баззадаиккой, уæд хуыздæр уыдаид. Уазæгæн имидæмæ* рацу» дæр ма куыд дзырдтаиккой сæ тæккæ фыдномдæртæ, сæ кæрæ- дзимæ куынæуал цыдысты, дзыхæй куынæ дзырдтой, сæрыцæфтæ æмæ-иу тæрхæттæм куы ’рцыдысты дыууæ сыхаджы номæй дыууæ хæдзарæи хъæубæстæ, афтæмæй хæстæг-хицон дæр хъуамæ уыдаиккой фыды, ма- дырдыгæй... Гъе, уæууæй, гъе! Цæмæты æрцыдысты бæстæн æмбисондæн хæссинаг хæхбæсты ирон хъæуты кад æмæ рад! Уыцы иугай мæрддзæсг хæдзæртты цæстæнгас цы фæндаггæттæ федтой, уыдон кæд æппæт хæх- хон адæмтæн дæр ахæмтæ æнхъæл уыдысты, уæд тынг фæрæдыдысты..., Бынтон æдзæрæгæй куы баззадаиккой æппæт кæмтты хъæутæ дæрг. уæд ма хохаг сыджытсæр хæдзæрттæй абонмæ дæр истытæ аирвæзтаид,. уыйас фидар уыдысты уарынтæн, хуртæн. Фæлæ хæххон тъæпæнсæр, зæх- бын хæдзæрттæн сæ бирæ дзаумæттимæ æппæты разæй сæфтыхос фесты, цæргæйæ ма дзы цы иугай бинонтæ баззади, уыдон. Дыккаг хатт æй зæ- гъын, хæлæфы митæй тыххæй кæйдæр зæхмæ цы хæххонты лидзын код» той нæ уæды хицауад, уыдон архайдтой фылдæр хæринаг æмæ дарæсг хуыссæнгарз аласыным,, ахæссыныл, æндæр хæдзары фылдæр бынтæ баз- задысты æйæхицауæй, дзæгъæлæй, æмæ сыл уæды бындартæ кæм баца- уæрстой! Раст-равджы номхыгъд скæн уæды хæххон хæдзæртты æнæхицау бынтыл хъæдын дзаума, згъæр кусæнгарзы онг, уæддæр зæрдæ фæриссы- кы фаг сты. Фæлæ сæйрагдæртæ — фыдæлтыккон зынаргъ дзаумæтгæ: цыппæрхъусыг æрхуы агтæ æмæ цæтджикæгтæ, хæдæнхъизгæ нугуыр тæ- гæрхъæдæй мигæнæнтæ, кусæнгæрзтæ æмæ хæцæнгæрзтæ, фосы æмæ зæххы куыстыты райст-бавæрды алыхуызы дзаумæттæ. Фыдæлтæ уæлдай сæрыстыр кæмæй уыдысты, хицæн стыр мыггæгтæ æмæ хъæутæ зынаргъ хæзкатыл кæй нымадтой, уыцы цыппæрхъусыг æрхæгтæ æмæ цæтджинæг- тæ, хæдæнхъизгæ мигæнæнтæ æмæ хæндыгыстæттæ иугай хæдзæрттæн хынджыллæггог систы. Хæцæнгæрзтæ, хæзнатæ æмбæхстæй сæ зæрдæ цы бæстыхæйттæм æхсайдта, уыдоны систæ дургай феппæрстой суанг биноныг скъæты онг. Æркæсгæ — банымайгæйæ хæххон хъæуты бæстыхæйтты гыц- цыл хъæдæрмæг нæ уыди, уымæй дæр æнусты дæргъы сæгдзыдæй чк ныммæстæг—ныхъхъæбæр, ахæм агъуындæн тымбыл хъæдæрмæг. Зæгъæм, Туалгомы хъæуты, уæлдайдæр Мамысонгомы хъæдæрмæджы фылдæр хак ласт уыдысты фæсæфцæгæй — Хъæдысæры æмбисонды наз, нæзы æмæ чъиуназы хъæдæй. Сæ ласгæйæ, сæ аразгæйæ цас туг æмæ хид фæкалд- той фыдæлтæ кусæг фосимæ æнусты дæргъы, æмæ уыйас фæллæйттæ 11Т
гдæс, фынддæс азмæ пырх æмæ сыгъд фесты уьщы иугай бындартæ— бынхортæн. Быдырæй ма исчитæ фæстæмæ куы ’рбалидза, уымæй тæрс- гæкæ калдтой хæдэæртты хъæдæрмæг, сыгътой сæ æнауæрдснæй. Сæхи- цæн цы иæ бантыст фехалын, басудзынг уыдоныл та сагъуыйын кодтой фынйæутты, æмæ равзаргæйæ хæххон хæдзæртты хъæдæрмæгæй машинæ- ты быдырмæ фæластой. Хæхбæсты цæрджытæн йæ заманты мыггаджы номыл æппæты кад- джыкдæртгэ цы уыдысты, уыдонимæ нымадтой хуымтæ, уыгæрдæнтæ, хъæ. ды хæйттæ, мустæ, мæсгуытæ, куырæйттæ, цыкурайы фæрдгуытæ, бæгæны- , фыцæк æрхæгтæ — цæтджинæгтæ, æмæ сс ’ппæт дæр фæстаг бынхортæн дæлджинæггаг фесты. Хæххон æфснайд куырæйтты зыррытт нал райхъуы- сти цыбыр рæстæгмæ, сæ дурын фыдтæ дæр сын «анмхъуырдтой». Базза- дыеты ма фæз~ыгон ссæст хæтæлтау систы хæлдтытæ, фосдарæн уæлмæрд- тæ æлгæ хуымты цæндиæ. Æцæгæлэкæй цыфæнды маст куы зоиай, уæддæр куыд дарддæрæй зæрдæмæ уьзйае кæ хьары, æмæ фæстагмæ байрсх вæййы. Фæлæ сыхæй, тсъæуæй, мыггагæй лæджы æнæхъуаджы мастæн зын быхсæн у. Уæлдай- дæр фыдæхы, æдзæстуарзоны фæдыл, барæй мæстытæн æмбал нæ вæййы. Æппæт кæмтты бынхортæ — бындартыл хуымæтæджы комхыгъд скæнын дæр æнцон кæу, уыйас бирæ бауиккой алыхуызы удыхъæдимæ. Мæнæн мæ цæстытыл уайьшц Туалгомы бынхортæ. Фæтджыгъæдæн комбæсты бæс- тыхæйттæй æнæхъæкæй иу уæддæр куы ныууагътаиккой—къæвдабоны фæндаггонæн балæууынæи, æрæнцайыкæн. Ау, лæгæты дæр ма лæг æхсæ- виуа\' куьв бакæны, уæд уыйæппæт скъолаты; хъæусоветты бæстыхæйттæй тыхст фæндаггæттæ иикуы баулæфыдаиккой? Туалгомы цинкæ тасмачъийæ æмбæрзт бæстыхæйттæ дæр уыди, уыдонимæ — скъолатæ æмæ аргъуантæ, •фæлæ - сæ тыхуаДау сæстыгьтой, раппæрстой дзæнгæрджытæ. Абон ма комбæсты æмбæрзтæй баззади иунæг гыццыл аргъуан — Цымийы, æмæ уый дæр ро^; зæпгсадзау æхгæдæй лæууы, цалцæджы, базилыны номыл йæ разы лæг нæма балæууыд. Уый уын нæ рагон диссæгтæ æмæ æрыгон фыдгæнджытæ, нал сын райдайæн бæрæг зыны, нал кæрок... Туалгомы бы.чхортыл кæд исчи «æрхъуыдыйæ» фæуæлахмз и, уæд •— Хъæдысæры быихортæ... Цанæбæрæг хъæу уыдыстæм, дæ^æмæ дæр æх- сæрдæс хæдгары баистæм фæстагмæ, уæлæмæ дæр. Фæлæ æнæхъæн , комбæсты фарн хастой кад æмæ радæй фæндзггоны, уазæджы цæсты. Æкæххуыс кæ уыдысты паддзахадæн дæр. Иугæр Туалгомы хъæутæ куы *федзæрæг сты, уæд ма Хъæдысæры цы’ дыууæ-æртæ хæдзары баззад, уы- дон æрвадæлты æдзæрæг бæстыхæйттыл, фæстæмæ ма дзы исчитæ куы æрбалидза, уын адæргæй, нал бацауæрстой, æмæ дæс — фынддæс азы дæргъы сæ бынæттæ сыгъддонтау сауæй аззадысты. Нæ бæстыхæйттæ æо- зæр уавæрты сты, зæгъгæ, фыдæнæны хабæрттæ быдырмæ куыннæ хъуы- стысты, æмæ чидæртæ сфæнд кодта сæ бабæрæг кæнын. Джиуæрджи, мæ фыдимæ хæрз æфсымæртæй райгуырдыстыг æппæты разæй йæ быдыры куыстæгтæ фæуагъта^ (Суададжы балхæдта стыр аргъæй æнæбары кауын- кьул хæдзар), уæдæ кæд сæ бæетыхай нæма кыккалд, уæд æй сф^дæрт- тæ кæидзæни, стæй йæ фидæнмæ цæрычæввонг бакæидзæни... Оæта тзлф-туг.фæй йæ фыдбьшызы фæндагыл ацыд. Кæйдæр хæлддзаг маши- кæйы бадт фæцм æмæ Хъылиатал тигъæй ахаудтой. Машмнæйы хицау фср- вæзт, Джиуæрджи фæмард... Фæмард йæ г/гвæялойæ ^арæзт уæладзыг 118
хæдзары ирвæзын кæнынмæ тындзгæйæ. Фæлæ уæдмæ бæстыхай дæр* æгас нал уыди, сауæй аззади йæ быидур. Суанг биноныджы систæ дæр ра- калдæуыд æмæ ахафтæуыд, уæдæ ма дзы исчи исты аразынвæнд куы скæ- на, зæгъгæ. Джиуæрджи, мæрдты рухсаг уæд, хъæуы аргъ лæг мыггаджы\ бынхорты тыххæй фесæфт. Фæлæ уымæй фæстæмæ иннæ æдзæрæг бæс- тыхæйттæ уынгæджыдæр фесты. : Хæхбæсты уавæртæ хорз чи нæ зоны, уый мысæггаг цаутыл баууæнд- дзæни. Фæлæ уым чи райгуырд, райгуырæн зæххыл йæ гомкъæхты фæд- тæ кæмæн баззадысты, алы дур, къудзийы раз чи балæууыд, йæхм куыс- тæй æппæт цæрыны мадзæлттæ чи фæкодта, уый зын афæливæн у. Иу сæрд сфæнд кодтон хъуыддæгтæ мæхи цæстæй фенын. Æртæ сидзæр сы- вæллоны дæр — мемæ (сæ мад уæд ногмард уыди). Зæрæмæгмæ авто- бусы абадтыстæм, уырдыгæй Хъæдысæрмæ Мамысоны æфцæджы - сæрты фистæгæй æнцон цæуæн нæ уыди, уæлдайдæр уæргътимæ: кæттаг цатыр, хумссæнгæрзтæ, хæринæгтæ. Мæ зæрды уыди уым дыууæ къуырийы фæ- уын. Кæд ма нæ хæдзар уарынтæ урæдтаид, уæд — уым, науæд дæр ис- куы нæудзар фæзы нæ цатыр айтыгътаиккам. Сывæллæттæн — æнæ зонгæ ран, фыццаг хатт цыдысты сæ фыдæлты райгуырæн хъæумæ æмæ æхсыз- гонæй тырныдтой размæ, фæлæ-иу афæлладысты. Мамысоны æфцæджы тæккæ хъуыррæбынмæ куыд схæццæ стæм, афтæ ныл æфсæддонтæ амбæлд. Æртæ лæджы, хæстон бастдзинады кабель бæрæггæнæг чи рацы- ди, ахæмтæ. Дæлдæр-уæлдæртæй изæры хурныгуылдмæ хæстæг æртæ сы- вæллонмæ куы бакастысты, уæд сæ сæртæ ныттылдтой, стæй сæ иу дзуры: — Сæрæн каст кæнынцг фæлæ ахæм уæргътимæ, стæй изæрырдæм æфцæгыл фистæгæй ахизынæн хъæуы æнахуыр ныфс. Кæйоиг сфæнд- код- тай, стæй кæцон стут! Æз ын цыбырæй бамбарын кодтон нæ фæндаджы хъæд, æмæ æртæ лæджы æмхуызонæй бахудтысты, стæй сæ иу афтæ зæгъы: — Мах гæрзтимæ дæр алырдæмты хъахъæнгæйæ цæуæм, уæдæ ацы хуырбынты искуы стай дæр куы уа, зæгъгæ, ды та — æнахъом сабитимæ. Ахæм ран æдасæй цæуынæн стыр ныфсхаст лæг хъæуы. Рсст хъуыды кодтой æфсæддонтæ. Æцæгæлон бæсты адæймаджы ныфс уыйас не ’кдавы. Фæлæ райгуырæн зæххыл алы стыр дур дæр хæдзары ад кæны, æмæ уымæ тырнгæйæ стайæ дæр нал фæтæрсы æмæ арсæй дæр. Тырныдтои, æз дæр мæ сидзæртимæ райгуырæн уæзæгмæ, фыды къонамæ. Хур ма Хамзелайы рагъы сæрмæ бæндæнбæрцæй афæстиат, афтæ Разынæнтæй ныккастыстæм хъæумæ. Кæсæнцæстытæ нæм, бæстæ тыбар-тыбурыл сси хуры фæстаг тынтæм. Сывæллæтты цинæн кæрон нал и: ахæм дзæнæтон рæсугъд æрдзмæ ныккастысты уæлбьшæй! Мæныл та цыма исчи уазал милдон бакалдта, афтæ рохстæй дуры уæлæ бадгæйæ баззадтæн. Нæ хæдзары бынат сауæй зынди, цыма судзгæ бакодта. Бино- ныджы агъуындæн хъæдтæй ма иу баззад, æмæ йæ цавæрдæр сылгоймаг дыууæ цумахъом сывæллонимæ хырхæй цыбыр лыгтæ кæны... Фæстаг хъæды скъуыддзаг ма мæ фыды бынтæй, нæ уазæгуарзон бинонты туг- вæллæйттæй! Æртæ æфсымæры æмæ цыппар хойы уыдыстæм нæ мад æмæ йæ фыдæн. Уыдонæй ма æз мæ кæстæр æфсымæримæ баззадтæн, иннæтæ — мард. Цыма дыууæ къухы хырхæй уыдоны стæгдартæ лыг код- той, афтæ кæрæдзиуыл ауадысты мæ дæндæгтæ... Цалынмæ нæ бæсты- хайы фæстаг сæгæйдзаг хъæд артагæн лыг кодтой нæ «хæларзæрдæ» æр- 11*
вадæлтæ, уæдмæ æргъæвст уæрццау дурыл фæбадтæн, стæй ныццыдыс- тæм хъæумæ, æмæ донæн фаллагфарс нæ цатыр айтыгътам... Сывæллон сывæллон у, саунæмыг фæрæгъæд, æрыскъæф фæзынд, æмæ нал æфсæ* дынц рауай-бауайæ уыцы дидинæгджын хъæдбынты. Мæныл та бæстæ фы- дохы фыдтау зылдн. Дæ райгуырæи хъæуы дын æрлæууæкдон мауал уæд æмæ йæ фарсмæ цатыры катæйттæй æхсæвтæ æрвит! Нæ дзы бафьгнæй дæн. Цагдæр хатты уыцы мæйдары Хамзелайы донмæ ныццыдтæн æмæ дзы мæхи цæхсадтон, буар ашл цыдæр æнахуыр тæвдæй змæлыд, хъустыл уадысты хъæубæсты цæрджыты хъæлæс, цыма-иу уæлмæрдты къæйтыл ра- бгдть!сты мæстæймарæгау... Цæрæкбонты ныхбынæй цы бæстыхæйттыл хмд фæкаетдтой, уыдонæй иунæг фæйнæджы гæппæл мауал уæд! Раст мæм цыма уайдзæфы цæс~æй ракастысты мыггаджы мæрдтæ куыд куырыхон- дæрæйг афтæ атыхстæн æмæ æртыккаг райсом цæуыныл ныллæууыдыстæм. Сывæллæтты бæргæ нæ фæндыд, фæлæ атыхтам иæ цатыр æмæ рацыдыс- тæм. Зыкдонæй лидзæгау мæ райгуырæн хъæуæй федде дæн райсомы ху- рыскастыл... Федде дæн, фæлæ зæрдæйы зхсджиагдæр тæгтæй баст фæ- дæн райгуырæн уæзæгмæ, æмæ æдзух уайы цæстытыл. Фынтæ куы уынон, уæддæр уым фестын... Фыдæлты æмбисæндтæй иу дæр мæнг нæн. Хорзæн бын ма ныууадз, æвзæрæи бын ма скæн. Хорз исты амæлттæ кæндзæни^ æвзæр та цæттæтæ дæр фесафдзæни, уымæн æмæ магусайæ бынхор у. Магусайæ бынхортæ ныххæлæттаг кодтой хæхбæсты алы хъæуты дæр фыдæлты бынтæ. Фезмæ- лыны адæргæй фæрæты, цæвæджы хъæдтæ саразынмæ чи ннкуы сарæх- сти, уьæды астæу цæргæйæ фæймæг, хъуари афадын чи нæ базыдта, фæд- фæдыл хуымы зæххæн нæудзар чи никуы басаста, уыгæрдæн чи нæ бах- сæста, уыцы’ бынхортæн цæттæтæ баззадысты æмæ сын сæ бынæй рухс суагътой мæтыхтау, сæхæдæг та цæрыиц. Цæрьшц худкнаджы гакиæн, фи- диссаджы уагæн. Фыдæятæм, æмбисондæн баззадм: «Бынхор, кæй амон- дæй цæрыс, æмæ мæхм амоидæй». Æмæ æцæгæй дæр афтæ у, адæмты æвзæртæ хуыздæрты æнамондæй амондджын свæййынц. Фыдæлты бын- тæй, *фон фарны хæзиатæй ма хæхбæсты алы кæмтты зæрдæ фæлæууы- нæн цы баззади, уый æрдзон хъæздыгдзинæдтæ: цъитидæттæ, сусдæттæ æмæ еуæрттæ, халсартæ æмæ га’-адыргътæ, дзæбæ^гæнæн æмæ хæрздæ- фы кæрдæджытæг сæрвæттæ æмæ уыгæрдæмтæ, хъæдтæ æмæ алыхуызы мæргътæ, сырдтæ. Уыдои дæр Нрыстоны бынхорты æнауæрдон мнтæ^ æдзæлгъæдьз ранмæ, куьшæджы гæрæнмæ æрцыдысты. Сæрдыгон хнзæн- ты фо^ы дзугтæ куыдфæндыйæ хизынц, æмæ фæхстæ лæтæргæнæнтæ сис- ты, сæфы дидикæг, халсар, гагадыргъ, уыдоннмæ — мæргътæ. Иукæг ран дæр суадоны, суары бæстон арæзтæй нал феидзынæ фыдæлтьжкон æгъда- уыл, æмæ сæ цыхцыртæ, сæ дурæй бæстон арæзт æнцайæнтимæ фесæфти сæ рд дæр. Хæг.бæеты æрдз кæд истæмæй фидэдта, уæд уæрдон æмæ къахвæмдæгты бæстонгондæй, уымæй дæр хуымтыл, сæрвæттыл, уыгæр- дæнтыл ауæрдгæйæ. Ныр бакæс, уæд æккойæ хаст сыджытæй конд хуым- тæ дæр фарастæрдæмыты фæндæгтæ фестадысты. Æрдз бахъахъæнымы номыл паддзахад стыр мыздтæ бæргæ фиды кæмæндæрты, фæлæ би- рæгъ — мæрдгæс. I Æппæт уыцы сæфгы, аллайаджы митæ бынæттон хицауад æнæ уынгæ нæу, фæлæ йæ къух уазал доны дæр нæма атылдта.
Калоты Хазбийы райгуырды 70 азмæ ЦАРДЫ СКЪУЫДДЗÆГТÆ (Æмбалы мысинæгтæ) ...Для меня будто ветром задуло костер, Когда он не всрнулся из боя... В. Высоцкий 1939 азы хурджын сойвæззæг. Хæрдгæ æндæхтæй уади зæхмæ арвы хъарм. Фæндæгтæ бæлæсты хус сыфтæртæй сыр-сыр кодтой. Хурбонтæ ха- лæй ивтой кæрæдзи. Адæймагмæ афтæ касти, цыма сын кæрон нæ уыдзæнй. Педагогон институт. Ирон литературæйы хайады II курс. Цалдæр æмæ ссæдз уыдыстæм. Ахуырмопдаг. Цардбæллон. Чи нæ ифтонг уыд, чи бæгъ- нæг. Фæлæ литературæ зæрдæйæ чи уарзта, уыдон афтæ бирæ не ’ййæфтой. Æвзонг уыдыстæм, æмæ нæ рухс бæллицтæ ар’вы бæрзæндты хастой, Улæф- \ ты рæстæг чызджытæ фæкъорд стæм. Литературæйы тычхæй уыди нæ ньг хас. Дисы пæ æфтыдта Байрон, Лермонтов, Блок æмæ Есенины лирикæ. — Ехх, тæхуды ’мæ поэт чи вæййы, — сдзырдтон ме ’мбал чызджытæм. 1 — Æмæ дæ æцæг фæндид поэт суæвын? — æрбайхъуысти фæрсырды- гæй. Фæкастæп. Нæ цуры иуварс къæсæрыл лæууыди къæсхуыртæ дæргъæл- вæс лæппу, æмæ йæ цæстытæ цилы æрттывд кодтой. Хæлархуыз. Худæн- дзаст. Куыддæр фæдæн йе ’васт ныхасæй. — Чи у, чи? — афарстон ме ’мбæлтты.— Кæцæй февзæрд, стæй къæбæ- да, сылваз æппæрст цы ’рбакодта йæ иыхас? — мæстыйæ хъуыды кодтон æз. — Уый иог студент у, Калотæй,— загъта чидæр. — Калакæй æрбаивта. Хуыздæр базыдтам кæрæдзи. Къордгай фестæм. Фæхицæн-иу сты Кочы- саты Мухарбег, Бек^уызарты Фузæ, Цæгæраты Максим. Иннæ къорды — Дзалаты Мойсей, Хачырты Сергей, Калоты Хазби. Мойсей уыч мæ хæстæг, æмæ апы къордимæ арæх уыдтæн æз дæр. Иумæ нæ цыд, нæ бадт, экзамен- тæм цæттæ кæнын. Зымæг — институты кæсæндоны, сæрд — фæлладуадзæн парчы Терчы был фæйнæ-фæйнæ ран хицæнтæй. Хур-иу нæма скаст, афтæ- ’ иу фæмидæг стæм æнæ билеттæй (уæд паркмæ бацæуæггаг æхца фидын хъуыди^.’Раджы дæр уымæн цыдыстæм. Немæ снхорæи — сау дзул, мæй- мæбулкъ æмæ цъæх хъæдындзтæ. 121
«Дьякич» — афтæ хъазгæйæ хуыдтой æмбæлттæ Хазбийы: йæ фь№ < Æрыдоны дины семинар куы фæци, уæд рæстæгмæ диакъонæй кæй акуыста, ’уый тыххæй. Никуы" смæсты, худт-иу æнæдзургæйæ. Семинары ахуыр код- та мæхи фыд дæр — æндæр фæндаг нæ уыд ахуырмæ уæды Ирыстоны. Фæстæдæр Хазби дзырдта, нæ фыдæлтæ, дам,зыдтой кæрæдзи. Нæ уыди къæбæда, йе сылваз Калоты лæппу. ’Фырзæрдæхæларæй афтæ зынд. Уыди тынг цæстуарзон, фæлмæн, хурзæрдæ адæймаг. Æнцонæй-иу балымæн алкæимæ дæр, фæлæ’æгъатыр уыд козба’у æмæ мæнгарддзинадæн* Фæлтæртæ æмæ азты сæрты йыи диссаджы каст ныккодта йæ зæрдæ- мæ Дзуццаты Хадзы-Мурат. Йæ чиныг «Хæст æмæ зæрдæ»-йы цæстуарзон- æмæ зæрдæбынæй зæгъы: «Æнæбарон, æгъатыр æмæ уыциу рæстæг фæлмас,, фæлмæн удыхъæд уыди Хазбийæн. Йæхи «хæларзæрдæджын Демон» чи< хуыдта, уымæн йæ дзыхæй ’хауы карз ныхæстæ, стæй æнæкæрон фæлмæн-- дзинад, зынаргъ ын чи у, уыдонмæ». 0, уый æцæгæйдæр афтæ уыди! Фæстаг лекци-иу кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд-иу исты æфсо— нæй раздæр рацыди Хазби, йе та Хачырты Сергей æмæ-иу не ’ппæтæн дæр хæрæндонмæ чектæ райста. Фæслекци æгæр бйрæ адæм ивылди хæрыимæ — уый нын хыгъд уыди. / Хазби æмбалы тыххæй йæ уд дæр не ’вгъау кодта, уыди бынтон рæ-~ дау æмæ уæздан. Бæлвырд хъуыды кæнын, тынг хорз зæрдæ йæм чи нæ- дардта йе ’ргомдзырды тыххæй, уыдон дæр-иу йæ фæсаууон загътой: «Нæ,„ абази йæм куы уа, уæддæр æй иунæгæй никуы бахæры». Йæ хъус тынг нæ дардта йæ дарæс, йæ бакастмæ. Æвæццæгæн йæ æз- дæлгæ дæр нæ кодта. Цыма зыдта йæ царды бонты цыбыр: тагъд кодта, иу минут дзæгъæлы нæ сæфта. Касти чингуытæ: уырыссаг æмæ дунеон* классикты, архайдта ныв кæныныл дæр, куыста æнувыдæй йæхиуыл. чУæл- дай дисы йæ æфтыдта.рагон скæсæйнаг’ поэт Кэминэ. Арæх-иу дзураг уыд„ йæ диссаджы рæнхъытæ: ’ > Недоверчивая роза в мире есть. Стану пред ее глазами — не поверит! Сердце вырву, для нее забуду стыд- и честъ, ’ Разбегусь и брошусь в пламя — не поверит! Зыд æмæ æнувыд уарзтæй уарзта цард, йæ райгуырæн Иры. Тынг æй» фæндыди цæрын: Зæгъæд-ма, амæлын кæй фæнды, Цæрынæй чи бафсæсти зæххыл?! Æмæ йæ^фæстаг фысты йæ фæстаг хъæр та? Мæн цæрын фæнды, Сау нæмыг! Фæуром ма дæ тахт, Æрра дæн. ) ь 1 Цал æмæ цал хатты æвæры ныфс йæхицæн, йæхионтæн! Иæ иу фыстæджы зæгъы: «Я самый яростный противник смерти, она бессильна< против меня. Я пошлю к черту тысячи смертей». 122
Мæ зæрдыл хорз лæууы, нæ стипенди-иу къуыримæ куыд фæци,, æмæ "ма-иу мамæлайы къæбæрæй .иннæ истмæ куыд ирвæзтыстæм. Фылдæр боч- •ты-иу нæ уазал æмдзæрæнты нæ хуыссæнты хæрдхъуагæй ахуыр кодтг. Бынтон зын-иу уыд уыцы уагыл экзаментæм цæттæ кæнын. Сидзæрæй ахуыр кодтон æз æмæ фыццаг бонты Хазбийы дæр сидзæр хуыдтон. Хуы- мæтæг хæдон æмæ хæлаф. Дæрдджып уæлæдарæс. Костюм, ног туфли, лин- ’джак дæр ыл никуы ничп федта. Фæлæ уыйхыгъд хæрздиссаг уыд йæ ныфс, йæ куыстхъомдзинад. Фылдæр^хатт æххормаг æмæ æргъæвстæй бадти Рес- публикон библиотекæйы кæсæндопы æмæ куыста ’мæ куыста. Фыста æм- дзæвгæтæ, пьесæтæ. Афтæ фæзындысты «Фæстаг фæдисонтæ»,1 «Бæтæйы фырттæ», бирæ ли- риком æмдзæвгæтæ. Тагъ’д-тагъд-иу æркасти журналтæм, газеттæм æмæ-иу райдыдта кусын. Стыр дисы нæ æфтыдта йе ’ввæллайгæ куыст. Цардыстæм пу уæладзыджы. Арæх-иу изæрырдæм аив æрбахоста пæ дуар, тагъд-иу фæсагъта къухы исты хæринаджы тыхтои, йе цалдæр сомы . «аемæ-иу фæаууон. Уадысты бонтæ. Уалдзæг ралæууыди. Фæхъарм. Уарыд фæлмæн къæвда. Изæр. Институты кæсæндон Церетелийы уынджы. Ныр дзы профтехучилище ис. Раззаг бадæнтæй иуыл бадтæн æз. Æрбацыд. Акæ- ) стытæ кодта. Уæгъд бынат нæ уыд æмæ фæстаг бадæнтæм ацыди. Цалдæр сахаты фæстæ тагъд-тагъд рауади мæ рæзты æмэе мæ цуры цыдæр чиныг .авæрдта, йæхæдæг рацыд. Æркастæн æм . Чиныджы хуылфы чырынтæ тет- рады гæххæтт дæргъмæ дихгондæй. Райхæлдтон æй. Цалдæр рæнхъы æмæ астæуæй дыууæ дзырды — зæрдæйы райхæлд, Куыддæр фæдæн. Хорз æмба- лы цæстæй кæмæ кастæн, æфсымæрау мын чи уыд, уымæй ахæм ныхас ай- стон маст æмæ æфхæрдмæ. Карзæй агуырдтон мæхимæ аххос. «Цæмæч пæы æрбауæндыд? Кæд мæхи аккаг хуызы нæ дардтон?» Бæлвырд уыд иу хъуыддаг: нæ ахастытæ фыццагау нал уыдзысты. Мæх’и иртæстон фембæ- лынæй. 1 Уыцы рæстæг фæзындысты йе ’мдзæвгæтæ «Ныббар мын», «Рынчын да^н æз», «Фæрыст мæ уд»... Фæстæдæр та — «Комы уазал сау æхсæв æр- хуыссыд». Рæстæг цыди. Лекцитæ, фæлварæнтæ... Литературон изæртæ æмæ лр[;г- къорды æмбырдтæ..7 Курдиатджын фæсивæд. Нæ поэттæ: Кочысаты Муха’’р- -бег, Калоты Хазбн, Цæгæраты Максим, Хачырты Сергей, Дзалаты Мойсеп, нæ драмæтæ фыссæг Цъебойты Алексей, прозаик Хъамбердиаты Хъамберд... Стыр амондау мæм кæсы ныр мæ ивгъуыд æвзонгдзинад ацы курдиатджын фæсивæды рагбонтимæ æмдзу кæй кодта, кæй сæ уыдтон мæ фарсмæ...' Ли- тературон цаутæм чызджытæй тынгдæр нæ хъус дардтам Беккуызарты Фу- .зæимæ, Уый’махæй хистæр уыд, фендджындæр, Мæскуыйæ сивта махмæ. Хæрзирдæй уайы мæ цæстыл уыцы бон. Терчы былмæ ацыдыстæм Мой- сей, æз, Хазби. Уыди рагуалдзæг, изæрырдæм. Былгæрон кæрдæгыл æрбад- тыстæм. Хазби ны’н бахаст цалдæр ног фысты, æмæ «Æз уалдзæджы ’ мза риуы ссардтон», «О цæй рæхснæг уыд æвзонг тала», «Куы фенай ды». Каст жмæ йæ бæзджын æмыргомау хъæлæсимæ хорз фидыдта йе ’ппæт æнгас* йæ цæстыты ферттывд, хивæнд дзыккуты ’ркалд, æнгом дæндæгты фæхудт. Теркæй уылæнтæ кодта хъарм дымгæ æмæ йемæ хаста ногдзыд кæрдæджы адджын тæф. Цард бæмбæджы уæз дæр нæ кодта. Æппæт дæр уыди ра- 123
зæй. Разæй? Разæй уыдысты ’ хæсты фыдæвзарæнтæ, тугхæццæ цæссыг, зæр- дæпы æнусон хъæдгæмттæ... Фæлæ сæ мах кæцæй зыдтам? Вазыгджын кодта дунейы уавæр. Урæд æрцыди стипенди. Ахуыры тых- хæй хъуыди фидып. Уæд рауади студентты змæстытæ... Бирæтæ ахст æр~ цыдысты, семæ Бекмæрзты Афон — поэт. Фæсагъæсхуыз сты фæсивæд. Чи- дæртæ сæ ахуыр уагътой, цыдысты куыстмæ. Бацагуырдтой куыст Хачырты: Сергей, Калоты Хазби, Дзалаты Мойсей дæр. 1940 азы фæззыгон изæртæй иу. Тельмæны уынджы æмдзæрæны къæли- доры рудзынгмæ ’ввахс лæууыдыстæм ныхасгæнгæйæ. Хазби мын бакаст йæ- ног фыст æмдзæвгæ «Ды ’цæуыс». Йæ автограф «Б. Н. Г», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ ныууагъта мæиæн, æнкъард æмæ фæлмæст уыд йе ’нгас. Йæ^ мидкатай зыид йæ- цæстытыл. Ныхас ныл бацайдагъ. Æз ын радзырдтон мæ царды хабæрттæ, куыд æрцыди рæстæй Сыбырмæ хаст мæ дрхтыр фыд^ куыд баззадтæн уый фæстæ 9-æм къласьь æнæ мадæй. Мæ иунæг мадызæ- нæг — мæ хистæр æфсымæр — тухæнтæй кæй ахуыр кæиы институты Мæс- куыйы. Чысыл фæстæдæр фæзынд йе ’мдзæвгæ «Дидинæг федтон». Афтæг- мæм кæсы, йæ равзæрд цæмæйдæрты баст у уыцы изæры ныхасимæ. Цал- дæр боны фæстæ йæ Хазби бакаст институты иумæйаг литературон изæры. Ирон театр!.. Цас æй уарзтам! Цал æххормаг боны-иу арвыстам алы ног спектакль феныны тыххæй!.. Ирон театр — нæ хурджын бæрæгбон, нæ~' цин, нæ рухсдæр бæллиц. Таутиаты Солæман... Стъалыйы ферттывдау уыдч ирон сценæйы. Саджы фисынтыл амад, цæхæрцæст, стыр курдиаты хицау... Æниу’нæргæ хъæлæс Тæбæхсæуты Бало та? Хазби хъулон уарзтæй уарзта) Балойы Отеллойы. Арæх-иу ын фæлвæрдта йæ монологтæ. «Сау дæн æз!»— тыхджын æмæ-иу уынгæгæй фæхъæр кодта æваст.—«Фæлæ ныр та хæрзбои,. мæ сабыр цард æнусмæ! Хæрзбон, уæлахизхæссæг паддзахы тырыса, бара- банты гыбар-гыбур, флейтæты æхситт! Хæрзбон, мæ базырджын æфсæдтæ — мæ цыт, мæ кад!.. Хæрзбонтæ ут — йæ цард фæцис Отелло!» Хазби йæ хъус дардта ирон æмæ уырыссаг зарджытæм. Арæх-иу за~ рыди «Казбулат удалой» кæнæ «Что ты опустила глаза». Фидарæй йæ уыр- ныдта «Пæсæйы фæндон» кæй у ирон оперæйы* райдайæн. Искуы искæимæ фæхыл, уый нæ хъуыды кæнын. Быцæу, хылмондаг дзырд дæр-иу æнцонæй’ аздæхти хъазынмæ, сывæллонау сыгъдæг худт кæн- гæйæ. Æлхыскъ ныхас, æфхæрын йæ хъæды нæ уыди. Фæлæ уый уый пæ амоны, æмæ принципиалон нæ уыди. Уæдæ куыдæй ныффыстаид «Хъус~- ма!» Георæн. Любил он стоять, скрестив руки, расставив ноги и чуть откинув голову назад. С’мёшинки бегали в его полуприкрытых зеленовато-серых с желтин- ками глазах и едва вздрагивали от сдержанного смеха ноздри и уголки губ. Таким чаще и вспоминается. Цæй зын у хи хъуыдытæ дæр нывджын æмæ арфæй зæгъын!.. Мин-мин* хатты зындæр та у искæй зæрдæйы катай Цæрукъаты Алыксандрау тых- джын, зæрдæагайгæйæ равдисын. Ахæм у йæ «Фæстаг хъуыды» — Хазбийьв) номыл. Раст Хазбийæн йæхи монологау! 124
Мæ хуры хай! Дæ ном нæ дзурын барæй... Кæддæр уыдтæ мæ сонт митæм фыдæхау, Кæд мын сæ ныр, фæстаджы бон, иыббарай,— Мæ уд дæм хъуамæ базыртыл фæтæха... • • • 1 > ’ > » Дæ мидхъуыдыты-иу дæ сæр æркъул кæн, 1 Æрхæц-иу мын мæ цæстытыл дæ хъыджы, Æрæппар мыл^ дæ бæзджын сау дзыккутæ Æмæ-иу сæ æрæхс дæ цæстысыджы... Рæстæг цæудзæн, фæлæ æнусмæ зæрдæйы баззайдзæни 1941 азы сæрд. Кæронмæ хæццæ кодтой экзаментæ. 22 июнь. Хуыцаубон. Ирд, хурæфсæст райсом. Æнæмæт тезгъоты рæстæг хъуыды кодтам нæ сæрды каиикултыл. ’Иу аз ,ма нæ хъуыд институт фæуынмæ. Уалынмæ радио æрвдзæфау æрха- <ста фыдуац: Хæст райдыдта... Фестъæлфыди, ныууынæргъыдта дуне. Уæззау • сагъæсты бын ныджджих сты адæм. Аивгъуыдта июль. Ралæууыд август. Лæггаутæм сидтысты æфсадмæ. Æхсæв та горæт ныгъуылди тары. Æфсæд- дон хæйттæ цыдысты æнæсцухæй ныгуылæнырдæм. Æрцыди нæ лæппуты г^ад’дæр. Æнæхъæн ’бон-изæрмæ- æнхъæлмæ кастысты хæстон комиссариа ты дуармæ. Се ’рвитынæн} снысан кодтой иннæ райсом — поездæй. Ныр дæр нæма зонын, сæ ныййарджытæм ма сæ ауагътой хъæутæм æви нæ,. Æвæц- цæгæн нæ. Уымæн æмæ сæ цæуыны сахат вагзалы иу адæймаг дæр нæ уы- ди сæ бинонтæй.. Дуне уыди сагъæсхуыз, æнкъард. Чидæртæ хъазæн ныха* сыл архайдтой, фæлæ лæ уад. Йæхи уæлдай хъæлдзæг дардта Хазби. , Уалынмæ — поезды дæргъвæтин уаст, æмæ вагæттæ фенкъуысыдысты дзы- гъал-мыгъулгæнгæ. Цырд сгæппытæ кодтой цæугæ-цæуын къæпхæнтæм æв- >зыгъд фæсивæД. Сæ къухтæ тылдтой, сæ цæст хастой нæ рæсугъд хæхтыл, цыма зыдтой: искуы-иу ма сыздæхдзæн адджын Ирмæ, иугæйттæ ма фен- дзысты цъитисæр хæхты таг... Судзгæ хъыгæй семыдзаг уыдысты нæ зæр- дæтæ. Катай æмæ сагъæс хурхæлвæст кодтой поезды фæдыл кæсджыты Ставд цæссыг уади уадултыл. Зæрдæйы уæззау хъыг тындзыдта æргом лыббогъ-богъ кæнынмæ, фæлæ тыхамæлттæй урæдтам нæхи,., Цыдысты радæй хæсты уæззау мæйтæ. Нæ лæппутæ ахуыр кодтой Вол- гæйы был Камышины танкистты скъолайы. Ирыстоныл æмбæлдысты сæ ц- быр фæллад фыстæджытæ. - ’ Зиаг бопæй-бон арфдæр цыди нæ зæххыл. Уалынмæ Хазби æмæ йе ’мбæлттæ дæр ацыдысты хæстмæ... Фæци 1943 азы уалдзæг, райдыдтой сæрды тæвд мæйтæ. Стæм хатт-иу фæзынди тохы быдырæй. Уæззау уыди знагимæ хæст, фæлæ уынгæг хабæрттæ дæр хъазæнæмхасæнæй хъусын кодта Хазби. «Æхсæвæй-бонæй ныл згъалынц,— фыста Курскы цурæй,—тгыс- ты хуынкъ — туман!»... Æрбазвахс фæззæг. Хæст уыд йæ тæкка тæмæны. Кæдæй нал уыди фыстæг!.. Фæлæ ныфсæвæрæн кодтам нæхицæн. Уалынмæ тыхтонæй схæц- цæ сты мæхи фыстæджытæ. Фæстæмæ раздæхтысты... Ау, уый та куыд? Катайæ ахгæдта хъуыр. Цынæ вæййы1 Лæгæн йæ адрис дæр аивы. Тох уавæры æндæр ранмæ дæр аппарынц хæстоны... Мæлæт?., Нæ, æвзонг зæр- дæ йæхимæ уый нæ уатъта... 125
Нал уыди хъæуты кусæг къухтæ. «Æппæт дæр фронтæи, æппæт дæр уæлахизæн!»—ахæм уагыл цыди цард. Скъоладзаутæ цæттæ кодтой хъарм дзаума: цъындатæ, æрмкЪухтæ æмæ æндæр лæвæрттæ хæстонтæн. Æрвыс- там сæ хæцæг æфсадæн. Куыстытæ æппæтæй дæр æрæнцадыоты сылгоймæг- тыл, сывæллæттыл, зæрæдтыл. Скъолайæн зымæгмæ суг дæр -нæхæдæг цæт- тæ кодтам, быдыры куыстытæ <дæр афтæ. Нартхортонæнты цыдыстæм бы- дырмæ алчи йæ къласимæ. Фылдæр æхсæвæддæйæ. 'Хъæмпы-иу ,изæрæй ба- фынæй стæм фæлладæй. Сæумæйæ-иу ныл халас æрбадт. Иу бон ссыдтæш хъæумæ. Бынтон сидзæр уыдтæн. Цардтæн мæ хуыздæр хæлары мад Цæ- гæраты Нускамæ. Сидзæргæс, кæддæр хъомыл кодта йæ иунæг чызджы, уы- мæн бадти хæрзаив æрыгон- идæдзæй. Æвдæм къласы куы уыдыстæм, уæдл чызг ка’рз низæй фæрынчын æмæ амарди.; Мад рахаста йæ хъæбулы зæрдæ мæнмæ. Мæ ’ахуыр куы фæдæн æмæ кусын куы райдыдтон, уæд загъта: «Дыууæ мæгуыры’ стæм æмæ цæрæм иумæ». - Хæд-зонд, диссаджы уæзда*г æмæ фæлмæнзæрдæ а&æймаг... Мадау мын батавта мæ сидзæры бонтæ. Куыд тынг мæ фæхъæуы уынгæг сахат! Куыд тынг фæбæллын йæ сыгъдæг зæрдæйы хъарм, йæ къухты фæлмæндзинадмæ! Æхсæрдæс азы нал ис а ду- нейыл.. Уый дæр куыста быдыры: Фæлладæй тыргъы æрбадтæн. Мæ цурьг тымбылæй хуыссыди нæ зæронд куыдз Рамбул. ,Мæ цæст ацахста къонверг къулы сахъарийы тъыстæй: бæлвырдæй постхæссæг • уыд ам. Фестъæлфыд- тæн: мæхи’ къухфыст... Куыдæй? Æрбайрох мæ, æрæджы кæй арвыстонг фыстæг æфсæддон хаймæ æмæ дзы æвæрд кæй уыди фæстæмæ дзуаппæн- гом фыстæг мæхи адрис мæхи къухфыстæй... Мæ зæрдæ мын фæрæхуыста -цыдæр тас. Æркастæн... «Убит... 8 июля 43 года... близ города Обоянь»... ’ - Мæ цæстытыл æрбаивылди бæзджын мигъ. Зонд адзæгъæл... О утæх- сæн, зындоны тухи, багъæц! Уæларвæй мæм ныккаст сæнтсау хур, æмæ? ныссалд мæ дадзинты, мæ туг!.. ! , О, ме ’фсымæр, мæ иунæг мадызæиæг! Дæ фесæфтыл куы басур и маз цæссыг, уæд та хæрз хъарм> цыхцыртæй куыдæй фемæхст мæ рыст зæр- дæйæ ныр?.. Фæлæ циу ай? Нæ зæронд куыдз, нæчсау Рамбулы ииудæй фæджих, фæуыргъуыйау дæн... Цы кодтай, цы, ды та? Æви мæ судзгæ рис дæ зæрдæйы ныххауди? Куыд цардæуыдзæни ныр æнæ хуры рухс сау мылазон мигъты? Цал уалдзæджы сфæлыста зæхх хæсты банцадæй!.. Бонæй-бонмæ лæ~ зæры, ихсийы ’мæ фæлтæры цардвæззæг дæр.' Бирæ нал»' стæм. Нæ хуыздæр- гæ нал федтой ирон ’ зæхх, нал банызтой ирон дон. Бирæ рухс амонд, би- рæ æрттивгæ курдиат басыгъди хæсты зынгирвæзты. Сæ нæмттæ нын’ку- вæндонау сты, бæрзонд тырысайау с,æ хæссæм нæ зæрдæты... Царды кæрон дæр нæма алæууыдысты, афтæмæй ыл æрбаталынг сæ арв... Фæстаг минуты онг дæр агайдзæни зæрдæ, фæстаг уысмæй ч дæр мæде азæлдзæи: «Æнхъæлмæ кæс... Ма ферох кæн!!» 1982 азы апрель. П-
ТСритикæ æм^библиографи 5 7 " ~ ~ . Бæрнон ныхас ■<> - Фарон УСФСР-ы адæмты литературæт’ы Совет æмæ Цæгат Кавказы шитературæты Къамисы иумæйаг æмбырды бæрнон ныхас цыди ирон фыс- сæг Æгъуызарты Æхсар æмæ поэт Балаты Темболы сфæлдыстадыл. Стено- граммæйæ мыхуыр кæнæм скъуыддзæгтæ. Власенко А. Н. — литературæиртасæг, критик, Литературон институты тсафедрæйы сæргълæууæг. ,3ынаргъ æмбæлттæ! Газет «Литературная , Рос- сия»-йы цы хъуыдытæ загътон прозæ æмæ поэзийы тыххæй, уымæй уæлдай ницы хъавын зæгъынмæ. Нæ Советы æмбырдты æдзухдæр ныхас фæцæуы кавказаг фысджыты сфæлдыстадыл, стæй сæ уацмыстæ уырыссаг æвзагмæ куыд тæлмацгонд цæуынц, ууыл. Æрмæстдæр хорзыл банымайæн ис ацы фæткæн. ’ • Цæгат Кавказы адæмты литературæты ныртæккæ раиртасæн ис цымы- дисаг хъуыДдагæн: иуырдыгæй — национ хицæндзинæдтæ, нацисн цард æмæ æвзаджы ахорæнтæ бахъахъæнын. Иннæрдыгæй —- дунеон культурæйы хъо- мыс. Æмæ, æцæгæйдæр^ ацы литературæтæ рæзынц,æмæ тындзынц дунеон зсультурæйы бæрзонддæр категоритæм. Фыццаджыдæр, зæгъын хъæуы уы- рыссаг, советон классикрн æмæ иннæ адæмты литературæты ахадындзина- ды тыххæй. Иудзырдæй, Цæгат Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары æмæ иннæ республикæ- ты литературæты рæзт у иттæг цымыдисаг. Æнæбындур .ныхас цæмæй ма кæнæм, уый тыххæй æрхæссон иу факг. Цæмæй нырыккон советон поэзи æнтыстджын къахдзæфтæ кæна, уый тыххæй йæ ахуыр кæнын хъæуы егъау литературæйы традицитыл, уырыссаг классикæ кæнæ йæхи национ традицитыл. Æндæр гæнæн нæй. Æнцон фæн- дæгтæ чи агуры, уыдонæн рæствæндаг уæвæн нæй. Алкæмæй дæр хъуамæ домæм стыр дæсныйад, классикæйы бæрзонд домæнтæм гæсгæ. Æркастæн, стыр аргъ кæмæн кæнын, уыцы поэт Балаты Темболы дæл- рæнхъонмæ, æмæ дзы æппындæр ницы бамбæрстон. Цы фæци фæлгонц* Кæм дзы ис царды улæфт? Хъуыды? Адæймаджы хъысмæт? Тæлмацгæнæг йæхæдæг курдиатхъуаг поэт куы разыны, уæд. ма оригиналон æмдзæвгæйæ баззайы æнад æмæ æгъуыз иллюстраци. Ахæм хъуыддæгтыл æнæдзургæ нæй. . О, фæлæ уæддæр национ поэзийы фенæн ис стыр æнтыстытæ. Зæгъæм, Машбашы, Тхазепловы, Рашидовы æмæ, кæй кой кæнын, уыцы Темболы поэзи. Ис Темболмæ курдиатджын уацмыстæ. «Современник» 1988 азы рауагъта æмдзæвгæты æмбырдгонд «Люблю я Кавказ». Уый у æнтыст. Хорз уаид «Современник» ахæм чингуытæ арæх- дæр куы уадзид, уæд. Стæй хуыздæр уаид, иу поэты цалдæрæй куы нæ тæлмац кæниккой, фæлæ иу тæлмацгæнæджы бар куы ныууадзиккой, цæмæй .йæ сфæлдыстад æвдыст цæуа иу интонаци æмæ интерпретацийы. 'Поэзи æдзухдæр хорз æмвæзыл уыд Цæгаг Кавказы адæмтæм. Фæлг& 127
литературæйы цæттæдзинады æвдисæн у прозæйы рæзт. Сæ прозæ дæргъвæ- тин рæстæг уыд гуырдзон у-авæры. Ныр та уæм ис æцæг прозайктæ. Æм’æ- мæ фæнды зæгъын уыцы курдиатджын фысджыты тыххæй. Поэзийы риф?'1æ æмæ ритмы фæрцы ис фæдфæливæн митæ акæнæн, фæлæ прозæйы ахæм гæнæнтæ нæй,— прозæйы хъæуы архайды динамик, сюжет, конфликт, хъыс- ’мæт æмæ истори. Хохæй хос куыд фæласынц, уый равдисын æгъгъæд нал вæййы, равдисын фæхъæуы адæймаджы хъысмæт. Зæгъдзынæн цалдæр ныхасы Тотраты Русланы роман «Дикая гру- ша»-йы тыххæй. Романы сæйраг герой — æрыгон инженер Алан у тохгæнæг, сæрибар адæймаг уæвыныл тохгæнæг, удварныл тохгæнæг. Руслан хорз арæхсы йæ персонажты миддуне æвдисынмæ. Æмæ æмбæлгæ дæр а’фтæ- кæны. Прозæйы сæйраг рахæцæн адæймаджы психологи у. Фæлæ уый дæр* фаг нæу. Хъуамæ æнкъарæитæ æмæ архайд кæрæдзиуыл æнгом баст уой. - Уацмыс хъуамæ афтæ арæзт уа,. цæмæй дзы адæймаг æвдыст цæуа æх- сæнадон — социалон фоныл. Фæлæ, хъыгагæн, бирæ прозаиктæ, уыдонима? Руслан дæр, цард ныддихтæ кæнынц ауæдзтæи. Зæгъæм, иу сæргонды — уарзты хъуыддæгтæ: тю, тю, тю... æмæ ахицæн ууыл. Иннæ сæргонд — кондадон проблемæтæ. Дарддæр та иу ауæдзæй иннæмæ — уарзт, стæй хъæ- батырдзинад, уæздандзинад... Фæци ауæдз. Стæй та ногæй — завод. Царды афтæ нæ вæййы. Нырыккон ирон литературæйæн характерон у, лирикон-эпикон æмæ дзы публицистон жанртæ кæй иу кæнынц, уый. Дæнцæгæн æрхæссæн ис Æгъуы- зарты. Æхсарбеджы роман «Куырды фырт». Историон хроникæ дзы арæхст- джын быд у лирикон нывмæ æмæ адæмы царды национ хицæндзинæдтимæ. Бакастæн роман, æмæ мæм1 дæсгай уырыссаг уацмыстæй бирæ тых-' джындæр фæкаст. Романы автор дарддзæст æмæ дзырддзæугæ разынд: ра- царæзты агъоммæ азты раиртæста нæ абоны æхсæнады иуæй-иу æууæлтæ. Хъæууон хæдзарад сæфтмæ куыд æрцыд. Автор дзуры йæ адæмы хъысмæ- тыл, стыр аргъы аккаг чи у, уыцы адæмыл. «Уæззау заманы хæсты быды- ры худинаджы бæсты мæлæт райсдзыстæм»,— фыссы автор. Ирон адæм — хъæбатыр адæм сты, уымæн æвдисæн хæсты азтæ. Куырд Тæтæри йæхæ> дæг архайдта хæсты. Йæ хæлар Ауызбийæн йæ фондз фыртæй иу дæр йæ къонайыл нал сæмбæлд. Иу дæр! Фæлæ’ уæддæр баззад уæздан хиуылхæц- гæ æмæ цардуарзагæй. Тын хорз. Æгъуызары-фыртæн хъæздыг сты йе ’взаджы ахорæнтæ дæр. Æмæ æрдз та куыд ныв кæны!, Сæйраг герой Му- рат, йæ конфликт Бексолтанимæ дæр тынг хорз фыст у. Публицистикон ныхас хорз у, архайджыты фæлгонц хъæздыгдæр куы кæ- на, сæ хъуыды сын æххæстæй куы æвдиса. Романы ахæм бынæттæ чысыл нæй. Публицистикæ хъуамæ хъæздыгдæр кæна уацмыс, ма фехала фæлгонцы системæ, ма иппæрд кæна сюжетæй. Бирæ фиппаинæгтæ мæм ис, фæлæ сæ уадзын. Роман ногæй рауадзьпг хъæуы ёгъау тиражæй. Тынг аив уацмыс у, нæ дуджы тыххæй — историон фоныл. Стрелкова И., прозаик: Æгъуызары-фырты роман, æцæгæйдæр, арф æмæ лæмбынæг куыст у. Ист дзы цæуы иу адæймаджы цард. Роман фыст у классикон формæйы, роман-хъысмæт иу сæйраг хъайтаримæ, истори æмæ дзы адæмы цардыуаг æвдыст цæуы. у ’ ^авæр афтæ у, æмæ алы фыссæгыл дæр ис хæс æвæрд —национ куль-- трæ, национ удыхъæд æргом кæнын. Уый æвдисы Æхсарбег дæр, фæлсе 12В»
классикон формæйы арæнтæй нæ хизы. Дунеон культурæйиГ ныр дæр ис ацы романы формæ,— ныгæнын нæ бакуымдта. Автор йæ сæйраг хæс сæх- хæст кодта, кæд классикон формæйы традицитæй нæ фæивгъуыдта, уæддæр. Роман кæсгæйæ бирæ базыдтон Ирыстоны, йæ^адæмы æгъдæуттæ æмæ ахастдзинæдты тыххæй. Национ æууæлтæ дзы бæрæг дарынц, суанг, адæм кæрæдзимæ куыд дзурынц, уымæй дæр. Америкмæ ис Хэмингуэй. Æмæ уый Фолкнерау йæ размæ ахæм нысан не ’вæрдта, ома Америчы фыссæг суон, йæ романты Европæйы æууæлтæй дзæвгар ис. Ахæм дæнцæгтæ нæхи советон литературæйы дæр ис. Зæгъæм, 'Чингиз Айтматов. Киргизи æмæ Джамиляйы мæрæй’ фæиппæрд. Дзæгъæлы пæ уыдаид-уый. Бирæ национ фысджытæ ацæуынц ацы фæндагыл. Уымæн æмæ фенкъарынц, æрмæст йæхи адæмæн кæй нæ фыссынц, уый. Рæстæджы домæи ахæм у, æмæ фыссæг, чысыл адæмы минæвар куы уа, уæддæр хъуа- мæ æрлæууа æппæтцæдисон, æппæтдунеон аудиторийы раз. Æппæт дуиейы дæр уæлдай цымыдисæй кæсынц чысыл адæмты литературæ. Æрæджы уы- дыстæм Америчы, немæ уыдис Хæххон Алтайы фыссæг Бронтой Бедюров. Америкæгты фæндыд базонын ацы адæмы литературæйы хицæндзинæдты тыххæй, стæй классикон формæтæм цы ивддзинæдтæ’ бахæссæн ис чысыл литературæты фæрцы, уыдæттæ. * Æхсар архайгæ дæр нæ кодта классикон формæйæ рахизыныл. Æмæ раст бакодта. Чиныг фыст у 70-æм, азты, æмæ дзы стыр тохы бацыдис. Ахсджиаг хъуыдытæ дзы- загъта йæ адæмæн. Куыд кастæуыдис чиныг, уый нæ зонын, фæлæ полемикæ æмæ быцæутæ кæй расайдтаид, уый бæлвырд у. Хъуылаты Хъазыбег, филологон наукæты доктор. Мæ ныхас уыдзæн ро- ман «Куырды фырты» фæдыл. Æнæзонгæ мын не сты, автор романы цæй тыххæй фыссы, уыдæттæ, Мурат партократийы ныхмæ цы тохы бацыд, уый дæр. Мураты фæлгонцы фенæн ис фыссæгæн йæхи. Афтæ зæгъынц, заегъгæ, дам, романы национ варианты иттæг аив ны- вæст у Тæгæрдоны фæлгонц. Доллективизацийы рæстæг, колхоз1 раззагдæр- ты æмрæнхъ куыд æрлæууыд, адæм цардхуыз куыд фесты, уыдæттæ на- цион варианты тынг хорз’ лæвæрд сты, уыррыссагау та ацы нывтæй цавæр- дæр агиткæ рауад. Дарддæр загътой, зæпьгæ, хæсты. фыццаг бонты нæлгоймæгтæ иууыл- дæр фронтмæ ацыдысты. Фæлæ романы сæйрагдæр цы у, уый’рохуаты аз- зад — героикон зондахаст. Фыццаджыдæр, æвдыст цæуы, фондз фырты кæ- мæй фæхъуыд, уыцы Ауызбийы монологтæ æмæ диалогты. 70-æм азты ро- мантæн характерон уыдысты æгæр бирæ цæссыгтæчæмæ æгæр æргом идео- логизаци, фæла& Æхсарбег та бæрцзонгæйæ æвдисы хъайтарты уæззау æн- къарæнтæ æмæ сагъæстæ. Хъайтарон зондахасты тыххæй ма. Советон Æфсадимæ абаргæйæ пад- &захы æфсады ирон инæлартæ фылдæр уыди. Зæгъæм, Хораны-фырт, Хаба- лы-фырт, Гайтты-фырт, Дзугайы-фырт—1812 азы , хæсты хъайтар. Ирон хъайтарон зондахастæн ис генетикон уидæгтæ. Ацы хатдзæгæй ифтæ зæгъинаг нæ дæн, æмæ ирæтты ’хсæн гадзраха- тæйцæуджытæ нæ уыд. Искариоты хуызæттæ федтат Дзæрæхмæт æмæ де- зертир Азаибеджы фæлгонцты. Азанбеджы фæлгонц колоритондæр у. Ахæс- тонæй куы рацыд мидцоппайы дуджы, уæд дзы рауад сæудæджергæнæг. Схонæн æй ис йæ рæстæджы хъайтар. " Æркæсут-ма/Бексолтаны фæлгонц та куыд дæсны конд у. Йæ карьерæ 129
’райдыдта Мидхъуыддæгты комиссарды ’ кусгæйæ, фроптовик Геор- .гийыл хæхуыртæй нымыгъдæн. Уый фæстæ сайдта паддзахады. Афтæмæй ..йын аргъ кæны обкомы 1-аг секретарь Амырхан. Бексолтан æгæр барджын кæсы 4æхимæ. Фенамонд кодта 16-аздзыд Кларæйы, гадзрахатæй рацыд Муратыл. Æнаккаг митæ йын бирæ бантыст. . Иттæг хорз^ скодта, автор мидцоппайы л,уджы фæлгонцты галерея. Уы- донæй у Пугач, уæздан Мураты рог бинойнаджы - лæвæрттæй æлхæнынмæ чи хъавы; барджын ныхас йæ бон зæгъын кæмæн нæу, уыцы Амырхая; ’тресты хицау Дзантемьцр. Уыцы цъымарайы Мурат *>дæр æмæ обкомы секре- тарь Алыксандр дæр бæхъахъæдтой сæ цæсгомы сыгъдæгдзинад. . Романы хорздзинад уый у, æмæ дзы æвдыст цæуы уæды рæстæджы ’нæ партийы хицæутты дегродацийы процесс. Тынг хорз сныв кодта автор пар- тион кусджыты фæлгонцтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, хорзыл банымайæн, кæмæн нæй, ахæм бынæттæ дæр романы бирæ ис.. Æгæр дзы ис официалон информаци Ленин æмæ Сталины тыххæй, партийы ЦК-йы пленумтæ, бюроты æмбырдтæ. Фæлæ Æгъуызары-фырты роман бæрæг дары уымæй, æмæ дзы Æвæрд сты нæ дуджы æхсæнадон проблемæтæ. Мæскуыйы рацæуа, уый аккаг у. Поэт Балаты Темболы æмбырдгонд «Горы родимые» — у сагъæсты хат- .дзæг, царды нысан æмæ адæмыл. Власенкоимæ разы нæ дæн. Йæ ныхæстæ мын æрхъуыды кæиыи кодтой 60-æм азтæ, Темболы иувæрсыгдзинад æмæ классикон формæты тыххæй куы критикæ кодтой, уæды заман. ’Фæнды мээ зæгъын Темболы тыххæй. Бæллиццæгтæй нæу йæ хъысмæт: царды судзаг -фæндæгтыл фæ^цыд, -25-аздзыд курдиатжын, хъæбулы баныгæдта. Фæлæ) йæ поэзи уæддæр оптимистон æмæ> цинхæссæг у. Тембол йæ райгуырæн бæстæ, йæ, хæхтыл афтæ дзуры, æмæ зæрдæмæ арф хизынц йæ æмдзæвгæтæ. Зæ- гъæм, æмдзæвгæ «Горы родимые»-йы æз федтон поэтæн йæхи сурæт. Тем- бол йæ уаргъы бын нæ ныггуыбыр, нæ асаст, нæ ивы йæ интонаци æмæ йæ, позици. Иæ поэзи азтимæ кæны арфдæр æмæ бæркадджындæр. Поэт йæ сагъæстæ кæны ’ хæхтæн, Хæхты вæййы тыхджындæр, хæхты йæ зынтæ ферох вæййынц, æнхъæлмæ кæсы бонивайæимæ, хуры скастмæ. Темболы æмдзæзгæты сæйраг миниуæг у фæлмæндзинад, адæммæ зæрдæ- ^сæлар æмæ уарзондзинад. Æмдзæвгæ «0 мæ хъысмæт»-ы фыссы: Фестын кæн мæн хæлц, æххормаг заман Адджынæн куыд хæрой мæн æмбойны., Фестын кæн мæн дон, куыд уон байтаман, Дойнытæн куыд сæттон æз сæ дойны. Музыкæйау зæлынц ацы рæнхъытæ. Уый тыххæй нæ дæн разы иррн оп- ттонеиттимæ, Темболы арæх чн критикæ кодта, уыдонимæ. Темболæн ирон литературæйы ис йæхи поэтикон дуне. Ахæм диссаджы æндæхтæй уæфт поэтнкоп нывтæ зын ссарæн сты ныры литературæйы. Поэт комкоммæ нæ дзуры ныры дуджы политикон æмæ миддуунейы проблемæтыл, фæлæ ацы фарстытæ вæййынц йæ монологты. Фæнды мæ, цæмæй Темболы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Горы родимые^ рацæуа Мæскуыйы. Æнæмæнг.
ИРОН АДÆМ! Сымахмæ у нæ ныхас. Не ’езаг, нæ ис- тори, не ’гъдæуттæ, нæ литературæ (цыбыр дзырдæй НÆ ДЗЫЛЛÆЙЫ ФАРН) зынаргъ кæмæн сты, уыдон сæ- хи фæстæмæ ма аласæнт. Æмхуызонæй рафыссæм журнал «Мах дуг» 1992 азæн! Ф. СП-1 Министерство связи СССР «Союзпечать» АБОНЕМЕНТна __ ’ 7324 журнал (индекс издания), МАХ ДУГ Количества комплектов на 1992 год по месяцам: 1 | 2| 3| 4| 5 |б| 7 | 8 | 9 | Ю'| 11 | 12 Куда (почтовый индекс) (адрес) Кому (фамилия, инициалы) ПВ ли- тер ДОСТАВОЧНАЯ КАРТОЧКА на журнал 73247 (индекс издания} МАХ ДУГ Стои- мость подпнскн переадре- совки -РУб. коп; руб. коп, Количество комплектов на 1992 год по месяцам: 1 | 2 1 3 | 4 1 5 1 6 \ 7 | 8 |9 | Ю | 11 | 12 Куда (почтовый индекс) (адрес) Кому в : .. -> ... ^и^« Ь} (фамилия, иижциалы)
ПРОВЕРЬТЕ ПРАВИЛЬНОСТЬ ОФОРМЛЕНИЯ АБОНЕМЕНТА! На абонементе должен быть лроставлен оттиск кассовой машины. При оформлении подписки (переадресовки) без кассовой машины ша абонементе проставляется оттиск календарного штемпёля отделения связи. В этом случае абонемент выда- ется подписчику с квитанцией об оплате стоимости подпис- ки (переадресовки). Для оформления подлиски на газету или журнал, а так- же для переадресования издания блалк абонента с доста- вочной карточкой заполняется подписчиком чернилами, разборчицо, без сокращений, в соответствии ’ с условиями, излюженными в каталогах Союзпечади. Заполнение месячных клеток при переадресовании изда- лия, а также клетк^г «ПВ—ЖЕСТО» производится работника- жи предприятий связи и Союзпечати.
ДЗИУАТЫ БАТРАДЗ. Хазбийы фын.