Text
                    Кокойты Гиуæргнйы ,фырт Хазби, Дменисы хъæуккаг, райгуырд 1942
ала 1970 азы каст фæци Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыр-
гæнæндон æмæ 1976 азы та Тбилисы нывгæнæн академийы графикæйы
факультет. У ССР Цæдисы Нывгæнджыты цæдисы уæнг.
«Фидиуæджы» ацы номыры йын цы нывтæ мыхуыр кæнæм, уыдон
ист сты «Аланты» серийæ


шщ АИВ-ЛИТЕРАТУРОН ÆМÆ ÆХСÆНАДОН-ПОЛИТИКОН ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ ГССР ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ХАЙАДЫ ОРГАН ИЮЛЬ ЖУРНАЛ ЦÆУЫ 1927 АЗЫ ЯНВАРÆЙ ИОМЫРЫ ИС ГУГКАТЫ ШАМИЛ — Хъæууат (радзырд) 3 ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗ — Æмдзæвгæтæ 14 БЯЗЫРТЫ РОЛАНД — Æрдæг радзырд 18 ЦХУЫРБАТЫ ИВАН — Æмдзæвгæтæ 25 ФÆРНИАТЫ ДЗИБУШ — Джемпр (радзырд) . .29 УАНЕТЫ ВАЛЕРИ — Дзебо æмæ Дзебысон (радзырд) 31 ЛИТЕРАТУРÆЙЫ МЕРИДИАНТÆ КОЛЬЦОВ АЛЕКСЕЙ — Æмдзæвгæтæ ... .33 ШУКШИН ВАСИЛИ — КЪÆРЦЦОЙ (радзырд) ... 37 НÆ ЧЫСЫЛ ХУРТÆН ХАРЕБАТЫ ЛЕОНИД — Балонкæ (чысыл ныв цæрæгойты цардæй) . . ... 44 ДЖИОТЫ ДЖЕТÆ — Уазджытæ (аргъау) 45 АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД Царциаты таурæгътæ (дарддæр) ... .47 ОЧЕРКТÆ ГАГЛОЙТЫ ВЛАДИМИР — Æдзæрæг уæзгуытæ (фыссæджы сагъæстæ) . ... .54 КЪОСТА — 130 МАМИТЫ ГИГА — Къоста поэт æмæ поэзийы тыххæй . 71 КРИТИКÆ ÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ БУЛКЪАТЫ МИХАЛ — Цырагъ дымгæмæ алыхатт нæ ахуыссы 75 ПЛИТЫ ЖАННÆ— Ирон хъайтарон зарæджы генезисы тыххæй 78 ЦХУЫРБАТЫ ЗЕЛИМ — Ирон нарты эпосы космогони 82 ГАБОДЗЕ МАРИНА — Тамерланы фæлгонц кавказаг адæмты фольклоры ... 87 ТУГЪАНТЫ ЭНВЕР — Таурæгъ куйдзыхтыл .90 ХЪУЫДЫТÆ, САГЪÆСТÆ, ФÆНДИЙÆГТÆ ДЗУЦЦАТЫ ДМИТРИ — Не ’взаг: йæ фарон, йæ абон æмæ йæ фидæн .... 92 Журнал «Фидиуæджы» редакцимæ ... 94 Юмор æмæ сатирæ 96
* йд й уА г ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ ЛИТЕРАТУРНО-ХУДОЖЕСТВЕННЫЙ И ОБЩЕСТВЕННО-ПОЛИТИЧЕСКИИ ЖУРНАЛ Оргам Юго-Осетинского отделсння Союза пнсателей Грузмш зспзос^æзМАб егобо^етб’зсг-аьйбЗб’зсго <$б ьбш&б^саз&боз-зсособо • ^*о ^^з’ВоАоЬ ЬаЭЬЛдсп <пЬда>оЬ 0аБзспфортпдооЬ <пА0а6сп шммвммФомто СÆИРАГ РЕДАКТОР ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР РЕДАКЦИОН КОЛЛЕГИ. ГÆБУЛТЫ МЕЛИТОН ДЖУСОЙТЫ НАФИ ДЗУЦЦАТЫ ХАДЗЫ-МУРАТ МÆРГЪИТЫ КЪОСТА ПУХАТЫ АЛЫКСАНДР (бæрнон нымæрдар) ХАРЕБАТЫ ЛЕОНИД РЕДАКТОРТÆ: БАХЪАТЫ НУГЗАР ГУЫЦМÆЗТЫ АЛЕШ ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН Корректор Болататы Ленæ Журмал «Фидиуæджы> фæлындзыны хъуыддаджы техникон æмæ полиграфиок къуыхцытæ æмæ згъуыдты тыххæй дзуапп дæтты типографи. Иу мыхуырон сыфæй къаддæр уацмыс редакци фæстæмæ нæ дæтты. Сдано в набор 20. VI. 1989. Подписано к печати 1. VII. 1989. Учетно-изд. л. 6 9 Формат бумаги 70x108716. Печатных листов 8,4. Заказ типографии №1184 ЭТ 00104. Тираж 4627 экз. Адрес редакции: г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Тел.: 2-22-65, 2-22-60.
ГУГКАтЫ ШАМЙЛ ХЪÆУУАТ Радзырд Æрхы тæккæ фарсмæ, уæлвæзы, рагон гæнахы систæ дæр нал зын- дысты хæмпæлæй. Æниу цалынмæ хъæубæсты адæм сæ тæккæ цардыл уыдысты, уæддæр сæ гæнахы ницы- уалхъуыддаг уыд æмæ баззад рох- уаты, æрмæст ма лæууыд æмæ дар- дыл фæлгæсыд фыдæлтыккон мæ- сыг фисынкалдæй. Лæугæ бæргæ кодта, йæ кæддæры кад æмæ хъæд- гæмттæй сæрыстыр уæвгæйæ, фæ- лæ, таурæгътæ кæнынæй бафæлла- йæгау, бандзыг йæ мидбынаты æмæ нæ дæр цæстæй каст, нæ дæр йæ бон дзурын уыд, бакъуырма, йæ дæлвæдджи уæзгуытæй фæздæг куы- нæуал скалд, царды бæрджытæ сæ куы бамыр сты, уæдæй фæстæмæ. Зымæгон ын йæ хъуына фæрстæ хо- йынц карз тымыгътæ, къæвда рæ- стæджы та йæ тигътыл, цæссыгау, лæсæнтæ кæнынц доны суадæттæ. Хур бон дæр вæййы æрхæндæг, æвæццæгæн æм нæ хъары хуры тынты узæлд, мæргъты цъыбар- цъыбур, æрдзы рæвдаугæ комулæфт æмæ лæууы æфхæрдгъуызæй. Фæ- лæ уæддæр лæууы, нæ цуды æмæ зыны дардмæ. Иæ сæрмæ зилы хæх- хон цæргæс, хатт цъæх арвы риуыл нындзыг вæййы, афтæмæй йæ дард- •мæ уынæг цæстытæй ныккæсы, цал- дæр азы фæздæг кæмæй нал скалд, уыцы хъæууаты хæдзары хæлдты- тæм æмæ та, ленкгæнæгау, йæхи айсы зымбадæн къæдзæхты ’рдæм. Мæсыджы уæлæ уалдзæг дзылытæ æмæ æндæр къаннæг мæргътæ са- разынц ахстæттæ, сæ мыггаг бирæ * кæныны тыххæй сын æрдз цы хæр- зиуджытæ балæвар кодта, уымæ гæсгæ, фæлæ та сын сæ фæззæджы æмæ зымæджы ныххæлæттаг кæ- нынц дымгæтæ. Рæстæгæй-рæстæг- мæ сычъиты дзуг æрцæуы æрхмæ, дон нуазынмæ, æмæ та уæд кæрæ- дзи фенынц æнусты цыртдзæвæн æмæ зæххон цæрæгойтæ. Афтæмæй азæй-азмæ бæзджын кæны, мæсы- джы кар бæрæггæнæг, цъæх хъуы- на. Мæсыг кæддæр йæ алыварс цы бæстыхæйттæн дзьгрдта йæ тау- рæгътæ, уыдонæй дæр бирæтьг къул- тæ фесты хæмпæлы бын. Ахæм хæмпæл æрзайы æрмæстдæр хъæу- уаты. Нал дзы уынг бæрæг вæй- йы, нал — сых, нал — æмбонд æмæ арæнтæ. Уыцы хуызы йæм чи нæ бафтыд, йæхи цæстæй йæ чи нæ федта, æгæрстæмæй, хур бон дæр, уый, æвæццæгæн, нæ бауырндзысты мæ ныхæстæ, фæлæ дзы æрымысæг- гагæй мисхалмæ дæр ма фехсайæд зæрдæ. Адто бæргæ тындзыдта, фæлæ сæ хъæумæ къахырæй куы бакаст, уæд йæ цыд фæсабыр, хъæугæрон æр- лæууыд æмæ байхъуыста йæхи зæр- дæйы куыстмæ. Алфæмблай йæм каст æгуыппæг, æдзæрæг, кæд цъырцъырджыты хъыррыст æмæ мæргъты цъыбар-цъыбур хъуысти, уæддæр. Лæг цæуы зивæггæнгæ, бæргæ йæм зын каст хъæуы арæн- тæй бахизын, фæлæ раздæхын йæ сæрмæ нæ бахаста, нæ йæ бауыр- ныдта æххæст, ахæм зæрдæйы уаг æм кæй сæвзæрд, уый. Кæддæр цард кæм тæлфыд, кæм райгуырд, йæ цæрджыты стырæй-чысылæй кæ- мæн зыдта, куывдтæ æмæ чындзæх- сæвтимæ йæ цард кæм æрвыста, уазæгæн нæртон фысымы лæггад кæм кодта, уый йæм каст фын-фе- нæгау, æнахуыр æмæ тæссаг. Цал- дæр азы æдзæрæг хæдзæрттæй чи кæлæддзаг у, чи — зылынтæ, чи — хæлд, кæмæн та дзы йæ ныв дæр рæстмæ нал зынди. Ранæй-рæтты зындысты кауы михтæ, дурæйамад æмбæндтæ, æнæдуар, æнæрудзынг къултæ, къæйдурæйарæзт асинтæ, дурдзæджындзтæ. Азæй-азмæ сыл хылди хæмпæлгæрдæг, фæлæ та-иу æй мит æрнадта æмæ хъæуы бæр- джытæй бирæтæ нæ бакуымдтой æмбæхсын, фæлæ уæддæр уыдысты куырм æмæ къуырмайы хуызæч, 3
раст цыма кæддæры нæргæ цæрæн- уаты тугдадзин сысгæ бакодта, уыйау. Адтойы цæстытæ андæгъдысты къаннæг сырхсæр маргъыл. Уый бадт калцæг кауы михыл, æдас уыд, исчи йæ бахъыгдара, уымæй. Лæг йæ цæстытæ цалдæр хатты ах- гæдта æмæ та æдзынæг ныккаст маргъмæ. Чысыл цыма йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, фæныфсджын æмæ хъæуы астæуты нал, срæлæ йæ иу- вæрсты- фæраст къуылдымырдæм, æрлæууыд мæсыгмæ дæрддзæфго- мау æмæ уырдыгæй фæлгæсыд дæ- лæмæ. Уырдыгæй йæм дзæбæх зын- дысты хъæууат, комбæстæ, хъугом, сæрвæттæ. Иудзæвгар фæлæууыд, стæй йæ зæрдæ бынтон йе ’муд куы ’рцыд, уæд æрбадт цъæнуты губак- кыл. Чысыл раздæр кауы михыл бадгæ цы рæсугъд маргъы федта, раст ахæм, фæкъæрт алгъуызон хъæлæсæй зарынмæ. Адто ма йыл дис дæр бакодта, уый бæрц тых æм кæцæй разынд, уый бæрц уæлдæф дзы заргæйæ кæм бацæуы, уый тых- хæй; йæ зæрдæ бахъæлдзæг, йæ мидбылты бахудт æмæ дзы йæ цæ- стытæ нал фæиппæрд сты, цалын- мæ атахт, уæдмæ. Афтæ йæм фæ- каст, цыма ныр иунæг нал у ацы хъæууаты, фæлæ - дзы фæзынй, чи йыл баузæла, чи йыл бацин кæна, ахæм фысымтæ. Адто цæстæй агуырдта, рæстмæ чинæуал зынд, уыцы хæдзæртты дæр. Иæхи хæдзары æмбæрзæн хъуаримæ æвнæлд нæ уыд, фæлæ базæронд, ныссау, цалдæр раны фæцис цæрдхуынчъытæ. Дæргъæй- дæргъмæ скъæты сыджытдзарыл баззад цалдæр азы кæрдæг æмæ зынд æнæкарст нæууы гæппæлы хуызæн. Лæджы цæстЫты раз ца- дæггай тæлфын райдыдтой сæ хъæ- уы царды нывтæ. Раздæр уыдысты иууылдæр тъæпæнсæр агъуыстытæ, кæрæдзийæ бирæ ницæмæй хицæн кодтой, фæлæ дзы фæстагмæ фæ- зынд хъуарисæртæ дæр. Мæнæ ма, зæгъгæ, адæмæн сæ райгуырæн уæз- гуытæм уарзондзинады æнкъарæн- гыл рæстæджы уазал комулæфт нæ бакалд иу-цалдæр азы, уæд алчи дæр йæ зæронд агъуыст раивтаид ногæй æмæ æрбæстон уыдаиккой сæ царды фæндтæ дæр. Зымæджы дыууæ бонæй дарддæр дзы хъаст дæр ничй кодта царды уавæртæй. Сæ бакомкоммæ, уæртæ уыцы къуылдымыл, кувæндон уыд. Адæй- маг ма уæдæ уымæй дзæбæхдæр æмæ райдзастдæр кæм хъуамæ яб^. да. Адто йæ худ йæ сæрæй куыд’ систа, уый нæ фæхатыд. Бирæ уарз- та уырдæм куывды цæуын. Уæдæ- иу дзы куыннæ уыд хæрд, нозт, фæ- лæ дзы лæджы фырт нырма никуы фæрасыг. Цъæх нæууыл бадынæй куы бафæлмæцай, уæд дзы дæхи чердæм аирхæфсай, уый нæй æви цы. Чысыл фалдæр уазал, цæсты- сыджы хуызæн сыгъдæг суадон, адæймаг дзы нуазынæй нæ бафсæд- дзæн, хæрзад æмæ тайæн, æниу, къæдзæхы фастæй чи æнхъизы, уы- цы суар, бирæтæ йæм бахæлæг кæ- нынц катæйттæгæнгæ, ома, ахæм дзæгъæл ран æнæхъуаджы цæмæн сæфы æвдадзы хосы хуызæн æр- дзы хæзна. Цæугæдоны фаллаг фарс наз æмæ нæзы хъæд, бæрз. Куыд сæ ныууагъта, афтæмæй лæу- уыдысты, кæй зæгъын æй хъæуы, уæдæй нырмæ тала дæр рæзы, фæ- лæ йæм уыдон дардмæ нæ зынды- сты, æрмæст стыр мит нæзы бæлæ-7" стæй бирæ афæлдæхта, уæлдайдæр, æмуырдыг æмæ хуырбынæтты чи зади, уыдонæй. Комбæсты æрдзон бынæттæн ис, адæмы ’хсæн чи баз- зад, ахæм нæмттæ. Адто сыл йæ цæст хаста æмæ сæ нымадта, хъуы- ды ма сæ кæны æви нæ, уый бæ- рæггæнæг. Алцы дæр дзы йæ зæр- дыл мæлæты хорз бадардта, никуы ферхæцыд. Алы ном дæр ын хаста цахæмдæр æхцондзинад æмæ-иу æй йæ мид-зæрдæйы, сфæлхатт кодта цалдæр хатты, куы та æргомæй дæр. Кæй никуы ферхæцыд, уый тыххæй фæбузныг йæхицæй æмæ та йæ цæстытæ, йæ хъуыдытæ æрыздæхтысты хъæумæ. Хæхбæсты * цыдæриддæр куыстытæ ис, амы хуызæн æнцонвадат никуы сты. Хуымгæнд хъæуы тæккæ фарсмæ. ’ Дæ аходæн хъæуы бахæр æмæ та дæ куыстмæ аздæх. Сыхаг хъæуты цæрджытæ йын хæлæггæнгæ, феп- пæлынц йæ хосгæрстæй. Æмткæй æрдзы равæрд нывгæнæгæн — цæт- тæ хæзна, йæхæдæг цардæгас фан- тази. Æниу ын æвæдза йæхицæй аивдæр нæй ныннывгæнæн дæр. Сы- хаг хъæутæй йæм иуæй-иутæ дзæ- бæх зындысты. Иуæн дзы йæ тæк- 4
кæ астæу лæууыд уæзласæн маши- нæ. Хæрз æрæджы йæм арæзт æр- цыд фæндаг æмæ ма йæ цæрджы- тæй чи баззад, уыдонæй уæдæй фæ- стæмæ цом ничиуал загъта. Судзы сæм электроны рухс дæр. «Ахæм фадæттæ мæ рæстæджы куы уыда- иккой, уæд та кæдæм мæрттæм хауттæн», — мæстæйдзагæй йæ сæр банкъуыста Адто æмæ йæ фарсмæ цы бæрзонд хæтæл лæууыд, уымæ февнæлдта æмæ йæ сыскъуыдта бындзарæй. Адто бады хъæуы сæрмæ цъæну- ты губаккыл æмæ нал сæрибар код- та йæ мысинæгты уацарæй. Хаттæй- хатт йæ бæзджын сау æрфгуытæ æрфæлдæхынц гæзæмæ даргъæл- вæст стыр донгъуыз цæстытыл æмæ уæд маст, æви фæсмоны æнкъарæн аивы цæсгомы хуыз. Фæлæ иугæр уадулты хæцъæфтæ схъазыдысты хурсыгъд цармы бын, къухты ставдгомау æнгуылдзты ’хсæн ба- хауд хæтæл кæнæ цъæнутгæрдæджы хал, уæд уый зон, æмæ йæ тæмæ- ны бацыд мид-зæрдæйы тох. Фæстаг хатт ма зиуы куы карста, уæд уæ- лæ уыцы уыгæрдæны тæккæ цъуп- пæй ракаст раст аходæнафон. Ныр- тæккæ йæм афтæ каст, цыма йæ уырдæм тæсчъы дæр ничиуал схæс- дзæн. Уæд иу уисæн цыппар хос- дзауы рахизын кодта. Æниу æй цæвæг дæр арæзта, æндæра дзы уымæй тъæпæндæр лæппутæ та куыннæ уыд. Фосæн та сæ фыййау цæуын дæр никуы бахъуыд. Рай- сом раджы сæ хъæуæй ахизын кæн æмæ дæм изæры сæхæдæг фырæф- сæстæй, лæф-лæфгæнгæ, æрцæудзы- сты. «Ехх, æвæдза, иууылдæр нæ- хи аххос уыд, нæ базыдтам цæ- рын, — лæджы къухты цы кæрдæ- джы хæлдтæ æмæ хæтæлты скъуыд- тæ ныммур сты, уыдон фехста æмæ фыццаг йæхи уæлгоммæ ауагъта, стæй æрзылд йæ рахис фарсыл, рæмбыны къæдз зæхмæ фæбыцæу, æмæ, армы тъæпæныл уадул авæр- гæйæ, каст йæ алфæмблай зонгæ æрдзы æвæрдмæ. — Цуанон, дам, цы хох нæ басгара, уый сырдджын фæхоны. Афтæ нæм каст, цыма искуы уидыгæй хæргæ у. Уый ма зонай, æмæ дзы алы ран дæр ку- сын хъæуы, хид калын», — йæхи- имæ ныхасгæнæгау дзырдта Адто уайдзæфтæгæнгæ, æмæ ацы хатт цъæнутæй цы хал ратыдта, уый уайтагъд фæмидæг дæндæгты ’хсæн æмæ гæппæлгай схъиудтой йæ лыг- гæгтæ дзыхæй. «Ныры хуызæн, зæгъгæ, базайрагæн аргъ уыд, уæд ма дæ уæдæ æндæр хæрзиуæг цы хъуыди, фæлæ... Йæ цæрæнбонтн фос чи нæ федта, уый дæр-иу адæй- магæн зондамоныныл схæцыд, мæ- нæ афтæ бакæн, мæнæ афтæ сараз. зæгъгæ. Сæ хъæуы ацæргæтæй ал- чи дæр фылдæр зыдта цыфæнды аграномæй. Хуым кæнынмæ кæд ацæуын хъæуы, кæцы зæххытæ сты раздæр хуымкæнинаг, байтауын сæ кæд хъæуы, адæгæй ласын, æмæ нæ мæнг кодта сæ хсчры æрзад. Уæд- мæ дзы фæзынд æндæр зондамон- джытæ, æмæ бæркад цыдæр фæ- цис, раст æй цыма хæйрæджытæ фæхастой. Фæстаг хатт Адтоты хæ- дзары цы дыууæ галы уыд, уыдон хуызæн дзы нырма йе скъæтæй ни- куы ничи рауагъта. Зыдтой сæ æнæ- хъæн комбæсты цæрджытæ дæр. Чи нæ сæм батæхуды кодтаид, ахæм нæ уыд, сæ ас, сæ бакаст дæр уыдысты цасдæры аргъ. Иннæ ахæм æхсырдæттæг фос. Цыхт æмæ цар- вæн æфснайæн дæр нæ уыд. Сæр- дыгон хизæнты колхозы урссагæй къаддæр нæ уыд цæрджытæн сæхи фæллой. Адто цæрдæг фестад, йæ зæрдæ уыд хъæуы астæуты азилын, фæ- лæ та йæ ныфс нæ бахаста, æви æндæр (Ьæндтыл фæхæст æмæ раз- дæхтис фæстæмæ. Дыккаг бон, æртæх æххæст нæ- ма бахус, афтæ та Адто бахæццæ хъæууатмæ цæвæг æмæ хъæсдарæ- джимæ. Знон цы къуылдымыл бадт, уырдæм æй бахастой йæ зæрдæ, йæ къæхтæ æмæ чысыл йæ фæллад суагъта, цæвæджы ком хъæсдарæ- гьтл рарæстытæ кодта, йæ фæрстыл ын асæрфтытæ кодта цыргъгæнæн æмæ райдыдта кæрдын. Уыцы бæр- зонд хæмпæлгæрдæг куы афæрсыл- тæ, уæд чысылгай разындысты уынгтæ, хъæуы бæрджытæ, фæрай- дзастдæр лæцжы зæрдæ, фæныфс- джын. æмæ йе ’нгуылдзты ’хсæн тынгдæр æрбалхъывта цæвæджы хъæд. Кæрды Адто. Хатт йæ цæвæг сны- дзæвы дурыл, куы та йæ бырЫйкъ фæсæдзы зæронд æмбонды* æмæ уæд куыст цасдæр б&къуылымпы 5
вæййы. Цæуы размæ Адто. Кæрды æрмæстдæр, хъæуы астæуты цы сæйраг уынг уыдис, ууыл. Зæххы цъар кæм фæзыны, уырдыгæй йæм сдзурынæввонг вæййы хионы хъæ- лæс. Разындысты ныхасы бадæн хъæд æмæ дуртæ. Адтойы зæрдæ йæхи риуы къултыл бахоста. Иæ цæстытыл ауадысты, арæхдæр дзы чи бадт, уыцы ацæргæ лæгтæ. Аф- тæ йæм фæкаст, цыма та сæм ныр дæр æнхъæлмæ кæсынц сæ бадæн- тæ, фæлæ хъæды бутъройы згъæ- лæнтæм куы ’ркаст, дуртыл дымгæ цы сыджыт февæрдта, ууыл йæ цæ- стытæ куы андæгъдысты, уæд йæ зæрдæ бауынгæг æмæ цæвæгхъæ- ды æнцой лæугæйæ баззад, нал æй (Ьæндыд кусын, фæлæ ма уæддæр бахæццæ йæхи хæдзары дурын сис- мæ. дурын асины онг. Уайтагъд ба- зыдта йæхи æвæрд къæйтæ. Уыдон æндæохуызон дæр нæ баисты, нæ сын батых кодтой къæвдатæ, мит æмæ тымыгъ. Дзæбуджы цæгатæй йæ ном æмæ йæ мыггаджы фыццаг дамгъæтæ. кæуыл ныффыста, уыцы дур разынд. Адтойы æнгуылдзтæ йыл сæхи расæрфтой, зыр-зыргæн- гæ. Ныр æм хъæу æдзæоæг нал каст. Цыма йе уæнгты баст ’фе- уæгъл, йæ хъаоу сЬæбылдæр бына- ты хицауы ныфсæй, уыйау та бав нæлдта кæрдынмæ. Хæдзары дуа оы онг бæргæ бахæццæ, къухæй йæм бавналинаг бæргæ уыд, фæ- лæ йыл цавæрдæр тых фæхæцыд æмæ (Ьергъуыйау. Уæддæр ма иу цæстæй бакаст мидæмæ дуары зыхъхъыоæй æмæ уæд раздæхт æо- хæндæг зæрдæйæ, нæ дзы федта æппындæр цаоды бæрджытæ. Уыны рæстæджы Адтойы хъустыл а^агт машинæйы уынæо æмæ фе- стъæлгЬыд, кæд йæхæдæг сыхаг " хъæумæ машинæйы бацыд, уæд- дæо. Уайтагъд æрбайсæфт, чысыл раздæр æй алы ’рдыгæй цы адрхæн- дæг æмæ æнæзонгæ тых æрбалвæс- та, уьтй. Машинæ кæд æххæст ацы хъæ^уатьт онг нæ хæццæ кодта, уæд^æо йемæ ласта царды ныфсы- тæ. Биоæ (Ьæрогдæр сты, комбæсты ма цæргæйæ чи баззад, фæстæмæ цæрынмæ чи æоыздæхт, уыдон цао- ды уавæртæ. Хосæй йæ байдзаг кæн æмæ йæ балас дæ тæккæ хæ- дзарьт фарсмæ. Суг дæр ыл æрба- лас. Дæ зымæджы мæтæй дæ фер- вæзын кæндзæн æмæ ма дæ уымæй хæрзиуæгдæр цы хъæуы. Фæндаг йæ мад амæла, фæндаг, æмбал ын нæй, æнæуи адæймаг бирæ хатт баззайы бастау йæ хъуыдытæ æмæ йæ бæллицтимæ. Фæндаг кæдæм цæуы, цард дæр уым тæлфы. Уæдæ ма ацы хъæумæ æдæрсгæ уæрдон дæр тылдаид, кæддæра йæ цæр- джытæй исчи «цон», зæгъгæ, загъ- таид. Райгуырæн уæзæгæй фæли- дзын æнцон мыййаг нæу, цыфæнды зын уавæртæ дзы куы уа, уæддæр. Æниу скъуынын та кæд акуымт- той. Уæд Адтойæ дæрферох уыда- ид йæ фыдыуæзæг æмæ ныр мæ- нæ, сæ дурын асины сæр лæугæйæ, æнкъард сагъæсты уæзæй нæ ри- зиккой йæ уæрджытæ, йе уæнгтæ, йæ хъæубæсты царды нывтæ йæ нæ батыхтаиккой фæсмоны хызы. Машинæ куыд æввахсдæр кодта, асЬтæ йæ маторы нæрын тынгдæр арыдта кæмттæ, цыма æгомыг хæх- тæ сæ фынæйæ райхъал сты, уыйау бæрзондæй ныллæгмæ кастысты джихæй. Уæдмæ машинæ дæр ба- уæццæ сыхаг хъæумæ æмæ æрлæу- уьтд йæ тæккæ астæу. Дзæбæ’х зынд Адтомæ. Лæг æрбадт дурын асины сæр æмæ, стыр æхцондзи- нат; æнкъаргæйæ, нал æфсæст йæ райгуырæн комбæсты уындæй, йæ хъуыдытæ йæ ахастой æвзонджы бонтæм. Цыдæр фарн ис зæххыл, (Ьæлæ дзы алчи æмхуызон хайджын нæ вæййы. Хъысмæт иутæн нæр- тондæо у, иннæтæн та æлгъиндæр æмæ йын уьтцы хъулон ми йæ цæстмæ ничи бадардзæн, ничи дæр ьтн амонгæ исты бакæндзæн. Æниу хъусгæ та кæмæ кæны, йæхи цы (Ьæнда, уымæй дарддæр дын ма фæчъил уа, ма дьтн фæтæригъæд кæна адæймагæн. Адто йæ фыды хооз хъуыды кæны. Ацы хъæуы райгуырд, мæлгæ дæр ам акодта. Ацы бæстьтхæйттæ аоазыныл бирæ хъару бахардз кодта йæ къобор гал- тимæ. Дур — ласгæ, хъæдæомæг — ласгæ. Иу-далдæр хаттьт та хъæ- ды баззад æхсæвæддæ. Утæппæт хъæдæомæг фадын ын бынтон аса- ста йæ хъаоу. Хæдзæрттæ сцæттæ сты. Æмæ дьтн мæнæ адæймаджы фыдæбæттæ, йæ фæллæйттæ. Хæ- лæттаг фесты æнæхицауæй. Æвæц- цæгæн, цалдæр азмæ йæ ныв дæр нал зындзæн æмæ ма йын искуы
ног фæлтæртæ йæ цард бæрæг кæн- дзысты систæ æмæ дурты хъуына- мæ гæсгæ. Адæймаг кæдæмфæнды аивæд, кæмфæнды цæрæд, алы ран дæр зæхх у йæ дарæг, уый йын аразы йæ къух, фæлæ адæймаг йæ- хæдæг у æнæнцой зæрдæйы хицау æмæ хатт бахауы цахæмдæр æнæ- нцой хъуыдыты уацары, нысса- джилтæ вæййы йæ зæрдæ. Адтойæн фæфидардæр сты йæ ныфсытæ. Йæхи чындзæхсæв дæр раст ацы хъæуы сарæзта, йæ ног- арæзт хæдзары. Хъæууынгты адæ- мæй азмæлæнтæ нæ уыд, иу-цал- дæр ранæй хъуыст фæндыры цагъд, æмдзæгъд. Дыууæ æхсæвы нæ ба- фынæй сты сабитæ дæр. Æнæхъæн къуыри хъæубæсты дзуринаг уыд Адтойы чындзæхсæв. Йæ хæдзар никуы раафтид, уазæг сæм цы ’хсæв нæ бафысым кодтаид, уыцы бон æм цæрын дæр нæ цыд. Цымæ ис- куы уый æнхъæл уыд, æмæ ахæм хæдзары дуæрттæ зæгæлæй хуыи- наг фæуыдаиккой. Ныр æм æввахс бацæуын йæ зæрдæ тæргæ дæр нæ кæны. Йæ цæвæг-иу цы аххæрæгыл æрцауыгъта, ууыл, æвæццæгæн, фæ- тагъд æмæ йыл рахæцыд урс хъуы- Н1, фæзындысты йыл тъæпæнгомау зокъотæ дæр. Æфсадмæ куы ацыд, уæд афæдзæй фылдæр йæ хъуыды- тæ æппынæдзух уыдысты райгуы- рæн хъæуы. Æндæр зæххыл цæрæн бынат бацагурыны тыххæй æфцæ- джы сæрты куы ахызт, уæдæй фæ- стæмæ та йæ сæ хъæуы уæлмæрд æмæ фисынкалд мæсыг бакодтой дуарахæсты. Цыдысты йæм фыны- гъдауæй, азымы йæ дардтой, фæлæ цæй тыххæй, уый никуы сæргом. Уæлмæрд дæр хæмпæлы бын фæцис, адæймаг ма йæ скæнид рагон, не- замантæй фæстæмæ чи лæууы, ахæм цыртдзæвæн, афтæмæй дзы йæ фыд Елмæрза хæрз æрæджы æрцыд ныгæд. Бирæ фыдæбон фед- та, бирæ мæстытæ бавзæрста. Адто арæх æрымысы районы минæвари- мæ Елмæрзайы ныхас. Йæ зæрдæ- йы, хъамайау, ныссагъд æмæ ма риссы абон дæр. Уазджытæ дæр стыр хæйрæг ми сарæзтой, æндæра сæм ахæм цыт зынтæй æрхаудтаид. Елмæрза уазæгыл ахуыр уыд, куыд- дæр сæ хъæууынджы фæндаджы хъæбæрыл лæугæ федта, афтæ та йæ зæрдæ бахъæлдзæг æмæ сæм æрхызт, фæлæ уыдон уыдысты цы- дæр æрхæндæг, мадзура, къæмдзæ- стыг, сæ цыды сæр цæй тыххæй уыд, уый сæргом кæнын уæндгæ нæ кодтой æви сæ ирон æфсæрм дзу- рын не суагъта æмæ хабар аргъæв- той дыккаг бонмæ. Бæргæ сын æн- дæр исчи куы фæзындаид рауай- ма зæгъæг, фæлæ Елмæрзайыл зæр- дæдаргæйæ алчи йæ хæдзармæ куы афардæг, уæд ма уыдонæн дæр цы гæнæн уыд æмæ сæхи бакодтой «кулачы» уазæг. Фысым уазæджы кæдæм æмæ цæ- мæ цæуынæй никуы фæфæрсы, кæд йæхæдæг хабæрттæ дзурыныл фæ- цалх уа, кæннод. Ныхасы бар фыл- дæр фысымы вæййы æмæ сын Ел- мæрза дæр фæдзырдта хæхбæсты царды зын уавæрты тыххæй. Сæрд — цыбыр, зымæг — даргъ, фæндаг нæй, фæлæ уæддæр, æрдзи* мæ хъæбысæй хæцгæ, фыдæбæттæ кæнæм æмæ уый цардыл нымайæм. — Кусарт сцæттæ. Æхсæвæры фæстæ уазджытæ ацыдысты иннæ хатæнмæ фынæй кæнынмæ. Дыккаг бон уазджытæ тынг ра- джы сыстадысты. — Уазæг раджы куы сыста, уæд фысым тыхсгæ кæны, — Елмæрза хъуамæ бахъæлдзæг кодтаид уаз- джыты. — Цæмæн? — цымыдисæй афар- ста уазджытæй иу. — Цæмæн куы зæгъай, уæд уазæ- джы ирхæсЬсын хъæуы æмæ рай- сомæй фысымы уыдæттæм кæм (Ьевдæлы йæ хæдзары куыстытæй, уазæгæн лæггадæй, — Елмæрза ных- худт зæрдиагæй, æнхъæл уыд, уа- зæг ын ацы ныхæстæ дæр сбуц кæ- нынæн айсдзæн, фæлæ уазæг но- джы куы (Ьерхæндæг, уæд йæхæдæг хорзау нал бæц’ис. Уазджытæ куыд- дæр сæхи ахсадтой, афтæ æрхыз- тыстьт кæотмæ, семæ Елмæрза дæр, — Елмæрза, бæргæ дæм цæсгом нæ хъæцы, хорз фысымы лæггад нын кæныс, фæлæ нын хатырæй фæуæд, куыст уæддæр куыст у æмæ... цыдæр зæгъынмæ ма хъавыд, хъуыддæгтæ иууылд’æо йæхимæ чи айстя. уыцы уазæг, фæлæ йæ бон нæ бацыд кæронмæ йæ хъуыдытæ сæпгом кæнын. — Хъусын уæм/цы зæгъæг стут? — Кулæктæм хаст чи у, уыдоны номхыгъды ды дæр дае æМæ Дьш 7
дæ фосæй хъуамæ аскъæрæм, — уазæг цæмæй йæхицæй тагъддæр азым систаид, уый тыххæй йæ дзып- пæй фелвæста гæххæтт æмæ йæ æв- дисы Елмæрзайæн. — Кæс æй, кæс дæхæдæг, æууæн- дын дыл. — Мæнæ дыл фыст ис дæс æмæ ссæдз фысы, фондз стуры, дыууæ галы, бæх. — Æмæ уыдонæй исинаг та цы стут, ’хæхбæсты цæрæгмæ ма уы- мæй къаддæр куы уа, уæд нæ дæр удæгæстæй у, æмæ нæ дæр мæрт- тæй... Хатыр мын бакæнут ме ’нæ- уæздан ныхас, фæлæ адæймаджы хатт йæ зонд дæр нал афæрсы. — Исинаг та... фæтыхст уазæг, — маенæ гæххæтты фыст цы ис, уы- дон хъуамæ колхозмæ бацæуой. Елмæрза исдуг йæ хъустыл нæ баууæндыд, фæлæ цыма йæ зæрдæ йемуд æрцыд, уыйау æрæджиау бамбæрста,' ам уæды онг дæр кæй æрыхъуыста, уыцы кулæкты ныхас дам-думтæ нæ, фæлæ æцæг хабар кæй у, уый, æмæ кæд æмбæлон ны- хæстæ зæгъын йæ бон нæ бацис фырмæстæй, уæддæр, йæ сæрыстыр- дзинадæн тæрсгæйæ, ’ уайдзæфтæгæ- нæгау, йæ ныхас здæхта хъазыны ’рдæм. — Уæ рынтæ бахæрон, мæ дзæ- бæх уазджытæ, æмæ ма мæм ис- куы куы ’рбафтат, уæд ма та уын цы аргæвддзынæн? Уазджытæ дæр тызмæг ныхасæй гæюсгæ, сæ мидбылты æнæбары ба- худтысты æмæ цæмæй Елмæрзайы зæрлæ фæфидардæр уа, уый тых- хæй сæ иу къухæй амоны гæххæт- мæ. — Уæ хъæуæй ма дзы ис мæнæ ноджыдæр æртæ хæдзары. — Мæ дыууæ фысимæ æз йæ ку- лак кæмæн дæн, уымæн цымæ йæ мæгуыр та цы хуызæн уыдзæн. — Елмæозайы цæсгом фæтызмæг, йæ лулæйы тамако æрнадта, афтæмæй азылд, хъæубæстæй сæ алыварс чи лæууыд, уыдоны ’рдæм, — уæртæ скъæты сты æмæ сын цыфæнды кæ- нут, уæддæр сæгъ æлвыдæй фида- уы, фæлæ ма уын уый зæгъæг дæо дæн; хъыг уæм ма фæкæсæт мæ ныхас, æвæццæгæн, рæхджы фос уынæг киномæ цæудзыстæм. — Лæг азылд æмæ фæцæуæг хæдзармæ. Парахатзæрдæ, кæрдзындæттон адæймаг кулак хуыйны, уый фыц- цаг хатт фехъуыста Адто. Тынг фæбузныг йæ фыдæй, хылыл кæй не схæцыд, уый тыххæй. Афтæ барон никуы уыд, фæлæ ацы хатт фыдæ- нæнгæнæгау, йæхи баурæдта, йæ бон бацис йæхи баиргъæвын, йæхи- цæн дæр, хъæубæстæн дæр ныфсы- тæ авæрдта: «Уæ рынтæ бахæрон, кæд мыл истæмæй уæ зæрдæ ху- ды, уæд мын æй зæгъут комкоммæ. Ацы папитæ сты æмæ сæ давгæ ни- кæмæй ракодтон, стæй дæ хорзæ- хæй, цас самал кæнинаг сты мах хуызæн лæгджын хæдзарæн, фæлæ дæ цы фæнды... Цæй, хæлар сын. уæнт мæгуыртæн, æз та кусæг лæг дæн æмæ куыннæ ссардзынæн цæ- рыны амæлттæ. Елмæрза йæ кæстæртæн никуы бацамыдта рæдыд фæндаг, æгад æм нæ каст кулакы ном дæр, уы- мæн æмæ йæ зæрдæ йæхиуыл ни- цæмæй худти, йæ цæргæ-цæрæнбон- ты нырма «дон мын авæр» дæр ни- куы никæмæн загъта, мæ бæсты уæрыччытæ сæрвæтмæ аздах зæ- гъын йæ сæрмæ никуы бахаста, æр- мæст æппынæдзух йæ кæстæртæн фæдзæхста: «Цард зæххæй у, уæ рынтæ бахæрон, иугæр зæххимæ нæ цæдис куы фехæла, уæд-иу мæм уы- наффæмæ мачиуал æнхъæлмæ кæ- сæд, æз æндæр царды хос нæ зо- нын, æмæ уын цы бацамондзынæн». Ацы бæстыхæйттæ йæхи арæзт сты. Адто дæр ын уыдис æххуыс- хъом. фæлæ уæззау куыстытæ иу- уылдæр йæхимæ хаудтой. Бадт æр- мæстдæр йæхиарæзт нывæфтыд къæлæтджыныл. Цы фæцис, уый Адто нæ хъуыды кæны. Ахæм хæз- натæ кæй нæ бафснайдта, уый йæ цадæггай тыхсын кодта, æмæ сæ кæуыл куыд æмбæлд, афтæ æфс- найдта. Иæ цæстытыл-иу арæх ауад йæ фыды фæлгонц къæлæтджыныл бадгæ. Иæ ныхас уыд уæзбын æмæ барджын. Уыцы бирæ бинонтæ йын æнхъæлмæ кастысты йæ уынаффæ- мæ. хуыцауы дзырдмæ æнхъæлмæ кæсæгау. Амард, фæлæ, дам, фыды фарн мæрттæм нæ цæуы фæзæ- гъынц æмæ Елмæрзайы кæстæртæ дæр дæлæмæ не ’руагътой хæдзары кад: «Цæмæн исчи хъуамæ зæгъа Елмæрзайы амæлæты фæстæ утæп- пæт бинонтæй иу нал разынд, хæ- дзары æнцой йæ бон балæууын кæ- 8
мæн бауыдаид, ахæм. Афтæмæй куыстой æхсæвæй-бонæй. Сæ цæхх æмæ сæ кæрдзын дих кодтой адæ- мимæ,'уазæгимæ. Хæдзарвæндагæй сæ Елмæрзатæ хуыдтой. Елмæрзаты скъæтæй дзы чи рацæуа, уымæн дзы æмбал дæр нæ вæййы. Адæмы ’хсæн баззад ахæм ныхас. Сæ галтæ ма-иу сыхаг хъæутæн дæр фæцыдысты æххуыс кæныцмæ, уæлдайдæр та хуымгæ- ’нæнты. Ацы кæртмæ-иу сæм касты- сты адæм, ацы кæрты цагътой сы- нæр, кусынмæ, хизынмæ дæр-иу ацы кæртæй ацыдысты. Кæд сæ колхоз йæхиуыл банымадта, уæддæр сæм Адто йæхæдæг зылд æмæ сæ йæхи куыст дæр кодта æмæ колхозы куыст дæр. Мæнæ зæгъгæ сæхи хæ- дзары æргæвдинаг фесты, уæд сын, æвæццæгæн, сæ фыдызгъæл фынг- мæ дæр не ’рхастаид. Æгайтма цы фесты, уый йæхи цæстæй нал фед- та. Уæдæ цæрæнбонтæм уыдон кæм цардаиккой. Дыууæ хъæуы колхозы адæмæй фæстейæ бирæ ничиуал баззад, æрæмбырд сты цъиуæй-бæдулæй скъолайы залмæ. Ахæм æмбырд дзы никуыма уыд уартæ колхозтæ саразынæй фæстæмæ. Æмбырдтæ та дзы куыннæ уыд, фæлæ сæм æп’- пындæр нал цыдысты, колхозы уæхскуæзæй чи куыста, уыцы сыл- гоймæгтæ дæр. Ацы хатт сæ фæсте- йæ ничиуал баззад. Залы бадæн кæй нæ фæцис, уыдон та кастысты рудзгуытæй, алчи дæр сæ цымыдис кодта, фарст цæуыл ахицæн уы- дзæн, уымæ. Цалынмæ ацы залмæ æрæмбырд сты, уæдмæ уынафбæ- йы дымæг нæ аскъуыд бинонты æх- сæн, хъæубæстæн сæхи мидæг, дзырдтой йыл ныхасы, куысты, фæн- дагыл æмæ-иу алыхатт дæр сæ хъуыды балхынцъ: фæллой мах сты, æмæ сын цы кæнæм, уый дæр нæхи бар у. Ахæм зондимæ æрцы- дысты æмбырдмæ дæр. Дыууæ колхозы æнæмæнг хъуамæ баиу уой. Ахæм дзыодимæ адæмы æрæмбырд кодта районы æрвыет лæг. Уыдис ма йын æвварсхæцджы- тæ дæ1р æмæ кæд тарст састы бына- ты баззайынæй, уæддæр сыстад ныфсджынæй, тызмæггъуызæй, фæ- лæ хиуылхæцгæ. Йæ цæст ахаста адæмыл: — Æмбæлттæ, цард размæ цæуы, знон цы уыд, уый дзуапп нал дæтты абоны домæнтæн æмæ абоны ногдзинад та райсом базæ- ронд уыдзæн æмæ йæ бахъæудзæн ивын. Уый уымæн дзурын, æмæ або- ны домæнтæн дзуапп нал дæттынц нæ лыстæг хæдзарæдтæ, ома, къан- нæг колхозтæ æмæ сæ хъæуы фе- стырдæр кæнын, фæхъомысджын- дæр кæнын. Уымæ гæсгæ хъуамæ уæллаг хъæуы колхоз баиу кæнæм мæнæ дæллаг хъæуы колхозимæ. Афтæ пайда кæй уыдзæн, ууыл æз дызæрдыг чæ кæнын. Алчи дæр уæ ахъуыды кæнæд æмæ зæгъæд йæ хъуыды æргом. Лæг нæма æрбадт, фæлæ адæмæн ныхасы бар кæй радта, ууыл фæсмонгæнæгау, йæ цæстытæ зылдысты адæмыл. Цалынмæ адæм кæрæдзимæ ра- кæс-бакæс кодтой, уæдмæ сыстад Дæллаг хъæуы колхозы сæрдар, ба- каст президиумы ’рдæм, йæ мидбыл- ты хинæйдзаг худт бакодта, ома кæсут нæ царды уынаффæгæнджы- Тæм, уыдон нын куынæ уаиккой, куынæ-иу сæ афæрсиккам, уæд нæ дон нæ иуæрдæм ласид, нæ иннæ ’рдæм. Иæ худ йæ дыууæ къухы æх- сæн стымбыл, афтæмæй райдыд- та:—Æз бирæ нæ дзурдзынæн, фæлæ, æвæццæгæн, ацы фарст раз- дæр уыд рахæссинаг адæммæ. Хуы- мæтæг нымадæй дæр зыны йæ пай- да. Дыууæ сæрдары, дыууæ бухгал- теры, дыууæ бригадщзы, дарддæр сæ нал нымайын, кæй хардз . кæ- нынц, уыдонæн уыцы фæрæзтæ æм- бисыл куы ныллæууой, уæд, мæнмæ гæсгæ, колхозæн дæр пайда у æмæ колхозонтæн дæр. Ахъуыды-ма кæ- нут уæхæдæг, — адæмыл ма иу хатт йæ цæст ахаста, æмæ цыма йæ дзыхæй сыгъзæринтæ калд, уый- ау æрбадт буц æмæ сæрыстырæй. Районы æрвыст лæгæн йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, афтæ йæм фæкаст, цыма ныр фарст алыг зæрдæйы йæнлиаг æмæ колхозонтæй ныхасы бап райсыны тыххæй йæ къух чи дардта, уыдон кæд æгæр бабирæ стьт. уæддæр æй уыдис йæ хъуыды- тæ æмæ йæ фæндты фæуæлахизы нысЬс. Иæ цæст ахаста адæмыл æмæ чьтхасы бар радта иу ацæргæ нæл- гоймагæн, ома ныр чифæнды дзу- рæд. Лæг сыстад уæззаугай, æвæндо- нæй, иудзæвгар алæууыд сæргуьт- бырæй, йæ цъæх нымæтхуд ноджы 9
Гынгдæр сыздыхта уæзæгæвæрд хур- сыгъд къухты ’хсæн, стæй нымæт- худимæ рахис цонг æрæзбул, галиу къухы хистæр æнгуылдз æрсагъд æвзагджын роны. — Мах стæм иу хъæубæстæ, иу колхоз æмæ иууылдæр ивæм нæ цæрæн бынат. Мæнæ нæм цы чы- сыл муртæ ис, æз зæгъын æрмæст- дæр къахылцæуджыты тыххæй, уы- дон дæр хъуамæ немæ аскъæрæм, иннæтæ кæйфæнды уæнт. Мах дæр дзы дзæгъæлы ницы фесафдзыстæм, стæй сæ фæсарæнтæм дæр’ не скъæ- рæм, кæдæм цæуæм, уый дæр дард нæу, Советон Цæдисы территоримæ хауы. Адæм базмæлыдысты, сæ фыл- дæр нымдзæгъд кодтой, бахъæлдзæг сты, æхсызгон сын уыд, ныхасгæнæг сын сæ хъуыды кæй æргом кодта, уый æмæ фæныфсджын сты. Райо- нæй æрвыст лæджы цæсгом фæтыз- мæг, тарæрфыгæй йæ цæст ахаста адæмыл æмæ ма кæд ныхасы ра- цæуыны тыххæй къухдарджытæ уыд, уæддæр дзы . никæмæнуал радта ахæм уавæрæй спайда кæ- ныны бар, уымæн æмæ бамбæрста, Уæллаг хъæуы цæрджыты фæндон, Дæллаг хъæуы цæрджытæн та уæл-, дай нæ уыд, гал амæла — дзидза, уæрдон асæтта — суг. Адто зæгъгæ кæд ницы кодта, уæддæр æмбæрста, дыууæ колхозы баиукæныны фæстиуæг цæмæ æр- цæудзæн, уый æмæ тыхст йæхими- дæг. — Кæй фæнды дыууæ колхозæй иу хæдзарад арæзт æрцæуа, уый, уыдон сæ къухтыл схæцæнт, — райо- ны æрвыст лæг, залы адæмы хæц- цæ ныхасæй спайда кæныны æн- хъæл æрæвæрдта фарст æмæ йæ цæстытæ згъордтой хæрдмæ хъил къухтыл. Схæцыдысты сыл æрмæст Дæллаг хъæуы цæрджытæ иустæм- ты йеддæмæ. Бирæтæн дзы йæ цин- лзинад бауромын дæр йæ бон нал баци: «Утæппæт цæттæ фæллой мæ- нæ нæй», «Фæрныг куыста æмæ сауджынæн». Лæг кæронмæ нымад дæр нæ фæцис, афтæмæй нылхынцъ кодта æмбырды æмæ расидт, дыу- уæ колхозæй иу хæдзарад адæмы фæндонмæ гæсгæ арæзт кæй æрцыд, уый. Уæллаг хъæуы цазрджытæ ныу- уагътой утæппæт фæллой, сыстады- сты æмæ фæцыдысты быдырмæ. Цалынмæ зымæг йæхи фенын кодта, уæдмæ фосы рæгъæуттæ хызтысты сæрвæтты, сæ бакастæй рухс кодта адæймаджы зæрдæ, фæ- лæ сын холлаг æвæрынафон куы ралæууыд, уæд катайы бахауд кол- хозы сæрдар. Ацы хатты хуызæн æм никуы бахъардта иумæйаг фæл- лойы бæрндзинад. Радзур-бадзур æмæ уынаффæтæн байрæджы, фæ- лæ иубон схæцыд æмæ фосы æм- бис нытæлæт кодта районы æргæв- дæнмæ. Дзидза ауæй кæныны план дывæрæй кæй сæххæст, уый тых- хæй никуыуал баззад æппæлæн ны- хас," сæрдар йæ хатæны къуымы буцæй æрæвæрдта цæугæ Сырх ты- рыса. - Колхоз фыццаг скъæрд кæй акод- та, уыдонимæ фесты Адтойы галтæ дæр. Чидæртæ ма бæргæ дзырдтой, зæгъгæ, уыдон хæдзарылхæцгæ фос сты, æмæ сæ æруадзут, фæлæ ма чи хъуыды кодта ахæмтыл. Æгæр фæ- дæрдджын сты, стæй сын зымæджы бирæ холлаг бахъæудзæн, зæгъгæ. æмæ сæ фæдæлейæ .кодтой. Афтæ- мæй зымæгмæ фос скъæрд фесты, баззад ма дзы æрмæстдæр, уал- дзæгмæ чи аирвæстаид уый бæрц. Æрвылрайсом Адтойы хъæуы сæрты хæдтæхæг фæтæхы уыцы иу афон. Адтойы дæр фæиппæрд кодта йæ хъуыдытæй. Лæг хæрдмæ скаст, йæ цæстытæ аууæрста, сыстад æмæ тя, хъынцъымгæнæгау, йæ цæст ахаста хъæууатыл. «Абон уал æгъгъæд фæуæд, рай- сом та адарддæр кæндзынæн ацы куыст», — загъта йæхицæн æмæ са- быр къахдзæфтæй æрхызт кæртмæ, араст Дæллаг хъæумæ йæ фысым- тæм. Уынджы кæд цалдæр адæй- маджы баййæфта, уæддæр семæ нæ баиу, фæлæ сын, дардæй салам рат- гæйæ, ацыд иннæ уынгыл хæдзар- мæ. Ныхсадта йæхи æмæ æнхъæл- мæ каст Садулы æрбацыдмæ. Ацы хатт йæ ныхас уыдзæн, карды кар- стау, æнæ дæлæ-уæлæ. Уæдмæ æр- бацыд Садул. — Цæй, куыд у, Адто, дæ хъæу- бæстæ дæ хорз не суазæг кодтой, æви дьш мидæмæ рауай дæр ничи загъта? Адто бахудт йæ мидбылты, æм- бæрста, Садул æй мæстæймарæгау кæй кæны, уый. Ю
— Хъал дæ æмæ хъал ныхæстæ кæныс, Садул, фæлæ ницы кæны, кæд та искуы мах хъæуæй дæр ныу- уасид уасæг. Дыууæ лæджы дæр ныххудтысты зæрдиагæй. — Ахæм цæрæн бынат æвгъау уы- ди бæргæ хъæууатæн, — дзырдта Садул зæхмæ кæсгæйæ.—Æз ни- куы уыдтæн æнхъæл, æмæ уæ хъæ- уы цæрджытæ æмхуызонæй сæ къух сисой сæ уæзæгыл. Бирæ хъæутæй фæлыгъд адæм, фæлæ ма уæддæр кæм дыууæ цæрæджы аззад, кæм фылдæр æмæ уыдон дæр хъæуты ном хæссынц. Акæс-ма йын йæ хуымзæхх, йæ сæрвæттæ, йæ уыгæр- дæнтæм, цыма сæ сой иууылдæр хъæуы ’рдæм лæдæрсы, афтæ сæ нæ равæрдта æрдз. Иннæахæм хъæд, алгъуызон суадæттæ, суæрт- тæ. — Уæдæ ма, Садул, мæнæ ацы фæндаг арæзт нæ, фæлæ йæ кой дæр уыдаид, кæддæра нæ иу дæр йæ бынатæй фезмæлыдаид, стæй дæ- хи зæрдыл нал лæууынц уыцы ду- джы мæстæймарæн цæрдтытæ. Нор- мæйæ фылдæр, дам, дæм хъуамæ ма уа цыппаркъахыг змæлæг, цы- ма иу хъуджы бæсты дыууæ хъу- джы чи ’рдыгътаид, уымæн дзы йæ гуыбын фæрыстаид. Дыууæ лæджы дæр, зæхмæ кæс- гæйæ, лæууыдысты æдзынæг. — Уыдис дзы, уыдис, Садул, цы- дæртæ, æндæра ничи сæрра, æнæ- аххос ницы вæййы. Дæ зæрдыл нал лæууы дыууæ колхоз баиу кæныны æмбырд? — Куыннæ, абоны хуьтзæн. — Дæумæ гæсгæ цы фесты нæ хъæуы фос? Стып пайда æрхастой уæ колхозæн? Æппындæр ницы. Дæлæмæдæр капеччытæ æмæ уæ- лæмæдæр. Фос иу афæдзмæ уæй фесты. Мæ галты куы ’рбаймысын, , ^æд мæ цæстытæ цæхæотæ акалынц. Кæд фæзæронд сты, уæддæр сæ иу цалдæр азмæ нæма рауæлдай код- таин. Афтæ дзы ничи ахъуыды код- та алæ-ма род цæмæй схъуг кæнæ сгал уа, уый тыххæй йæм налдæр азы зилын хъæуы. Æниу уыцы лы- стæджытæ нæ адæмæн амонын нæ хъæуы, фæлæ чи фыддæрадæн ных- гæдта йæ дзьтх, кæй та нæ фæндыд ^æлдай фыдæбон, æмæ бирæ азты фæллой æнæхицау, æнæмæты аххо- сæй доны бакалд. Адто, фæсмонгæ- нæгау, йе ’ргом аздæхта йæ хъæуы ’рдæм, йæ цæстытæ та æрзылдысты уыцы уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæтты. — Адто, ды мын уыцы хъæуæй фæздæг суадз, уый еддæмæ дын мах мæймæ дæ хæдзар, дæ мустæ, де скъæт сæ гаччы сæвæрдзыстæм. Иууылдæр нæ къухы не сты. Афтæ æнхъæлыс, уæ фæллæйттæ дзæгъæ- лы фесты? Нæ, нæ, хорздзинад ни- куы сæфы. — Мæ фæндтæ æмæ та мын мæ хъуыдытæ хъазыны ’рдæм аздæх- тай, Садул, и, фæлæ цы саразон, æз кæддæр дæуæй хъалдæр уыд- тæн, бæргæ... — Æз хъазаг дæн, фæлæ ацы хатт хъазгæ нæ кæнын, фæлæ дын æцæг дзурын. Цы дæ хъæуы, къул- тæ — амад, агъуыст дæр бирæ цал- цæгкæнинаг нæу. Хъæд мæнæ нæ уæлхъус. Лæппутæ сæхи февдæлон кæндзысты æмæ, — Садул ахъуыды кодта. — Ныр дын æз ам царды фæндтыл схæцыдтæн, фэелæ бинон- тæ та, бинонтæ, цы зæгъдзысты ус, кæстæртæ? — Мæ сæр кæй хъæуа, уый мæ йæхæдæг агурдзæн... Мæхи дæр куыннæ фæндыд, фæлæ мæ тынг- дæр уыдон ныхас басаста, уыдон мæ рабалц кодтой. — Уæдæ кæд иугæр афтæ у, уæд дзы фæстæмæ здæхæн нал ис, æнæ- хъæн хъæубæсты фарн дæ бавæрын куыннæ бафæраздзæн. Кæд дæ фы- дæлты зæххыл фæстæмæ æрцæрын- вæнд кæныс, уæд дын амонын ни- цьт хъæуы, куыддæр хæдзар æмæ скъæт сцæттæ уой, афтæ дын дæ сЬыццаг скæндзынæн фос, цасдæ- риддæр дæ хъæуы, уый бæрц æмæ пайдайыл та баныхас кæндзысдæм ’Ьæстæдæр, дæ зæрдæмæ дæр фæ- пæудзæн æмæ мах зæрдæмæ дæр. Дæ иæст ма ахæсс уæ уыгæрдæн- тыл. Апы аз мя цьт. фæлæ нырæй Фæстæмæ уьтдон иууьтлдæр дæхи не гты? ,Хосгæрдæны-иу дæм мах дæр (Ьæкæсдзысдæм. Афтæ ма банхъæл, æмæ дæ нæхицæй нал хонæм. Алто фæкъæмдзæстыг, йæ мид- яæрлæйы йæхи азьтмы дæр бадард- та, йæ райгуыпæн хъæуьтл йæ къух кæй систа, уый тыххæй, фæлæ рай- гонд уыд Садулы уынаффæтæй, йæ ныфсы ныхæстæй. Дыууæ лæджы кæрæдзи хъуыды 11
бамбæрстой. Адто æрæвнæлдта ног царды фæндтæм йæ фыдæлты уæ- зæгыл. Дыккаг бон карст фæцис уынгтæ, хæдзæртты бынæтты хæм- пæлгæрдæг. Цыма хъæууаты цард цадæггай йæ фынæйæ хъал кæнын райдыдта, уыйау барухс Адтойы зæрдæ. Арæзтадон бригады, æцæгæйдæр, мæйæ фылдæр нæ бахъуыд. Адто- йы хæдзарæй ракалд фæтæгены лампæйы рухс. Пец, фынг æмæ æндæр дзаумæттæ уæзæгæн радтой царды хуыз. Дысон ын фыййæуттæ цы кусарты æвдасарм ныууагътой, уымæй ныккалдта аджы æмæ фых- ти. Ныр цалдæр азы ацы уæзæгæй нал скалд фæздæг, ничиуал дзы скуывта бынæтты фарнæн, никуы- уал дзы сбон кодтой уазæг æмæ фысым. Ныр Адто бады æмæ хъу- сы арты гуыр-гуырмæ, йæ мид-зæр- дæйы тæлфынмæ. Дæ фыд-зæрдæ иунæгæй арвитæд йæ царды бонтæ. Бирæ бинонтæн æрвьтлбон дæр бæрæгбон у. Ацы хъæубæсты ахæм хæдзар нæ уыд, йæ бинонтæ’ фæдисы фаг кæмæн нæ уыдысты. Чындзæхсæв кæнæ-иу куывды рæстæджы хъæубæстæ иу раямæ куы ’рымбырд сты, уæд-иу Адто йæхи æнхъæлдта бæсты бикъ æмæ комы дæгъæл. Уæртæ уыцы къуымы хиарæзт къæлæтджыныл йæ фыд Елмæрза бадт. Иæ уæле- йæ, къулрæбын, та-иу рабадтысты æрхонгæ адæм. Сæ зарынæй-иу згъæлдысты цары сæгтæ. Ныр та æгуыппæг къултæ кастысты Адто- мæ уайдзæфгæнæгау. Сыхаг хъæуæй рухс æрбауадзын афтæ зын нæу. Уæд бирæ цыдæртæ æрбæстон кæн- дзæн. Раздæр дæр сын ахæм фа- дæттæ куы уыдаид. уæд кæдæм мæрттæм хаудтой. Цæрæнуат ивын дæр фæлварæгау у: кæнæ дын 6æ- оæстмæ уыдзæн, кæнæ — нæ. Адто- йы цæстытæ, царды алгъуызон ныв- тæ мысгæйæ бирæ хæттыты бауы- мæл сты, фæлæ йæ хъусты зæлыд Садуллæимæ йæ ныхас æмæ йын сæ уый та сур кодта. — Адто, — сдзырдта Садул, куы Адтомæ бакæсы, куы, йæ алыварс цы адæм бадтысты къанторæйы, уыдоныл ахæссы йæ цæст, афтæ- мæй æмæ йæ разы сыгъдæг гæх- хæттыл хаттæй-хатт æрфыссы цы- дæртæ, — ратдзыстæм дын иу цæд равзаргæ галтæ, кæддæр нын ды кæй балæвар кодтай, уыдонæй цауд- дæр не сты, дзоныгъ дæр нæм ис æмæ де скъæты фарсмæ лас цъери- тæ, уæддæр саузымыл кусын æн- цондæр у. Уымæй дарддæр аскъæр- дзынæ дæс æмæ ссæдз хуыскъа- джы, де скъæты, сæрибарæй бацæу- дзысты æмæ де ’вджид фæуæд азы- мæджы, . фидæн фæззæгмæ, фæлæ не ’хсæн цы бадзырд арæзт æрцæ- уа, уый та уыдзæн дæуæн дæр æмæ махæн дæр закъоны хуызæн, стæй куы фæхæцай, уæд ма нæм дæхæ- дæг цæудзынæ, — раттут мæм но- джы, зæгъгæ. Ратдзыстæм ма дын дыууæ дуцгæ хъуджы, сæ пайдайæ .азымæджы мах ницы хъæуы. Мæн- мæ гæсгæ, æвзæр нæ дзурын. — Тынг хорз дзурыс, Садул, — чидæр баппæрста йæ ныхас,— ахæм дзьгрдимæ сæ æз дæр райсин. — Райс, дæ фаг дæр нæм ис,— дзурæгмæ бакаст Садул, — уæддæр сæм уæхæдæг зилут, фæлæ уал Ад- тойы къух саразæм, ногæрлидзæг лæг у æмæ йын алы уынаффæ, алы цæстуарзон æххуыс дæр стыр ныфс у. Адтойы скъæт арæзт фæцис, фæ- лæ хъарм фæззæг ахаста æмæ стуртæ нырма æхсæв дæр уыды- сты кæрты. Æрцыд Адтойы цард- æмбал Уардо дæр. Тынг раджы сыстадысты уыцы райсом дыууæ цардæмбалы. Адто ссыгъта фæтæгены цырагъ. Кæд- дæр сын сæ чындзæхсæвыл цы бы- натыхицау бацин кодта, уый та сыл ныр дæр баузæлыд. Кæд дзы змæ- лæг рагæй нал уыд, уæддæр рай- дзаст къуымтæ æмæ къултæ рæв- дыдтой зæрдæйы. Уардо йæ къух- мæ райста ведра, бакаст Адтомæ худæнбылæй æмæ, йæ мид-зæрдæ- йы йæхи бынæттон зæдтæн Фæ- дзæхсæгау, арф ныуулæфыд æмæ ахызт къæсæрæй. Адто раджы ныу- уагъта тамако дымын, фæлæ знон гыхаг хъæуы магаэины цы пачкæ балхæдта, уымæй сласта иу бапъи- роз, йæ кæроныл ын адардта судз- гæ спичкæ, сулæфыди дзы цалдæр хатты æмæ уый дæр рахызти ду- рын асины сæрмæ. Уардо дыгъта йæ дыууæ хъуджы. Иннæ стуртæй чи сыстад, чи та ма хуыссыд æмæ æнæмæтæй цагътой сынæр, цыма ацы кæрты бахсæвиуат кæнынмæ 12
рагæй бæллыдысты, уыйау. Адто лæууы æмæ фæлгæсы ду- рын асины сæрæй. Афтæ йæм каст, цыма скуыста каёддæры нæргæ хъæ- уы зæрдæ. Уæдмæ барухс сты уæл- хох быдыртæ, арф кæмттæ; сæууон уддзæф, царды фидиуæгау, зылди æмæ йемæ хаста, хъарм бæстæм цæуинаг чи нæ уыд, уыцы мæргъ- ты цъыбар-цъыбур, æвæццæгæн, цин- кодтой, ацы хъæууаты царды бæрджытæ кæй фæзынд, ууыл, æмæ сæхи æввахсæй-æввахсдæр ластой Адтойы уæзæгмæ. Уæдмæ сæумæ- райсомы хуры тынтæ дæр сныдзæв- дысты рагон мæсыгы фарсыл æмæ уый дæр, цыма йе ’рфыгыл бæр- зонддæр схæцыд, цыма йæ мидбы- наты базмæлыд, афтæ фæкаст Ад- томæ æмæ йæм бацыд хæстæгдæр, йæ разы æрзоныгуыл кодта æмæ йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. Уæд æм мæсыг дæр æрдзырдта: «Тыхс- гæ мын ма фæкæн, мæ кæстæр, æз дæр дын мæнæ дæн, фыдæлты фар- нæн сæфæн нæй». ХРОНИКÆ: Мæнæ уый та гуырдзиаг азфыст «Картлис цховреба»-йæ ист хабар ирæтты тыххæй. Æрцыд нæ эрæйы агъоммæ æртыккæгæм сæдæазы: Фæлæ Азон уый фæстæ аз æрхуыдта æфсад Грецийæ, иттæг стых- джын ис æмæ рацыдис Фарнауазы ныхмæ. Уæдмæ Фарнауаз дæр фæфыл- дæр кодта картлийæгты æфсад. Æрсидтис æмæ сæм æрбаиу кодта Кудзи æмæ ирæтты. Æмæ æртымбыл сты адон се ’ппæт дæр, æмæ сæм æрбаиу сты Антиохийы ерыстаутæ Сомихимæ. Æмæ æппæт адоны сиу кодта Фар- науаз æмæ Накалакеуы цур Артаны фæцис сæ размæ, кæцы (ома Артан) уæд хуындис Кадзиты горæт, æмæ кæцы у Ури æмæ сæ равæрдта уым æмæ райдыдта стыр хæст. Æмæ сыскъуыдис дыууæрдыгæй дæр æнæны- мæц бирæ. Фæлæ уæддæр Фарнауаз фæуæлахиз бердзенæгтыл. Лидзын- мæ фæцис се ’рдонг æмæ фæмард ис Азон æмæ йын ныццагътой йе ’нæ- нымæц æфсады, кæй та дзы уацары ракодтой. Æмæ ацыдис Фарнауаз æмæ ныссаста Грецийы арæнгæрон (фидар) Андзиандзорæ æмæ Еклецыл раздæхтис фæстæмæ. Æрбацыд Кларджетмæ æмæ басаста Кларджеты, æмæ рацыдис Мцхетамæ зæрдæрайæ. Æмæ ма йæ фæллæйттæм бафтыдис Азоны фæллæйттæ дæр. Æмæ сбæр сты йæ фæллæйттæ. Æрмæст ма Егрисы доны дæле баззадис бердзентæн. Уымæн æмæ ам цæрæг адæм нæ рахæцыдысты бердзенты фарс. Уæд Фарнауаз паддзах йæ иу хойы усæн радта Иры паддзахæн, иннæ хойы та — Кудзийæн. Æмæ радта Кудзийæн Егрисы дон æмæ Рионы ’хсæн бæстæ. Денджызæй хох- мæ, кæцыйы мидæг сты Егрис æмæ Суанет, æмæ йæ снысан кодта Ерыс- тауæй уым. Æмæ уыцы Кудзи самадта уым одзы фидар. Уæд Фарнауаз сæдас ис йæ бирæнымæц знæгтæй æмæ спаддзах ис æппæт Картли æмæ Егурæн. Æмæ сбæр кодта йе ’фсад картлосианитæй (ома ир-гуырдзыйæ). Æмæ йын уыд фырт, кæцыйы схуыдта Сауæрмæг. Æмæ ацы Фарна- уаз та йæхæдæг уыд картлосианиты фыццаг тугхæстæг паддзах картлийы. (Картлис цховреба, Тбилис, 1955. 23—24 ф.). 13
ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗ ÆВЗОНГАД МЫСГÆЙÆ «Æрцæуы æмæ ацæуы æвзонгад, Хъæзныгдзинад нæ сæфы...» — раст у! Фæлæ кæй хъæуы, уадсур бонтæ Куы цæуой алы сахат мастыл?.. Фæндиагзарæджы рæузæлтæ Куы нал кæной дæ уды хъыдзы; Куы кæнай абон-сом æмвæндтæ Мæлæтимæ: дæ амонд — мысын. Хæхбæсты рухсаив изæрты Куы ныззары йæ зарæг дон, Куы ныййазæлы фæндыр кæрты — Фæци æхцон куыстыты бон. Уæд-иу дæ саулохагыл баппар Нывæфтыд саргъ, æмæ — тæхгæ: Æнхъæлмæ дæм кæсдзысты саппыл Дæ хæлæртты æзнæт бæхтæ. Æмæ йæ фæстаг къæхтыл фесты Æнæрцæф дугъон, у цæттæ. Цæмæй, мыр-мыргæнгæйæ, феста Тæхгæ маргъ уарзоны цæстмæ. Хъæздыгдзинад æмæ æвзонгад Нæ фидауынц, — гъе, уый у раст: Кæнæ сæ иу, кæнæ та се ’ннæ, — Нæ сæ фæкæны ничи хъаст!.. Мæн та нæ цыбыр царды зиуы Гæвзыкк-мæгуырæй дæр фæнды, Цæмæй ма абуха мæ риуы Рæузонд æвзонгады хъуыды. ЧЕСЕЛТЫ Нывгæнæг Коцты Паулейæн Тæригъæддаг у ацы бон, — Æппын дзы рухсы тæфаг нал и. Ныссабыр арф рæбынты дон, Мылазон мигътæй хъæу ысмали. Æгуыдзæг уавæры хызæй Нæй ирвæзæн, нæ дæр ын хос ис, — Æмæ уæд рох хъуыдыты зæй Ныккæлы рагсагъæсы ностыл. 14
Кæсы дæм: а-зæххыл, бæгуы, Æппæт дæр бавзæрстай дæ зыны, Дæ уды фарнæй та, мæгуыр, Дæ цардыл ,иу мисхал нæ зынЫ Хæрзæрдæм. Базыдтай дæ бон Цы уарзтай, гъе нæ уарзтай, уымæй’ Дæ нысан ма — дæ ис, дæ бон,— Фæллад галау, нæ хизыс хуымæй. Кæй бахъуыди дæ ном, дæ рыст? Дæ цардæй дæ фæрсæг дæр нали. Æмæ уæд ’кæ пайдайы куыст, — Сæрæндзинад у уый, амал у. Гъе-гъе, мæ ницæйаг зæрдæ! — Нæ ивы урс æхсыр сылыйæ: Мæ хъал бæхы æзнæт фæдтæ, Кæсут, — сыгъзæрины æвдылынц! * * * Мамсыраты Темырболаты мысгæйæ Фæкъул ис цард. Мæ туг фаёллайы. Хуыцау, кæмæ кæнон æз хъаст?.. Куыройы фæлгæрæттау, тайы Нæ дугмæ сабибонты уарзт. Фæлыгътæн æз мæ цин — мæ бæстæй Кæйдæр зæхмæ. Цы у мæ цард!? Цæуы æмар, гæвзыккæй рæстæг, — Хъæныл кæм банымадтой кад, Уым æз æрттæдæлармæй бадын... Бæргæ куы сын фæуин мæ фаг, Фæлæ хæтæнхуаг лæджы адæм Нæ хонынц авдсæрион саг. Æмæ ныккæрзын уæд мæ ристыл: Мæ зæрдæ мæм кæны хæрам: — Кæм ис дæ рагбонты сæрыстыр, Æмæ дæ саст авдæны хъарм?! Нызгъæлдзæни мæ хуымы ауæдз, Фæлæ, мæ райгуырæн, бæллын, — Хъæбулау мæ дæ цуры бауадз, Уæд та мæлын, лæгæй мæлын!.. НОГ АЗ ХÆХТЫ Мит уæззау пакъуыйæ уары, Бæстæ у тызмæг. Сау халоныл тас æфтауы Урс-урсид зымæг. Хъæд — бæгънæг. Иæ тæнæг хихтыл Рафæйлауы тар, — Ацафон уый сырддонцъиуты Нал фæкæны хъарм. 15
Мæнæ стыр комы мæрайь! Бабукъ хохаг хъæу. Куыройы кæхцмæ луары Къæркъæраг мæнæу. Чидæр ма йæ фарсмæ зары, -^ Ногбоны цыхтæй. Тагъд уыдзæн йæ сой хæдзары Сой уæливыхтæ. Хъæу æмæзмæлд систа, хъуысы Нард фысты бæгъ-бæгъ. Куыйтæ дæр кæрæдзи ныфсæй Срæйдтой, марадз зæгъ. Уадз, сæ изæры куыстытæ Рагацау фæуæнт Æмæ иу къæсы æмбырдæй • Рабаддзысты уæд. Хистæр сыстад. Царыл фиуæн Æхсаргардæй — дзæхст: — Цæй, мæ хуртæ, ут мын иумæ Ног азæй фæдзæхст. Уад ныййазæлдзæни комы Зарджыты хуыздæр, Æмæ ма, мæ хур, кæй домы Зымæджы хъызт дæр. Ног хæрзтæ æрхæссæд йемæ Ацы рох къæсæн; Уадз æмæ æппæт дунейыл Фарны хур кæсæд! ХОСГÆРДÆНЫ Нафийæн Хур фæтæнты кæны дзæгæрæг, Уыджы цæстау — нæ сæрмæ арв, Нылхъивы кæрдæгмæ мæ цæвæг, Æхситгæнгæ, йæ судзгæ арм. Тæнхъулон адардта нæ бæстæ, Æфтауы хъуыдытыл цъæх арт: Фæцарæхстæ, æрцыд дæ рæстæг, — Кæсыс æмæ — фæци мæ цард! Уæдæ цынæ рæсугъд бæллицтæй Уыд зæрдæйы къæбиц æмвæз, — Лæппуйы хиирхæфсæн цинтыл Нæ кодтон уадиссæгтæ æз. Мæ Иры фарн æмæ йæ кадыл Уыди мæ цин, мæ рыст, мæ тох, Сæ номыл а-фæрниаг царды Уыди мæнæй æппæт дæр рох.
Æз уый, мæ хур, йæ дзурын хъас’гау, Фæлæ-иу аззадтæн æдзух Æмгары цин, хъæбулы уарзтæй, Æнувыд уарзонæй дæр цух. Мæ къæсы та нæ уыди бонваг Мæ цин... Æмæ уæд лидзгæ дард, — Куыд ма уа кады хос йæ номæн Уæд та дæ мард, Уæд та дæ мард!.. СÆРдЫГОН ИЗÆР Æрфæлмæн и. Æрфынæй хъæд.., Йæ цæссыг тадзгæ-баргæ хауы. Ыссæуы мæй. Чызгау, фæсфæд Ысхæцыди йæ цæстыхаутыл. Фæсобау комыдон нæры, Цыма ныр байгом и йæ хъæлæс. Йæ фарсмæ хæристыл, мæгуыр, Ныр талынг баппæрста йæ пæлæз. Цъæх æрдузы сырх-сырхид уырс Ыссæнды байрагимæ кæрдæг. Хуыцау, куыд асасти мæ ныфс, Куыд нæуæндаг ысси мæ зæрдæ, Æндæр та иуфарсырдæм фехс Дæ нымæт æмæ иу сæррæттæн Æзнæт æфсургъы рагъыл фест, Куыд дæ фæсадза уад йæ фæттæ. Æмæ дæ сабыр къæсмæ тæх, Цæстныкъуылдмæ йæ фарсмæ балæуу, — Иæ фæстæгтыл куыд кафы бæх, Рæсугъд — йæ фезмæлдæй, йæ хъалæй; Дæ цурмæ бацу-иу хæстæг: — Æри-ма мын, чызгай, дæ донæй! — Цæмæй йæ базонай æцæг Кæй мысын дæу æхсæвæй, бонæй... 2. Журн. «Фидиуæг» №: 17
БЯЗЫРТЫ РОЛАНД = ÆРДÆГ РАДЗЫРД Уыцы бон дæр, æрвылхаттау, ра- гацау фестад йæ хъарм хуыссæн- тæй Ашот.'Æцæг йæхæдæг нæ рай- хъал вæййы. Фарастаздзыд лæппу- йы куыннæ фæфæнды фылдæр афы- нæй кæнын, фæлæ йын йæ мад Су- санæйы фæлмæн æнгуылдзты аны- дзæвд йæ пух уадултыл, йæ хъусы цур мады ныллæг хъæлæс фаг вæй- йынц, цæмæй йæ хуыссæнты бяз- мæла, сау æрфгуыты бын цæстыты уæлтъыфылтæ сындæг-сындæг бай- гом кæна, стæй сæ йæ тымбыл къухæй аууæрда æмæ сæ бынтон- дæр ракæса. Иæ хæдфæстæ йæ цæ- стытæ, хъуыр-хъуыргæнгæ, байгом кæны, йæ нывæрзæн чи фæфынæй кæны, уыцы бур, гæрæм гæды дæр. Гыццыл лæппынæй йæ æрхаста Ашот хæдзармæ. Æмæ йыл сахуыр. Сахуыр ыл ис гæды дæр. Лæппу куы рабады йæ сынтæджы, уæд гæ- ды дæр æргæпп кæны астæрдм’æ. Йæ хъуынджын рагъ сæрæй суанг хъил къудийы кæронмæ ахафы лæп- пуйы гом къæхтыл. Лæппу йæхи аивæзтытæ кæны, йæ ком цалдæр хатты аивазы. Афтæ бакæны гæды дæр. Лæппу йæхи æхсынмæ куы ахизы, уæд гæды та йæ раззаг дзæм- бытæй куы иу астæры, схуылыдз æй кæны æмæ йæ йæ фæсхъустыл, цæстытыл, бырынкъыл æруадзы, куы та — иннæйы. Уый дæр йæхи фехсы. Уæдæ аходæн дæр иу рæстæ- джы бахæрынц, гæды — астæрдыл йæхи къусы, лæппу та стъолы фарс- мæ сбады. Чысыл Эгине дæр ма сæм æрбаиу вæййы, фæлæ уый уа- диссаг ницы ахæры, мæнæн, дам, сывæллæтты цæхæрадоны бахæрын кæнычц. Иæ чысыл хо Эгинейы тыххæй раздæр сысты Ашот. Сæ ныййар- джытæ заводы иумæ кусынц æмæ сæ куыст сахат раздæр райдайы. Уымæ гæсгæ йæ хойы хъуамæ срæвдз кæна сывæллæтты цæхæра- донмæ, йæхи та — скъоламæ. Иæ хæстæ æххæст кæныныл сахуыр Ашот æмæ нæ дæр йæхæдæг бай- рæджы кæны, нæ дæр — Эгине. Са- би-чызг дæр сахуыр ахæм цард- уагыл, æмбары, æнæцæугæ йын кæй нæй, æмæ, æнæхъинц уæрдонау, ба- букъ вæййы йæ пысултæ кæныныл. Ашот æрмæст йæ хъус фæдары, раст сæ кæны, æви нæ, уымæ, стæй йын йæ, дзабырты бæттæнтæ ба- бæтгы, сæхтæджытæ бафтауы, йæ сау къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ йын æрфасы, фæкæсы йæм йæ сырх чы- рынтæ пальто æмæ цъæх цъупп худ кæнынмæ. Уыцы райсом дæр Ашот йæ чин- гуыты хызын йе ’ккой, афтæмæй, йæ хойы къухыл хæцгæ, уынгæг тротуарыл цыдис сывæллæтты цæ- хæрадонмæ. Цæхæрадон дард нæ уыдис, скъоламæ фæндагыл æм цæ- уын хъуыд, фæлæ цалдæр уынджы , цæхгæрмæ ахизын хъуыдис. Уыцы афон та алчи куыстмæ, ахуырмæ фæтагъд кæны, уынгтæ машинæтæй йедзаг вæййынц æмæ арæхстгай кæ- ны чызджы. Эгине йæхимид зарыд, йæ хъо- мылгæнæг ын ногазон утренникмæ цы чысыл æмдзæвгæ радта æнæкæс- гæйæ сахуыр кæнынмæ æмæ ног- азон елкæйы цур кæй хъуамæ ра- дзырдтаид, уый. Æмдзæвгæ зарæг нæ уыд, фæлæ сын æрæджы музы- кæйы ахуыргæнæг, пианинойыл цæгъдгæйæ, цы зарæг бацамыдта, уый мелодимæ гæсгæ йæ зарыд йæ- хицæн. Цалдæр хатты йæ куы аза- рыд, уæд дзы, æвæццæгæн, афæл- мæцыд æмæ иудзæвгар æмырæй аззад. Стæй йе ’фсымæры размæ лидзæгау бакодта, æмæ йæм хæрд- мæ скæсгæйæ, афарста: — Ашот, тагъд æрцæудзæн Ми- тын дада? — Нырма мит хъуамæ æруара,, стæй уый дæр æрцæудзæн. — Æмæ кæд æруардзæн мит? — Тагъд, мæнæ уал боны фæ- стæ, — йæ къухты æнгуылдзтæ дыу- уæ хатты февдыста, ома дыууын боны фæстæ. Эгине нымайын нæма зыдта æмæ 18
йæстон ницы бамбæрста, тагъд æр- уардзæн мит, æви æрæгмæ. — Æмæ нæм раздæр цæуылнæ цæуы? — ногæй та афарста цымы- дис чызг. — Дард ранæй цæуы æмæ уæдмæ не ’рхæццæ уыдзæн. — Æмæ махмæ цæрæд. Алы бон нын лæвæрттæ дæтдзæн. — Стæй иннæ сабитæ та? Уый хъуамæ алы сабийæн дæр ратта лæвæрттæ, — не сразы йемæ Ашот. Чызг рæстæгмæ фæхъус, стæй га ног фарст йе ’взаджы цъуппыл абадт: — Нæ елкæ та кæд сæвæрдзы стæм? — Мит куыддæр æруара, афтæ. — Нæ елкæ æцæг назбæлас нæу. Магазины йæ балхæдтам, — æрдæг- фарстыты хуызы загъта Эгине, фæ- лæ сын уæддæр райста дзуапп. Ашот «о», зæгъгæ, бакодта. Чи йæ зоны, Эгинейы цал æмæ цал ахæм фарстæн дзуапп ратты æрвылрайсом Ашот, фæлæ йæ хо- йыл никуы сбустæтæ кæны. Уый нæ, фæлæ ма йæхицæй дæр ныббуц вæййы алыгъуызон фарстытæ йæм кæй фæдæтты, стырыл æй кæй ны- майы, уый тыххæй æмæ сын хъуыд- даггъуызæй дзуапп фæдæтты, кæд иуыл раст нæ вæййынц, уæддæр. Ацыхатт дæр разыйæ баззад йæхи- цæй. | Сывæллæтты цæхæрадонмæ бахи- зæны Эгинейыл сæмбæлд йæ хъо- мылгæнæг. Стæй иннæ сабиты ’хсæн фæци æмæ баивылдысты ми- дæмæ. Ашот ма йын ауыдта йæ цъæх худы цъупп... Сæ фæхицæнæн лæппу ницы ны- саниуæг радта. Изæры та йæм æр- бацæудзæн æмæ йæ акæндзæн хæ- дзармæ. Куыд æрвылхатт, афтæ. Фæлæ, фæстæмæ здæхгæйæ, йæ цæ- стыты раз цæмæдæргæсгæ Эгинейы Цъæх худы цъупп аззад... Цы ма хъуыды кæны уыцы бо- нæй Ашот? Æниу дзы хъуыдыкæ- нинаг дæр уадиссаг цы уыдис! Иæ хойы куы бахизын кодта, уæд ацыд йе скъоламæ. Æртыккаг къласы ахуыр кæны. Фыццаг урок сын фыс- сыны куыст уыдис. Сæххæст кодта иæ^хæслæвæрд. Дыккаг урок кæсы- нæй уыд. Бæргæ сахуыр кодта æр- мæг, фæлæ йæ ахуыргæнæг не сфарста... Æртыккаг урок... мате- матикæйæ уыд... Математикæйы уроктæм йæхи уæлдай тынгдæр цæттæ кодта Ашот. Бирæ уарзта нымайын, рардтæ аразын. Ныр дæр æй ахуыргæнæг ракодта фæйнæг- мæ, цæмæй ма зæронд æрмæг ба- фидар кæныны тыххæй иу рард са- рæзтаид. Æмæ йæ арæзта... Ахуыргæнæг, нырма институт æрæджы каст чи фæци, ахæм æв- зонг чызг, партæты рæнхъыты æх- сæнты сабыргай цыд æмæ йæ хъус дардта, ахуыргæнинæгтæй рард чи куыд аразы, уымæ. Ашотæн йæ рард кæронмæ арæзт нæ фæцис... Уый тыххæй нæ, æмæ йæ нæ зыд- та... Цы ’рцыд, уымæн лæппу ницы бамбæрста. Фыццаг" астæрд йæ къæхты бын бадзойтæ кодта, чы- сыл ма бахъæуа æмæ йæхæдæг дæр афæлдæха — фæхæцыд фыссæн фæйнæгыл. Фæкаст фæстæмæ, къласы ’рдæм, фæлæ йын йе ’мбæлт- тыл, йæ ахуыргæнæгыл йæ цæс/г ахæссын нал бантыст. Ауыдта ма, йæ акомкоммæ къулы сæрæй цары бетон панелтæ куыд фæиртæстысты æмæ уырдыгмæ, удæгас сабиудтæй йедзаг къласмæ куыд тахтысты. Дарддæр ницыуал ауыдта. Æрмæст ма кæрæдзи фæдыл цалдæр гуыпп- дæнджы, рудзгуыты æвгты сæтгæ зæлтæ, партæты æвиппайды цъæл- хъыррыст, ахуыргæнинæгты .цыбыр хъæртæ йæ хъусты баиу сты æмæ сæрымагъзы, тæвд нæмыгау, ахыз- тысты. Бæстæ йыл уадид аталынг. Уый тыххæй нæ, æмæ йæ зонд фе- сæфта. Царæйæрхауæг п’анелтæ, къласы пъолыл æрхаугæйæ, æрба- цъæлтæ сты æмæ сæ иугай хæйттæ, Ашоты ’рдыгæй æнæхъæнæй’ цы къул аззад, ууыл зулмæ хъилæи аззадысты. Се ’хсæн аззадис лæп- пу. Дуне йыл бакъуындæг. Иаэ алы- варс акæстытæ кодта, фæлæ сау талынджы ницы равзæрста, ’ æр- мæст фыссæн фæйнæджы сæрмæ рахатыд æнæбары урс стъæлф. Уый уыдис, æддаг дунеимæ ма йæ ( ч’и баста, уыцы дыдзы рухсы цъыртт., Уыцы урс стъæлфæй йæ цæсты- тæ нæма фæхицæн сты, афтæ йыл йæ сæрмæ къулæй цавæрдæр тигъ- джын дур æрхауд æмæ йæ галиу хъусыл æрныдзæвгæ, уæхскыл сæм- бæлд. Дуры цæф ын кæд тынг фæ- 19
рыст, уæддæр йæ уæхскмæ нæ фæ- лæбурдта, фæлæ йæ æрчъицæгау кодта æмæ йын йæ сæры февзæрын кодта дыууæ фарсты: «Цы ’рцыдис? Кæм бахаудтæн?» Нæ йын бантыст уыцы фарсты- тæ райхалын — уадид ын йæ хъу- сты ацарыдта кæйдæр æххуысмæ- сидæг æрдиаг, кæйдæр хъæлæс. Куыннæ сæ хъуамæ базыдтаид Ашот, хæрз чысыл раздæр ма мæ- нæ фыццаг партæйы фарсмæ бад- тысты. ’Æххуысмæ чи сидт, уый Рамазан уыд, иннæ та — Сурен. Ие ’ввахс сыхæгтæ, йæ хорз хæлæрттæ сты. — Рамазан! Кæм стут!? Цы ’рцы- дис!.. Æппæт уыдæттæ æрцыдысты цал- дæр уысммæ. Лæппу æвиппайды стæлфыднс мæлæтхæссæг тасы хъæ- бысы, фæлæ йын йе ’мбæлтты удæ- гас хъæлæстæ йæ зæрдæйæн чысыл ныфс авæрдтой æмæ се ’рдæм куыд ’акъахдзæф кодта, афтæ йæ сæр хауд бетоныл сцавта. — Ашот! Баххуыс мын кæн! Мæ- лын! Мæл-ы-н, Аш-о-т... — Рамазан! Цы кодтай? Цæуын дæм, цæуын, — йæ цыппæртыл быр- гæйæ, æрдиагхъæр кодта Ашот. Рамазанмæ æххæст нæма бахæц- цæ, афтæ йæ къух аныдзæвд сæ- рыхъуынтыл... сæрыл... уæхсчытыл... гуыры чысыл хайыл... стæй... стæй йæ къух сныдзæвд хауд панелыл. Уый уыдис Сурен. Лæппу æххуыс- мæ нал сидтис æмæ хъæрзгæ дæр нал кодта... Ашоты уæнгты сæрæй къæхтæм ихæнриз ахъардта. Фæтарстис, чы- сыл раздæр ма улæфты рæстæджы кæимæ хъазыд, уыцы хæларæй æмæ дзы йæ цыппæртыл лидзæгау акод- та. Фæлæ дард нæ алыгъд. Йæхи скъуырдта партæйы цъæлтыл æмæ фæлæууыд йæ мидбынат. Ардыгæй цæуы Рамазаны æрдиаг, ам ис йæ фæстаг ныфс. Партæйы цъæлтыл иуварс ахæстытæ кодта. Бахылд йæ цурмæ. Фыццаг йæ къухтæ аны- дзæвдысты Рамазаны къухтыл. Уый йе ’мбалы къух банкъаргæйæ, чысыл фæхъус, уадид æй йæ армы нылхъывта, стæй райхъуыст йæ лæгъстæ: — Ашот... баххуыс мын кæн... Ашот... — ацы хатт йæ ныхæсты нæ ивæзта фыруынгæджыйæ, æвæццæ- 20 гæн æм цыдæр ныфс фæзынд, йе ’мбал ын кæй баххуыс кæндзæн, уымæй. — Цы кæныс, Рамазан, цы ныц- цавтай? — хæрзхæстæг æм бабыр- гæйæ, афарста тасдзыд лæппу. Ашот дзуапп нæ райста. Æрмæст та йæ хъустыл ауадысты: — Ашот... м-м-æ-л-ы-н... — Ма тæрс, Рамазан, æз дæр дæ цуры дæн, — кæд йæхæдæг æгæрон тасы бын уыдис, уæддæр ныфсытæ æвæрдта Ашот йе ’мбалæн. — Цы ныццавтай, кæм дын риссы? Рамазан хъæрзынæй дарддæр ни- цы дзырдта æмæ йæ Ашот дæр сга- рын райдыдта. Иæ къухтæ бæстон азрхаста сæрыл, гуырыл, астæуыл... æмæ ныхъхъæр кодта: — Рамазан! Рамазан астæуæй уæлæмæ удæ- гас уыд, фæлæ... астæуæй дæлæмæ ныцъцъæл, ныммур скъолайы пырх къулты бын... Ашот йæ къух скъæфæгау ра- кодта. Скъæфгæ нæ, афтæ йæм фæ- каст, цыма йын бетон панел йæхæ- дæг рариуыгъта йæ къух. Цыма йын дзырдта: «Айс дæ къух, астæ- уæй дæлæмæ йæ æз аныхъхъуырд- тон». Иæ сæр разылд, зонд фæли- вæнтæ райдыдта, фæлæ йæ Рама- заны лæгъстæ йæхимæ æрцæуын кодта. — Цы дын баххуыс кæнон, Ра- мазан, цы дын мæ бон у! — æрди- аггæнгæ, Ашот йæ цæсгом фæцав- та йæ ахст æмбалы бæзджын сæ- рыхъуынты. Рамазаны буар рызт. Цард цъус- гай хъуызыд йе ’взонг буарæй. ...Мæнæ та ногæй фæхæст Ашоты къухыл. Йæхимæ йæ æрбайста æмæ йыл иу къухæй хæцы. Ие ’ннæ къух дæр иннæрдыгæй пъолыл æрбала- ста æмæ Ашоты къух йæ дыууæ ар- мытъæпæныл æрæвæрдта, стæй ууыл та йæ галиу рус æрæвæрдта. Йæ архайдтытæ уыдысты цæхгæр, гуымир, фæлæ æдых... Рызт Ашоты буар дæр. Рызт, цы уавæры ныххауд, уымæй тæрсгæ- йæ. Тарст талынгæй, тарст Сурены мард буары хайæ, тæрсын райдыд- та Рамазанæй æмæ уыимæ иунæг- дзинадæй дæр. ...Æвиппайды Рамазан, цыма йæ бынатæй фæсæррæтт кæнынмæ хъа- выд, уыйау фесхъиуæгау кодта, сæр, гуырыл хæрдмæ уæлиау схæ-
цыд, йæ иу къухæй Ашоты армы рæбын, цонджы, фидар ацахста: — Ашо... — райхъуыст ма Рама- заны хъæлæсæй, стæй æрхауд пъо- лыл... Чысыл фæстæдæр ацы зын- доны бынатæй хъыпп-сыпп нал рай- хъуыст. Æппæт дæр ныссабыр. Дыууæ æмбал-лæппуйы ацыды- сты цардæй. Сæ иу бынтондæр си- ста йæ уд, иннæ та рæстæгмæ — ■фесæфта йæ зонд, бауадзыг. ...Декабры мæйы æддæ уæвын зын у. Уæлдайдæр та чысыл мæнг быцаты, алырдыгæй дæм мæлæт- хæссæг уазал бетон къултæ кæм кæсынц, мадыгуыбынау талынг кæм у. Уæлдайдæр та чысыл саби- йæн, ахуырдзауы формæйы. Уыцы зындзинад æмæ тæссагдзинадæй рæстæгмæ фæлыгъд сабыр дунемæ Ашот. О, куыд хорз уыд уыцы ду- нейы Ашотæн, кæд дзы хъуыды ни- цы кæны, уæддæр. Фæлæ хорз æмæ амондджын рæстæг тагъд лидзы. Фæцис уыцы рæстæг Ашотæн дæр æмæ та цъусгай йæхи æмбарын райдыдта. Базыхъхъыр кодта уæз- заугай йæ цæстыты тъыфылтæ, фæ- лæ диссаг! Иæ цæстытæ нал уы- нынц, æви æхсæв у? Цæмæн хуыс- сы хъæбæр пъолыл? Кæм ис йæ гæ- ды, Эгине, йæ баба æмæ йæ гыц- ци?.. Бынтондæр байгом кодта йæ цæ- стытæ. Ницы уыны. Кæм ис? Йæ зонды æппæты фыццаг райхъал сты хаугæ къултæ, цары гуыпп- дæнджытæ, рудзгуыты æвгты сæт- гæ зæлтæ, партæты æвиппайды цъæл-хъыррыст, йе ’мкъласонты тæссаг хъæртæ æмæ бынтондæр уæд æрчъицыдта. Ингæнау талынг æмæ сабырдзи- надæй лæппу ногæй фæтарст. «Цы фæцис Рамазан та?» — афарста йæ- хи æмæ базмæлыд йæ мидбынаты. Куыд базмæлыд, афтæ банкъардта. йæ къухыл ын цыдæр, чидæр фч- дар кæй хæцы. Иннæ къухæй йæ асгæрста. — Рамазан!... — йæ хъæлæсыдзаг тас-хъæр фæкодта Ашот. Иæ цон- гыл тыхст уыдысты Рамазаны уа- зал, æндон æнгуылдзтæ... Иу тасæй йæхи нæма æрсабыр кодта, афтæ- мæй иннæ йе ’ккой абадтис... Ашот нæ базыдта, куы фæсур, уæд Рамазан та йæ уд кæй систа æмæ йын ныр йæ мард буарыл йæ къух æрхæсгæйæ, йæ чысыл уд бын- тон рауæлдай, йæ зæрдæ ауазал. Фæтарст мард адæймаджы буарæй æмæ ныхъхъæр, нырдиаг кодта, кæд æм æххуысмæ ничи фæзында- ид, уæддæр. Афæлвæрдта йæ къух ратоныныл — нæй. Раст æй цыма йæ сабидуджы хæлар мæрдты бæ- стæм йемæ кодта, уыйау ыл фидар хæцыд. Фæлæ диссаг у тарст адæй- маг! Тыххæйты стыдта йæ къух А.шот æмæ йæ цыппæртыл тагъд- гагъд айста йæхи уырдыгæй. Алыгъд, фæлæ дард нæ — кæйонг хъуамæ алыгъдаид. Ссардта къуым æмæ уым йæхи къулмæ нылхъывта. «Гуыпп! Гуыпп!» — хъуысы Ашот- мæ. Æддейæ нæ — йæ риуæй. Уый йæ ^онт зæрдæ фæдисы хост кодта... Цы хъизæмæрттæ æвзары дæ чы- сыл уд, Ашот! Фыдракæнд нæ са- разгæйæ дæ ахæм ахæсты чи ба- кодта? Цы дæм æнхъæлмæ кæсы? Стыр, æгæрон тасы бын дæм мæ- лæт, залиаг калмау, хилы, æви сæ- хиуыл ахæцдзысты хауд къултæ æмæ та ногæй аныгъуылдзынæ удæ- гас дунейы хъæбысы? Лæппу æгасæйдæр рызт. Рызт тас æмæ уазалæй. Фæлæ йæхи уæд- дæр æлхъывта къултæм. Бады дзуццæг бадтæй. Иæ рæмбынкъæдз- тæ уæрджытæм — быцæу, цæнгтæ — дзуарæвæрд, армытъæпæнтæ — уæхсчытыл. Рахис къухы æнгуылдз- тæ цавæрдæр хъæбæрыл схæцыды- сты. Иеныр æй фæхъуыды кодта, йе уæхскыл дур кæй æрхауд, фæ- лæ дзы туг рацыд æмæ пысултыл ныхъхъæбæр, уый нырыонг нæ фæ- хатыдта, стæй йæ æндавгæ дæр нæ кодта. Иæ уд уынгæджы уыд йæ уавæрæй. Ныр дæр мæнæ куы ныр- диаг кæны æмæ уыцы æрдиаг æх- хуысмæсидæг хъæрмæ рахизы, куы та ныссабыр вæййы æмæ йæм уæд йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп уадид, сыхъуысы. Ашотыл йæ зонд сайдæй цæуы, хъуыды кæнын нæ фæразы. Æгæр- ыстæмæй, кæд Эгинейы, йæ ный- йарджыты æрбаймысы, уæддæр йæ цæстыты раз ауайынц æрмæстдæр кинойы хицæн нывтау, æмæ та фæ- тары вæййынц. Тас, мæрдон тас ыл пъæззыйау ныббадт æмæ йын йæ уæнгтæ, йæ зæрдæ, йæ хъуыдытæ сæлхъывта. Иуахæмы Ашот .акæстытæ кодта йæ алыварс. Ацагуырдта фыссæн фæйнæджы сæрмæ урс стъæлф. 21
Фыссæн фæйнæг цыран ауыгъд уыд, уый нал рахатыд æмæ стъæлф агуырдта йæ алыварс алыран, фæ- лæ йæ нал ссардта. Фесæфт йæ фæ- стаг ныфсы таг дæр... Рæстæг нал хаты Ашот. Бынтон- дæр æрлæууыд, æви йæ размæ ис- куыдæм скъæфы — бæрæг нæй. Зо- ны уый, æмæ бирæ, тынг бирæ кæй хъизæмар кæны æмæ ахæм уавæры бирæ кæй нал бафæраздзæн. Рæ- стæг ын æнæвгъау æвдæрзта йæ фæлвых уд. Тас ын йе ’нкъарынад къуымыхæй-къуымыхдæр кодта. Куыд тынг æй фæндыд, мард куы фестид æмæ Рамазан æмæ Сурены фарсмæ æдзæм, æмырæй куы хуыс- сид. Фæлæ куыд амæла? Цахæм уавæры бадт, ахæм уавæ- ры бадгæйæ баззад йæ бынаты Ашот æмæ æнхъæлмæ кæсы йæ адзалмæ. Ныссабыр. Нæ йæ зоны, цас фæбадтаид афтæ, иурæстæджы йæ хъустыл цавæрдæр уаст куынæ ауадаид, уæд. Лæппу уайтагъд йæ къæхтыл алæууыд, кæд ын нындзыг рты, уæддæр. Цыма машинæйы сиг- нал уыд, афтæ йæм фæкаст. Æга- сæйдæр хъустæ фестад. Нындзьу4, ныммыр йæ мидбынат, афтæмæй хъуыста, фæлæ йæ заууаты бынат- мæ хъæлæба нал байхъуыст. Иу- дзæвгар афтæ фæлæууыд, стæй йæ фæсус хъæлæс цас амыдта, уый- ас ныхъхъæр, нырдиаг кодта. Чы- сыл фæстæдæр æй сфæлхатт кодта, стæй ноджы... Æмæ ныхъхъуыста удæгас дунемæ. Фæлæ Ашотæн уы- цы дуне уыд сабыр, æмыр. Иæ хъæртæн дзуапп куынæ райста, уæд йæхи æруагъта пъолыл, фæрс- ырдæм афæлдæхт æмæ та йæ кæ- уын-хъарæг райхъуыст. Йæ хъæлæс ныллæмæгъ, йæ чысыл зæрдæ ныд- дур... Лæппу æнхъæлмæ каст, кæд та йæм æрбайхъуысдзæн æддейæ хъæ- лæба, уымæ. Æмæ йæ тынг бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Иæ комкоммæ хауд панелыл дуртæ рызгъæлдысты æмæ йыл уырдыгмæ атылдысты. Ашот йæ сæр фæхъил кодта. Афтæ йæм фæкаст, цыма скъола ногæй кæлы. Гæды бæла- сау, рызт, афтæмæй сæнт каст кæ- ны, кæй нæ уыны уыцы панелы ’рдæм. Рæстæгмæ та бæстæ фæсабыр, фæлæ бынтон нæ. Лæппумæ хъуы- стысты, йæ хъустæ а^сын райдыд- 22 той хаугæ дуртæ, машинæты æмæ æгæрыстæмæй, адæмы хъæлæба дæр. Зыдæй ахсы, калд къулты ’хсæнты йæм цы зæлтæ баирвæ- зынц, уыдон. Кæд ницы уыны, уæд- дæр йæ цæстытæ астыртæ сты, кæ- сы йæ алыварс, фæндаг ын æддаг дунемæ кæцырдыгæй байгом уы- дзæн, уый йæ фæнды фенын. Кæй аивæрздзæн ацы æлгъыстаджы бы- натæй, ууыл нал дызæрдыг кодта. Ныфсы тынтæ ныккастысты йæ та- лынг зæрдæмæ. Æддейæ уынæр тынгæй-тынгдæр хъуысы Ашотмæ. Ныр фыссæн фæйнæджы сæрмæ нæ, фæлæ æндæр рæтты пырхытæй фæ- зынынц рухсы тæппытæ, хæххытæ æмæ та фесæфынц, стæй та ногæй фæзынынц. Ашот æнæрхъæцæй æн- чъæлмæ кæсы, кæд байгом уыдзæн 1е ’нæдуар лæгæт æмæ кæд акъах- дзæф кæндзæн сæрибар дунемæ. Æрбалæууыд уыцы рæстæг дæр. Лæппуйæ чысыл фалдæр хауд па- нелтæй сæ иуæн йæ уæллаг кæрон къулæй фæхицæн æмæ йе ’мбæрц рухсы уаццаг астæрдмæ æркаст, барухс æй кодта. Рухсы уаццаг уæ- рæхæй-уæрæхдæр кодта. Мæнæ, та- лынгимæ цы арæн арæзта, уый ба- хæццæ Рамазанмæ. Фыццаг сны- дзæвд йæ сæрыхъуынтыл, галиу русыл хауд сæрыл, фæрсæрдæмыты тыгъд къухтыл, чъылдымыл... Па- нел хæрдмæ хъен слæууыд. Пъо- лæй куыд хицæн кодта, афтæ Ра- мазан базмæлыд, æмæ Ашотмæ аф- тæ фæкаст, цыма æгас рацис. Фæ- лæ уый афтæ нæ уыд. Базмæлын æй кодта æгъатыр панел, цыма йæ, йемæ хæрзбон кæнгæйæ, бæстон ба- зонын фæндыд, амардта йæ æххæ- стæй, æви нæ. Ашот йæ цæстæнгас аскъуыдта Рамазанæй æмæ фæкаст хæрдмæ. Уырдыгæй йæм арвы чысыл гæп- пæлæй кастис хур. Хур? Нæ! Уый Ашот афтæ фенхъæлдта. Талынг арвыл хур нæ вæййы. Уый хæрдмæ исæн краныл ауыгъд прожектор уыд æмæ алыгъд уæлдæфы ауыгъд панелы цъæлимæ. Лæппу райдианы цы акодтаид, уый нæ зыдта. Цы цæхгæр ивындзи- нæдтæ цæуы йæ царды, уыцы уа- вæрты архайын уайтагъд нæ фæ- царæхсы. Афтæ уыд ацы зындоны бынаты æвиппайды æрдæгмæрдти- мæ, стæй та мæрдтимæ куы аззад уæд дæр. Фæлæ уæд йæ архайдтьь
тæ йæхи бар нæ уыдысты, йæ фез- мæлæн бынат — къуындæг æмæ та- лынг. Ныр та — лидзгæ кæн арды- гæй æмæ дуне æгасæйдæр дæу у. Лидз, кæцырдæм дæ фæнды, уыцы- рдæм! Иуцасдæр сагъдауæй аззайгæйæ, фыццаг къахдзæфтæ сараза а-ныр æддæмæ, афтæ Рамазаны цурмæ æрхызтысты æд рухсгæнæн фонар- тæ цалдæр лæджы. Атыгуыр ыл сты. Сæ иу фонары рухсмæ æрзылд- тытæ кодта мæнг бынаты къуым- ты. ’Ашот афæлвæрдта сæ иувæр- сты æддæмæ ралидзын, фæлæ йæ лæгтæй сæ иу рацахста æмæ йæ систа йæ хъæбысмæ. Уый йæ къæх- тæ сцъагъта, къухтæй йæ тъæпп кодта, ома, мæхæдæг ацæудзынæн. — Тæрсгæ ма кæн, мæ чысыл хур, уæртæ дæ лæгъз ранмæ байсон, кæннод ам дæхи дуртыл ныццæв- дзынæ, — фидар ыл хæцгæйæ, рæв- даугæ дзырдта, чи йæ хаста, уый. Æнæзонгæ лæг Ашоты асфалт фæндагмæ рахаста æмæ йæ уым æриста йæ хъæбысæй. Лæппу йæ алыварс, хъæддаг сырды лæппы- нау, акæстытæ кодта, фæлæ адæм æмæ машинæтæй дарддæр ницы суыдта. Хъуыста сын сæ хъæлæба æмæ ма уыцы хъæлæбаимæ хъуы- ста зæрдæхалæн хъарджытæ дæр. Ашоты алыварс уайтагъд аты- гуыр сты дзæвгар адæм^ æмæ та йæм афтæ фæкаст, цыма ногæй, цы уавæрæй раирвæзт, уырдæм бахау- дис. Иу урсхалатджын æм æввахс бацыд æмæ йæ фонары рухсмæ æрысгæрстытæ кодта, бæстон ын æркаст йæ цæфмæ. — Рынчындонмæ йæ аласын хъæ- уы, — загъта уый, сгæрст æй куы фæцис, уæд. Ашот рынчындоны кой куы фехъуыста, уæд йæ алыварс- лæуджыты ’хсæнты асæррæт ласта æмæ уынджы иувæрсты дæлæмæ ныййарц. — Ашот, кæдæм лидзыс! Фæлæу- ма! — фæстейæ йæ расырдта иу лæг. Ашот æрлæууыд зонгæ хъæлæ- сы сидтмæ. Базыдта йæ. Уый йæ сыхаг Айказ уыдис. Айказ æй баййæфта, йæ разы йæ зонгуытыл æрхауд æмæ йæ æрба- хъæбыс кодта. — Хæдзары ныртæккæ ничи ис, Ашот, стæй уыцырдыгæй нæ цæ- рыс. Цом, æмæ уал дын дæ цæф дохтыртæ бабæттой, Кæс-ма, йæ туг дын куыд фæцыдис, — йæ сæры- хъуынтæ йын даугæйæ, дзырдта йæ сыхаг лæг. Ашот бахауд рынчындонмæ. * * * ...Рынчындоны сæмбæлдтæн Ашо- тыл æз дæр. Зыдтон, — Спита- кы стыр трагедийы рæстæджы са- битæй цæфтæ æмæ цъæлтæй кæй фервæзын кодтой, уыдонæй иу къорд ацы рынчындоны кæй хуыс- сыд. Æз цыдтæн ардæм, дидин- джытæ æмæ хъазæнтæ мæ къухы райсгæйæ. Фæндыд мæ уыцы æна- монд сабитæн сæ зын бонты сæ зæрдæтæ чысыл уæддæр бахъæл-. дзæг кæнын. Фæлæ мын нæ бан- тыст мæ хæс сæххæст кæнын. Æх- хæст æй скодтон, фæлæ... Мæ ди- динджытæ, мæ хъазæнтæ ацы рын- чындонмæ, ацы рынчынтæм цы ди- динджытæ æмæ хъазæнтæ хастой, уыдоны ’хсæн зынгæ дæр нæ ра- кодтой. Цыдис сæм бирæ адæм, æмæ мæ бацыд дæр дисы никæйы бафтыдта. Уыйхыгъд мæ зæрдæ æнкъард æнкъарæнтæй байдзаг. Цы палатæмæ бахызтæн, уым рог- дæр рынчынтæ хуыссыд. Дуарæй бахизгæйæ, галиуæрдыгæй, къулгæ- рон, хуыссыд ацьГ радзырды хъай- тар. Уый каст комкоммæ цармæ, æмæ йæ алфæмблай цы цыд, уый хатгæ дæр нæ кодта. Адзæгъæл йæ хъуыдыты. — Рамазан! — æвиппайды фæ- хъæр кодта æмæ фæбадæг йæ сын- тæджы. Палатæйыуæвджытæ йæм иууылдæр фæкастысты. Медицинон хо уым фæцис. Бауад æм. — Ашот, цом, дæхи къæлидормæ аирхæфс, — æмæ йæ ахизын кодта къæлидормæ. Уым даргъ фæлмæн бандоныл бадтысты дыууæ лæппу- йы, рог рынчынтæ чи уыдысты, ахæмтæ, æмæ хъазыдысты хæддзу хъазæн машинæтæй. Медицинон хо йæ æрбадын кодта уыдон фарсмæ æмæ сæ бафæдзæхста, цæмæй Ашо- ты дæр семæ ахъазын кодтаиккой. Лæппутæй йæм сæ иу лæвæрдта.йæ машинæ, фæлæ йæ нæ райста — нæ йæ фæндыд хъазын. Мæ цæстæнгас мын аздæхта йæ- химæ Ашот æмæ йæм мæ хъус дард- тон. Уый бадт бандоныл æмæ, зæ- ронд лæгау, каст иннæ лæппуты хъазтмæ. Æз мæхи йæ цурмæ бай- стон, Йæ фарсмæ æрбадтæн. 23
— Ашот, исты дæ риссы? — ба- фарстон æй. — Нæ, æз дзæбæх дæн. Æрмæст мæ уæхск чысыл... — Æмæ дæм дæхицæуттæй ничи æрбацæуы? — Ничи... — саст хъæлæсæй ба- кодта лæппу, стæй йæ ныхас адард- дæр кодта. — Æвæццæгæн, нæ зо- нынц, ам кæй дæн, уый. Зæгъ-ма дохтыртæн æмæ мæ ауадзой. Мæ цæф дæр нал риссы... — æмæ мын æххуысагур мæ цæстытæм комком- мæ скаст. — Дохтыртæм хъусын хъæуы, Ашот. Нырма, æвæццæгæн, дзæбæх не снæниз дæ, æндæра дæ ауадзик- кой. — Уæд та мын мæ баба æмæмæ гыццийæн фехъусын кæн æмæ мæм æрцæуой. Стæй мæ хо Эгинейæн дæр. Æрымысыдтæн сæ. — Дæ мыггаг кæмæй у? — Погосян дæн... — Æмæ дæ ныййарджытæ кæм куыстой? — Хойрагисæн куыстуаты. — Сæ нæмттæ та куыд хуыйнынц? — Мæ фыд Степан, мæ мад та — Сусанæ... Ардæм чй æрбацæуы, уы- донæй цалдæрæн загътон, цæмæй сын фехъусын кæной, ныфс бавæ- рынц, фæлæ мæ фæсайынц, — йæ цæстытæ доны азылдта лæппу. Æз дæр ын ныфс бавæрдтон, кæй йын ссардзынæн йæ иууыл æввахс- дæр адæймæгты. ’ Æмæ йæ сайгæ дæр нæ фæкодтон. Уыдтæн Спита- кы. Базыдтон æппæт дæр... Æрцæудзынæн та Ашотмæ дæр, нæ йæ фæсайдзынæн. Радзурдзы- нæн ын, йæ ныййарджытæ, йæ хо сæрæгас кæй сты. Уыдон дæр рын- чындæтты кæй хуыссынц, тагъд кæй адзæбæх- уыдзысты æмæ кæрæдзи- йыл кæй сæмбæлдзысты... Фæлæ рацæудзæн иуцасдæр рæ- сгæг æмæ иубон Ашотимæ ацæу- дзыстæм Спитакмæ. Уым базон- дзæн зонгæ бынæттæ, фæлæ нæ ба- зондзæн йæ горæты. Горæт нып- пырх, æрнымæг дзы цард, фæлæ уæддæр цæры. Мæлдзыджыты гу- бакк куыд ныппырх кæнай æмæ уы- дон куыд сызмæлынц, афтæ ам дæр змæлынц алырæттæй æххуысмæ- рцæуæг адæм. Лæппу базондзæн, йæ горæты цæрджытæн æрмæстдæр сæ фæндзæм хай кæй баззадысты сæ- рæгасæй. Ашот змæст, пырх горæ- ты не ссардзæн йæ уынг, йæ хæдза- ры пырхæнтæ. Кæдæм бацæуа, уый дæр ын нæ уыдзæн. Ам æм ничи æнхъæлмæ кæсдзæн, ничи йыл ба- цин кæндзæн, æгæрыстæмæй йæ гæ- ды дæр... Æмæ уæд мах ацæудзы- стæм, горæтæн æддейæ йæ арæнтæ цалдæр бонмæ дардыл чи айвæзта, уыцы уæлмæрдмæ. Мингай ног- къахт ингæнты ’хсæн ссардзыстæм йæ фыд Степан, йæ мад Сусанæ æмæ йæ чысыл хо Эгинейы ингæн- тæ. Уым сыл фембæлдзæн æмæ фæ- кæудзæн Ашот... ...Цæудзæнис рæстæг, цæудзысты азтæ, фæлæ Ашот никуы ферох кæн- дзæн уыцы райсом, йæ фæстаг амондджын æмæ уыимæ стыр æна- монды райсом. Уый йæ зæрдæйы, йæ цæстыты раз мыхуырæй баззай- дзæн æмæ не ссæудзæн, цалынмæ йæ зæрдæ куса, йæ цæстытæ æрт- тивой, уæдмæ. Уыцы райсом уыд йæ сабидугы фæстаг райсом, йæ царды йын цыдæриддæр зынаргъ уыдис, уыдонимæ хæрзбоны рай- сом. Ашот бахъуыды кæндзæн цæрæн- бонтæм, уыцы райсом цахæм æн- гас уыд йæ фыдæн, Сусанæйы фæлмæн æнгуылдзтæ йæ уадул- тыл, йæ фæлмæн «ба», Эгинейы зар- гæ хъæлæс, йæ фарстытæ сывæл- лæтты цæхæрадонмæ цæугæйæ, йæ цъæх худы цъупп... йæ хъуынджын гæпæм гæдыйы... Æвзонг лæппуйæн йæ удыхъæ- дыл бандавдзысты ацы æвиппайды æвирхъауы цаутæ. Цахæм хъуамæ уыдаид фидæны, ахæм нал уыдзæн. Уый уыдзæн æндæр Ашот. Уыцы Ашотæн æндæр æмбæлттæ, æндæр зонгæтæ, æндæр хæдзар, æндæр го- оæт... цардмæ æндæр цæстæнгас. Уыцы Ашотæн нæ уыдзæнис ный- йарджытæ, хотæ æмæ æфсымæр- тæ... Уыдон лæппуйы фидæны цардæй оаскъæфгæ ньтвтæ сты. Ныр та’ ууыл фескъуыдис мæ радзырд, куыд аскъуыдысты, Ашот кæй алы- ваос цард, уыдоны мингай удтæ. Ашотмæ разæй æнхъæлмæ кæсы, цахæм хъуамæ уыдаид, ахæм нæ, фæлæ æндæр цард. Уыцы цард-сю- жет — æндæр радзырдæн,
ЦХУЫРБАТЫ ИВАН АДÆИМАГ Адæймаг, ыстыр — дæ ном, У дæ рухс фидæн æргом... У дæ хæс нæртон хъуыддаг, — Фарныл аудай фыццаг... Уд-æгъдауæй уай сыгъдæг, — Лæг æндæр цæмæй у лæг! Фарнæй ницы ис хуыздæр, Æмæ ды фæрнджынæй цæр... Адæймаг, цыфæнды кус, — Зæрдæйæн йæ хостмæ хъус: Уый цæмæй бадома рис? — Уым зынуромæн у низ! У хуымæтæг æмæ раст, Хон дæ ’фыццаг хæзна уарзт. Зæндтимæ куы уа дæ зонд, Уæд^дæ ном, дæ кад — бæрзонд. Хорздзинæдтæ тауай ды — Мæн зæрдæбынæй фæнды... Æрдз æмæ дзыллæты уарз, Царды хидарын фæраз. I Адæймаг, нæртон — дæ ном, Зæхх — дæ сых, дæ хъæу, дæ ком... Цард — дæ фæллæйтты хуыздæр, Цæр рæстæй, æнустæм цæр!.. 1988 ИРОН ФАРН Нæ фыдæлтæн, тыхджын алантæн Дунейыл хъуыст уыдис сæ ном. Тыхгæнæг сын тых дæр нæ ардта, Уыдысты ’ндонæй сæрст, хæстхъом. Кæд тохы-иу фæтыхстис исчи, Уæд-иу сæ ракуырдта æххуыс: «Сымах хуызæн хæцынмæ ничи... Куы та нæ бахъуыдис уæ сæр!» I Æмæ-иу бабадтысты бæхтыл, — Хæлæрттæн феххуысмæ — цæугæ! Хур хъазыдис сæ æндон кæрдтыл, Сæ ныхмæлæуджыты — кæрдгæ! 25
Кæддæриддæр уæлахиз кодтой, Лæгдзинад сын фыдæлтæй зад, Бæхтыл бадын, фыдгулы сæттын Нæ хистæртæн — сæ фарн, сæ ард... Иæ рихийæ ирон лæг искуы Дæуæн куы ратыдтаид хъуын, Уый уыд æууæнчы нысан царды, — Нæ дæ фæсайдтаид æппын... Цы ма уыд хорздзинад фыдæлтæм? Цы сын бæрзонд кодта сæ кад? — Ныууагътой-иу сæхи æххормаг, Фæлæ сæ уазæгæн — лæггад! Цыдæриддæр уыд хорз фыдæ’лтæм, Уый нын — æнæфысгæ фæдзæхст. Æмæ дзы алцыдæр мах хъуамæ Кæнæм æппынæдзух~ æххæст! * * * Мæнæн та дзурыс ды тызмæгæй: «Мæ цард нæ ацыдис нывыл... Цы федтон æз дæумæ хæрзагæй! — Фыдхъысмæт рахæтыд мæныл!..» Дæумæ æз ницы сдзырдтон мур дæр, Фæлæ та катайыл фæдæн... О, ам ды ницы ф^дтай хурæй, — Кæйдæртау бонджын æз нæ дæн; Нæ хæссын голлаггай æхцатæ, Мæ бон дæлдзæхты нæу цæуын... Нæ дыл кæнын зынаргъ цацатæ, — Кæмдæр фæсайдта дæу дæ фын!.. О раст дæ ды... фæлæ нæ хатыс, — Мæ уарзт уыд, цъитийау, сыгъдæг. Дæуыл цæрддзу кодтон, æрратæ, Æхсæв нæ ахста мæн хуыссæг. Нæ ныффыстон мæ уарзтыл кадæг, — Уый уыд дæ аххосæй æрмæст: Куы-иу гуырди мæ риуы зарæг, Уæд-иу мын расидтæ æрмхæст! Дæ ахаст — мастхæссæг мæ риумæ, Æмæ дæн сагъæсты ныгъуылд... Мæ цард куы-иу кодтон дæуимæ, Мæнæн мæ амонд уæд нымпылд!.. * * * Дæ фæлгонц, дæ ныхас Зынаргъ у мæнæн. Мæ амонд — дæуыл баст, Мæ зæрдæлæууæн!
Мæ зæрдæ фæдзæгъæл, Фæтагъддæр йæ куыст, — Дæумæ ис йæ дæгъæл, Æрзил ын йæ рыст... Нæ зонын, куыд уыдзæн Æнæ дæу мæ сæрд?.. Æндæр мæм дæ хуызæн Нæ фæзындзæн зæд!.. 1988 * * * Æдзухæй ды лæууыс мæ зæрдыл: Сызгъæри^гъуыз — дæ даргъ дзыккутæ, Дыууæ быдæй тæлфынц дæ уæнгтыл, Зынг хурæн сты цыма йæ тынтæ! Дæ æрвгъуыз диссаджы цæстытæ!.. Цы ис рæсугъддæр цымæ æрдзы?!. Уыд уазал, зымæг уыд Уырысы, Нæзы бæлас лæууыд йæ кæрцы. Нæ кæрæдзийыл миттæ ’ппæрстам, Нæ циндзинад нын æрдз æмбæрста... Æгæрон уарзты ад æвзæрстам, Нæ фæдтæ нын тымыгъ æмбæрзта... Ам, махмæ та, Кавказы, ’дзухдæр Æфтауынц дидинæг нæ фæзтæ. Нæ сийынц уазалæй мæ къухтæ, Дæ цæстытау рæсугъд — мæ бæстæ... ХОСТÆ Æрзылдтæ аптекæтыл абон, Ды хостæ агуырдтай мæнæн. Æрбахастай сæ... Фæлæ адон Цы хъуамæ феххуыс уой лæгæн!.. Мæ зæрдæйæн йæ хос ды куы дæ, — Дæ мидбылхудт æмæ дæ дзырд! Куы ацыдтæ, чызгай, мæ тыхтæ Фæкъаддæр ысты уæд, бæлвырд... Фæзын!.. Ыслæууон æз мæ къахыл, Фылдæр мæм худ, фæлмæн мæм дзур. Уадз цард узæлæд иумæ махыл, Уадз иумæ тавæд мах зынг хур! 1987 ДИДИНÆГ О, дидинæг куы дæ дæхæдæг, Уæд ма цæмæн хастай мæнмæ Ды уыцы дидинтæ — хæрз нæуæг? Кæм сæ ыссардтай ды сæумæ?
Зæрдæтæ не ’лхæнынц лæвæрттæй, Нæй уарзты зынгæй хъазæн, нæй. Нæ фæтчы хъаст кæнын хæлæрттæй, — Ды ма у афтæ ’нхъæл мæнæй... Æз дын дæ цæстытæм куы кастæн, — Уыдтон бынтон хорзæй мæхи: Цыма хызт уыдтæн низæй-мастæй, Цыма нæм низ нæдæр уыди... Цæрын æз ам, Мæскуыйы, рагæй, Фæлæ дзы, баууæнд мыл, чызгай, Нæ федтон ,ахæм — кондæй, уагæй, — О уас хæрзæбонтæ — дæ хай! Тæхудыйаг, кæмæн уыдзынæ Иæ царды ’нусбонтæм æмбал!.. Ды циндзинад кæмæн хæсдзынæ, Кæй зæрдæ скæндзынæ ды хъал!.. 1987 * * * Мæ удлæууæн Симæ, Мæ амонд, мæ зæрдæ!.. Фæцæуæм нæхимæ, Цом, фенæм нæ хæхтæ! Нæ зонын, нæ хатын, — Уыдзæн уым дæ хуызæн?.. Дыккаг ахæм раттын Нæ бантысдзæн æрдзæн... Хъуыдытæ — æгæрон, — Нæ хизынц дæ фæрсты... Нæй удыл æндæр бон —\ Дæ уацар-ахæсты... Фæзилын æз дардыл, Фæцæуын хæтæны, — Мæ фæндаг та ардæм Дæумæ мæн æркæны... 1988 /11ВВ1НГ
ФÆРНИАТЫ ДЗИВУШ ДЖЕМПР Радзырд — Тезгъо кæнын хорз у? Митыл бы- рын, и? — фæстæмæ йæ лæппумæ ракæсы Альбинæ, йæ сæр æм батилы, бахуды йæм. Алан чысыл саби у. Йæ къахыл æрæ- джы ауади. Йе ’взагыл дзырд рæстмæ нæ- ма бады. Фæлæ йæм йæ мад исты куы сдзуры, уæд йæ цæнгтæ батилы, хъæрæй ныххуды. Алан бады цъæхахуырст къан- нæг дзоныгъыл. Йæ уæлæ пальто, хъус- джын худ, цырыхъхъытæ. Уазал мурмæ дæр нæ дары. Дзоныгъыл разырдыгæй урс синаг баст. Синаджы кæроныл фидар хæ- цы Альбинæ. Сатæг, дзæнхъирд райсом. Дысоны фыд- цъылыс дымгæ дзæгъæлуаст, дзæгъæл хæ- тынæй ныффæллад. Æмæ йæ кой, йæ хъæр фæсæмбисæхсæв бамынæги. Кæмдæр сау комы арф хуыдымы нымбæхсти. Карз фы- нæй ныцци. Йæ уæлвæд бонырдæм рауа- рыд мит. Æмæ мæнæ райсомæй хур рака- сти. Дзæнхъирд арвыл сфардæг и. Альби- нæмæ хæдзары бадын нæ цæуы. Йæ зæр- дæ æхсайы æддæмæ, уынгмæ. Кæм цы ис? Уæд та цы хабар æрцыди... Уæд æй ма базона, ма фехъуса? Уанцон нæу... Зымæг у. Ногуард мит уæлхæдзæрттыл, фæндаггæрон пæлæхсар бæлæстыл йæ уæз æруагъта, æрцауындзæг сыл. Альбинæйы фæдыл дзоныгъ суых-суых кæны. Кæм — хæрд, кæм — уырдыг. Аланæн йæ гуыр, йæ сæр фæразуæз вæййы. Иуæрдæм фæ- Дзой кæны. Йæ мидбынаты фæгæпп-фæ- гæпмæ хъавы. Кæл-кæлæй худы. Цæсты- тæ сæхи уæлтъыфæлтты бын амбæхсынц. Йæ нарст цæсгом ныссырх и. Мад дæр йæ уæнгтæ рог айсы. Мидбылхудт цæсгомæй нал хизы. Хуры фæлмæн тынтæ ногуард митмæ кæм комкоммæ ныккастысты, кæм та йыл фæрсæрдæм цъелф кæнынц. Хур æмæ мит рагæйдæр кæрæдзи нæ уарзынц. Миты сæфт хурæй æрцæуы. Æмæ та йыл ныр- тæккæ дæр, куыддæр хуры тынтæ æрба- ныдзæвынц, афтæ сæ йæ фæлгуырæй, йæ- хицæй разыввытт ласы. Удаистæй, фæстæ- мæ тыбар-тыбургæнгæ, фесхъиуынц, æмæ куы Аланы цæстыты смидæг вæййынц, КУЫ — Альбинæйы. Исдуг сæ дыууæйæн Дæр сæ цæстытæ цъындæй аззайынц. Стæй та сæ кæрæдзимæ бахудынц. Уазал у зы- мæг. Зыхъхъыр, цæрдгом, хуыдыхæлд кæм ары — сгары сæ, мидæмæ быры. Альбинæ йæ сырддзарм сау кæрц йе уæнгтыл æн- гом æрбатухы. Йæ къæхты бынæй хъуысы салдвæндаджы хъыррыст. Цæуджытæ... Зонгæтæ... Салам ын чи ратты, уымæ йæ бæрзæй, жирафы къубалау, фесхъæл кæ- ны. Уæлæуæзæй йын йæ сæрæй акувы, æмæ та йæ фыртимæ дарддæр асенк ла- сынц. Альбинæйы къахайст фæсабыр. Уартæ йæ сыхаг Журетæ æрбауайы. Йæ хъæбы- сы цыдæр. Цымæ йæм цы ис? Альбинæйы былтæ æлвæст æрдынбосы хуызæн ныт- тынг сты. Фæкъæппæввонг. Журетæ йæ цурмæ æрбахæццæ... нæ дæр салам, нæ дæр исты... — Кæм уыдтæ? Цы балхæдтай? — Дæлæ дуканийы... — Алæ-ма, цы дзы лæвæрдтой, — фев- нæлдта Журетæйы æрмттæм. — Джемпртæ дзы ис... Рувасдзармæй сылгоймаджы худтæ. Мæнæ, гъа, фен сæ, — сабыргай загъта сыхаг ус. Альбинæ гæххæтты тыхтон тагъд-тагъд айхæлдта. Æркасти сæм. Уырзæй сæ æрыс- гæрста. Суанг сæм смудгæ дæр скодта. Альбинæйы сæууон æртахы хуызæн æрв- гъуыз цæстытæ, фырцымыдисæй куыддæр фестырдæр, фæхъоппæгдæр сты. Мæнæ цы худ ис! Цæгатаг рувасдзарм. Тинтычъи- ау —фæлмæн. Хурмæ куыд æрттивы... II яр- сты тигътæ исы. Дефицит. Се ссарæн ни- куы вæййы. Науæд джемпр... Венгриаг, уæздан дарæс. Цы æрттиваг æгънæджытæ йыл ис! Цыма сыгъзæрин донытылд сты. Тыбар-тыбур кæнынц. Дыууæрдыгæй дæр йæ риуыл дзыппытæ. Риуыл размæ куыд хорз хæцынц. Йæ уæхсчыты нарæг пъа- гæттæ, бур цæппæртимæ. Ног модæ у. Айразмæ дзы сæ сыхæгты чындзæхсæвы иу уазæг чызгыл уыд. Куыд диссаджы фидыд ыл кодта! Адæмы хуыз иста. — Кæм сæ уæй кæнынц? Ныййафдзынæн ма дзы? — стæлфыдысты Альбинæйы æф- сæртæ. — Далæ Сакирæт кæм кусы... — Сакирæты дуканийы? Æхца дæм нæй? Æфстау уал мын авæр, — фæхæлиу Аль- бинæйы дзых. 29
^- Нæй, ме ’дзард хойыстæн, уæд дын... Альбинæйæ хъыпп-сыпп нал схауди, атагъд кодта дуканимæ. Дысон адджын фынтæ уыдта. Куы райхъал, уæд æй æр- хымпырдта, цыдæр æхсызгон хабар æм кæй æнхъæлмæ кæсы. Стæй йæ райсом йæ галиу æрфыг дæр хордта. Райгонд хъуыд- дагыл æмбæлдзæни. Æрмæст тагъддæр. Сылгоймаг йæ дзыпп асгæрста — æхца йæм ис. Фæлæ бирæ не сты. Цы нæ фаг кæна... Сакирæт ыл баууæнддзæни. Хорз æй зо- ны. Фарон Ессентукийы иумæ уыдысты. Æнæхъæн мæй. Уыцы хъуыдытæй йæ ри- уы гуыпп арт ссыгъди, æмæ зымæгон уа- зал бон йæ фындзы хуынчъытæй йæ ком- улæфт фæздæджы къуыбылæйттæ калд. — Фидар бад, — фæстæмæ нæ кæсы, аф- тæмæй дзуры йæ лæппумæ æмæ уайы раз- мæ фæдисы уадæй. Чысыл дзоныгъы фæ- стæ миты урс мигъы фæздæг сыстад. Ала- ны цъæхснаг худт йæ хъустæ ахсынц. Уый сывæллон цин кæны, афтæ цæрдæг кæй уайынц. Иу тигъыл цæхгæр куы фæзылд, уæд дзоныгъ фæфæрсыл æмæ сывæллонæн рыг митыл дæлгоммæ йæ дзæхст фæцыд, ми- ты сæвдылди æмæ скуыдта. Мад ницы хъусы. Тигъæн иу фарсырдыгæй саби аз- зад, иннæрдыгæй мад, æмæ мад йæ саби- йы кæуын не ’рыхъуыста, афтид дзоны- гъимæ гъæйтт кæны размæ, тындзы дука- нимæ. — Гъей, хорз ус! Дæлæ ус! —- иу рудзый- гæй йæм хъæр кæны чидæр. — Гъей, дæ- лæ ус, æрлæуу! Альбинæ æрыхъуыста кæйдæр удаист хъæр. — Цыдæр дæ ахауди, уæртæ митыл, фæ« сте — дзурынц æм. Фæстæмæ фæкаст, æмæ дзоныгъ — аф- тид. — Сау бонтæ! Цы ’рбаци мæ лæппу! — ныцъцъæхахст кодта ус, æмæ фæстæмæ йæ фæд-йæ фæд суад. Тигъы фæстæ Алан митыл дæргъæй лæууыд æмæ быгъдулæг кодта рыг миты. — Мæ бындур ныззылд!.. Йæ цæстыты сыг абадти. Йæ развæндаг ыл фæтары. Ихæмбæхст митыл йæ дзабыр- тæ фæцъыввытт ластой, æмæ ихыл йæ тъæпп фæцыд. Йæ еудодой райхъуыст, ра- бадынмæ хъавыд, фæлæ фæстæмæ æрхауд- та, фæрсты къыбар-къыбур ссыд, æвæццæ- гæн дзы цыдæр ныссасти. Адæм æрбам- бырд сты. Циу, цы хабар у? Чидæр теле- фонæй фæфæдис. Фæдистæхæг тагъд æх- хуысы машинæ цыма гæппæввонгæй лæу- уыд. Мад æмæ фырты уæлхъус февзæрди. Шофыр сабийы йæ хъæбысмæ фелвæста. — Ох, куыд æнамонд дæн, куы! Уыцы джемпртæй æнæхай фæдæн — æмæ, хъæрз- гæ, нæтгæ Альбинæ кæйдæр æххуысæй ма- шинæмæ схылди.
УАНЕТЫ ВАЛЕРИ ДЗЕБО ÆМÆ ДЗЕБЫСОН Радзырд Дзебо æмæ Дзебысон ныр рагæй цæ- рынц иунæгæй. Сæрдыгон рæстæджы ма сæм сæ хистæр фырт, гъе сæ чызджы сы- вæллæттæй исчитæ вæййы æмæ уæд сæ хæдзар ахæм хасты хуызæн нæ фæзыны. Ныртæккæ, зымæгон рæстæджы та сæ кæд къуыри иу хатт исчи абæрæг кæны, уæд уымæй дæр бузныг!.. Сæ ахуырмæ гæсгæ, уæддæр райсомæй раджы рабадынц зæрæдтæ. Дзебо арт ба- кæны, базилы, цы фосы муртæ ма дарынц, уыдонмæ. Дзебысон дæр, оххытæ æмæ еххытæ кæн- гæ, йæ куыстытæ бакæны, аходæн æрцæт- тæ кæны. Нæу йæ бон Дзебойæн æнæ ахуыйæн. Стæй уарзы хæринæгтæ рав- зар-бавзар кæнын. Куы мæцъæйлаг хæри- наг нæ фæцæуы йæ зæрдæмæ, куы та сур хæринагыл нал фæразы кæны. Ныртæккæ дæр та фынгыл куы æрбад- тысты, уæд Дзебысон, Дзебойы æнхъæл- мæкæсаг цæстæнгас фæхатгæйæ, фынгыл æрæвæрдта чысыл арахъхъы графин. Дзебо арахъхъ анызта æмæ фæхъæл- дзæгдæр. Хæрын райдыдта. Хæрды фæстæ ма иу анызта æмæ графинмæ фæсмоны каст бакодта. Хинæйдзаг Дзебысон та дзы дыууæ агуывзæйæ уæлдай нæ нык- кодта. «Æнæуи дæр дæ удыл дæндагæй хæцыс æмæ æнæмæнг нозтæй хъуамæ си- сай дæ уд?» — уый фæвæййы йæ дзырд. Чизоны æмæ раст дзуры?.. Дзебо йемæ уы- цы хъуыддаджы фæдыл быцæу рагæй нал кæны... Дзебо арф ныуулæфыд æмæ фынгæй сы- стад. Йæхимидæг бахудт. Йе ’фсин афтæ æнхъæлы, æмæ йæ Дзебо нæ зоны, арахъхъ кæм æмбæхст вæййы, уый. Уынгмæ уал рацыд. Уынджы ма цы зæ- ронд лæгты раййæфта, уыдонимæ аныхæ- стæ кодта хицауады хъуыддæгтыл. Хæдзармæ куы баздæхт, уæд Дзебысо- ны диваныл хуысгæ баййæфта. Кастис та Цыдæр журнал. Дзебо йæхæдæг нæ уарзы газеттæ, журналтæ, гъе, чингуытæ кæсын. Газеттæ уæддæр рафыссынц. Чингуытæ æмæ сын журналтæ та сæ кæстæр фырт æрбахæссы. Цы дзы фыссынц ногæй? — афарста Дзебо. — Тагъд, дам, хъуамæ зæрæдты мыггаг- скъуыд скæной, — журналæй йæ цæстытæ нæ иппæрд кæнгæйæ, загъта Дзебысон. — Уый хорз хъуыддаг у! Уæд уал зæ- ронд устытæй райдайдзысты. Уæдæ алы- хатт лæгтæ мæлой раздæр?.. Дзебо йæ бинойнагмæ хъуызгæ каст ба- кодта. Уый цыма журнал тынг лæмбынæг кæсы, ахæм хуыз æвдыста. Дзебо сусæ- гæй йæ дзыппы агуывзæ авæрдта æмæ ныккæндмæ ныххызт. Диссæгтæ!.. Ам-иу ныккæнды 10-литруат баллон уыдис. Цы фæцис?.. Бамбæхста йæ кæмдæр зæронд рувас!.. «Фенæм, уæдæ! — бартхъирæн код- та йæхимидæг Дзебо, — кæд ды рувас дæ, уæд æз та — дæ къæдзил». ’ Дуармæ аразил-базил кодта. Æмбонды фæйнæджытæй сæ иу суæгъд. Хъавыдис æй бараст кæнынмæ, фæлæ йæ къухы ми- гæнæн ницы фæцис. Уæлхæдзар кæмдæр æвæрд сты. Сывæллæттæ ам куы вæййынц, уæд сæ, хъазгæйæ, фæйнæрдæм ныппырх кæнынц. Уый тыххæй сæ Дзебо дæр æм- бæхстæй дары. Дзебо асин рахаста æмæ уæлхæдзармæ схызт. Йæ æмбæхст асыччы рацагуырдта дзæбуг, аркъау æмæ зæгæлтæ. Фæстæмæ æрхизынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ зæрдæ цæмæдæр фехсайдта. Райсомæй хъугæн холлаг куы иста, уæд хосамад ахæм нæ уыдис. Бауадис æмæ йæ абæрæг кодта. Йæхицæй разы уыд, йæ цæст æй нæ фæ- сайдта, кæд зæронд лæг у, уæддæр... Æрдæбон цы арахъхъы баллон агуырдта, уый ам, хосы бын, æмбæхст разынд... Дзебойæн агуывзæ нырма йемæ уыдис. Рауагъта арахъхъæй æмæ дзы анызта. Йæхицæй тынг разыйæ æрхызтис уæлхæ- дзарæй. Æрбайрох дзы сты мигæнæнтæ дæр, æмæ æрдæбон цы асин сæвæрдта, уый дæр. Уынгмæ та йæхи райста. Раппæ- лыдис та йе ’мбæлттæн, йе ’фсины куыд фæсайдта, уыдæттæ. Уыдон дæр ахудты- сты. Фæлæ фæстæмæ хæдзармæ куы фæ- цæйцыдис, уæд ма йæм дзы фæстейæ чи- дæр радзырдта: — Нырма уал Дзебысонмæ бацу. Æцæг фæстæмæ куы бацыдис хæдзармæ, уæд Дзебысоны цыдæр тарæрфыгæй бай- йæфта. 31
— Цы хабар у? — афарста Дзебо. — Цы фыддæр дæ сæры хай, уый дын! — стардзæгъдæн кодта Дзебысон, —■ æрцу-ма цытæ фæцарæзтай, уыдæттæ дын фенын кæнон!.. Схизын æй кодта уæлхæдзармæ. Дзебо æрвдзæфау фæцис. Æрдæбон цы балло- нæй анызта, уый фæрсылæй лæууыд. Йæ фарсмæ — хуылыдз... — Марг баназ, уый дын! — тардзæгъдæн коДта Дзебысон, — нуазгæ дзы бакодтай æмæ ма йæ калгæ та цæмæн кодтай?.. Дзебо иудзæвгар дурдзавдæй фæлæууы- дис. Стæй багуым-гуым кодта: — Нуазгæ дзы акодтон, фæлæ калгæ ницы акодтон!.. Йæ зæрдæйыуаг бынтондæр фехæлд. Ба- цыдис хæдзармæ æмæ диваныл æрхуыс- сыд. Къулырдæм аздæхт. Дзебысон дæр та хуыссæнты сæр æр- хуыссыд æмæ та журналтæм нымдзаст. — Ды хин æмæ кæлæнгæнæг дæ! — æр- бадзырдта’ йæм Дзебо, — ныртæккæ дæр та мыл цыдæртæ æрымысыдтæ!.. Дзебысон ницы дзырдта. • Йæхимидæг ба- худт. Æрдæбон æцæг Дзебо уæлхæдзарæй йæ былтæ сæрфгæ куы ’руад, уæд та йæ уайтагъд фæхатыдта, цы сарæзта, уый. Дзебо уæлхæдзарæй куы æрхызт æмæ йæ- хицæй æппæлынмæ куы ацыд, уæд Дзебы- сон уæлхæдзармæ схызт. Баллоны арахъхъ æндæр ранмæ рауагъта. Баллон рафæрсыл кодта æмæ йын йæ цуры дон æркалдта... — Дæуæн дæ фыдæлтæ дæр тæригъæд- джын адæм уыдысты. Къулактæ!.. — Омæ цы? — æвæлмастæй сдзырдта Дззбысон, — уæдæ дæ фыдæлтау æнæфæ- ныкæй- хъалтæ уыдысты?.. Дзебо фырмæстæй иудзæвгар сдзурын ницыуал сфæрæзта. Æрæджиау фæхъæр кодта: — Хицауад мæ фыдæлты хуызæттæ æр- хастой, æмæ йæ хæссынц!.. о*, Дзебысон та ницы сдзырдта. Мудзаёб- гар ницыуал дзырдтой кæрæдзимæ. Дзебо чысыл фынæй дæр акодта. Дзебысон æй куы сыхъал кодта сихор хæрынмæ, уæд та къулы ’рдæм аздæхт: — Ныууадз мæ!.. Нал дæр мæ дæ хæрд хъæуы, нал дæр дæ нозт!.. Бауадз мæ мæ уд исын!.. Уæдмæ та сæм постхæссæг пост æрбаха- ста. Дзебысон нырма газеттæ иуварс æры- вæрдта æмæ бакаст, се ’хсæн цы посты къам уыд, уый: «нæ зынаргъ фыдымад! Арфæ дын кæнæм сылгоймæгты бонмæ!..» Дзебо диваныл иннæрдæм æрзылдис: — Дæхицæй æппæлынмæ та цы фæдæ? Æмæ айразмæ лæгты бонмæ мæнæн сы- вæллæттæ цъусдæр арфæтæ æрбарвыстои^ — Уыдæттæн æз ницы хъуыды кæнын. — Чердæм сæ нал хъуыды кæныс?! — æрыгон лæппуйау рæвдз фестадис йæ бына- тæй Дзебо, — æрис-ма сæ, кæм сты? Кæм сæ æрæвæрдтай айразмæ? Дзебысон ын йæ размæ уыцы посты къамтæ дæр æрдавта. Бакастис уыдон дæр. — Федтай? — йæхицæй разыйы хуызæнæй сдзырдта Дзебо, — афтæ æнхъæлыс æмæ зæронд лæджы ферох кодтой? — Уæддæр мæнæн хуыздæр сты! — нæ разы кодта йемæ Дзебысон. — Чердæм хуыздæр ма сты? — Дзебысо- ны кæсæнцæстытæ аскъæфта Дзебо æмæ посты къамтæм лæмбынæгдæр æркаст: — Ницы уый бæрц уæлдай сæ ис! — Мæ уæдтæ рæсугъддæр сты. Дзебо та сæм дызæрдыг каст æркодта: — Цас рæсугъддæр ма сты?.. Æвæццæ- гæн сывæллæттæ дæр базонынц сылгойма- джы зæрдæйыуаг æмæ йын ирддæр биби- тæ равзарынц... Цæй, цы нæм ис сихорæн?.. Ракувæм сегасæн дæр!.. г. Цхинвал. Февраль, 1989 аз. 32
ЛИТЕРАТУРÆИЫ МЕРИДИАНТÆ КО.ЛЫЮВ АЛЕКСЕЙ СИДЗÆР Ма фаутву!, ма сæ сайут, Раг æвзонглды сæнттæ!.. Афарлæгут, ма ысхъаут ’Нæкъуым сидзæры зæрдæ! Циу кæплт æнæлæстуынгæ Мс ’нлмопд сæрыл гыгуыр? Æтт, куы уæ фæхæссид дымгæ Дард, æбæрæг зæхмæ ньтр! Уыд рæстæг — æз уарзтон иарды Цины базыртыл тæхын, Фæлæ ныфс йæ бартæ ратты, — Цин мæ царды ныр — мæнг фын. Иугæр - - лфта\ уæд хуыздæрæн Кал дæ нæстысиг æрмæст, Нæй æндæр амал дæ сæрæн, Удæнцойæ — хызт, иртæст! Ма фæливут, ма мæ сайут, Рухс æвзонгады сæнттæ!.. Лфардæгут, ма ысхъаут 'Пæкъуым сидзæры зæрдæ! 1827 ЛЦЫ ХОРЗ АДÆМ, ЗÆГЪУТ-МА Лцы хор^ адæм. зæпьут-ма: Пæй, кæм пг мæ ныфс. мæ рæсугъд? Лу, цæмæшьт исты дзурут, Æвп мæ цыдæр æмбæхсут?.. Ка^д мыййаг фæсхох йæ бонтæ Тоны ’рхæпдæгæй, хæдудæй? Йс цæры кæмдæр - фæсдепджыз Иог хамьæрттимæ хьæрмудæй? Цыма\ чи судзы йæ уарзтæй, ’Рымысы мæ искуы уый дæр? Æвп мыл йæ зæрдæ сивта, Бафтыдтл йæ сæр кæуылдæр? Æви йæ азнæрæстæджы Айста сауингæн йæхимæ? Чи йыл калдта уæд йæ цæссыг? Маст кæмæи бырстя йæ риумæ? ;- Журн. «Фидиуæг» № 7 33
Ацы хорз адæм, зæгъуТ-М&: Цæй, кæм ис мæ ныфс, мæ рæсугъд? Ау, цæмæннæ исты дзурут, Æви мæ цыдæр æмбæхсут? 1829 ГÆНАХ Ацы гæнахы рæзты Мæн æппынæдзух фæнды Тезгъо уалдзыгон изæрты, — Мæй куы фæтулы мæ сæрты... Ау, цæмæн мын у зынаргъ. Ацы фæрныджы гæнах? Нæу уый ног,- нæ дæр у фенддаг, У хуымæтæг дурæй йе ’ддаг... Ахуырст рудзынгимæ уым Ис зæрдæрухсгæнæн къуым, — Бады уыцы ран фæсрудзынг Удыгага — саурæсугъд чызг. Рамбæлдтæн ыл иухатт æз, — Цæстæй нал æфты йæ хуыз. Уыцы саурæсугъд нæ зоны, Æз кæй бахаудтæн зындоны!.. Атон фырмæстæй, мæ риу! — Нæу нæ амонд махæн иу — Уый хъæздыг у, æз — æгъæдзар, У мæ хæдзар зæхх — æнæцар. Дзуры мын фæлгъауæг зонд: «Усимæ цæрын нывгонд Нæу дæ хуызæн тохъыл лæгæн — Дард-уæрæх дуне — дæ хæтæн!..» 1829 ЗАРÆГ Ма зар, булæмæргъ, Ам — мæ дæлрудзынг, Атæх, бацагур Ды мæ гуырæн хъæу. Иу рудзынггæрон Баддзæн саурæсугъд, — Азар-иу ын ды Уым мæ сагъæстыл... Уадз æмбара йæ, Уымæ бæлгæйæ Æз кæй хус кæнын Хурсыгъд кæрдæгау.
0, æнæуый мыН Мæйрухс талынг у, Боны тынгыл та Хур нæ тавы мæн, Уымæй хуыздæр мыл Чи баузæлдзæн? Сæр кæй риуæнцой Бакъул кæндзынæн? Ам кæй ныхасмæ Хъуамæ бахудон? Мæн кæй уаз хъæлæс Циныл бафтаудзæн? Ма зар, булæмæргъ, Ам — мæ дæлрудзынг, Атæх, атæх, цæй, Ды мæ рæсугъдмæ!.. 1832 САЙРАГ ХЪЫСМÆТ Ме ’взонгад кæдæмдæр Булæмæргъау атахт, Уды цин-фæйлауæн Басабыр ис уайтагъд. Рæстæг уыд сыгъзæрин... Ныр куыддæр ныхъхъуынтъыз. Рафтыдис мæ рагдых, Цæсгом дæр ныффыдгъуыз. Сдæн уæззау хъуыдытæй Тугуазал, зæрдæрох. Æз кæй уарзтон, цардау, Уый дæр мыл — уæлæхох! Дымгæ мæ фæкæны Хосы халау уигъæн, Сæрды мын — æгæр тæвд, Зымæджы — фыдихæн. Рæстæджы фыдармæй Æз — бынтон лæмæрстау, Аппæрстон мæ рагъæй Райст-бавæрд уæлæфтау. Схъеллауаг дæн царды, 'Нæхай — амонд, уарзтæй, Фервæзын бæллæхæй, Схайджын вæййын мастæй! Тулдзбæлас — цъæхсыфтæр Дард фæлгæсыд хæхтæй, Йеныр та æмбийы Дæлвæзы фæлдæхтæй! 1837
УЫРЫССАГ ЗАРÆГ Быдыры — тыхдымгæ, Халгæрдæджы уигъы. Нал зыны мæ развæд Фæндаджы рыг-мигъы. Цæй, фæзын, тæссаг мигъ, Ды мæ сæрмæ барæй: Рухс дунейы бацахс, Бамбæрз æй дæ тарæй! — Сахъ лæппу йæхицæн, Булæмæргъау, зардзæн, Талынг уа, æвæд уа — Уый йæ нысан ардзæн. Уымæн.циу æвæндаг, Мигъты цæф-хъæзтытæ, Кæд лæууой йæ зæрдыл Уарзоны цæстытæ! Уымæн циу фыдхъысмæт — 'Нæсæттон, зындзырдон, Кæд æмæ йæ уарза Саурæсугъд æрыгон! 1838 ФÆСТАГ ТОХ 9 Уад зылди мæ сæрмæ — карз уыд, Арвы нæрдæй зæхх рызти. Тас мæ лæмæгъ удæй хъазыд, Уазал ме уæнгты хызти. Фæлæ не ’рхаудтæн... Мæ удыл Асаст хъизæмæртты кард, Æмæ нал тæрсын, нæ цудын, Тых — мæ уæнгты, риуы — арт. Амæлон, цæрон — нæ тыхсын, Ахæм сагъæстæй дæн цух. Æз бæрзонд Хуыцауы ныфсыл Раджы ауыгътон мæ къух. Хи хъаруйыл фаг æууæндын, Уымæй — аразгæ мæ цард. Бирæ хорз фæндтæ нывæндын, — Зæрдæ сабыр у, æнцад... Ма мæм кæн, хъысмæт, æртхъирæн, Ма сид тохмæ ды æгæр! Тохæй дзуапп дæттын дæ сидтæн, — Не ’ркъул кæндзынæн мæ сæр. Æз мæ иунæг тыхæй зиу дæн, У нывыл мæ туджы хъазт. Ам къæйдуры бын — мæ ингæн, Дуры уæлæ та — мæ уарзт! 1838
НЫХАС ЦАРДИМÆ В. Г. Белинскийæн Цард! Цæмæн дæ мæнæн Ды фæливæг, фыдрын? Ныр æнусы бæрц æз Уарзтиппæрдæй цæрын!.. Уарзты арт-иу ыссыгъд Хатт мæ уды рæбын, Фæлæ та-иу ныххорз Мастæвзарæнты бын. Ме ’взонгады рæстæг — Тарбын мигътæй æмбæрзт, Æмæ разæй цы уыд, Уый нæ ахста мæ цæст. Хъулау хъазыд мæнæй Карз, фыдбоны хъысмæт, Тохвæндæгтыл фæдæн Æз мæ хъарутæ хæрд! Кодта тугуазал мæн Урс зымæджы хъæбыс, Сау къæбæлдзыг сæрыл Зымæг ’рывæрдта чырс. Нарст уадулты сырхбын Масты азарæй — сыгъд, Цæссыгтæй сыл цыма Адаггæндтæ фæзынд... Цард! Цæмæн дæ, цæмæн, Ме ’рдæм зулдзæст, быцæу? Тых куы раттид хуыцау — Æз ныппырх кæнин дæу! 1840 Уырыссаг æвзагæй Плиты Феликсы тæлмац. 7?ТТ ШУКШИН ВАСИЛИ КЪÆРЦЦОЙ Радзырд Йæ ус æй хуыдта Къæрццой. Хаттæй-хатт — рæвдаугæйæ. Къæрццоймæ уыди иу миниуæг: хъуамæ йыл алыхатт исты æрцы- Даид. Зын ын уыд уыцы хабар, йæ- хи хызта, фæлæ та фæкæс, æмæ цыдæр бæллæхы бахауд — чысыл, мæ хъь!гаг хабары. Мæнæ йæ иу балцы хабæрттæ. Отпуск райста æмæ сфæнд кодта Уралмæ йе ’фсымæрмæ ацæуын: иу дыууын азы кæрæдзи нал федтой. — Мæ къандзол кæм и... аласа- гъуыз? — хъæр кодта Къæрццой дзаумафснайæнæй. — Æз ын цы зонын. — Иууылдæр мæнæ ам куы уы- дысты! — Къæрццойы фæндыд, йæ 37
тымбыл цъæх цæстытæ тызмæг хуыз куы ’вдыстаиккой. — Иууыл- дæр ам сты, уый та, акса, æрбай- сæфт. — Аласагъуыз уыд? — Цæй, хъазгæйæ... — Æз æй, æвæццæгæн, ивддзагæй сфизонæг кодтон. Къæрццой иудзæвгар æнæдзургæ- йæ алæууыд. — Æмæ куыд у? — Цы? — Адджын уыд? Ха-ха-ха! — цыргъ ныхасмæ æппындæр нæ арæхст, фæндгæ та йæ тынг код- та. — Дæ дæндæгтæ нæ бамур сты? Уый хæлындзарм куы уыд!.. ...Иæхи рæвдзытæ кодта суанг æрдæгæхсæвмæ. Райсом раджы Къæрццой æд чу- мæдан тындзыдта хъæууынгты. — Уралмæ! Уралмæ! — дзуапп-иу радта, кæдæм цæуы, уымæй-иу æй исчи куы афарста, уæд. — Хи аир- хæфсын хъæуы!—Æмæ йæ тым- был нарст цæсгомæн, стæй йæ тым- был цæстытæн дæр уыд куыдфæн- дыйы æнгас дард балцы размæ. — Уралмæ! Фæлæ Уралмæ нырма дард уыд. Билет кæм хъуамæ райстаид æмæ поезды кæм хъуамæ сбадтаид, уы- цы райгорæты онг нырма дзæбæ- хæй ныфтыд. Рæстæг ма йын бирæ уыди. Къæрццойы бафæндыд, йе ’фсымæ- ры сабитæн уал истытæ куы алхæ- нид — къанфеттæ, гуылтæ... Бацыд хæлцадон дуканимæ, слæууыд ра- ды. Йæ размæ лæууыд иу шляпæ- джын лæг, уый размæ та — ахуырст- был нарст сылгоймаг. Сылгоймаг ныллæгхъæлæсæй, тагъд æмæ знæ- тæй дзырдта нæлгоймагимæ: — Акса, хъуамæ адæймаг афтæ гуымиры æмæ æнæхсæст уа! Скле- роз ын ис, хорз — ныр ын авд азы ис склероз, фæлæ йæ пенсийы куы ничи æрвыста. Уый та — нырма иу аз къуырицухæй разамынд кæны коллективæн — æмæ: «Чизоны уын, Александр Семены фырт, пенсийы ацæуын хуыздæр уаид?» Æдз-дзæс- гам! Шляпæджын лæг æй ноджы ар- дыдта. — Афтæ, афтæ... Ахæмтæ систы ныр. Цы у склероз! Æмæ Сумбаты фырт та? Фæстаг рæстæджы тек- стыл нал тых кодта. Уый та куыд хуыйны?.. Къæрццой горæттаг адæмæй ар- гъуц кодта. Æцæг, се ’ппæтæй — нæ: дуканиты кусджыты æмæ уынг- ты лæппуты нæ уарзта. Тарсти сæ. Иæ рад æрхæццæ. Балхæдта къанфеттæ, гуылтæ, æртæ плиткæ- шоколады. Иуварс ацыд, цæмæй сæ йæ чумæданы бафснайдтаид. Ас- тæрдыл чумæдан æрæвæрдта, бай- гом æй кодта, æмæ сæ æвæры. Цæмæдæр астæрдмæ фемдзаст: тæрхæджы раз, рад кæм и, уым адæ- мы къæхты бын лæууьг æмхæст фæн- дзайсом æхца. Цъæхдзаст æдылы, хуыссы йæхицæн æмæ йæ ничи уы- ны. Цæмæй мачи фæраздæр уа, уый адæргæй Къæрццой батæвд, хъуыдытыл фæци — радылæуджы- тæн æхцайы тыххæй куыд хуыздæр æмæ æвзаджджындæрæй зæгъын хъæуы. — Цардæй тъæпп хаут, хорз адæм! — хъæлдзæгæй загъта хъæ- рæй. Адæм йе ’рдæм ракастысты. — Махмæ, зæгъæм, ахæм гæххæт- тытæ нæ азыгъгъуытт кæнынц. Ам иууылдæр батæлфыдысты. Æртæ сомы куынæ у, гъе — фондз: фæндзай сомы у, æрдæг мæйы мызл. Æхцайæн та йæ хицау нæ зыны. — Æвæццæгæн, уыцы шляпæджы- ны уыд, — æрхуымпырдта Къæрц- цой. БауьтнасЬфæ кодтой, цæмæй æх- па тæрхæгыл зынæн ран æрæвæ- рой. — Йæ хицауы ньттæккæ арцæм хъæуы, — загъта уæйгæнæг. Къæрццой дуканийæ иттæг дзæ^ бæх зæрдæйыуагимæ рахызт. Хъуы- ды кодта, куыд хорз æмæ зæидæ- мæдзæугæ рауад йæ ныхас: «Мах- мæ, зæгъæм, ахæм гæххæттытæ нæ языгъгъуытт кæнынц». Æвиппайды йыл цыма исчи тæвд дон рас- къæрдта: йæ зæрдыл æрлæууыд, сæхимæ йын æфснайæн лагъзы раст ахæм æхца кæй радтой, æмæ ма ноджы æмхæст сЬондз æмæ ссæдз сомы. Фондз æмæ ссæдз сомы нып- тæккæ балыстæг кодта, фæлæ æм- хæст фæндзай сомы йæ дзыппы хъуамæ уа. Йæ дзыпп асгæрста —■ нæй. Арауын-бауын кодта — нæй. — Мæхи æхца куы уыди! — хъæ- 38
рæй сдзырдта Къæрццой. — Дæ хи- цауы мадæн афтæтæ... Мæхи æхца куы уыди... Фырмæстæй йæ зæрдæсæрæй схъæрзыдта. Йæ хъуыдыйы фæми- дæг, бацæуа æмæ зæгъа. «Хорз адæм, æхца мæхи у. Æфснайæн лагъзы дзы дыууæ райстон —иу фондз æмæ ссæдзсомон, иннæ та — æрдæгсæдæ. Фыццаг, фондз æмæ ссæдзсомон ныртæккæ балыстæг кодтон, иннæ — æрдæбон». Фæлæ йæ цæстытыл ауад, уыцы ныхас куы зæгъа, уæд бирæтæ хъыгзæр- дæйæ кæй зæгъдзысты: «Кæй зæ- гъын æй хъæуы, йæ хицау куынæ разынд, уæд ын ай йæхи схицау кодта». Нæ, не суыдзæн йæ бон æмæ уыцы æлгъыстаг æхцамæ йæ къух байваза. Стæй, гæнæн ис, æмæ йын æй ма раттой. — Гъомæ ахæм цæмæн фæдæн? — хъæрæй хъыгзæрдæйæ сагъæс код- та Къæрццой. — Гъер цы саразон. Фæстæмæ йæ здæхын хъуыди сæ- химæ. Дуканимæ æввахс бацыд, йе ’хца- мæ дардæй уæддæр бакæса, бахи- зæны цур алæууыд... æмæ нал ба- хызт. Æгæр зын ын уыдзæн. Адæй- маг зæрдæскъуыд фæуыдзæн. Автобусыл цыд æмæ ныллæгхъæ- лæсæй æлгъыста — йæхи барæй хъæбатыргъуыз кодта: йæ усæн æй адæттæ радзурын хъуыд. Æфснайæн лагъзы чиныгæй ма райстон фæндзай сомы. Ницæййаг кæй у (уый йын йæ ус бамбарын кодта — æгæрыстæмæй ма йын йæ сæр камчырийæ дæр цалдæр хатты æрцавта), ууыл ка- тайгæнгæ, Къæрццой цыди поезды. Фæлæ цадæггай йæ маст тад. Рудз- гуыты æдде-иу фæзындысты хъæды къохтæ, атагъатæ, хъæутæ. Мидæ- мæ-иу æрбахызтысты æмæ ахызты- сты алыгъуызон адæм, дзырдтой алыгъуызон хабæрттæ. Къæрццой дæр, тамбуры тамако дымгæ, иу ин- теллигент лæгæн радзырдта иу ахæм хабар: — Нæ сыхаг хъæуы дæр ис иу ахæм сæнтдзæф. Æхсидав фелвæ- ста æмæ йæ мады басырдта. Ра- сыгæй.. Иæ мад йæ разæй лидзы æмæ йæм дзуры: «Дæ къухтæ, зæ- гъы, дæ къухтæ ма басудзæнт, хъæ- бул». Уæддæр уый мæт кодта. Сæнт- дзæф та, расыг мукъу, алывыд калдта йæ мадæн. Кæсыс, цахæм гуымир æмæ æнæхсæст адæймæгтæ ис. — Дæхæдæг æй æрхъуыды код- тай? — йæ кæсæнцæстыты сæрты йæм тызмæгæй бакаст интеллигент лæг. — Ома? — ницы йын бамбæрста йæ ныхасæн. — Махмæ доныуыцы- фарс цы хъæу ис, уый Раменск... Интеллигент рудзынджырдæм аз- дæхта йе ’ргом æмæ ныхъхъус. Поезды фæстæ ма Къæрццойы бынæттон хæдтæхæгыл тæхын хъуы- ди сахат æмæ æрдæг. Иухатт ма кæддæр тахт хæдтæхæгыл. Раджы. Ныр дæр æдас нæ уыди. «Ау, сахат æмæ æрдæгмæ хæдтæхæгæй иу гыц- цыл винт дæр нæ фехæлдзæни?» — хъуыды кодта уый. Фæлæ фæстаг- мæ фæцахуыр, фæныфсджын. Иæ сыхагимæ аныхæстæ кæнын дæр афæлвæрдта, фæлæ уый газет аф- тæ зæрдиагæй каст, цыма дзы цы фыстытæ уыди, уыдон удæгас адæй- маджы ныхæстæй цымыдисагдæр уыдысты. Къæрццойы та фæндыд базонын: кæддæр æрыхъуыста, хæд- тæхæджы, дам, хæринаг дæр фæ- дæттынц. Ам та ахæмтæй ницы уы- ди. Уый та зæрдиагæй фæндыд хæд- тæхæджы исты ахæрын — æхсызгон æм касти. «Къæбæрхъус разындысты» — ас- къуыддзаг кодта йæхинымæр. Æмæ уæд бынмæ ныккаст. Бы- нæй — мигъын хæхтæ. Къæрццойæн йæ бон бæлвырд зæгъын нæ уыд: рæсугъд сты, æви нæ. Иæ альгварс та дзырдтой: «Охх, куыд рæсугъд сты». Æвиппайды йæм фæкуысси сæнтдзæф хъуыды: мигътæм, бæм- бæгмæ хауæгау, ныггæпп кæн. Стæй ма ахъуыды кодта: «Цымæ цæмæннæ дис кæнын? Ардыгæй зæх- мæ фондз километры бæрц куы у». Зæххыл цæугæйæ, уыцы фондз ки- лометры цæй дæргъæн уыдзысты, уый йæхинымæр абарста, стæй уы- цы дæрдцæг арвæй зæххы æхсæн хъен алæууын кодта, цæмæй дисæй амæла, фæлæ дисыл нæ бафтыд. — Уый дын адæймаг! Цытæ æр- хъуыды кодта, — загъта йæ сыха- гæн. Иæ сыхаг æм æрбакаст, ницы загъта, райхъуыст йæ газеты уы- нæр. — Рæттæ бафтаут! — загъта зæр- дæмæдзæугæ æрыгон сылгоймаг, — Хъуамæ æрбадæм. Къæрццой уайтагъд балвæста ба- 39
дæны рон. Йæ сыхаг читт дæр нæ фæкодта. Уæд æм уый арæхстгай бавнæлдта: — Уæ рæттæ, дам, бафтаут. ■— Ницы кæны, — загъта йæ сы- хаг. Газет иуварс æрæвæрдта, бан- доныл фæстæдзог йæхи ауагъта, æмæ цыма исты æрлæууыд йæ зæр дыл, ахæм уагæй загъта. — Саби- тæ царды дидинджытæ сты, садзын сæ хъæуы, сæ сæртæ бынмæ. афтæ- мæй. — Уый та куыд? — ницы йын бамбæрста Къæрццой. Лæг хъæрæй ныххудт, стæй сы- быртт дæр нал скодта. Хæдтæхæг уырдыгмæ йæхи ауагъ- та. Мæнæ уый та зæхх — къухæй дæр æм февнал, фæлæ фæстæмæ фатау тæхы. Уæддæр зæххыл æр- ныдзæвды гуыпп нæ æмæ нæ хъуы- сы. Уæд фенаг лæгтæ бамбарын кодтой, ома уый тæхæг «фæив- гъуыдта». Æппынфæстаг, райхъуыст гуыпп, адæм алырдæмыты ныдз дзойтæ кодтой, райхъуыст кæйдæр дæндæгты къæрцц-къæрцц æмæ хъыррыст. Уый газеткæсæг рахауд йæ бынатæй, Къæрццойы ныггуымс кодта йæ коса сæрæй, бахауд ил- люминаторыл, стæй астæрдыл сæм- бæлд. Æмæ æппæт уыцы ракæ-ба- кæйы иу сыбыртт дæр не ’скодта. Иæ алфæмблайы дæр ничи ницы дзырдта — уый Къæрццоймæ дис- саг фæкаст. Ницы дзырдта йæхæ- дæг дæр. Стæй адæм сæхи бауыгъ- той. Ие ’муд сæ чи æрцыд, уыдон шыюминатортыл сæхи андæгътой — хæдтæхæг æрбадт картофы хуымы. Скъæрæджы къабинæйæ рахызт тарæрфыг тæхæг æмæ æддæмæ фæ- рÆст. Чидæр æй чъызгæ афарста: — Æнхъæлдæн, картофы хуымы æрбадтыстæм? — Æмæ уæхиуыл цæст нæй? — дзуадц радта уый. Сæ тас айсæфт æмæ се ’ппæты хъæлдзæгдæртæ афæлвæрдтой хъа- зæн ныхæстæ сæппарыныл. Коса газеткæсæг агуырдта йе ’фтаугæ дæндæгтæ, Къæрццой рон суæгъд кодта æмæ уый дæр агурын райдыдта. —-Ай у? — цингæнгæ фæхъæр кодта уый. Æмæ йæм æй радта. Газеткæсæгæн йæ коса сæр дæр ахъулæттæ. — Ау, æнæмæнг хъуыддаг у, æмæ йæм къухæй фæцагайай? — схъæр кодта сыф-сыфгæнгæ. — Уæдæ цæмæй?.. — Ныр æй æхсидгæ доны кæм сæхсон? Кæм? Уымæн Къæрццой дæр ницы дзырдта. — Цом мемæ, — загъта йын. — Мæнæн ме ’фсымæр ам цæры. Ды афтæ æнхъæлыс, ома, æз æй мик- робтæй фæлъæстæ кодтон? Ахæм- тæй сыгъдæг дæн. Газеткæсæг, дисгæнгæ, бакаст Къæрццоймæ æмæ банцад йæ хъæ- рахстæй. А^роиоргы Къæрццой йæ биной- нагмæ ныффыста тел: «Æрбадтые- тæм. Дидин æрхаудта мæ риуыл мæнæн. Грушæ, мæ удлæууæн, ма рох кæн мæн. Васятка.» Те-леграфисткæ, фыдцъылыс сыл- гоймаг, тел куы бакаст, уæд афтæ: — Дзæбæх æй ныффысс. Кар- джын адæймаг дæ, сабиты цæхæ- радоны нæ дæ. — Цæмæн? — бафарста Къæрц- цой. — Æз æм фыстæджыты алы- хатт дæр афтæ фæфыссын. Уый мæ бинойнаг у! Ды, æвæццæгæн, аф- тæ ахъуыды кодтай... — Фыстæджыты дæ цы фæнды, уый фь1сс, фæлæ тел та бастдзина- ды хуыз у. Уый гом текст у. Къæрццой ныффыста телы: «Æрбадтыстæм. Алцы дæр ны- выл у. Васятка». Телеграфисткæ дзы йæхæдæг дыууа^ ныхасы сраст кодта: «Æр- бадтыстæм» æмæ «Васятка». Аив- та сæ афтæ: «Æртахтыстæм» æмæ «Василий». — «Æрбадтыстæм». Уый та цы у? Космонавт дæ? — Цæй, хорз, —загъта Кьæрц- цой. — Афтæ дæр фод. ...Зыдта Къæрццой: ис ын æфсы- мæр Димитри, йе ’фсымæрæн ис æртæ сывæллоны, фæлæ ма йып чындз дæр кæй ис, ууыл хъуыды кæнын æй куыддæр нæ фæндыд. Никуы федта йæ чындзы. Æмæ йын йæ чындз сæнад кодта йæ от- пуск, уый сызмæста бæстæ. Цыдæр фыдбылызæн фыццаг фсндæй нæ бауарзта Къæрццойы. 40
Изæры йе ’фсымæримæ анызтой, æмæ Къæрццой зæлланг хъæлæсæй базарыд: Иæрзытæ-æ-æ Софья Иианы чызг, йæ чындз, иннæ хатæнæй ракаст æмæ мæстæй- дзагæй бафарста: — Гæнæн ис æмæ ма æрдиаг кæ- най? Вокзалы куынæ дæ, мыййаг? — æмæ дуир ныггуыпп кодта. Ие ’фсымæр Димитри бафсæрмы тæ. — Уый сыьæллæттæ фынæй кæ нынц. Æндæра æвзæр адæймаг нæу Анызтой ноджыдæр. Æрымысы дысты се ’взонджы бонтæ, сæ ма- ды, сæ фыды... — Хъуыды кæныс? — фарста йæ йе ’фсымæр Димитри зæрдæра- йæ. — Æниу ды уыдæттæ кæм хъуы- ды кашдзынæ! Дзидзидай ма уыд- тæ. Мæн-иу да^ цуры ныууагътой, æмæ-иу дын алз батæ кæнын рай- дыдтон. Иухатт ма цъæх дæр сдæ. Уый тыххæй мыл æрхаудта. Стæй мæ дæ цуры гæсæй нал уагътой. Фæлæ уæддæр. иуæрдæм фæзылды- сты, уæд-иу æз лæ цуры февзæрд- тæн, æмæ та — батæ. Хæйрæг йæ зонæг, цы мæ фæцайдагъ кодта. Мæхæдæг дæр нырма лукъафындз уыдтæн, афтæмæй... акса... батæ- уарзаг. — Æмæ ды хъуыды кæныс?— Æрымысыд Къæрццой дæр.— Иу- хатт мæ... - Ус ’рдиагæй кæд банцайдзы стут?— бафарста еæ Софья Ива ны чызг мæстыйæ, карзæй. — Уæ батæ æмæ уæ лукъафындзы кæйттæ кæй бахъуыдысты Уымæй дæр — сæнтхъæр кæнгæ. — Æддæмæ ахизæм, — загъта Къæрццой. Рахызтысты æддæмæ, æрбадч ы сты дæлбазыр. Хъуыды-ма кæныс? — дзырдта дарддæр Къæрццой... Фæлæ ацы рæстæджы йе ’фсы- мæр Димитрийыл цыдæр фыд æр- Цыд: ныккуыдта æмæ йæ уæрджы- тæ ныххоста тымбыл къухæй. — Гъе, уый дын мæ цард! Фед- тай? Цас марг и иу адæймагмæ? Цас марг! Къæрццой йе ’фсымæры æрсабыр кæныныл схæцыд: — Ныууадз. Дæхи ма хæр. Нæ хъæуы. Маргзæрдæ не сты, мый- йаг, фæлæ — психтæ. Мæхион дæр ахæм у. — Омæ цæмæн? Иæ зæрдæмæ цæ- мæннæ фæцыд? Цæй тыххæй? Ды нæ фæцыдтæ йæ зæрдæмæ... Фæлæ цæй тыххæй? Æмæ Къæрццой гъеуæд бамбæр- ста, гъо, иæ йæ æруарзта йæ чындз. Фæлæ, æцæгæйдæр, цæй тыххæй? — Зоныс, цæй тыххæй? Уый тых- лæй, æмæ ды бæрнон, къухдариуæг- гæнæг кæй нæ дæ. Хорз зонын сæр- хъæны. Иæ зонд ын схæццæ кодтой йæ бæрнонтæ. Æмæ йæхæдæг та чи у? Буфетгæс. Буфетгæс фæткдаруа- ты, быдыры мæгъæлда. Уым фæ- ракæс-бакæс кæны, æмæ ам йæ пырх ныккалы... Мæнæн мæхицæй дæр йæ удхæссæг уыны — бæрнон кусæг нæ Дæн, хъæууон. — Цавæр фæткдаруаты? — Йеды... хæххон... Ацы мæсты- йæ ме ’взаг йæ ном дæр нал ахсы. Æмæ мæ цæмæн смой кодта? Нæ йæ зыдта æви цы? Ам Къæрццой дæр æнæхъуаджы нæ бамæстджын. — Цы хабар у уый та, боныфæ- стаг? — хъæрæй бафарста, йе ’фсы- мæры нæ, фæлæ æндæр кæйдæр. — Кæд дæ йæ зонын фæнды, уæд стыр адæм иууылдæр хъæутæй рацæугæ сты. Ньш фæлгæты мидæг суыдтай, уæд зон — хъæууон у. Газеттæ фæр- сын хъæуы... Лæг ис, уæд зон — уырдыгæй рацыд, раджы райдыдта кусын. — Æмæ йын цас фембарын код- тон: адæм хъæуты хуыздæр сты, сæхимæ нæ ныззындысты. — Степан Воробьсвы ма хъуыды кæные? Куы йæ зыдтай... — Зыдтон, бæгуыдæр. — Æцæ1^ хъæууон!.. Æмæ табуаф- си — Советон Цæдисы Хъайтар. Аид танчы екуынæг кодта. Удуæл- дай тохты. Йæ мæлæты фæстæ йын ныр йæ мадæн æхсæз туманы пен- си фиддзысты. Хабар та æрæджы рахъæр, афтæ æнхъæлдтой, цыма æбæрæгæй фесæфт... — Æмæ Максимов Илья? Мах иумæ куы ацыдыстæм. Æмæ табу- афси — Кады æртæ къæпхæны ка- налер. Фæлæ нæ усæн Степаны кой ма скæн... Пæ хъæуы. 41
’— Цæй, хорз. Æмæ йед та?... Дзæвгар рæстæджы ма дзырдтой хъæрæй тыррыкзæрдæ æфсымæртæ. Къæрццой ма, дæлбазыры рæзты рацу-бацугæнгæ, йæ къухтæ дæр тылдта: — Хъæу! Кæсут-ма!.. Æрмæст йæ уæлдæф дæр цæй аргъ у. Райсом рудзынг бакодтай — цыма доны ныннадтай дæхи. Ахæм сатæг у, ди- динджыты, кæрдæджыты æмæ æн- дæр ахæмты тæф афтæ кæны, æмæ дзы дæ бон у нынныуазын... Стæй ныффæлладысты. — Хæдзары сæр раивтай? — ба- фарста йæ хистæр æфсымæр сабыр- гай. — Раивтон, — Къæрццой дæр ца- дæг сулæфыд. — Верандæ дæр са- рæзтон — лæг æм кæсынæй нæ баф- сæддзæни. Изæры верандæмæ ра- хиздзынæ, æмæ цынæ сæнтты аны- гъуылдзынæ: зæгъæм, ныййарджы- тæ ма удæгас куы уаиккой, ды сы- вæллæттимæ куы æрцæуис — иумæ тыгуырæй верандæйы бадиккам, мæнæргъыйы цай цымиккам. Мæ- нæргъы нæм ацы аз тугыл аскъуыд. Ды, Димитри, ма хыл кæн йемæ, æндæра мæ бынтондæр йæ удхæс- сæг фендзæн. Æз æм мæхи лæгъз дардзынæн, æмæ кæд фæтæнзæрдæ уаид. — Афтæмæй йæхæдæг дæр хъæу- уон у, — сабыр æнкъард ныхæстæй хъуыст дисгæнæджы хъæлæс. — Æмæ, акса... Сывæллæтты удхарæй амардта, сæрхъæн: иуы дзы пиани- нойæ схъуырмæ кодта, иннæйы та фигурон бырæнмæ ныффыста. Мæ туг мæ зæрдæйы бацахсы, фæлæ исты загътай, уæд — загъд-замма- на. — Ы-ы — ногæй батæвд Къæрц- цой. — Мæ бон нæу ацы газетты бамбарын: мæнæ, дам, дуканийы кусы иу фыдцъылыс ус. Гъе-уæу- уай!... уый хæдзары дæр ахæм у. Гъе, уый у, гъе, мардæрцыд. Æз æй не ’мбарын, — Къæрццой дæр йæ уæраг тымбыл къухæй æртъæпп кодта. — Нæ йæ æмбарын: цæмæн сты ахæм маргзæрдæтæ? Райсом Къæрццой куы райхъал, уæд хæдзары ничиуал уыд: йе ’фсы- мæр Димитри куыстмæ ацыд, йæ чындз дæр, хистæр сывæллæттæ кæрты хъазыдысты, кæстæры та сабиты кæвдæсмæ ахастой. Къæрццой уæттæ батыхта, йæхи ныхсадта, æмæ йæ чындзы зæрдæ цæмæй балхæна, ууыл ныхъхъуыды кодта. Æмæ дын куы æруынид са- бийы къаляскæйы. «О-о! — загъта йæхинымæр. — Цæй æмæ йæ схъу- лон кæнон». Сæхимæ пец афтæ аив сахуырста, æмæ йыл иууылдæр дис кодтой. Ссардта сывæллæтты ахо- рæнтæ, цъылынæг æмæ æрæвнæлд- та кусынмæ. Иу сахатмæ йæ акъæрцц кодта: къаляскæ бынтон- дæр фендæргъуызон. Къаляскæйыл уæле сныв кодта хърихъуппыты хал, бынæй — алыгъуызон дидин- джытæ, кæрдæджытæ, дыууæ уасæ- джы, цалдæр цъиуы... Къаляскæмæ алырдыгæйты бакæстытæ кодта — диссаджы фенддаг у. Йæ чындз ыл дисгæнгæ куыд бацин кæндзæн, уый йæ цæстыты раз авæрдта æмæ ба- худт. — Ды та зæгъыс — хъæууон. Дис- саг дæ. — Уый фæндыд йæ чындзи- мæ хъæрмуд уæвын. — Сывæллон-иу дзы йæхи афтæ хатдзæн, цыма къа- латийы бады. Æнæхъæн бон Къæрццой тезгъо кодта горæты, каст витринæтæм. Ие ’фсымæры лæппуйæн балхæдта катер, иттæг дзæбæх чысыл катер, урс, цырагъимæ. «Ай дæр схъулон кæндзынæн» — загъта йæхинымæр. Иу-æхсæз сахатыл Къæрццой æр- цыд йе ’фсымæры хæдзармæ. Тыргъ- мæ схызт æмæ æрыхъуыста, йе ’фсымæр йæ усимæ кæй хыл кæны. Раст зæгъгæйæ, загъд кодта ус, йе ’фсымæр та иугæндзонæй дзырдта уыцыиу ныхæстæ: — Цæй, цы ’рцыд... Гъемæ хорз... Сон. Цæй, хорз... — Сом уыцы сæнтдзæфæн йæ кой дæр куыннæуал уа ам, — хъæр код- та Софья Иваны чызг, — сом куыд ахъуыдты уа. — Цæй, гъо, хорз, цы ’рцыд!.. Сон... — Æгъгъæд! Æгъгъæд! Мауал æнхъæлмæ кæсæд — йæ чумæдан ын арæцугъдзынæн. Къæрццой тагъдгомау æрхызт тыргъæй. Æмæ дарддæр цы арæз- таид, уый нал зыдта. Ногæй та йæ рис бацагайдта. Исчи йæм æнæуы- ноны цæстæй куы ракæсы, уæд æй рис тынг бацагайы. Цæрын æм нал фæцæуы, фæзæгъы: Гъеныр ма мæ цард циу? Бафæндыд æй, чи нæ йæ уарзы æмæ йыл чи худы, уыцы адæ- мæй искуыдæм йæ сæр фесафын. 42
— Гъомæ ахæм цæмæн фæдæн? — мæнгагъуысты бадгæ, хъынцъым кодта уый,—мæ сæр куыд не ’рцах- ста: нæ йæ бамбардзæн, нæ бамбар- дзæн адæмон сфæлдыстад. Мæнгагъуысты фæбадт талынг- тæм. Йæ зæрдæ йæ риссынæй не ’рлæууыд. Стæй йæм æрцыд йе ’фсымæр Димитри. Нæ бадис код- та — цыма зыдта, йе ’фсымæр Ва- сили мæнгагъуысты рагæй кæй ба- ды. — Акса, — загъта уый. -— Уый та... йе ’взаг та суагъта... къаляскæйы... нæ хъуыди... — Афтæ æнхъæлдтон, зæгъын, йæ зæрдæмæ фæцæудзæни. Цæй, æз ацæуон, ме ’фсымæр. Ие ’фсымæр Димитри уæззау ныуулæфыд... Æмæ ницы загъта... Хъарм бæзджын къæвда уарыд, афтæ æрыздæхт Къæрццой сæхи- мæ... Рахызт автобусæй, раласта йæ ног батинкъæтæ, азгъордта хъарм, хуылыдз зæххыл, йæ иу къухы чу- мæдан, иннæйы — батинкæтæ. Гæп- пытæгæнгæ, зарыд хъæрæй: — Бæрзытæ-æ-æ, бæрзытæ-æ-æ. Арвы иу кæрон раирд, цъæхæн- дар хаста æмæ бæрæг уыд, хуры цæсгом уым æввахс кæй и. Къæв- да дæр æмуард нал ко^та, фæлæ иуæггаг ставд æртæхтæй хауд скул- тæуæвæг донмæ, — уым-иу ферт- тывтой цæппузыртæ æмæ та-иу ай- сæфтысты. Иу ран Къæрццой фæбырыд, чы- сыл ма бахъуыд, ахауа. Василий Егоры фырт Киязев æй хуыдтой. Цыдис ыл æртын фараст азы. Куыста хъæуы киномехани- кæй. Тынг уарзта фæдагурджыты æмæ куыйты. Чысылæй йæ тынг фæндыд, шпион куы суаид, уый, Раивта йæ Гуыцмæзты Алеш. нигшн
НÆ ЧЫСЫЛ ХУРТÆН ХАРЕБАТЫ ЛЕОНИД БАЛОНКÆ Чысыл ныв цæрæгойты цардæй Афтæ хуыйны Аланы къæбылайы ном. Йæ фыд ын æй дард кæцæйдæр æрхаста, æцæг уæд хæрз къаннæг уыди, ныр дæр хæхтæ йæ сæрыл нæ систа, фæлæ йæ рæ- зынæй банцад æмæ ныр йæхицæй ныббуц, æз дæр, дам, лæг дæн. Æмæ етæй куыд буц у йæ даргъ фæлмæн, уæгъдæппæрст хъустæй, йæ фæлмæн хъуынæй, йæ цыбыр бырынкъæй, йæ хъуынджын рустæй. Уæртæ йæм бакæс, куыд сæрыстыр цыд ракæны. Цадæг фæйнæрдæм йæ цæст ахæссы, исчи мæм, ома, йæ цæст дары. Стæй та йае зæрдæ йæ чысыл хæлар Алан- мæ атæхы. Хъуыдытæ кæны йæхицæн: «Бакодтон æй сывэвдлæтты цæхæрадон- мæ, фæлæ йæм уæддæр мæ зæрдæ æхсайы, æцæг ыл йæ хъомылгæнæг мæ цуры дзæ- бæх баузæлыд, «мæнæ та мæм мæ дзæ- бæх лæппу æрбацыд. Аланчик, уый та дын чи у?» — афарста йæ хъомылгæнæг, æниу æй æз хорз зонын, уый йæ мæнæй фар- ста». Цæуы Балонкæ хæдзармæ, фæлæ тын- дзы, зæгъгæ, уый дзы нæ зæгъдзынæ, уы- мæн æмæ йæ йæ къах размæ нæ хæссы. «Уæдæ ныр æнæхъæн бон цы кусдзы- нæн? Уынгмæ иу æрхизин, фæлæ уым дæр кæимæ аныхæстæ кæндзынæн, Аланчикы йеддæмæ мын мæ ныхас ничи æмбары. Æмæ стæй куыд æнæмæт у, куыд! — Уый Балонкæ Аланчикæй зæгъы. — Райсомæй йын йæ пысултæ иугай агур æмæ йын сæ йæ къухмæ дæтт. Ибон та цы ми бакодта: паркмæ ацыдыстæм æмæ кæмдæр йæ худ ныууагъта. Мæ сæр разылд йæ агурынæй. Æз та уымæй — æнæмæтдæр, æндæра йæм мæ хъус цæуылнæ дардтон. Хорз уыд æмæ йын æй уæддæр ссардтон, фæхыл та йæм кодтаиккой. О, æмæ куыд æнæмæт сты ныры кæстæртæ, уæдæ æз афтæ уыдтæн». Цæуы Балонкæ, уæдæ цы кæна, хæдзар- мæ атындзын хъæуы. Миййаг Аланы мад йæ куыстмæ куы ацæуа, уæд дуар сæх- гæндзæн. «Ибоны ми нал бакæндзынæн, атагъд хъæуы, æцæг куыд æнæвдæлон у Аланчи- кы мад. Айразмæ дзы айрох дæн, дуар сæхгæдта æмæ уынджы баззадтæн. Мæхи ма цы фæкодтаин, уый нал зыдтон. Стæй йæм куыстмæ ацыдтæн, йæ кусæн бынат ын тыххæй ссардтон. Куыд тынг мыл фæ- цин кодта, дæгъæл мæм лæвæрдта, ацу æмæ, дам, дуар бакæн. Худтис мыл, стæй йæхæдæг рацыд æмæ мын хатæны дуар бакодта: — Мæнæн дæр куыст ис æмæ-иу дæ искуыдæм куы арвитын, уæд-иу афо- ныл æрбаздæх. — Аланчикы мад мын фæл- мæн уайдзæф бакодта». «Уæд та исты куы ахордтаин, уæд ам чысыл уæлдæфмæ атезгъо кæнин, æз дæр уд дæн æмæ сфæлмæцыдтæн æдзух хæ- дзары бадынæй. Фæлæ нæ, сыджыты зæр- дæ фæу, куыд мæ айрох, Аланчик йæ хъарм мидæггаг хæлаф нал ссардта, æз ын æй хъуамæ загътаин, деттæ дын сын- тæджы бын ис, фæлæ йæ, зæгъын, чысыл амæстæй марон, стæй мæ куыд айрох, уый мæхæдæг дæр нал базыдтон. Æнхъæлдтон, йæхи батыхсын кæндзæнис, фæлæ, мара зæгъ, ныры кæстæртæй уый ма дом, æмæ сæхи аххос дæр нæу, æппæт дæр сын цæт- тæ, æввонгæй ис æмæ иууылдæр уырды- гæй цæуы. Цымæ йæ хъæудзæнис?» Балонкæ æрлæууыд, йæ зæбул хъустæй æмæ йæ хъуынджын ныхæй йæ цæстытæ рæстмæ зынгæ дæр нæ кæнынц. Фæлæ уæд- дæр арвыл йæ цæст ахаста. «Суазал кæндзæн, фæлæ Аланчикæн кæд ницы уаид, изæры йын æй уырдæм ахæс- дзынæн». Балонкæйыл бон зæрдæдзургæйæ баизæр, рæстмæ хæргæ дæр ницы акодта, йæ зæр- дæ хæрд не ’ркуырдта. Изæрæй Балонкæ къулыл конд сахатмæ скаст. Бафæстиат кодтон, афонмæ мæм æнхъæлмæ кæсы, мæгуыр, æз та ам дзыназын. Бауад æмæ къуымты рацагуырдта Аланчикы хъарм мидæггаг. «Уæдæ цы фæуыдаид, иу ран нæй, ин- нæ ран нæй, хæйрæджытæ йæ ахордтой. О, мæнæ кæм ис, мæнæ. Æмæ йæ Алан- чикы мад куыд арф нывæрдта, цыма йæ 44
никуыуал бахъуЫДаиД. НауæД сывæллонЫ бæгънæгæй куыд ауагъта, о æмæ куыд æнæмæт сты иуæй-иу мæдтæ. Сæ сывæл- лæттæй сæрибар уæд, уый йеддæмæ дын ницæуыл батыхсдзысты. Цом атагъд кæнон». Балонкæ йæ дзыхы фæхæссы Аланчикы хъарм мидæггаг хæлаф, цин кæны. Уæдмæ фæкаст æмæ йæ бынаты æдзынæг алæу- уыд. Æрбацæуы Аланчикы мад. «Æнæ- мæнг ын æхсызгон уыдзæн, — ахъуыды кодта Балонкæ, — æз цæуын Аланчикмæ, ноджы ма йын уырдæм йæ хъарм дзаума хæссын, уый куы базона, уæд. Цыдæр тызмæг каст мæм кæны Аланвд. кы мад, цыма йын мæ фенд æхсызгон нæ уыд. Æммыст цы кæны». Уæдмæ Балонкæйы хъустæ ныццарыд- той. УАЗДЖЫТÆ Аргъау Иуахæмы хъызт зымæг скодта. Тъæнджы мæй тыфылтæ калдта. Мит уыйбæрц ныууарыд, æмæ лæг дыууæ къахдзæфы нæ акодтаид фæд-фæдыл. Стьтхстысты сырдтæ дæр. Баизæр æмæ райдыдтой сæхи- цæн æхсæвбынат агурын. Стыр хо- хы бын æрæмбырд сты арс, бирæгъ, рувас æмæ тæрхъус. Цы саразой, ууыл хъуыды кæнынц. Уалынмæ кæсынц, æмæ дæлæ комынарæгæй æнæбары рухс кæлы, тамакойы су- дзæнау. Арс сын зæгъы: — Сæр нæ бахъуыдис, кæд нæ ацы хæдзар фервæзын кæна, науæд ахæм хъызт æхсæвы нæ хъуыддаг доныбылмæ æрцыд. — О, раст зæгъыс, раст! — загъ- той йьтн сырдтæ. Уæдæ мæ фæстæ куыдхисдæ- рæй цæут, — загъта арс æмæ сæ разæй араст. Йæ фæдьтл иннæтæ дæр ныххал сты. Ныххæццæ сты хъæугæронмæ æрдæгæхсæв, фæлæ ма цæй хъæу æмæ цæй цыдæр. Иу- уылдæр митьт бын фæцис. Æрлæу- уыдысты, тæрхон кæньтнц, чи ба- цæудзæн, рухс кæцæй цæуы, уьтцы хæдзармæ. Арсы хал схаудта. Ты- — Мæнæ мæ. къæрныхы æрцахстой, æз та зæгъын, сывæллоны пысултæ цы фæ- вæййынц. — Дзуры мæстыйæ Аланчикы мад, стæй æргуыбыр кодта æмæ Балонкæ- йы дзыхæй хъарм мидæггаг стыдта. — Æз дын схос кæндзынæн, фæлæу. Балонкæ лæугæйæ баззад, Аланчикы мад æм фæстæмæ кæсгæ дæр нал фæкод- та, хæдзармæ атындзыдта. Балонкæ йæ фæстæ адзырдта: — Еныр ды мад дæ, сывæллоны бæгънæ- гæй куыд ракæнон. — Фæлæ базыдта йæ дзырдтæй ницы рауайдзæн æмæ æнкъар- дæй араст Аланчикмæ. «Уæддæр куыд æнæмæт сты ныры иуæй- иу мæдтæ». Йæхимидæг афтæтæ дзургæ- йæ, Балонкæ балæууыд сывæллæтты нæ- хяррадоны. ДЖИОТЫ ДЖЕТÆ хæй-фыдæй бабырыд хæдзармæ. ^ъæр кæньт мидæмæ: — Хæдзаронтæ, æддæмæ ма ра- кæсут! Уалынмæ хæдзарæй рацьтд иу æрыгон лæппу Тæга. — Чи дæ, ацьт фыдрæстæджы дæ цы ’рхаста?! — Дæ сæр нæ бахъуыд, Тæга. Ацьт фыдхъызты нæ мыггаг скъуьт- йы æмæ нæ ахсæв дæ тыргъмæ куы бауадзис, уæд дын уыцьт хорздзи- над никуы ферох кæниккам. Тæга йæ цæстытæ асæрфта, бæстон ака- сти. Базыдта, уый арс кæй дзуры, æмæ йьтл ныхъхъæр кодта йæ дзы- хыдзаг: — Æтт, зылынкъах! Ноджы ма дæ цæсгом хъæцы, дæ лæггæдтæ ма дьтн цæмæй бафидон! Йæхæдæг хæ- дзармæ фездæхт æмæ фæрæт рас- къæфта, — фæлæу мын, фæлæу, асæрды мьтн мæ гал Хъилайы куы бахордтай, æз дæ мæ маст райсон... Арс фæрæт куьт федта, уæд фæ- стæмæ лидзынмæ фæцис, хъуьтр- хъуыргæнгæ. Ие ’мбæлттæм ’ссыд æмæ сын рахабар кодта хъуыддаг. Ныргъæвстысты бынтон. Ноджы «^»^^, 45
тынгдæр стыхстысты сырдтæ. Сæ сæрæн ницыуал хос зонынц. Арс бирæгъæн дзуры: — Уæд та сæм ды ныццу. Тæга лемæ хуыздæр зонгæ у æмæ нæ кæд бауа’дзид хæдзармæ. Бирæгъ дæр арсы дзырдыл дыу- уæ нал загъта, фæраст Тæгатæм, мидæмæ сæм дзуры: — Хæдзаронтæ, æддæмæ мæм ра- кæсут,' сæфæм! Тæга та йæм рацыд. — Кæцы дæ, уæдæ, ацы æнафо- ны? . — Æз дæн, Тæга, бирæгъ. Дæ сæр нæ бахъуыд. Уæртæ нæ дæ мæнгагъуыстмæ бауадз æмæ дын сом исты хорзы бацæудзыстæм. — Æттæ, цъæхой, ноджы мæм дзу- рын уæндыс? Асæрды мын мæ фы- сты нарддæр дæлæ кæртæй куы ала- стай, уый дæ ферох! Фæлæу, æз дын æхсæвиуат зæгъдзынæн! — Æмæ йæм мæцъис раскъæфта. Бирæгъ дæр, цудтытæгæнгæ, лидзынмæ фæ- цис. Баздæхтис йе ’мбæлттæм, уа- залы мæлгæ. Куы сын рахабар код- та хъуыддаг, уæд фыртыхстæй нын- ниуудтой, ныббогътæ кодтой. Ныр рувасы рад схаудта бацæуыц. Хæ- дзары алывæрсты æрзылди тых- хæйты. Хъæр кæны: — О, нæ буц фысымтæ, æддæмæ мæм ракæсут, уæхион дæн! Тæга йæм рауад: — Чи дæ, нал мæ ныууадзат фы- нæй кæнын?! — Де ’хсæв хорз, Тæга. Дæ сæр нæ бахъуыд. Ма нæ бауадз сæфын ацы фыдæхсæвы. Стæй дын уый фæстæ мæ дæндагæй цырагъ дар- дзынæн. — Æтт, гæмми рувас, ауылты ра- цæуын ма дæ цæсгом хъæцгæ та куыд кæны. Уæртæ мын комы мæ хъазты куыд ныццагътай, уый дæ ферох?! Тагъд мæ кæртæй цæугæ! Æмæ та уый дæр хъиладзагъдæй фæсырдта. Ссыди рувас дæр сæргуыбырæй йæ салд æмбæлттæм. Радзырдта сын хабар. Сырдтæ стыхстысты но- джы тынгдæр. Мит се рæгъты онг схæццæ. Ныр та тæрхъусы рад схаудта хæдзармæ бацæуын. Уый дæр, гæппытæгæнгæ, фæцæ- уыныл йс Тæгатæм. Йæ зæрдæ фы{5- тæсæй гуыпп-гуыпп кæны. Фæлæ йын æнæрбацæугæ дæр нæй. Науæд æй сырдты «паддзах» йæ дæлæвзаг баппардзæни. Бацыд хæдзары дуармæ. Йæ дзых куы сцæйхæлиу кæны, уæд та фыр- тæсæй дзурын нал суæнды. Афтæ иудзæвгар хæдзары кæрты алæу- уыд æнæ сыбырттæй. Чысыл-ма ба- хъæуа, фæстæмæ дæр раздæха. Æп- пынфæстаг бахъæр кодта: — Æддæмæ ма ракæсут, хорз адæм! —’ Тæга ацы хатт йæ хъримаг къулæй райста æмæ дуармæ ра- хызт. ^ — Нал мæ ныууадзат фынæй кæ- н’ын, ме знæгтæ?! Тæрхъус Тæгайы къухы хъримаг куы ауыдта, уæд йæхимидæг барыз- ти æмæ зæххыл йæ мидбынат æр- хаудта. Тæ’га йæ хаудæй куы фед- та, уæд йæ хъримаг уырдыгмæ æр- уагъта. Схæцыд тæрхъусыл æмæ ма кæмдæр йæ чысыл зæрдæ тæпп- тæпп кодта. Æрлæгъзытæ йæ код- та æмæ йæм дзуры: — Ма тæрс тæрхъыпп, нæ дæ ба- зыдтон, ды уыдтæ уый. Тæрхъус дæр йе ’муд æрцыд, йæ цæстытыл хæрдмæ схæцыд æмæ ма тыххæйты сфæрæзта дзурын: — Тæга, ма нæ фесаф, бауадз нæ, науæд сæфæм æмбырдæй. -— Мæхи тæрхъыпп, ды ма тыхс, фæлæ иннæтæн ам бынат нæй. Уæ- лæ ме ’фтауцдонмæ ссу æмæ уым, цъерийы бын, бабыр. Цалынмæ схур уа, уæдмæ дзы хуысгæ дæр кæн æмæ хæргæ дæр. Тæрхъусæн йæ зæрдæ хуры фарс- мæ абадти, сцин кодта. Иæ фыд-- уаг æмбæлтты хъуыды дæр нал æркодта. Тыххæйты цъерийы бабы- рыд. Уым фæцис иннæ абонмæ. Арс, бирæгъ æмæ рувас иу дзæв- гар фæкастысты тæрхъусмæ, стæй тыхджын куы суазал сты, уæд сæ- хи сызмæлын кодтой æмæ цæгат- фарсырдæм ахызтысты. Чысыл куы адард сты, уæд фæсæрдуз бæрзонд фахсæй зæй ныггуыпп ласта æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ. Бындзы сæфт фесты.
АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД ЦАРЦИАТЫ АХУЫИЫ БАЛЦ* Æртæ гуымир æфсымæр уæигæн Ахуы афтæ зæгъы: — Устытæ æрхæссут. —.Усæй та ма цы кæнæм, нæ хо Хураны фæстæ? — Уæууа! Уый та куыд? Хуран нал ис æмæ ныр хæргæ дæр нал кæнут? — Нал дæр — хæрд, нал дæр — фæд. — Уæдæ мын æхгæд тæскъ сби- ут, йæ мидæг мæ нывæрут æмæ мæ доны баппарут. — Уый та ма цæмæн, дæ са- рагъы1 дæлимон бады? — Иугæр Хуран нал ис, уæд ма Ахуы дæр цы цæра. Нал сæ уагъта Ахуы. Æртæ гуы- мир уæиг æфсымæры æхгæд тæскъ сбыдтой, йæ мидæг Ахуы æмæ йæ доны баппæрстой. Тæсчъы дон ла- сынтæ байдыдта æмæ иу донауазæ- ны фæфидар ис. Ахуы рахызти æмæ акасти. Иу къуылдымæй фæздæг цыди. Ахуы уырдæм фæцыди æмæ федта агъуыст, бадзырдта: — Ам чи ис, æддæмæ мæм ракæ- сæд! Ничи йæм ракасти. Ахуы фæ- дзелгъ2 æмæ мидæмæ бахызти, уым ауыдта артдзæст, йæ уæлæ æртæ физонæджы сæхи фыцынц уæхсты- тыл, сæхи æрзилынц. Физонæджы тæф дардмæ цæуы, бафæндыди йæ, куы ахæрид физонджытæй. Сæ иу- мæ бацыди, а райса йæ, афтæ йæм дыккаг ’физонæг дзуры: Уымæй ма бахæр, æз адджын- дæр дæн, никуы фехъуыстай ныхас: Зæрдæйы адджын тыхджын у хурау, Фæлæ мæлæт та Иæ фæстæ ласы не ’гасы дзугау. Ахуы дыккаг физонæгмæ бацы- Дис, зæгъгæ дзы ахæрон, фæлæ иæм уæд æртыккаг физонæг дзу- ры: ^ : Дарддæр. Райдиан кæс журнал ТАУРÆГЪТÆ — Уымæй ма бахæр, мæн бахæр, æз хивæллойæ конд дæн, никуы фе- хъуыстай: Дæ хид акалди дзыбыр глусыл, Фæсмон ыл ма кæн, Кæритæй лæудзæн фæллой дæ мусы. Ахуы æртыккаг физонæгмæ ба- цыди, ома, уымæй ахæрон, фæлæ та йæм уæд фыццаг физонæг дзу- ры: — Уымæй ма бахæр, фæсмонгонд фæуыдзынæ, æз мæхи куыстæй цæ- рæг дæн, фыццаг дæм цы æрхауа, уый хъуамæ ма аппарай, æз куыст- мæ æмудæй цæуын, никуы фехъуы- стай: Куысты сæр сындз у, йæ бын сой уадзы, Дæ зæрдыл бадар, Æнæ бакуыста’й фæллой нæн царды. Ахуы сыл тынг ныддис кодта æмæ зæгъы: «Искуы ма физонæг дзургæ дæр кодта? Арты дзидза- лæг кæнынц, æмæ мын зонд амо- нынц». Уæд физонджытæ дзурынц: — Нæ фæстаг дæумæ цæуы, уæр- тæ агъуысты рæбын дуар, бакæн æй, фендзынæ фæндаг æмæ ууыл ацу, стæй нæ базондзынæ. Ахуы сæм байхъуыста, дуар ба- кодта æмæ фены фæндаг, ууыл цæ- уынтæ систа, цæуы, фæлæ уыны диссæгтæ: иу адагыл схызти, фæн- даг фæкъæдз-мæдзытæ ис, æрдуз- мæ ахызт æмæ мæнæ иу лæг быз- гъуырты мидæг. «Уæдæ чи уы- дзæн?» — йæхи афарста Ахуы. Ар- фæ йын ракодта æмæ йæ фæрсы: — Ныххатыр кæн, хорз лæг, фæ- лæ ацы фæндаг кæдæм цæуы? — Ацы фæндаг цæуы, кæцæй над æрцæуай, уырдæм, — зæгъы" лæг, — æвæццæгæн дæ цæрын’ нал фæнды? — Уадз, фесæфон, мæ царды хай нал ис æмæ мæ мард дардмæ уы- уæджы» 1—5-æм номырты. 47
МæП хæссЫП, æрма»сг Л;г хор.ч нл» бамбæрстон. — Размæ цу æмæ йæ бамбардзы- нæ. Ахуы цæуы дарддæр, ныр та йыл иу ус амбæлди бызгъуырты мидæг, Уымæн дæр арфæ ракодта Ахуы æмæ йæ фæрсы: — Бахатыр казн, хорз ус, фяутæ аиы фæндаг кæдæм тигуы? — Ацьт фæидаг нæуьт, качт;гй ттал æрцæуаи, уырдæм, - затъы ус, цæмæн ыл иæуьтг, æни лæ иæрьтп пал фæндьт? — Нал фæндьт, — злтъы Лхуьт, — хурау мæм худга ни кодтл, мæйау мæм кæсгæ чи ш>тди, у1>1Й мт>ттт амлр- дæуыди æмæ мæ сæр слфынмæ цæ- уын. Æрмазст дæ тьтттг ттæ блмбæр- стон. — Размæ цу æмæ йæ бамбардзы- нæ. Ахуы та цæуьт, иу бæрзæндмæ схæццæ ис æмæ кæсы; иу ран адæм бадынц куывды, нуазæнтæ кæрæ- дзимæ æрвитынц, фæлæ сæ дзыхæй иу нæ дзурьт. Хæстæг сæм блттыди æмæ иу лæппу физонджытыл хæ- цы. Ахуы зæгъы: — Ацы физонджыты уæлдæр куы федтон, уæд сæ ардæм цы ,'рха- ста? — Фæрсы лæипуйы: — Ацы физонджыты уæддæр а.\з федтон, уæд ам куы фесталысты, зæгъын, дзы ахæрон æмæ сæ кæ- рæдзийæн бар нæ лæвæрдтой, «нæ, мæн бахæр, нæ мæн». Уæд иьт стьт? Лæппу зæгъьт: — Уьтныс? Адæм сты’р куьтндьт бадынц, уадындзы цлгъл иæуы, фæлæ дзьт дзурæг ;гмæ зардт ттæй. иууылдаф æмт»тр блдт клчтыпн. Лиы физонджытæ стьт нынонд ;гм;г й;г хи нывондæн адæмы гыхха^й чи радта, уый хай уыдзысты. Ахуыйæн стонджът дæр уыди, зæ- гъы йæхипæтг «Цæрон æни с;гфоп. уæддæр дзьт иуæтт алн;гх;гргæ пæтЬ Февнæлдта лæппуйы къухтæм Лхуы æмæ дзьт иу физошгг ахордта Й;г ньтфс ’ æртывæрæй йæхттмæ бап къардта. Лæппу адæмм;г лзурьг — Физонджыты ньтфс блх;грл ;гр- цыдис! Адæм сæхимидæг базмæльтдысты, Ахуыйæн сæ сæртæй кувынтæ си- стой, фæлæ дзьтхæй иæ дзырдтой. Ахуы та дыккаг физонæг райсы лæппуйы къухтæй, ахæрьт уый ла?,р, 48 и;г 1ых лчр! ыпæр;ги бапкьарлтл’ ;гмæ лæптту алæммæ лзуры: -- Физонæджы тых бахæрд æр- пыд! Алæм ьтп сыотадысты, сæрæй йын куывтой, æрмæст дзьт лзыхæйлзу- рæг ттæмл уьтдтт. Ахуы æртыккаг физонæг дæр рлйстл ллмтпуйьт къу- х;гй, ахордта й;г а*мæ йæ хъару æр- тьтвæр фгггади Лæпну дæр та лдæм VIæ дзуры - Физопæлжы хьлру ла*р блхæрд лчрцыдиг’ У;гд Лхут>|йы р;пм;г рлныдьтгтьт, бьпгъуырты пы уг æм;г л;гг уьтды- сты, уьтлотт ;гм;г й;гм дзурышг .Æрт;г хатгы райгтай арфæ апы мадзура ада:мæй, пыр пæмæй глзурой, уый у дæуьтл багт Ахуы зæгььг — Ох-хай, ;гз хуынауы быиаты куьтна: лæтт, куьтд с;г слзурын кæ- ттотт. -- Уьтматт - дт>тн амал затъдзы- ст;гм: мæиæ тлчтар фæндагыл ацу, цьт амопд ;ьæм ката адæмьт тьтххæй, уып илп й;гх;гд;гг й;гхи амоттдзæ- ии. Ахуы гæсгар фæндагыл фæрдст пæййы æма1 иу хæдзармæ бахызти: цæуьт дзы кæуын, хъарæг æмæ за- рæг Ахуы зæгъы: «Ай цы диссаг у, иу рæста^лжы кæугæ, хъарæг æмæ заргæ чи фæкæны. Кæд дзы мард 1тг, уæд ыл куыл зардæуы, кæл дзьт куыил пг, у;гд куыд хъарæг кæ лынц, кæл дзы чьтпдзæхсæв ис, уæд дш куьтд куыдæуы^> Баттьтдиг ми- д;гм;г ;гм;г уыпы æртæ чызджы. Уыдоиæи иу кæуы, птттт;г хъарæг кæиы, æргыккат <арг;г к;гны Ахуы г;г ф;гргь1 Ц;гмæп лфг;г к;гнут к;гугæ, хълр;гг ;гм;г заргæ пу ратпгджьР" К;гугæ 1\\\ кодта. уыпы чызг зæ-" гьы: Абоп м;гп кæфхъуыт|длр х;гр- пг качтдчатш æмæ куыинæ кæуотт, плрл мыл фа!ныГ)ыр пг. лфтæ куьт ф;гк;гньттмг" 11;г Сшимг :|.пк;г;[ кл-р.тл ш шшмп. 11;г цлрл чыГмлр у. /1;м:г нл’ фдч*г;г н.г ычки ш.пыми Хъарач- ны чызг ко/пл. ут>тй дæр затъьг - Мæначт ма райсомы бонмæ ис цæрæнбон, стæй мачт дæр кæф- хъуьтндар хафдзæни, ууьтл хъарæг
Кæнын, нырма бинонты цард нæ зо- нын æмæ æнамонд уымæн дæн, аф- тæ фæзæгъынц: Æнамонд гуырдæн йæ дзырд æбæркад, Къахыл кæм лæууы, Æмæ йæ мыггаг кæны æвæстаг. Заргæ цы чызг кодта, уый дæр зæгъы: — Мæнæн ма иннæбонмæ ис цæ- рыны фадат, стæй мæн дæр кæф- хъуьШдар хæрдзæни. Æцæг гуырд бæргæ дæн, хи фыдæбонæй фæцæ- рин, фæлæ дæн æнæрайгæ, уымæн фæзæгъынц: Нæрайгæ цард — хъæмпы хиталæг. Æцæг гуырд чи у, Уый йæхи куыстæй вæййы хидарæг. Ахуы æртæ чызгыл ахъуыды код- та æмæ зæгъы йæхицæн: «Ай цæй зæндджын сты». Фæрсы чызджыты: — Уагæр цы хæс дарут кæф- хъуындарæй? — Хæс дзы • нæ дарæм, — зæ- гъынц чызджытæ, — фæлæ кæф- хъуындар бады доны, чызг-хъалон нæ куры, кæннод дон нæ дæтты. Хъуамæ мах бахæра. — Ау, æмæ ахæм ничи ис, чи йæ амара? — Хъодыгонд сты Маммийæ, адæм мах тыххæй сæ дзыхæй нæ дзурынц. — Уæдæ уæ æз фервæзын кæн- дзынæн, æмæ мын цы фидут? — Уды аргъ ницы ис, дæу уыдзы- стæм æмæ нæ фæкæн, кæм цæрыс, уырдæм. Ахуы цирхъ фелвæста, кæф- хъуындары раз бабадти. Кæфхъуын- дар, физонджытæ цы лæппумæ уы- Радзырдта йæ едысаг дйс, уымæ бацыди æмæ йæ фæрсы: — Кæм сты физонджытæ? Лæппу зæгъы: г — Мæнæй фæлыгъдысты æмæ сæ бахæрдæуыди. Кæфхъуындар фæмæсты ис,. лæп- пуйы йæ дзыхы акодта æмæ.йæ ра- хæссы чызджыты ’рдæм, Ахуы йæ размæ рахызти кæфхъуындарæн æмæ йемæ мæлæтон - тох . систа, амардта йæ æмæ йæ æртæ дихы скодта. Лæппу дæр фервæзти.,Л&п- пу ныхъхъæбыс кодта Ахуыйы æмæ йын зæгъы: , -’ — Æртæ хойы мын ис æмæ дын мæнæй лæвæрд фæуæнт. — Уыдон ам сты, семæ ныхас- гонд дæн. Бызгъуырты мидæг цы ус æмæ цы лæг уыдысты, уыдон æрбацыды- сты æмæ зæгъынц: — Не ’ртæ чызджы уын хæлар кæнæм, адæм сæ дзыхæй сдзырд- той, мæ лæппу æмæ мæ чызджытæ дæу тыххæй фервæзтысты æмæ нæм куывдмæ рахиз. Ахуы зæгъы: ’ — Мæнæн бадынæн рæстæг’ нал ис, цæрут хæларæй, æз мæ фæнда- гыл цæуын æмæ кæнын æртæ хойы мемæ. Адæм Ахуыйæн арфæтæ фæкод- гой. Ахуы æртæ чызджимæ рацыди æмæ йæ каистæм бадзырдта: — Æддæмæ мæм ракæсут! * • — Æртæ гуымир æфсымæры йæм рауадысты, сцин кодтой Ахуыйыл. . Ахуы сын зæгъы: — Ай та уын бинонтæ æртæ чыз’- джы æмæ цæрут æнæмæтæй. ] ’" ’ Чындзæхсæвтæ фæкодтой ’ æмæ стæй Ахуы сæхимæ рафардæг. • , зæронд лæг Беджызаты Дзига. 1952 азы. ,, 1 Сарагъ — ома сæр, афтæ зæгъы таурæгъгæнæг. 2 Фадзалгъ — фæдурдзавд уæвын, фергъуыйау уæвын. ЦАРЦИАТÆ ХЪÆУХИСДÆРЫЛ КУЫД ДЗЫРДТОЙ Царциаты Ахуы фæзæронд ис, хъæуы хистæр уый уыди. Йæ фырт- тæ хъуыды райдыдтой, зæгъгæ, хъæухистæр махæй чи уыдзæни Ахуыйы фæстæ. Нæ фидыдтой æмæ сæ ныхас сæ фыдмæ æрхастой. Ах- уы зæгъы: — Фæйнæ фаты фехсут, кæмæн 4. Журн. «Фидиуæг» № 7. уæ кæимæ æ’рцæуа йæ фат, уый4/йын цы зæгъа, ууыл бафидаут. , ’ , Ахуыйы фондз фырты ууыл.сра-, зы сты. Суа фат фехста. Зырзыргæкгэё,' атахти фат æмæ Нарты хъæумаё фæтахти. Нарты Уырызмæг пылы^ стæг сынтæгыл хуыссыди æмæ йæ 49
хæдзар ныдздзедзлой кодта. Уырыз- мæг Сатанамæ дзуры: — Акæс-ма, уый цы уыдзæни? Сатана дуармæ рауади, уыны — сæ уæлкъæсæр фат ныффидар, рай- ста йæ, Уырызмæгмæ йæ бахаста æмæ Уырызмæг зæгъы: — Ох-хай, ай Царциатаг фет куы у, уæд сæ кæцыйы уыдзæн? Рай- сом куыддæр бенæ1 стæха, афтæ мын .æнæцæугæ нæй Царциатæм. Уырызмæг фат йæхимæ нывæрд- та. Уæд Фарнæг дæр фехста йæ фат æмæ уый дæр Нарты хъæумæ фæ- тахти. Фат Нарты Бурæфæрныджы хæдзары уæлкъæсæр ныффидар ис æмæ хæдзар ныдздзедзлой кодта. Бурæфæрныг уырыхъздыхт къæлæт- джынйл бадти æмæ йæ усмæ дзу- ры: — Акæс-ма, уый цы уыдзæни? Ус æрвгæнæны2 æрзылдта æмæ дуармæ рахызти, уыны — сæ уæл- къæсæр фат сагъд, рафтыдта йæ æмæ йæ Бурæфæрныгмæ бахаста. Бурæфæрныг -зæгъы: , — Уæх-хай, уый Царциаты фæси- вæдæй кæйдæр фат куы у, уæд æй цы хъæудзæни мæнæй? — Райсом бенæ куы стæха, уæд мын æнæцæу- гæ нæй Царциатæм. Бурæфæрныг фат йæхимæ ны- вæрдта. Едыссæ дæр йæ фат фехста, фат Нарты хъæумæ æртахти æмæ Нар- ты Алæджы уæлкъæсæр ныффидар ис, хæдзар нынкъуысти. Алæг къæ- лæтджыныл бадти æмæ дзуры йæ усмæ: — Акæс-ма, цы хабар у, нæ хæ- дзар цы хъеллауаг фæци. Ус æддæмæ ракасти, уæлкъæсæ- рæй фаты рафтыдта æмæ йæ Алæг- мæ радта. Алæг . фатмæ æркасти æмæ зæгъы: — Ох, ох, ох1 Ай Царциатæй æрыхсгæ фат куы у, уæд сæ кæй бахъуыдтæн, райсом бенæ куы стæ- ха, уæд мын æнæцæугæ нæй. Алæг дæр фат йæхимæ нывæрд- та. Уæд Хæтгар дæр йæ фат фехста æмæ уый дæр Нарты хъæумæ æр- тахти. Сæмбæлди Нарты Сосланы хæдзары къæсæрыл. Хæдзар ныхъ- хъеллау кодта. Сослан æвæдзæг бадт кодта къæлæтджыныл æмæ йæ усмæ дзуры: — Акæс-ма, уый цы у? - Ус æддæмæ рауади, уæлкъæсæ- рæй фат рафтыдта æмæ йæ Сослан- мæ бахаста, Сослан æм æркæсты- тæ кодта æмæ зæгъы: — Уæуу-уа! Ай Царциатæй кæй- дæр фат куы у, уæд мæ цæмæн агурдзæни? Райсом бенæ куыддæр стæха, аф- тæ мын Царциатæм æнæцæугæ нæй. Фат йæхимæ нывæрдта уый дæр. Уæд Уадæг дæр фехста фат. Уы- цы фат дæр Нарты хъæумæ, æх- ситтгæнгæ, фæтахти æмæ Нарты Ацæмæзы хæдзары уæлкъæсæр фæ- фидар ис. Хæдзар нынкъуысти. Ацæмæз къæлæтджыныл бадти æмæ дзуры йæ усмæ: — Акæса, уый цы хабар у? Ус æддæмæ рауади, фат уæл- къæсæрæй рафтыдта, бахаста йæ Ацæмæзмæ, уый зæгъы: — Мæнæ диссаг: ай Царциатæй кæйдæр фат у æмæ йæ цæмæн ба- хъуыдтæн? Райсом бенæ куы стæ- ха; уæд мын æнæцæугæ нæй. Ацæмæз фат йæхимæ нывæрдта. Райсом куыддæр æрбабон ис, аф- тæ Нартæ сыстынц, сæ бæхты сиф- тындзынц æмæ Царциатæм араст сты. Фæндагыл кæрæдзийыл сæм- бæлдысты Нартæ, фæлæ сæ кæрæ- дзийæн нæ дзурынц, чи сæ цæй тых- хæй цæуы Царциатæм, уый. Цас- дæр æнæдзургæйæ ауадысты. Уæд Бурæфæрныг зæгъы: — А, æз хъуыддаджы фæдыл цæ- уын, æмæ мæн стæгæхсынджытæ цæмæн хъæуы. Уырызмæг дæр зæгъы: — Мæнæн бакæнгæ хъуыддаг ис, фæлæ мæн къухтыл донæркæнджы- тæ нæ хъæуы. Сослан дæр зæгъы: — Æз хъуыддаг кæнын æмæ мæн та хъыгдарджытæ нæ хъæуынц. Уæд Алæг дæр зæгъы: — Хъуыддаджы фæдыл æз цæ- уын, цъæмæлтæхсæдæг мæн нæ хъæуы. Уадæг дæр зæгъы: — Уе ’гасæй æз хъуыддагмæдæр цæуын, искæй æнгуылдзтæ мæ нæ хъæуынц цæгъдынæн. Се ’ппæт дæр фембæрстой, сæ фæндаг Царциатæм у, уый. Уырыз- мæг та зæгъы: — Уæдæ нæ алкæмæ дæр агъ- 50
уал3 кæсын æмбæлы æмæ уый æв- зардзыстæм. Нартæ фондзæй Царциаты къуыл- дыммæ бахæстæг сты. Ахуы сæ ду- армæ бады, ауыны барджыты æмæ зæгъы: Уæлæ нæм æрцæуынц барджытæ, ’ О, нæ лæппутæ, Ракæнут-иу сын уæ кадджытæ Царциатæм Нартæ æрхæццæ сты æмæ Ахуымæ дзурынц: — Фарн дæ бадты уа! — О, фæрнæйдзаг уат, Нартæ^ мæныл чи сæмбæлди! — Цæй фатфæдисон скодтат, Цар- циатæ, нæ хæдзары куыстытæ сы- мах тыххæй ныууагътам æмæ уæм æрцыдыстæм. Ахуы зæгъы: — Мæнæ мæ тæрынтæ4 ног би- нонджын систы, æндырыхъотæ5 сты нырма, æз фæзæронд дæн, мæ фæ- стæ хъæухистæр хъæуы, уый тых- хæй нæ фидауынц, сымахмæ уымæн фæсидтысты. — Уæ, бирæ дын цæрæнт, Ахуы дæ кæстæртæ, — зæгъы Бурæфæр- ныг, — кæд Быцентæй сты дæ чын- дзытæ? — Уыдонæй бæргæ не сты, æз хорз кæмæн ракодтон, ахæмтæй ’сты. Уырызмæг зæгъы: — О, уæдæ, хæрзгæнæгæн хорзы бацæуын хъæуы. Æрбадтысты Нартæ дæр Ахуыйы цур, сæ хъуыдытæ схъуыргъуын- дæг6 сты, фынг æрæвæрын кодта Ахуы. Диссаджы ронг сын Нагъуы рахаста. Нуазынц, хæрынц. Уæд Сослан зæгъы: — Нуæзт æмæ хæрд хорз сты, фæлæ уал хъуыддаг бакæнæм.. Алæг зæгъы: — Æз дæр афтæ зæгъын, Сослан. Уырызмæг сыстад (сыстадысты иннæтæ дæр) æмæ зæгъы: — Царциатæ! Уе ’хсæны аг кæм ис? — Ам ис, — зæгъынц уыдон. Бауæларт æй кæнут, гал ар- гæвдут, суæнгтæ йæ кæнут, аджы йæ ныккалут æмæ йæ сфыцут. Ахуыйы фондз фырты фæлæ- бурдтой, гал æрбаргæвстой, суæнг- тæ йæ кодтой, æхсæны аджы йæ ныккалдтой æмæ йыл арт бандзæр- стой. Дзидзатæ фыцынхъус систы. Ахуы Нартæн зæгъы: — Ныр дзидзаты фых цы амон- дзæни хъæухистæры тыххæй? Нартæй Ацæмæз кæстæр уыди, уый зæгъы: — Уый Уырызмæгмæ хауы æмæ уал æм байхъусæм. Æхсæны аг фыцыныл схæцыди, пæлхъ-пæлхъ систа. Уырызмæг Нар- тæн зæгъы: — Чи нæ куыд кæстæр у, афтæ фыцгæ агæй хай сисæд ,йæ фат рав- дисæд. Фыццаг рад Ацæмæзмæ æр- хауди, йæ фат равдыста æма? фат разынди Уадæджы. Фыцгæ ’ агмæ февнæлдта, хæйттæй иу сгуы фел- вæста æмæ Уырызмæг зæгъы: — Уадæг уæд Царциаты кæстæр, кæстæрæн цы кад ис, уымæй цух ма уæд. Кæстæрдзинад Уадæгьщ баззади Царциаты ’хсæн. Уырызмæг зæ- гъы: — Дыккаг фат кæмæ ис, уый йæ равдисæд. Алæг равдыста йæ фат æмæ ра- зынди Едыссæйы. Уый фыцгæ агмæ февнæлдта æмæ æфцæг фёлвæста тæвдæй. Уырызмæг зæгъы: — Æфцæг хор кæнынæн у, хор- донæй æфсæст уæд Едыссæ нырæй фæстæмæ. Едыссæ хорджын æмæ бонджын уæдæй фæстæмæ ссис. Уырызмæг та зæгъы: — Æртыккаг фат кæмæ . ис,— равдисæд æй. Сослан равдисы фат æмæ разын- ди Хæтгары. Агмæ бацыдис Хæт- гар, фыцгæ аджы йæ цонг,фæтъы- ста æмæ дзы тæвдæй фелвæста ку- сарты бæрзæй. Уырызмæг зæгъы: — Нартæм Сосланæй бæрзæй- джындæр лæг нæй, уый амонд дæ уæд, дæ фыдгулыл тых цыкæнай зондæй æмæ тыхæй. Хæтгар Царциаты ’х’сæн баззади тыхджын æмæ намысджынæй. Уы- рызмæг та зæгъы: — Цыппæрæм фат кæмæ ис, рав- дисæд æй. Бурæфæрныг фат равдисы æмæ разынди Фарнæгы. Фарнæг дæр аг- мæ бацыди, йæ цонг фыцгæ аджы фæцавта æмæ кусарты уæн фел- вæста. Уырызмæг зæгъы: — Алы фос дæр уæныл лæууы, уымæй фæкастæуы исты базонын- 51
мæ æмæ дæ хуыцау фосджын æмæ бонджын скæнæд, дæ фосæй дæт- тын куыд зонай æмæ дзы хæрын дæр цы зонай. Уæд Уырызмæг ралæууыди раз- мæ æмæ зæгъы: — Уæдæ фæндзæм фат та мæнмæ æрхауди. Равдыста фат Уырызмæг æмæ разынди Суайы. Агмæ бацыди йæ цонг дзы фæтъыста æмæ кусарты сæр, тæфкалгæйæ, фелвæста. Уы- рызмæг зæгъы: — О, Суа, амондджын дæ хуы- цау фæкæнæд, фæлæ дæ фыд Ах- уыйы фæстæ хистæрдзинад дæу фæ- уæд æмæ хъæуы хистæр фæу, сæры зондæй та хайджын. Ахуы фестади аемæ зæгъы: — Уæ, нæртон адæм, абон хорз чи ракодта мæ кæстæртæн, хуыца- уæй фæдзæхст фæут, бæсты фарнæй хайджын, фæлæ ныр хъуамæ сыма- хæн мæ фырттæ скæной куывд. Царциатæ рабадын кодтой Нар- ты адæмы, фæлæ ма се ’хсæн цыди ахæм ныхас: «Ныр Суа махæй цæ- мæй лæгдæр у, хъæуыхистæр куыд баци?» Хъуыддаг Ахуы æмæ Уы- рызмæг бамбæрстой æмæ Уырыз- мæг зæгъы: — Æз уæ хойрагæй нæ фæхъау- дзынæн, уæ нуæзтæй нæ баназдзы- нæн, цалынмæ мæ ныхас æххæстæй нæ фенон. — Зæгъ æй, цы зæгъинаг дæм ис, — зæгъынц Царциатæ. Уырызмæг зæгъы: •" Фыцгæ донмæ фæцæут фондз æф • сымæрæй, уымæй мын йæ худы дон чи ’рхæсса, хъæуыхистæр дæр уый хъуамæ уа. Дон удыбæстæгæнæг у, • æмæ уын уæ хистæры дзырд уæд уыдзæни удыбæстæ. х Ахуыйы фондз фырты фæраст сты фыцгæ донмæ. Цалынмæ уы- дон уырдæм цыдысты, уæдмæ Ахуы æмæ Нартæ та фынгыл бадтысты æмæ Ахуы зæгъы: — Рагон æмбисонд афтæ у: Дæ ахуыр куыд у, дæ зонд дæр ахæм, Дæ хорз зонды-иу Уар’зон адæмæн хæлæг дæр ма кæн. Уыцы ныхæстæм Уырызмæг дæр зæгъы: — Махмæ дæр ис ахæм æмби- . сонд: Æнæзондæй лæг —къæцæлы уæрдæх’, Зонæг лæгæн та Æппæт ран фæндаг даргъ æмæ уæрæх. Цалынмæ Ахуы æмæ Нартæ аф- тæ æмбисæндтæ хастой сæ фынгыл, уæдмæ Ахуыйы фондз фырты сæ цыды кой кодтой. Уæд Уырызмæг скуывта: — Хуыцау, Суайы бæх цы фæ- къуылых уа. — Цæмæн афтæ кувыс? — фæрсы йæ Ахуы. — Цæмæй хистæриуæг уый уа. — Куыд ма фæуыдзæни уый, кæд æмæ иннæтæ тагъддæр ныццæу- дзысты фыцгæ донмæ. Суайы бæх йæ къах дурыл сцав- та, фæкъуылыхи æмæ фæстæмæ раздæхти. Уырызмæг æм дзуры: — Ма мæсты кæн Суа, уый дæ бæх ме скуывдæй фæкъуылых, дæ- лæ мæ бæхмæ, Æрфæнмæ ныццу, ууыл сбад æмæ сæ разæй фæуы- дзынæ. Суа йæхи бæх бафснайдта. Æр- фæныл абадти æмæ’ фæтæхы. Уæд та Уырызмæг скуывта: — Хуыцау, Царциатыл авд азы уаринаг цы мит ис, уый сыл иу уард æркæн. Уырызмæджы куывд æрцыдис. Суа æмæ йе ’фсымæртыл мит уа- рын райдыдта, уыйонг ныууарыди, æмæ залты мит æртæ лæджы бæр- зæндæн ссис. Суа æмбæрста, уый Уырызмæ- джы фæнд у æмæ йæ мид-зæрдæйы худти. Дзургæ ницы кодта. Бæстæ афтæ тынг схъызыди, æмæ Цар- циатæ æрбакъукъа7 сты. Уадæг зæ- гъы: — Мæнмæ цы ’мбæлы хистæри- уæгæй, уый дæттын уымæн, æмæ мæ чи фервæзын кæна ацы митæй, фæл- тау кæстæриуæг кæндзынæн, мæ бон дарддæр ацæуын нал у. Уæд Суайы бæх йæ разæй рара- сти, мит ныффутт ласы фындзц- хуынчъытæй æмæ йæ фæйнæрдæм фæхæссы. Аивæрзтысты сур ранмæ. Цæуынц та дарддæр. Уырызмæг та скуывта: — Хуыцау, Царциатыл ахæм уа- зал скæн, æмæ сæ бон бæхыл ба- дын дæр куыннæуал уа! Схъызыди Царциатыл. Сæргътыл куыд бадынц, уый дæр нал зонынц, сæхи хъуыдыйы акæсой æддæмæ, уый сæ бон нал уыди æмæ сæ хæ- 52
лæфты фæмызтой. Суа йæ æмбæр- ста, адæттæ Уырызмæджы митæ сты æмæ фæрсы йе ’фсымæрты: — Цæуылнæ цæут размæ? — Хæтгар дзуры: — Хистæрдзинадæй мæнмæ цы хауы, уый дæттын ахæмæн, чи ма мæ бахъарм кæна, фæлтау ын фарс- лас8 уыдзынæн. Суа та Æрæфы раразæй кодта, Æрæф йæ комы тæф рауагъта æмæ Царциатæ бахъарм сты. Сæ фæн- даг дарддæр кæнынц. Уæд та Уы- рызмæг скуывта: — Хуыцау, Царциатыл ахæм тæгъды уард рауадз, æмæ лæсæн- ласт цы фæуой. Иæ куывд æрцыдис Царциатыл, тæгъды уард фæкъæртти æмæ Цар- циаты лæсæнтæ хъуамæ раласой. Едысса дзуры: — Хистæриуæгæй мæнмæ цы ха- уы, уый дæттын уымæн, ацы лæ- сæнтæй нæ чи фервæзын кæна. Суа та Æрфæнæй фæразæй кæ- ны. Ныффуртт ласы Æрфæн æмæ лæсæнтæ мидбынаты дзыхълæуд фæкæнынц. Аивæрзтысты уырдыгæй дæр. Цæуынц, фæлæ та уæд Уырыз- мæг скуывта: — Хуыцау, ахæм донивылд сыл скæн, æмæ Царциатæ сахъатайыл9 цы баззайой. Æцæг сыл ахæм донивылд скод- та, æмæ Царциатæ, доны астæу цы сахъата уыдис, уым аззадысты, ивылд дон сæм хæстæг кæнын рай- дыдта. Фарнæг зæгъы: — Мæнмæ хистæриуæгадæй цы ’мбæлы, уый дæттын ахæмæн, ацы ивылд донæй нæ чи фервæзын кæ- на. Суа та Æрфæны фæразæй кодта, ивылд доны балæгæрста, донца^- вæнмæ йæхи сарæзта æмæ Царциа- тæ афтæмæй аирвæзтысты. Иу дон- беттыр Уырызмæджы бæхы базыд- та, сурмæ рахызти æмæ Суайы фæр- сы: — Ай Нарты Уырызмæджы Æр- фæн куы у, уæд дæумæ цæмæн ис? — Уырызмæг мæнмæ уазæгуаты ис, хъæухистæрæй мæ æвзарынц Царциатæ æмæ нæ тæрхон Уырыз- мæг у. — Уæдæ фыдбылызæй ныр мауал тæрсут, сымах Уырызмæг фыцгæ донмæ рарвыстаид? — фæрсы Дон- беттыр. — Афтæ у, — дзуры Суа, — фæлæ катай кæнын: фыцгæ дон худы ми- дæг куыд ахæсдзынæн, амиздзæни æндæр цы? Донбеттыр æм уый хуызæн худ авæрдта æмæ зæгъы: \ — Дæхионы бавæр, мæ худы ми- дæг ахæсс дон, стæй Царциатæм куы ’рцæуай, уæд мын мæ худы Уырызмæгæн ратт, мæ номыл, зæгъ, æй фæдар, уый фæстæ дæхи худы цæудзынæ. Суа донбеттыры худ райста, йæ- хион æрæмбæхста, фыцгæ донмæ бацыдысты, сæ худтæ дзы байдзаг кодтой æмæ рацæуынц. Дон худ- тæй хъарыди, æмæ Царциатæ сæ бæстæм куыд хæстæг кодтой, аф- тæ сæ худты дон дæр сысыди. Суа- йы худæй цъыртт дæр нæ фæхъуы- ди. Æрцыдысты Царциатæ, сæ худ- тæм æркастысты æмæ сæ дон нал уыд. Суа йæ худыдзаг дон радта Уырызмæгмæ æмæ зæгъы: — Худ та дын мæнæй лæвар. Фембæрста Уырызмæг, уый йын донбеттыр кæй æрæрвыста æмæ райста худ. Фæбадтысты сæ куыв- ды Царциатæ Нартимæ, фæлæ Суа баззади хистæры бынаты, стæй Нартæ стыр лæвæрттимæ раздæх- тысты сæ бæстæм. Радзырдта йæ Брытъаты хъæуккаг Сланты Иликъо. 1940 азы. Бенæ — таурæгъгæнæгмæ гæсгæ хуры скастамонæг маргъ. Æрвгæнæн — дуар хуылфæй æхгæнæн. Агъуал — æууæл, таурæгъгæнæгмæ гæсгæ. Тæрын— ам амоны лæппу. Æндырыхъотæ — ногусджын лæппутæ. 7 ^?ъУыРгъУынДæг — хъуыдыты схæццæ. ^ Æрбакъукъа — уазалæй æрбакъæдзтæ. ^ Фарслас — исгæй фарс фæхæцын, кæстæриуæг кæнын. • <-ахъа,тз — доны астæу сур зæхх, кæнæ сакъадах. 53
04 ЕРКТÆ ГАГЛОЙТЫ ВЛАДИМИР ÆДЗÆРÆГ УÆЗГУЫТÆ ’ Фыссæджы сагъæстæ 1. АРГЪÆУТТЫ ДУНЕ, ХЪÆБАТЫРТЫ БÆСТÆ Бурхохы цæгат дæлвæдджитæй суангдæр 1 .Леуахийы цæугæдоны былмæ æривæзти Ирыстоны фарны къуымтæй иу — Дзомагъгом. Комы рæбинагдæр тæрттыл, цæрынæн амалджындæр рæтты, раджы кæд- дæр &рцардысты авд мыггаджы: Плйтæ, Джыккайтæ, Дзугатæ, Ка- сатæ, Деметæ, Уалытæ æмæ Гуьг- батæ. Æрцардысты æмæ сæ алы мыггаг дæр хъæуы ном радта йæ уæзæгæн: Фæзы Дзомагъ, Дзугаты хъæу, Саджджын къуырф, Магъ, Къæззаты хъæу, Губаты хъæу. Уыцы хъæутæй Дзомагъгомы ршз- дæр "кæцы фæзынд," уый зын зæ- гъæн у, æниу уымæн та цы ныса- ниуæг ис. Бæрæг у æ’рмæстдæр уый, æмæ ’ацы комбæсты кæддæр цард цæдджинагау æхсыст, сæ зонд- джын’ хистæрты руаджы, сæ фарн, се ’гъдауæй Иры дзыхъхъы нымад уыдысты. Сæрбахъуыды фæдисы — фыццаг, æхсар, лæгдзинадæй — æх- хæст. Сæ сæры кад сæм уыдис бæр- зонд. Цæсты гагуыйау, .хъахъхъæд- той сæ намыс, цæстæвæрæн — за- рынмæ, кафынмæ, цæстæвæрæн — сæ дзырдарæхст. УЫцы куырыхон зонды къæбнц зæрæдтæй Джыккайты Дауыты, Плиты Бедзейы, Губаты Дзак- койы æмæ Дзугаты ’ Хасæхъо- йы нæмттæ дардыл хъуыст уы- дысты. Уæлдай номдзыддæр та сæ разагъды фырттæ: ирон адæмы уарзондæр хъæбултæй иу — Бедзе- йы фырт Арон, — зынгæ революцио- нер, нæ аив литературæйы дæсны- тæй иу — Хасæхъойы фырт Гиуæр- ги, ирон зонад æмæ литературæйы ныфсытæй сæ иу — Джыккайы Фе- дыры фырт Шамил, ГССР-йы сгуыхт артист — зынгæ зарæггæнæг Джыккайты Аким, Мæскуыйы ра- диотехникон институты политэконо- мийы кафедрæйы сæргълæууæг — Дзугаты Хасæхъойы фырт Зауыр, номдзыд инженер Джыккайты Дзоццæ æмæ ноджыдæр цал æмæ цал зынгæ лæджы абалц Дзомагъы комæй стыр дунемæ -— æппæт уы- дон чи фæнымайдзæн? Æниу цал æмæ цал зынгзæрдæ лæппуйы æр- хастой сæхи нывондæн сæрибары сæрыл революцийы уадтымыгъты, цалы басыгъта культы азар æртын æвдæм азы, кæнæ цал æмæ цал лæппуйы фæцыд Стыр Фыдыбæ- стæйон хæсты лæгдзинады хъазуат- мæ æмæ цалæй баисты æнусон фы- нæй дард æцæгæлон зæххыл, æфсы- мæрон ингæнты. Ирыстоны иннæ кæмтты цæр- джытау хъысмæт нæ бацауæрста дзомагъæгтыл дæр. Фæлæ хъысмæ- ты ,раз сæ зонгуытыл не ’рлæууы- дысты. Дардтой фосы рæгъæуттæ, фосы дзугтæ, кодтой зæххы куысг. Уый фадат сын уыд. Зад уыгæр- дæнтæ, дзæвгар сæрвæттæ, — фаг холлапсæ фосæн. Афтæмæй хъæрм- уд, уарзæгойæ сæ царды бонтæ æр- выстой. Сæ абон, сæ фидæныл рæ- ’ ^угъд фæндтæ нывæзтой. Хæхбæсты æрдз æгъатыр æмæ карз у, хатт лæджы барæвдауы, хатт та йæ дæрзæг уисæй снæмы. Æрдз дзомагъæгтæн дæр уæлдай хатыр нæ кодта, фæлæ сфæлтæрд- той, æрдзы хъæбысы бахсыстысты комбæсты цæрджытæ æмæ-иу сыл фыддуг, фыд-замантæ куы скодта, уæд-иу кæрæдзийы фарсмæ æрба- лæууыдысты æмæ-иу иу иннæйы ри- стыл, æвдадзы хосау, батад. Æрдзы карз тыхтæн æнустыдæр- гъы йæ бон нæ баци дзомагъæгты басæттын, нæдæр сæ хъысмæт ба- Ц
домдта... Æниу цæмæй зыдтой комт бæсты цæрджытæ фыдбылыз сæм разæй нæ, чъылдымы ’рдыгæй кæй фæлæбурдзæн, цард кæй ныххуыс- дзæн хъæубæсты уæзгуытыл, комы 2. МЫГГАДЖЫ АРТДЗÆСТЫ Джыккайты Тотырийы кой чи нæ фехъуыста, ахæм адæймаг стæм разындзæн нæ областы. Уый тых- хæй арæх фæфыссынц газетты, фæ- дзурынц радиойæ. Æниу Тотыри нæ дæр хæсты быдыры басгуыхт, нæ дæр айнæг къæдзæхтæ айгæрста æмæ нæ дæр стыр фурдты сæ цæ- уынæй ныуурæдта. Сарæзта æр- мæстдæр уый, — йæ зонд æмæ йын йæ намыс цы загътой, — иузæрдион разынд йæ фыдæлты уæзæджы фарн, йæ фыдæлты æгъдæуттыл æмæ ныр ссæдз азы дæргъы йе ’фсин Мæргъиты Нусяимæ ахуыс- сын нæ уадзынц сæ кадджын мыг- гаджы артдзæсты фæстаг зынджы цæхæр Фæзы Дзомагъы. Стæй канд уый нæ, фæлæ ма, аргъæутты хъæбатыртау, се уæхсчытæм рай- стой æгас комбæсты раздæры цæр- джыты уæззау æргъом æмæ йæ на- мысджынæй хæссынц нæ адæмы фæрныгады иумæйаг къæбицмæ. Джыккайты Тотырийы тыххæй мын дзырдта партийы Дзауы рай- комы ныры фыццаг секретарь Хъо- цыты Хъазбег дыууæ азы размæ. Уыцы аз нæ хæхбæсты ныууарыди залты мит. Тыхст, тæссаг бонтæ скодта районы цæрджытыл. Стыр зиæнттæ... æвæджиау фыдбылызтæ. Район æгасæйдæр бахауд миты уа- цары. Хæдзарæй-хæдзармæ, хъæ- уæй-хъæумæ акæсæнтæ нал уыд, алцы дæр фæци миты урс хъæццу- лы бын. Дзауæй мидæмæ, комы, арф ми- ты нарæг фæндаг куы алыг, уæд Хъазбеджимæ абалц стæм Ручъы совхозмæ (уæд ма Хъазбег Дза- уы райæххæсткомы сæрдар уыд). Фæндагыл мын зæрдæрыстæй ра- хабар кодта’, районы хæдзарад куыд ныззаууати æмæ адæм тыхст уавæры куыд бахаудтой. Ракодта мын Джыккайты Тотырийы кой Дæр. Уæд фыццаг хатт базыдтон, 1отыри^йе ’фсинимæ Дзомагъгомы иунæгæй кæй баззад, удвидар кæй разынд. Скодта фос, совдозæй дæр саджилты кæй амæлдзæни зарæг. Уыцы æвирхъау хабар та комбæ- стыл æрцыд... ...Æниу, уый тыххæй фæстæдæр. ЗЫНГ ХЪАХЪХЪÆНÆГ ма хъуццытæ нардуатæй хæссынмæ райста æмæ æрвылаз дæр паддза- хадмæ тоннæгай фыдызгъæл æмæ урссаджы продукттæ кæй ратты. О, фæлæ йыл стыр фыдбылыз сæм- бæлд, миты зæй йын йæ хъомты æмбис фæласта. — Тотыри тынг мæстджын у, — мæт кодта Хъазбег. — Уæд та йæ куы абæрæг кæник- кам, — загътон æз. — Бæргæ, фæлæ ацы арф миты Дзомагъмæ æрмæстдæр къахкъæ- лæттыл ис бацæуæн, — хъыгæй загъта Хъазбег. — Мæнæ мит куы батайа, уæд æм бауайдзыстæм. ...Æмæ ныллæууыд уалдзæг. Фе- сты сæрды бонтæ. Аивгъуыдта фæз- зæг дæр, фæлæ мын рæстæг. никуы фæци. Ныр уыцы фадат мæ къухы бафтыд. Хъазбеджимæ абалц стæм Дзомагъмæ. Фæндагыл ма нын æр- бамбали газет «Советон Ирыстон»-ы фотоуацхæссæг Æлборты Михаил дæр. Уыд æмбисонды .райдзаст фæззы- гон бон. Ахæм бонтæ хохаг лæгæн хуыцауæй курæгау сты, уæлдайдæр та ацы сæрды хохы æдзухæйдæр дæргъвæтин къæвдатæ ахаста æмæ бынтон ныкъуылымпы фосæн зы- мæгмæ холлаг æфснайыны хъуыд- даг. Зымæг нæ хæхбæсты æнæхонгæ уазæгæй хъауджыдæр нæу, кæд æмæ цы афоныл фæзындзæн, уый адæймаг нæ фæзоны. Уыцы хабар сæ зæрдыл дарынц Дзауы районы фæллойгæнджытæ æмæ æмгуырæй ныффæдис сты. Аходæнафонæй ахызт, афтæ ба- хæццæ стæм Дæллаг Ручъы бын хиды хъусмæ æмæ сосæвæндагæй фæзылдыстæм Дзомагъы комы ’рдæм. Раздæр ацы комы машинæ- йыл нæ, фистæгæй дæр зынтæй цы- дысты адæм. Фæлæ цалдæр азы размæ Дзау — Алагиры сосæвæндаг куы арæзтой, уæд Магъы æфцæгыл ауылты Цæгат Ирыстонæй Хуссар- мæ арæзтадон æрмæджцтæ дасыны 55
тыххæй рæстæгмæ фæндаг айгæр- стæуыд. Ручъы туннел куы байгом, уæд сосæвæндаг аразджыты Дзо- магъгомыл цæуыны сæр нал ба- хъуыд, сæ хъус æм нал æрдардтой æмæ фæндаг ранæй рæтты фехæлд, уæлдайдæр та нырраууат сты хид- тæ. Дыууæ азы размæйы залты мит уалдзæджы куы батад, уæд комы дон раивылд, фæласта хидтæ æмæ ныр доны куынæ балæгæрдай, уæд иннæ фарсмæ нæ ахиздзынæ. Домы нарæджы айнæг къæдзæх- ты фæрстæ дыууæрдыгæй цæугæдо- ны къубалыл кæм æрбахæцыды- сты, уым хæххон æррадон, фыццаг саргъæвæрд бæхау, йæ рохтæ тон- гæ, йæхи мæсты цæфтæ кодта къæ- дзæхты фæрстыл. Фырмæстæй-иу йæ комы фынк акалд, мин-мин лы- етæг æртæхтæй-иу хæрдмæ фес- хъиудта æмæ афтæ зынд, цыма ар- гъæутты донычызг комы хъæбысы йæхи найы, йæ сыгъзæрин дзыкку- ты.быд райхæлдта, сисы сæрвасæ- нæй сæ арвы цъæхы сфаста æмæ сæ комы сæрмæ хуры тынтыл æр- дауыгъта. Куыд мидæмæ комы фæр- стæ фæйнæрдæм алыгъдысты, цы- ма, Бурхохы аууон цæмæй ма бам- бæхса ’хуры цæст .æмæ доны ’чыз- джы буар цъитидоны ма баргъæвса. Комы куыдуæлæмæ æмæ куыдми- дæгдæр цыдыстæм, афтæ тар хъæ- ды дарæс йвзийын байдыдта æмæ комы рæбынтæм бынтондæр алæ- зæрд Уыйхыгъд, цыма зæххы гом- гæрцы буар цæмæй ма разына, уыйау, æрдз æфцджыты рæгътæй дæлæмæ, суангдæр комы рæбын- тæм, йæ цъæх нымæт æрытыгъта. Уыгæрдæнтæ... Уыгæрдæнтæ... кæрдиппаерд зад уыгæрдæнтæ сæр- къулæй æнхъæлмæ кæсынц, кæд фæзындзысты хосдзæуттæ æмæ кæд рзласдзысты æфцджыты риутыл ныххусуæвæг хъæбæр ньтмæт. Фæ- лæ ныййарæг зæххæн йæ дудгæ маст йæ хъæбулты нал æндавы, йæ фæдисы хъæр, йæ* уды зын йæхи- цæй дарддæр ничи хъусы, ничи æм- бары. йæ риуы сойæ кæй схаста, уыдон ныхъхъоды кодтой сæ ком- бæ^тыл, сæ фыдæлты уæзгуытыл. . ( Нарæг дурд’жын фæндагыл «Вил- лйс>> сивгъуыдта уæлбылмæ, æмæ фæзауы, æмбонды фарсмæ цæхгæр фæлæууыд. 4 54— Схæццæ стæм, — загъта Хъаз- оег’. Машинæйæ рахь^тыстæм. Тотыри хæдзары нæ разынд, хос- кæрдынмæ уыд. Хъазбег æм шо- фыры арвыста. Цалынмæ нæ фысым цыдис, уæд-' мæ мæ цæстытæ ахастон кæртыл. Дыууæ æддæгуæлæ бындурон арæзт хæдзар. Дæллаг æддæгуæлæ — ду- рæй амад, уæллаг та — бæзджын фæйнæг къултæ. Дæллаг уæладзы- гæй уæллагмæ — фæхс къæйдуртæй асин, хæдзары фæстæ уæрæх кæрт — сæрдыгон фосдарæн. Иæ алы фарс — æмбонд. Чысыл фалдæр — фосы зымæгон скъæт æмæ холла!- дон. Хæдзары размæ дæр — дардыл æмбонд — картоф æмæ цæхæрлдо- ны халсæрттæн. Кæрт — хæрзæфс- найд, алцыдæр йæ раны æвæрд. Бæ- рæг уыд, фысымтæ хæдзардзин къухты хицау кæй уыдысты. — Уый нæм фарны уазджытæ куы ’рбацыд, — æваст мæ хъустыл ауад.—Æгас нæм цæут!.. Уадид мæ цæстытæ фæхицæн сты кæртæй æмæ ацахстой æнæнхъæ- лæджы нæ уæлхъус февзæрæг нæл- гоймаг æмæ сылгоймаджы. Нæл- гоймаджы уæхскыл — цæвæг, сыл- гоймаджы къухты — сагой. Уыдон уыдысты Тотыри æмæ Мæргъион. Нæ къухтæ нын райстой æмæ ныл бапин кодтой зæрдиагæй. Æз Тотырийы уæйгуытæарæзт, бæрзонд, нуарджын, мæцъисцонг, гуыппырсар лæг æнхъæлдтон. Æмæ дисы бахаудтæн, мæ разы асæй рæстæмбис, онгæй дæр æмæ цæс- гомæвæрдæй дæр къæсхуыр, хуы- мæтæджы хохаг кусæг лæг куы ’рбалæууыд, уæд. Уыйхыгъд лæ- гæн æнахуыр цæстытæ, уазал боны, арты зынджытау, цыдæо хъарм, цыдæр æхцон лæвæрдтой зæрдæ- йæн. Ие ’фсин Мæргъион дæо хи- ■ уылхæцгæ, зындзинæдты чи сфæл- тæрдта, æмæ йæ лæгæн рахис цонг^ чи (Ьестад, ахæм сæрæн сылгоймаг. Уыдис ьтн уарзæгой цæстæнгас, æлзухæй (Ьæлмæн мидбылхудт. Хъазбег сын бамбарын кодта не ’обацьтды сæр. — Æмæ цæмæн хъæуы мæн тьтх- хæй газетьт (Ьыссьтн, — ныфсæпм, чьтсыл сабийау, лæг. — Хуьтзы бы- дьгаы куы нæ басгуыхтæн, кæнæ ап- вæй стъалы куы нæ раскъæсЬтон. Кусын... аразын, удæгас адæймаг цьт хъуамæ аоаза, уьтй. Æмæ уьтм диссагæй цы ис? Æниу нæ хъуьиь трг рæвдздæр ацæуид, ацы уæзгуьт,
тыл ма исчитæ куы цæрид. Иунæ- гæй хохы цъассы зын цæрæн у. Куыстæй адæймаг нæ фæлмæцы, фæлæ æнæсыхагæй — хъаймæт. Цæй, ныхæстыл уæ фæкодтон, хæр- заг ма зæгъат, фысымы йæ уаз- джыты мидæмæ ахонын нæ фæн- .ды æмæ сæ фæндаджы хъæбæрыл ныхæстæй ирхæфсы. Не ’фсин, дæ хъару æмæ дæхæдæг. . — Уазæг — цæттæ, фысым — æдзæттæ, фæзæгъынц, — фæцырд Мæргъион. — Фæлæ уазджытыл цæ- мæй бацин кæнæм, уый фаг ском- дзыс’тæм. Мидæмæ сæ ахон æмæ мын пецы арт акæн. — Уæ хорзæхæй ма стыхсут, æп- пындæр ницы хъæуы, — Хъазбег цæхгæр ныллæууыд. — Уый бæрц нæ не ’вдæлы. Ходзмæ нæ цæуын хъæуы. Не ’вдæлы уæхи дæр... уæ куыстыл стут, фæстиат уæ кæнæм... — Абон кæй ракарстон, — ссивы- нæн нæма бæззы... ^Фæлæ не ’фси- ны ма фæхъыг кæнут, — бахатыд нæм Тотыри. — Нæ, Хъазбег, нæ. Мæхи æф- сымæрыйас дæ уарзын æмæ куыд ис уый гæнæн, дæ хойы хæдзары къæсæрæй аздæхай, — йæ ныхас скарста Мæргъион, — стæй нæм уаз- джытæ афтæ арæх куынæ цæуы. Зонын, нæ уæ ’вдæлы æмæ уæ би- рæ нæ бауромдзынæн, — загъта ма Мæргъион æмæ мидæмæ бацыд. Мæнæн æхсызгон уыд, районы хицауæн ацы бинонтимæ хæлар аха- стытæ кæй ис, хионыл æй кæй ны- майынц. Æниу канд ацы бинонтæ нæ^ фæлæ Хъазбеджимæ Дзауы районы хъæуты кæмдæриддæр уыд- тæн —алы ран дæр сын йæ фенд æхсызгон уыд. Хионы цæстæй йæм кастысты, йемæ — æргомдзырд, æр- гомзæрдæ. Нæ дзы сусæг кодтой нæ дæр сæ цин, нæ дæр сæ куысты цухдзинæдтæ, нæ дæр зæфцы фы- ,дæй сæхи аххосæй цы хъуыддæгтæ саразын сæ бон нæ баци, уыдон, нæ дæр аххос искæй æфсон кодтой. Фылдæр дзырдтой се ’нтыстытыл нæ, фæлæ сæ цухдзинæдтыл. Хъаз- оег, раионы хицау уæвгæйæ, йæхи уæлдæр никæмæй æвадры, йæ ахаст, иæ ныхасы уагæй искæй нæ дæл^ дзиньтг кæны. Йæ уайпзæф дæр ны- выл, зондамоныны хуызы. Иæхæдæг хъæууон кусæг лæджы фырт у, хъæууон хæдзарадон ахуырдзина- дцмæ. Хорз зоны йæ районы хæдза- рады алы къабаз дæр. Царды уæз йæхи бæрзæйыл банкъардта, хъæу- уон куыст чингуытæй нæ, йæ хиды уæззау æртахæй базыдта. Гъе, уый руаджы æнцонæй фæндаг ары зæх- кусæг лæджы зæрдæмæ. Тотыри- имæ афтæ хæлар кæй у, уый мæм дис уымæн нæ фæкаст. Ахæм у йæ удыхъæд, йе ’рдзы конд. Мæнæ ныр дæр бадынц фæрсæй- фæрстæм хæдзары дæлбазыр ай- нæг фæхсдурыл æмæ зæрдиагæй нывæндынц сæ ныхас. Хъуыдтагыл кæй дзурынц, уый хатын æмæ сæ бахъыгдарон, уый мæ нæ фæнды. Дæрддзæфгомау банцой кодтон ка- уыл æмæ мæ цæстытæ рахæсс-ба- хæсс кæнын, раздæр стыр хъæу чи уыд, ныр хъæууат чи фестад, уыцы Фæзы Дзомагъыл. Амыты-уымыты ма кæмдæрты бæрджытæй аззады- сты кæддæры нæргæ хæдзæртты хæлдцæгтæ. О, фæлæ хъысмæты фыдæнæн, иннæты хъауджыдæр цæ- мæн удвидар æмæ цæрæццаг ра- зынд Тотырийы хæдзары къонайы артдзæст? Хъæубæсты хъауджыдæр цы ныуурæдта æдзæрæг уæзгуыты фарсмæ хæдзары хицауы? Цавæр уыд уыцы кæлæнгæнæг тых? Æн- дæр ранмæ йæ ныфс нæ ахаста, æви сын фыдæнæн ми бакодта? Тотыри æмæ Хъазбег сæ ныхæ- стæ конд фесты. Хæстæг сæм ба- цыдтæн æмæ хъавгæйæ бафарстон фысымы: — Дис мæм кæсы, Тотыри, дæ хъæубæсты хъауджыдæр ма дæу ам цы ныуурæдта? Тотыри иудзæвгар хъуыдыты ацыд, стæй æрæджиау загъта: — Мæ ныхæстæ мын мæхицæй æппæлыны хуызы ма бамбар, фæ- лæ мæ хъуыды афтæ у, æмæ адæй- маг кæм райгуыры, рухс кæм фе- ны, йæ царды бонтæ дæр уым хъуа- мæ батона. Æргом дын куы зæгъон, уæд мæ мæ фыдæлты" уæзæгæй мæ къах никуыдæм ахаста. — Æмæ дын зын нæу иунæгæй? — Иунæг нæ дæн. Ме ’фсин дæр мемæ ис. — О, фæлæ зымæг мит куы ныу- уары, фæндæгтæ куы æрæхгæны... — Быхсæм... æниу зын у... æнæ- хъæубæстæ... тыхсæм. Дæ цин, дæ хъыг макæмæн зæгъ, гъе, стæй дæ къæбæр дæ сыхаджимæ куы нæ адих кæнай, уæд уый цæй цард у? Фæлæ алцыдæр уавæрмæ гæсгæ у. / 57
Фæцахуыр стæм. Раздæр-иу мæхæ- дæг мæхиимæ фæныхас кодтон... Фыццаг мæ мид-зæрдæйы, стæй хъæрæй. Фæстагмæ та дæ алыварс æрдзы сфæлдисонæй цыдæриддæр уыди, уыдонимæ. Афтæ мæм кæсы алцæмæндæр уд æмæ зæрдæ ис. Кæрдæгыл дæр куы ныллæууай, — фæриссы йын, суадоны ма сыджы- ты мур ныппар æмæ ма йæм дæ хъус бадар — фæтар вæййы йæ цæс- гом. Æгæрстæмæй дидинæджы хъузджы цы доны æртах вæййы, — куы йæ асæрфай, — дидинæг фæ- тæргай вæййы æмæ йæ сæр æрæп- пары йæ риуыл. Кæнæ ма фос фæд- фæдыл иу сæрвæтмæ бауадз — фæ- хæрам дæм уыдзæн, фосы къæхты бын мæ ныцъцъист кодтай, зæгъгæ, æмæ æвзар нал схаудзæн зæххæй. Æз уымæн афтæ зæгъын, æмæ ал- цы дæр уарзын æмæ, хи удау, хъахъхъæнын хъæуы. Нæ фыдæл- тæ нын цы номы уæзгуытæ ныффæ- дзæхстой, уыдон нæ уды хæзнатæ сты. Æгæрстæмæй мæнæ ацы ду- рæйамад сис æмбæндтæ ранæй рæт- ты ракæлынц, æз сыл фæзилын æмæ алы дур дæр фæстæмæ йæ бы- наты бавæрын. Азил-ма, цас ’дур- æппарæнтæ ныррæдзæгъдтæ сты хуымæнбæзгæ зæххытæ æмæ уы- гæрдæнты кæрæтты. Цал æнусы ра- цыд, цал æмæ цал фæлтæры фех- сæстой æрвылуалдзæг уыцы хуым- тæ æмæ уыгæрдæнтæ. Æз дæр сæ æхсæдын... мæ цæстæн мын тых кæ- ’нынц. Зæрдæ сæм кæм лæууы. Æз бамбæрстон, ацы адæймаг йæ зæрдæйы уидæгтæй йæ уæзæгмæ куыд фидар баст у, уый. Ам ын ал- цы дæр æхцон æмæ фæндон кæй у. Ам алцы дæр баиу йæ уд æмæ йæ зондимæ æмæ фестад йæ буары кæ- цыдæр хай. Фæиппæрд æй кæн, зæгъгæ, уæд бахус уаид, тыгъдбы- дыры бæлас æнæдонæй куыд бахус вæййы, афтæ. — О, фæлæ нæлгоймаг уæддæр фæразондæр у... быхсы зындзинæд- тæн, фæлæ де ’фсин... — Фæцахуыр уый дæр... æниу ын фыдæбон бирæ ис. Уыйбæрц фос- мæ кæсын хъæуы, зилын. Æцæг, æндæр исчи, чизоны, нæ бафæра- зид... фæлæ Мæргъион, — хуыцау ын бирæ цæрæнбон раттæд — лæ- джы æмсæр у. Æниу Тотыри нæ зегъта, йе фсин канд лæджы æмсæр сылгой- маг кæй нæ у, фæлæ ма кæй у стыр удыхъæд æмæ æгæрон уарзæгой зæрдæйы хицау дæр. Уыцы уарзты æнкъарæнтæ йæ ныббастой йæ лæ- джы фарсмæ Джыккайты уæзæгыл, айста йæ цардæмбалы уæззау уар- гъы æмбис йе уæхсчытæм æмæ йе- мæ дих кæны йæ цин дæр æмæ йæ хъыг дæр. Æниу нæм сæрды бонты лæп- путæ æрбауайынц (Тотыри æмæ Мæргъион сты цыппар чызджы æмæ дыууæ фырты хицау) æмæ кæм хос ракæрдынц, кæм фос хизæнмæ аз- дахынц. Чызджытæй ницы зæгъæг дæн, фæлæ лæппутæ... бæргæ сæ ам нæ фарсмæ исчи куы уаид, фæлæ цы бачындæуа, горæт сæ йæхимæ асайдта æмæ, нæ зонын, цы хъуы- ды сæм ис, мах ма кæдмæйы фаг уыдзыстæм.-Хатт куы ахъуыды кæ- нын, — мæ уæзæг дæр искуы куы федзæрæг уа, — уæд мæ тых асæт- ты, зæрдæ нал фæрайы. — Чизоны, æрæмбарой фæстæдæр æмæ сæ исчитæ æрбаздæха фæстæ- мæ. — Цалынмæ уый æмбарой, уæд- мæ хæхты цъиузмæлæг нал уыдзæн. Ныр дæр ма бæрцæй кæмдæрты чи- дæртæ аззад. Уæд та кооперативтæ куы бакæниккой, Хъазбег. Кæд ис- читæ æрхудиккой сæхиуыл. — Ныртæккæ нæ сæйраг куыст уый у, Тотыри, цæмæй хæххон кол- хозтæ æмæ совхозтæ рацарæзт æр- цæуой кооперативон нардуат куы- сты бындурыл. — Ды нæ областы фыццаг коопе- ратор дæ, бæлвырд рахатыдаис коллективон куыстæй нардуатæй куысты æхсæн цы хъауджыдæр ис, уыцы хабар. Зæгъ ма, махмæ хæх- хон уавæрты цас пайдадæр у нард- уат куыст? — Нардуатæй куыст хъуыдда- джы сæйраг рахæцæн у. Ахъуыды ма кæн: æхсæнадон фос дæр æмæ хи сæрмагонд фос дæр иу сæрвæ- тыл фæхизынц, иу уыгæрдæны карст холлаг хæрынц. Фæлæ сæ сæрвæ- тыл, дардæй ракæсгæйæ, уадид ба- зондзынæ, чи сæ кæцы у. Хисæр- магонд фос нарддæр, йе хсыр фыл- дæр æмæ сойджындæр. — Цæмæн? — Цæмæн куы зæгъай, уæд алцы дæр зылдмæ гæсгæ у. Стæй фосæн
холлаг цы зæрдæйыуагæй раттай, уымæй дæр у. Æгомыг фос кæд дзыхæй нæ дзуры, уæддæр адæй- маджы ахаст æмæ цæстæнгасæй ал- цы дæр æнкъары. Сывæллонау рæв- дыд уарзы. Цас æй рæвдауай, уый бæрц дын дæхи дæр барæвдаудзæн. Æхсæнадон фосмæ та фыды усы цæстæй кæсæм. Нæ рæвдыд дæр схуыст, нæ рард та — сындзкъухæй. Фосæн’ йæ холлаг йæ фарсыл дæр нæ бахæцы. Уазал ын у æви хъарм, æххормаг, æви дойны, исты дзы риссы, æви тыхсы — мæтгæнæг ыл нæй. Афтæмæй та йын цалдæр хи- цауы ис. Фæлæ уыцы хицæуттæй иу дæр æхсæнадон фосы мæт нæ кæ- ны. Амард — акт, былæй ахауд — акт, исчи йæ. адавта — акт. Аххос- джыны ничи бæрæг кæны. Никæй- дæр уый æндавы, уымæн æмæ дæу нæу, дæуæй нæ риссы. Ницыдæр дыл уæз цæуы. Акт æмæ фæци! Хисæрмагонд фосмæ та хъæбулы цæстæй кæсыс. Фосæн æххормаг у æви уазал, — æнкъарыс æй дæхи удау. Дæхи дæр æххормаг ныууадз- дзынæ æмæ дæ дзыхы комдзаг фо- сы дзыхы атъысдзынæ, уымæн æмæ йæ зоныс, дæу у, йæ пайда дæр æмæ йæ зиан дæр. — Гъе, афтæ, мæ хур, нæ фыдæл- тæ æнæхъуаджы нæ дзырдтой: «иу- мæйаг мард, дам — æнæныгæд». — Бæргæ, ноджыдæр ма йæ зæ- гъын, фæлмæцæм, æнцондæр нын уаид исчитæ ма нæ фарсмæ куы цæрид... фæлæ цы бачындæуа, иу- уыл горæттæм æмæ æнцонвадатдæр рæттæм куы лидзæм, уæд ма царды зын та йæхимæ чи райсдзæн? Ам дæр хъуамæ исчитæ уа — бынтон сæфт,^ бынтон æдзæрæг куыд нæ фæуой нæ фыдæлты уæзгуытæ. Тотырийы фæстаг ныхæстæ, фæ- дисы ^ дзæнгæрæгау, ныззæлланг крдтой мæ хъусты, судзины бырын- къау, цьша, зæрдæйы фæныхсты- сты, уыйау ныхъхъæрзыдта риу — «Ам дæр хъуамæ исчитæ уа... бын- тон сæфт, бынтон æдзæрæг куын- нæ фæуой нæ фыдæлты уæзгуы- тæ». Æвæдза, куыд æвирхъау у, уый! Къонайы артдзæсты зынг куы ахуыссы, уæд йæ фæдыл арты зын- джимæ бамынæг вæййы цард дæр, уæзæг куы бастъæлы, уæд амæлынц фыдæлты фæтк æмæ æгъдау, фы- дæлты фарн. Уыдонимæ ?мæлы адæймаг уд æмæ зæрдæйæ. Базза- йы ма æрмæстдæр йæ афтид гуы- ры конд. Æнæуд, æнæзæрдæ адæй- магыл та цыфæнды дзаумæттæ скæн, сфæлындз æй кæйдæриддæр фæлысты, алцыдæр ыл сфидаудзæн, фæлæ удæн искæй дзаумæтты сту- хæн нæй. — Дыууæ азы размæ тынг фæ- тыхстæн, зæй мын мæ фос куы фæ- ласта, уæд. Мæ фарсмæ исчитæ куы фæуыдаид, — чизоны афтæ нæ фæтыхстаин. — Зæй дын стыр зийæнттæ ра- кодта, фехъуыстон. — Зиан дæр зианы хуызæн! Мæ фос мын æрдæгыл банцайын код- та. Дæс æмæ ссæдз стуры мæхи- уæттæй, дыууиссæдзы бæрц та — совхозы стуртæй. Æдæппæт дæс æмæ æртиссæдз еæры.... Анымай ма сæ цас зиан сты. Уæдæй нырмæ мæ къахыл нæма слæууыдтæн. Уæддæр сæ цæрæнбонтæ бирæ уæнт нæ райо- ны хицæуттæн, уадид фæфæдис сты. Хъазиты Сослан æмæ Джиоты Гурам къахдзоныгътыл æрбалæ- гæрстой... Раздæр нæ комбæсты фондз колхозы уыди, æмæ-иу, чы- сыл исты æнамонддзинад,'—уæд-иу уадид кæрæдзи фарсмæ февзæрды- сты... Алы колхозæн дæр йæхи фо- сы фермæтæ, æмæ нæм цас фос .уы- ди, цас! Æрмæст Фæзы Дзомагъы колхозы фермæйы уыди 4700 сæры лыстæг фос æмæ 700 сæры та ставд фос. Иннæ колхозты дæр — афтæ, стæй алкæмæн йæхицæн сæрмагонд фос. Махмæ кæрдæг сойджын у. Фосдарынæн хуыздæр бынат, хуыз- дæр уавæртæ не ссардзынæ. Æмæ ма ахъуыды кæн, æрмæст нæхи комбæсты цы колхозтæ бабын, уы- дон цас зиан æрхастой районы, гъе, областы экономикæйæн, стæй иннæ кæмтты,- æниу Ирыстоны хæххон хъæутæ ахæм раууатмæ не ’рцыда- иккой, йæ рæстæджы сын сæ сом- боны хъысмæт’ыл рæстæрдæм куы ныхъхъуыды чындæуыдаид. Уæл- лæй, стыр фыдракæнд бачынди нæ хæхбæсты адæмæн, æмæ уый барæй уыд æви æнæбары, — иунæг хуыцау йæ зонæг. Æмæ цæмæн æрцыд, цæ- мæн, ахæм стыр фыдбылыз? Цæ- мæн фесхъиуæггаг сты хæххон адæм се "нусон цæрæнуæттæй? Иæ аххо- саг цы уыди? Уыцы фарст мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта 1952 азы хабæрттæй ахæм цау.,, 5?
3. ÆДЗÆРÆГ УÆЗГУЫТÆ Фæндзайæм азты нæ литературæ аразджытæн бачынди фыдаудæн митæ. Хуссар Ирыстоны партийы обкомы уæды фыццаг секретарь Имнадзе Акъакъи фæхъызыди фыс- д-жыты Цæдисы сæргълæуджытæ æмæ журнал «Фидиуæджы» редак- цийы кусджытæм æмæ сæ фæйнæр- дæмты ныффæйлыдта. Уыцы æнæ- бындур, æнæхъола дæрæн йæ аххос фæци Цоциты Гейны пьесæ «Æртæ ироны». Пьесæйы дзырд цыдис, ирон дзыллæ къордтæ-дихтæ кæй ныццис, адæмæн се ’взаг, се ’гъдæуттæ кæй сæфынц-æмæ уый ах- хосæй сæ кæрæдзи кæй нæуал æм- барынц. Иудзырдæй, автор зæрдæ- рыстæй дзырдта, абон не ’ппæтæн дæр сагъæссаг æмæ мæтаг чи ссис, нацийы уыцы духовон фарстытыл. О, - фæлæ бæрзондылбадæг æхси- ны лæгтæм стыр тæссаг æмæ не ’хсæнадæн зианхæссæг фæкаст пье- сæйы хъуыды. Авторы сæрыл ра- сæххæтт ластой иууыл карздæр æмæ æвирхъаудæр аххосæгты къæр- та. Автор ахæстонæй фæтарст æмæ, обкомы бюро цы бон уыд, уыды æх- сæв фæлыгъд ’ Ирыстонæй. Уый хыгъд æхсины лæгты азар басыгъ- та иннæты. Фысджыты цæдисы сæр- дар Бекъойты Елиоз æмæ журнал «Фидиуæджы» редактор Цоциты Ре’зойы карз æфхæрдимæ сæ бы- нæттæй систой. Сæ дыууæйæн дæр ма тыххæйты Цæгат Ирыстонмæ алидзын бантыст. Фæлæ сын уым дæр Резо нæ аирвæзт, йæ фæдыл ын дзырдхæсджыты бафтыдтой æмæ, дам, Ирыстоны «хæлар» Бе- риайы фыдгой кодтай, зæгъгæ, æр- цахстой йæ æмæ йæ Сыбыры ами- дæг кодтой. Гафезы, журнал «Фи- диуæджы» бæрнон секретары, карз æфхæрдимæ йæ куыстæй систой æмæ йын хæдзарон ахæст радтой. Дзугаты Гиуæргийы журналы ли- тературон кусæджы, та Дзомагъмæ ахастой. Букуылты Алыксийы — журналы корректоры, — йæ бына- тæй сиСтой. Джусойты Нафи, журналы редколлегийы уæнг, ин- нæтæй æвзонгдæр уыд, ахуыры фæндагыл Ленинградмæ ацыд. Дыккаг аз Нафи сæрды улæфты фæстæ хъуамæ Ленинградмæ аспи- рантурæмае аздæ^тадд, æз та Мæс- куымæ цыдтæн литературон инсти- тутмæ. Цы бон цыдыстæм, уымæй къуыри раздæр мыл театры размæ фæзуаты Нафи хæрхæмбæлд фæци æмæ мын афтæ: — Цом ма, æфсымæр, Дзомагъ- мæ бауайæм, Дзугаты Гиуæргийы абæрæг кæнæм, иуæй рынчын у, аннæмæй та ахæм æфхæрды фæстæ тынг тыхст у, кæмдæр. Ничи йæм аефты, ничи дæр ын ныфсытæ æвæ- ры... Фæлмæцы. Ма фæзивæг кæн, нæ фенд ын æхсызгон уыдзæн. Æмæ ацыдыстæм. Дзауы онг уæз- ласæн машинæйыл, Дзауæй мидæмæ та къахæй. Уанелмæ бахæццæ стæм, ахызтыстæм Бæгъиатæй... мæ къах ног операци уыд æмæ мын ахæм дард фæндагыл риссын райдыдта. Мæ фæдыл æй тыхласæгау кодтон, уыцы хабар æмбæрста Нафи æмæ мæ йæ хъæлдзæг ныхæстæй йæ фæ- дыл сайдта. Дзомагъгомы фæзилæнмæ куы бахæццæ стæм, уæд ныл æрталынг, уым ныл къæвда дæр сæх-сæхæй уарын райдыдта. Абон дæр ма дис кæнын, уыцы æххæл-мæххæл дур- джын иукъахвæндагыл хæххон ивылд доны былтыл,. бырынцъаг айнæг къæйдуртыл, æхсæвы тары æнæзонгæ фæндагыл æнæфыдбылы- зæй комы арфæнмæ куыд баив- гъуыдтам, ууыл. Цыдыстæм зæрдæ- аивæй, лæдзгуыты бырынчъытæй нæ развæд сгаргæ. Æниу айнæджы цыргъ дуртыл нæ дæлфæдтæ куыд дудыдтой, уый нæ къона зыдта. Фæлæ ма уыдон мæт чи кодта. Иуæй, тæрккъæвда нæ сæртыл къæр- тайæ калæгау уарыд, аннæмæй та- нын комы уазал нæ донласт буар судзины бырынкъæй хуынчъытæ кодта. Ноджы ныффæлладыстæм, не ’ххормаг та нæ иууыл судтыр кодта. Уымæй дæр райсомæй нæхи- цæй æххормагæй рацыдыстæм, фæн- даг та ныддаргъ æмæ ныууæззау, йæ кæрон нал æмæ нал зындис. Цас фæцыдыстæм æхсæвы талын- джы, зын зæгъæн у (æниу нын æн- тысгæ уадиссаг ницы кодта). Та- лынджы фæндаг куы фæрæдийæм æмæ æдзæрæг комы куы ныдздзæ- гъæл уæм, уыцы хъуыдыйæ зæрдзе уынгæг кодта. Тас уыд былæй аха- уьшæй дæр, Фæлæ нæ тас кæрæдзич- §9
йæ æмбæхстам. Æниу Нафи — хо- Хаг лæппу — ахæм зынвæндæгтыл ахуыр уыд, разæй цыд æмæ мæ йæ фæдыл ласæгау кодта. Иуафон хъæды хуылфæй аирвæз- тыстæм. Уæлейæ нæм æфцæджы ра гъæй, кæйдæр рухсы цъыртт, æрт- тиваг хъæндилау, ферттывта. — Æвæццæгæн, æхсæвгæс фый- йæуттæ сты. Цæй æмæ сæм ссæ- уæм, нæ дзаумæттæ артмæ ссур кæндзыстæм. Стæй райсом баэрæг уыдзæни, — загъта Нафи æмæ цæх- гæр фæзылд æфцæджы ’рдæм. Къæвда йæ сæх-сæхæй банцад, фæлæ æхсæвы тар ноджыдæр ныб- бæзджын. Тых æмæ фыдтæй хуылыдз кæр- дæджы куыддæрты схæццæ стæм, рухс кæцæй калд, уырдæм. Æхсæ- вытары гæзæмæ раиртæстам, уый фиййæутты уæтæртæм нæ, фæлæ ца- вæрдæр хъæумæ кæй сæфтыдыстæм. Нæ ных сарæзтам, рухс кæцæй калд, уыцы хæдзармæ. Бахызты- стæм кæртмæ. Нафи тыргъы дуар бахоста. — Гъе, хæдзаронтæ, æнафоны бæлццæттæ, æддæмæ сæм ракæ- сут, — бахъæр кодта. Æваст мидæ- гæй мынæг уынæр райхъуыст, йæ уæлвæд фæрсаджы рухс ахуыссыд æмæ хæдзар æхсæвы тары аны- гъуылд. — Æвæццæгæн, хæдзары хицау уазæгуарзон нæу, — тыхст бæлц- цæттæн ахæм æнæгъдау ми кæй ба- кодта, уый цыдæр хъыг уыди На- фийæн. — О, æмæ хохаг адæмы уазæг уарзон куы хонынц, æмæ нæм адо- нæй æддæмæ дæр куы ничи ра- каст, — мæнæн дæр мæлæты хъыг уыди ахæм æнæджелбет ахаст. — Цæй, тыргъмæ æрбаирвæзты- стæм, къæвда ныл нал уары, æвæц- цæгæн, бонмæ дæр бцрæ нали. Фæлæ нæ бонмæ æнхъæлмæ кæ- сын нæ бахъуыд. Иуцасдæр рæ- ’стæджы фæстæ хæдзарæй уынæр райхъуыст, рудзынгæй рухс ферт- тывта æмæ йæ уæлвæд фæцыд дуа- ры хъинц. — Чи стут, кæй агурут, уæдæ? — раихъуыст сылгоймаджы тарст хъæ- лæс. — Ма фæтæре, нæ хойыхай, æна- фоны бæлццæттæ стæм. Дзугаты Хасæхъотæм цæуæм... Дæ хорзæхæй, чердыгæй сæ агурæм, уый нын аца- мон, — бамбарын кодта Нафй. Хасæхъоты коймæ сылгоймаджЫ хъæлæсыуаг цыдæргъуызон æрфæл- мæн. Тыргъмæ нæм рахызт. — Хасæхъотæ уæлæ уæллаг хъæ- уы цæрынц. Дзæгъæлкомы цæугæ- доны сæрты сæм хъæуы схизын. Дон та тынг ивылд у. Райсоммæ банхъæлмæ кæсут. Рахизут нæм ми- дæмæ. — Чи дæ тыхсын кæны ацы æна- фоны, мæнæ ам, тыргъы, бонмæ банхъæлмæ кæсдзыстæм, — загъта Нафи. — Мæ къонайыл, цытæ мын дзу- рыс, чи мæ базона, ахæм фыдæх- сæвы тыхст бæлццæттæ мæ кæрты сбон кодтой, уый мыл хъоды куы бакæндзæн, — бадиссæгтæ кодта сылгоймаг. — Рахизут.ч Хасæхъотæ нæ хæстæджытæ сты. Уыдон уазæг мæ уазæг дæр у. Бахызтыстæм мидæмæ. — Хуыцау мæ куыд федта, уый бынтон донласт куы ныйистут. Алæ- ма, æз уын арт акæнон, — бамæт кодта сылгоймаг æмæ арт кæныныл фæци. — Мæ сæр амæла, æз та уæ тæрсгæ фæкодтон æмæ уæ уæдæй нырмæ кæрты ныддардтон. Æниу мыл уæ зæрдæ ма бахудæт, барæй нæ уыди, ныххатыр кæнут. — Бафæрсын аипп ма уæд, нæ хойыхай, фæлæ ацы хъæу цы хуый- ны? стæй нæ фысым чи у? — Нафи бафарста сылгоймаджы. — Нæ хъæу Сагджын къуырф хуыйны. Æз та Плиты чызг дæн, Заретæ мæ хонынц. — Бузныг, Заретæ, кæй нын лæг- гад кæныс, уымæй, фæлæ афтæ тынг цæмæй фæтарстæ æмæ æваст цырагъ цæмæн ахуыссын кодтай? — Нафийы гуырысхо фергом. — Куыннæ тæрсон, ме ’фсымæры- хай, саууынгæджы фестæм районы хæрдзтæуидзджытæй. Ахæмч къуыри ма уа, æмæ нæм æнæнхъæлæджы æхсæвыгон ма смидæг уой. — Ау, æмæ цы агурынц æхсæвы- гон? — Уæлдай фысы муртæ, дам, дæм ис æмæ сæ æмбæхсыс, зæгъгæ. Æмæ бæрæг кæнынц... зилынц скъæттыл... нымайынц фос... Иу стуры къах дæм уæлдай ссардтой, — ивар, кæ- нæ та йæ аскъæрынц æмæ йæ фы- дызгъæлы цæттæйы раттынц, нæ хъуырмæ нæ скодтой. Хæхбæсты цæрæм, нæ цард фосæй у, фос куы- 61
Мæ^дарæм, хойраг, уæлæдарæс цæ- мæй хъуамæ балхæнæм. Уымæй дæ^р ныры стонг азты фосæн базары ницы аргъ ис, æндæрæрдыгæй та дæ хæдзармæ ницы æфтиаг æрбайс- дзынæ. Иу хъугæй та дæ бинонты куыд фæдардзынæ. Мæ фыд-иу дзырдта, раздæр, дам, фондз, дæс хъугæй къаддæр никæмæ уыди, уæртæ нæхи Плиты Бедзетæм, уый Ароны фыдæй зæгъын, æнæхъæн фосы рæгъау æмæ фысты дзугта: уыди. Адæм куыстой æмæ сæхицæн царды амæлттæ кодтой. Ныр та дæм иу стур уæлдай ис, уæд, тæрс- гæ-ризгæйæ, цæр, цыма йæ искæ- мæй радавтай, уыйау æхсæв дæ уа- тыл æнæмæтæй ма бафынæй кæн. Сымах мын бахатыр кæнут, уыцы æхсæвыгон хæддзутæй уæ фен- хъæлдтон. Иу дыгæрдыг мæм уæл- дай ис æмæ йæ цалынмæ комы нæ амидæг кодтон, уæдмæ уын дуар нæ бакодтон, — йæ хъæстытæ нын ра- кодта Заретæ. Уæдмæ пецы гуыргуырон арг ссыгъд, рандæвта æмæ дæрддзæф- гомау æрбадтыстæм. , — Уæ хорзæхæй, æфсæрмы ма кæнут. Дзæбæх ссур кæнут уæ да^ рæс. Æз уын æхсæвæры кой бакæ- нон, — загъта Заретæ æмæ арын- джы уæлхъус балæууыд. Не ’ргъæвст, фæллад уæнгтæ ар- ты фарсмæ схъарм сты æмæ ца- дæггай мæ цæстытæ ахастон хæ- дзары къуымты, æппынæрæджиау фæкомкоммæ дæн хæдзары къулыл ауыгъд нæлгоймаджы къаммæ. Цы- дæр зонгæ мæм фæкаст. Ныккастæн æм, уый уыд Плиты Гиуæрги. Ги- уæргиимæ та пединституты иумæ ахуыр кодтам. Заретæ куы базыд- та, йе ’фсымæры хæлæрттæ стæм, уæд ма нæ фырцинæй зæххыл ба- дын дæр кæм уагъта. Райсом куы райхъал стæм, уæд арвы къус уыд сыгъдæг. Мигъы къæм никуыцæй зынди. Хур скаст æмæ Бурхохы сæрæй суанг коммæ æрнывæзта йæ сыгъзæрин тынтæ. Хæрзбон загътам Заретæйæн æмæ нæ ных сарæзтам Уæллаг хъæумæ, Дзугатæм. Садджын къуырфæй нæма схызтыстæм, аф- тæ, уæлейæ, кæйдæр къуылдымыл лæугæ суыдтам. Раст цыма хæххон дзæбидыр айнæджы тигъыл ралæу-- уыд æмæ зæрин хурæн æгас цу- дзырдта, уыйау сæрыстырæй фæл-' гæсыд дæлæмæ, коммæ. Куыд уæ- лæмæ цыдыстæм, афтæ къуылды- мыллæууæг йæ бынатæй феккуырст æмæ сабыр къахдзæфтæй æруыр- дыги нæ размæ. Æрмæрин æфсир хъæбæрхоры хуымы æхсæнты цы иукъахвæндаг цыд, уый бæстыастæу хæрхæмбæлд фестæм нæ размæ чи æрцыд, ууыл. Уый уыд Дзугаты Гиуæрги. Цас цин, цас удæхцон «скодтам Гиуæргийæн. Хæсты быдыры уый бæрц зынтæ чи федта, фашистон концлагеры йæ цард æрдуйыл кæ- мæн хæцыд, стæй фашистон зындо- нæй алидзыны фæстæ партизанты къордмæ, уый фæстæ та Советон Æфсады рæнхъыты астæумæ ту- гæйдзаг фæндæгтыл не стыр уæла- хизимæ хъæбатырæй чи фæцыд, уы- цы салдат-поэтæн ныр уæлахизы фæстæ æхсины лæгтæ рахастой сæ карздæр тæрхон. Байстой йын йæ фыссæн сис, ныхгæдтой йын йæ хъæлæс æмæ йæ фæхастой ардæм, хæхты цъасмæ. Зыдтой, æхсины лæгтæ, о, зыдтой, поэтæн æнæ адæм, æнæ уæрæх фыдызæхх, йæ хъæлæс фæсус æмæ æмыр у. Зæрдæ зарæ- джы гуырæн у. Куынæ ратона ри- уæй, куынæ айзæла, æмæ æвдадзы хосау, куынæ батайа йæ дзыллæйы ристыл, уæд басур вæййы зæрдæ, тæвд боны къадайы донау, бахус вæййы —дъæлæс, ферох вæййы дзыллæйæ, йæ хæлæрттæй æмæ уæд поэт бастъæлы, тар æхсæвы æртти- ваг хъæндилы фæдау. Гиуæрги йæ уды зынты куы стых- сти, йæ зæрдæйы хъуырдухæнты куы сфыхти æмæ чысыл, хæрз чы- сыл ныфс æмæ йæ хæлар зæрдæйы хъарм удыхосæн куы хъуыди, раст æм уыцы афон схæццæ стæм мах дæр. Æмæ, æвæццæгæн, Гиуæрги- йæн уымæй стырдæр цин, уымæй зынаргъдæр хæрзиуæг а-дунейыл ницы уыд. Уыцы хабар æй суанг йæ амæлæты бонмæ нæ ферох. Æмæ куыд фæбузныг дæн, куыд арфæ кодтон мæ мид-зæрдæйы На- фийæн, ахæм хæлар зæрдæйы хи- цау кæй разынд æмæ йæ хистæр æмбалæн тыхсты рæстæджы йæ уæлхъус кæй æрбалæууыд, йæ уды зын ын кæй фæрогдæр кодта. — О, уæ цæрæнбонтæ бирæ уой, лæппутæ, мæн чи сбуц кодта æмæ 62
уырдыгæй ардæм йæхицæн чи сфы- дæбон кодта. Уæлæ уæ къуылды- мæй куыддæр ауыдтон, афтæ уæ ба- зыдтон, — æз фæфиппайдтон Ги- уæргийы æнæдаст рустыл цины цæссыгтæ кæй æрхъуызыдысты, æмæ сæ цæмæй ма фенæм, уый тыххæй сæ йæ армытъæпæнæй зул- мæ кæй асæрфта. Дыууæ боны баззадыстæм Дзуга- тæм. Не ’рбацыды хабар, цины бæ- рæгбонау, уыд бинонтæн. Гиуæрги- йы фыд — зынгæ ирон кадæггæнæг Дзугаты Хасæхъо æмæ йæ мад Пли- ты Гыгы нæ фырцинæй зæххыл ба- дын дæр нæ уагътой. Гиуæрги, хо- хаг лæджы уæздан æмæ хиуылхæц- гæ миниуджытыл хæст, — йæхи тыххæй никуы ницы дзырдта, фæ- лæ Хасæхъо зондджын, куырыхон лæг, зæрдæйæ æнкъардта йæ фырт- тæ цы уавæры бахаудтой, уый. Ги- уæргийы кæстæр æфсымæр куыр- диатджын поэт Дзугаты Хаджумар- мæ дæр фæхъызыдысты уæды уæл- бикъон хицæуттæ æмæ лæппу ли- дзинаг фæцис Мæздæгмæ. Æмæ-иу хатт йæ мæт, йæ сагъæстæ фергом сты зæронд лæгæн. — Ай бæрц цæрын ацы дунейыл, фæлæ ныры хуызæн уæззау æмæ тасы рæстæджытæ никуыма бай- йæфтон. Дæ фыртыхст æмæ уып- гæджыйæ исты дæ дзыхæй сир- вæзт — тæрс. Дæ фиддонтæ рæстæ- гыл нæ бафыстай — тæрс. Искуы дæ хъугæн хосы бындзыг ракар- стай — тæрс. Иудзырдæй тæрс ал- цæмæйдæр, æгæрыстæмæй, дæ ау- уонæй дæр. Æмæ кæдмæ тасы бын цæрдзыстæм? Раздæр тарстыстæм æмæ куывтам иунæг хуыцауæн. Ныр колхозы бригадирæй уæлæмæ иууылдæр хуыцæуттæ сты æмæ ма сæ лæг кæмæн кува, уый нал зоны. Фæхæрам дæм сты, уæд сæ фыдæх хуыцауы фыдæхæй карздæр у. Мæ- нæ ды, Гоги, (афтæ хуыдта Гиуæр- гийы) цы ракодтай, цæмæй фæ- азымджын дæ хицæутты раз? Зæр- дæйæ йæ хатын, цыдæр фыд дыл сæмбæлд æмæ дæ бафæрсон, уый мæ зæрдæ нæ тæры. Æниу мын амæй раз;мæ нæ лæппу дзырдта, Ха- джумарæй зæгъын, цыма, дам, чи- дæр цыдæр ныффыста æмæ, дам, уый азар дæу басыгъта. О, æмæ уый та чердæм у? Чидæр цыдæр ныффыста æмæ кæд раст нæ ныф- фыста, уæд æй бараст кæн, йæ сæр ын дзæккорæй цæмæн цæвыс? Ца- вæр фыст уыд? Топпы дзыхмæ сæ куынæ æрывæрдта? Куыд дзы фæ- тарстысты? — Уыцы фыстыты тæссагæй ни- цы уыд, Хасæхъо, — ныхас йæхимæ айста Нафи, — фæлæ чидæр хъуыд- дæгтæ сзыгъуыммæ кодта æмæ дзырд бахаста уæлдæр хицæуттæм. — О, æмæ уыцы уæлдæр хицæут- тæн сæ уæхсчытыл сæртæ нæй, æви? Æркæс дæхæдæг, фен... æмæ рав- зар сау у æви урс... — Иæ бæллæх дæр уый мидæг ис, Хасæхъо, æмæ уыцы хицæуттæ ур~ сы нæ хицæн кæнынц сауæй. Стæй йæ кæд хицæн кæнынц, уæддæр сæ нæ фæнды йæ фенын, уымæн æмæ дон цас змæстдæр уа, уый бæрц сын æнцондæр у. Дон куы срæсуг уа, уæд алцыдæр бæрæг-бæлвыр- дæй разындзæн, сæхи дзы фендзы- сты æмæ сæ уый нæ фæнды. — О, стыр хуыцау; цы рæстæ- джытæ скодта... Къостайы загъдау/ чидæр нæ куырмæй былмæ куы фæ- тæры æмæ бынсæфт куы кæнæм, — къæхты бынæй ныуулæфыд зæронд лæг. ■— Афтæ ма дзург ацы лæг, исчи дæ куы фехъуса... мæ’ хъæбултæ æнæуый дæр мастæй сæ хъуырмæ сты, æмæ мын мæ хæдзармæ фыд- былыз ма хæсс, — йæ тас фергом Гыгыйæн. — Уый бæрц æнæрхъуыды мæ ма ’нхъæл, не ’фсин. Искæй цуры та ахæм ныхæстæ чи уæнды. Адон мæ- нæ нæхи лæппутæ сты æмæ сын мæ зæрдæйы зæгъинæгтæ дзурын, — цы- ма йе ’фсины раз йæхи раст кодта, уыйау хатыркурæгау загъта Хасæ- хъо. — Нæ зонын, нæ зонын... Фæ- лæ йæ мæ зæрдæ хаты, цыма нæм цыдæр фыдбылыз комы дымджы- тыл æрбалæсы. Æмæ хатт мæ зæр- дæ фæдисы хъæр сисы, — Хасæхъо йæ къæяæтджыныл фæстæуæз абадт, уысммæ ныхъхъус, стæй йæ зæрдæйы тас бынтондæр фергом. — Нæ комбæсты адæмæн сæ онг амард. Алы æмæ алыхуызон хæрдз- тæ фидынæй рæууатмæ æрцыды- сты, Марды чырынæй дарддæр хъа- лон цæмæн нал фидæм, ахæм ни- цыуал ис. Æгæрыстæмæй, дæ фырт ус куынæ кура æмæ йын афоныл зæнæг куынæ рацæуа,- кæнæ дæ чызг чындзы куынæ цæуа, — тых- хæй йæ искæй фыццаг хъуамæ скæ- 63
йай æмæ йын сывæллæттæ ныййа- рын кæнай. Уымæй дæр æртæйæ къаддæр куы уой, уæддæр — хъа- лон! Дæ хуыскъ хъуг æхсыр кæны, æви нæ — фæрсæг дæ нæй. Бафид! Къуыри нæм хъæусоветы хъалон- исæг æртæ-цыпар хатты къæсæрæй халонау æрбауасы. Æртхъирæн, загъд, заммана! Нæ мæрдты нын хурмæ скалы. Бауырнæт уæ, æхсæв фыны дæр уыцы дзæгъæйладжы фиддоны йеддæмæ ницыуал уынын Бонæй дæр мæ хъусты зæлланг кæ- нынц: Бафид! Бафид! Бафид! Нæ цардæн, нæ иумæйаг хъуыддагæн нæхæдæг хицау нал стæм. Æгæр- стæмæй нæ хæдзары бинонтыл дæр мæ бар нал цæуы. Цавæрдæр дæ- лимон кæмдæр уæлиау бады, уыр- дыгæй уыны æмæ бардзырдтæ дæт- ты, цы нæ кæнын хъæуы, уый тых- хæй. Уыныс, раст не сты, тыхми дын кæнынц, фæлæ дæ бон ницы у. • Исты ныхмæ загътай, — уæд знаг дæ. Абæстаг дон нал баназдзынæ, нæ фыдæлтæ афтæ дзырдтой: «æнæ мызд кусæг ис, фæлæ æнæ хæлц кусæг нæй», — зæгъгæ. Ныр та аф- ’ тæ у, «æхсæвæй бонæй кус æмæ даэ гуыбын — хус». Сæдæ граммы дын куыстбонмæ авæрдзысты, хатт та уый дæр нæ. Æмæ афтид голлаг хъил кæд лæууыд. Колхозы фер- мæйы фосы фæдыл рæууатмæ æр- цыдыстæм... фос снард кæн, — фы- дызгъæлы цæттæйы сæ амидæг кæ- " нынц. Ничи дæр дæ фæрсгæ бакæн- дзæн, ничи дæр дын бузныг зæгъ- дзæн. Цыхт, царв, къуымбил, цæрмттæ — алцы лæвар. Æмæ куыд уыдзыстæм, цы уыдзыстæм дард- •1 дæр. Кæдмæ быхсдзыстæм ахæм уа- вæр? Æхсæвæй-бонæй цавæрдæр тæссаг хъуыдытæ хæлбурцъ кæ- нынц сæры магъзы... Хасæхъойы ныхæстæ мæм цыдæр фæдисы цъæхахстау фæкастысты. Хæххон адæмы цардуагæн йæ со- циалон æмæ экономикон бындуртæ чидæр къахын райдыдта. Цард раз- мæ нæ, — фæстæмæ феккуырсти Æниу мæм уæд æххæстæй нæ ба- хъардта Хасæхъойы ныхæсты ны- саниуæг, фæлæ нæ уыцы бон сихо- ры фæстæ Гиуæрги ахуыдта Сомих- гомы ’рдæм. Бадтыстæм комы сæр- мæ къуылдымыл. Гиуæрги æмæ На- фийы æхсæн ныхас бацайдагъ. Сæ ныхæстæ сын дзырдæй-дзырдмæ нал хъуыды кæнын, фæлæ цæуыл 64 дзырдтой, уый мæ а(эон дæр нæ рб# кæны. Дзырдтой тæссаг æмæ ката- йаг хабæрттыл. Дзырдтой сæ уд- ты хъæрзын, фæдисы хъæргæнæгау. Хæххон хъæуты сæфты дуг кæй æр- хæццæ, æртын æвдæм азæй ноджы æвирхъаудæр рæстæджытæ куы скæна, ууыл. Ирон адæм æнæуый дæр армыдзаджы йеддæмæ не сты æмæ ма сыл иу хатт туг куы ныу- уара, — цæрæнбонтæм сæ къахыл нал слæудзысты. Гиуæрги дзырдта сæ комбæсты адæм кæй стыхсты- сты, уæззау хъалонтæй сын сæ хур- хыл кæй бахæцыдысты. Хъалонис- джытæ тыххæй хæдзæрттæм быр- сынц. Гакко (уый Гиуæрги Хасæ- хъойы афтæ хуыдта) рæстытæ дзырдта, фос кæмæ нæй, уыдонæн та сæ хæдзары дзаумæттæ рахæс- сынц. Иудзырдæй, паддзахы зама- ны хъалонисджытæй фæфыддæр сты, нæ сæм искæй рисс хъары, нæ искæй уды зын. Ам, хохы цъассы, та лæгæн йæ авналæнтæ цыбыр æмæ къуындæг сты. Иæ цард, йæ бон фосæй у. Æмæ сæ фоскæнын та уадзгæ нæ кæнынц. Иу хъуг æмæ дæм фондз фысæй уæлдай ис, уæд дыл ахæм фиддон æрæвæрынц, æмæ лæгæн йæ сæр уынгæджы фæвæй- йы. Стæй мæнæ аргъæутты куыд фæзæгъынц, бнелайы бадæм. Нæ авналæнтæ, нæ акæсæнтæ алырдæ- мыты — æхгæд, уæлейæ дæм арвы цъæхæй дарддæр ницы зыны. Нæ — рухс, нæ — радио,нæ æддаг дунемæ телефоны бастдзинад. Кино цы у, уый канд сывæллæттæ нæ, — ас адæмæй дæр æй бирæтæ, хъусгæ цы фæкодтой, уымæй дарддæр ни- куы федтой. Газет, гъе, журнал дæр афтæ. Хохаг лæджы хицæуттæ никуы бафæрсынц, алæ-ма, цæуыл тыхсыс? Адæм сæ æппындæр не ’ндавынц... Кусæг галты цæстæй сæм кæсынц... Æмæ ма кусæг га- лæн дæр йæ хицау холлаг ратты. Федтат нын нæ фæндæгтæ. Æниу сыл сæрдыгон цыдæр амæлттæй хи- лæм, фæлæ зымæджы мит куы ныу- уары, уæд, арсау, фæззæгæй суанг- дæр уалдзæгмæ дæ лæгæты бад. Азмæлæн дын ничердæм ис. Ахæм рæстæджы та лæг рынчын дæр зо- ны. Цал æмæ цал адæймаджы амард зæвцы фыдæй, дохтыр æх- хуысгæнæг нæй. Æввахсдæр рын~ чындон Ручъы ис æмæ ма анымай ардыгæй Рукъмæ цас цæуын хъæ-
уьт. Уымæй дæр зымæгон астæумæ миты рынчыны де ’ккой фæхæсс их доны сæрты... Зæйæ тæрс, фæбы- рын æмæ коммæ ахауынæй — тæрс. Гъе, æмæ, ахæм зындоны уавæры адæм сфæлмæцыдысты, се онг амард, тас у, бынтондæр куы фæ- лидзой æмæ нæ кæмттæ куы фе- дзæрæг уой, уымæй. Суанг изæры талынгтæм нæ ас- къуыди нæ ныхас. Дзырдтам кæ- рæдзийæн нæ зæрдæйы риссагдæр æмæ катайагдæр зæгъинæгтæ. Ирон дзыллæйы уæды уавæр æмæ йæ сомбоныл. Национ культурæ, аи- вад æмæ литературæйы хъысмæтыл дзырдтам зæрдæрыст æмæ катай- гæнгæ. Скъолаты ирон æвзаг кæй сæхгæдтой, фысджыты Цæдис ба- рæй кæй ныппырх кодтой, фæсивæ- ды иу къорды Сыбыры хай кæй ба- кодтой, йæ адæмы барты сæрыл сдзурынхъом чи у, уыдон фæдыл æдасдзинады органты кусджытæ кæй бафтыдысты. Цард афтæ ныз- зыгъуыммæтæ æмæ куырмæджы чердæм хилæм, уый бæрæг нын нал ис, кæдæмыты нæ ахæццæ стæм, ны- хас цæуыл не ’рæфтыдтам. Æппын- фæстаг, нæ зæрдæйы риссагдæр зæгъинæгтæ кæрæдзийæн конд куы фестæм, уæд Нафи ныллæг хъæлæ- сæй базарыд Хазбийы зарæг, за- рæг систа Гиуæрги æмæ изæры сатæджы, фæдисы хъæргæнæгау, айзæлыдысты зарæджы мыртæ, æмæ куыд аив, куыд рæсугъд за- рыдысты! Æниу уыцы заманы Хаз- бийы зарæгыл дæр ахæстоны авд гуыдыры æвæрд уыди. Фæлæ ныр, цыма, зарæг ахæстоны дуæрттæ ра- тыдта, раирвæзт, базырджын маргъ фестад, атахт Иры кæмтты сæрты æмæ, цыма, йе сфæлдисæг адæммæ сидти, фыдбылыз сæм кæй æрхæ- стæг æмæ сæ кæй фæдзæхсы, цæ- мæй ма фæцудой, ма фæтæрсой зындзинæдтæй, ма фæлидзой сæ фьтдæлты табуйы уæзгуытæй æмæ Дзæгъæл ма баззайой сæ номы мæсгуытæ, сæ фыдæлты сомьтгæ- нæн ингæнтæ... * * * Уый раджы уыд. Уæдæй ньтрмæ Рацыд цыппæрдæс æмæ ссæдз азьт. Ногæй та æрбафтыдтæн Дзомагъ- гоммæ. Æрбафтыдтæн æмæ зæрдæ 5- Журн. «Фидиуæг» № 7. риуы ныккæрзыдта, ныррызтй. Куыд раст рауадысты Хасæхъо æмæ Нафийы ныхæстæ! Развæл- гъау куыд банкъардтой стыр фыд- былызы райдиан. Мæнæ, гъе, сæ тасы æвирхъау фæстиуджытæ. Бæр- гæ ма агурьтн Дзомагъгомы кæд- дæры нæргæ хъæуты, фæлæ ма цæй хъæу æмæ цæй уæзæг. Бастъæлды- сты, амардысты æмæ сæ ныййарæг зæхх цъæх хъæццулы бын нын- ныгæдта. Æрмæст ма кæмдæрты хъилæй баззадысты рагон уæл- мæрдты цыртытау, фыдæлты мæс-~ гуыты æрдæгхæлд систæ, дурты цæндтæ фæстаг хæдзæртты кæлæд- дзæгтæ æмæ астæумæ хæмпæлгæр- дæджы бынæй ранæй-ран цæст йæ- хи кæуыл скъуыры, уыцы кæртыты дурын æмбæндтæ. Адæймаг амæлы, царды рохтæ йæ кæстæртæм адæтты, афтæмæй. Уый æрдзы закъон у, фæлæ сæхи- гъæдæй æгас хъæутæ, амæлой, æгас кæмттæ федзæрæг уой, — уый та ирон адæмы æвирхъау трагеди у. Æниу канд Дзомагъгомы хъæутæ нæ. Дзауы районы федзæрæг сты: Чеселтгомæй — Тхел, Майрæм, Цæ-> гат Дзабитæ, Цыбыртæ, Мидæггаг Цъамад, Астæуккаг Сохтæ, Мул^ дарты къуыпп, Асатæ, Уæллаг хъæу, Астæуккаг Раро, Коцтæ, Хъайсын- тæ, Хъолайы хъæу, Уанелгомæй — Бакартæ, Лиц, Бæгъиатæ, Урсдзуар (æртæ хъæуы), Тæгæрджын, Хъоб, Мисто, Тлигомы ма баззад æр- мæстдæр иу хæдзар (Мæргъиты Ба- ло æмæ йе ’фсин Бетион), Хуссар Ципран; Часавалы комæй — Мырт- гæджын, Хъæдысæр, Уæллаг Къоз, Фæсрагъ; Æхслебы хъæусоветæй — Медойтæ, Бахутæ; Кировы хъæусо- ветæй — Лет, Хъеуселт, Танделтæ, Орæх, Сынтбадæн; Хуыцъейы хъæу- советæй Мзиу; Синагуры хъæусове- тæй Цъуис; Едысы хъæусоветæй — Гæлуатæ, Къабузтæ, Уæллаг Ер- ман, Мидæггаг Челиат, Хъыбылтæ, Хъоротæ, Саумæсыг, Ручъы хъæу- советæй — Деметæ, Саджджын къуырф, Къæззатæ, Уæллаг хъæу, Фæзы Дзомагъ, Магъ, Згъуыбир (Саулохты хъæу), Сыба (Астæук- каг Сыба), Хъугомы хъæу, Брытхиа- ■ тæ (Хуссары хъæу), Брытъиатæ (Мидæггаг хъæу), Буратæ (Къæ- бузты хъæу), Бадзыгатæ (Машха- райьт комы) æмæ афтæ дарддæр. Иунæг Дзауы районы 1946 азæй 65
1987 азмæ бынтондæр федзæрæг сты 240 хъæуы. 1946 азы районы цæрджыты нымæц уыд 24.000 адæй- маджы (цифрæтæ ист сты Хуссар Ирыстоны областон архивы æфс- найд статистикон управленийы зо- нæнтæй), 1987 азмæ ма уыцы цæр- джытæй районы баззад æрмæстдæр 10.000 адæймаджы, уыдонæй дæр се ’рдæг цæ’рынц Дзауы æмæ Къуай- сайы поселочы. Æрмæст хъæууон- хæдзарадон куыст чи кæны, уыцы цæрджыты нымæц, 1946 азимæ абаргæйæ, фæкъаддæр ис 7 хатты. Хæххон хъæутæ кæй федзæрæг сты, уый стыр зиан æрхаста райо- ны экономикæйæн. Уый та бæрæг у ахæм цифрæтæй: 1946 азы 1 ян- вармæ районьг уыд 19242 стуры, уыдонæй 6574 уыдысты дуцгæ хъуц- цытæ, хуытæ — 6104, лыстæг фос — 35978 сæры, бæхтæ — 599, уыцы фо- сæй ма 1987 азы 1 январы мæймæ баззад: 5828 стуры, уыдонæй дуц- гæ хъуццытæ 1660 сæры, фæкъад- дæр сты 5 хатты: фыстæ — 8178, ома фæкъаддæр сты 4 хатты, бæх- тæ—10, ома фæкъаддæр сты 60 хатты, хуытæ — 0. 1946 азы районы нæмыгон куль- турæты фæзуат уыд 5711 гектары, уыцы ньшæцы 2279 гектары мæнæу, 2048 гектары хъæбæрхор, 113 гек- тары цъой, 40 гектары сысджы, 868 гектары нартхор, 9 гектары хъæ- дур. 1987 азы зонæнтæм гæсгæ ма кæддæры 5711 гектары хуымзæххы фæзуæттæй район байтауы æрмæст- дæр 20 гектары картоф, иннæ хуым- зæххытæ уыгæрдæнтæ æмæ зæрæ- стæттæ фестадысты. Хæххон хъ&утæ кусæг тыхæй кæй сфæлхас сты, уый аххосæй мингай гектарты фæзуатыл сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæй нал пайдачындæуы. Уый тыххæй Гуырдзыстоны район- тæй æрвылаз дæр Дзауы районмæ æрбаскъæрынц 60 мин фысы сæрды мæйты. Уыцы фыстæ кæддæры то- бæгонд уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæт- ты кæрдæг æд уидæгтæ скъуынынц. Уый аххосæй бирæ рæтты æфц- джыты фæрстæ ныллæгуынтæ сты. Сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнты хъыс- мæт никæйуал æндавы, нал сæм зилæг ис, нал — хъусдарæг. Бирæ рæтты дур цæндтæ æмæ пыхс къу- тæрты бын фесты, кæм та сын сæ 66 сыджыт тæрккъæвдатæ æмæ мит- дæттæ фæластой. Æфцджыты фæр- стæй амыты-умыты сзындысты ай- нæг къæдзæхтæ, æмæ тас у, хъæу- тæ æмæ кæмттимæ сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæ дæр куы бабын уой, уымæй. Лæууын Дзугаты хъæуы ракæсæ- ны къуылдымыл æмæ кæсын, Иры- стоны хæхты хъæбысы чи нал ис, уыцы кæддæры нæргæ хъæуты сæфтмæ. Кæсын æмæ зæрдæ риссы, дуды. Айсæфтысты канд хъæутæ нæ, фæлæ амард, ахуыссыд уыцы хъæуты кæддæры цæрджыты мате- риалон æмæ духовон культурæ дæр, уымæн æмæ алы хъæубæстæн дæр- йæхи удыхъæды бæрджытæ, йæхи фæтк, йæхи рæсугъд æгъдæуттæ æмæ миниуджытæ уыди. Иу ком- бæсты цæрджытæ иннæ комбæсты цæрджытæй бирæ цæмæйдæрты хи- цæн кодтой. Уыцы хицæн æмæ хи- цæн миниуджытæ та æмткæй иумæ уыдысты ирон адæмы национ уды- хъæды бæрджытæ. Быдырон хъæу* ты та уыцы национ удыхъæды ми« ниуджытæ афтæ сыгъдæгæй хъахъ- хъæд не ’рцыдысты. Хæхтæй горæт- тæм цæрынмæ чи рафтыд, уыдонæн та се ’гъдæуттæ æмæ сæ удыхъæды бæрджытæ цивилизацийы иумæ- йаг аджы æндæр нациты фæтк æмæ æгъдæуттимæ сфыхтысты. Сæ гакк аивта, сæ национ цæсгомы хуыз фе- сæфтой. Афтæмæй хæххон хъæутæй, ома, ирон лæджы удыхъæды бæр- джыты гуырæнтæй цалдæриддæр бабын, уал хатты фæмæгуырдæр ирон адæмы духовон культурæ. Уы- цы хабар та нæ хæхбæсты федзæ- рæг уæзгуытæй ноджы æвирхъау- дæр трагеди у. Æмæ фарстæуы: цæмæн баййæф- та нæ фыдæлты сомыгæнæн уæзгуы- ты фыдыусы æлгъыст? Кæй зонд, кæй къухтæй скъахтæуыд ингæн нæ адæмы материалон æмæ духовон хæзнатæн? Чи æруагъта уыцы æвир- хъау фыдбылыз? Хæххон адæм сæ цæрæн бынæт- тæй фыццаг хатт фæхауæггаг сты 50-азты кæрон. Æниу уымæн мас- сон характер нæ уыди, уымæн æмæ хъæууон цæрджытæн уыцы азты æнæпаспорт горæтмæ æхгæд уыди сæ фæндаг. Сталины амарды фæ- стæ Хрущев ссæрибар кодта хæх- хон адæмы уæззау хъалонты уар- гъæй. Уый æмрæстæджы сын бай-
1'ом кодта фæндаг горæтмæ. Адæм сæ цæрæнуæттæй сыстадысты æмæ рафсæрстой хæхтæй горæтмæ. Æниу ма кæмдæрты, кæмтты дыдæгъты, чидæртæ аззад. Уæзæг адджын у, сæ къах сæ никуыдæм хаста. Фæ лæ æндзыг азты хæххон хъæуы цæр- джытæм бынтондæр сæ хъус ничи- уал æрдардта. Ферох сты уæды хи- цæуттæй, æнæперспективои хъæу- тыл сæ банымадтой. Мард та рох у. Иæ сæр никæйуал фæхъæуы. Скъолатæ дæр сæхгæдтой æмæ адæ- мæн сæ сабиты районы æмæ горæ- ты интернаттæм рассывтой, Бьшæт- ты ма чи баззад, уыдонæн нал ма* териалон æххуыс лæвæрдтой, пал сæм сæудæджерадон товартæ ла- стой. Афтæмæй адæмæп быпæтты сæ царды уавæртæ сифтонг кæны- ны бæсты уыдон сæ цæрæнуæттæй лидзинаг фæкодтой. Иутæ Цæгат Ирыстонмæ фæлыгъдысты, иннæтæ Цхинвалы горæт æмæ Гуырдзысто- ны æндæр районтæм. Уым та алы ран дæр заводтæ, фабрикæтæ... арæзтæдтæ, кусæг тыхæй — цух. Зæрдиагæй сыл сæмбæлдысты... Та- буафси, куыст... фатертæ, алцы. Аф- тæмæй хъæууон хæдзарады фос- дарды дæснытæ сæудæджерадон кусджытæ фестадысты. Иæ рæстæджы фæдис бирæ чи- дæртæ ныхъхъæр кодта, фæлæ сын уæды æхсины лæгтæ уадид сæ дзу- рæнтæ ахгæдтой. 1970 азы филосо- фон зонæдты доктор Козаты Авксен- ти йæ чиныджы бæрæг-бæлвырдæй æрдзырдта уыцы сагъæссаг проблс- мæйыл. Фæдзæхста, хæххон адæмы уавæртæм хъусдард кæй нæуал ис, уый аххосæй адæм кæй лидзынц æмæ областы экономикæ кæй ных- хылы-мылытæ, рæстæгыл мадзæлт- тæ райсын кæй хъæуы. Автор уыцы ныхас æргомæй зæгъын кæй суæн- дыд, уый тыххæй баййæфта карз æфхæрд чиныджы редакторимæ. Чи- Æрхæндæг зæрдæйы уагимæ здæ- хын Дзомагъгомæй фæстæмæ. Са- гъæстæ мæ сæ уæлныхты æристой æмæ нал дæр æрдзы цæсгомы кæ- лæнгæнæг ивæнтæ уынын, нал дæр комы нарæджы æррадоны цæлхъы- тæ хъусын. Æппынæрæджиау, хъæр- зæгау, мæ утæхсæн схауди. — Ау, Хъазбег, Ирыстоны æдзæ- ныджы банымадтой, адæмæн зиан чи хæссы, ахæмыл, æмæ рухс нæ федта, афтæмæй йæ басыгътой. Карз æфхæрд баййæфта газет «Сабчъота Осети»-йы раздæры ре- дактор Мамисашвили Арчил дæр* Додоты хъæуы колхоз сæфт уавæр* мæ кæй æрцыд, уый тыххæй уац кæй ныммыхуыр кодта. Æниу æфхæрд баййæфта обкомы раз- дæры фыццаг секретарь Чиа- ты Иосиф йæхæдæг дæр, « 1920^ азы 8 июны Хуссар Ирыстоны Со- ветон хицауад кæй расидтæуыд, уый банысан кæнынмæ кæй хъавьгд; стæй Гуырдзыстоны районтимæ абаргæйæ, Хуссар Ирыстоны рай-' онтæ иууыл цауддæр уавæры кæй сты, уый зæгъын йæ доклады кæй ^ауæндыд, уый тыххæй. Алцы дæр — хорз! Алцы дæр — бирæ! Алцы дæр — парахат! Хæр! Дав! Цас дæ бон у, уый бæрц. Æр- мæст дæ дзыхыл хæц! Кæд дæ бон- давын нæу, — иуварс алæуу æмæ ин- нæты ма хъыгдар. Афтæ нæ кæныс,' уæд дзы хатыр-матыр нæй, сæ быны - дæ ассæнддзысты давджытæ... стигъ- джытæ, цæстфæлдахджытæ, гæр- тамхортæ. Афтæмæй адæмы цæсты- ’ тæ ныббастой... сæ дзыхыл сын цъутта сæвæрдтой, сæры магъз та’' хæрамдзинадæй йедзаг голладЖЫ бын ныцъцъист ластой. Адæймаг иал цæстæй уыдта, нал дзурын йæ’ бон уыд, нал хъуыды кæнын... -" ...Лæууын Дзугаты хъæуы ракæ- сæны къуылдымыл æмæ, комы ай-' зæлдау, гæзæмæ мæ хъустыл уайы,'- Иры хæхты æдзæрæг уæзгуытыл ч’и • хъуамæ райгуырдаид, фæлæ рай- гуырын кæмæн нæ бантыст, ам сæ фыдæлты уæзгуытæн барджын хй- цау чи нæ сси, уыцы æвзонг фæл-^ тæры карз уайдзæфтæ, карз’ æ’л- гъыст, цæрыны бар сын чи нæ рад1 ; та, уыдонæн. рæг хъæуты цард æнусмæ ахуыс-, сыд? Ау, æппын никуыуал ничи?.. — Мæ зæрдæйы тас кæронмæ зæгьвд. мæ бон нæ баци, фæлæ мæ Хъазбёг уæддæр бамбæрста æмæ мын цæ-; мæй мæ сагъæстæ фæсура, уый тых:- . хæй ныфсытæ авæрдта: — Ныр Ручъьг фæндаг байгом... кæд исчитæ æрбаздæхид фæстæмæ. 4. ГЪЕ, УАСТЫРДЖИ, НÆ УÆЗГУЫТÆ ДÆ ФÆДЗÆХСТ 67
Амæй размæ Ногирæй Урстуалы- тæм чидæртæ æрыздæхт. Æхсызгон мын уыд уыцы хабар хъусын. О, дунейы фарн рæстæр- дæм сауд нæ фыдæлты уæзгуытыл! — Адæмы фæстæмæ хæхтæм æр- баздæхынæй стырдæр проблемæ махæн ницы ис ныртæккæ, — Хъаз- бег хъавгæ райдыдта йæ ныхас. — Æнæ адæм районы экономикæйæн ницы хуызы ис сæндидзæн. Æдзæ- рæг кæмтты нæ дæр фиу стухдзы- нæ, нæ дæр сой сæппардзынæ. Æниу дын æй цы ’мбæхсон, зын у, тынг зын адæмы сæ афтид рагцæ- рæн бынæттæм раздахын. Хæххон хъæутæ куы федзæрæг сты, уæдæй фæстæмæ бирæ рæстæг рацыд. Уы- мæй дæр сæ уæзгуытыл æнувыд чи уыд, уыцы ас адæмæй иутæ удæгае нал сты, иннæтæ та æгæр базæронд сты æмæ фæстæмæ хохмæ сæ ныфс нал хæссынц. Æвзонгæй горæтмæ, кæнæ æндæр республикæмæ чи ахауд, уыдонæн та сæ цардыуаг æмæ домæнтæ фендæр сты. Сæ уа- вæртæ дæр ’аивтой æмæ сæ фыдæл- ты уæзгуытæм фыдусы цæстæй кæ- сын райдыдтой. Дардмæ сыл цин кæнынц, хæстæгмæ та — æлгъ. Го- рæты чи райгуырд, уыцы æвзонг фæсивæды кой нал кæнын, уыдон- мæ та фыдæлты уæзгуытæм уар- зондзинадæй мур дæр ницыуал ис. Æгæр байрæджы кодтам, æгæр æрæгмæ федтам æмæ нæм æгæр зынтæй бахъардта нæ хохы æрцæу- гæ трагеди. Уымæйдæр раджьг фе- дзæрæгуæвæг хъæуты ныртæккæ с& раздæры уагыл нал сæндидзын кæн- дзынæ. Адæмы иу хайæн ма фæ- стæмæ æрбаздæхынæн ис æрмæст- дæр иу мадзал. Кооперативон ма- дзал, зæхх хаддзонæй раттын. Ома иу комбæсты зæхх: сæрвæттæ, уы- гæрдæнтæ, хъæд, алцы иу кæнæ цалдæр адæймаджы бæрн бакæнын. Зæххæн æххæст хицæуттæ æмæ бар- джын куыд уой. Зæххы арф уи- дæгтæ куыд ауадзой æмæ сæ горæт йæхимæ куыд нæ уал асайа. Уый тыххæй сын фаг æмæ æмбæлон уа- вæртæ сифтонг хъæуы. Алы хъæуы дæр æхсæнадон исад æмæ ахасты- тæ кооперацийы уагæвæрды бын- дурыл рацаразын хъæуы. — Уый хорз хабар у, фæлæ коо- нератор суæвын кæй фæнды, ахæм- тæ уæм ис? — афарстон Хъазбе- джы. 68 — Уыцы хъуыддаг нырма ног у. Бирæты кæд фæнды, уæддæр сæ ныфс нæма хæссынц хъуыддагæй цы рауайдзæн, уымæ. Æниу чидæр- тæ уыцы тасы сæрты ахызтысты æмæ æрæвнæлдтой хъуыддагмæ. Зæгъæм Саджилзазы хъæуккаг Джусойты Миха нардуатæй хæссы 84 стуры, Кировы хъæуккаг Гæ- джиты Гриша — 20 хъуджы æмæ 20 роды. Джиоты Толик æртæ лæп- пуимæ нардуатæй зилы 170 стур- мæ. Ерцъойæгтæ Тедеты Сурен, Хъоцыты Алеш æмæ Тедеты Мухар та зилынЦ 140 стурмæ, уыдон сæ- химæ хæс айстой, уыцы стурты ны- мæц 300 сæры онг кæй бакæндзы- сты. Тлийы хъæуккаг Мæргъиты Асланбег та хæссы 50 стуры. Ахæм цæвиттонтæ районы бирæ ис. Æниу, хъыгагæн, банысан хъæуы уый, æмæ фосы нымæц рæзы хисæрма- гонд фосæй, æхсæнадон секторы фо- сы нымæц йæ бынаты цоппай кæны иу азæй иннæмæ, Размæ аггуыр- сын ын нал æмæ нал æнтысы. Æцæг, фæстаг дыууæ, æртæ азы йæ уавæр фæхуыздæр. — Ау, куыд хъуамæ аггуырстаид размæ, Хъазбег кæд æмæ Дзауы районы æхсæнадон фос иуæй пап- лой цыдысты (Дзауы, Цъоны, Ру- чъы совхозты), аннæмæй та æххор- магæй скъуыдысты. Районы совхоз- ты директортæ-иу сæхи батыхсын кæныны бæсты мæнг зонæнтæ лæ- вæрдтой, иуæй, фосы нымæцы тых- хæй, аннæмæй та фосæн холлæгтæ цæттæ кæныны тыххæй. Сæ куыст сын рæстмæ ничи бæрæг кодта, ца лынмæ-иу совхозы муртыл быны- стъæрд не сæвæрдтой æмæ-иу сæ сæ бынæттæй нæ фæтардтой. Æмæ ахæм паплойгæнджыты комкоммæ зæгъгæйæ та, ахæм къæрныхты, сæ бынатæй сисын цы давы? Стæй-иу хатт афтæ дæр рауади æмæ-иу сов- хозы ног директор йæ размæ чп куыста, уыдонæй фæфыддæр. Ба-< сæттæм ыл, Хъазбег, æхсæнадон фос паплой цæуынц, фæдсафынæн дзы бирæ алæсæнтæ æмæ æрбалæ- сæнтæ ис... Иу фыдракæнд раргом кæндзынæ, — фондзыл та дзы авд гуыдыры æхгæдæй баззайдзæн. Аннæмæй та не ’мбарын: ам нæхи- мæ хæхты æмбисонды сойджын угæрдæнты Къахет æмæ Цъител- Цхъаройы районты фосы дзугтæ куы хизынц, уæд нæхи фос зымæ-
джы æнæ холлагæй цæмæн скъуьь йынц? Цæмæн ласæм нæ фындзы бын сойджын холлæгты сæрмæ æр- тæсæдæ километры дæрццæгæй æм- быд хъæмпы куыристæ Къахетæй? Чи ма æвæры кæвдæсы йæ фосæн сойджын фæлмæн холладжы бæсты цъыхырытæ æмæ сындзы къонатæ? Уымæй дæр уыцы хъæмп иуæй фос нæ хæрынц, аннæмæй та йæ ласæг- гаг æмæ йæ фыдæбон туджы аргъ куы, слæууы? Уый барæй фыдра- кæнды хуызæн нæу? Куыд дæм кæ- сы? — Уый нæ районы риссагдæр проблемæтæй сæ иу у, — хъыгзæр- дæйæ загъта Хъазбег — йæ аххо- саг хæхты адæм кæй нæ фаг кæны уый у. Хос чи æркæрда, æфцджы- тæй йæ бынмæ чи æрласа. — О, фæлæ цалдæр азы размæ æндæр ницыуал дзырдтой, æфц- джытæм, зæгъ, ауындзгæ рæтæн фæндæгтæ аразæм, зæгъгæ. Уый- бæрц холлаг, дам, нæ фосæн æрыф- тауц кæндзыстæм, æмæ зæгъ, хæх- тæ фыдызгъæлы рæдзæгъдтæ фест- дзысты, кæмттæ та æхсыры цæттæ, уæд цы фесты уыцы дзæнæтмæйы фæндæгтæ! Æви сæм, Ручъы тун- нелау, къæдзæхы хуылфыл ахизын хъæуы? Куыд нытътъанг сты? Кæд разындзæн туннелы иннæ кæрон? — Æмæ раджы куы сцæттæ сты уыцы ауындзгæ уæлдæфон рæтæн фæндæгтæ. — Ау, уæдæ куыд нæ хъуысы бур физонæджы цъыс-цъыс? Цæмæннæ раивылынц кæмтты æхсыры фурд- тæ? — Хъуыддаг уымæ не ’рхæццæ, афтæ æмбыд синагау, йæ тæккæ ’рдæгыл аскъуыд. Нал дæр — физо- нæг, нал дæр — æхсыры цад. — Уый та куыд? Чи сæ ахордта? Цы фесты? — Цы фесты, цы, уыцы хъуыддаг чи ныффæнд кодта, уый йæхицæн митæй мæсгуытæ фæцамадта. Ауындзгæ рæтæн фæндæгтæ куы сцæттæ сты, уæд бамбæрстой; чи сæ ныффæнд кодта, уыдон кæй фæ- рæдыдысты, ахæм фæндæгты сæр сæ ницæмæн хъæуы. — Цæмæннæ уæд? — Цæмæннæ, цæ, цæмæй уыцы ауындзгæ рæтæн фæндæгтыл хосы мæкъуылтæ æфцæджы рагъæй коммæ рауадзай, уый тыххæй уал фыццаг мæкъуыл дæлбылтæй уæл- былтæм сласын хъæуы, æфцæджы рагъæй та дæлæмæ рауадзын. — Ау, æмæ мæкъуылтæ дæлбыл- тæй уæлбылтæм ласыны бæсты бын- мæ коммæ æрласын æнцондæр нæу? — Йæ заммана дæр уый у. Уыцы рæтæн фæндæгтæ афтæ талф-тул- фæй арæзт æрцыдысты, æмæ дзы иу дæр эксплуатацийæн не сбæз- зыд, нæ дæр Хъемултайы, нæ дæр Кобеты æмæ нæ дæр Църуйы æфц- джытыл. Иу ран дзы æфцæджы сæ- рæй хосы мæкъуыл рауагътой. Мæ- къуыл æрдæгвæндагмæ æрхæццæ æмæ уым сæгълæуд ныккодта. Хи- вæнд хæрæгау нал размæ комы, нал — фæстæмæ. Абон дæр ам аф- тæ ауыгъдæй дзедзылой кæны уæл- дæфы, æмæ дзы сырдон цъиутæ сæрды ахстæттæ кæнынц, зымæджы та уазалæй сæхи æмбæхсынц. — Ау, æмæ уыцы рæтæн фæндæг- тæ уæлдæфы чл арæзта, уыдонæй æппын сæ сæрмæ куыд никæмæн æрцыд, фæндæгтæ уæлдæфы нæ, фæлæ кæй хъæуы зæххыл, кæмтты, цæмæй ма кæмдæрты цы иугай цæрджытæ аззад, уыдон уавæртæ фенцондæр уой. — Сæ намыс сын тæрхонгæнæг фæуæд, о, фæлæ, Хъазбег, дарддæр цы хъуыды кæныс? — Фыццаджыдæр бындуронæй æркæсын хъæуы хæххон хъæуты уавæрмæ, цæмæй адæм æрбаздæ- хой, уый тыххæй сын цæрыны фа- дæттæ саразын хъæуы. Фæндтæ нæм бирæ ис, хæххон цæугæдæттыл къаннæг электростанцæ саразын хъæуы, уыимæ иумæ алы хъæуы дæр хъуамæ куса телевизор. Теле- уынынад исæнтæ уал сарæзтам Барсы, Раройы, Ерцъойы æмæ Къуайсайы поселочы. Ахæм теле- уынынады исæн фидæнмæ сараз- дзыстæм Хуыцъейы, стæй та Ру- чъы. Архайæм, цæмæй, гæнæн æмæ амал кæдæм ис, уырдæм æппын- æдзухæй цæуой автобустæ. Цалцæг кæнаем фæндæгтæ. Фæндаг уал ай- гæрстам Цъонæй Синагурмæ Дза- лабетыл. Ныртæккæ фидар кæнæм фæндаг. Фæндæгтæ кæдæм нæй, уырдæм та хъуамæ саразæм. Мæ- гуырау у хæххон хъæуты хæлцадон продукттæ æмæ сæудæджерадон то- вартæй фæлындзыны хъуыддаг. Цæрджыты уыцы хабар тынг тых- сын кæны. Архайæм, цæмæй ахæм уавæрæн кæрон æрцæуа. 69.
Æнæмæнгхъæуæг у, районæн цæ- мæй уа йæхи вертолет. Уымæн æмæ зымæджы хæхты мит куы ныууары, фæндæгтæ куы æрыхгæны, уæд цæрджытæ фæхицæн вæййынц æд- даг дунейæ. Ахæм рæстæджы чи фынчын зоны, кæм та æндæр исты фыдбылыз æрцæуы. Фаг у иу вер- ’толет адæмы дыууæрдæм ласынæн. Бæрзонддæр æмæ дæрддзæфдæр рæтты чи цæры, уыдон тыххæй фарст æрæвæрдтам, цæмæй сæ бын- тондæр ссæрибар чындæуа фиддон- тæй. Стæй бар раттын хъæуы хæх- хон хъ’æутæй раджы чи алыгъд, го- рæты чи цæры, уыдонæн, сæ фы- дæлты уæзгуытыл дачæтæ æмæ сæр- дыгон улæфæн хæдзæрттæ саразы- нæн. ’ Район социалон æмæ экономикон æгъдауæй сфидар кæныны хъуыд- дагæн йæ ахсджиагдæр фæрæзтæй сæ йу у районы территорийыл тури- стон базæтæ, улæфæн хæдзæрттæ æмæ хосгæнæндæтты хызæг райтынг кæнынæн. Уый тыххæй фæнд кæ- нёем Лесейы суæртты базæйыл хос- гæнæн комплекс саразын. Лесейы ’æвдадзы хос суæрттæ сты уника- лон, сæ диссаджы хосгæнæн хийæд- тæй уæлдæр лæууынц Чехословаки- йы Марианскы-Лозенæйы дунейыл зындгонд курорты дæттæй. Сæ хи- микон скондæй уæлдæр лæууынц Азербайджаны Нафталайы хосгæ- нæн суæрттæй дæр. Æнæгуырысхо- йæ зæгъæн ис Лесейæн стыр фидæн кæй ис. ’ ’ ’Бæгъиаты суар зындгонд у нæ Ъбласты æддейæ бирæ рæтты. Кип- ры хъуыддаджы лæгтимæ ньштæк- кæ цæуынц баныхæстæ, цæмæй Бæ- гъиаТы суары дебит фæфылдæр уа ^тæ-цыппар хатты. Ахсджиагыл нымайæм районы центры Леуахийы цæугæдоны был-* тæ’ сфидар кæнын. Æртæ километ- ры * дæрццæгæн æфсæйнаг-бетон къултæ арæзт куы ’рцæуа, уæд рамбулдзыстæм 200 гектары зæххы фæзуат æмæ уыцы зæххыл цæхæ- радоны халсæртты хъæрмуаттæ (теплицæтæ) куы саразæм, уæд халсæрттæй сифтонг уаиккой рай- центры цæрджытæ нæ, фæлæ ма Цхинвалы горæты цæрджыты до- мæнтæ дæр. Фæндтæ нæм ис, кæд нын бантысой, уæд район социалон æмæ зкономикон æгъдауæй йæ къа- хыл слæудзæн. Æз æдзынæгæй хъуыстон Хъаз- бегмæ, æхсызгон мын уыд, йæ ны- хæсты рæстдзинад æй кæй уырныд- та. Хъазбег хъуыддаджы адæймаг у. Фæндтæ йæм хорз ис. Сæххæст ын уыдзысты, æрмæст йæ фарсмæ æрбалæууын хъæуы æмæ иумæйаг тыхтæй раст фæндагыл акæнын хъæуы пыртæккæйы рацарæзты ду- джы райопы экономикон хъомы- сад. Æрталынг. «Виллис». сосæвæнда- гыл згъоры Дзауы ’рдæм. Хъазбе- джы ныхæстæм чысыл æрсабыр зæрдæйы рыст, фæлæ уæддæр нал æмæ нал æфтыд мæ хъуыдыйæ уы- цы удхайраджы фарст: «Нæ хæх- ты æдзæрæг уæзгуытыл ма цард ногæй райгас уыдзæн, æви æнусмæ æдзæрæг-уæзгуытæй баззайдзысты?» Уыцы фарстæн мын æххæст дзуапп нæ рацта районы хицау. Æниу, кæй зæгъып æй хъæуы, уыцы хабарыл уымæн йæ зæрдæ къаддæр нæ рис- сы. Фæлæ алцы уымæй аразгæ нæу. Бæрзонддæр инстанциты йыл хъуыддаджы лæгтимæ арф нысса- гъæс хъæуы. Уыцы удхайраджы фарстæн абон дзуапп куыннæ сса- рæм, уæд райсом байрæджы уьт- лзæн æмæ нæ фидæны фæлтæрæн æлгъыстагæн баззайдзыстæм. Згъоры «Виллис» сосæвæндагыл, а^хсæвы тар йæ ирд цæстыты рух- сæй (Ьæйнæрдæм сургæйæ. Мæнæн та мæ сагъæстæ, зымæгон æххор- маг цъиутау, рагæпп-багæпц кæ- нынц Ирыстоны кæмтты афтид уæз- гуьттыл иу ранæй иннæмæ. Гъе, Уастырджи, нæ фыдæлты уæзгуытæ дæ фæдзæхст! Бынтон сæфтæй сæ бахиз! Декабрь, 1988 аз.
КЪОСТА —130 МАМИТЫ ГИГА КЪОСТА ПОЭТ ÆМÆ Историйы фæндаг рагон у, йæ райдайæн нæм нæ зыны ирдæй, рагон æнусты тар ыл æппары аууон... Цæуы йæ фæндагыл, æгæрон у йæ фæндаг историйæн... Уыцы фæндагыл бирæ фæзилæнтæ уыд, кæм лæгъз, кæм дыркъуымтæ, раст, тæссæрт- тæ, уырдгуытæ, фæхæрдгæнæнтæ..» Уыцы бынæтты бирæ стыр адæймæгты радта адæм, истори аразæг адæм. Адæм сæ тохы фæзилæнты цы генион хъæбулты радтой, уыдон бирæ сты, чи сæ фæнымайдзæн?!. Уыдонæй иу у Къоста... Ирон фæллойгæнæг адæмы гени дунейæн Къостайы радта ссæст куы уыд, дывæр æфхæрд куы æййæфта — хæдхæцæг пад- дзах æмæ бынæттон тугцъирты æфхæрд, уæд. Уæд хъуыд генион поэт, адæмы æф- хæрджыты ныхмæ удуæлдай тох чи код- таид, ахæм. Ирон номдзыд ахуыргонд Абайты Вассойы загъдау, Къоста канд поэт нæ уыд, фæлæ уыд фæтæг... Уый рад- та заман — æрдомдта йæ уыцы заман. Дунейы адæмты историйы алкæмæ дæр фæзынд ахæм гуырдтæ, ахæм генион адæй- мæгтæ, йæ адæмы цæсгом чи равдыста... Ирон адæмы стыр поэт, адæмон поэт Къо- ста равдыста йæ ныййарæг адæмы цæсгом йæ сыгъзæрин чиныг «Ирон фæндыр»-ы, ирон нацийы «энциклопедийы». Уый мæ дзырд нæу, бирæтæ йæ загътой æмæ йæ дзурдзысты мах фæстæ фæлтæртæ дæр... Къоста сагъæс кодта йæ адæмы хъысмæ- тыл, сæ фидæныл. Уый йæ ’мдзæвгæты са- гъæстæ хуыдта. Йæ сагъæстæй, йæ риуы цымæ Ирыстоны зæрдæ тæлфыд, афтæ уыд. Уымæн сирвæзт йæ зæрдæйæ ахæм хъæр: Нæ дзыллæйы зæрдæ — Нæ хуымгæнды хай; Нæ бæсты сагъæстæ — Мæ фыззыгон най... Йæ адæмы æфхæрд, ссæст уавæр уынгæ- йæ, Къостайы лирикон хъайтарæн йæ зæр- дæ рыст æмæ дзырдта: Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг Кæуæгау фæкæса, миййаг, — Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг, Уый зарæд йæхи фæндиаг!.. Уый хæсджын уыд, хъæбул куыд хæс- джын вæййы йæ мады раз, афтæ: Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, Куы бафидин искуы мæ хæс, Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин, Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс... ПОЭЗИИЫ ТЫХХÆИ Сагъæс кодта: Бæсты сæрвæлтау Нæ кæлы мæ туг, Хæссын къæлæтау Цагъайраджы дуг. («Сагъæс») Æмæ уæддæр уыцы лирикон хъайтар æх- сæнадон интерестæ бæрзонддæр æвæрдта, бæллыд уымæ, тæхуды кодта: Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид искæй зынад. («Гъей-джиди!>) Хъуыдис ахæм адæймаг, йæ адæмæн фаг лæггад чи бакодтаид: Тæхуды, йæ дзыллæйы раз Чи ракæны барджын ныхас, Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй! («Тæхуды») Уыцы заман домдта ахæм раздзог, чи акодтаид адæмы сæрибары тохмæ: Гъей-джиди! Искуы дæ фиййау куы разарид Иу сау къæдзæхы сæрæй! Хорз фосы дзугау нæ иумæ куы равзарид Исчи йæ фарны хъæрæй!.. Хъуыбадыйы хорздзинæдтыл дзургæйæ, Къоста æвдисы уымæн йæ курдиаттæ: ка- фын, зарын, цæгъдын... Иæ зард нæ уагъта,— Фæндыр æскъахта Бæрз-бызычъийæ... Къостайы лирикон хъайтары бæллицтæ уыдысты Хъуыбадыйы бæллицтæ: Фæскъæвда хур бон... Сæрибары дуг... Йæ куырдиатæй та йын зæгъы поэт: Иæ хорз зарджытæн, Йæ хорз кадджытæн, Кæрон кæм уыди? Æнæфæхудгæ Æнæфæкæугæ Сæм чи лæууыди? («Ныстуан») 71
Уый уыди поэзийы тых, аивады тых. Раст мæнæ цыма йæхицæй зæгъы Къо- ста, афтæ уыд Къостайы поэзийы тых кæд- дæриддæр. Уый та у Къостайы цæстæн- гас поэзимæ, аивадмæ. Æцæгдæр, аивад адæймаджы кæны куы кæуын, куы худын, тохмæ йын цырын кæны йæ риуы цæхæр. Поэзийы стыр тых зонгæйæ, Къоста дзырдта (лирикон хъайтар): Рагон нæртон лæгау, зарын куы зонин, Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, — Дунеты се ’ппæт мæхимæ æрхонин, Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст. Æмæ уымæн афтæ зæгъы: Амонд... æрра дæн, цæй амондмæ дзурын Ацы рæстæджы та амондджын чи у? Нæ, æз хуыцауæй æндæр цыдæр курын, Базон-ма, циу? Цы уыд, циу? — куы бафæрсæм, уæд ын ратдзыстæм æрмæст ахæм дзуапп — уый у цоэтæн йæхи дзуапп: «Рагон нæрт’он лæгау зарын куы зонин...» Цæмæн æй хъуыд нæртон лæгау зарын зонын? Уымæн хъуыд, цæмæй акодтаид адæмы фидæны рухс бæрзæндты сæрап- понд тохмæ. Къоста зыдта зарын «Рагон нæртон лæгау» æмæ сидти аивады хъæ- лæсæй адæммæ тохмæ, с.æрибардзинадмæ. Поэт æмæ поэзийы раз æвæрдта адæмы рухс фидæны тохы хæс. * Йæ уырыссаг æмдзæвгæ «Музе»-йы Къо- ста зæгъы, зæгъгæ, «ферох кæнæм уыцы аккордтæ, цы ран алы мыр æппæлы йæ рæсугъддзинадæй, куыд мæнæ духийæ ба- пырхгонд, сæрыстыр франт бызгъуыртæ, чъизи адæмы къорды раз, æппæлы йæхи- цæй. Æгъгъæд у. Цæмæн хъæуы мах ахæм зарджытæ, кæцыты мидæг нæй тох, кæцы- тæ æрмæст рæвдауынц æнæмæт чызджы хъустæ, æцæгæлон чи у тохæн... Фæлтау мын ды ахæм зарæг ракæн, ахæм зарæг, кæцы ахъары зæрдæты, райхъал кæны адæймаджы намыс... Æмдзæвгæ «Мне нравится»-йы зæгъы, зæгъгæ, «Уырнæд дæ, мах, кæрæдзи уар- заг æфсымæртау, зæххыл сыскъæрдзы- стæм иу иумыйаг галуан... Фæллойгæнджы- тæн, кæцымæ не ’ххæсдзæн тыхми. Æмбар- гæ тохы галуан, цыран нæй туг æмæ фыд- митæ; сыгъдæг намысы галуан! Рæстдзи- нады галуан, уæйгæнæн кæмæн нæй, ахæм сæрибардзинад æмæ уарзондзинады гал- * уан. Æмдзæвгæ «Я отживаю век»-ы та зæ- гъы, зæгъгæ, фæндыры тæнтыл æруадз- дзынæн • ризаг æнгуылдзтæ æмæ фехъусын кæндзынæн дунейæн сæрибардзинад æмæ уарзондзинад. Ацы темæйыл ма фыст у иу^æмдзæвгæ «Уайдзæф мын ма кæн»... Ам зæгъы поэт, зæгъгæ, сæрибары зарджы- тæ нæ фидауынц хъадаманты дзæгъдзæ- гъимæ». Дарддæр зæгъы: «нымад ысты минуттæ, г' алы ран фæдисы хъæр кæнынц, сæуæхси- ды тын хъазы, джебогътыл...», зæгъы, «æх- сæв æввахс кæны йæ кæронмæ... Ма мын уайдзæф кæн! — æмæ æз сифтындздзынæн мæ фæндыр æмбарад, сæрибардзинад æмæ уарзондзинады тыххæй», Æмдзæвгæ «Поэту»-йы дæр фæдзæхсы поэтæн «дæ рифмæтæй нæ ма худын кæн... Уадз æмæ зарæг æнкъардæй цæуа, куыд уылæн, куыд риуæй хъæрзын» — адæмы хъизæмардзинад уынгæйæ, худæджы риф- мæ ницæмæн хъæуы. Къостайы лирикон хъайтар æмдзæвгæ «Æз пехуымпар нæ дæн»-ы зæгъы: «Кæм- дæриддæр æнæуагдзинады ныхмæ тох кæ- нын, тыхы ныхмæ мæ риуы æмбæрц цæ- уын æмæ уæндонæй дзурын рæстдзинады сæраппонд». Æмдзæвгæ «Другу»-йы поэт зæгъы, зæгъгæ, «Невозможно творить, если нет у тебя силы творческой, нет дарованья» æмæ йын, Некрасовау, фæдзæхсы, цæмæй адæ- мы лæггæдтæй иу чысыл уыдонæн, адæ- мæн, бафида. Истæмæй адæмæн базонын кæн, уыдонæн ды кæй нæ уыдзынæ знаг, нæ йæ бахъыгдардзынæ сæрибар суæвы- ны хъуыддаджы, ног ауындзæнтæ йын нæ бидзынæ. 1900 азы январы Къоста фыста фыстæг Цæлыккаты Юлянæмæ. Ам зæгъы, зæгъгæ, нал ныййафдзынæн уым мæ хæлæртты, уы- дон ацыдысты фæсарæнмæ, фæлæ ницы кæны, уыйхыгъд, — зæгъы поэт, — æз ба- цæудзынæн Лермонтовы цыртмæ æмæ ба- кæсдзынæн, цырты байгомгæнæн бонмæ кæй ныффыстон, уыцы æмдзæвгæ. Уый мыхуыргонд нæ уыд, афтæмæй та у цы- мыдисон. Æрбакæс мæм: цырты цур лæу- уын бæрæгбонон позæйы æмæ кæсын хъæ- дабæ баритонæй: «торжествуй, дорогая от- чизна моя!..». Лыстæгбуржуазон литературон здæхты- ты Къоста ницæуыл нымадта, уый бæрæг у йе ’мдзæвгæтæй. 1901 азы йæ зындгонд æмдзæвгæ «Па- мяти М. Ю. Лермонтова», поэты амæлæты Н0 азы бонмæ кæй ныффыста, уым Къоста зæгъы: Ты нужен был не царству бар и рабства, А вот тепсрь, когда талантов нет! О, если бы ты жил теперь, поэт! Ацы ранæй бæрæг у, Къоста декадент- ты ныхмæ кæй уыд, уый. Поэт куыд фыссы, ’уый тыххæй Къоста зæгъы афтæ: «Порой как заговорит (поэт — М. Г.) так его пожарной трубой не оста- новишь, а порой из него раскаленными клещами не вытянешь ни одного слова: «таковы эти «пернатые» избранники бо- гов!» (149). Къоста дзырдта, зæгъгæ, «даже по дет- ским лепетам особенности автора можно видеть ясно. Из всех писателей мира, мо- жет быть, из 100 000 один ухитрился не проясить в своих произведениях особен- но~тей своей натуры» (179). Еæрæг куыд у, афтæмæй Леуаны фæн- дыд, цæмæй йæ иукæг лæппу Къоста уы- даид æфсæдтон, уæд канд Леуаны нæ, фæлæ афицер суæвын бирæты фæндон уы- дис. Къоста йæ разы æндæр хæс æрывæрдта, æндæр фæндагыл лæуд уыд — адæмы рухс фидæныл тох кæнын аив дзырдæй, уымæн дзырдта йæ лирикон хъайтар: Дæ номыл, дæ кадыл Рæ барын мæхи. 73
Æмæ зæгъы комкоммæ: Æз тоипæй нæ хъазын, Æз барæг нæ дæн, Æхсаргард ысласын Мæ бон нæу мæнæн. Ацы бынат, хъыгагæн, бирæтæ комком- мæ æмбæрстой, зæгъæм, Барахъты Гино, дзырдта, зæгъгæ: «Æз топпæй нæ хъа- зын, — зæгъы Къоста, — æхсаргард ысла- сын мæ бон нæу мæнæн». Æмæ аразы рæ- дыд хатдзæг Гино: «Маст райсыны зæр- дæ нæй Къостамæ» (Барахъты Гино «Уæл- ладжыры кадæг» Орджоникидзе. 1975, 386 фарс). Æмæ ноджы рæдыдтæр хатдзæг аразы уым: «Хъазуатмæ, мæлынмæсидæг зонд æмæ зæрдæ Къоста баивта дины та- сæй сабырады зæрдæйæ». Æфсæддон службæмæ æинæрццаг цæс- тытæй кæй каст Къоста, уый бæрæг у йæ уырыссаг æмдзæвгæ «У. Ц.»-йæ дæр, ам кæсæм: Не знасшь развс, милый мой, Какая у воснных мода? — Все просят здссь н:перебой Чинов, наград и псревода. Ах, Угалук! Ах, Угалук’ Тебе ли лсзть за этим стадом!.. Æмæ кæронæй: Сиди ты лучшс в Алагире! Йæ фыстæджытæй иуы афтæ фыста Цæ- лыккаты Ю. А.-мæ 1899 азы 12—IX Хер- сонæй. «Он (отец — М. Г.) очень хотел, чтобы я был военным, но я уже тогда так же принципиально смотрел на военную службу, как теперь и он мне не стал воз- ражать» (190). Къоста карз тох кодта йæ аив дзырдæй фæллойгæнджыты, адæмы æфхæрджыты ныхмæ. Ирыстонæй хаст уæвгæйæ, уый тындзыдта уырдæм, цæмæй тох кæка знæг- ты ныхмæ, æмдзæзгæ «В решительную ми- нуту»-йы афтæ зæгъы: Меня родина ждет уже к бою: — Коль врага мне не удастся сразить, То не встретимся болыне с тобою! Къостайæн сæрмагонд куыст нæй поэт æмæ поэзийы тыххæй. Поэт æмæ поэзийы тыххæй цы хъуыдытæ загъта, уыдон сты, сыгъзæрины къæрттытау, пырх йæ поэти- кон, публицистон уацмысты, афтæ йæ эпи- столярон бынты дæр... Ацы хъуыдытæй бæрæг у, Къоста поэт æмæ поэзийы раз цы стыр хæстæ æвæрд- та, уый: литературæ у адæмы сомбоныл тохгæнæг. Къоста йæ номдзыд, æнæамæл- гæ «Ирон фæндыр» куы бацæттæ кодта, уæд чиныджы номы бын ныффыста: «Зæр- дæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ». Бирæтыл дзурæг сты ацы терминтæ, уæлдайдæр та фыццаг «Зæр- дæйы сагъæстæ». Æмдзæвгæтæ-иу кæд æмæ куыд фыста, уый тыххæй афтæ зæгъы йæ фыстæджы- тæй сæ иуы: «Я стихи пишу только в та- кое время, когда потребность высказаться всецело охватывает все мое существо. Над многими стихотворениями я рыдал, как нервная институтка, когда их писал. Не- мало было написано в минуты странного негодования, но такие стихотворения я ни- когда не отдавал в печать, потому что они прямо-таки ужасны по чувству высказан- ных в них ненависти и презрения к объ- екту обращения». Æндæр фыстæджы та зæгъы: «В «Гæ- лæбу» действительно много детского лепе- та, и я очень удивляюсь Гаппо, как он, тахой витиеватый присяжный поверенный (с 4 июля) не имеет кикакого понятия о технических требованиях стихосложения. Можно быть каким угодно бессодержатель- ным декадентом, но стих должен быть сложен по правилам, выработанным века- ми, иначе это не стих... Я не говорю о рифме,— она имеет второстепенное значе- ние, хотя является главным техническим затруднением для поэтов при разработке серьезной темы... У него же в «Гæлæбу» ничего кет — ни техники, ни рифмы, ни даже какого-нибудь сносного изложения на осетикском языке, какой-нибудь осмыс- ленной мысли, чепуха ужеснейшая печа- тать и распространять такую галиматью — это значит извращать с места в карьер смысл и цели изящной литературы и вку- сы жаждущих ее иронов... По-моему, луч- ше еще 10 лет не печатать ничего, чем распространять такую дребедекь» (140, 141). Æндæр фыстæджы ноджы фыста Къоста Гаппомæ: «Если я пишу то или другое сло- во так, а не иначе, то я пишу сознатель- но, я над ним долго ломал голову и не хочу ни тебе, ни кому бы то ни было поз- волять изменять их без моего ведома, без- доказательно, и тем более в стихотворени- ях, где не должно быть ни одного лишнего звука или недостатка в нем и где каждая буква занимает расчитанное заранее авто- ром место. Стихотворение не газетная заметка, ко- торую какой-нибудь трусливый и невежест- венный редактор может коверкать как угодко его благоусмотрению» (143). Æмæ дарддæр зæгъы: «Я никогда своим словом не торговал, никогда ни за одну свою строку ни от ко- го не получал денег... И пишу я не для того, чтобы писать и печатать, потому, что и многие и другие это делают. — Нет! Ни лавры такого писания мне не нужны, или выгоды от него... Я пишу то, что я уже не в силах бываю сдержать в своем изболев- шем сердце, и если по упорному настоя- нию «друзей» я уступаю и поверяю им эти «Сагъæстæ», то требую, чтобы они, ес- ли даже не понимают, не разделяют мои чувства, относились к их изложению с бла- городной вежл;шостьк>, ке переделывали бы его по своему вкусу и в таком виде не выдавали за мое произведение. Я прихо- жу в бешенство, когда переделывают да- же мои газетные статьи.» (144). Мæнæ куыд зæгъы ноджы, куыд зын ын уыд, йе ’мдзæвгæты хæлдтытæ куы федта, уæд: «Уверяю Вас, я не могу этой книжки видеть. Если бы я мог собрать все изда- кие и сжечь его, я бы помолодел, по край- ней мере, на 10 лет. Я понимаю коррек- турную ошибку, но заменять слова, выб- расывать слоги, изменять падежи, таким образом, нарушать не только рифму, но 73
и строй стиха и смысл выражения!» (178). Уæдæ куыд федтам, афтæмæй Къоста поэт æмæ поэзийы раз æвæрдта адæмæн лæггад кæныны хæс. Уыцы хæс Къоста куыд æххæст кодта, уый уыдис æмæ у цæвиттон ирон фысджы- тæн. — Цахæм хъуамæ уа поэт нæ дуджы? Хъуамæ лæггад кæна адæмæн афтæ, куыд ын лæггад кодта Къоста; хъуамæ æв- диса дуджы проблемæтæ афтæ, куыд сæ æвдыста Къоста... Нæ дуджы тынг хъæуы, донау æмæ уд- дзæфау ахæм тохгæнæг поэт æмæ поэзи, цахæм уыд Къоста, цахæм уыд йæ поэзи. Уый хъæуы рацарæзт, æргом ныхас æмæ демократийы заманы, уый хъæуы ног хъуыдыкæнынады заманы канд нæ бæстæ- йы нæ, канд социалистон лагеры нæ, фæ- лæ æппæт дунейы масштабы. Къоста поэт æмæ поэзийы тыххæй цы загъта, уыдон сты скъола нæ фысджытæн, уæлдайдæр та æрыгон фæлтæрæн. ХРОНИКÆ: Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 130 азы сæххæсты сæраппонд ирон фысджыты къорд — Джусойты Нафи, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Хъодала- ты Герсан æмæ Æлборты Хадзы-Умар 5 июлы уыдысты Ленингоры рай- оны Цъинагары хъæуы æмæ культурæйы хæдзары фембæлдысты хъæу- бæсты фæллойгæнджытимæ. Уырдæм ма æрцыдысты уазджытæ Ленинго- ры райцентрæй. Къоста, Ирыстон, нæ абон — ахæм уыд, фысджытæ æмæ хъæубæсты фæллойгæнджыты ’хсæн цы ныхас рауад, уымæн йæ мидис. Фембæлды ныхас кодтой æмæ æмдзæвгæтæ бакастысты Цъинагармæ æрцæуæг поэт- тæ, хъæубæстæ æмæ районы актив загътой сæ фæндийæгтæ. Уазджытæм цы бирæ фарстатæ радтой, уыдоны æвæрдтой мадæлон æвзаг не скъола- ты амонын æмæ дзы æхсæнады архайыны, ирон адæмы истори, национ культурæ æмæ литературæйы, социалон æмæ политикон царды пробле- мæтæ. Зæрдæсудзгæйæ дзырдтой областы центры культурон цардæй ип- пæрдау кæй сты, уый фæдыл. Загътой сæ фæндон, цæмæй сæм арæхдæр цæуой нæ аивады дæснытæ æмæ сын æвдисой спектаклтæ, концерттæ, уый тыххæй сын ис хорз фадæттæ, кæсой сæм лекцитæ, æхсæнадон æмæ æндæр фарстытыл. Фембæлды уыдысты районы партион æмæ советон разамындгæнæг кусджытæ.
КРИТИКÆ ÆМÆ ПУБЛИЦИСТИКÆ БУЛК’ЬАТЫ МИХАЛ ЦЫРАГЪ ДЫМГÆМÆ АЛЫХАТТ НÆ АХУЫССЫ Иу æнахуыр диссаджы миниуæг ис æв- зонгады рæсугъд тæмæнмæ: йæ хур æна- фоны куы аныгуылы, уæд ферттивы дæс хатты тыхджындæр æмæ адæмы хъуыды- йы æнустæм баззайы, уыцы фæстаг ферт- тывды тæмæн куыд ссудзы, афтæмæй. Хъамбердиаты Мысост йæ поэтикон фæн- дагæн йæ тæмæн скалын кодта æхсæрдæс- аздзыдæй æмæ стдæсаздзыдæй та туг омд- та, афтæмæй сыгьзæрин хурмæ сидтис, «Дæумæ цæуын мæ амондгур», зæгъгæ. Сидтис йæ сабион зæлланг хъæлæсæй æмæ нæ зыдта, йæ залымы фыстмæ гæсгæ ма йæ разы цыппар азы цæрæнбон кæй баз- зад, уый. Францаг математик Эварист Га- луа ссæдзаздзыдæй дуэлы фæмарды хæд- размæ иуæхсæвы, уый дæр уыцы цыбыр рæстæджы дæргъы, йæ поэтикон хъæлæс йæ раны сæвæрыныл батындзыдта, фæлæ талф-тулфæй ницы сарæзта, уымæн æмæ йын поэты интуици амыдта, йæ курдиаты тæмæн æппæт йæ раны кæй сæвæрдтаид æмæ сæ æрдзон хуызы кæй равдыстаид. «Мысост, цы уыди, уымæй уæфт уыдис аивады хæрдгæ хæлттæй, Аив — йæ ацыд, аив — йе ’рбацыд, аив — йе схудт, аив, бынтон аив та — йæ зард. Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, æмæ Ирыстоны хæхтæ со- ветон дуджы Мысосты зарæгæй аивдæр зарæг нæма фехъуыстой сæ рагон сæгæй- дзаг хъустæй, Мысосты зарæгæй адджын- дæр зарæг нæма бахызти сæ зæронд мит- æвæрд риутæм». — зæгъы не стыр поэт йæ кæстæр хæларæй æмæ йын йæ поэзийы æр- фытæм уарзæгой цæстæй куы ныккæсæм, уæд нæ бауырны, æцæгдæр афтæ кæй у, уый. Мысост йе ’взонджы фыдæй йе сфæл- дыстады никуы æруагъта тутт мыртæй конд мæнг поэтикон фразæтæ æмæ йæ зæлланггæнаг хъæлæсæй не сирвæзт фæ- бæрзонддæр кæнынхъуаг зæлтæ. Мысост Лермонтовау, аивадон литературæмæ æр- бацыд хæрз сабийæ æмæ суанг йæ мæлæты бонмæ йæ зарæг хъуыстис, æппæты фыц- цаг æй цы бæрзонд регестрæй самыдта, уымæй. Мысостæн йæ цыбыр цард æмæ йæ алмасийы къæртты хуызæн поэзийы фæстаг зæл æнæмæнг хъуамæ фехъуыста- ид, поэтыл дыууæ æмæ ссæдз азы куы сæххæст, уæд. Мысост ахæм цыбыр рæстæ- джы ирон поэзийы классикæйы кæй æрфи- дар æмæ афтæ æвзонгæй кæй амард, уый йæхæдæг дæр у иттæг бæрзонд, трагикон мыртæйконд поэзи. «Мысост хатыдта. ху- ры цин, Мысост хъуыста хуры худт, хъуы- ста æмæ æмбæрста, хъазты мидæг кафæг чызджы дзабыртæ цы хъуыды кодтой, уый; æмбæрста, цæуыл зыр-зыр кæны æмæ цы- тæ дзуры фæндыр». — Цæмаей Нигеры æм- сæр стыр хъуыдыгæнæг лæг искæй поэти- кон сфæлдыстадæн уый хуызæн бæрзонд эпитеттæй саргъ кодтаид, уый тыххæй æп- пынкъаддæр хъæуы стыр адæймаг, 4 стыр поэт æмæ уыцы поэты æнафоны мæлæтæй рыст зæрдæйы æгæрон хъынцъым. Мысост йæ цард æмæ йе сфæлдыстадæй нæ поэзийы стæм фæзынд кæй у, уый гуы- рысхойаг нæу, фæлæ хъуыдыйаг у, рын- чын æмæ цыбыркъух уæвгæйæ йæм ахæм фанатикон оптимизм кæцæй цыдис, уый. Идейæ адæймагæй фæдомы фанатикон æнувыддзинад, Ребеспьер æмæ Маратау, дзулы хус къæбæртæ æмæ донæй цæргæ- йæ, адæймагады иттæг бæрзонд материтыл дзурын. Мысост йе ’хсæрдæс азы карæны революцион фæфæлдæхты нæ райста хайад æмæ йын йæ идейæтæ бахъахъхъæныны сæраппонд не сфидар кодта йæ уды скон- ды мидæг фонатикон оптимизм. Уый уы- дис æрмæст уыцы социалон фæфæлдæхты рухсæн йæ фæд-йæ фæдцæуæг уадындз- цæгъдæг, фæлæ йын йæ пард æмæ йе сфæл- дыстад уыцы принципæй куынæ бахын- цæм æмæ йын йæ фанатикон оптимизм йæ куодиаты иу миниуæгыл куынæ баныма- #æм, уæд ын хуымæтæджы цардуагон бын- д^р нæй, уымæн æмæ йæ иуæрдыгæй мæ- лæтдзаг низ домдта, иннæрдыгæй та йæ материалон уавæртæ уыдысты дагъытъай- лаг. Мысост уыдис фонатикон оптимист æмæ-иу уымæи ахызт нормалон адæйма- джы цардуагон уавæрты сæрты, уый йед- дæмæ бауырнинаг нæ уаид, Сухумы рын- чындоны хуысгæйæ йын хосты æхца Къо- сираты Сæрмæт кæй æрвыста æмæ, йæ хъæлæсæй йæ туг калгæйæ, йæ оптими- стон цæлхъытæй кæй не ’рцыд, уый. Ссæдзаздзыдæй лæппу сынтæгыл уæл- гоммæ хуыссы æмæ цъынддзастæй тых- хæйты улæфы, афтæмæй фыссы хурзæри- ны диссаджы хуызтæ! Уый йæхæдæг дæр V стыр поэзийы темæ æмæ адæймаджы уæ- вынадыл арф хъуыды кæныны бындур. Мысост йæ зæлланггæнæг рæнхъытæй цы хуры фæлгонц ныффыста, уый хуызæн ныр- ма ирон поэзийы кæй ничи ныффыста, уый гуыоысхойаг нæу, фæлæ æндæр адæмты литературæты дæр не ’хсайы мæ зæрдæ ахæм феноменмæ. Йæ хуызтæ æмæ йæ ми- дисмæ гæсгæ йын аналоги ис æрмæст гол- ландиаг стыр нывгæнæг Винсент Ван Го- гы хуызфыссынады. Нæ поэт, мæнмæ гæс- гæ, нæ зыдта голландиаг стыр нывгæнæ- джы, фæлæ Винсент Ван Гогы нывтæ æмæ Мысосты æмдзæвгæты хуызты æрттывдмæ кæсгæйæ, хур нæ цæсты раз æрбалæууы, баххæссæн кæмæ нæй, ахæм æрвон пла- 75
нетæйæ нæ, фæлæ немæ бацæрæг æдфыд, æдыстæг удгоймагæй. Винсент Ван Гог æмæ Хъамбердиаты Мысостмæ хур йæ рæсугъд хуызтæ æмæ йæ хъарм не сафы фæззæг æмæ зымæ- джы дæр. Винсент Ван Гог æмæ Хъам- бердиаты Мысост ныххæлдтой зæрин- гъуыз стереотип, уымæн æмæ сæ дисса- джы фæлгонцджын хуызтæй сбæлвырд кодтой, хурзæрин йæ хуыз рæстæгмæ гæс- гæ кæй ивы, ноггарст мæнæуы хуым кæнæ уæларт æхсидгæ чъирийы тæф кæй кæны æмæ йæ буар мид-змæлдæй кæй фезмæлы, уый. Винсент Ван Гог хурмæ, бардуагау, кувы æмæ йын йæ тынтæ парахатæй бай- уары хуымгæрдджытыл, фыййæуттыл, хæ- дзары æфсинтыл, адæймагау удмидæг зе- тибæлæстыл æмæ йæ уæддæр ныууадзы æрвон планетæйæ. Мысост дæр æм, мур- таккау, кæны кувгæ æмæ йæм куы «чъири- йау, æхсиды арвы ирды» («Уарзын»), куы йæм «Арвыл сахъ лæппу — Хур-барæг зынджы зыны» («Уалдзæг»), куы та йæм цæхæрау æхсиды, фæлæ йæ хъавы æрзæх- хон кæнынмæ, йæ бæрзæнд æппындæр куыннæ фæцух уа, афтæ. Фæсидтæн фæсивæдмæ æз, Æрбайдзаг адæмæй мæ цур. Зæгъын сын: саразæм фæрæз — Нæ сæрмæ бауромæм хур. Æмæ йæ рухсмæ уæм æдзух, Æмæ дзы мауал кæнæм цух, Æмæ нæ ма ’фснайа йæ сæр, Куы сисы базыртæ изæр. Винсент Ван Гогы нывты авдцæстон хур у æрмæст царды хос æмæ йын нывгæнæг йæ зæрин тынтæ кæм ауадзы, уым æппæт бахуды æмæ сног вæййы. Мысостмæ та хур царды хос дæр у, дун-дунейыл æппæ- ты бæрзонддæр матери дæр æмæ идеоло- гон хотых дæр. «Нæ сæрмæ бауромæм хур», зæгъгæ, уыцы темæйыл поэт дзуры «Цæй-ма, æрзарæм, цæй-ма!»-йы дæр æмæ тырны, цæмæй хуры йæ цыдæй ныллæу- уын кæна йæ тæккæ сæрмæ, цæмæй йыл сæвæра ног цардмæ ног рухс бауадзыны хæстæ æмæ йæ уыцы иурæстæджы скæна æппæты бæрзонддæр тæрхонгæнæг. Нæ зонын, Мысост сæдæ азы карæнмæ куы фæцардаид, уæддæр йæ уд бæрзонд уыдаид æмæ йе ’мдзæвгæйыл карæны гакк фæзындаид, æви нæ! Мæнмæ гæсгæ йæ уд никуы базæронд уыдаид æмæ йе ’мдзæв- гæ сыгъдаид, йæ «Дымгæ» цы ’взонгады цæхæркал монцæй судзы, уымæй. «Дым- гæ» йæ поэтикон уындтытæ æмæ фæл- гæнцты æнахуыр архитектоникæйæ лири- конæй шедевр кæй у, уый йеддæмæ ма йæ мидæг ис, æрмæст «диссаджы сабиты» ге- нийæн чи у характерон (уыцы æмдзæвгæ Мысост ныффыста æхсæрдæс аздзыдæй!), ахæм ассоциацитæ. Уым поэт цаутæн сæ мидис æмæ сæ контрасты ферттывд уыны æмæ æккъары æхсæрдæсаздзыд лæппуйы цæстæй нæ, фæлæ куырыхон нывгæнæджы зæрдæйæ, анализ сын кæны философы хъуыдыйæ. Дымгæ йæхи рæдувы... Дымгæ, фæкал дæ рондз. Кувын дæм абон, кувын раздах мæ азтæй фондз. Рæнхъытæй нæм хъуысы, æххæст лæ- джы зонд æгæр раджы кæмæ æрцыд, фæ- лæ уæддæр цыбыр хæлафы чи цæуы, ахæм лæппуйы хъæлæс йæ уагдæттæн схæцæн- тæ æмæ æрхæцæнтимæ. Дымгæ нæ хъусы, кафы, Дымгæ змæнты фæз. Хъус-ма, цыбыр хæлафы хъазынмæ уайын æз. Мысост рæнхъытæ ахæм хуызы кæй ра- вæрдта æмæ рифмæтæ кæй схицæн кодта, уымæй сын се ’рцæвæнтыл схæцыд уæлæ- мæ, фæлæ строфæйы, фаты бырынкъау кæй ныццыргъ ласта, уымæй ма цы зæ- гъынмæ хъавыд? Кæд, миййаг, рæнхъыты кæрæттæ «кафы»-йæ райдайгæйæ «æз»-ы онг тæссармæ кæй æрбалыг кодта æмæ строфæйæн йæ формæ фаты бырынчъы хуызæн кæй ссис, уымæй дымгæйы хуын- чъытæгæнæг тыхы цæстуынгæ хуыз равди- сынмæ хъавыд? Æз æрмæст уынын, «цы- быр хæлафы хъазынмæ» фæцæйуайæг лæп- пу йæхæдæг дæр хурау кæй æрттивы, уый. Æз бæрæгæй уынын, поэт сæрмагондæй кæй нæ арæзта, фæлæ йæ аив дзырды тых стихион æгъдауæй кæй скодта, ахæм ирд нывтæ. Цасфæнды нæ фæцагурæм дунеон поэ- зийы, кæнæ та адæмон морфологийы, уæд- дæр Мысосты йеддæмæ никæмæ ссардзы- ’стæм, схъæл лæппуйау, бæхылбадæг æмæ зынджы мидæг фæцæйскъæрæг хуры. 1931 азы 21 январы Мысост Сухумы рынчын- донæй Къосирати Сæрмæтмæ йе ’мдзæвгæ «Уайдзæф» куы арвыста, уæд æм йæ цы- быр чиныджы уырыссагау фыста: «Æрви- тын дæм «Бадомд» æмдзæвгæ «Уайдзæф» фыццаг хатт мыхуыры фæзынд ахæм но- мимæ, уый фыст æрцыд, хур мын йæ ци- ны тынтæ мæ сынтæгыл куы калдта, уы- цы бон». Хуры культ Мысосты цард æмæ сфæлдыстады алы ран дæр у тынг бæр- зонд æмæ йын йæ сыгъзæрин тынтæй бай- дзаг кæны, куыд йæ низæфхæрд буар, аф- тæ йе ’мдзæвгæ. Нæ зонын, æвæццæгæн, лæппу, «диссаджы лæппу», «диссаджы са- би»! фенкъардта хурмæ бирæ кæй нал фæкæсдзæн æмæ дзы уымæн скодта фе- тиш! Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдæттæ иууылдæр цæуынц, хур йе сфæлдыстады сæрибар царддæттæг æппæты бæрзонддæр идеалы бынаты æвæрд кæй у, уырдыгæй. Хъазыны хъуыддаг нæу, Хур-лæппумæ хур диссæгтæ фæлындзы: куы «Зæххыл хуры цинзынгуард» кæны («Уарзын»), куы «Кæ- нæ, чъирийау, æхсиды арвы ирды худгæ хур» («Уарзын»), куы магусайы хурæй «хуыссæнмæ фæдомы» æмæ йыл стайтай кæны, «Хъæлдзæг зарæг дын —хъæрзын, хуры тын — дæ марæг» («Уайдзæф»), зæгъ- гæ. Æркæсут-иа, «Хур ныттылдта фæсхох- мæ йæ сæр», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæмæ, кæддæра дзы цы космикон фæзындты комп- лекс ис æмæ йын йе сконды мидæг Мы- сост хуры бæрзæндмæ цахæм диссаджы контрастон нывтæ систа: 76
Хур ныттылдта фæсхохмæ йæ сæр, Уарийау, æртæхы уæлæ талынг. Найы та йæхи мæ цæстыты изæр, Сау гæрстæ æнцадцæст цадмæ калы. Нырмауал фæсхохмæ йæ сæрныттилæг хур æмæ уариау æрцæйтæхæг талынджы контрасттæ. Стæй та ногæй уыцы талын- джы экспресси, цыма, æцæгдæр, уари фе- сты æмæ йæ сау базыртæ зæххæй арвы æхсæн айтындзы æмæ поэты цъæх цæсты- ты йæхинайæг изæры таргъуыз ахорæнты тыбар-тыбур! Нæ, уыдон æхсæрдæс-æвд- дæсаздзыд лæппуйы фыст хуызтæ не сты! Уыдон сты, поэтикон формæтыл хъуыды кæнгæйæ, йæ сæр кæмæн сурс вæййы æмæ æрвæрттывды хуызæн фæзындтыты æвип- пайды фиксацийы сæраппонд йæ хъуыды фæлтæрыныл бирæ азтæ чи фæхъизæмар кæны, ахæм поэты фыст æмдзæвгæ. Æп- пынфæстаг, кувджытæ бардуаджы нывы раз куы бандзыг вæййынц, афтæ цытгæн- гæ слæууæм Мысосты хуры тын фестæг æнкъарæнтæй фыст диссаджы гимн «Хур- мæ курдиат»-ы раз. Цымæ дунеон поэзи- йы бирæ ис, æстдæсаздзыдæй уый хуызæн гимнтæ чи ныффыста, ахæм поэттæ? Кæ- нæ Мысост куыд æввахс балæууыд хур- мæ, афтæ йæм исчи балæууыд? Рагон ас- сирийаг эпосы ис хур æмæ æндæр æрвон планетæтыл фыст тынг бæрзонд гимнтæ, фæлæ-иу сæ заргæ чи кодта, уыдон-иу лæууыдысты бардуагмæ кувæджы позæйы. Мысост та йæм бацыд хæрзæввахс, лæг йæ мад, йæ фыд кæнæ йæ хистæр хо æмæ æфсымæрмæ куыд бацæуы, афтæ æмæ ма се ’хсæн баззад, иу уаты цæрæг дыууæ адæймаджы æхсæн цы дистанци баззайы, уый. Гуырдзиаг адæмон сфæлдыстады æр- вон планетæйыл фыст гимны анонимон автор сцыбыр кодта уыцы дистанци æмæ зæгъы, «Хур мæ мад у, мæй та мæ фыд, лыстæг стъалытæ та — мæ хотæ æмæ ме ’фсымæртæ» (дæлрæнхъон тæлмац), зæгъ- гæ, фæлæ æмдзæвгæйы боныгъæдыл уæд- дæр зыны культы æндæвдад æмæ дзы нæй, «Хурмæ курдиат»-ы цы æнæхин æма- хастытæ ис, уыдон. Дæуæн кæнын Мæ ризгæ зард. Дæуæн бæттын Мæ рæзгæ цард. Кæцæй æрхаста Мысост уый бæрц рухс æмæ хъарм, кæд йæхæдæг, æцæгдæр, Хур- лæппу нæ уыд æмæ гимны рæнхъытæ йæ зыр-зыргæнаг дадзинтæй не снывæзта, уæд? Низ æй æнæхъæнæй рисс фестын кодта, афтæмæй йæ цыбыр цардвæндагыл хъазгæ-худгæйæ фæцыд нæ Хур лæппу æмæ хуримæ фæныхас кодта суанг йæ амæлæты бонмæ. Йæ цардæй хъаст никуы ракодта, йæ дзыхæй бустæйы сæраппонд иу дзырд дæр не сирвæзт æмæ йын йе ’нтъыснæг зарæг ничи фехъуыста, цалын- мæ йæ низ бынтон не ’рбырста æмæ йын йæ цæстытæ арвмæ кæсыны фаг рухсæй сцух кодта, уалынмæ: Терчы был иу хæдзар джихæй лæууы, Уый дæр рынчын у, мæнау. Азтæй дыккаг у, Гъеуый мыл цæуы, Дуртыл куы ныппырх мæ нау... Цæй æрфæн у уыцы æнтъыснæг æнкъа- рæн æмæ йæ куыд хаста йæ уды æдзух æмбæхстæй, кæд, æцæгдæр, хур-лæппу нæ уыд, уæд!.. Цас бахъæудзæн рæстæмбис поэты «Уалдзæг æрцыд»-ы сабийы цымы- дис цæстæй фенгæ ирд фæлгæнцтæй («Зы- мæг фæлидзы... Фæкдараст...») поэмæ «Ард»-ы вазыгджын фæлгæнцты бæрзæнд- мæ схизыныл æмæ Мысост цал азмæ ацъыкк ласта уыцы даргъ хæрдвæндагæн йæ иу кæронæй йе ’ннæ кæронмæ? Æртæ- цыппар азмæ, «Диссаджы сабитæн» æрдз уымæй фылдæр рæстæг нæ дæтты. Æх- сæрдæсаздзыдæй Мысост «Æхсæвæддæ»-йы загъта тынг ирд æмæ дырысай. Æргуыпп ныл ласта Иæ тар сау арынг, Æмæ схаста Йæ базыр талынг, зæгъгæ, æмæ уæдæй фæстæмæ нæ поэт- тæй иуæй-иутæ æхсæвы талынг арвæй арынг ацаразынц æмæ йын йæ мидæг куы цæхæр ныккалынц, куы дзы æхсæвы æрт- тиваг хъæндилтæ схъомпал кæнынц. Са- битæ фæзмыныкмæ тынг арæхсынц, фæ- лæ æвддæсаздзыд Хур-лæппу æрдзы хи- цæн фæзындтытыл имитацийы сæраппонд мæнæ ахæм рæнхъытæ куы ныффыста; Тар хъæдæй бирæгътæ уасынц: У-ууу-у-уу. Уазал ныффуттытæ ласы: И-и-и-хх-æн-у-у-у, зæгъгæ, æмæ дын уыцы дæргъæццонгомау «И-и-и-хх-æн-у-у-у»-йæ дæ хъуыдыйы ахæм ассоциаци куы фервæзын кæна, цыма дым- гæ, æцæгдæр, бæласы их къалиутæ кæрæ- дзийыл хафы, уæд уый та у бæрзонд поэ- зи. Сабитæ дзырдтæ æмæ рифмæтæй хъа- зын дæр уарзынц æмæ сæ хъазын хатт æцæг поэзи свæййы, фæлæ æвддæсаздзыд Хур-лæппу мæнæ ахæм æлвæст рæнхъытæ сыгъзæрин цалхы, сыгъзæрин дæндæгтау, куы зила, «Чидæр байтыдта армæй мæйы алыварс мæнæу» («Арвы хæзна»), кæнæ та «Уый ссыди ардæм дард бæстæй. Бæ- стæйы мæгуырыл хъару хъары» («Хур ныт- тылдта фæсхохмæ йæ сæр»), зæгъгæ, æмæ сын сæ мидæг анафорæтæ æмæ аллитера- цитæ, хъуытæзтау, куы сцæгъда, уæд уый, нæ Иры фарныстæн, хъазын нал у. «Хъа- матæ» тынг бирæ ис дунеон поэзийы, фæ- лæ Мысосты «Хъама» æппындæр ныллæг- дæр никæмæй у йæ хъуыды, йæ идейæ, йæ пафос æмæ йæ поэтикæйæ. Поэмæ «Ард» куы бакастæн æмæ йын йæ эмоцион хъуыр- духæны æмбæрзæнæй мидæмæ куы бака- стæн, уæд мæм афтæ фæкаст, цыма æвип- пайды дымгæ радымдта æмæ сау мигъты кæдæмдæр ассыдта йæ разæй. Хъæр, хъæ- лæба æмæ топпы гæрæхтæ æрсабыр сты æмæ хуры зæрин тынтæй йедзаг дунейы, æргъæу цæджындзтау, уæлæмæ сдаргъ сты æмæ сæрттывтой Хъасболат æмæ Ах- мæты фигурæтæ. Мæ къух нал фæлæууыд, поэмæйæн йæ кæрон бафыстон: «Уый у, ныртæккæ цы интеллектуалон поэмæтæ фыссынц, уыдонæн сæ фыдæл, сæ типикон хуызæг. Аивгъуыйдзæн æнус, ноджы йæ исчи бакæсдзæн æмæ та уый дæр зæгъ- дзæн, уый нырыккон интеллектуалон поэ- 77
М& у, зæгъгæ». Цытæ бафтыд йæ къухы нæ Хур-лæппуйæн, нæ дидинæгæн, Нигеры загъдау, куыд бæрзонд æй схаста йæ цы- быр цардвæндаг! Чысыл раздæр нæ кино- экрантыл цыдис æмæ ныр дæр цæуы, ан- глисæгтæ сæ номдзыд поэт Лорд Байроны цардыл кæй систой, ахæм нывæфтыд фильм — йæ ном «Леди Каролинæ Лем». Уым æвдыст цæуы, Леди Каролинæ-иу йæхи ирхæфсыны сæраппонд исдугæй-ис- дугмæ кæй арæзта, ахæм ерысты сценæ хъæбысхæстæй, хыл кæнынæй æмæ бок- сæй. Чи-иу фæуæлахиз ис, уымæн-иу Ле- ди Каролинæ аппæрста стерлинг, кæнæ та шиллинг æмæ-иу разыйæ баззадысты, куыд ерыстæ организацигæнджытæ, афтæ богал- тæ æмæ йæ кæсджытæ дæр. Ерыстæн уаг- æвæрд нæ уыд, чи куыд арæхст æмæ йæ йæ тых куыд хаста, афтæ архайдта æмæ цавта, фадат-иу ын цæмæй фæцис, уы- мæй: къухæй-къахæй, сæрæй æмæ рæм- быккъæдзæй. Æвиппайды аренæмæ ахызт, Леди Каролинæ кæй кæ зыдта, ахæм рæ- сугъд лæппу. Адæм æм джихæй кæсгæйæ баззадысты, цыма уæларвæй Чырысти кæ- нæ Уацилла æруагъта йæхи. Леди Каро- линæ бацыд æмæ йæ фæрсы, чи дæ æмæ кæцæй февзæрдтæ, зæгъгæ. Лæппуйæн йæ цæсгомыл иу нуар дæр нæ фенкъуыст, афтæмæй йын радта дзуапп: Джордж Гор- дон Байрон, — Англисы цытджын лордты байзæттаг. Ау, æмæ цытджын Лордæн йæ куыст хæтæнхуаг адæмимæ богал кæнын у, зæгъгæ, фæджихау леди æмæ та йын Байрон сур хъæлæсæй загъта: Нæ, Леди, мæ куыст æмдзæвгæтæ фыссын у, фæлæ уал мын ныртæккæ къæбæры æхца ссары- нæн хуыздæр амал кæй. О-о-о,. уæдæ куыд кæсын, афтæмæй поэт куы дæ, зæгъгæ, кленц æнгæс æвдисгæйæ, хъазгæмхасæн- тæй бафиппайдта Леди Каролинæ, æмæ Джордж Гордон Байрон ныр бынтон тыз- мæгæй загъта: Нæ, цытджын Леди, æз поэт нæ, фæлæ стыр поэт дæн!. 1931 азы Мысост Нигеримæ Цхинвалмæ фысджыты съездмæ куы æрцыд, уæд æй йæ низ куы бауагътаид æмæ йын, трибу- нæмæ рацæуыны фадат уæвгæйæ, йе ’мдзæвгæты оптимистон хъæлæсыуагæй ра- ныхас кæнын куы бантыстаид. Нæ, нæ. Хъайтарон зарæг куыд ирдæй æвдисы ирон адæмы удыхъæд, афтæ æндæр ни- цы, — зæгъы Абайты Вассо. Ирон адæмы аивадон сфæлдыстады хуызтæй иу — хъай- тарон зарæг канд амæлæг адæймагыл хъынцъымæвдисæг нæ уыд. М. Горькийы ныхæстæй «рагзаманты коллективы энерги цырынгæнæг иунæг мадзалыл нымад цыд аивадон сфæлдыстад». Бандавыны энерги- скёптиктæн уæлейæ дæлæмæ куы {эасиД- таид, «Цомут уадындзы хъæлæсæй абон адæммæ æрсидæм» («Сидт»), зæгъгæ, уæд йæ сидт цы расайдтаид! Скептиктæ сусу- бусу райдыдтаиккой, амæн нырма йæ хъуымыз йæ былтыл куы кæлы, уæд чи у æмæ йæ чи сраздзог кодта, зæгъгæ, лæ- гæй-лæгмæ йæ чи зыдта æмæ ма йæхи йеддæмæ искæй æмдзæвгæтæ дæр чи кæ- сы, уый сæм багуыбыр уыдаид æмæ сын сæ хъусты сусæгæй загътаид, уæд уæ дæн- дæгты хид æнæхъуаджы цæуыл калут æмæ фырмæстæй уæ хъуын цы сыстын кодтат, уый поэт Хъамбердиаты Мыстост у, зæгъгæ... уæд сын Мысост, сæ сусу-бу- су фехъусгæйæ, йæ ныхас куы фескъуыд- таид æмæ сæм, йæ хуыфын тыххæйты уромгæйæ, Леди Каролинæйы богалау, трибунæйæ куы радзырдтаид: Фарн уæм бадзурæт, нæ цытджын хистæртæ, æз поэт Хъамбердиаты Мыстост кæ, фæлæ Иры- стоны стыр поэт Хъамбердиаты Мысост дæн, зæгъгæ, уæд цы ’рцыдаид, и? Ома, Ирыстоны ахæм уæндон ныхæстæ не сфи- дыдтаиккой æмæ йæ йæ «Рагон сæгæйдзаг хъустæй» (Нигер). Ахæм бæрзонд форму лæ фехъусын не сфæндыдаид, и-и-и?.. Сфæндыдаид æй æнæмæнг, кæд. æй Хур- лæппуйы цæрæнбонтæ прессы ауадзын æмæ дыууын дыууæ азмæ сцыбыр кæнын сфæндыд, уæд æй йæ уæндон ныхæстæм хъусын дæр сфæндыдаид. Уæвгæй, диссаг у, хъысмæт цард æмæ дзыллæмæ исдугæй-исдугмæ йæ мидбыл- ты куыд æмхуызон фæхуды, уый! Къоста хъысмæты фыдæнæн йæхицæн усагæн чызгфæрсæг фервыста, æмæ дыккаг бон афардæг ис а-бæстæй. Мысост дæр йæ цы- быр цардвæндаджы тæккæ кæронмæ куы бахæццæ ис, уæд Нигермæ фæдисон фер- выста, дæлæ Ельхоты иу хурдзæсгом чызг федтон æмæ мын минæвар фæцу, зæгъгæ. Стæй йæхи ныддаста, йæ сынтæджы уæл- хъус чи лæууыд уыдонмæ йæ цæст фæны- къуылдта йæ мидбылты худгæ ома, куыд лæппу дæн, мæ каистæ мæ сфаудзысты, миййаг, æмæ рахауд уыцы бæрзæндæй, цæмæй йæ адæмы хъуыдымæ æнустæм ба- цыдаид. йæ хайджын уыд ирон хъайтарон зарæг дæр. «Ацы зарджыты хъайтартыл фæси- вæд ахуыр кодтой, сæрибаруарзæг хохаг лæджы идеал чи у, уыцы миниуджытыл: уæгъдибар æмæ хæдбар цард уарзыныл, хи сæры кадæн аргъ зоныныл, цавæрфæн- ды æнæрæстдзинад, æфхæрд æмæ тыхми- тæн сæ ных цæвыныл, æгад æмæ худина- джы бæсты кæддæриддæр æнæдызæрды- пши П.ЛИТЫ ЖАННÆ, композитор. ИРОН ХЪАИТАРОН ЗАРÆДЖЫ ГЕНЕЗИСЫ ТЫХХÆИ 78
гæи кадджын мæлæт равзарынмæ цæттæ уæвыныл...»! Бæрæг куыд у, афтæмæй жанры иу кæ- нæ иннæ хуызы уæвынад кæддæриддæр баст у бæрæг-бæлвырд историон уавæрти- мæ, цардуагимæ, фольклорон традицити- мæ. Афтæ, æмæ хъайтарон зарджыты цард-зонæн нысаниуæг у æнæдызæрдыг. Хъайтарон зарæджы æвдыст цæуынц со- циалон æмæ æхсæнадон ахастыты бынду- рыл чи сæвзæрд, уыцы конфликттæ æмæ быцæутæ, тугисын æмæ абырæгдзинад, зæххы æмæ сæрибары сæрыл хæсштæ æл- дæрттæ æмæ æфхæрджыты ныхмæ. Ахæм у сæ мидис хъайтарон зарджыты фылдæр хайæн. Стæмтæй фæстæмæ хъайтарон зарæг фæ- зыны сгуыхт лæджы мæлæты фæстиуæгæн (ахæмтæ не сты æрмæст «Иссæйы зарæг», «Ворошиловы зарæг», уыдон конд æрцы- дысты сæ удæгасæй). «Тох, уæлахиздзинад, мæлæт — адон сты хъайтарон зарæджы фæзынынæн æнæмæнг- хъæуæг мадзал»2. Хъайтарон зарæджы равзæрды ацы мадзæлттæ æмæ ма афтæ поэтикон тексты иуæй-иу сæрмагонддзи- нæдтæ, уацмысы композицион-драматикон сконды спецификæ, идейæйы музыкалон- поэтикон арæзты импровизацион райдайæн тыхджындæр кæй у, уый, — гъе адон нын басхъаудтой нæ сагъæс хъайтарон зарæ- джы генетикон уидæгты фæдыл. Ирон хъайтарон зарæг, «куыд адæмон сфæлдыстады хуыз, афтæ бирæ хъуыддæг- тæй хъарæджимæ æмиу кæй кæны», уый тыххæй йе ’нхъæлцтæ загъта музыкæирта- сæг Цхуырбаты Ксеня ракойгонд куысты: «Фыццаг райдианы хъайтарон зарджытæ уыдаиккой, æвæццæгæн, сгуыхтытыл хъа- рæг. Куыдфæстагмæ хъарджытимæ уыцы бастдзинад цъусгай лæмæгъ кодта æмæ ма мах рæстæджы уымæн бафиппайæн ис æрмæстдæр хицæн поэтикон, мелодион ми- ниуджыты хуызы». Хъайтарон зарджытæ чи ’ххæст кæны, уыцы зарæггæнджыты сæйраг нысан у, «чи сæм хъусы, уыдоны зæрдæты сгуыхт адæймагмæ æнкъард сагъæс сæвзæрын кæ- нын», Уыцы æууæлæй бæрæггон цæуы за- рæгнывæст ныхæсты цардæгас ахаст хъай- тарон зарæджы æмæ сæ бандавыны эмо- цион хъару. Гъе уымæн нæй хъайтарон зарджыты, уыдонæй бирæ рагондæр чи у, ирон адæмы уЫцы нæртон кадджыты тау- рæгъон ныхасæн бынат. Хъайтарон зарджыты банысангонд ми- ниуæг хайджын у хъарæг-иронвæндаг дæр — адæмон музыкалон-поэтикон сфæл- дыстады иууыл архаикондæр хуыз, уымæ гæсгæ нын фадат ис, цæмæй сæ равзарæм генетикон æгъдауæй кæрæдзиимæ бастæй. Фæткты, æгъдæутты поэзийы зæронддæр хуыз — хъарæгæн ис тынг рагон истори, йæ уидæгтæ хæццæ кæнынц антикон æмæ ноджы раздæры дугтæм. Æмхуызон сæ зыдтой æппæт адæмтæ дæр. Ацы зынаргъ фольклорон æрмæджы бафиппайæн ис, куыд адæмы цæстæнгас цардмæ, афтæ ма сæ дунембарынадон æууæлтæ дæр. Хъай- тарон зарджытæ сæ алы миниуджытæй мард ныгæнынимæ баст фæткты поэзиимæ, кæй иу кæнынц, уымæй нын æвдисынц уый, æмæ рагон Ирыстоны хъарæг кæнын æмæ кæуын уыдысты парахат. Ирон хъай- тарон зарæджы гармонион хуызы æмиу кæнынц сылгоймаджы хъарæджы зæрдæ- бын лиризм æмæ арф психологизм нæл- гоймаджы кæуын-хъарæджы сæрыстыр са- гъæсимæ. Абайты Вассо куыд зæгъы, аф- тæмæй хъайтарон зарæг у нæлгоймаджы хъарæджы ног къæпхæны хуызæн. Уæдæ кæцæй æвзæрынц нæлгоймаджы хъарæджы уидæгтæ та? Миййаг сылгой- маджы хъарæгæй нæ равзæрдысты, кæнæ сæрысуангæй мард ныгæныны фæткимæ баст не сты? Рагæй фæстæмæ ирмæ, иннæ адæмтау, уæрæх зындгонд уыдысты хъарæггæнджы- тæ, сæ хъарæджы поэзи, æцæгæйдæр; зæр- дæ агайдта «æнкъарæнты сыгъдæгдзина-. дæй», поэтикондзинадæй, арф психологиз- мæй. Искæй мастыл кæугæйæ, хъарæггæ- нæгæн йæ бон уыд йæхи риссаг мæстытæй адæмы зæрдæ фæриссын кæнын. Сылгой- мæгтæ-иу сæ хъарæджы, амæлæджы хи- уон-хæстæджыты уæззау царды хъысмæ- тыл дзургæйæ, (æмкъайы, сабиты æмæ а. д.), ранывæстой реалистон хуызты сгуыхты бабыны аххосæгты уæззау нывтæ. Уыцы хуызы, афтæ зæгъæн ис, зæгъгæ, хъарæгæн зынтæй разындзæн æмбал æр- вылбонон царды хабæртты тыххæй зæрдæ- бындæр ныхас зæгъыны хъуыддаджы. Нацийы царды бæрæг-бæлвырд истори- он рæзты-иу хъарæг арæх хицæн адæйма- джы, хицæн бинонты царды хабæрттыл зæрдæрисгæ ныхасæй схызт æмбæстагон 1 Абайты Вассо. Ирон хъайтарон зарæг. Галаты Барисы æрæмбырдгонд зарджы- ты чиныджы—-«Ирон адæмон зарджытæ», Гиппиусы редакцийæ. Мæскуы, 1964, 21 фарс. 2 Цхуырбаты Ксеня, Ирон хъайтарон зарджыты тыххæй. Дзæуджыхъæу, 1965, 38 ф. 79
СДгъæстæй æндыгъд бæрзонд поэзимæ. Куыдфæстагмæ хъарæджы тыхджын кæ- нын байдыдтой социалон мотивтæ. Ном- хуындæй уый тыххæй Петр I уырыссаг хъарæггæнæг устытæн бар нал лæвæрдта мардыл кæуынæн: «Хъарæггæнæг йæ хъа- рæг куыд снывæнддзæн, уымæн развæл- гъау ничи ницы зыдта, гæнæн ис æмæ сдзырдтаид амæлæджы сæрыл, йæхицæй сарæзтаид социдлон æнæрæстдзинæдтæ хурмæкалæг, йæхи равдыстаид политикон сæрхъызойæ»з. Субъективон æнкъарæнтæ нывæндынæй парды объективон æцæгдзи- над æвдисынмæ рахизгæйæ, нæ ивта хъа- рæджы поэтикон стиль, фæлæ хъарæг йæ- хæдæг иста хроникæйы, уацауы хуыз. Ахæм объективон таурæгъ кæныны эле- мент уæлдай хицондæр у нæлгоймаджы хъарæгæн. Номхуындæй нæлгоймаджы хъа- рæг райсы æхсæнадон-политикон мидис, стыхджын дзы вæййынц эпосы, æмбæста- гон лирикæйы элементтæ (уыцы хъуыдда- джы ^ылгоймаджы - хъарæг индивидуалон- дæр у)... Суанг скифтæ (ирон адæмы рагфыдæл- тæ) дæр кæй зыдтой, уыцы бæхфæлдисыны фæтк уыди ирæтты мард ныгæныны куль- тон фæткы кæнгæ хай. Амæлæгæн-иу бæх ныффæлдыстой йæ баныгæныны хæдраз- мæ. Уыцы фæтк уæрæх зындгонд у, æмæ йыл уымæ гæсгæ æз нал дзурдзынæн. Бæхфæлдисæг-иу раходта, мæрдты бæстæм балцы амæлæг цæуылты æмбæлдзæн, уы- дон кой. Уыцы мадзалыл æмбæлæм сыл- гоймæгты хъарджыты дæр: «Ды ацæудзы- нæ, фæндагыл сæмбæлдзынæ стъалытыл... Сабктæ дыл фембæлдзысты дидинджыти- мæ, макуы сыл атигъ кæн дæхи...»4 Уацмысы жанры проблемæ æнгом баст у аивадон стилы проблемæимæ. Хъарджы- гы аивадон стиль, сæ дзырднывæзт у мард ныгæныны фæткы психологон кол- лизимæ гæсгæ. Хъарджытæн характерон сты фрагментондзинад, цæхгæр ахызтытæ иу хабарæй иннæмæ. Сæхирдыгонау сты сентименталон æмæ риторикон дæр. Алы- гъуызон фæлгонцджын дзырдтæ сæ фæл- хатгонд кæй цæуынц, уый у сæ эмоцион æндыгъдадыл баст. Ахæм хуызы уæддæр хъарæг-иронвæндаг хызт у пессимизмæй, уый «цæссыгкалæн» лирикæ нæу, фæлæ æргом зæрдæзнæт æмæ карз поэзи, уæз- зау царды уавæр æвдисын æй кæй хъæуы, уым нæ быхсы уæлæнгай, рæуæг афысты- тæ. Раздæхæм бæхфæлдисыны æгъдаумæ... Ацы æгъдау цы ныхæстимæ æххæст цыд, уыдон се мыдзаг уыдысты, адæймаг йæ уæлион царды бакæнгæ тæригъæдты тых хæй мæрдты бæсты кæй фыста, уыцы зын- дзинæдты идейæйæ. Бæхфæлдисыны иуæй- иу текстты хурмæ хаст цыдысты хъæзды- джыты фыдмитæ, адæмон тæрхонгæнджы- тæ æмæ дины кусджыты æнæрæстдзинæд- тæ, цыма уæлæуыл сæ бахæнгæ тæригъæд- ты тыххæй мæрдты бæсты хъизæмар кæ- нынц, уыйау. Уыцы нывтæй иттæг хорз спайда кодта Хетæгкаты Къоста йæ поэмæ «Уæлмæрдты». Мардыл хъарджытæ-иронвæндæгты, бæх- фæлдисыны текстты æвдыст цыд адæмы маст, се ’фхæрджытæм æнæуынон ахаст, фæллойгæнджыты æрхæндæг цард: «...Арф къæдзæхбын мæсчъы (Иу лæг хуыртæ хæс- сы хæлд æнæбын тæсчъы;) ...Ай та сыха- гимæ кайаг уыд арæнæй, (иумæйаг зæх- хытæ барста мæнг барæнæй), ард иу сыл хордта»5. Хъарджытæ цъусгай сæхимæ æхсæна- дон-еоциалон æмæ эпикон мидис кæй ис- той, уый сын ивта сæ аивадон формæ, иу жанрæй сæ иннæ жанрмæ æргъæвта. Бæх- фæлдисыны традицион поэтикон схемæ цадæггай иртæсыд йæ сæрмагонд æрмæ- гæй æмæ иста социалон протесты хуыз. Абаргæ анализ куыд æвдисы, афтæмæй, сылгоймаджы хъарæг æмæ нæлгоймаджы хъарæгæй дæр куыдфæстагмæ ахауы кæ- нæ та райсы фæрссаг æууæл таурæгъон элемент. Куыд сылгоймаджы хъарæг, аф- тæ нæлгоймаджы хъарæджы характерон миниуæг дæр свæййы кæронмæ æнæфæуд ныхас, дæлгоммæ дзырд. Æмхуызон бæр- цæй сæ фиппайæм муртаттаг мифологийы бæрджытæ, бæрæг-бæрцæй уыдон сæ фæд ныууагътой хъайтарон зарджытыл дæр. Уый зыны сæ зæрдæбын ахастæй, лирикон нывæзтæй, сылгоймаджы хъарæджы арф психологизм æмæ нæлгоймаджы кæуыны лæджыхъæдджын сагъæсæй. Хъарæгау хъайтарон зарæджы дæр цъус ис инфор- маци, уæлæнгай у хабæртты ’хсæн логи- кон бастдзинад, субъективон, хисæрмагонд лирикон зæрдæйыуаг сæрмагонд хуызы æмиу кæны фæндфидар, æхсарджын-поэ- тикон райдайæнимæ. Зæгъæн ис, зæгъгæ, хъайтарон зарæг тынг нæ хицæн кæны хъарджытæ æмæ хъайтарон нæртон таурæгъты поэзийæ. Фæлæ хъайтарон зарджыты фабулон центр нæй эпикон таурæгъы мидæг, нар- 3 Базанов В. Г. «Обряд и поэзия». История, фольклор, искусство славянских на- родов. Москва, 1963, с. 238. 4 Галаты Б. А. «Ирон адæмон зарджытæ». Мæскуы, 1964, 11 ф. 5 Хетæгкаты Къ. «Уæлмæрдтæ». 80
ты таурæгъты куыд у, афтæ. Уым (хъай- тарон зарæджы) дзырд цæуы, цы кон- кретон цауы тыххæй нывæзт æрцыд, ууыл. Хъыгагæн, фыст не ’рцыдысты æмæ нæ къухы не сты фаг бæрцæй нæ дæр нæл- гоймæгты хъарджытæ æмæ нæ дæр сыл- гоймæгты хъарджытæ, æмæ уымæ гæсгæ, нæ бон нæу рафæлгъауын ацы жанры иу кæнæ иннæ миниуджытæ бæрæг-бæлвырд историон заманты, сæ эволюцимæ сын хъус æрдарын. Цы дзурæм, уый æрмæст- дæр æнхъæлцтæй, зæрдаивæй, науæд та сæ æндæр адæмты æнгæс фольклорон уац- мыстимæ баргæйæ. Уæлдæр ма куыд загътам, афтæмæй куыд æгъдæуттæ сæхæдæг, афтæ æгъдæут- ты жанры поэзи дæр цæрынц бæрæг-бæл- вырд историон уавæрты, баст вæййынц бынæттон цардыуагимæ. Хъайтарон зарæг, куыд фольклорон сфæлдыстады музыка- лон-поэтикон жанр, афтæ равзæрд социа- лон протесты сæрмагонд формæйы хуызы: «Зарджытæн сæ фылдæр хай, — зæгъы Абайты Вассо, — æвдисы феодалон аха- стытæ. Фæлæ се ’хсæн нæ разындзæн иу- нæг дæр ахæм, феодалон уæздæтты идео- логийæ хъæстæ чи уа, зарæджы авторы симпатитæ иучысыл дæр уæздæтты фарс кæм хæцой. Зарæджы хъайтар кæддæрид- дæр вæййы æлдæрттимæ тохгæнæг, æл- дæртты бындзагъдгæнæг хохаг лæппу (Уæлдæр банысангонд чиныджы). Ирыстоны карз царды уавæртæм гæсгæ у ирон адæмон хъайтарон зарæджы фа- булæ, йæ эмоционалон зæрдæзнæтдзинад дæр. Цахæм сты, уæдæ, хъайтарон зарæ- джы музыкалон æвзаджы генетикон уи- дæгтæ? Хъайтарон зарджыты поэтикон ’текстæн хъарджытæ æмæ нæртон таурæгътимæ ца- хæм генетикон бастдзинад ис, уыдонмæ æркæсгæйæ, развæлгъау нæ бон зæгъын у, зæгъгæ, уыдонæн сæ музыкалон æвзаг дæр æвзæры ацы дыууæ жанры — хъарджытæ æмæ нæртон таурæгъты — музыкалон-инто- национ æмæ структурон хæдхуыз миниу- джытæй. Нæ къухы цы цъус архивон æрмæджы- тæ ис, уыдонмæ гæсгæ сылгоймæгты хъар- джытæн бæрц уыдысты сæ музыкалон-ин- тонацион фæзилæнтæ, æниу ууыл дзурæг сты, абон æвдисæн цы хъарджытæн стæм, уыдон дæр. Нæлгоймаджы кæуынæн цы- хуызæн музыкалон формæ уыд, уый тых- хæй та, хъыгагæн, нæ къухы нæй иунæг цæвиттон дæр, не ’рцыдысты фыст. Ахæм дæнцæгтæ ис æрмæстдæр кæсгон адæммæ. Æрæджыты онг дæр-иу уыдонмæ кадджын лæг куы амард, уæд-иу, зарæг ыл скæны- ны сæраппонд, йæ уæлмæрдмæ хуыдтой зарæггæнджыты, цæмæй йæ ном фæста- гæтты ’хсæн баззадаид цæргæйæ. Уыцы «фыдохы» зарæг ууыл дзурæг у, æмæ ахæм æгъдау кæй уыд Цæгат Кавказы адæмтæм мард ныгæныны æгъдæутты. Хъайтарон зарджыты интонацион-мелоди- он æвзагыл куы дзурæм, уæд та зæгъын хъæуы уый, æмæ сыл кæй уыд Нарты кадджыты архитектоникæйы æндæвдад. Хъайтарон зарæг нæлгоймаджы кæуын- хъарæг у, зæгъгæ, амæлæг хъæбатыр адæй- магыл, уыцы цæстæй куы кæсæм фарстмæ, уæд нæ абон у ахæм абстрактон-баиугонд хатдзæг скæнын: ниуын, уынæргъын, уый у арф эмоционалон-психологон зæрдæ- нкъуысты фæстиуæг. Ахæм уавæры адæй- маг æрцæуы йæ зæрдæйы рис хъæры, богъ- тæ кæныны хуызы равдисынмæ. Фæлæ адæймаджы конд уæддæр афтæ у, æмæ йæм ис гармонимæ тырныны миниуæг. Уы- цы хуызы кæуын-хъарæгæй (нæлгоймаджы кæуынæй) зарæгмæ рахизын у закъонбæр- цон фæзынд. Иууыл тыхджындæр эмоцио- налон зæрдæнкъуысты уавæры ниуын ра- хизы интонацион фæхъæртæм, уыдон та адæймаджы хъæлæсыуаджы индивидуалон хийæдтæм гæсгæ райсынц музыкалон æу- уæл. Гъе, уымæй бæлвырдгонд цæуы XX æнусы музыкæйы тынг карз ингонацион æвзаг, йæ аххосаг — глобалон катаклизмæ- тæ, царды иттæг æндыгъд уавæр. Ахæм вазыгджын музыкалон-интонацион æвза- джы элементтæн мах æвдисæн стæм Бет- ховены генион сфæлдыстады, уымæн йæ бон баци йе сфæлдыстады адæймагады музыкалон хъуыдыйы вазыгджын процесс равдисын. Уым сты зæрдæзнæт декламаци дæр æмæ патетикон речитаци дæр, бæр- зонд организацигонд хъæрахст дæр æмæ зæрдæйы гармонион уавæр дæр, куыд зæр- дæйы æнцойадмæ тырнынады фэестиуæг, афтæ. «Зарæджы текст сæрысуангæй æнæзар- гæйæ равзæрдаид, ууыл зын баууæндæн у», — зæгъы Абайты Вассо. Фæлæ иннæр- дыгæй та, хъайтарон зарджыты мелодийы сæрибар импровизациондзинад æмæ ритм æвзæрынц сæ поэтикон текстты деклама- цион-речитативон кондæй. Уымæ гæсгæ, хъайтарон зарæг, куыд музыкалон-поэти- кон фольклоры жанр, афтæ равзæрд поэ- тикон текст æмæ уыимæ баст музыкалон формæйы æмиудзинадæй. Æркæсæм дыууæ хъайтарон зарæгмæ. Уæхæнæзы тыххæй зарæджы загъдæуы: «Уæй, уæдæ, мын хъугомы Уæхæнæзы бæ- стæ!» Æрмæстдæр «Уæй, уæдæ, Уæхæнæ- зы бæстæ»-йы фæстæ цæуы, цы зæгьын æй фæнды зарæджы уый, номхуындæй: «дзæ- нæты бадай». Мах бамбарæм ацы ныхæ- 6. Журн. «Фидиуæг» №7. 81
Стæй, ома,_уыд Уæхæнæз æмæ нал йс, Сй- дзæрæй баззад Уæхæнæзы хъугом. Зарæг нын фыццаг бацагайы нæ хъуыды, уый фæстæ лæвæрд цæуы йæ эмоцион аргъ- гæнд. Заргæ-зарын та текст уайтагъддæр æрцæуы эмоцион æгъдауæй ахуырстгонд банкъарæм ын йæ трагикон уаг дыууæ- æртæ дзырдæй конд тексты, Хъайтарон эарджыты таурæгъон нывæзт афтæ у, æмæ йын нæхæдæг баххæст кæнæм йæ Хъуыды, кæронмæ йæ ахæццæ кæнæм нæ- хæдæг, уымæ арæзт у зарæджы эмоцион хъуыды дæр. Поэтикондæр æмæ хъæздыгдæр у тау- рæгъон мидисæй ныр «Таймуразы зарæг», фæлæ æнæ музыкæйæ зынтæй бацагайдзы- сты, ирон хъайтарон зарджытыл ахуыр чи нæ у, уыдон æнкъарæнтæ зарæджы рай- дайæн дзырдтæ: «Ой, уæдæ, Дзыццамæ мын чи бадзурдзæн?» Уæззаугай кæрæдзи- ивæг бæрзонд æмæ ныллæг интонацитæ та, хъарæджы мыртæм æввахс чи лæууы, æн- цонæй агайынц адæймаджы æнкъарæнтæ. Уайтагъд фæхатæм, фарст дæр амæлæг лæджы дзыхæй кæй схауд. Хъарæджы текстты структурæмæ æввахс чи лæууы, уыцы зарæджы текст зæрдæмæхъарæг у йæ драматикон композицийæ. Райдианы уал ныхас цыма цæуы хъайтарæн йæхи дзыхæй: «Райсом раджы цуаны цæудзы- нæн. Хæрхы сæрмæ сæрджын саг . марын- мæ... Цин дæр ыл ма бакæн, маст дæр ыл ма бакæн». Уый фæстæ хъайтары амæлæ- ты информаци зæрдæмæдзæугæ поэтикон формæйы, йæ мад, йæ æргъæу мæсыг дзæ- гъæл куыд зайдзысты, уый тыххæй. Адон характерон сты сылгоймаджы хъарджы- тæн, ахæм рæстæджы уыдон ферох кæ- нынц, хъарæг кæуыл кæнынц, уый удæ- гас кæй нал у, уый, æмæ сæ ныхæстæ ны- вæндынц амæлæджы номæй. Уый руаджы ноджы тынгдæр сагъæс æмæ æрхæндæг- дзинад æвзæрын кæнынц, чи сæм хъусы, уыдонмæ. Хъайтарон зарджыты ахæм ныхæстæ кæй ис — «дзæнæты бадай», «рухссаг уай» æмæ а. д., уый дæр, ууыл дзурæг у, æмæ Нарты таурæгъты рæстæгон контину- умæн (æнæаскъуыйгæ цыдæн) равдисæн ис раст хаххы хуызы. Уымæн йæ иу кæ- рон равдисдзæнис иууыл рагравзæргæ дуг, иннæ кæрон та — эпосы уæвæг эсхатологи- он (кæройнаг хъысмæты) мотивтæ. Уыдон сын хæстæгдзинад кæй ис хъарджытимæЧ Фæлæ, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй хъайтарон зарджытæ уæддæр хызт сты сылгоймаджы хъарджыты катайахуырст лирикæ æмæ цæссыгтæй, æмæ уымæ гæс- гæ хайджын сты нæлгоймаджы хъарæджы тызмæгдзинад æмæ æхсарæй. Хъайтарон зарæджы ахæм дзырдтæ, куыд «уæй, тох», «ой, уæдæ», «уæрæйдæ» æмæ æнд. арæх кæй сты, уый иуæй цæуы, хъуыды кæрон- мæ загъд кæй нæ вæййы, информацитæм æлгъин кæй у æмæ йæ уыдон афтид бы- нæттæ бамбæрзынæн кæй хъæуынц, уы- мæй, иннæрдыгæй та æвдисынц, хъайта- рон зарæджы эмоцион уагæн цæй бæрц ахсджиаг у музык.алон-интонацион ахаст, уый. Ис ахæм хатдзæг саразæн, зæгъгæ, хъайтарон зарджыты ’хсæн иу къорд («Таймуразы зарæг», «Уæхæнæзы зарæг», «Чермены зарæг» æмæ æнд.) сты, æцæгæй- дæр, музыкалон формæ чи райста, ахæм нæлгоймагон хъарджытæ, сæ равзæрд сылгоймаджы хъарæджы музыкалон-инто- национ арæзтæй чи хæссы. Нæлгоймагон хъарæг йæ музыкалон формæйæ арф уи- дæгтæй æххæссы ирон адæмы Нарты эпос- мæ. Ам мах нæ зæрдыл дарæм, фыццаджы- дæр, ирон дыууадæстæнон фæндыры рав- зæрд, Сырдоны гыццыл сывæллæтты тра- геди. Мах нæ зонæм, Сырдоны хъарæгæн цахæм музыкалон формæ уыд, уый, фæ- лæ йæ иууыл стырдæр хъыджы сахат йæ маст фæндырыл цæгъдынæй кæй суагъта, уый йæхæдæг у зæрдылдаринаг. Сырдоны хъарæгмæ хъусгæйæ, нарты тызмæг гуып- пырсартæ ныллæг æруагътой сæ сæртæ æмæ загътой: махæн кæд æнæмæлгæ нæй, уæддæр фæндыр æнусбонтæм цæрдзæн... уый нын ракæндзæн нæ таурæгъ, чи йыл цæгъда, уый нын нæ ном æрымысдзæн... Хъайтарон зарæг канд ирон адæмы му- зыкалон культурæйы нæ ахсы зынгæ бы- нат. Хъайтарон зарæг парахат у Кавказы æндæр адæмтæм дæр. Уымæ гæсгæ, уый абаргæ хуызы иртæст куы ’рцæуа, уæд хуыздæр раиртасдзыстæм ирон хъайтарон зарæджы генезисимæ баст фарстытæ дæр. фæуд кæнынц уæларвон тыхтимæ тохы ба- цæуæг нарты фесæфтыл. Ацы дыууæ поля- рон дæрццæджы ’хсæн рагравзæргæ ду- джы фæстæ уадидæгæн рахицæнгæнæн ис, цъархъуына, кæнæ Æппæтдунейон хъай- мæт кæй хонынц, уымæн. Уыцы хъаймæ- ЛШР ЦХУЫРБАТЫ ЗЕЛИМ —. . =—= ИРОН НАРТЫ ЭПОСЫ КОСМОГОНИ 82
ты хæдфæстæ, суанг нарты эпосы эсхато- логийы кульминацион тæппы онг лæууы Мифон кæнæ Æцæг рæстæг. Уым, æцæг- дæр, уæвынад кæнынц нартæ. Ахæм хах- хæн ис пунктирæй адарддæргæнæн. Уæлдæрранымайгæ темпоралон стадитæй алчи дæр бæрæг цæуы йæхи сæрмагонд хицæн æууæлтæй. Уыдонæй фыццаг дыууæ æмæ æртыккаджы райдиан аразынц бæл- вырд космогонион цикл. Мелетинский Е. М. йæ чиныджы «К воп- росу о применений структурно-семиотичес- кого- метода в фольклористике» — (семио- тика и художественное творчество. Моск- ва, 1977) фыссы: «Мифон рæстæджытæ æмæ этиологизм сты дунейы космикон мас- штаб æмæ знæмы коллективон хъысмæтмæ хъусдарды æнæхъæн æнæфæхицæнгæнгæ хай. Уый субъективон æгъдауæй æнæхъæ- нæйдæр у адæймагады («æцæг адæймæг- ты») æмхуызон æмиукæнынад... знæмы ив- гъуыд дуг æвдыст цæуы, куыд «æцæг адæймæгты» истори, афтæ... уый райсы адæймаджы равзæрды, культурæйы эле- менттæ къухы бафтын кæныны æмæ уыдо- ны æвирхъауы «маммтæй» бахъахъхъæны- ны фæдыл таурæгъы хуыз. «Æцæг адæй- мæгты» мифон рæстæджыты тыххæй Нар- ты эпосы дзырд цæуы цахæмдæр хæдбын- дур ностальгийы хуызы, уымæй дæр нар- тæ æмных цæуынц, рагзаманты мифты кæддæр чи архайдта, ахæм рагфыдæлти- мæ... Уыдон, æцæгдæр, æмбарын хъæуы куыд адæмы фыдæлтæ — эпикон традици- тæхæсджытæ, афтæ (уæлдæр банысангонд чиныджы 17—18 фæрстæ). Уыцы рагзаманты, — дзырдæуы Нарты эпосы, — нартæ уыдысты тынг кадджын... денджыз сын уыдис уæрагмæ æмæ сын уæларвмæ гом уыд уæрæх фæндаг. (Нар- ты кадджытæ, 1978, 432 ф.)... уый раджы уыд, тынг раджы, рагфыдæлты дуджы, арв æмæ зæххы æхсæн ма бастдзинад куы уыдис æмæ уæларвон зæдтæ зæхмæ куы хызтысты, зæххыл цæрæг адæм тæ уæларв- мæ куы тахтысты, уæд. (Нарты таурæгъ- тæ æмæ хабæрттæ. Цхинвал, 1973, 203 ф.). Уый уыдис «Нартæ æцæг нартæ куы уы- дысты, сæ сæрмæ арв нæрын куы нæ уæн- дыдис, нартæй сæ иу дæр йæ ныхас чи нæ фæмæнг кодта, уыцы рæстæджы, æндон- сæрст нартæ-иу хуымæтæджы сау æфсæй- наджы сæрст адæймæгтæ куы фестады- сты, уыцы рæстæджы» (Нарты таурæгътæ, 1978, 353 ф.). Нарты Дзылæу йæ фыртæн дзуры, зæгъгæ, дам, уыцы рагзаманты æз тынг хæларæй цардтæн уæларвон цæрджы- тимæ: Уацилла, Уастырджи, Фæлвараимæ æмæ ма, æгæрыстæмæй, Хуыцауæн йæхи- имæ дæр. Уыдон мын, зæгъгæ, ныр дæр æнæ баххуыс нæ фæуыдзысты. (Хуссар Ирыстоны фольклор, 1936, 105—107 ф.)1. Цы рæстæджыты тыххæй дзурæм, уы- дон, кæй зæгъын æй хъæуы, не сты иууыл «рагондæр» рæстæджытæ, уымæн æмæ нарты размæ цардысты тæссаг æмæ фан- тасмагорион уæвæгойтæ. Æгæрстæмæй Нар- ты хистæр лæгтæ Уæрхæг æмæ Тæрхæг, иу версимæ гæсгæ, уыдысты нарты æртык- кæгæм фæлтæрæй æмæ ма сæ рæстæджы дæр цардысты авдсæрон уæйгуытæ. (Нар- ты таурæгътæ æмæ хабæрттæ, 1978, 82 ф.). «Уыцы рæстæджы адæм хæцын нæма зыдтой дурæй æмæ хъилæй, фыстой хъалон уæйгуытæн æмæ хæйрæджытæн: фарастсæрон, авдсæрон æмæ æртæсæрон уæйгуытæн». (Уый дæр уым, 73 ф.). Фæ- лæ уæйгуытæ дæр нæ уыдысты а-зæххыл фыццаг цæрджытæ. «Æппæты разæй, — дзырдæуы таурæгътæй сæ иуы, — царды- сты бæстыл гуымирытæ, уый фæстæ — Та- гуыппалатæ, уый фæстæ та уæйгуытæ, да- редзантæ, нартæ» (Уый дæр уым, 205 ф.). Бæрæг куыд у, афтæмæй «гуымирытæ уы- дысты тынг тыхджын æмæ æдылы адæм. Артæй сæхи фæстæмæ аласын нæ зыдтой æмæ-иу сæ ныхтæ бамбæрзтой къæйдур кæнæ фæйнæгæй. (Уый дæр уым). Нарты размæ бæстыл цы уæвæгойтæ цардис, уыдон, бæрæг куыд у, афтæмæй нæ арæхстысты зæххыл цæрынмæ, гуырцæй æдылытæ, æнæнормалонтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. «Хуыцау дунейы куы сфæл- дыста, — дзырдæуы таурæгътæй сæ иуы, — уæд æй бафæндыдис адæмы сфæлдисын дæр. Хуыцауы уынаффæмæ гæсгæ зæххыл фыццаг равзæрдысты Уадмиртæ. Уыдон уыдысты ставд æмæ тыхджын адæм: кæмт- ты цæугæ нæ кодтой, зæххæн та уæззау уыдысты. Æртæфондзыссæдз азы куы ра- цыд Уадмирты равзæрдæй, уæд хуыцау сфæлдыста Къамбадаты: зондæй дæр, ты- хæй дæр Уадмирты хуызæн, фæлæ асæй та къаннæгдæр, раст ныры дæсаздзыд сы- вæллоныйас. Къамбадатæ æгæр чысыл ра- зындысты зæххыл цæрынæн. Æртæфондз- ыссæдз азы куы рацыд уыдон сфæлдисы- нæй, уæд та хуыцау скодта гамериты, фæ- лæ та уыдон дæр æгæр стыр разындысты асæй дæр æмæ тыхæй дæр. Æртæфондз- ыссæдз азы та куы рацыд гамериты сфæл- дыстадæй, уæд та хуыцау скодта гуыми- рыты. Уыдон дæр зæххы аккаг нæ фесты. Æртæфондзыссæдз азы куы рацыд гуыми- рыты сфæлдисынæй, уæд та хуыцау сфæл- дыста уæйгуыты. Уыдон дæр ын нæ фæ- рæстмæ сты, æгæр стыртæ разындысты. Æртæфондзыссæдз азы та куы рацыд уæй- гуыты сфæлдисынæй, уæд хуыцау скодта ног адæм. Нарт, зæгъгæ, æмæ йын уыдон фæрæстмæ сты. асæй дæр æмæ тыхæй дæр зæххы аккаг уыдысты». (ЦИЗИИ-ы архив, фонд 33—1, хъ-1, п. 21; Нарты таурæгъ- тæ æмæ хабæрттæ. 1973. 39 ф.). Фæлæ уæддæр нартæм знаджы цæстæй цы уæвæгойтæ кастысты, уыдон зæххыл æнæхъæнæй нæ фесæфтысты. Уыдонæй сæ иуæй-иутимæ нарты бахъуыдис удуæлдай æмæ мæлæтдзаг тох кæнын. Нæ хъуыды- мæ гæсгæ, уыдон æвдисынц, йæ гаччы чи нæ сбадт, ахæм потенциалон царды дуне- . 1 Бæрæг куыд у, афтæмæй рагзаманты Арв æмæ зæххыл цæрæг рагфыдæлты ’хсæн уыдис æнгом бастдзинæдтæ, интимон ахастытæ æмæ æмбарад (ома, арв йæхи нæ хæццæ кодта нарты хъуыддæгты, нæ сын амыдта, куыд æмæ сæ цы гъдауыл цæ- рын хъуыд, уый). Фæлæ се ’хсæн æнгом ахастытæ куыдфæстагмæ цудын райдыдтой., Абайты Вассо куыд зæгъы, афтæмæй, адæм уыцы дуджы уæлдай банысанкæнинаг- дæрыл нымадтой æнгом интимон ахаст, хуымæтæгдзинад, адæймагон дуне æмæ хуы- цæутты дунейы ’хсæн хæстæгдзинад. 83
йы фæлгонц. Сæ ёон нæ уыдис йнтеграцйон æгъдауæй Нарты космосы уæвын æмæ сæ цард дарддæр кодтой уыцы космосы арæн- ты æддейæ. Уыдон иудадзыгдæр тæссаг уы- дысты организацион дунейы иудзинад æмæ дарддæры уæвынадæн. Уыцы уæвæгойты дуалон ахасты тыххæй тезис фидаргонд цæуы æндæр текстæй дæр. Цæвиттон, Æр- тъауызы тыххæй легендæйы дзырдæуы, зæгъгæ, «Хуыцау сфæлдыста цыппар хорз- ДЗйнады, уыдонæн сæ сæйраг у Æртъауыз, дыккаг — нæлгоймаг, æртыккаг — фыс, цып- пæрæм та — мæнæу. Нæлгоймаджы тых- хæй хуыцау сфæлдыста сылгоймаджы, фы- сы тыххæй — сæгъы æмæ мæнæуы тыххæй та —сысылы. Æртъауызы хуыцау сфæл- дыста хæрзиуæджы охыл, фæлæ уый адæ- мы райдыдта æвзæрдзинæдтыл ахуыр кæ- нын. Уæд Хуыцау Уациллайæн бахæс код- та, цæмæй Æртъауызы йæхимæ асайдта- ид. Ие ’гæнон митæ куынæ æмæ куынæ уагъта, уæд æй æфсæйнаг зæгæлтæй мæй- мæ ныххуыдтой, науæд зæхмæ куы раир- вæзтаид, уæд адæмы бахордтаид. Æртъа- уызы фæлгонд лæууы космикон «фыццаг адæймæгты» æмрæнхъ. Ахæмты райгуырд баст у гигантон дунейон катаклизмтимæ. Уæлдæр цы таурæгъы кой чындæуыд, уым дзырдæуы, зæгъгæ, иуахæмы арв æмæ зæххы ’хсæн стыр зынг сирвæзт, фæстаг- мæ уый фестадис æвзалы. Æмæ дын уæд зæххыл фæзындис Бæсты-Сæры-Тых. Уы- мæн дунейыл тыхгæнæг тых нæ кодта. Гуымирытæ йæм цыдысты йемæ сæ тых бавзарынмæ. (Нартæ, 1975, 3 ф. Нарты таурæгътæ æмæ хабæрттæ 1978, 209— 210 ф.). Гатиты Б. куыд зæгъы, афтæмæй ирæт- ты уырныдта, цыма, хуыцау сфæлдыста зæххы æмæ, дам, лæууы æнагъæддаджы стыр галы сыкъатыл. Хъиамæты бон, дам, уыцы зæхмæ арвæй æрхаудзæн Æхæры- дур. Уый, дам, йе ’рхауынæй зæххы бын- дзарæй нынкъусдзæн, стæй нагъæддаджы стыр дзыхæй бахæрдзæнис, зæххыл чи цæ- ры, æппæт уыдоны. Æппынфæстаг, дам, аныхъхъуырдзæн хур, мæй æмæ стъалыты. (Гатиты Б., 1876, 71 ф.). Апокалипсисы ацы диссаджы ныв æвди- сæн у, ирæттæ сæ хъысмæтыл куыд хъуы- ды кодтой, уымæн. Дарддæр Гатиты Б. эсхатологион тексты дзырдæуы, зæгъгæ, «æвирхъау тæрхоны рæстæджы мæйхортæ æмæ хурхортæ Æхæры-дурмæ балæбурдзы- сты æмæ йæ лыстæг къуыхтæ скæндзысты, уый хур æмæ мæйы кæй бахордта, уый тыххæй. Уыцы тохы рæстæджы Æхæры- дур ссæрибар кæндзæн хур, мæй æмæ зæх- хы. Ирон Нарты таурæгътæй сæ иуы дзыр- дæуы, зæгъгæ, Хуыцау куынæг кæнын рай- дыдта, зæххыл цыдæриддæр удгоймæгты сфæлдыста, æппæт уыдоны, стæй ма, ак- каг чи нæ уыд æмæ йæ коммæ чи нæ каст, уыцы нарты дæр, зæхмæ цъархъуына ра- уадзгæйæ. Мæлæтæй ма фервæзтис æрмæст- дæр «Хуыцауы уарзон нарты Пахуымпар». (Нарты таурæгътæ æмæ хабæрттæ, 1973, 41 ф.). Уыцы Пахуымпарæй, библийы Ада- мау, равзæрдысты нарты мыггаджы æппæт «нормалон» минæвæрттæ. Таурæгъы æндæр версимæ гæсгæ та цъархъуынайæ фервæз- тысты «Хуыцауы уарзон» æртæ æфсымæ- ры. Уыдон цæрынц Ахохы цъуппыл. (ИАС, 1961, 78 ф.) нартæ доны стихийæ кæй рав- зæрдысты, уый цыма нæу космогонион дра- мæйы дыккаг акт? Нарты эпосы ис иу стыр ахæм эпизод, цыран нартæ раудæгас кæнынц уæиджы. Уыдон скувынц хуыцаумæ афтæ дзургæйæ: «Хуыцæутты хуыцау! Кæд æмæ мах амондджын стæм, уæд нæм фæзынæд, ацы стæг кæй у, уыцы уæвæгой». Фæзындис сæм уæиг, æмæ куы федта, адæм хæринаг куыд цæттæ кæнынц, уый, уæд загъта: мах-иу систам армыдзаг сыджыт, йæ сой- иу ын балæмæрстам æмæ уымæй нæхи бафсæстам. Уæиг кæрдзын балхъывта æмæ дзы туг ракалдис, стæй та дур (цыхты бæсты). Уыцы дур фестадис змис, æмæ афтæ зæгъы: «Ох æнамондтæ! Сымах уый хæрут?! Тагъддæр, тагъддæр мæ ауадзут — дуне куыд уыд, афтæ нал у». Таурæгъы æндæр варианты уæиг йæ сæры кæхцæй раудæгас вæййы. Уым нарты бахъуыдис æхсæвиуат кæныны сæр. Уæиг уый куы федта, зæгъгæ, дуртæй сой нал тæдзы, бы- дырты та хъацæн кæнын хъæуы, уæд сфæнд кодта -мæрдты бæстæм ацæуын. (Миллер, 1881, 61 ф.). Ардыгæй æнцон ба- фиппайæн у, уæйгуыты ногæй амæлыны фæнд (ома, ногæй æрдзы иу хай суæвын) кæй скодтой, уый, фыццаджыдæр, цæуы трансформаци кæныны æнæмæнг хъæуын- дзинадæй, ома, цæмæй ногæй бакусой рай- дианы æрдзон продукт, цалынмæ йæ’ хæрын нæ райдайой, уæдмæ. Эпосы арæх чындæуы хуыцауы фæндæй рауадзгæ цъархъуынайы кой. Уый фæдыл Э. Лич фыссы: «Цъархъуынайы функци у Хуыцауы рагфæлдисгæты скуынæг кæ- нын, стæй ма уыдонимæ баст æбæрæг æмæ æнæзонгæ райдиантæ скуынæг кæнын дæр, цæмæй зæххыл æппæт дæр райдыдæуа бынтон ногæй. Цъархъуынайы кæрон ны- сан кæны Æцæг рæстæджы райдиан. Нарты эпосы иуæй-иу сæйраг хъайтарты æнæрдзон æгъдауæй райгуырдыл дзур- гæйæ, банысан кæнын хъæуы Батрадзы диссаджы райгуырд. «Уæд дын Хæмыц ба- дардта йæ уæнгтæ æмæ йын сæм Быценон ныуулæфыд. Хæмыцы уæнты астæу сæв- зæрди сынкъ... Сатана райдыдта бонтæ æмæ мæйтæ нымайын, æмæ афон куы ’рхæццæ ис, уæд акъæртт кодта Хæмыцы сынкъ, æмæ дзы сырх зынгæй рагæпп код- та æрдæгæй уæлæмæ — æндон, уырдыгæй дæлæмæ — болат, ахæм лæппу, æмæ йæ баппæрстой денджызмæ...» (Нарты кад- джытæ. 1975. Орджоникидзе, 188 ф.). Ахæм хуызы райгуырдис ведион Индра дæр. Ригведæйы дзырдæуы, зæгъгæ, Индрæйы мады фæндыдис, цæмæй йæ фырт рай- гуырдаид, хуыцæуттæ се ’ппæт дæр куыд райгуырдысты, ахæм уавæры, ома, мады гуыбынæй, фæлæ сывæллон ууыл не сра- зы æмæ зæгъы: «Нæ, æз ахæм хуызы нæ райгуырдзынæн, æз хъуамæ фарсæй рабы- рон». («Ригведа», IV, 18, 1—2). Уымæй дарддæр ма «Ригведæ»-йы дзырдæуы, зæгъ- гæ, Индрæ йæхæдæг йæ ныййарджыты ныййардта йæхи буарæй («Ригведæ» I 159, 10, 54, Макдонелл, 1897, 12 ф.). Ацы феномены А. Макдоналл æмæ А. Кейт куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй ведион мифо- логийы арв æмæ зæхмæ кастæуы афтæ, цы- ма сты дунеон ныййарджытæ, стæй уыцы иурæстæджы хуыцæутты ныййарджытæ дæр. Иннæрдыгæй фарс та зæгъын хъæуы 84
уый, æмæ хуыцæуттæ сæхæдæг арæх свæй йынц зæхх æмæ арвы сфæлдисджытæ (Макдонелл, 1897, 12 ф. Кейт, 1925, 81 ф). Ахæм уырнындзинæдтæн æвдисæн у мæ- нæ иу эпикон сюжет: «Нартæ фæдих сты дыууæ æмиас хайыл: уæлдæртæ æмæ дæл- дæртыл. Уыцы иу æхсæв нарты уæлдæр- лæууæг хайæн райгуырдис лæппу, дæл- дæртæн та — чызг». Дарддæр дзырдæуы, зæгъгæ, «лæппу æмбисæхсæв æрбацыдис Нарты дæлдæр хаймæ æмæ ноггуырд чыз- джы йæ ус бакодта. Чызг сæумæрайсоммæ ныййардта лæппу. Лæппуйы нартæ асыччы нывæрдтой æмæ йæ денджызы баппæрстой. Фæстагмæ уыцы лæппу ссис стыр хъай- тар —Арæх-цау (СОПам, 1925. 52—53 ф.). Цымыдисаг уый у, æмæ лæппуйы къу- хы кæд разындис «налхъуыт-налмас» тым- былæг. Ж. Дюмезиль æй æмбарын кæны афтæ, цыма, уый у Византийæ æрбафтгæ дунейыл паддзахиуæг кæныны символ. Уы- мæн йе ’хсаргард дæр æмæ йæ карды ком дæр «рухс сты иуæрдыгæй хуры тынтæй, иннæрдыгæй та — æмдымбыл мæйы тын- тæй». (Уый дæр уым, 61 ф.). Иуæй-иу верситы æмбæлдæуы, этнологи- он мидис кæмæн ис, ахæм мифтыл. Уыдоны фæлвæрдæуы иуæй-иу стъалытæ æмæ стъа- лыбардзты равзæрд бамбарын кæныныл, (цæвиттон, фисынмæдзæуджытæ æмæ а. д.) Ахсахъ-Тамуры тыххæй таурæгъы (СОП-ам, 1927, 74—76 ф.) дзырдæуы, зæгъгæ, уы- мæн уыдис æфсæн базыртæ, æмæ-иу ар- вы алыварс бон æркодта æртæ зылды. Дун-дуне æгасæй уыдис йæ къухы. Уый Дыгурмæ æрцыдис æмæ йемæ тохгæнæг адæмæн сæ фылдæр йæ къухæй куынæг æрцыдысты. Йæхæдæг арвмæ стахтис æмæ райста стъалыйы фæлгонц...» (Уый дæр уым, 74 ф.). Дарддæр таурæгъы дзырдæ- уы, уый авд æфсымæры хойы куыд рас- къæфта æмæ уыдон йæ фæдыл куыд зыл- дысты, уый тыххæй. Фæлæ Ахсахъ-Темур уыдис стъалы æмæ арвмæ стахтис. Авд æфсымæрæн дæр сæ куывд цæуаг уыд, æмæ уыдон дæр йæ фæдыл арвмæ стахты- сты... Ахсахъ-Темур уый куы базыдта, адон мæ æвыдæй нал ныууадздзысты, уæд сын сæ хойы фæстæмæ сæхимæ раздæхта. Фольклорон жанры фæткмæ гæсгæ, æм- барынчындæуы мæйы равзæрд дæр. Сай- нæг-æлдар тохы рæстæджы йæ зылын æх- саргардæй ныццавта Хæмыцы. Цæф сæм- бæлдис Æрхъызы дæндагыл æмæ карды къæртт фæхауди æмæ арвыл абадт^ мæй фестад. (Нарты кадджытæ, 1978, 62 ф.), ХИЗИИ архив, ф. 62, II, 116, 65—66 ф.). Æндæр версимæ гæсгæ та мæй у адæй- маг. Йæ зæрдæхсайаг хо æмæ æмкъайы æртхъирæнты фæстиуæджы йæ арв æмæ зæхх’ы æхсæн æрцауыгъдæуыд. Дыууæ къуырийы дæргъы уый уыдис йæ хойы æмæ йæ уый бахордта (уымæ гæсгæ, дам, мæйæн ис æхсырфы формæ), иннæ дыууæ къуырийы та уыдис йе ’мкъайы æмæ та уæд мæй райста йæ раздæры æмдымбыл хуыз. Мæйыл тæппытæ кæй ис, уыдон, куыд зæгъынц, афтæмæй сты, мæймæ æф- сæйнаг рæхыстæй кæй ныббастой, уыцы фыдгæнæг Самелæйы бæрæг фæдтæ. Иæ фыдракæндты тыххæй йæ Хуыцау баф- хæрдта (æрæмных кæн уæлдæрæрхæсгæ Æртъауызы тыххæй легендæ). Ирон нарты эпосы æмбæлæм ахæм кос- ■могонион мотивтыл, цыран æвдыст цæ- уынц иуæй-иу персонажты фæрссаг ар- хайджыты фæстиуæгæн фæзынгæ дун-ду- нейы хицæн хæйтты сфæлдыстады акттæ. Æрхæсдзыстæм уыдонæй иууыл характе- рондæр сюжет. Алымбеджы фырт Тотра- дзы авдæн ныцъцъæлтæ вæййы, лæппу уыр- дыгæй куы сысты, уæд. Уый фæстиуæгæн уыцы авдæны сæстытæ фæйнæрдæм фæха- уынц, æмæ уыдонæй сæвзæрынц дун-ду- нейы хицæн хæйттæ: «йæ иу фарс фес- хъиудта æмæ сæмбæлд митджын хохрагъыл æмæ уæдæй фæстæмæ хæхтæ кæрæдзийæ фæхицæнтæ сты, дыккаг фарс æрхаудта дард тыгъдбыдыры, æмæ уæдæй фæстæмæ тыгъдбыдырты фæзындис къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ, æртыккаг фарс æрхаудта хъæды, æмæ уæдæй фæстæмæ хъæды фæ- зындис æрдузтæ, цыппæрæм фарс æрхауди денджызы æмæ йæ æрфæнæй сакъадахтæ хæрдмæ фæцыдысты. (Нарты таурæгътæ, 1978, 202 ф.). Ис ма æндæр вариант, цыран Ацайы фырт Ацæмæз уый куы базыдта, Тогуыс- æлдар нарты хъыгдарын райдыдта,. уæд «йæ авдæны фæрстæ фæйнæрдæм атыдта йæ уæхсчы стджытæй» (СОПам, 1927, 64 ф.). Эпосы хаос космосмæ кæй рахизы, уый нысан цæуы демиургион актты, стæй ма, нарты хъайтарты мифон демонтæ æмæ маммтимæ тохы хабæрттæ кæм фыст цæ- уынц, уым. Нарты таурæгътæй сæ иуы Хæмыцы бахъуыдис, йæ фыдæфсымæр уа- цары кæм утæхсæн кодта, уыцы Цызийы коммæ цæуын. Уый йæ нысанмæ куы ба- хæццæ, фæлæ дын уæд йæ разы февзæрд нагъæддаджы- стыр хæфс-кæсаг. Уымæн йæ риу уыдис зæххы сæрмæ, цъæх денджызы та йæ къуди. Ие ’взаджы бын уыдысты кæмттæ, уыдоны уыд тынг тæвд. Иæ алы дæндаг та уыдис митын хохау. (Нартæ, 1957, 96 ф.). Ацы маммы буары цымыдисон афыст баххæст æрцæуы ахсджиаг штрихæй: йæ роцъойыл ис æртæ æрдуйы, уыдоны æнæ- мæнг хъæуы ралыг кæнын, цæмæй йæ скуынæгчындæуа. (Уый дæр уым). Хтони- кон (мифон) маммы æнагъæддаджы стыр буарыл зæхх, хæхтæ æмæ денджыз æвди- сынц дун-дунейы æппæт æртæ дунейы (æр- тæ диссаджы æрдуйы) сты эмбрионалон гуырдзон уавæры. Уыцы маммы æнæмæнг хъæуы скуынæг кæнын, цæмæй ссæрибар- чындæуа, райгуырынмæ потенционалон æгъдауæй цæттæ чи ,у, уыцы дунейы. Ахæм æнгæс мотивыл ма фембæлæн ис эпосы æндæр хъайтары — Борæйы хъуыд- дæгты. Уый бахъæуы дæлдзæхмæ, дæли- монты паддзах Сивтæрхæгмæ цæуын, «йæ даргъ рихитыл ын кард æруагъта æмæ йын йæ бур хъистæй æртæ æрдаста. Уый фæстиуæджы Сивтæрхæгæн йæ бон нал цыдис дæлдзæхмæ ныххизын æмæ уæларв- мæ стæхын». (НТХ, 1973, 220 ф.). Эпосы ис ахæм сюжет, цыран фыст цæуы, Бат- радз уæларвон куырд Куырдалæгонæн æф- сæйнаг куыд ссардта, уый тыххæй. Куыр- далæгон ын хъуамæ рауагътаид, «зæхх кæй нæ урæдта», ахæм старц. Уæд Бат- радз цæуын байдыдта, дардæй суыдта Балхъар Мæликкы бæстæ, зынди цъæх- цъæхидæй, æввахсдæр куы бацыдис, уæд суыдта æфсæйнаджы егъау рæдзæгъдтæ. Уыцы рæдзæгъдтæй алкæй алыварс дæр 85
хуыссыдис æбуалгъы егъау калм, сæ бæр- зæнд 15 сардзины кæмæн уыд, ахæмтæ. Батрадз кæлмыты фæсайдта æмæ æфсæй- нæгты ахаста уæларвмæ, Куырдалæгон- мæ». (Уый дæр уым, 183—184 ф.). Иуæй-иу таурæгъты кæлмыты ныхмæ тох баст цæуы эпосы хъайтарты райгуырд æмæ сæ байсæрынимæ. Сатана, Хæмыцы чъылдымыл цы сынкъ уыдис, уый фæкъæртт кодта, æмæ дзы рай- гуырдис сырхзынг Батрадз. Сатана йæхи донмæ айста, цæмæй дон систаид æмæ дзы ноггуырды ныннадтаид. Фæлæ йæм доны æнхъæлмæ касти кæфхъуындар. Уый йæ- хи калм фестын кодта æмæ Сатанайы дон- мæ цæуын нæ уагъта. Стæй та уыцы калм йæхи фестын кодта зæронд лæг. Уый Са- танамæ бахатыд, цæмæй йемæ балымæн уыдаид. Æмæ йын æрмæстдæр уæр радта дон. Батрадз уæларвон куырд Куырдалæ- гонæн йæхи кæй сæрын кодта, уый дæр у кæлмытæ æмæ кæфхъуындарты амарыны тыххæй. Уыдонæй уый сцæттæ кодта æвза- лы. (НТХ, 1978, 312—313 ф.). Таурæгътæй сæ иуы дзырдæуы, зæгъгæ, Уастырджи зæхмæ æрхызтис йе ’ртæкъа- хон бæхыл. «Æппæт зæххон адæмыл» зылдгонд куы фæцис, уæд фæстæмæ цæ- уын æрымысыдис арвмæ, фæлæ йæ урс саулохаджы зæнг асастис. Уæд йе ’фсы- мæр Кæфойдзых рауагъта уæларвæй за- лиаг калмы урс бæндæн æмæ дзы æрба- ста урс саулохаджы. Уастырджи йæ уæлæ бады æмæ зæххон адæмæн йæ сæрæй æр- тæ куывды акодта. Чысыл æй куы фез- мæлын кодта йæ бынатæй, уæд урс зали- аг калмы бæндæн аскъуыдис, æмæ.Уастыр- джи æд бæх Чынты уынджы сæмбæлдис. (НТХ, 1973, 13?—139 ф.). Хъайтмæзты Аслæмырзæ эпосы " иууыл рагондæр тексттæй сæ иуæн цы коммента- ритæ сарæзта, уым æнагъæддаджы стыр калм, ирæтты «уырнындзинадмæ гæсгæ, йæ хуыккомæй куыддæр) æддæмæ рабыры, аф- тæ йæ арв ныццæвы æмæ йæ Елиа (сыгъ- дæг Илья) уæларвмæ сисы». (Хъайтмæз- ’ты А. 1889, 15 ф.). Раст ахæм æнгæс мо- тивæн фенæн ис В. Ф. Миллер ирон стел- лæтæн комментариты тыххæй цæвиттонæн цы фольклорон пассажтæ æрхаста, уыдо- ны дæр. Æппæт ацы рафæлгъуыдгонд сюжеттæ, нæ хъуыдымæ гæсгæ, сты, бындурон индо- европæйаг миф кæй хонынц, уый иууыл зынгæдæр миниуджыты ногæй равдыст. Арвнæрды бардуаг (нæ хъуыдымæ гæсгæ, Уацилла кæнæ Батрадз дæр у арвнæрды бардуаг. Кæс Дюмезиль, 1976, 58—67 ф.), бæласы кæнæ хохы цъуппыл уæвгæйæ, бæ- ласы бындзæфхады цур скуынæг кæны калмы æмæ ссæрибар кæны, калм цы фо- сы аскъæфта, уыдоны, стæй хъæздыгдзи- нæдтæ æмæ а. д. (В. И. Топоров, 1980, 400 ф.). Арвнæрды бардуаг Индрæ. æмæ ведион пантеоны хуыцæутты хуыцауы тых- хæй «Ригведа»-йы дзырдæуы, зæгъгæ: Уый амардта кæфхъуындары, Уый фæхуынкъ кодта цæугæдæттæ. Уый фæкъæртт кодта хæхты хуылф. Индра амардта йæ иууыл тæссагдæр знаг Вритрайы хъомысджын хæцæнгар- зæй — къобали лæдзæгæй («Ригведæ, 1, 32:1,5, Елизаренкова, 1972, 1Ц ф.). Фæлæ Вритрайы амарын уыдис дун-дунейы сфæл- дисыны пролог. Ф. В. Я- Кейпер, Индра Витрайы кæй амардта, уый нымайы ведион дины бын- дурондæр концепцийыл. Ахæм хъуыдыйыл лæуд у М. Элиаде дæр: «Витра дунейы хъыг дары, цæмæй дарддæр ма цæра æмæ ма уæвынад кæна. Æнæформæйон, æмбæхст æмæ æбæрæгдзинады символ уæвгæйæ, Вритра уыдис дуне сфæлдисыны агъоммæ- йы хаос... Уый арвы цæфæй амарын æмæ йын йæ сæр ралыг кæнын уыдис исты сфæлдисыны акты хуызæн, æбæрæгæй бæ- рæгмæ, æнæформæйонæй формæмæ ахизы- ны акт. (М. Элиде, 1987, 44 ф.). Хтоникон уæвæгойты скуынæг кæныны хабар хаттæй-хатт уымæн бахъæуы, æмæ эпосы хъайтары бафæнды, æвæрд æм цы хосгæнæн сыфтæртæ, кæрдæджытæ, фæрд- гуытæ æмæ æндæр ахæмтæ вæййы, уыдо- ны йæхи бакæнын. Ацы ран, бæрæг куыд уг афтæмæй демиургы ролы ралæууы Нар- ты Хæмыц. Эпосы таурæгътæй сæ иуы дзырдæуы, зæгъгæ, Хæмыцы усаг кæм ны- гæд ’уыд; уыцы зæппадзмæ балæстис, йæ дзыхы цыкурайы фæрдыг кæмæн уыдис, ахæм калм. Хæмыц райдианы калмы æр- тæ хайыл алыгтæ кæны, фæлæ уæддæр калм нæ амæлы. Æрмæст æй уый фæстæ цыппар хайыл куы ныллыгтæ кæны, - уæд калм йæ уд сисы. Афтæмæй калмы ахæм рæстæджы хъуыдис авд хатты ныллыгтæ кæнын, цæмæй къухы бафтыдаид уыцы диссаджы хосгæнæн цыкурайы фæрдыг. Уый Хæмыцы усаджы фæстæмæ раудæгас кæны. Ацы сюжетæн ма ис æндæр верси дæр, цыран Хæмыц схуыссы ингæны йæ мард усаджы фарсмæ. Амары, йæ усагмæ йын бавналынмæ цы мыст хъавыдис, уый. Мы- сты мад диссаджы хосгæнæн кæрдæджы сыф куы ’рбахаста, уæд хъайтар уый дæр амары, æмæ уыцы кæрдæджы сыфы æх- хуысæй йæ усаджы раудæгас кæны. (ХИФ. 1936, 26 ф.). Раст ма ахæм æнгас мотивыл фембæлæн ис, Сослан мæрдты бæстæм Аза бæласы хосгæнæн сыфтæртæ хæссынмæ куы ацыдис, уыцы сюжеты дæр. Уыцы сыфтæртæ уый фæстæдæр ныссадзы, цы галуан сарæзта, уый цыппар къуымы. Бæрæг куыд у, афтæмæй бирæ адæмты (уыдонимæ ирон адæмы) уырнындзинæд- тæм гæсгæ, низæн хосгæнæн нæ уыдис уæд- мæ, цалынмæ-иу адæймаг ногæй нæ рай- гуырдаид. Уый тыххæй цыбыртæй зæгъын хъæуы мифон рæстæджы райдианы тых- хæй, стæй ма хосгæнæн æмæ мардгасгæ- нæн сыфтæртæ æмæ æндæр фæрæзтæ сса- рын куыд зын уыдис, уый тыххæй дæр. Хъуыдис залиаг кæлмытæ æмæ æндæр маммытимæ тох - кæнын. Ахæм кæрдæджы- тæ æмæ бæласы сыфтæрты хосгæнæн æу- уæлтæ бæрæг цыдысты уымæй, æмæ-иу сæ чи æрæмбырд кодта, уый-иу сфæлхатт код- та хос кæныны райдиан уавæр. Гатиты Б. рафæлгъуыдта цæсты кæны- нæн хос кæнынимæ баст ритуал. Дæсны- фæрсæг сылгоймаг-иу рынчын сывæллоны хæдзармæ куы ’рбацыдис, уæд-иу йæ хос- гæнæн магион манипуляцитæ райдыдта мæ- нæ ахæм дзырдтæй: «...Хурбоны æз фæ- дæн арвыцæф æмæ æртæ боны хуыссыд тæн уадзыгæй пъолыл. Куы ’рчъицыдтон, уæд арвы дуар федтон гомæй, раст цыма тынг стыр стъалыйы федтон æмæ уый ху- 56
ры сæрмæ æрттывта, уыйау. Мæ сабионты рæстæджы, мæхи ирхæфсгæйæ, æз ехид- нæйы дзыхы ауыдтон удæгас хæфс. Мæхи фæхъæбатыр кодтон, балыгътæн æмæ йын æй йæ дзыхæй байстон. Чи ссæрибар ис, уыцы хæфс чысыл цæугæдонмæ ныггæпп кодта. Æндæр хатт та æз федтон дыууæ ехиднæйы хосгæнæн дзыдзыйы сæрыл кæ- рæдзиимæ тохгæнгæ. Æз сын æй сæ дзы- хæй раскъæфтон. Ныртæккæ уый æфснайд у табæгонд мæсыгы. Уый сарæзтой зынд- гонд æмæ уæздан мыггаджы рагфыдæлтæ. Афтæмæй мах федтам нæ рагравзæрд- гонд космогонион архайдтæ иууылдæр — Тамерланы æрбабырст Кавказмæ уыд иууыл æнамонддæр хабар Кавказы иæрæг адæмтæн, уыцы нымæцы ирон адæмæн дæр. Тимур кæнæ Тамерлан персаг ныхасы- здæхты Тимур-ленг, тюркæгтæм Тимур- Ахъсахъ — нысан кæны «Æфсæйнаг къуы- лых». Ацы фæсномыг Тамерлан æвзонгæй райста, куы фæкъуылых ис, уæд. Тимур уыд Астæуккагазиаг тыхгæнæг. Уый уыдис, Чингис-ханы дуджы Астæук- каг Азимæ цæрынмæ чи ралыгъд, уыцы знæм Барласы смæгуыруæвæг Эмиры фырт. Уый историон аренæмæ рацыд цыппæрдæ- сæм æнусы 60-азты. Йæ хинæйдзаг æмæ дардуынаг политикæйы фæрцы уымæн йæ бон бацис Маверанахрайы дыууæ доны, Сыр-Дарья æмæ Аму-Дарьяйы æхсæн тер- риторийыл фылдæр хайы хыгъдæй йæ пад- дзахад рауæрæх кæнын. 30 азы бæрц чи ахаста, уыцы тыхæйисæн хæстыты руа- джы йæ дæлбар бакодта Астæуктсаг Ази, Иран, Инди, Æвв~:с Хурыскæсæп æмæ Кавказы бæстæтг . Тимур æппæты фыццаг Кавказмæ æр- бабырста XIV æнусы 80 азты Сыгъзæрин Ордæйы хан Тохтамышимæ сын стыр хъау- гъатæ куы рауадис уæд. 1386 азы Тимур фыццаг хатт ныббыр- ста æмæ йæ дæлбар бакодта Тбилисы. Уый фæстæ дæр ма Гуырдзыстонмæ æрбабыр- ста 8 хатты. Сæ иумæйаг знаджы ныхмæ гуырдзы æмæ аланты тохы фæдыл — «Ахали Картлис цховреба» æмæ гуырдзиаг паддзахы фырт Вахушти Багратионы уац- мысты «Гуырдзыйы истори» æмæ «Гуыр- дзиаг паддзахады рафæлгъуыд»-ы бæсто- нæй дзырдæуы: 1394 азы Сыгъзæрин Ордæйы ныхмæ ногæй абырсынмæ йæхи цæттæкæныны рæ- стæджы Тимур ногæй æрбабырста Гуыр- дзыстонмæ. Йе ’фсæдтæ ныхæлæттаг код- той Къахеты, æрбабырстой Арагвийы кæмт- тæм æмæ Хуссар Ирыстонмæ. Тимуры фæндыд Гуырдзыстонæй æфц- джытыл Цæгатæряæм ахизын, фæлæ гуыр- дзы, ир æмæ мæхъæлы æфсад йæ ныхмæ карз тох кæй самадтой, уымæ гæсгæ йæ равзæрынгæнæг акттæ, демургион акттæ, стæй ма космогонион акттæ дæр. Уыдон сты цахæмдæр æндæр архайдты фæрссаг фæстиуджытæ. Уыдон аразынц, космосы сфæлдисыны размæ рæстæджы. Ирон Нар- ты эпосы космогониимæ æнгом баст сты этиологон æмæ когнотивон цæстæнгæстæ, уымæн æмæ, искæцы дзаумайы сконд бам- барын кæнын нысан кæны, уый цадæггай куыд арæзт цыд, уый тыххæй радзурын, нæ алыварсуæвæг дуне рафæлгъауын та нысан кæны йæ рагсфæлдисыны истори сахуыр кæнын. (Мелетинский, 1976, 172 ф.). бæллиц нæ сæххæст. Тимур уæд йæ фæн- даг фæивта æмæ 1395 азы уалдзæджы Цæгат Кавказмæ ныббырста Дербентыл. Ардæм æрцыды йæ сæйраг нысан уыд хъæбатыр Сыгъзæрин Ордæйы йæ полити- кæйы дæлбар бакæнын æмæ Фæскавказ æмæ Рæбинаг Азимæ Тохтамышæн йæ фæндаг æрæхгæнын. Дагъыстаны дæлвæзты Тимур тохгæнгæ ацыд æмæ балæууыд хæрз цыбыр рæстæг- мæ йе ’фсадимæ Аланыстоны. 1395 азы Ти- мур æмæ Тохтамишы æфсæдтæ фæныхæй- ныхмæ сты аланты территорийыл æмæ кæ- рæдзи фæцагътой, фæлæ уæддæр фæуæ- лахиз Тимуры æфсад. Тохтамишы æфсады фæстейæ сургæйæ, Тимуры æфсад ных- хæццæ сты Уæрæсемæ æмæ, фурд Доны сæрты ахизгæйæ, уыцы фæззæг ногæй æр- бабырстой Цæгат Кавказмæ. Ам ныр тох сытынг бынæттон кавказаг адæмтимæ — черкестæ, алантæ æмæ вайнахты иу хаимæ. Тамерланы æфсад ныддæрæн кодта алан- ты бæстæ æмæ Кубаны донбылгæрæттæ суанг ныры Цæгат Ирыстоны онг. Хæхты Тамерланы æфсадыл бынæттон цæрджытæ сæмбæлдысты хъæбатыр тохимæ. Ам алы гæнах, алы фидар дæр лæууыд хъæбаты- рæй, фæлæ Тимур’ уæддæр стыр зиан æр- хаста алантæн. Адæмы зынгæ хай фæ- цагъд тугкалæн тохы, алантæй ма чи баз- зад, уыдон та сæхи бааууон кæныны тых- хæй лыгъдысты хæхтæм. Аланты бæстæйы бæрæг хай федзæрæг. К. Маркс Чысыл Азийы тыххæй кæй загъта: «Тимур ацыд æмæ йæ фæстæ ныууагъта æнæсым æмыр уæлмæрдтæ», уый характерон у рагзаман- ты Аланыстонæн дæр. Уыцы бонæй фæстæмæ алантæ æрцарды- сты хæхты æмæ уынгæг арф кæмтты. Фæ- лæ ууыл ирон адæмы ныхмæ Тимуры хæ- стон стæртæ нæ фесты. Алантæм Тамер- лан дыккаг хатт æрбабырста 1400 азы. Уый уымæн афтæ рауади æмæ ирæттæ гуырдзыйæн æххуыс кодтой Тимуры ных- мæ тохы: цæвиттоны хъуыддагæн, дыууæ азы фæдфæдыл, 1399—1400 азты, Тимур æрбабырста Гуырдзыстонмæ. Уыцы иурæ- Г- ГАБОДЗЕ МАРИНА ТАМЕРЛАНЫ ФÆЛГОНЦ КАВКАЗАГ АДÆМТЫ ФОЛЬКЛОРЫ 87
стæджы ма æрбабырста Хуссар Ирыстон- мæ — уæлдайдæр та — Чысангоммæ. Гуырдзыстоны паддзах Георги VII æх- хуысмæ ирæттæм æмæ Цæгат Кавказы хæхтыл цæрæг æндæр адæмтæм дæр кæй æрсидти, уый адыл Тимур 1400 азы сæр- ды æрбатыдта Ирыстонмæ æмæ фæндагыл стыр зиæнттæ бакодта Дайраны ахизæны цæрæг адæмтæн дæр. Тимуры æрбабырстытæн уыдис уæззау фæстиуджытæ, куыд Фæскавказы, афтæ Цæгат Кавказы адæмты царды дæр. Би- рæ адæм фæцагъды ис, чи ма дзы баззад, уыдоны фылдæр хай уацдры бахаудысты, кондадон тыхтæ раууатмæ æрцыдысты... Ацы трагикон цаутыл дзурæг сты ирон адæмы историон зарджытæ, рагон тау- рæгътæ, æмæ Ирыстоны топономикæ. Ацы æрмæджытæ баххæст кодтой, Тимур алан- ты кæй ныссæста, уыцы уæззау ивгъуыды тыххæй фыст цыртдзæвæнтæ. Аланты тра- гикон цауæвдисæг æрмæджытæй адæмон сфæлдыстады иууыл зыкгæдæр у, Зада- лескы хъæуы зынгæ таурæгъгæнæг Саула- ты Дзæрæхæй 1894 азы ирон стыр адæ- мон нывгæнæг Тугъанты Махарбег кæй ныффыста, уыцы историон зарæг «Задалес- къаг Нана». Зарæджы раст æвдыст цæуынц Тимуры æрбабырсты историон цаутæ, ирæтты æф- сады бабын, цæрджыты нымæц кæй фæ- къаддæр ис, æмæ, алантæ быдыртæй хæх- тæм кæй фæлыгъдысты, уый. Цы рæттæм лыгъдысты, уыдоныл æвæрдтой сæ бынæт- ты нæмттæ дæр. Дзырдæн Хæххон Дыгу- ры цалдæр хъæуы абон дæр хуыйнынц «Тъæпæн Дигорæ», ома «Фæз Дигорæ». Тимуры историон номимæ баст сты ирон адæмы рагон таурæгътæ æмæ зарджытæ. Хурыскæсæйнаг бæстæты æнæбасæтгæ уæл- бикъон хицау сæ æвдыст цæуы æппæрцца- гæй. Ацы фæлгонцæн, сæйраджыдæр, ис мифологон бындур. Ирон адæммæ Тимуры таурæгътæ цыдысты æнусæй-æнусмæ, æмæ уымæ гæсгæ иу таурæгъы гæнæн ис, æмæ сæмбæлæм æндæр æмæ æндæр сюжеттыл. Цæвиттонæн æрхæссæн ис ам таурæгъ «Ахсахъ-Тимур» (Ахсак-Тимур æмæ Ды- гур). «Дыгур æмæ кæсæг баззадысты нартæй. Раджы нæ хæхты Нартæй тыхджындæр адæм нæ уыдис. Ахсахъ-Тимурæн та уы- дис æфсæйнагæй базыртæ. Боны дæргъы уыи арвы алыварс зылд æртæ хатты. Æгас дуне уыд иууыл йæ дæлбар. Æрмæст ма йын баззадысты æнæсуацаргæнгæ нæ хæх- тæ æмæ иу хатт ардæм дæр æрбабырста стыр æфсадимæ... Бацахста Дыгуры, фæ- цагъта бирæ адæмы, акодта æнæнымæц уацайрæгты æмæ сæ Китайы сарæзта хи- цæн хъæутæ, йæхæдæг арвмæ стахт æмæ стъалы фестад». Ацы таурæгъы Тимур зыны куыд ты- .хæйисæг. Уый Дыгурмæ æрбабырста æф- садимæ. Иннæрдыгæй фарс та нæ цæсты раз фесты, диссаджы миниуджытæ кæмæ ис, ахæм уæлбикъон адæймаг. Уымæн йæ бон уыд æмæ йæхи фестын кодтаид стъа- лы. Ацы таурæгъы мах æмбæлæм дыууæ сю- жетыл. Иуæрдыгæй æвдыст цæуы Тиму- ры æрцыд Дыгурмæ, — уымæн ис реалон бындур. Дыккаг сюжеты та Тимур феста- дис стъалы. Таурæгъы ацы сюжет фæзын- дис .фæстæдæр, Тимуры номимæ баст æцæг диссæгтæ æмæ цаутæ адæмы ’хсæн куы айрох сты, уæд. Фæлæ уæддæр йæ ном нæ ферох, сæ цæсты уыд стыр æфсæддон фæтæг æмæ йæ хуыдтой, уæлбикъон тых- тæ кæмæ уыд, ахæм адæймаг. Куыд загътам, афтæмæй ацы хъуыдытæ уæларвон, уæлбикъон таурæгъты баст сты цахæмдæр реалон цаутимæ. Таурæгъы дзырдæуы, зæгъгæ, ирон адæ- мы хуыздæр хæстон тыхтæ хæсты фæ- цагъд сты, сæ баззайæццæгты та сын Ти- мур акодта Китаймæ æмæ сæ уым хицæн хъæутæ сарæзта. Историон цыртдзæвæнтæм гæсгæ та уый æндæргъуызон у: аланты иу хай, æцæг- дæр, бахауд Китаймæ, æрмæст сæ ардæм Тимур нæ ныккодта, фæлæ сæ æркодтой XIII æнусы монголтæ. Дыгурæттæ Ахсахъ-Темуры номæй хуыд- той Полярон стъалыйы. Ацы рагон тау- рæгъ 1882 азы ныффыста В. Миллер æмæ йын ис мифологон бындур, фæлæ дзы чы- сыл ис историон рæстдзинад дæр. Ахсахъ-Темур нымад цæуы, куыд «фыд адæймаг», афтæ, уыд уæларвон зæдтимæ иумæ уæлæрвты æмæ зæххыл цы авд æф- сымæры цардис, уыдон тынг æфхæрдта. Уый сын амардта, Донбеттырмæ хъомыл кæнынмæ чи уыдис, сæ уыцы фæдоны. Донбеттыр æфсымæрты куы сахуыр кодта йе ’ххуысы фæрцы Ахсахъ-Тимуры куыд амарын хъæуы, уыдæттыл, уæд Донбет- тыр донмæ нал цыдис, фæлæ арвы астæу рабадт æмæ йæхицæн хъахъхъæнджытæй баурæдта дыууæ байраджы, авд æфсымæ- ры сæхæдæг та фестадысты фихсынмæ дзæуджытæ. Уыцы стъалытæ дзæгъæлы зылдысты Ахсахъ-Тимуры фæдыл. Афтæ- мæй зындгонд историон гоймаджы нывы равдыст райста æндæр æмæ æндæр ныв- æфтыдон аспекттæ: реалон историонæй суанг мифологион аспектмæ. Тимуры тыххæй ма ноджыдæр ис тау- рæгътæ, Тимуры тохы азарæй чи басыгъд Цæгат Кавказы уыцы æндæр адæмтæм дæр. Цæгат Кавказы цæрæг хицæн адæмты сфæлдыстады хуызæгтæ фæлгъаугæйæ, мах фиппайæм, уыдон æхсæн кæй ис стыр æн- гæсдзинад æмæ сыл дзурæн ис иу рæстæ- джы. Тимуры тыххæй ирон адæм æмæ æппæт Цæгат Кавказы цæрæг адæмты таурæгъ- тæ æмæ сфæлдыстадæн адихгæнæн ис ахæм сюжеттыл: 1. Тимуры фæкъуылых; 2. Тимур — æр- хытæ æмæ канаутæаразæг. Тимур куыд фæкъуылых, уый тыххæй дзырдæуы ирон таурæгътæй сæ иуы «Ах- сахъ-Темир»-ы (Ахсахъ-Тимур куыд фæ- къуылых): «Иу хъæзныг ханæн уыд лæппу. Иухатт хан йæ фырты сæгъгæс арвыста. Лæппу бонсауизæрмæ сæгъты фæхызта, афтæмæй куыддæр амæлттæй сæгъты дзугмæ æрбаиу иу тæрхъус. Тæрхъус агæпп кодта æмæ фæцæйлыгъд. Тимур йæ фæдыл азгъордта, йæ фæстаг къæхтæй йæ ацахста æмæ йæ фæстæмæ дзугмæ æрбаппæрста. Тæрхъус цал хатты алыгъдис, уал хатты-иу æй лæп- пу æрцахста æмæ-иу æй лыстæг фосмæ æрбаппæрста. Изæры йæ Тимур сæныччы- тимæ бакодта æмæ йыл дуар сæхгæдта. Райсом, сæныччытæ скъæрынафон, йæ фы- 88
•дæн рахъаст кодта, зæгъгæ мæ знон иу гуымыдза цъæх сæныкк фыдæбонæй амард- та, сæныччытæй йæхи æддæмæ æппæрста саубон изæрмæ. Фыд йæ фырты ныхæстæм бацымыдис кодта æмæ йын афтæ зæгъы: — Цом æмæ мын уыцы фыдуаг гуымы- дза сæныччы фенын кæн. Тимур сæгъдоны дуар куыддæр æрбайгом кодта, афтæ тæр- хъус йæ сæрты расæррæтт кодта æмæ фæ- лидзы. Тимур тæрхъусы фæдыл алыгъд, æрцахста йæ æмæ йæ фенын кодта йæ фыдæн. —Мæнæ, .гъе, знон мæ фыдæбоны хай цы сæныкк фæкодта, уый! Фыд хъуыдыты аныгъуылд æмæ йæ зæр- дæйы ныдздзырдта, зæгъгæ, нырма афтæ чысылæй тæрхъусы йæ фæстаг къæхтæй чи ахсы, уый куы рахъомыл уа, уæд цы уы- дзæнис. Уый мын райсом мæ паддзахад йæхи бакæндзæн. Уыйадыл фыд асæттын кодта йæ фырты къах æмæ йæ куырдмæ ахуыргæнинагæй радта. Куырд ын йæ къах сраст кодта æмæ йæм лæппу кусын рай- дыдта. Тимур фæкъуылых æмæ йæ хо- нын райдыдтой Ахсахъ-Тимур. Æнгæс мотивтæ ссарæн ис цæцæнмæ дæр: йæ сывæллоны бонты Тимур афтæ æвзыгъд æмæ афтæ рог згъордта, æмæ тæрхъусы йæ фæстаг къæхтæй ахста æмæ- иу æнхъæлдта, зæгъгæ, уæрыкк æрцах- стон. Йæ фыд тарст, зæгъгæ, мæ лæппу афтæ куы уа, уæд адæмæн бирæ мæстытæ æрхæсдзæнис. Хъæрæсейæгтæ æмæ балхъартæм (Тох- тамыш сæтты Тимуры къах, уый лæппу- йæ бæхрæгъау куы хызта, уæд). Джеван- шираг сомихæгтæм ис сомихаг сауджын Эмиры лæппуйы тыххæй таурæгъ. Фыд сæтты йæ фырты къах, æгæр цырд кæй уыдис, уый тыххæй æмæ йæ уый адыл хо- нын райдыдтой «Ланкт-Эмир» (къуылых Эмир). Ланкт-Эмир арасти Дагъыстанмæ, стæй та Астæуккаг Азимæ æмæ уырдыгæй фæстæмæ æрыздæхт тæссаг тыхæйисæджы номимæ. Тимур къуылых кæй уыдис, уый исто- рион цау уыд æмæ историон таурæгъты дæр баззад, куыд æцæгдзинад, афтæ. Фæ- лæ мæхъæлон фольклоры зынгæ иртасæг И. А. Дахкильговы хъуыдымæ гæсгæ, Ти- мурæн йæ ацы къуылыхдзинад фолькло- ры сси тыхгæнæджы æцæг характерон ми- ниуджытæй иу. Таурæгъты ахæм хъуыды загъдæуы, цыма Тимур къуылых куыннæ уыдаид, уæд æнæхъæн дунейæн ноджы стырдæр æмæ фылдæр бæллæхтæ хастаид. Тамерланы зындгонд æрхы фæдыл сю- жет æмбæлы Цæгат Кавказы бирæ адæмты таурæгъты. Ирон таурæгъты дзырдæуы, зæгъгæ, Ах- сахъ-Тимурæн уыд æфсæн базыртæ æмæ арвы алыварс кодта æртæ зылды «ден- джыз уыд йæ къухы», «йæ дæлбар ма нæ уыдысты хæхтæ», æмæ, æппынфæстаг, уыр- дæм дæр афсæрста стыр æфсадимæ. Цæ- мæй йе ’фсад сæ раст фæндагæй ма фæ- иппæрд уыдаиккой, уый тыххæй Ахсахъ- Тимуры цагъартæ йæ фæдыл цыдысты æмæ къахтой æрхытæ. Тамерланы тыххæй кæсæгмæ цы тау- рæгътæ ис мыхуыры, уыдонæй иууыл зындгонддæр у «Кавказаг легендæ». Ахсахъ-Тимур ацы легендæйы æвдыст цæуы паддзахæй кæцы цардис Дербенты. Ахсахъ-Тимуры чызджы бауарзта молло- йы ахуыргæнинаг æмæ йæ иу фынæйы рæстæджы зинты æххуысæй йæ цурмæ ба- сайы. Ахсахъ-Тимур ацы хабар куы фе- хъуыста, уæд хæстон стæры ацыд Стам- булмæ, фæлæ ам ацы хъаугъа фидыда- дæй ахицæн æмæ Ахсахъ-Тимур фæстæ- мæ сæхимæ раздæхт. «Сау денджызы науыл цæуыны рæстæ- джы Тимур йе ’фсадимæ æрхызт Кавказы Къохвахс донбылгæрон æмæ ардыгæй акодта йе ’фсæдты Дербентмæ. Тимуры æфсад афтæ бирæ уыдысты, æмæ зæхх афтæ ныннадтой, æмæ фестад кæрæй-кæронмæ уæрæх æмæ арф æрх, уы- цы фæд абон дæр бæрæгæй зыны æмæ йæ хонынц «Сиахсы фæндаг». Тимуры даргъ æрхыты кой ма чындæуы Цæцæн-Мæхъæлы хъæутæй бирæты. Цæ- виттон, куыд дзурынц, афтæмæй Али-Юр- ты хъæумæ æввахс цы æрх ис, уый иуран хæстонты тыххæй у арфдæр къахт æмæ йыл кæрæй-кæронмæ ис сыджытбру. Ууыл- иу, йæ фыды агургæйæ, уæлбæхыл цыд Тимуры фырт. Уыцы таурæгътæй се ’ппæты дæр фип- пайдæуы, Цæгаткавказаг æрхы кой кæм чындæуы, уый. Уыцы таурæгътæм гæсгæ Цæгат Кавказы иу денджызæй иннæмæ Тимур скъахта æрх æмæ уый хуымæтæ- джы нæ уыдис. Историкон хроникæты тынг арæх хъу- сынчындæуы, зæгъгæ, Тимур йæхи бахъахъ- хъæныны охыл, кæннод та Тохтамышы æф- сæдты æхсæн йæ лагеры алварс йе ’фсæд- тæн къахын кодта арф æрхытæ. Джызæлы хъæуæн хурскæсæнрдыгæй ныр ма дæр бæрæгæй зынынц Тамерланы быдырон фидæртты баззайæццæгтæ æмæ æрх. Уыцы æрх ис Дзæуджыхъæуырдæм аздæхæны, хъæды. Куыд уынæм, афтæмæй Тимуры фæлгонц, адæмон цæстæнгасмæ гæсгæ, зыны цахæм- дæр фантастикон хуызы, ома йæ бон у æмæ уæвынад кæна зæххыл дæр æмæ ар- выл дæр. Фæстагмæ адæмон хъуыдыйы ацы фæлгонц рох кæнын байдыдта — Тиму- ры фæлгонц схуымæтæг вæййы æмæ æп- пæт дунейы чи басаста, уыцы тыхæйисæг адæймаджы фæлгонц æрхауы рæнхъон адæймаджы æмвæзадмæ — ханы фырты кæнæ фысгæсы кадмæ, йæ фыд йæ къах кæмæн асæтты, уый кадмæ. Дыгурон таурæгъ «Алхас-Темир»-ы хæлд цæуы Тимуры фæлгонц æвдисыны тради- цион принцип. Ацы таурæгъы Темир æнæ- нхъæлæджы гæпп кæны æвæрццаг хъай- тарæй. Ома, кæцæйдæр, дард Сирийы бæ- стæй бахаудта, адæймаг фæндаг кæдæм нæ ары, ахæм алæмæттаг аргъæутты хæх- тæм æвзонг рæсугъд лæппу. Бацыд, æртæ хойы кæм цардысты, ахæм хæдзармæ. Æр- тæ хойы дæр йæхицæн акодта устытæн. Фыццаг чызгæй йын райгуырдис — Ди- гор, дыгурон адæмы рагфыдæл, пысылмон диныл хæст. Астæуккаг чызгæй йын рай- гуырд — Ирæу, ирон адæмы рагфыдæл æмæ иууыл кæстæрæй та — туаллæгты раг- фыдæл Тхуалла. У. Б. Далгаты хъуыдымæ гæсгæ, ацы фæлгонц æмбарын кæнын баст у Иры- стонмæ (уыцы нымæцы Дыгурмæ дæр) пы- сылмон дин æрæджыдæр кæй æрбафтыд, уымæ. Тимур уыдис пысылмон дины æну- 89
выд фарсхæцæг æмæ йæ парахат кодта алы ран дæр. Тимуры æнамондгæнæг æрбабырсты фæ- стиуæгæн Ирыстоны цы топонимикон нæмт- тæ баззад, уыдон æвдисæн сты Тимуры тыххæй. Фольклорон æрмæджы æцæгдзи- надæн. Адæмы хъуыдыйы баззад Тимуры æфсадимæ тох Ахсауы, Дур-Дуры хъæу- ты æмæ Урухы цæугæдоны цур. Дыгурго- мы Дур-Дуры хъæуæн ныгуылæнырдыгæй цы обау ис, уый хуыйны: «Кусхо-Майохо- Типпур», æмæ уый кæсгон æвзагыл нысан кæны «Ирон адæмы фæуæлахизы бон». Уый фыдæлты таурæгъмæ гæсгæ, дæр аф- тæ у, ам ирæтты рагфыдæлтæ ныддæрæн кодтой Тимуры хæстон балтæй сæ иуы. 1928 азы Тугъанты Махарбег цы æрмæг æртымбыл кодта, уыдонæй иу таурæгъы дзырдæуы, зæгъгæ, Цæгат Ирыстоны ны- ры Джызæлы хъæу кæм ис, уым ирæттæ мæлæтдзаг тох кодтой Тимуры æфсæдти- мæ. Ацы тохы Тимуры æфсадæй уыйбæрц фæцагъды ис æмæ хæххон цæугæдон туг- амæхстæй цыдис. Уымæ гæсгæ уыцы доны схуыдтой «Кызыл», уый тюркаг æвзагыл нысан кæны — «сырх». Уырдыгæй рацæугæ сты нæмттæ Джызæлы хъæу дæр æмæ Джызæлы дон дæр. Уæдæ Тимуры æрбабырст аланты бæ- стæм куыд иууыл трагикондæр æмæ æд- дагон знаджы фæстаг æрбабырст, афтæ бынтон раууатмæ æркодта аланты истори- он рæзт. Ацы хæсты канд кондадон тыхтæ нæ ныххæлæттаг сты æмæ адæм нæ фæ- Хъæздыг у Нарты эпос хъæбатыртæ æмæ зæрдæскъæф сюжеттæй. Сæ æрæмбырд кæ- ныныл чи бафыдæбон кодта, уыдон дæр цъус не сты. Фæлæ уæддæр се ’ппæтыл нæ аххæссыдысты. Фыссын сæ куы райдыд- той, уæд уыцы таурæгътæй уæдмæ бирæ байрох. Зæгъæм, Тугъанты Махарбег «Ацæ- мæзы зарæг» куы фыста, уæд æй бахъуыд, кадæг кæронмæ чи зыдтаид, ахæм тау- рæгъгæнæджы дзæвгар агурын, уымæн æмæ йæ сæ фылдæр зыдтой скъуыддзæг- ты хуызы. Хæрз æрæджы мæ къухы бафтыд, 1987 азы Лейпциджы кæй рауагътой, уыцы чи- ныг, «Рейзен им Кавказуз» («Балц Кавка- зыл»). Уым æз бакастæн, зындгонд немы- цаг этнограф Бастиан 1865 азы Дзæуджы- хъæуы фехъусæггагæй кæй ныффыста уый — «Таурæгъ Ирбарæгыл», зæгъгæ. Мæ- нæ, гъе, уый, Бастиан Адольфы ныхæстæм гæсгæ: Ир хурскæсæны куы цардысты, уæд сын уыцы заман уыд сызгъæрин рæстæг, уы- мæн æмæ æппæт дæр уыд сæ дæлбар. Сæ хъæбатыр хицауæн йæ ном хуынди Ирба- рæг, ома Иры барæг: алкæмæй рæсугъд- дæр, алкæмæй хъæбатырдæр æмæ алкæ- мæн дæр уарзон. Йæ хæдзар уыдис, арвы онг чи фæцыд, уыцы хæхты астæу, зæр- ватыкк дæр æм зынтæй тахт. Иурайсом раджы, йæ даргъ базырджын æфсургъы бæрæггæнæг скъæтмæ куы бацыд, уæд йæ хъустыл ауад сырддонцъиуты ныхас. Уы- цагъды сты, фæлæ ма уымæй дарддæр алантæй удæгасæй чи баззад, уыдон сæ цæрæн бынæттæй фæлыгъдысты æмæ æр- цардысты Централон Кавказы хæхты. Бирæ азты дæргъы гуырдзы уыдысты тæтæр æмæ монгойлаг тыхæйисджыты æф- хæрды бын. Уыцы уавæр фæзындис гуыр- дзиаг адæмон сфæлдыстады алыгъуызон жанрты. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы уацмысты конкретонæй Тамерланы кой нæ чындæуы. Уымæн йæ аххосаг уый у, æмæ Гуырдзыстоны тæтæры агресси аф- тæ уæззау æмæ дæргъвæтин уыди, æмæ уыцы рæстæг чи ’вдисы, уыцы фольклорон уацмыстæй бирæтæ контаминаци æрцыды- сты. Афтæ дæр вæййы, æмæ адæмон сфæлды- стады æвдыст иу дуг кæнæ бæрæг адæй- маджы цард, контаминацийы фæткойтæм гæсгæ, хатт баст æрцæуы æндæр дуг кæ- нæ æндæр адæймаджы фæзындтимæ. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, чизоны, афтæ æр- цыд ацыхатт дæр. Гуырдзиаг героикон поэзийы уацмыстæй бирæтæ фыст æрцыдысты тæтæры æрба- бырсты фæдыл. Тæтæры агресси, куыд стыр æнамонддзинад, афтæ æвдыст æрцыд æм- дзæвгæты: «Хан-Шарум» æмæ «Гæнах- Сно, «Каранамази», «Быдырмæ ’рбабыр- стой тæтæры ’фсад» æмæ æндæрты. Уыцы æмдзæвгæты райгуырæн бæстæйы бахъахъхъæныны темæ алы ран дæр зы- ны бæрæгæй. дон кæрæдзийæн дзырдтой: уæртæ æрба- цæуы нæ барæг Ир, йæ æфсургъ бæрæггæ- нæг, фæлæ нæма зоны Скæсæнæй йæм кæй бырсы куйдзыхты æлдар (куыдзы дзыхты кæнæ та хомхорты) æнæнымæц æфсадимæ, сæ кæрон никуыцæй зыны. Æртæ боны дæргъы хизынц Бæсты-доныл (Волгæйыл), фæлæ йе ’мбисмæ дæр нæма æрбахæццæ сты. Цæуынц æдбинонтæ æмæ фæллой, цыма сæ цæрæнуат ивынц, уыйау. Уыдон астæу ис рæсугъдты рæсугъддæр чызг Ба- диджæ, куйдзыхты æлдары чызг. Хуртæ худынц йæ цæсгомæй, йæ хæлц у æрмæст- дæр æхсыр, æндæр хæрд æмæ нозтмæ æв- налгæ дæр нæ кæны. Ирбарæг уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд цæстыныкъуылдмæ фæстæмæ фездæхт йæ хæдзармæ æмæ æрсидт йæ хъæбатыр хæстонтæм ныхасмæ. Стæры сæ цæуын кæй хъæудзæн, уый уайтагъддæр аскъуыд- дзаг кодтой. Хъæбатыр фæтæг æрæмбырд кодта йе ’фсады, тыхгæнæг знаджы ных- мæ, йæхæдæг æххуысагур ацыд йæ хæлар Рустемæ. Уый уыд Нарты сæр, æмæ, куй- дзыхтимæ тохы Ирбарæгыл исты æрцыд, зæгъгæ, уæд йæ фæстæ паддзахады сæргъ хъуамæ слæууыдаид уый. Дыууæ кæрæ- дзийы ныхмæ хæцæг знаджы сæмбæлды- сты, æртæ доны кæм иу кæнынц, уыцы тыгъд быдыры. Æртæ боны æмæ æртæ æх- сæвы хæст нæ басабыр, Ир фæуæлахиз сты, састбаййафæг æлдар згъорынмæ куы фæци, уæд æй æппæт дæр ферох, æгæр- ТАУРÆГЪ КУЙДЗЫХТЫЛ 90
стæмæй ферох кодта йæ чызджы дæр æмæ уæлахиздзауты къухы бафтыд. Кæй ратæлæт кодтой, уыцы фæллойæн нымæц дæр нæ уыд. Уæд ахæм æгъдау уыдис, æмæ-иу уацары бахауджыты ’хсæнæй уæз- дæтты арты басыгътой, уымæ гæсгæ ахæм ми бакодтой, куйдзыхтæй уæздан чи уы- ди, уыдонæн дæр. Æппæтыфæстагмæ баз- зад Бадиджæ æмæ æнцад æнхъæлмæ каст, хъысмæт ын цы сныв кодта, уымæ, хатыр ын бакæной, уый тыххæй иусыбыртт дæр не скодта. Рустем уæлахизы куывдмæ куы ’рцыд æмæ саурæсугъд Бадиджæйы куы федта, уæд ын йæ сæрмæ стыр фæллой’ раттыны фæнд скодта. фæлæ Ирбарæгæн дæр йæ зæрдæйы уарзондзинады арт спæртт код- та æмæ не сразы йæ раттыныл. Æниу æну- сон æнæфехæлгæ æгъдауы сæрты куыд ахызтаид, уымæн нырма ницы зыдта. Ба- диджæйы басудзыны æмгъуыд куы ’рцыд, уæд йæ тæрхоны лæгтæм æрсидт æмæ сын радзырдта, æхсæвы цы фын федта, уый: куйдзыхтимæ хæст ногæй райдыдта. Ацы хатт хæсты амонд иннæты ’рдæм фæкъул. Мæ хъæбатыр хæстон æмгæрттæ æмæ мæ- хæдæг дæр уацары бахаудысты. Æмæ, мæ зынаргъ æмгæрттæ, не ’ппæт дæр лæвæрд æрцыдыстæм арты басудзынмæ. Цалдæ- риддæр хатты-иу нæ хæстонты арты су- дзынмæ бакодтой, уал хатты-иу æлдар загъта, йæ чызджы сæрмæ сæ кæй судзы, се ’ппæты дæр кæй басудздзæн, йæ хъæ- булы туг райсыны тыххæй. Тæрхоны лæгтæ сабыр хъуыстой, стæй æмдзыхæй загътой, зæгъгæ, Бадиджæ рæ- сугъды удæгас ныууадзын хъæуы. Ирба- рæг æй ракуырдта, æмæ куйдзыхты æлдар уый куы фехъуыста, уæд æрбарвыста фи- дауджытæ æмæ хæларæй баззадысты... Немыцаг дамгъæтæй фыст Куитзехх-тæ, æнæдызæрдыгæй, сты ирон куйдзыхтæ, ома куыдзыдзыхтæ. Ис афтæ хъуыдыгæнæн, æмæ Дзæуджы- хъæуы уæвгæйæ, Бастиан Адольф Ирба- рæгæй дарддæр ма ныффыстаид æндæр таурæгътæ дæр, йæ фæллæйтты ’хсæн, чи- зоны, разына æндæр ирон фольклорон уац- мыстæ дæр. Уымæ гæсгæ сæ хъæуы сахуыр кæнын. Бастиан Дзæуджыхъæуы уыд дыу- уæ хатты: 1865 æмæ 1891 азты. Канд Дзæу- джыхъæуы нæ, фæлæ уый, æвæццæгæн, Ирыстоны хæхтæм дæр абалц кодта. Зæ- гъæм, Имереты тыххæй кæм фыссы, уым афтæ зæгъы: таурæгъмæ гæсгæ, сыгъдæг Никкола Уæлладжыры комы айгæрста хох æмæ афтæмæй донæн фæндаг акодта бы- дырмæ. Ноджыдæр ма мæ фæдзæхст: махыл, ирæттыл, лæмбынæг сахуыр кæнын æмбæ- лы ивгъуыд æнусы зынгæ этнограф Ба- стиан Адольфы фæллæйттæ. . Антикон историк Геродот Кавказæй цæ- гаты ’рдæм зыдта, куйдзыхтæ (куыдзы- дзыхтæ) кæй хуыдтой, ахæм знæмы. Ам цы таурæгъ æрхастам, уым куйдзыхты тых- хæй дзырдæуы, зæгъгæ, рахизынц Бæсты- доныл (Волгæйыл). Уый та нысан кæны, цæрынц уыцы донæн скæсæны ’рдыгæй. Чи- зоны, уыцы знæмæн табуйаг уыд куыдз, фæлæ сæхæдæг, гъай-гъай, куыдзмæ ни- цы бар дардтой. Цы бæрæг и, кæд æрхæс- гæ таурæгъы хуызы мах æвдисæн стæм нæ фыдæлты цардимæ баст цавæрдæр ха- барæн, уæддæр. ТУГЪАНТЫ ЭНВЕР
ХЪУЫДЫТÆ, ДЗУЦЦАТЫ ДМИТРИ НЕ ’ВЗАГ: ИÆ ФАРОН, ЙÆ 1930 азы иуизæр фæскуыст æрæмбырд стæм ныры театры агъуысты дыккаг уæла- дзыгмæ. Уыдис дзы диспут. Агуыбечыр Болайы фырт каст йе ’мдзæвгæ «Къленц». Авторы хъуыдымæ гæсгæ, уый уыд Фæр- нионы «фыццаг ныдздзæхсты» фæстæ дык- каг ныдздзæхст кæмæндæрты. Хистæр фæл- тæрæй диспуты уыдысты Тыбылты Алык- сандр, Беджызаты Чермен, Хъуылаты Со- зырыхъо (фысджыты ассоциацийы уæды хистæр), Фæрнион Къоста, Уалыты Ди- митр æмæ æндæртæ. Кæстæртæ — Хъоро- ты Хъазбег, Зæгъойты Сарди, Гæззаты Сослан, Козаты Илья (Илкоз), Плиты Ге- са, Тыбылты Лентъо æмæ иннæтæн бадæн- тæ дæр нал фаг кодта. Болайы фырт куы фæцис каст, уæд диспуты къухдариуæггæ- нæг Созырыхъо бахатыд адæммæ, цæмæй загътаиккой сæ фиппаинæгтæ. Чи сæ цы хъуыды загъта, уыдон ма мæ зæрдыл кæм лæууынц, фæлæ мæ Алыксандры ныхас нал ферох. Уый ныхасмæ фæраздæр æмæ афтæ бакодта: «Æз джы нишы бамбæр- стон». Тыбылы фырт ныры литературон æвзагыл нæ дзырдта, ууыл, дам, æвзон- гæй хъуамæ фæцайдагъ уай дзурын! Фæр- нион ныхасмæ сæртæг уыд. Фестад йæ ба- дæнæй æмæ загъта, ома, кæд исчи ирон æвзаг нæ зоны, уæд, зæгъ, автор цы ах- хосджын у. Алыксандр зыдта Фæрнионы тæлтæг ахаст. Ницы хъыг æм фæкаст, йæ мидбылты бахудт æмæ загъта, зæгъгæ, æз ирон æвзаг ма зонон, уый мæ сæрмæ ни- куы бахæсдзынæн. Адæм хъæлдзæг змæлд бакодтой, Фæрнион хорзау нал фæцис. Дис- пут йæ куыст кодта дарддæр. Чизоны, аив нæ фæкæса кæмæдæрты ацы чысыл хабары кой ракæнын, фæлæ иугæр ныхас райтынг не ’взаг — нæ наци- йы номы алыварс, уæд уый зæгъинаг дæн, æмæ адæймаг йæ ивгъуыд рæстмæ куы нæ зона, уæд йæ абонæн аргъ кæнын йæ бон нæ бауыдзæн. Акæс-ма нæ ивгъуыд, нæ рацæугæ фæндагмæ. Афтæ мæм кæсы, нæ мадæлон æвзагæн йæ абонæй йæ фа- рон уыд хуыздæр, уымæн æмæ йæ куы- стой æмткæй, кæрæдзи æмбаргæ æмæ зæр- диагæй. Хъахъхъæдтой йæ æцæгæлон дзырдтæй. Куыстуæтты, скъолаты, æм- бырдты æмæ уынгты дæр стыр хъусдард уыд ирон æвзаджы сыгъдæгдзинадмæ. Цы- быркъух уæвгæйæ, Советон хицауады фыццаг азты ирон сабитæн сæ мадæлон æвзагыл уайтагъд фæзындысты ахуыргæ- нæн чингуытæ æмæ ахуыр кодтой се ’взаг. Ирон æвзаджы цырв уыдысты чингуыты автортæ: Хъоцыты Бидзина, Санахъоты Накъа (Уано), Хæныкъаты Никъа æмæ сабитæн сæхи ныййарджытæ. ’, ФÆНДИЙÆГТÆ АБОН ÆМÆ ИÆ ФИДÆН Райдианы Хуссар Ирыетоны уагдæттæ æмæ куыстуæтты алы ран дæр куыст цы- дис ирон æвзагыл. Алцы дæр уыд нывыл. Фæсивæд ахуыр кодтой суагъæтæ фыссын, куырдиæттæ, бæлвырдгæнæнтæ, æууæнчы гæххæттытæ æмæ ахæм документтæ ирон æвзагыл аразын. Куыст цыдис рæвдз. Ирон ныхас, ирон зард арæх хъуыст уынгтæй, быдыртæй, хæхтæй, скъолатæй, куывдтæй æмæ чындзæхсæвтæй. Уымæй фидар кодта нæ национ химбарынад, мадæлон æвзагмæ уарзондзинад. Газет «Советон Ирыстон»-ы ацы азы 23- æм февралы номыры мыхуыр уыд Ирон æвзаджы рæзты программæйы проект. Уым æвзаджы конституцион статус афтæ рай- дайы: «Фæтыхджындæр уæд ирон æвза- джы функцитæ партион, советон, админи- стративон, хæдзарадон, ахуыргæнæн, зона- дон, культурон æмæ æндæр организациты». Иттæг ра’ст хъуыды у. Ирон æвзаджы функцитæ фæтыхджындæр уыдзысты раз- дæрау, ирон æвзагыл кусынмæ куы æрæв- налæм, æрмæстдæр уæд. Афтæ куы уа, уæд нæ программæйы иннæ фарстытыл, æвæццæгæн, уый бæрц тыхсыны сæр ни- цæмæнуал бахъæуид. Ацы фарст у, абон цы ахсджиаг хъуыддагыл цæуы ныхас, уы- мæн йæ рахæцæн. Ныртæккæ у рацарæзты æргом ныхасы дуг. Ирон адæмау, иннæ на- цитæ дæр сæхи мадæлон æвзагыл куы аразынц сæ хъуыддæгтæ. Цы у йæ зын- дзинад, цы нæ хъыгдары, Хуссар Иры- стонæн дæр автономийы бартæ рагæй лæ- вæрд куы ис? Раздæр нæм уыд мыхуыры органтæ жур- налтæ «Æххуыс ахуыргæнæгæн», «Кæф- хъуындар», газеттæ «Большевикон аивад», «Мах фæлтæр». Уыдон стыр ахъаз кодтой не ’взаджы сомбонæн. Ныр уыдон нал сты. Сæ уаргъ ахауд журнал «Фидиуæг» æмæ газет «Советон Ирыстон»-мæ. Æмæ йæ фæразынц? Рогæй йæ нæ хæссынц. Зæгъ- дзынæн сыл дæлдæр. Нæ мадæлон æвзаджы хъысмæт ис тæс- саг уавæры. Уымæн ис йæхи аххосæгтæ. Культы азар нын цъыбыртты сыгъд бакод- та нæ хуыздæр лæгты, нæ хуыздæр фыс- джыты сæ чингуытимæ. Уыцы æнæхаир азар нын ахæстоны хай бакодта, не ’вза- джы сомбонæн стыр ныфс чи уыд, уыдо- ны, нæ педагогон институты раздæры сту- дентты. Æмæ бабын сты æнæаххосджы- нæй. Уый фæстæ та нæ алфавит, нæ чин- гуытæ ракæ-бакæйаг фесты цасдæр рæстæ- джы. Уыцы æндзыг рæстæджы ныхъхъус ирон æвзаг, ныхъхъус сты райгуырæн къуыммæ уарзондзинад, патриотизм. Ных- хæлæттаг, нырронбæгъд куыст. Æмæ ныр 92
дæр йæ адыл нæу, раппæлинаг нæу нæ куыст бирæ цæмæйдæрты, уæлдайдæр та нæ мадæлон æвзаджы фидæныл. Уæдæ цы чындæуа дарддæр. Нæ цæст ахæссæм, нæ раздæры буц хистæртæ куыд куыстой, ал- чи сæ йæ комкоммæ хæстæ куыд æххæст кодта, ууыл. 1930 азты æмæ уымæй размæ дæр обла- сты куыстуæттæ стыр колхозты, скъолаты организаци цыдысты литературон къордтæ. Иудадзыг сæм йæ хъус дардта фысджыты ассоциаци. Фидар сын уыдысты йæ уæнг- тæ æмæ .сын арæзтой диспуттæ. Кастысты æмæ сын æвзæрстой, чи сæ цы фыста, уы- дон. Афтæмæй рæзтысты æмæ хъомыл код- той сомбоны фысджытæ. Афтæ зæгъæн нæй ныр; нæ абоны литературон кружок- тæй, кæд ма искуы сты, уæд дæр. Дис- путты кой ма та чи кæны. Ныр та нæ фысджытæ иу стæм хатт кæдæм бафтынц, уым сæ иуæй-иутæ фылдæр фæкæнынц сæ- хи кой, фæкæсынц сын æрмæст сæхи фы- стытæ. Афтæмæй куыстæн йæ къахыл слæу- уæн ис? Нæ литературæ, нæ мадæлон æвзаджы фидæн тынг æнхъæлцау у журнал «Фи- диуæг», «газет «Советон Ирыстон», радио- редакци, театр æмæ областы культурæйы иннæ уагдæтты ахадæн куыстæй. Æмæ уый раст у. Раст æрмæст уый нæу, йæ комкоммæ хæстæй иппæрд чи у, йæ куы- стыл æнувыд чи нæу. ^1с нын иу литера- турон æвзаг. Ууыл чи, чи, фæлæ хъуамæ æдæрсгæ дзурой редакцийы кусджытæ, театры ирон коллектив, радиоредакци, ма- дæлон æвзаг æмæ литературæйы ахуыр- гæнджытæ. Уый проблемæ нæу, уый сæ хæс у, кæй кой кæнæм, уыдонæн. Æмæ афтæ цæмæннæ кæнынц, кæмæ хауы, уы- дон? Нæ радио йæ ралæвæрдтытæ куы «ц»-тæй байдзаг кæны, куы та «ш»-тæй. Артисттæ дæр афтæ, кæй сæ кæцы ныха- сыздæхтыл фæнды, ууыл дзурынц. Æмæ уæд цы кæной, чи сæм хъусы, уыцы адæм? Радиоредакцийы ралæвæрдтæ сты кæрæ- дзийы æнгæс, фаззæтты хуызæн. Иустæм хатт ма уа, уый йеддæмæ сæ ногæй ницы вæййы. Ау, бирæ скъолатæ, бирæ ахуыр- гæнджытæ нæм куы кусы, уæд ницы ара- зынц бынæтты, ницы хæдархайгæ къордтæ сæм архайы литературæйæ, зарынæй, музы- кæйæ, кæнæ æндæр исты предметтæй? На- уæд скъоладзаутæн сæ мадæлон æвзаг амонын æмæ бауарзын кæныны сæраппонд æппын ницы арæзтæуы бынæтты? Сæ кой куы никуы райхъуысы микрофонæй. Фæ- сус ныйисты? Радиойæдзурджытæ микро- фон иудадзыг сæхи къухы цы дарынц? Ирон æвзаджы культурæ æмæ хъомы- сад рæзын кæныны стыр ныфсытæй сæ иу у газет «Советон Ирыстон», фæлæ уæуу уыцы ныфс. Газетæн раздæр уыд йæхи актив, бирæ уацхæсджытæ. Редакцийы кол- лектив куыста семæ, арæзта сын æмбырд- тæ, конференцитæ» Хъахъхъæдта сæ ха- хуыртæй, æнæхъуаджы бафхæрынæй. Ре- дакцийы фыстæджыты хайады куыст иу- дадзыг баст уыд уацхæсджыты архайди- мæ. Ныр газет ныфсы бæсты йæхæдæг ссис къуылымпыйы хос. Йæ аххосаг у, га- зет уырыссагмæ кæй тæлмац кæнынц, уый. Æниу ма йæм æркæсæм. Бæрæг нал у, чи сæ цы тæлмац кæны, уый. Бæрæг аххо- сæгтæм гæсгæ ирон газет афтид абадт йæ раздæры активон уацхæсджытæй. Йæхй сæ бакодта дубляж. Цъус чидæрты йед- дæмæ газетмæ иронау ничиуал фыссы. Афтæмæй, комкоммæ зæгъгæйæ, газеты кусджытæ систы газетаразджытæ нæ, фæ- лæ тæлмацгæнджытæ, иппæрд кæнынц сæ комкоммæ хæстæй. Ахæм уавæр тынг хъыг- дары редакцийы куыст. Æрмæг дзæбæх редакцигонд нæ цæуы, уæлдайдæр та тæл- мац æрмæг. Уымæ гæсгæ газеткæсæг фыд- æнхъæл фæвæййы, газеты фæрстыл æр- дæгирон, æрдæгуырыссаг дзырдтæ куы са- рæх вæййынц, уæд. Уымæй дæр абон нæ мадæлон литературон æвзагыл дзырд куы цæуы, уæд. Ам ныл цымæ рагон ирон æм- бисонды ми нæ цæуы. «Чидæр, дам, хъы- был нæ фæрæзта æмæ дзæргъы дæр йе ’ккой скодта». Ацы хабар нын кайы нæ аив дзырды бæркад æмæ йын кæрон скæ- нын хъæуы. Газет ма раздæр дæр, æцæг дубляж куы уыд, уæд дæр ницы уый бæрц ахадыдта царды æмæ йæ сæхгæдтой. Аф- тæ йын бакæиын хъæуы ныр дæр. Йæ мадæлон æвзагыл чи уæлæхох код- та, йæ раттæг адæмы æвзагыл дзурын йæ сæрмæ чи нал хаста, ахæмтæ уыдысты раз- дæр дæр кæмдæрты амыты-уымыты. Ахæм- ты адæм схуыдтой «уæрæседзаутæ», æмæ сæм кастысты былысчъилæй, хъоды сыл кодтой. Худтысты сыл, тæнтæскъуыдтæ- гæнæг фæлмæн, юморæй. Фæндаг сын нæ лæвæрдтой æмæ уыдон дæр сæхи аууон дардтой адæмæй. Æркæсæм-ма нæ лите- ратурон бынтæм. Нæ драматургийы бын- дурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъо йæ драмон уацмыстæй сæ иуы схуыдта «Уæ- рæседзау». Уацмысы сæйраг архайæг Мус- сæ фондз азы йеддæмæ нæ баззад кæм- дæр Уырысы бæсты. Цæугæ дæр ыл фондз æмæ ссæдз азы кодта æрмæст. Фондз азы фæстæ сæ хъæумæ куы сыздæхт, уæд ыл хъæуы зæронд лæгтæ æрбамбырд сты, цинтæ йыл кодтой æмæ йæ фарстой ног хабæрттæй. Муссæ йæхи уырыссаг фестын кодта æмæ «вот тебе на», «базалыстæ»-тæ хауд йæ дзыхæй. Æз, дам, уын уæ ваш закъонтæн ницыуал зонын. Муссæ дæр, дам, мæ мауал хонут, Мишæ, дам, дæн ныр. Уый дын уæрæседзау. Сæ хъæуы фондз азы нал уыд, æмæ сын сæ закъæт- тæн ницыуал зыдта, йæ номыл дæр нал баввæрсыд, чидæр, дам, йæхицæй тæргай куыд фæлыгъд, уыйау. Æмæ куыд æнхъæ- лут. Исты стыр бынаты лæуд уыд уыцы Муссæ. Нæ, æлдары искæйон уыд æрмæст. Ныр уæрæседзауты дард агурын нал хъæ- уы, нæхи хæдзæртты сты. Ныр иукъорд ирон хæдзæртты ныййарджытæ сæ сывæл- лæттæм сæ мадæлон æвзагыл дзурын сæ сæрмæ хæсгæ дæр нал кæнынц, ирон чи- ныг кæнæ газет кæд искæй къухы фенынц, уый йеддæмæ сæ сæхæдæг нæ исынц æмæ нæ кæсынц. Æммыст Елбыздыхъо удæгас куы уаид, уæд ахæмты тыххæй та цы зæ- гъид? Нæ мадæлон æвзаг стыхджын кæнын, йæ фидæн ын фæхуыздæр æмæ фæрæсугъд- дæр кæныны сæраппонд бирæтæм сæвзæрд алыгъуызон хъуыдытæ æмæ фæндæттæ. Уыцы варианттæ, фиппаинæгтæ æмæ фæн- дæтты хуыздæртæй абон равзæрын æмæ сæххæст кæнын нæ бон цы бауа, ууыл баст уыдзæн цы стыр хъуыддагыл дзу- 93
рæм, уый æнтыст. Æмæ рабар-бабар кæ- нæм нæхи. Кæцы фæнд хуыздæр уыдзæн, уый райсæм. Нæ мадæлон æвзаг æмæ ли- тературæйы фидæны уаргъ иутæ æвæрынц не скъолатæ æмæ йæ ахуыргæнджыты æк- кой. Ирон æвзаг амонын æмæ стыхджын кæныны сæраппонд нæм цы хуызы скъо- латæ хуыздæр уыдзысты, ууыл сбæндæн сты æмæ йыл ныддаргъ кодтой сæ ныхас газеты иукъорд автортæ. Æниу ууыл би- рæ дзурыны сæр цæмæн хъæуы?.. Уæдæ цы саразын хъæуы, нæ мадæлон æвзагæн цæмæй йæ абонæй йæ фидæн хуыздæр уа, уый тыххæй? Не скъолайы агъоммæ карæн сабитæн нæй, сæ мадæлон æвзагыл сæ чи цайдагъ кæна, ахæм цæст- уынон дзаумæттæ. Нæй сын сæхи литера- турæ. Ницы нывтæ уынынц сæ бынты фы- стытимæ. Уæдæ цы хъуамæ кæна горæты цæрæг саби, цæмæй базона гал, хъуг, фыс цы сты, уыдон. Ацы фарст рох у фыс- джытæй, чингуыты рауагъдадæй æмæ сын æй æрымысын хъæуы. Уадзын райдайын хъæуы журнал «Æххуыс ахуыргæнæгæн». Мæй иу хатт куы цæуа хорз редакцигон- дæй, уæд стыр ахъаз фæуаид, абон цы проблемæйыл ныхас кæнæм, уый æрбæстон кæнынæн. Бирæ фæхуыздæркæнинаг у абоны ирон мыхуыры, ирон дзырдыл чи кусы, уыцы кадртимæ куыст. Фæсивæдимæ, уацхæс- джытимæ, нæ литературон æвзæнгтимæ кусынмæ зивæг чи кæны, фæлæ æрмæст сæхи гуылы бын арт æндзарынмæ цырд чи у, уыдон ницы æххуыс бакæндзысты ма- дæлон æвзаджы фидæн фæхуыздæр кæ- Тынг мæ фæнды зæрдæйæ, Цæгат Иры- стоны цы хуссайраг ирæттæ ис, уыдон но- мæй куы раттиккат зæрдиаг, æфсымæрон ирон салæмттæ нæ зынаргъ Хуссар Иры æфсымæртæн. Уыдон тох кæнынц, цæмæй ма фесæфа нæ мадæлон æвзаг, нæ кад- джын фыдæлты æвзаг — ирон æвзаг. Нæ иры хæзна, нæ фыдæлты æгъдæуттæ ба- хъахъхъæнæм, — æмæ иууыл ахсджиагдæр та уый, æмæ сæхиуыл хъуамæ æрхудой «æрæмысæггаг» гуырдзиаг ирæттæ. Арфæ ракæнут, Сослан-Дауыты историйыл чи ар- хайы, уыцы æфсымæрæн: Тогойты Гиуæр- гийæн, Мамиты Гигойæн, Плиты Муссæ- йæн, Гæбæраты Димитрæн, Хъоцыты Æх- сарæн, Сланты Ахмæтæн, Айларты Агуыбе æмæ иннæ æфсымæртæн. Уыдон тох кæ- нынц, цæмæй нæ мадæлон æвзаг ма фе- сæфа, цæмæй нæ ирон адæм сæ мыггæгтæ раст фыссой. Стыр хатыр уæ курын, кæд мæ фысты- тæ уæ зæрдæмæ нæ фæцæуой, уæд. Æз никуы фыстон журналмæ æмæ уым мæ лæмæгъдзинад хъæр кæнын. Журнал- тæ «Фидиуæг» æмæ «Мах дуг» ирон æгъ- дæуттыл бирæ фыссынц, уыдон ма нын æрлæууын кæнынц нæ зæрдыл нæ фыдæл- ты кад æмæ намыс, фæлæ сæ бирæтæ ирон адæмæй æмбаргæ дæр нæ кæнынц, кæсын кæй нæ зонынц иронау, уый тыххæй. Хус- 94 нынæн æмæ сæ ссæрибар кæнЫн хъæуЫ сæ бынæттæй. Нæ номдзыд ахуыр лæг Абайты Вассо зæгъы, зæгъгæ, нæй, йрон æвзагыл кæй нæ зæгъай, ахæм хъуыдытæ; Æмæ уæдæ хатт нæ мыхуыры иуæй-иу хъуыдытæ цæмæн сарвистон вæййынц. Нæ мадæлон æвзаг, нæ культурæ ирта- сын æмæ пропагандæ кæнынæн æнæмæнг- хъæуæг у нæ областы дæр телеуынынад саразын. Ау! Не скъолатæ, уагдæттæ æмæ нæ куыстуæттæ афтæ бандзыг сты æмæ сæ никуы ницы арæстæуы. Фæлæ сæ чи æвдисы, кæнæ кæм? Фарст цæхгæр æрæ- сæрын хъæуы Гуырдзыстоны радиоралæ- вæрдты æмæ телеуынынады комитеты раз, цæмæй ацы фарст аскъуыддзаг кæна рæ- стæгыл. Гуырдзыстоны республикæйы дзæвгар хъæуты тынг бирæ цæры ирон адæм. Уы- донæн сæ мадæлон æвзагыл нæй скъола- тæ. Сæхи ирон æвзагыл нал кæсынц нал дæр чингуытæ, нал дæр газеттæ. Æмæ уый цас раст у? Кæй зæрдæмæ фæцæу- дзæн ахæм хъуыддаг? Уæдæ хорз уаид, нæ областы разамындгæнджытæ фарст куы æрæвæриккой Гуырдзыстоны ЦК æмæ Гуырдзыстоны ССР Министрты Советы раз, цæмæй Хуссар Ирыстонæн æддейæ цæ- рæг ирæттæй дæр сæ мадæлон æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæной нырæй фæстæ- мæ. Ау, цы ракодтой, фæсарæнты куынæ цæрынц, миййаг? Ирон лæг хъуамæ ахуыр кæна иронау, кæса газеттæ æмæ чингуы- тæ дæр йæ мадæлон æвзагыл, хъуса ирон дзырд йæхæдæг дæр æмæ йæ сывæллон дæр. сар Иры сгуырдзиæгтæ стæм, Цæгат Иры та — суырыссæгтæ, æмæ ма афтæ бирæ куы ахæсса, уæд нæ бæрæг нал уыдзæн, чи стæм, уымæй. Æз бакастæн журнал «Фидиуæджы» 3-æм номыр, æмæ уæлдæр цы фысджыты кой скодтон, уыдон сагъæстæ, уыдон хъуыды- тæ æмæ фæндиæгтæ мæ зæрдæмæ арф ба- хъардтой. Раст уын куы зæгъон, уæд мæм худын дæр цæуы æмæ кæуын дæр. Кæуын Батлон дуры тыххæй. Уый ис Раройы хъæ- уы. Ахæм æвдисæндартæ Хуссар Ирысто- ны бирæ ис. Æз райгуырдтæн Кърозы хъæ- уы Хуыцъейы селсоветы, Дзауы районы. Кърозы уыдис бирæ мæсгуытæ, дзуарба- дæнтæ. Уырдыгæй ралыгъдыстæм 1946 азы. Ныр уым адæймаджы царды фæдæн йæ рыг дæр нал ис, иууылдæр сæ слæгъз код- той. Афтæ ма дарддæр куы ахæсса, уæд нæ кæстæрты кæстæртæ нал зондзысты, сæ фыдæлтæ кæм цардысты, уый. Худын та мæм цæй тыххæй цыдис?.. Уый навæр ирон лæг у, ирон чындзæхсæвы кæ- нæ ирон зианы, кæнæ ирон куывды куы ’рбады, æмæ ирон æртæ чъирийы скувын чи нæ зоны?! Кæнæ та ирон дзыхæй хуы- цаумæ скувы, афтæмæй æфсæрмы нæ кæ- ны, йæ фарсмæ чи фæбады, уыцы æцæг ирæттæй. Сыкъа сис æмæ ирон дзырдтæ дæхицæй хон, афтæмæй цæуылнæ фæхъуы- ЖУРНАЛ «ФИДИУÆДЖЫ» РЕДАКЦИМÆ
Ды кæны, — мæ мыггагыл уыцы къæдзил иæмæн хъæуы. (швили, дзе, ури), æви йæ мыггаг йæ сæрмæ нæ хæссы. Æз ирон мыг- гæгты иууылдæр бирæ уарзын. Мамиты Гигойы уацхъуыд куы бакастæн. уæд ма бирæ ирон мыггæгтæ базыдтон. Хорз, нæ фыдæлтыл æндæр бон нæ уыдис, зæхх сæм нæ уыдис, мæгуыр уыдысты, æмæ æнæбарвæндонæй сæхи ластой быдыры хъæутæм, æмæ-иу уым бар-æнæбары сæ мыггæгтæ аивтой, сæхи-иу гуырдзыйæгтыл ныффыстой, сæ мыггæгтæ ныззыгъуыммæ- тæ кодтой. Æз Джиотæй дæн æмæ мæ мыггагæй Джиошвилитæ чи фыссы, уыдонмæ худи- наг ницы кæсы? Чи мын зæгъдзæн, рагон заманы гуырдзиаг мыггаг Джиошвили уы- дис, зæгъгæ. Æз нæ зонын, кæй фыссын, уыдон рæгъ- мæ рахæссынмæ бабæздзысты, уый, фæлæ уæддæр хъæбæрæй, зæрдиагæй, куыд ирон лæг, сидын, чи рæдийы, уыдонмæ: цалын- мæ нæма ферæджы ис, уæдмæ бацархайут, кæцæй æмæ кæмæй стут, ууыл асагъæс кæныныл. Курæг уæ дæн, æмæ тынг аса- гъæс кæнут, уæ фыдæлтæ кæм цардысты, кæмæй уыдысты, ууыл, цалынмæ нæ бай- рæджы ис, уæдмæ. Мæнмæ гæсгæ, бирæ- тæ æрæджы дæр бакодтой сæ кæстæртæн сæ мадæлон æвзаг ныууадзын. Стæй канд æвзаг нæ, фæлæ ма мæрдон рох фæкод- той нæ диссаджы ирон æгъдæуттæ æмæ фæтктæ. Амæйразмæ æргом ныхасæн фадат нæ уыд, фæлæ абон та цæмæй тæрсæм? Цы уайсадæм? Æз нæ бæстæйы адæмты ны- майын, фæлæ мæ топпы дзыхмæ куы ’ры- вæрдæуа, уæддæр ирон кæй дæн, ууыл мæ къух никуы сисдзынæн, нæ аивдзынæн мæ мыггаг. Истори чи зоны, уый йæ зæрдыл дардзæн, ирон лæг иратаманты йæ сæрмæ худинаг кæй никуы æрхаста, кад æмæ на- мысыл мæлæтмæ кæй цыд. Бамбарут нæ Иры адæм, Ирæй йæхи æддæмæ чи ласы, йæ сæрмæ йæ адæмы чи нæ хæссы, æлгъ сыл чи кæны, уыдон хъуамæ зоной, сæ кæстæртæн кæй уыдзысты æлгъыстаг, уы- мæн æмæ абон сæ хистæртæ, сæ фыдæлт^ бадынц хъарм къреслæтыл, æндæр хорз бынæтты, ис сæм мулк, бирæ æхца, сæ мыггæгтыл къæдзилтæ кæй баныхæстой (швили, дзе, ури) уый тыххæй. Фæлæ й^ зонут, уыцы мулк, уыцы æхца, уыцы кад цæрæнбонты фаг нæу. Æз сæмбæлын би- рæ хуссайраг лæппутыл, æмæ уын раст куы зæгъон, уæд фылдæр сæ ныхæсты вæййы гуырдзиаг дзырдтæ. Æз никæцы ,нацийы ныхмæ цæуын, раст мæ бамбарут, фæлæ йыл хорз ахъуыды кæнут. Уæлдæр цы авторты кой кæнын, уыдон раст фыссынц. Исчи ма йæ комкоммæ зæ- гъæд: кæм ма ис сыгъдæг ирон скъола Хуссар Иры дæр æмæ Цæгат Иры дæр? Æгæрыстæмæй ма иронау трафареттæ фыст дæр нал фендзыстут дуканийы дуарыл. Мах рæстæджы фæлтæрæн ма зæгъæн ис, æмæ уыдон тынг аххосджын не сты, уы- мæн æмæ ахуыр кодтам куы латинаг дам- гъæтæй, куы — гуырдзиаг, куы — уырыс- саг. Фæлæ ныртæккæйы фæсивæдмæ зæр- диагæй æркæсын хъæуы, æмæ сæм чи хъуамæ æркæса? Хуымæтæг, æнæахуыр адæм?.. Дарддæр ма мæ фæнды уый зæгъын, æмæ нæ фысджытæ, нæ историктæ фыл- дæр куы фыссиккой, Хуссар Ирыстоны цы хъæутæ ис, уыдоныл: куыд равзæрдысты, цавæр мыггæгтæ дзы цардис, æрвадиуæг кæцы мыггæгтæ кæнынц? Ис нæм хорз кæстæртæ, кæд иуæй-иутæ дзурынц, зæгъ- гæ, нæ кæстæртæ нал бæззынц, уæддæр. Уыдонимæ æз разы нæ дæн, æцæг уыдон æхсæн ахæмтæ ис, æмæ лæппу æмæ чызг иумæ куы бацæрынц, уæд рауайынц кæ- нæ æрвадæлтæ, кæнæ та иу иннæйы хæ- рæфырт. Ис ма нæм ахæм ирæттæ дæр, æмæ сæ цæрæнбонтæ арвитынц Ирыстонæй æддæ- дæр, кæнæ та фæсарæнты, стæй йæ мæ- лæт куы æрхæццæ вæййы, уæд курын бай- дайы, цæмæй йын йæ мард Ирыстоны ба- ныгæной. Æмæ æз разы дæн, лæг ахуыр куы уа, Ирыстоны йын бынат куынæ уа кусынæн уæд, фæлæ Уæрæсейы цы куыст кæны, уыцы куыст Ирыстоны куы уа, уæд та? Уымæйдæр, Уæрæсейы чи ис, уыцы ирæттæй бирæтæ сæ сæрмæ ирæтты хæс- гæ дæр нал фæкæнынц. Иу аз æз Цъæйы улæфыдтæн æмæ базонгæ дæн Баситы Чабæханы æфсымæр Тазретимæ. Абон дæр ма йæ ныхæстæ мæ хъусты зæлланг кæ- нынц: «Æз цæрын Мæскуыйы æмæ æмбырд кæнын мæскуыйаг ирæтты. Ис дзы ахæм- тæ. æмæ сæм телефонæй куы бадзурын, кæцæй æрлыгътæ Мæскуымæ кæнæ кæм кусыс, уæд афæрсы, æмæ дæ уый та цæ- мæн хъæуы? Куы йын бамбарын кæнын: дæхи ироныл нымайыс æви нæ, уæд теле- фоны хæтæл æрæвæры». Зынаргъ æмбæлттæ, «Фидиуæджы» ре- дакцийы кусджытæ, æхсæвæй-бонæй куы хъуыды кæнон, уæддæр сымахæн фаг са- лам раттынæн ныхæстæ не ’рымысдзынæн. Мæ цæст уын уарзы, уæ куысты уын кæм уа хорз æнтыстытæ. æнæниздзинад, уæ би- нонтимæ æнгом æмæ хæлар цард куыд кæ- нат. Канд сымахыл нæ дарæм нæ зæрдæ: кæд Ирыстоны мадæлон æвзаг уæ фæрцы мады ’хсыры ад скæнид не ’ппæтæн дæр. Æрмæст æй иунæг сымахыл куы бафæ- дзæхсæм. нæхæдæг æнцад куы сбадæм, уæд хъуыддагæй ницы рауайдзæн. Нæ фы- дæлты фæтк ногæй йæ хъомысы куыд ба- цæуа, ахæм амонд дунейы фарн саккаг кæнæд! Ирон мыггæгтæ фыдæлты дзыхæй куыд сирвæзтысты, уыцы фарн æрмæст мадæлон æвзагыл нæргæйæ хæсдзысты. ДЖИОТЫ САМСОН. Кусын иу чысыл заводы. Мæгуыртæн, рынчынтæн, хъæдын къæхтæ æмæ къухтæ кæм кæнынц, уыцы протезгæнæн заводы директорæй. 95
ЮМОР ÆМÆ САТИРÆ ГУЫРДЗЫБЕТЫ БАРИС * * * Бындзыг нозтуарзаг лæг уыд. Æдзух-иу йæ ныхасы сæр дæр уымæй райдыдта. Иурайсом ын, хъомтæ рæгъаумæ скъæргæйæ, сæ сыхаг лæгимæ ахæм ныхас рауад: — Бындзыг, цæмæн æнкъардгъуыз дæ? — бафарста йæ уый. — Куыд нæ уон æнкъард. Ды дæр мæ бынаты уæвгæйæ, дæ къахы фындзтыл нæ кафис. — Уагæр дыл цавæр фыдбылыз æрбамбæлд? — Дысон бонæрдæм дзæбæх афынæй дæн, — райдыдта дзурын Бындзыг. — Мæ бинойнаг мæм æрбацыд, йæ къухы арахъхъæй йе ’мдзаг цайдан, афтæмæй. — Хъарм дын æй ракæнон, æви йæ афтæмæй баназдзынæ, — бахатыд мæм уый. — Кæд нуазгæ, уæд хъармæй, — сцин кодтон æз. Уый цайдан куыддæр пецыл авæрдта, афтæ фехъал дæн. Цæй хъарм арахъхъ мæ хъуыдис, афтæмæй дзы цæуылнæ ныххырхтон, — мæстæлгъæдæй фæцис йæ ныхас Бындзыг æмæ ныуулæфыд къæхты бынæй арф. ХУДÆГ ФÆУАЙ, ТЫРНО! Тырно дыууæизæрастæу йæ сыхæгты кæркдоны смидæг. Райхъуыст кæрчыты хъуыдатт. Хæдзары хицау фæфæдис æмæ къæрныхы уым баййæфта. — Æгæр раджы цыд фæдæн, æндæра мæ бæргæ не ’рцахстаис, — багуым-гуым кодта Тырно. * * * Иу зымæгон бон Тырно йæ сыхæгтимæ хъæдмæ галуæрдоныл ацыд. Фæстæмæ цæугæйæ, сугæййедзаг уæрдон фæндагæй фæцудыдта æмæ ихы цæнды нынныхсти. — «Æй, уынгæджы куыд фæдæн, ахæм уæлдай куыстытæ чи кæны», — загъта йæ- хицæн æмæ йæ дыууæ къухæй йæ гуыбыныл ныххæцыд: — Мæлын, мæ тъæнгтæй, феххуыс мын кæнут. Мæ сывæллæттæ æнæдарæгæй баз- зайдзысты. Æмбæлттæ февнæлдтой æмæ йын уайтагъд йæ уæрдон фæуæлбыл кодтой. — Нæма дын фенцондæр? — афарста йæ сæ иу. — Куыддæр мæ уæрдон фæуæлбыл, афтæ мæ рыст цыдæр фæцис, — дзуапп рад- та Тырно æмæ йæ мидбылты бахудти. * * * Зæронд ус йæ лæдзæджы æнцæйтты бацыдис кæрдгæ дурæй цыртытæаразæн æр- мадзмæ. — Рухссаг уæд, цалдæр боны размæ ахицæн йæ цардæй мæ сæрыхицау æмæ йын цырт саразут, — бахатыд сæм ус. — Хорз, сараздзыстæм, — дзуапп ын радта æрмадзы кусæг. — Дæ хорздзинад дын нæ ферох кæндзынæн, мæрдты дыл хорзæй аудæд. Раст æй цыма дæхицæн аразыс, афтæ зæрдиагæй йыл бакус, — бафтыдта ма йæ ныхæстæм сылгоймаг. ТÆРХЪУСЫ АМÆТТАГ Иуизæр зылындзаст тæрхъус карз нозтæй йæхимæ фæкаст. Фæззæг уыд æмæ, цуттытæгæнгæ, тыхамæлттæй мæкъуылы размæ бахæццæ. Кæдæм ма фæцыдаид? Уайтагъд æрфæлдæхт æмæ йæ хуыр-хуыр ссыд. Афтæмæй йæ баййæфтой дыууæ къуыбырхъусы. Фæйкæ комдзаджы дзы уæддæр ис, зæгъгæ, сæ дæндæгты къæс-къæс ссыд, фæлæ йыл нал бафидыдтой æмæ сын мæлæтдзаг тох бацайдагъ. Сæ цармы гæбазтæ, гæлæбутау, фæйиæрдæм тахтысты, сæ туг буарæй, цыхцырæгау, ныллæууыд. Æппынфæстаг, æрфæлдæхтысты, сæ къæхтæ адаргъ код- той. Райсомæй тæрхъус райхъал, йæ цæстытæ асæрфтытæ кодта. Мæнæ диссаг! Йæ фæйнæфарс фæлдæхтæй лæууыдысты дыууæ бирæгъы. Тæрхъус сæрыстырæй йæ ри- хитæ адаудта, йæ риу размæ феппæрста æмæ йæ хъыллист спрвæзт: — Æз лæппу дæн, гъе, расыгæй дæр дзы дыууæйы дзæбæх куы апырдтон...