Text
                    Журнал выходит с мая 1934 года
ЕЖЕМЕСЯЧНЫИ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕИ
СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ
Главный редактор — Ахсар Кодзати
Редколлегия:
Гастан Агнаев
Руслан Бзаров
Борис Гусалов (отв. секр.)
Шамиль Джикаев
Анатолий Дзантиев
Елизавета Кочиева
Анатолий Кусраев
Давид Темиряев
Камал Ходов
Сергей Хугаев
Михаил Цирихов
Техн. редактор
Корректор
Анна Ядыкина
Заира Карацева
Владикавказ


/ '97 Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЬЮДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ Сæйраг редактор — Хъодзаты Æхсар Редколлеги: Агънаты Гæстæн Бзарты Руслан Гусалты Барис (бæрн. секр.) Джыккайты Шамил Дзантиаты Анатолий Косты Лизæ Къусраты Анатолий Темыраты Давид Ходы Камал Хуыгаты Сергей Цырыхаты Михал Техн. редактор Корректор Ядыкина Анна Хъæрæцаты Зæирæ Дзæуджыхъæу
НОМЫРЫ ИС ХЪАЙТЫХЪТЫ Азæмæт. Чысылрадзырдтæ 5 ДЗАСОХТЫ Музафер. Цардвæндаг. Æмдзæвгæтæ 11 ДЕГЪУАТЫ Соня. Царды хьусы ныхæстæ хьæуы. Радзырд. . . .28 ГАДЖИТЫ Барис. Фыдæлтыуæзæг. Æмдзæвгæтæ 60 ДЖИМИТЫ Кларæ. Мойагур. Радзырд 67 ФÆСАРÆЙНАГ ИРОН ФЫСДЖЫТÆ СÆБÆТХЪУАТЫ Рамазан-Аслан. Аргьæутгæ 75 УИДÆГТÆ Л. И. ЛАВРОВ. Происхождение кабардинцев изаселенис ими нынешней территории 94 АГЪНАТЫ Æхсар. Цалдæр ныхасы Лавровы уацы тыххæй . . . .102 ÆЛБОРТЫ Таймураз, КОЦТЫ Леонид. Архаикон фæлтæр ирон нæртон эпосы 106 Рагон къæлиндары сыфтæй 111 РÆСТÆГ - РÆСТÆВЗАРÆН М. Айдын ТУРАН. ЦæлыккатыАхмæт — хъазуатдуджы бæгьатыр хæстон 118 А. (хмет) Ц. (ÆЛЫККАТЫ). Литература кавказской эмиграции . . 133 НЕ ’ВЗАГ - НÆ ХЪЫСМÆТ ДЗИЦЦОЙТЫ Юрий. Теоним «Куырдалæгон»-ыравзæрд ... 142 АХУЫРГÆНÆГÆН ÆХХУЫСÆН ДЗАМПАТЫ Ларисæ. Ахуыргæнæн чиныг — мадæлон æвзагахуыр кæныны сæйраг фæрæз 149 ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ ГУЫДЗЫГО. Историон хабæртгæ 157 © Мах дуг№ 1, 1997
ХЪАЙТЫХЪТЫ Азæмæт ЦÆХХЫ ПУТ Ацы хабарыл æвæццæгæн æмæ 80 азы бæрц цæудзæни. Хохаг лæг æмæ ус Пидо æмæ Мина Джеоргуыбаты бæрæгбонмæ Садоны дуканийы дзуллаг ссад æмæ цæххы пут балхæдтой. Зæдтæ, дауджытæ сыгъдæгдзинад уарзынц. Ку- винæгтæн хæрæгуаргъæй хæссын кæй не ’мбæлы, уымæ гæсгæ ус цæххы дзæкъул раккой кодта, лæг та ссады пут, афтæмæй авд версты дæргъæн хохаг дæрзæг фæндагыл схæрд кодтой. Цæуынц æгомыг нарæг комы уæлæмæ, æгъдау куыд амыд- та, афтæ лæг разæй, æфсин та 3—4 къахдзæфы фæстæдæр. Хилджыны фæзмæ куы схæццæ сты, уæд Мина йæ лæджы ра- хиз фарсмæ басирæгау кодта æмæ йæ цæххы уаргъмæ амонгæ йæ хъуыр-хъуыр ссыд: — Æфцæджы дзуарыстæн, нæ лæг, ам путы ’рдæг дæр нæй, дуканигæс дæ асайдта! — Де ’фсарм кæд нæ бахордтай, уæд фæстæдæр алæуу, хъæддзаутæй нæ исчи фæрсæй-фæрстæм цæугæ куы фена, уæд ныл худинаджы зарджытæ скæндзысты! — фæтъæлланг кодта Пидо æмæ йæ къахайст фæдаргъдæр. Цæуынц нарæг комы уæлæмæ лæг æмæ ус кæрæдзи фæдыл сæ ирон æфсарм æмæ æгъдау хъахъæнгæ. Тындзынц размæ, фæлæ Мина хохаг телтек донау йæ хъуыр-хъуырæй не ’нцайы: — Нæ лæг, асайдтой дæ, ам путы ’рдæг дæр цæхх нæй. — Цæхх дарæг дæ ма уæд, кæд куыройы гæркъæраг нæ дæ, — сбустæ та кодта Пидо дæр æмæ йæ уаргъ уæлдæр сæппарæ- гау кодта. Хæдзармæ дам уæз нæй, фæзæгъынц. Пидо æмæ Мина дæр 5
хæссынц сæ уæргътæ нырма æнæ хидæзмæлæй, уæдæ цы уыда- ид. Цæуынц æмæ фæндаджы æмбис, Уæлгуырæйтты фæллад- уадзæн тигъмæ куы схæццæ сты, уæд бадæн дуртыл сæ уæргътæ æрæвæрдтой æмæ кæрæдзимæ дæрддзæфгомау æрбадтысты. Мина та йæ уаргъмæ æдзынæг ныккаст æмæ арф ныуулæфыд, афтæмæй зæгъы: — Бахатыр кæн, нæ лæг, уыдзæн дзы пут. — Фæстæдæр æй фенай, — бахудти Пидо æмæ та уарзон лæг æмæ ус сæ уæргътæ раккой кодтой. Даргъ уæззау фæндаг гæдыйы дымæгау сцыбыр. Хъæуы бынмæ куы схæццæ сты, уæд та Мина йæ тæрныхы хид зулмæ асæрфгæ сомытыл схæцыд: — Æфцæджы дзуарыстæн, нæ лæг, дуканигæс фæрæдыд, ам цæхх пут æмæ ’рдæгæй къаддæр нæй. — Æгайтма йæ бамбæрстай, не ’фсин,— бахудти Пидо. ИСЧИ ДÆ МÆ МАД ФЕНХЪÆДЦЗÆН Минайы хистæр фырт Амырхан Сырх æфсады рæнхъыты старшинайæ æнæхъæн цыппар азы баслужбæ кодта. Йæ пад- дзахадон хæс ахицæн кодта 1938азы. Сæхимæ ссыд булкъонау зыхъ-зыхъгæнгæ хæрзарæзтæй. Йе ’фсæддон фæлыст къахæй- сæрмæ æргъæу авгау цæхæртæ калдтой. Хъæуы лæппутæ йæм хæлæггæнгæ кæсынæй не ’фсæстысты. Чызджытæн та йæм сæ цæсты фиутæ тадысты. Алчи дæр тырныдта Амырханмæ хæстæгдæр алæууын, йемæ зæрдæбын ныхæстæ акæнын. — Æвæдза, Амырханæй цы хорз лæг рауад, цы! — дис код- той Ныхасы бадæг хистæртæ дæр æмæ Минайы дæрзæг цæсго- мыл хуртæ-мæйтæ хъазыдысты. Уæд ма Уæлладжыры хъæутæн сæ культурон артдзæст ра- загъды Садон уыди. Горæты уынгтау дзы бæрæгбоны дарæсы арæзт адæмæй азмæлæн нæ уыди. Гъе, æмæ иу фæззыгон хур бон ам уынджы фæиу сты мад æмæ фырт. Мина, мæгуырæг, æдзæллаг, фосмæзилæн дарæсы. Амырхан та бæрæгбоны æфсæддон фæлысты адæмы ’хсæн бонвæрнон стъалыйау тæмæнтæ калдта. Мад дзы адæмы цæстмæ йæхи хъал кодта æмæ куы иуырдыгæй йæ фарсмæ басиры, куы та — иннæрдыгæй. Хъал арæзт фыртыл адæм сæ цæст куыннæ æрæвæрдтаик- кой! Амырхан мады æгуыдзæг дарæсæй æфсæрмыгæнгæ йæхи Минайæ фæтылиф кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ уый цух куынæ уагъта, уæд бахъуыр-хъуыр кодта: 6
— Дзыцца, мæ фарсмæ ма ма цу, исчи дæ мæ мад фенхъæлдзæн. Дыккаг бон хурбадæны Мина сыхы устытæн рахъаст кодта: — Æфцæджы дзуарыстæн, нæ лæппу йæ дарæс цы аивта, уый йеддæмæ цыппар азы дæргъы йæ зонд уæлдайхуызон нæ фæцис. НЫВОНД ГАЛ 1941 азы Мина хъæды халонау се стыр хæдзары иунæгæй аз- задис. Пидо æцæг дунемæ афардæг, дыууæ чызджы сæ амæндтæ хуссарварс ссардтой, лæппутæ та фæдисы Фыдыбæстæйы хæстмæ фæцыдысты. Фыдæбонджын мад йæ цæссыгтæй йæхи æхсадта, фæлæ йæ мæгуыр къонайы арт мынæг кæнын нæ уагьта. Æртæаз- дзыд галыл нывонды къæбæл бабæттын кодта æмæ йæ, йæ фырт- ты ссыдмæ мидæг дон, мидæг хорæй хаста. Уæрæсейы дзыллæтæ æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæ Гер- маны хæсты азтæ адаргъ сты. Не стыр Цæдисы иу хай агъуыд сырды дзæмбытæм бахауд. Туджы зæйтæ, цæссыджы уылæнтæ æмæ хъылма фæздæджы къуыбылæйттæй зæхх æнуд кодта, арв æмпылди. Мина, мæгуырæг, мæ хъæбултæ мæ æгуыдзæгæй ма сæййафой, зæгъгæ, йæ дыстæ бафæлдæхта, йæ нарæг астæутæ æрбалвæста æмæ, састбазыр туасбындзау, кæрты, скъæты, хæдзары къуымты тыбырттытæ кодта. Цыд 1944 аз. Минайы æгъуыссæг цæстытæ йæ бæлццæттæм æнхъæлмæ кæсынæй сурс сты. Нывонд гал йæ æвдæймаг азы бацыд æмæ фырнæрдæй йæ цармы нал цыд, йæ хъуын скъæбæлдзыг. Иу ахæмы йæ къæлæты бæттæн арæмыгъта, дзæбидырау йæ фындзæй ныффуттытæ ласта æмæ хъæугæрæт- ты дугъæй нал æнцад. Кæм йæ раззаг къахæй, кæм та сыкъ- атæй абухгæ бынтондæр хъæддаг сырдау сызнæт. Мина йæ фæдыл ратæх-батæхæй бафæллад. Тыхсти, æхсæвæддæ куы баззайа æмæ бирæгъты амæддаг куы фæуа. Йæ мæгуыры бон куы базыдта, уæд сыхæгты лæппуйæн балæгъстæ кодта: — Хъанымæт, мæ къона, цума, мæ гал мын æрбаздах. — Æмæ мын цы ратдзынæ? — фæцырди лæппу. — Мæнæ нæ лæппутæ хæстæй куы ссæуой, уæд йе сгуы. — Æмæ куынæуал ссæуой, уæд та?.. — Уæд та дзы дæ бинонты дзæбæхдæрæн хист скæндзыстæм, — ферхуым Мина æмæ та зæронд хъæрццыгъайау йæ галы фæдыл ныппендзе. 7
Æлгъыстаджы хæсты артдзæстыл не ’фсæдтæ уазал дон ауагъ- той. Адæмы уæлахиздзаутæ сæ къонатæм здæхтысты, фæлæ, мæгуьь рæг, Минайы дыууæ хъæбулæй иу дæр нал фæзынд. Сæ мæтæй уарь зæгой мад фæззыгон сыфтæрау баруад æмæ мидæг хор, мидæг донæй ацал-ауал азы цы галмæ фæзылд уый йæ хистаг фæцис Рухсаг уæд. ДЗЫБАЙЫ ХÆДЗАР ÆМÆ САСИНКЪАЙЫ БÆЛÆГЪ Æвæдза, Фыдыбæстæйы хæсты диссæгтæ фыст кæд фæ- уыдзысты! Гитлеры хъæддаг тигртæ Ирыстонмæ куы лæбурд- той, уæд фыдгулты бомбæ Дзыбайы хæдзарыл æрхауд æмæ дзы дур-дурыл нал баззад. Хуыцау хорз кодта, æмæ уыцы æвирхъау боны хæд размæ хъæуы цæрджытæ Сау хъæдмæ алыгъдысты æмæ дзы удгоймаджы зиан не ’рцыд. Дзыбайы хæсты араугæ тымыгъ Украинæйы быдырты фæрахæсс-бахæсс кодта, гъестæй йæ 1943 азы æнæ цонгæй сæ хъæумæ æрбафу кодта. Æрлæууыд саст базыр цæргæсау бæрзæйкъулæй Дзыба йæ хæдзаруаты бомбæйы стыр дзыхъы был, æмæ цъысымы ныхха- уæг сырдау нынниудта. Сыхæгты ус, цъиувæдис Сасинкъайæн цы базонын хъуыд Дзыбайы. Йæ уæлхъус алæууыд æмæ йæм бахъарæг кодта: — Суадз, Дзыба, суадз дæ тыппыртæ, мах дыууæйæ дæр кæуинаг стæм. Дæуæн бомбæ дæ хæдзар фæхаста, мæнæн та мæ кæрты астæу минæйы нæмыг, мæ арахъуадзæн бæлæгъ ныппырх кодта Лæг æмæ усы æрдиагмæ сыхы устытæ æрбамбырд сты. Дзы- байы фырцинæй сæ уæлныхты фелвæстой æмæ йæ Уæлæсыхмæ аскъæфтой. Уым йæ бинонты къорд се ’рвадæлты хæдзары цар- дысты æмæ йæ уыдоны ’хсæн авæрдтой. Дзонгой салдат йемуд нæма æрцыд, афтæ та Сасинкъа йæ сины сæртыл хæцгæ йæ разы алæууыд æмæ йæ къæдз æфсæр сцагъта: — Цæй-ма, Дзыба, дæхиуыл схæц, æгайтма нын сæрæгас дæ. Хæдзар дæр та уыдзæн.... Уæдæ æз мæ бæлæгъыл куыд лæууын, — æмæ, дзыхы фæндыр фестгæ, йæ къахфындзтæ æрсагьта: Дзабо дæ ’ви Дзыба дæ, Дæ хъуыддæгтæй цы бадæ? Циццы богал — мæ богал, Раласут ма нывонд гал. 8
Рахæссут ма бæгæны, Не знаг абон бын кæны. Аходæггаг Сыбайæн, Галы сгуы Дзыбайæн. Сылгоймæгтæ Дзыбайы се ’хсæн фæкодтой æмæ Чепенайы кафт хæдзары зæххы рыг скалдта. Сымах дæр ма уым куы уыда- иккат. ФÆНДАГ ДЫН КÆНЫН Тала ас æмæ уындæй дæр кæд цæсты ахадгæ лæг нæ уыди, уæддæр, æвæдза, йе ’фсарм, йæ уæздандзинад æнæбын къутуйы дзагæй дæр фылдæр уыдысты. Арфæтæ та йæм уыйбæрц бирæ уыдис, уыйбæрц, æмæ сæ бонсауизæрмæ къæртайы комæй куы фæрсыгътаид, уæддæр йæ дзурындзæг ривæд нæ кодта. Куысты æнæхин, æвæлмæцгæ Тала заводы фæзминаг кусæ- гыл нымад уыд. Йæ бæстон куыст ын æмбырдты хицауад дæнцæгæн хастой. Йæ къам кады фæйнæгæй нæ цух кодта. Куыстмæ æмæ куыстæй дæр уыциу уагыл кæй цыд, уый дæр ын æнæ бафиппайгæ нæ фесты^йе ’мбæлттæ æмæ йæ швецараг са- хат дæр уымæн схуыдтой. Йæ тохси та алы бæрæгбон дæр зы- наргъ лæвæрттæ æмæ æхцайы гуцъулатæ къуыраг уыд. Хицау- адæй йыл тынгдæр та заводы инженер Николай Галкин аудыдта æмæ уый хуымæтæджы кæй нæ уыд, уый чидæртæ æмбæрста. Тала кæд азтæй дæс æмæ ссæдзы бæрц батыдта, уæддæр йе ’рыгон ус Тулайæ сабийау æфсæрмы кодта. Уыцы сахъатдзи- над йæхæдæг дæр бæргæ æмбæрста, фæлæ дзы йæ бон фервæ- зын нæ уыд. Фæсахсæвæр-иу сæ хъуыддаг сынтæджы онг куы ’рцыд, уæд-иу лæг фырæфсæрмæй Тъæройты бæхау скатай æмæ- иу усæн хуыссæнмæ йæ цонгæй ласинаг фæци. Тала, абабау, куыст афон заводы кæртæй дзæгъæл цыд ни- куы фæкæны, фæлæ йæ ацы хатт тынг æхсызгон цыдæр кус- æнгарз бахъуыд. Лæф-лæфгæнгæ йæ фатеры смидæг æмæ йæ рæсугъд усы Галкинимæ сынтæджы бæгъдулæггæнгæ баййæф- та. Тала, мæгуырæг, фырæфсæрмæй фæкомдур. Раст цыма бæгъæввадæй тæвд æфсæйнагыл лæууыд, уыйау скатай. Тула йын фæтæригъæд кодта æмæ йæм хуыссæнæй дзуры: — У-у, нæ лæг, мацы сдзур, фæндаг дын кæнын. Талайы цыма марды ронæй кæрдзынтæ давгæ фендæуыд, 9
уыйау сæргуыбырæй кæртмæ ахызт. Бадæн къæйыл йæхи уæззаугай æруагъта æмæ цалынмæ йæ лымæн инженер рацыд, уæдмæ уым хуылыдз каркау баргьæвст. Йæ хъусты дзæнгæрæгау азæлыд йæ усы фæлмæн хъæлæс: — У-у, нæ лæг, мацы сдзур, фæндаг дын кæнын. Фæлæ цымæ чердæм, хæрдмæ æви дæлæмæ? УРС ХАЛАТДЖЫН АБЫРДЖЫТÆ Фæсарæйнаг алыхуызон нуазинæгтæ æмæ бибитæй семы- дзаг, афтæмæй базаргæнæн ларектæ зокъотау уынджы арæнхъ сты. Уæхсты хуызæн рæхснæг, урсзачъе уæздан лæг Бибыл дзы иу ларечы къалбасы карст, цæххы къопп æмæ дыууæ сапоны джиппы балхæдта. Базаргæнæг æрыгон сылгоймаг дзы дæс ту- маны уæлдай кæй айста, уый Бибылæн цы бамбарын хъуыди æмæ йын афтæ зæгъы: — Раджы абырджытæ сау нымæтты тыхтæй Цъыфджын хъæды æмбæхстысты æмæ фæндаггæтты уым хъыгдардтой. Ныр та урс халæтты мидæг мæнæ ахæм ларекты бадынц æмæ адæмы стъигъынц. Уымæй зæронд лæджы маст ссыд æмæ йæ фæндагыл сын- дæггай араст, фæлæ уæ бауырнæд, урс халатджын йæ хæфсы цæст дæр не ’рныкъуылдта. О
ЦАРДВÆНДАГ УДЫБÆСТÆ Мæ размæ цас лæууы хæстæ Уырдгуыты дæр, хæрдты дæр. Мæ удæн агурын бæстæ Уæлæуыл дæр, мæрдты дæр. 995 азы 8 январь ФÆНДАРАСТ ÆМÆ РАСТ ФÆНДАГ Фæндарастæн-иу раст фæндаг куы уаид фаг, æгъгъæд, Нæ-иу фæдзæхсид кæстæрæн йæ зондджын хистæр уæд: «Дæрдтыл фæзил æмæ дæ хæдзар ыссарай». 1995 азы 16 январь МАДÆЛОН ÆВЗАГ Нæ æвзагыл цæуæм цъыфкъахæй - Нæ йыл мæт кæны иу дæр махæй. Вæййы нæ бар æвзаргæ хорæй, Уæддæр æй баивæм фæлхорæй. Кæйдæр дзырдтыл кæнæм хæлæф, Æрцахсæм тъепа, суадзæм кæф. Æцæгæлон дзырдтæ нын систы Цæмæндæр хион цины, хисты. Ныхасæн нал зонæм йæ ад, Фыдыусы ысхуыдтам мад. 11
Ысбадти уæртджынхæфсыл маргъ — Фæндагыл зайдзæни нæ уаргъ. 1995 азы 2 октябрь ФÆЛТÆРТЫ ХЪИЗÆМАР Мамсыраты Мураты чиныг «Æцæгæлон бæстæ» бакæсыны фæстæ Арв дæр — æцæгæлон, зæхх дæр — кæйдæр, Нæй дзы цырты фаг ирон дур, къæй дæр. Сты ам нæ къодæхтæ, хъуыдытæ — уым, Ирыдзыхъ — зæрдæйæн амондджын къуым. Фæлæ йæ бамбæхста цæстыты тар. Иунæджы былыл дæр нал баззад цъар... Мысы, цы нæ федта, уыдон дæр туг. Иухуызон низæй кæнæм мах хуыдуг. Уыцы низ — Райгуырæн бæстæмæ уарзт, Хистæрау кæстæрæн чи хæссы маст. Уастæн ныххауой фыдæлтæ дæлдæр, Туркмæ кæй рахаста сæфты гæлдæр! 1995 азы 25 мартъи ЗÆХХОН УÆЛАРВОН Уыд хуымæтæджы хæххон, Фæлæ диссæгтæ фыста... Кæд Къоста уыди зæххон, Уæд дæлзæххон дæн æз та. Мæтæй тад æхсæв уа, бон —- Дуджы раз йæ хæс фыста... Кæд, мыййаг, æз дæн зæххон, Уæд уæларвон у Къоста. 1986 азы 25—26 август
ЦАРДВÆНДАГ Æз зæххыл нæ цæуын — ихыл, Сæрсæфæн былгæрон — тигьыл, Карды ком, æрдуйæ хидыл... Разылди куырой мæ хидыл. Сбадт къуымбил — фæздæг мæ сæрмæ, Фæлæ раздæхын йæ сæрмæ Чи хæссы! Цæуын, хъуызын, Ницæмæ дарын мæ зын. Зонын: цуддзынæн кæддæр. Æз цæуын, цæуын уæддæр Рухсæй талынджы бæстæмæ, Нæй мæ раздахæг фæстæмæ 1989 азы 23 январь ÆВÆЛМАСТ Æм б и со н д Абайты Азæйæн Раджы дам иу лæг нæ кодта мæсты. Никæцы уавæры бафтыд цæсты. Афтæмæй бирæ фæцарди зæххыл, Фæлæ нæ зыдта, циу загъд æмæ хыл. Иуæй-иу хатт дам-ма тæбæгъты хъæр Тæрхæгæй райхъуысы, сисынц уынæр. Уыцы хæдзары та алкæцы уд Бинонты хистæрæй арфæгонд уыд. Ничи дзы дардта йæ зæрдыл æфхæрд. Уагыл йæ рацыд, йæ бакуыст, йæ хæрд. Хъæубæсты астæу дæр — йе ’гъдау бæрæг, Уарзондæр се ’хсæн нæ уыди цæрæг. Фондз фырты схаста æнæлазæй фыд, Алкæй уæнджы дзы лæгдзинад тæлфыд. 13
Калди сæ къабæзты фыды туг кæд, Гъеуæддæр уыдонæй нкчи уыд зæд. Искæмæн-иу дзы куы рафыхт йæ маст, Зæронд æм-иу уæд хæлар цæстæй каст. Чи нал-иу базыдта рохтыл хæцын, Никуы-иу райдьщта уымæ хæцын. Алчидæр-иу дзы йæхиуыл æрхудт, Изгард-иу айсæфти, райхъуыст-иу худт. Кодтой йыл бинонтæ алкæдцæр дис: «Хиуылхæст уæвæн æдзухæй куыд ис! Макуы рафыцæд уынгæг ран дæ туг, Афтæмæй арвит цæрæнбонты дуг!» Радтой кæрæдзийæн лæппутæ дзырд: «Хъуамæ ысмæсты уа иу хатт нæ фыд!» Фæлæ сæ фæндон куыд сæххæст уа, куыд, Ууыл сæ ахъуыды кæнын куы хъуыд. ...Бацыд йæ тæмæны хурæфсæст сæрд. Хосгæрдæн ралæууыд — уыйбæрц дæр кæрд! Фондз æфсымæры цæвджыты æхситт Никæцæй райхъуысти, никæмæ сидт. Цыма сыл бахæцыд иу низыхатт, Сатæджы уыйау æркодтой цæлхбадт Æмæ сæ цæвджыты хъæдтæй уым арт Сарæзтой, алчи дзы хъармы æрцард. Уыцы рæстæг сын ысцæйхаста фыд Сихор. Йæ фæндагыл сабыргай цыд. Иуафон схæццæ. Æрлæууыд сæ цуры Æмæ сæм уыцы æвæлмастæй дзуры: 14
«Байрйат! Цы кусут æмхуызонæй ам?» Фырттæ фæгæппытæ кодтой. Салам Радтой сæ хистæрæн. Скодтой æмдзырд: «Дзæгъæлы не стæм мах иумæ æмбырд. Скодтам нæ цæвæджы хъæдтæй арт, хъарм Батавта н’ алкæй дæр, дары ныл й’ арм...» Бахудт йæ мидбылты зæронд лæг: «Арт... Артæй кæддæридцæр фидыдта цард.» 1984 азы 19 июнь, 1996 азы мартъи ИУ ФÆНДАГ Хъысмæт вæййы нæ ныхы фыст, Нæ хъуысы уымæ цинау рыст. Йæ цалх æнауæрдонæй тулы, Йæ сæмæн туджы зæйы тулы Æмæ цæуы, цæуы, цæуы, Йæ фæстæ — чи хъæрæй кæуы, Чи — худы, чи — йæхицæн зары. Чи — хурварс бады, чи — мæйдары... Хъысмæт дæр — царды хуызæн дихтæ: Кæмæн — цъæх арв, кæмæн та — мигътæ Ысты йæ хай, фæлæ уæддæр Сæ фæндаг сиу вæййы кæддæр. 1989 азы 22 апрель ÆМСИÆХСТÆ Тезиаты Хъазыбегæн «Тæрсы дыууæ æмхæрæфыртæй арс, Дыууæ ’мсиахсæй та не здæхы фæстæмæ Цъæх хæрæг хуымæй», — хъусын м’ алыварс, Мæхи куы зонын æз, уæдæй фæстæмæ. 15
Æрмæст куыд хонон уыцы дзырдтæ раст, Кæд мах ыстæм æмсиæхстæ æцæгæй, Фæлæ цæрæм æмхæрæфырттау раст, Мæлынц нæм адæм иууылдæр хæлæгæй?!.. 1996 азы 9 сентябрь ХЪÆЗДЫГ ЗОНГÆЙÆН Искуы мæ куы бахъæуид æххуыс, Уæд дæумæ нæ баулæфин æз. Исын мæ куы бахъæуид æфстау, Уæд дæумæ нæ бацæуин лæгау. Афтæмæй кæны бæз-бæз дæ мулк, Фæлæ мулк æмæ дæу æхсæн цурк Нæй ныкъкъуырæн: сасмæй стут ныхæст, У уæ иумæйаг ном та «мæрддзæст». Иу уысм уын фæхицæнгæнæн нæй, Мулкæй дæу, стæй мулчы та — дæуæй... Мизæд фондзыссæдз ранæй дæ буд — Дуры ничи бауадздзæни уд. 1996 азы август МÆ КАР Мидбылты худгæйæ Мæныл цæуы ыссæдз азы, æртæ хатты æрмæст, Ыссæдзаздзыдтыл уый тыххæй æрæвæрын мæ цæст. Мæныл цæуы æртын азы, дыууæ хатты æрмæст, Æртыназдзыдтæм уый тыххæй æрныкъулын мæ цæст. Мæныл цæуы æхсай азы, æртиссæдзы æрмæст — Ныры æртиссæдзаздзыдтæм кæддæр ныкъуылдтон цæст.. Мæныл цæуы æхсай азы, æртиссæдзы æрмæст — Ныры æртиссæдзаздзыдтæм кæдцæр ныкъуылдтон цæст. 16
Мæныл цæуы æртын азы, дыууæ хатты æрмæст, Æртыназдзыдтæм уый тыххæй æрныкъулын мæ цæст. Мæныл цæуы ыссæдз азы, æртæ хатты æрмæст, Ыссæдзаздзыдтыл уый тыххæй æрæвæрын мæ цæст. 1996 азы 17 февраль ХУЫМÆТÆДЖЫ ÆЦÆГДЗИНАД Кæй нæ ныууадздзæн куыдз хæрын Л...Х, уый тыххæй дын ард хæрын. 1990 азы 4 ноябрь ЙÆХÆДÆГ Цы нæ бавзара адæймаг цæрæнбонты йæхæдæг, Нæ йын хæссы уый циндзинад, нæ йæ кæны æрхæндæг. 1991 азы 19 февраль ХЪЫСМÆТЫ ТÆРХОН Ды уый тыххæй ма кæн хуымæтæджы мæт: Æнаккагæн аккаг фæуыдзæн хъысмæт. 1991 азы 30 апрель ФЫССÆГ ÆМÆ АДÆМ Цы адæмы цæсты нæу кадджын йæ фыссæг, Кæндзæни уый райсом фыдбойнаг, æгъуыссæг. 1991 азы 2 декабрь ÆЛГЪЫСТ АРФÆТÆ Арфæтæ систой — уымæн у дуне æвдисæн — Иугонд Ыштаттæ Дихтæ Советон Цæдисæн. 1991 азы 27 декабрь 2 Мдхлуг№ 1, 1997 17
ЛÆГ ÆМÆ АУУОН Лæджы цы лæг нæ хоны лæг, Уый лæг йæхæдæг нæу æцæг. 1993 азы 16мартъи МÆГУЫРÆЙ ÆВЗÆРДÆР — Мæгуырæй æвзæрдæр ма искæй ысхон. — Æвзæр у мæгуырæй æвзæрдæр, уый зон. 1993 азы 25 мартъи ЗОНЫН ÆМÆ ДЗУРЫН Мæсты дæм куыннæ уон, зæгь-ма мын, куыннæ?! — Цы зоныс, уый дзурыс, цы дзурыс, уый — нæ! 1993 азы 30 август БОНТÆ ÆМÆ ДÆНДÆГТÆ Авд бонмæ мæ авд дæндагæй бавдæлон дæн æз, Бонтау нал ис дæндæгтæн дæр раздахæн фæрæз. 1993 азы 19 октябрь БАНДÆТТÆ ÆМÆ С...ТÆ Хъодзаты Æхсары мотив Дыууæ с.мæ цы ран нæ хауы иу бандон дæр, уым Дыууæ бандоныл иу с.дзæй бæхбадт кæны Хъырым. 1994 азы 10 январь МЫРГЪУЫДЗЫ НОГ КУЫСТ Зæвæттæ ысдæрын ныууагъта Мыргъуыдз, Сæ бæсты ысдæры æхсызгонæн ...дз. 1994 азы 20 январь 18
ХÆРÆГ ÆМÆ ЦÆФХАД Бæхыл куы сагътой цæфхæдтæ, уæд хæрæг Бадардта зæгæлкъуырæгмæ йæ сæфтæг. 1996 азы 3 декабрь тыхджын Ды дæ тыхджын — тыхджыны бон у барын, Зын сахат дыл мæхи дæр уымæн барын. 1994 азы 18 август ÆДЫЛЫ ÆМÆ ЗОНДДЖЫН Вильям Блейчы мотпв Æдылы ды куы нæ уаис, сæрхъæн, Дæ бæсты афтæ хониккой уæд мæн. 1994 азы 23 ноябрь УЫНАФФÆ Дæ фыстытæй кæй æрхæссыс æдзæстуарзонтæн зын, Хъæуы дæ ’рмæст гъе уый тыххæй дæр чингуытæ фыссын. 1995 азы 5 январь ЦЫФЫДДÆР ЗНАГ Мæхæдæг мæхицæн — цыфыддæр ызнаг, Мæхиау мын ничи фæвæййы мæ фаг. 1995 азы 10 февраль ЗАРЫН ÆМÆ ДЗУРЫН Йæхицæн чи зары, нæй уымæ ссарæн хъæн, Йæхицæн чи дзуры, уый хонæн ис сæрхъæн. 1996 азы 7 апрель 19
ХÆРÆГ ÆМÆ КЪÆЛÆУ Кæм бакæнынц хæрæгæй хуым, Къæлæуæй ласынц похци уым. 1996 азы 17 август САУЗÆРДÆ Зæгъынц, кæны дæ сæр куыдцæртæ. Зæгъын: «Хъæуы дæуæн фыдцæртæ!» 1996 азы 8 сентябрь ÆППЫННÆЙЫ БÆСТЫ Бæрцæй нуазын хос у, Нæ дзы риссы сæр... Æвзæр ус дæр хорз у, Нæу хорз ус æвзæр. 1994 азы 29 декабрь БÆРКАДЫ НАМЫС Кæд бæркад и дæ фысты, Нæу дæ хъуыды та хом, Уæд æнусон кæндзысты Дæу дæ намыс, дæ ном. 1995 азы 2 январь ЦАРД ÆМÆ МАРД Дидинджытæй уардимæ Ис фылдæр цæстдард... Райдыдтон æз «цард»-имæ Рифмæ кæнын «мард». 1995 азы 20 январь
ИУНÆГ БОНЫ ИУНÆГ УЫСМ Хуыздæр хæрзтæ нæ бауарзта мæнæн хъысмæты цæст, фæцауæрста йæ рæбыныл, нæу афтæмæй æлгъин... Уыдтæн дæуимæ амондджын æз иунæг бон æрмæст, Гъе уыцы бон та иунæг уысм мæнæн æрхаста цин. 1995 азы 12 февраль ЦÆФ ÆМÆ РÆХУЫСТ Фырмæстæй тъæпхаугæ фыц, Дардмæ дæр дæ гакк — бæрæг: Хæрджытæ дæ хонынц куыдз, Куыйтæ та — хæрæг. 1995 азы 17 апрель ÆНÆСÆРÆН Æгуыдзæг у æмбал æвзæрæн, Цæрæнбонты фæкæны тухæн... Йæ сæрæн чи нæ у, йæ сæрæн, Нæ вæййы уый йæ къах, йæ къухæн. 1996 азы 11 январь УСТЫТÆ КУРÆГ Дзуринаг йæ митæ адæмæн куыннæ сты, Кæд æмæ дзы нал у адæмæн сæ бон?! Фыццаг ус дыккаг хатт ракурыны бæсты, Дыккагæй фыццаг хатт ахицæн ызнон. 1996 азы 2 февраль ÆХЦАЙЫ ДЗÆКЪУЛ Каркау нæу уæлæрвты тæхæг маргъ, Ахæм цауд дзы мад нæма ныййардта. Чи нæ у хуынкъ суарийы аргъ, Уымæн ис йæ рæбыны милйардтæ. 1996 азы 20 февраль 21
НОДЖЫДÆР МА ХУЫМÆТÆДЖЫ ÆЦÆГДЗИНÆДТÆЙ Хъæрмхуыппытæн кæд у сæ хуыздæр бас, Уæдцæр æз никуы раппæлдзынæн уымæй. Куы нæ амæлæм, уымæй нын нæу тас, Куы амæлæм, тæссаг у махæн уымæй. 1996 азы 24 мартъи ÆВЗÆРСТЫТЫ АГЪОММÆ Тæрсы йæ бынатæн Кæпæрæз, Рæхджы дзы ’рцæуа хъуамæ сырд... Хъæлæстæ курынæй йæ хъæлæс Ныффæсус, нал хъуысы йæ дзырд. 1996 азы 14 июнь ХУЫЗИВÆГ Иры нæма федтон ахæм дыккаг Раджыйы хуызæн æрæджы: Аивта иу хатт йæ чызгон мыггаг, Бирæ хæттыты — йæ лæджы. 1996 азы 15 июнь УЫНГÆГ ЗÆРДÆ Суанты Кимы мысгæйæ Мæ зæрдæ уынгæг æмæ нарæг: Дæ сау сынты уæлхъус лæууын... Кæуын мæ нæ уадзы дæ зарæг, Кæны мæ дæ зарæг кæуын. 1996 азы 1 июль 22
ХУДÆДЖЫ ÆЦÆГДЗИНАД Фæйнæхуызон мах иу хъæуы Цæрæм, мæ хорз лымæн: Дæу ма ыссæдзмæ иу хъæуы, Хъæуы ма нудæс мæн. 1996 азы 13 июль ФЫДДÆР ÆМÆ ЦЪАММАРДÆР Кæнынц хъæздыджытæ зыдцæр, Мæ уд мын бахордтой, мæ уд... «Уыди рæстæджытæ фыдцæр, Фæлæ дзы цъаммардæр нæ уыд». 1996 азы 26 июль ИСБОНЫ АМÆДДАГ Дæ исбон дæ кæндзæн хуыдуг, Нытталынг дыл уыдзæн дæ дуг: Дæ цард куы акæла дæ сæрты, Уæд ма куыд цæрын ис дæ зæрды?! 1996 азы 5 август ÆНÆДЫЗÆРДЫГÆЙ Фидарæй дын у мæ бон зæгъын: Мацæуыл дар фидарæй дæ зæрдæ. Цасфæнды куы фæцæрай, уæддæр дæ Бахъæудзæни иуахæм мæлын. 1996 азы 24 август ÆНДÆРХУЫЗОН ДИССАГ Æрбайсæфти æвиппайды дæ риссаг, Æрмынæг и дæ хъизæмар, дæ рис... Кæддæр кæй нызтай, нал у уый ныр диссаг, Кæй нал ныуазыс, ууыл кæнын дис. 1996 азы 24 август 23
ИУ ÆМБЫРДЫ Уым нæ уыди уардийы ’нгæс уарди, Алкæй уæнджы дзы æгъдау уыд салд: Нæлгоймæгтæй духийы тæф калди, Сылгоймæгтæй нозты хъылма калд. 1996 азы 19 сентябрь ÆДДÆГ-МИДÆГ Нæу мах дуджы цæмæдæр гæсгæ фауды хуызæн фауд дæр, Зыр-зыр кæны йæ бынаты æгады хуызæн кад... Хуыздæр кæмæй дæн, уыдон мæ æдзухдæр хонынц цаудцæр, Кæмæй дæн цауддæр, уыдонмæ хуыздæрыл дæн нымад. 1996 азы 20 сентябрь ÆМХУЫЗОН УАВÆР Æртылд нæ цыт бæрзонд къæдзæхæй, Æрхуыссыд къæхты бын æнцад... Капекк кæм нæуал исынц зæххæй, Нæй дзыппы сомæн дæр уым кад. 1996 азы 21 сентябрь ÆМДЗÆВГÆТÆ-ОМОНИМТÆ ГÆДЫТÆ Кæцы хуыйны бæлæстæй гæды, Уый сæрмæ кæй сызгъордзæн гæды, Уымæй æз нæ зæгъдзынæн гæды, Зоныс æй дæхæдæг уæвгæ ды. 1995азы 19май 24
хизын Нал дæ хъæуы фаллаг фарсмæ хизын, Райдыдта дæ рæгьау ам дæр хизын. Ферох кæн чысыл рæстæг дæхи зын — Бахъæудзæн дæ иуцасдæр мæн хизын. 1995 азы 23 май ФÆДЗÆХСТ Ма у галиу: Фос мæхи сты... Къамбец, гал-иу Аргæвд хисты. 1995 азы 5 мартъи ÆЗ НАЛ ТÆРСЫН МÆЛÆТÆЙ... Сæрибар дæн ныр сагъæс æмæ мæтæй, Ысты мæм уыдон арвгæронау дард. Сымах хуызæн æз нал тæрсын мæлæтæй, Сымах хуызæн мæ нал домдзæни цард. Мæ риуы мын куы нытътъыстæуид хъама, Уæддæр мæнæй — уый нал бамбарид рыст. Сымах мæнмæ хæлæг кæниккат хъуамæ, Кæй фæдæн æз мæ хъизæмæрттæ фыст... 1995 азы 4 апрель, 27 июль ÆРДÆГФЫСТЫТÆ * * * Хохæй тулдзæн дур, Зилдзæн фæзы цалх, Сау зæхх тавдзæн хур, Нал уыдзыстæм мах... 1990 азы 15 февраль 25
* * * Мæ сæр мын уаддымгæ ныффаста, Æрду дзы нал баззад фæсфаст. Мæ цæсгом бахуым кодтой азтæ, Æрцыди похцийæ дæр ласт. 1993 азы 19 октябрь Сæрыхъуынтæ нал и, дæндæгтæ дæр — нал, Нæ дзы уыди бонтæм ныры онг дæр уал. Æруагьта мыл рæстæг йæ уæз æмæ уаргъ, Мæ фæндаг кæд даргъ уыд, уæд нал у ныр даргъ. 1993 азы 30 ноябрь ХАЙЯММÆ Кæд дæ ныхмæ нæ дзурын, Кæд дæ фарс дæн, уæддæр Æз нæ уыдзынæн дурын — Сау зæхх фестдзынæн, мæр. Уым æрзайдзæн бæлæстæ, Дидинджытæ, кæрдæг. Амондцжынæй-иу рæстæг Уым æрвитдзæни лæг. Уым хæлхæлгæнгæ суадон Згъордзæн денджызмæ цырд. Скæна, чи зоны, бандон Уым мæ фыртæн йæ фырт. Бадцзæн-иу дзы изæрмæ Уарзон уарзоны цур. Тары дæр-иу сæ сæрмæ Скæсдзæн амонды хур... 1988 азы 2 октябрь 26
ХОХЫ КАРЦАЙЫ Мæнæн та Хохы Карцайы Мæ зæрдæйы рыст банцайы. Æрбастæуы мыл хотыхтæ, Мæ тыхтыл бафты ног тыхтæ. Фæцæймæхонынц сычъитæ Бæрзонд къæдзæхы сиучъытæм. Мæнæн та Хохы Карцайы Мæ зæрдæйы рыст банцайы, Зæххон цæрджытæй нал вæййын, Сывæллонау ысхъал вæййын. Дæрдтыл мæ цæст куы ахæссын, Æгас дунетыл аххæссын. Мæнæн та Хохы Карцайы Мæ зæрдæйы рыст банцайы. Фæцæймæхæссынц цæргæстæ Сæ базыртыл дзæнæт-бæстæм... 1977 азы 13 май РАГУАЛДЗÆДЖЫ НЫВТÆЙ Æрдæглæмæрст хъæццулæй Æнкъард быдыр — æмбæрзт, Кæсы æнхъæлмæ, хурæй Кæд рантысид зынгцæст. Фæстинон — æрдз, фæлладхуыз, Уæлауæдзы æфсир, Йæ цар — мылазон ахуырст, Йæ фæндæгтæ — лæхъир... 1975(?) аз
ДЕГЪУАТЫ Соня ЦАРДЫ ХЪУСЫ НЫХÆСТÆХЪÆУЫ Р а д з ы р д Гæппыда æмæ Зæлийæ ницы зæгъæн ис, куыд хорз сыхæгтæ, афтæ — лымæн цард кæнынц, хъысмæт сæ иу ранмæ куы ’ртым- был кодта — иу сыхмæ, уæдæй. Хорз сыхагæн та аргъ ис бахъуы- ды сахат — цы цины рæстæг, цы зыны сахат. Æмæ алкæддæр кæрæдзийы уæлхъус æрбалæууынц. Фæлæ уæддæр алы хæдзармæ дæр йæхи æгъдæуттæ, йæхи миниуджытæ вæййы. Удыхъæдæй дæр адæмæн æмхуызон уæвæн нæй: Зæлийæн искæдæм ауайыны кой ма скæнай! Фæлтау бон-изæрмæ къуымтæ, къæрæзтæ фæлдахдзæн, дымæгхъисæй хахх кæндзæн амæй-ай зындæр æмæ уæззаудæр хæдзары зылдтыты, æддаг куыстытыл нал цæуы ныхас, фæлæ. Гæппыда та — уый бынтон æндæр у удыхъæдæй: йæ уд, йæ дзæцц, куыд фæзæгъынц — искуыдæм ауайын. Раст ыл цыма йæ хæдзар судзгæ кæны. Искуыцæй фæндыры хъихъ фæцæуæд, науæд — алчи дæр йæхи фæндиаг уæд — фыдохы хъæр айхъусæд, уый йеддæмæ уайтагьд йæ райст-бавæрды уæлæдарæс рæвдз кæнынмæ фæвæййы æмæ фыццæгтимæ — уым смидæг вæййы. Хорз æй чи зоны, уыдон куыд дзурынц, афтæмæй дзы, æвæццæгæн, иунæг циндзинад дæр æмæ иунæг зиан дæр никуы аирвæзт — чындзхаст уа, чызгæрвыст уа, науæд авдæнбæттæн, кæнæ куывд, уый йе ’ртæ сæбæччы кæй дуарыл нæ ныццавта æмæ йæ къухтæ бæрзонд кæй циндзинады нæ систа. Æмæ уæд æмбалæн та йæ фыццаг дуары бахост вæййы Зæли- ты кулдуар. Уæдæ ма æниу сыхаг дæр цæмæн фæхъæуы, сæрнизæн? Иунæгæй цæуæн куыд ис цинмæ дæр æмæ зианмæ дæр? Æмæ гъе, ахæм рæстæг уæд сæ доны бын рæсуг нал фæкæны — сæ иу размæ фæхæцы, се ’ннæ — фæстæмæ. Æмæ та мæнæ ныр дæр сæумæкъуырццæй Гæппыда Зæлиты кулдуар йæ сынæгæй сцавта: 28
— Дзæбодыр! Уæхимæ стут цы?! — дзуры мидæмæ нæлгой- маджы номæй, фæтчыгъæдæн, æндæр æй уый сæр цæмæн бахъуыд, исты йæ нæ зоны, хъарм зæрдæ йæм кæй нæ дары, уЫЙ. — Кæцы дæ уый, уæхицæй дæ сургæ ракодтой, æви дæ а- раджы цы хур, цы къæвда æрбахаста, уасджытæ сæ уасынæй куы нæма æрынцадысты? — кæд Гæппыдайы йæ хъæлæсæй ба- зыдта, уæддæр та йæ æлхыскъфарст кæны лæг. — Йæд у... Уæ райсомтæ хорз!.. Зæли мæ хъуыди ныхасæн. — Йæ фын уал ын кæронмæ уынын бауагътаис, гормон, куы нæма рабадт! — йæ фæстæ ма бæргæ дзырдта лæг, фæлæ уымæн уæдмæ йæ ныхас мидæгæй райхъуыст: — Уанцон хуыст нæу, уанцон, хуыссæджы дзæкъул! — йæ хъæццул иуварс аппæрста усæн. — Дæлæ кæнай, уæлæ кæнай, уæддæр та дын ацы хатт мемæ æнæ цæугæ нæй! Стæй мын дæхи Битъыры хъазы уагъд акæн! Ничи йæм кæсы! — Фæлæуу-ма, сæукъуырцц макуы фæуай, чердыгæй та дыл дæ хонæг амбæлд цымæ? — йæ цæстытæ æууæрдгæ йæ хуыссæ- ны рабадт Зæли. — Йæ цæрæнбон бирæ, дæуыл Гæппыда чи сæвæрдта! Æндæр ном дыл, æвæццæгæн, фидаугæ дæр не скод- таид! — æрдæгæй дæлæмæ йæхи æрæмбæрзта ус фæстæмæ. — Æмæ афтæ æнхъæлыс, уый мын мæ номæвæрæджы ном у? Хъуыдинæт мыл сæвæрдта уый бæргæ, фæлæ... Рухсаг уæд, Гæппы- да мын, мæгуыр, мæ мады лæвар у, — арф ныуулæфыд ус. — Æцæг фæуæд рухсаг, æндæр æй хъуыды та кæцæй æркодта уыцы ном, хъуыды? — Æмæ гъа! Иуахæмы та кæдæм цыдаин, ме ’мбæлттимæ, чи зоны, фæлæ мæм уыдоны цур бустæхуызæй сдзырдта: «Кæдæм, Гæппыда, агæпп æввонг та куы дæ?» Уыйадыл мæм уый фæстæ ме ’мбæлттæ Гæппыдайæ дзурын райдыдтой. Фæстагмæ та иннæтæ дæр. Æмæ, куыд уыныс, афтæ! Сфидыд- та мыл! — бакаст Зæлимæ. — Фидыд дæр фидыды хуызæн куы уаид! — бахудти ус. — Джиппы ’вæрды хуызæн раст. Бирæ азты ма йæ дзæбæх, æнæнизæй хæссынхъом у. — Бузныг. Уый мæ куыд ницы хъыгдары, æндæр сагъæс Аæр лæджы куынæ уаид. Ном та цы у? Фæкæсынæн у æмæ дæм Цæмæйфæнды дæр дзурæнт! Уый тыххæй мæхи искæмæй нæдæр хонын? Уæдæ нæ! Атъæпп уа мын искæмæн йæ сæр! — саерхъал- хУызæй загъта ус. — Гъестæй мыл-иу ды дæр бустæтæ кæны- пыл ма схæц, ма! Мæ былыцъæрттæ, мыййаг, фæхæрын ауа- иынмæ? Фæлæ хионæн дæр æмæ æддагонæн дæр æгъдау куын- 29
æуал дæдтай, уæд дæ, мæ хур, зонгæ дæр ничиуал кæндзæн Ничиуал дæм ницыуал æнхъæлмæ кæсы — ферох дæ адæмæй Æмæ мæ цоты гуыр-гуыр цæуы, мыййаг, чи мæ кæй монцмæ хъуамæ нымайа, мæхæдæг мæхи куынæ зонын кæнон, уæд? — Уымæй раст зæгъыс, Гæппыда, уый та сусæггаг кæмæн у? Фæлæ æгæр цыды дæр кад нæй, кад: фырцыд — æдзыт зæгъгæ дзæгъæлы фæзæгъынц. — Омæ мын уæдæ цы кæнын кæныс, цы, гормон, алцы дæр мæхимæ кæсы. Кæмæн дын «цума» зæгъон уæдæ? — Æмæ дын уый дæр та искæй аххос у? — цæхгæр ын йæ ныхас фæлыг кодта Зæли.— Афоныл хъуыды кæнын фæхъæуы уыдæттыл, афоныл! Айгъай у сæрибарæй цæрын æнцондæр, адæймаг-иу йæ сомбоныл куынæ хъуыды кæнид, уæд! Æнæсæрбос хайуан хизæны сойджындæр кæрдæджытыл куы зила, уыйау — дæ цыд дæ бар, дæ бахæрд иннæ ахæм. Дæ хуыст дæр уæдæ афтæ: куы дæ фæнда — рабад, куынæ дæ фæнда — ма сыст. — Бæргæ, уыдæттæ-иу алкæмæн афоныл йæ зонд куы ах- сид! Кæм-иу йæ къах скъуырдзæн лæг, уый-иу куы зонид, уæд, æвæццæгæн, иу сахъат æмæ æнамонд адæймаг дæр нæ уаид зæххыл,— дзырдта Гæппыда. — Фæлæ æмæ гъа. Цы хуыздæр у, уый иунæг кадджын Хуыцау йеддæмæ ничи зоны: æвæд дæр дам куыдта æмæ фыдвæд дæр... Цот дæр алкæмæн æмхуызон рæстмæ кæнынц, цот? Алцæмæн дæр амонд хъæуы. — Уымæй раст зæгъыс. Де ’ртæ фыртæй иу дæр адæмымыг- гаг ма рауайæд æмæ дæ ныгæнын дæ дард къабазмæ æрхауæд. Сæ цæрæнбон бирæ уа Дзаттейы фырттæн, уый чи бабæлвырд кодта. Дзæнæтæй зæгъын, нæ сыхагæй, — йæ сæр нынкъуыста Зæли. — Уæдæ, мæ хур! Æмæ цы хуызæн чызг уыди Дзæнæт, уый куы зыдтаис! Хуртæ æмæ дзы мæйтæ кастысты кæмæй фæзæгъынц, раст ахæм. Уый-иу цы хъазты нæ уыд, уый-иу хъазт- хуыз дæр нæ уыди — иугай-дыгай-иу фæсивæд хъазтæй фæлыгъ- дысты. Суанг ма нæм-иу сыхаг хъæуты фæсивæд дæр цыдысты нæ циндзинæдтæм, кæд та дзы Дзæнæтыл нæ цæст æрхæцид зæгъгæ. Æмæ дзы цы амонд фæци, мæгуыр. Цыдæр низхæрд разынд йæ барыхай дæр, утæппæт дзурджыты æхсæн кæй рав- зæрста, уый. Куы йын бакуымдта, уæддæр ын цæмæндæр никæй зæрдæмæ фæцыд. Аккаг ын æй ничи кодта. Фæлæ амонд! Амонд йеддæмæ дзурæн ницæуыл ис, зæгъгæ зæгъæн ис фидарæй. Æндæр, дæ загъдау, де ’ртæ хъæбулæй иу адæмы хуызæн ма рауайæд, æхсæвæн æнхъал бонæй æнхъал кæмæн фæкæнай! Чи 30
аМ ын дзы анасист у, зæгъынц, чи йын дзы ахæстонæй æддæмæ æ цæуы. Аннæ та дам иу сылгоймаджы фæдджийыл дæр æнæ схæцгæ нæ фæци, рагъæй сæ æвзары. Нæ, нæ! Фæлтау гъеныр куыд Аæн> УУЬ1Л разы дæн, нæй æмæ нæй! — йæ къух ауыгъта ус. ^ — Уый мын ды дæр дæхи уымæи ма раст кæн. Фыдвæдæи æвзед хуыздæр у, ууыл ныхас нæй, фæлæ ныр кæмæндæр йæ цот зæрдæзæгъгæ нæ рауадысты зæгъгæ, уæд уый тыххæй иннæтæ цот уадзынмæ нал хъавынц уæдæ? Мæйыл дæр ма куы ис сау æндæрг. Зын зæгъæн у, цæй мидæг ис сæ аххосаг ный- йарджытæн, сæ цот кæй нæ фæрæстмæ сты, уымæй. Зæххон адæм стæм æмæ æнæ рæдигæ дæр нæй. Кæм нæ сарæхстысты, чи зоны, цард вазыгджын у æмæ. Хуыцауы куы бафæндид æмæ рæдигæ куы нæуал кæниккам, нæ зондахаст та рухсдæр куы кæнид, удыхъæдæй куыд фæсыгъдæгдæр уæм, афтæ. Алчи йæхи гуылы бын куы нæуал æндзарид, фæлæ æфсæст æххормаджы рисс куы банкъарид. — Бæргæ, бæргæ, Зæли, дæ ныхæстæ Хуыцауы комы тæфыл арæзт куы фæуиккой! — æхсызгонæн сулæфыд Гæппыда. — Нæ кастæ, цы фæсивæд æрбамбырд Дзаттейы фыртты уæлхъус Дзæнæты зианы, æхсæст хоры нæмгуытау! — Æмæ дæуæн уый загъдæуа, сæ хуртæй сын бафсæдæнт сæ ныййарджытæ, æнæхъæн хъæуæн дæр кад скодтой. Се ’ндæвдадæй ма æнæхъæн хъæубæстæ дæр цардхуыз кæны. Æрмæст Фæрсхъæуæй цы мæрддзыго ссыд уыцы бон, уыдон цы рæсугъд арфæйы ныхæстæ загътой уыцы æфсымæрты фæдыл, уый тыххæй дæр ма сæ царды бонтæ фæдаргъдæр кæнын æмбæлы сæ ныййарджытæн! — цыма сæ хъысмæты исты бæрнджын уыд, уыйау сæрыстыр хуызæй Гæппыдайы ныхæстæм бафтыдта Зæли дæр. — Цард сын бантысæд, цард сæ ныййарджыты фæндиаг, фæлæ сæ арфæйы сæр цæй тыххæй уыд Фæрсхъæуы мæрддзы- гойæн, уый æз дзæбæх нæ бамбæрстон, Зæли? — Цы дзы нæ бамбæрстай? Куыд дзырдтой, афтæмæй Фæрсхъæуæй чидæр Дзаттетæм хæстæг æнафоны йæ машинæ Цæуылдæр скъуырдта, афынæй мæгуыр, æвæццæгæн. Машинæ зыбыты пырх ныцци, стæй йæхæдæг дæр уæззау цæф фæци Та?рæг. Фæлæ ма уæддæр йæ тæвдæй йæ къухы Дзаттеты кул- Ауар бахойын бафтыд, стæй уым æрхауд. Исчи йæм ракаст, нæ, Уьщ дæр нал бамбæрста, афтæмæй. Æфсымæртæй йæм чи ра- каст, уый хъуыддаг куы бамбæрста, уæд æххуысмæ фæдзырдта Ис ’ннæ æфсымæрмæ дæр æмæ æмæхсæвæджы цæф нæлгой- 31
маджы рынчындоныл сæмбæлын кодтой. Уый фæстæ та йын йæ машинæ рацагуырдтой æмæ пайдайаг нал у, уый куы фед- той, уæд дзы цы уыди, уыдон сæхи машинæмæ равгæдтой дзæвгар æхцайы фæрæзимæ, стæй машинæйы номыртæ семæ рахастой, афтæмæй Фæрсхъæуы балæууыдысты сæумæрайсом йæ хъысмæт сын сæ бар чи бакодта, уый бинонтæ агурæг Куыннæ сæ фæбузныг уыдаиккой уыцы бинонтæ нæ, фæлæ æнæхъæн хъæубæстæ дæр уыцы æфсымæртæй æмæ сын куыннæ кæной арфæтæ? — Федтай! Гъеныр уыдон æмæ Дзæнæты лæппуты сиу кæн! — йæ къухтæ кæрæдзиуыл ныццагъта Гæппыда. — Мæ уд дæр ма сын царды хос фестæд, мæ уд ахæм цæринаг гуырдтæн! — фестад йæ бынатæй ус. — Дæ хæдзары зылдтытæ акæн, дæ рын бахæрон, æмæ мæ раййаф. Мæ арæвдз кæнын та дæумæ кæсы, уый хорз куы зоныс. Стæй цалынмæ сатæг у, уæдмæ нæ фæндаг дæр дарæм... тæвд та уыдзæн, бæстæ дзæгæрæг куы кæны. — Цытæ дзурыс? Цæуыны кой ма мын ма кæн, арæвдз кæнынæй цы зæгъыс, уый зæгъ! — йæ къух ыл ауыгъта Зæли. — Цæугæ дын ницы хуызы акæндзынæн, мæ кæнинæгтæ мæ сæрæй уæлдæр! — ацамыдта йæ сæрмæ. — Ныр ма-иу афтæтæ та цæмæн фæдзурыс, дæ сызгъæрин доны калæгау, лæгæн йе ’хсызгон куы саразыс, уæд? Уæдæ та мæ æниу ис сыхагæй иунæгæй æрвитынмæ хъавыс, кæд уыд уæдæй нырмæ цы циндзинадмæ бæллыдтæн, уырдæм? — Уагæр та дын чи у, цымæ, афтæ тынг кæй циндзинадмæ бæллыдтæ, уый. Æви та дæм кафын æрцыд? Кæй мыдыкъусæй та дæ фæхъæстæ уæвын æрфæндыд, чи зоны. Кæд та йæ ды мæнæй уæлдай дзæбæх зонгæ дæр кæныс! — бустæхуызæй йæм бакаст Зæли. — Кæй? 0 нæ! Æмæ Бæппийы та чи нæ зоны ацы зылды?! Цы хуызæн лæппу у, уый зоныс? Æнæхсад армæй йыл æндзæвгæ дæр ма акæн! Уæдæ хæдзарæй та! Зæй, зæй! Цард сæм цæджджинæгау æнхъизы. Мæ цæстытыл уайы, уым цавæр чындзæхсæв уыдзæн — хæрдæй зæгъай, нозтæй зæгъай! Æмæ мæ уыдон сагъæс нæй — гуыбын скъæт йеддæмæ ма исты у, цыфæнды дæр дзы ныппар. Фæлæ дзы цас адæм сызмæлдзæн æмæ дзы цы хъазт уыдзæн! Æнхъæлоны дуармæ — ахст! — йæ цæстытæ цины цæхæр скалдтой Гæппыдайæн. — Æй дæ бонæй уай! Уыцы хъазт æмæ ды! Дæу кафынæй чи бафсаддзæн! — бахудти йыл Зæли. — Сойыфыхæй та рогдæр уымæн фестадтæ уæдæ. 32
_- Омæ уый ницы хоныс, ницы? — Зæлийы астæуыл атыхст Гæппыда. — Мæ фыдгулæн дын йæ зæрдæ кафын дæр æмæ чарын дæр мауал зæгъа. Мæлæты бирæ куынæ сты царды бонтæ ^- скаст æмæ æркаст. Адæймаг æй æмбаргæ дæр нæ бакæны, йæ царды уалдзæг куыд агæпп кæны, уый. Æмæ рагацау нæхи чьфыны дæр куыд нывæрæм, уæдæ, и? Æнкъард бонтæ дæр иыл чысыл нæ ауад. Ай-гъай дзы кафдзынæн! Фæлæ... — фæджи- хау ус — Гæныстон макуы фæуа хæрам, адæймаг уæлæдарæсæй рæвдз нæу, рæвдз. Уæлдайдæр ныртæккæйы рæстæг, æнæ импъ- орт нæхирдыгон дарæсыл æрвæсгæ дæр куы ничиуал кæны, уæд. Мæ къæхтыл мæнæ адонæн ницы у — сирынмæ хорз уыдзыс- ты, — фелвæста йæ дзабыртæй иу æмæ йæ Зæлимæ æвдисы. — фатъи мын сæ ахуыдта знон — уæлфæдтæ йæхицæй, уæфстæ та — ибон мын дæхæдæг кæй авæрдтай, уыдон. Дзæбæх не сты? Фæлæ мын дæ уæлæдарæсæй исты... Импъорт куы уа, уæд хуыздæр, — авæрдта йæм дзабыр æмæ йын худгæйæ йе уæхск æрхоста. — Науæд бæлæтты æхсæн сау халоны хуызæн куы уон, уæд дæуæн дæр цас кады хос уыдзæн? — Худæгæй мæ ма мар, импъорты хицау! — йе уæхскæй йын йæ къух аиуварс кодта Зæли. — Къуциаты Цæлыкк худæгæй марæн, нæ? Хæцъил дзабыртимæ дæ цавæр фæсарæйнаг уæ- лæдарæс хъæуы? Стæй сын сæ уæфстæ æлвынгæ та цæуылнæ скодтай дæ дзабыртæн, æлвынгæ, гормойнаг? Кафын зонын йеддæмæ æппын царды æндæр ницы зонын æмбæлы? — Цы дам, цы? — райста йын дзабыр йæ къухæй Гæппыда æмæ уафсмæ æдзынæг кæсы. — Мæгуыры бонтæ! Мæнæ та куыд разадысты! — дисгæнæг скодта йæхи. — Уадзæбæх мын дæ къоппа кæннодæ! — зæрдиагæй йыл ныххудт Зæли. — Уыдон цынæ разадысты. — 0 цæй! Ныртæккæ сæ æз джиппы уагъды хуызæн апълан кæндзынæн. Фæлæ мын уæддæр демæ дæ уæлæдарæсæй исты райсдзынæ, æз ауайон æмæ дын кæнынæввонг æрцæттæ кæнон. Нæ хуын дзæбæх рауайæд, æндæр сын лæварæй зæрдæ не ’вæ- рьш. Мæ лæвæрттæ хъуаг не сты, мыййаг, рæстмæ сын фæуæд сæ пог бинойнаг æндæр. Мæнау исты уыдон дæр пенсийы ка- печчытæм куынæ æнхъæлмæ кæсынц, милуангай куы ссивы йæ Азыпмæ. —- Хайыры хъуыддаг уæд, — арф ныуулæфыд Зæли. — Хуы- ЧаУ сæ, знон цы ног чындз федтон, ахæмæй бахизæд. — Цы дам, цы? — фæстæмæ фæзылди Гæппыда. — Æмæ кæм Уыдтае знон, цавæр ног чындзы кой кæныс? Æз чындзхасты ха- )арæй куы.никæмæй ницы фехъуыстон. Æнæ мæн сæм кæй ба- М;1*луг№|, 1997 3 3
лæууыдтæ, æри дæ къух! — уайдзæфты бын фæкодта æлхыскъ- æмхасæн Гæппыда Зæлийы, æмæ йæхи бæлвырддæр хъусынмæ æрцæттæ кодта — сæрбæттæны бынæй хъус дæр разынд. — Уый, æвæдза, знон искуы исты змæлд куы уыдаид, уæд та йæ ды мæнæй раздæр фехъуыстаис, уымæй раст зæгъыс, фæлæ... — Гъы, гъы? Дзур. Кæм уыдтæ уæдæ? — цымыдисхуызæй æрбадт фæстæмæ. — Кæм уыдтæн куы зæгъай, уæд — сæ цины бон мæ фадат куыд нæ амыдта, мæхицæн æй хæсыл нымадтон, афтæмæй, уымæ гæсгæ знон уазæгуаты сæмбæлдтæн мæ хорз зонгæтæм, сæ иунæг рынчын у, уый дæр ма куы фехъуыстон, уæд. Стæй мæ базонгæ фæндыд, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ ног бинойнагимæ дæр. Хистæртæн мæ бацыд тынг æхсызгон кæй уыд, уый банкъард- тон, фæлæ уæддæр цæмæдæр гæсгæ се ’ууæлтæ мæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты — зæрдæрухсдзинад сæм нæ рахатыдтон. Цы уа зæгъгæ дис кодтон мæхинымæр æмæ афæрсынмæ куыд хъавыдтæн, кæстæртæ кæм сты, рынчын куыд у, зæгъгæ, афтæ йæ мады ныхас мæ разæй фæци: — Гæбул, æддæмæ ма ракæс, мæ хур, мæнæ нæм кæдæй- уæдæй чи сæмбæлд! — бакодта хихсæны дуар мад. — Алæма, кæм и, кæм ног усджын? — фестадтæн æз дæр мæ бынатæй. — Мæ уæрджытæ мын-иу куы ахуылыдз кодта, уый цыма раст тæккæ знон уыд. Дуар байгом æмæ джихæй баззадтæн: рынчын лæппу дзой-дзой кæны, мидæггаг дарæсы, дзаумæттæ æхсгæйæ, — йæ хуыссæнуатæй куыд рахызт, афтæмæй. — «Ай та цы диссаг у?» — ахъуыды кодтон мæхи- нымæр, фæлæ дзургæ цы скодтаин. Ацинтæ кодтам кæрæдзи- уыл, стæй къæмдзæстыгхуызæй лæппу йæ уатмæ бацыд. — Æддæмæ акæс, дæ хорзæхæй, уазæг нæм сæмбæлд æмæ худинаг у, — чысыл фæстæдæр мæм уатæй райхъуыст лæппуйы лæгъстæхуыз ныхас. — Дæу фенын æй фæнды. — Æндæр ницы! Цирчы къæбыла уын дæн исты, цы мæ уыны? Уе ’нæфенд митæ мын мауал уынын кæнут! Фæлæуу, кæд нæ амæлон, уæд уын сын æз тагъд кæрон скæндзынæн уæ хъæддаг митæн! — уæттала кодта ног чындз. — Омæ йын уæдæ цы ’фсон скæнæм, гормойнаг, кæм ис ын зæгъæм? Цафоны хуыст у, нырма карк йе ’фтуанхъæдмæ куы нæма стахт! — стыхст лæппу. — Ницы æппындæр! Кæд йæ разы исты ис, уæд бафтъæрæд æмæ йæ хæдзар бацагурæд! — ноджы тызмæгдæрæй райхъуыст сылгоймаджы ныхас. 34
Хæдзары хистæр — зæронд лæг, йæ къухтæ йе ’фсæртæм быцгеУ аевæрд акодта, æмæ сыл йæ сæр æруагъта стъолмæ. /Ефсин, фынгыл æвæрынмæ тæбæгъы цыдæртæ куыд рацæй- хаста, афтæ йæ къухтæй æрхауд, æмæ бæстæ дзыгъал-мыгъул сси. — Цы хабар у? — цæсгом туджы зылди, афтæмæй уынæрмæ тарстхуызæй йæ уатæй ракаст лæппу, æмæ бинонты, уаридзавд кæрчыты хуызæн, сæ бынæтты цавддуртау лæугæйæ куы ауыд- та, уæд дыууæ къухæй йæ сæрмæ фæлæбурдта æмæ фæстæмæ хихсæны фæмидæг. Уæд мæн ноджы тынгдæр бафæндыд уыцы ног чындзы фе- иын, æмæ мæ мæ маст йæ уатмæ бахаста. — «Нæ» зæгъгæ дын загътон, уæд алыг! — къæхты уынæрмæ, цилбыны хæйрæгау, йæ пыхцыл сæр хъæццулы бынæй сдардта сылгоймаг: уымæй афтæ æмæ йæм йæ мой фæстæмæ лæгъстæмæ бацыд, æмæ мæ куы ауыдта, уæд йæхи фæстæмæ хъæццулы бын анорста. Диссаг куыннæ уыд уыцы ног чындзы уаты пълантæм æркæсын: фыдæлтыккон зæппадзау, рыджы бын фесты уаты дзаума. Уæлæйы дарæс дзедзыкка кодтой бандæттæ æмæ сын- тæджыты къухтыл. Иуырдыгæй чингуытæ, иннæрдыгæй цæсгом ахорæнтæ, кæм дыргъы хæрæнтæ, кæм та — тамакойы æртхутæг. «Мæнæ сыл фыдгулы æлгъыст куыд æрцыд», — ахъуыды кодтон мæхинымæр æмæ дуарыдде фæдæн, цыма мын исчи мæ былтæ ныццавта, уыйау. — Æнæмаст ут! — загътон хæрзæхсæв мæ фысымтæн æмæ цæуынмæ фæдæн. — Мæгуырæг. Æмæ кæд нæ арæхсы, мæгуыр, уæд цы кæна уæдæ? — сагъæсхуызæй загъта Гæппыда. — 0, батæригъæд ын кæн! Тæригъæды аккаг сты ахæмтæ. Кæд ницы зоныс, ницæмæ арæхсыс, уæд дæ чи мойгæнæг кæны? Мæгуыр бинонты фыдæнхъæл цæмæн кæныс? Æви та ды дæр дæхи гоны къултæ хойыс? — цæхгæр фæзылд усмæ Зæли. — 0 цæй, дзур, гоны къулты хицау... чи фæрæдыд уый æз. Нæ нæ ’вдæлы, цæуын нæ хъæуы. — Фæнды дзур, фæнды ма. Сæ койы аккаг дæр не сты ахæмтæ. Фæлæ цыдтæн æмæ мæ хъуыдытæ иудадзыгдæр баст УЬ1дысты, кæмæй рацыдтæн, уыцы бинонтимæ.— Дарддæр йæ Зæрдæйы хъыцъыдæттæ уадзы Зæли. — Цымæ цавæр пълантæ е^ваеринаг у, йæ фæзындмæ йын, хуры скастау, æнхъæлмæ чи каст, уыцы бинонтæн сæ ног чындз? Куынæ сын нырма сæ хорз, ее ’взæр зоны, йæ фæдджи сæм зæгæлы састыл дæр куы ни- 35
цæуыл ма фæхæцдзæн, йæ къахы æмбæрц сæм кæм æрлæууа, уый куы нæма зоны, уæд. — Дæдæй, Хуыцау бахизæд Бæппийы ахæм бинойнагæй Кæдæй-уæдæй йын бантыст, — сагъæсхуызæй зæгъы Гæппыда. — Йæхи фæндиаг уæнт уымæн йæ хъуыддæгтæ, фæлæ иутæ æмæ дыууæтыл нæ цæуы ныртæккæ ахæм сæйдтытæ. Æмæ та чи у ам дæр аххосджын! Нæхæдæг, ныййарджытæ! — барджын хуызæй зæгъы Зæли. — Бирæ ныййарæгæн йæ саби ахуыры фæндагыл куы ’рлæууы, уæд ын уый æгъгъæдыл банымайы. Иæ сины сæртыл æрхæцы, ныр ын сæфынæй тас нал у зæгъгæ. Фæлæ цымæ царды бирæ рæсугъд миниуджытæ æрмæст аху- ырæй хицæн кæнынц, уæлдайдæр та сылгоймагæн? Куыд æхсыз- гон вæййы нæ алкæмæн дæр, хæрзарæхст, хæдæфсарм сылгой- магыл куы сæмбæлæм, уæд: уый дын æцæг сылгоймаг зæгъгæ æхсызгонæн сулæфæм. — Ай-гъай! Хорз сылгоймагæн аргъ ис! — йемæ сразы Гæппыда дæр. — Ныр æй куыд бамбæрстон, афтæмæй мæнмæ гæсгæ бинонты царды астæуккаг цæджындз сылгоймаг у. — Дæ хъуыддаг раст, тынг раст æй зæгъыс, — йæ ныхас дарддæр кæны Зæли. — Адæймаг цы комы райгуыры, цы хъæу- бæсты схъомыл вæййы, уыдон ын кæддæриддæр зынаргъ вæййынц: сæ циныл сын цин фæкæны, сæ хъыгыл та хъыг. Фæлæ йын уæддæр алкæддæр йæхи хæдзары къуым зынаргъдæр вæййы. — Ай-гъай йын вæййы зынаргъдæр, йæ хидвæллойæ кæй саразы, капекк-капеккыл æфтаугæйæ, дур-дурыл æвæргæйæ уый зынаргъдæр! — сразы та йемæ Гæппыда. — Уæлдай зынаргъдæр та йын уæд вæййы, æмæ дзы хъарм- дзинад куы банкъары: искæйы стæггагæй дзы амонд куы фæвæййы æмæ «а» æмæ «о»-йæ царды æмкъахдзæф куы фæкæнынц сæ фидæнмæ, сæ фæдыл арвы ронау рæсугъд фæд уадзгæйæ. Фæлæ нæм, хъыгагæн, арæх сæмбæлæн ис ныртæккæ ахæм фæрнæйдзаг бинонтыл? — Гæппыдамæ бакаст Зæли. — Мæнмæ гæсгæ сын къухы æнгуылдзтыл банымайæн ис. Фæлæ сын цымæ фаг та цы нæ кæны, бафæрс сæ уæд, сабийæн ду- нейы рухс чи нал уынын кæны, иу, дыууæйæ фылдæр, уыдонæн? Æниу та ды дæр зæгъдзынæ — сæ фадæттæ нæ амонынц. — Нæ, нæ, ницы зæгъын. Нæхи ныййарджытæн сæ рæстæджы хуыздæр фадæттæ æмæ цæрдтытæ уыди? Æрдæгæфсæст, гомрæгътæй нæ куы хъомыл кодтой. Æви нæ рох фесты нæ сабибонтæ! Рухсаг уæнт, мæгуыр, мæрдты мæ ма схъæрзæнт, фæлæ ма йæ æз хорз хъуыды кæнын, мæ фыдæн нæ мадыф- сымæр цыдæр дæрдджын палто балæвар кодта, бирæ 36
^ссинзегтæ дын ис æмæ дын уый ме ’ххуысы хай зæгъгæ. Æмæ уыДЫ рæстæг нæ сыхы лæппутæй ус чи куырдта, уыдон ^ууылдæр уыцы палтойы фæцыдысты сæ амондагур, — æппæлдхуызæй загъта Гæппыда. — Æмæ афтæ нæ уыд? Фæлæ ныртæккæйы фæсивæдæн уыдæттæ сæ фæсонырхæджы дæр нал сты. Уырнгæ та сæ кæны, афтæ кæй уыд, уый? Куыннæ стæй! — бакаст Гæппыдамæ Зæли. _— Æрмæст сæ сæрæй хъазгæ размæ тырнынц Тутыры уæнгуы- тау. Æндæр уæдæ нæ сыхаг адæмыхæттытæн хуыздæр царды фадæттæ ис, дыгай бинонтæ кæныны бар дæр ма кæмæн рад- той, уыдонæн? Æнхъæл нæ дæн. Фæлæ сæ уæддæр сæ фидæн пæ рох кæны. Алчи дæр сæ йæ фæдыл бæзджын фæд ныууа- дзыныл архайы: æртыгæйттæ ’мæ сæм цыппæргæйттæ нымады дæр не сты: авд, аст кæнæ фылдæр. — Раст зæгъыс уымæй. Махмæ та сын сæ цардарæзт бирæтæ хъусгæ дæр нæма фæкæнынц хиуæттæй, афтæмæй сæ цардыхæлд фындзыдæр фæвæййы, мæн хуызæн, — мидбыл бахудт Гæппы- да. — Уый худын нæу, мæ хæдзар, худын! Мæлдзыгæн дæр дам йе сæфт куы ’рцæуы, уæд ыл базыртæ базайы. Афтæмæй нæ хал, нæ бæндæн не скъуыны? Къобалайы фосы дзугау, иуæй- иумæ куы цæуæм. Æмæ æнæуи дæр армы дзаг йеддæмæ куынæ у Иры дзыллæ! Уæд цæмæ цæуы нæ фæстаг, нæ фыдгулты фæндиаг нæ кæнæм? Агъуыд бирæгътау нæм алырдыгæй сæ дзыхтæ хæлиуæй куы дарынц. — Уæдæ, уæдæ! Кæд мæ зæрдæйы тугтæ нæ ныккæлынц, искæй сæ æвидауцхуызæй куы фенын нæ фæсивæдæй, уæд. Хаттæн ма мæхицæй бузныг дæр фæвæййын. Нæй мын æмæ мæ бон зонын. Нæй дурæй хъæбæрдæр! — йæхицæй буц хуызæй зæгъы Гæппыда. — Дæуæн дæр уый ныхасæн нæ бæззы. Мæ фыдгулæн ма йæ фæстæ йæ къахфæдтæ йеддæмæ мацы зайа! Фыдгулы æлгъыстау, — фæлыг ын кодта йæ ныхас Зæли. — Афтæ бæргæ у, афтæ, фæлæ нæм уыцы зонд æгæр æрæгмæ æРЦæуы, Зæли. Цалынмæ асины къæхтыл хæрдмæ фæхизæм, У^дмæ нæ уыдæттыл хъуыды кæнынмæ нæ февдæлы. Нæ цар- АЬ1 фæззæг нæм зынын куы райдайы, уæд нæм бахъары æрмæст! ^~~ аРф ныуулæфыд Гæппыда. ч, ~~~- Гъе, йæ рахæцæн дæр уый мидæг ис уæдæ, гъе. æрзаерэеджы нæм мæ туг, ме стæгæй иу уазæгуаты сæмбæлд с Ма^ мæм стырзæрдæ хуызæй дзуры: ~~~~ Иу дзæбæх чызг нæ зоныс, Зæли? Мединститут кæнæ 37
университеты чи ахуыр кæны, ахæм. Æниу мæ ома хъæуш! ницæмæн кæны, фæлæ... афтæ фæтчыгъæдæн, — былысчъЯ хуызæй бахудт лæппу. II Æз æм дзургæ ницы скодтон, фæлæ мæхинымæр дисты бя| цыдтæн, цымæ цæй мидæг ис йе схъæл ныхас, цумайы лæдзаЦ æмæ фæсдуары бохъийау кæйдæрты фæсдуар мамæлайМ къæбæртæй чи бахъомыл, уыцы æнæбон хъалæн, зæгъгæ. Уьт бæсты, йæхи сидзæры бонтæй хаццæгтæ скæнгæйæ, йæхицæи хъарм артдзæст куы саразид, уæд ын цымæ хуыздæр нæ уаиÆ Куыд ис афтæ цардмæ иу боны цæстæй кæсæн? Абон ам, раш сом уым, даргъ сомты фæдыл зилгæйæ. Бинонты цард сæвæрыи афоныл дæ къухы нæ бафтыд, дæ артдзæст дæ не ’ндавы зæгъгаа’ уæд рæсугъд фидæнмæ æнхъæлмæ ма кæс. Брытъиаты Елбыз! дыхъойы загъдау, ныййарджыты нуазæн, кæцы нын раттынп нæ хистæртæ — бинонты цард — алкæмæн дæр кæронмæ нуазгæ у. Науæд удгоймаджы уидæгтæ зæххыл хуыскъ кæнынщ донцух зайæгхалау. — Дзургæ рæстытæ кæныс бæргæ, Зæли, фæлæ ма дзы и)| та хъысмæт вæййы, иу, — арф та ныуулæфыд Гæппыда. —’ Уæллаг дын куынæ дæтта цард дæр æмæ амонд дæр, уæд иудан дзыг хицæй аразгæ дæр нæу, æвæццæгæн! Æндæр , мæ сæрыл- хаст фæуинæгтæ, сс ’ртæйæ æппын иуæн куыннæ сбæззыдтæн цардæмбалæн? Æви уыдон мæнæй уæлдай уæларвæй стъалытæ ахстой? — фестад йæ бынатæй Гæппыда. — Цæй, менæуынок фæуæнт, æз цæуон. Раййаф мæ-иу, æгæр ныффæстиат дæн. Кæ/ ма срæвдз уыдзыстæм ныр, хур кæйонг ссыд! — скаст арвмæ. — Уый рæвдз суыдзыстæм, хуын цастæ арæвдз кæнинаг у, фæлæ та нæ лæг дæр цы зæгъдзæн? — аджих Зæли. — Цы дам, цы? Æмæ цы хъуамæ зæгъа, исты дæ дымæгхъ-1 исæй хахх кæнынмæ кæнын? Стæй йæ фæрсгæ та цы кæныс! Атъæпп уа мын йæ сæр! Бон-изæрмæ уый кæм вæййы, уыдæттæ* дæу фæфæрсы? — Æбуалгъ макуы фæуай ды, лæг дæ цынæ фехъусдзæ^ Уæдæ ма хуыздæр кæй хъуамæ бафæрсон, мæ сæры хицау нæуЗ — Сæры хицау!.. Уыдоны коммæ куы кæсай, мæ хур, уæ^ дæ хæрæгау хуым бакæндзысты. Мæнæ йæ ардыгæй уæлдæ| хизын уадзын нæ хъæуы нæлгоймаджы! — йе уæхск æрхост] Гæппыда. 1 — Мауал дзур стæ! Ауай æмæ æррæвдз кæн дæ кæнинæгтя æз дæр дæ феййафын. Æцæг та-иу дæхи æррахъулон ахуыр! стытæ ма скæн! — йæ фæстæ ма адзырдта Зæли. 1 — Мæ хæдзарыл, уый та цы хоныс? — фæстæмæ йæм фæзыл] 38 1
, —- Дæуæй лæг цынæ фехъусдзæн! Уæдæ ахорæнтæ цæй У 'хХæй сты, ахорынæн не сты? Фæлæ ды дæр дæ лæгæй уæл- тпй цæ дæ алхыскъ кæнынмæ. Уый дæр дын фау цæуыл нæ ^æрдзæн, æдзух цæваг галы каст кæны фæрсырдæм. Мæ дарæстæй иу дæр йæ зæрдæмæ нæ цæуы. ^- Омæ дæ, гормон, исчи йæхицæн исты агуры æви? Ахорæнтæ ,^æр куыннæ хъæуынц! Куынæ хъæуиккой, уæд сæ уадзгæ дæр пæ кæниккой. Фæлæ алцы дæр йæ афоныл фидауы, кармæ дæр кæсыы <<ъæуы, кармæ! Æндæр зæронд зæппадз чъырæй цагъды хуызæн дæхицæй мæймули сараз, уый цас рæсугъд фидауы? Адæймаг хъуамæ алы кары дæр рæсугъд уа. Æмæ уый та кæд вæййы? Цы афон дын у, уыцы митæ куы кæнай, уæд. — Омæ æз цæуыннæ хъуамæ ахорон æмæ мæхимæ зилон, уый ма мын зæгъут. Мæ сывæллæтты гуыр-гуыр цæуы исты? — О, цафон ма дын у. Иу сæгъыл дам сыкъатæ нæ зад æмæ алкæддæр йæхи дзыгы хуыдта! — ныххудти йыл Зæли. — Афтæ æнхъæлыс уæдæ, æмæ дæ бацæвиттæй уæлдæр дарæсы куы фæцæйцæуыс доны сæрты гæпгæнæгау, уæд уый тынг рæсугъд фидауы! — Уæдæ мæм Дзæбодыр дæр, æвæццæгæн, уыдæтты тыххæй уазал цæстæй кæсы, нæ? Гъемæ бар йæхи. Чи мыл худы уыдæт- ты тыххæй, уый худæд æмæ худæд, цас æй фæнды, уыйбæрц. Æз фæцæуын, раййаф мæ-иу! — Фæлæ мын уæддæр нæ цыды сæр кæмæ у, уый нæ загъ- тай! — йæ фæстæ та дзуры Зæли. — Чи дын у, чи? — Чи у куы зæгъай, уæд — нæ хæрæфырты чызджы æрдхор- лы фирты фырт, кæд ма исты зонын уæд! — Цæугæ-цæуын æм фæстæмæ радзырдта Гæппыда. — Æ, дæ раддæг та дын цы зæгъон! Æз та ма дæ цыдæртæ фæдомын. Тæрхъусы басы-бас, нæ? — ныххудт ыл Зæли. — Æмæ дын æм уæд æнæ цæугæ нæй, æви? — Нæ, нæ, раййаф мæ. Æрмæст куыд гæнæн ис, афтæ гагъддæр. Адæм уæдæ æниу иу мад, иу фыдæй райгуырынц? Æмæ уæд кæрæдзимæ цæуинаг не сты? —- Цы хабар та у, цы? Сæумæкъуырццæй та цæмæ фегуырд Уацхæссæг? — Гæппыда куы фæдуарæдде, уæд кæртæй æрба- хызт лæг æмæ фæрсы усы. —- Цы хабар у, цы. Йæ хæстæг ус хæссы æмæ йæ уырдæм хУь*н арæвдз кæнын хъæуы... æмæ дам мæм фæкæс. Стæй дам Мс?мае дæр рауай. — Омæ йын алы хатт махæй дзырд у фæкæсын дæр æмæ УЬ1пдзау æмбал дæр æви! 39
— Де ’гæрыл уай уæртæ лæг, гъеныр цытæ дзурыс? Афт| æнхъæлыс, æмæ йæхиуыл ауæрдгæ кæны, æви йæ фæндгæ н| кæны, искæй æххуысхъуаг куынæ уаид, уый. Хъысмæтæфхæр! мæгуыр у æмæ йын æгайтма истæмæн æххуыс стæм. ] — Гъемæ та уæдæ дæ дыстæ батул, мæ хур, бар дæхи, — к& къух ауыгъта лæг. ] ... Изæрмилтæ. Хур фæллад галау фæцæйздæхт йæ хæтæнтæи Йæ фæлурс фæстаг тынтæй ма рæвдыдта хъæлдзæг, циндзас] адæмы зæрдæтæ. Чындзæхсæв уыд йæ тæмæны. Асфальтæ! астæрд лæгъз уæрæх кæрты, алыхуызон хæрд æмæ нозтæй дза| фынгты уæлхъус дæргъæй-дæргъмæ стъолты уæлхъус рарæг^ сты алыкары адæм, цины уынæримæ, афтæмæй сыл бамбæлдыс^ ты Гæппыда æмæ Зæли. ! — Нæ дын загътон! — йæ рæмбыныкъæдзæй бакъуырдтг Зæлийы Гæппыда. — Ды та мын цæуынмæ дæр нæ хъавыдтæ, Ацы диссаджы галуантæ æмæ дунейы дзыллæтæ феныны тыххæй дæр æмбæлд ардæм æрцæуын, уæртæ дæлæмæ чи сæтты, уыцы фынгты кой нæ кæндзыстæм, фæлæ! Акæсма ацы бæстыхæйттæм, аргъуантæ цы сты сæ цуры?! — фысымтимæ кæрæдзиуыл ацинтæ кæныны фæстæ мидæмæ, бæстыхæйттæм куы бахызтысты, уæ,а бынтон диссагæй баззад Гæппыда. — Басабыр ма у, адæмы нæхимæ ма кæсын кæн, фæлæ кусгæ цы кæны æцæг? Атæппæт диссæгтæ саразын сæ къухы куыдæй бафтыд? — Нæ дын загътон, милуангай ссивы дзыпмæ æхца, зæгъгæ. Цы кусы, Хуыцау зоны. Уæдмæ изæрмилтæ сæхи æруагътой, æмæ цырæгътæ куы ссыгътой, уæд бынтон сæ хуыз скалдтой, алыхуызон фæсарæй- наг хæдзарыдзаумайæ фæлыст бæстыхæйттæ — люстрæйæ рай- дай æмæ дуары æвдузæны онг — цæстæнгас сæхимæ здæхтой.1 — Ныр цымæ Гæппыдайæн адонимæ иумæйагæй цы ис, кæд бынтон дзæгъæлкъах нæу, уæд? — хинымæр хъуыдыты аныгъуылд Зæли. Фæлæ та дын раст уыцы уысм йæ барджын ныхас йæ хъусты куы азæлид: I — Фæндыр! Фæндыр кæм ис, фæндыр?! Ай циндзинад уЯ Циндзинад та фæндырдзагъд æмæ кафтæй фидауы, гормæттæа — фæкомкоммæ бандоныл фæндырмæ æмæ йæм фæлæбурдтад — Гъа-ма, мæ къона, æрфæндыр кæн! — хаты, хора фæндырдзæгъдæгæй кæй зыдта, уымæ. — Æз иу кафт акæнон,] науæд мæ тагъд цæуын хъæуы. I — Нæ, æз фæллад дæн, — йæхи йыл атигъ кодта чызг. —I Æндæр искæмæ йæ авæр. 40
— Уанцон фæллад нæу! Кæд мын дысон-бонмæ комбайны схр нæ лæууыдтæ?! — дары йæм фæндыр. — Нæ, нæ! — йæхи йе ’мбалы фæстæ амбæхста чызг. — Мæнæ нæм цы кæстæртæ рахъомыл, мæнæ! — фæндыр йæ къухы, афтæмæй джихæй кæсгæ баззад ус. — Æри-ма йæ ардæм дæ фæндыр! — уайтагъд йæ разы февзæрд Зæли. — Лæгъстæ кæнынæн æгæр фæкарджын дæ, — райста йын йæ фæндыр æмæ йæ иннæ фæндырцæгъдджытæй иу йæ зонгæмæ бахаста. Нæ дын зоны исты йе ’мбалы, æнæ акафгæ кæй нæ рацæудзæн, уый. — Ацæгъд ма йын, мæ хур, æмæ акафа. — Омæ уæ цæуылнæ уырны фæллад дæн, уый? Чындзхæссæг уыдтæн æмæ бирæ фæцагътон! — йе ’мбæхсæнæй рахызт уæд фыццаг чызг. — Æмæ дæлæ дзаг фынгты уæлхъус чи рарæгъ, уыцы фæсивæд дæр иууылдæр фæллад сты æмæ сæхи фынгтæм уымæн байстой?! — уайдзæфгæнæгау та йæ зæгъинаг загъта Зæли. — Уый нæ нæ сафы, уый, кæстæр, хистæр кæй нал æвзарæм! Уæдæ ма мах рæстæджы фæсивæдæй исчи фынгтæн се ’мгæрæтты дæр ауадаид, цымæ йыл худинаджы гакк не сбадтаид, фæндыр- ты йæ нæ фæцагътаиккой! Нæ тæнтæ-иу кæрæдзиуыл сæмбæлдысты, уæддæр йæ кафты рад мачи макæмæн радтаид! Ныр та? Кæстæр-хистæрмæ дæр ма фæкæс, фæлæ бынат æрцах- сыныл бацархай. — Бирæ фæцæр, рæстытæ дзурыс! — балæууыд ма сæ фарсмæ æртыккаг сылгоймаг дæр. Уæдмæ айзæлыдысты фæндыры зæлтæ. — Афтæ гъе! Циндзинад хъæлдзæгæй фидауы, — æрæмдзæгъд кодта Гæппыда, стæй къухтæ хæрдмæ фелвæста æмæ йыл лыстæг сирдæй, гæлæбуйау, базыртæ базад. — Æдт, мæ хæсгæ мæрдтæ, кæм стут фæсивæд?! — йæ тæбæгъ æд нуазæнтæ йе ’мбæлттæй иуы къухы фæсагъта, уыцы рæстæг уаты дуарæй чи ’рбахызт циныл цингæнджытæн ра- арфæ кæныны охыл, уыцы æртæ нæлгоймагæй иу. Æмæ, сæрджын сагау, хъазты астæу фегуырд цæстыфæныкъуылдмæ. Къухæмдзæгъд тынгдæр анæрыд, æмæ хъазт стынг. Кафт сыл бацайдагъ. Нæлгоймаг дæр, йе уæнгты конд æмæ йæ къахы айстмæ гæсгæ, сылгоймагæй къаддæр чи уарзы кафын, ахæмы каст нæ кодта. Фæндыры зæлтæ, къæрццæмдзæгъд æмæ, фынг- ты уæлхъус чи бадт, уыдоны зарæджы мыртæ сатæг изæры фæлмæн уддзæфимæ дæрдтыл хъуыстысты хъæубæстыл. ...Нал ауæрдынц сæ дæсныдзинад æвдисыныл кафджытæ. 41
Пуртийау хæрдмæ хауы нæлгоймаг, йæ хид къоппæй кæлы, куыд фæзæгъынц, афтæ, цæст нæ хæцы йе уæнгты змæлд æмæ йæ къахайстыл. Æмæ дын Гæппыдайæн дæр ахæм кафæг æмбал фæуа: уайтагъддæр фæдджитæ фæсроны фæцавта, дыууæ къухæй сины сæртыл æрхæцыд æмæ къахфындзтæ æрсагъта. Уый дын ауыдта нæлгоймаг цы уыди, цы! Йе ’мбалы хуымпъырæй кафгæ-кафын дамбаца фелвæста æмæ йæ Гæппы- дайы къахфындзты цур ныффæздæг кодтой. — Гъеуый сылгоймаг у, гъе! — хъæлæстæ хъуысын рай- дыдта алырдыгæй, æмæ ма дын Гæппыда дæр, æвдудонау, фæллад дæр зыдта, — йæ удæй арт цагъта. Фæлæ... Гъе, фæлæ... Куыд фæзæгъынц — мæгуырыл дур хæрдмæ: тулы. Сæ кафт йæ тæккæ тæмæны куыд бацыд, афтæ рудзгуы- ты æвгты дзыгъал-мыгъул ссыд. Стæй дын уираг дуртæ, æфсæйнаджы сæстытæ, хъæды лыггæгтæ иугай-дыгай æддейæ мидæмæ схъиуын райдыдтой. «Цы хабар уа?» — фæсабыр цины уынæр æмæ, хуы къæрцмæ куы хъуса, уыйау исдуг алчи йæ мидхъуыдыты аныгъуылд, хи хъахъæныныл сси, кæуылдæрты дзы цæфтæ куы ’руад, уæд. Æддæг-мидæг ауадысты хионæй-æддагонæй. — Цы хабар у, цы ’рцыд, чердыгæй хæст? — уæдмæ райхъуыст нæлгоймæгты ’рдыгæй кæйдæр хъæлæс, æмæ сæ сæрæндæртæ дуары æдде фесты. Фæлæ сылгоймæгтæ, æргъæвст карчы цъиутау, алырдыгæй ныгъуылдтытæй лæууыдысты, цы- мыдис цæстæнгастимæ, цы хабар у, цы нæм æрбайхъуысдзæн зæгъгæ. Цас рæстæг рауадис, чи зоны, фæлæ дын уæдмæ чындзы уатмæ кæрæдзи фæдыл æртæ сылгоймаджы куы бацæуид: дыу- уæ дзы æнхъæлцаутæ, абон-райсом чи æрæвæрдзæн сæ уæргътæ, ахæмтæ, æртыккаг та æртæ-гулппар азы кæуыл цыдаид, ахæм гыццыл чызджы къухыл хæцыд. — Уæ изæртæ хорз æмæ фарн уæ хъазты! — салам радта, чызджы къухыл чи хæцыд, уыцы сылгоймаг, æмæ уыциу цыдæй ног чындзы фындзы бынмæ бараст сты æртæйæ дæр. — Æгас нæм цæут, æгас, æмæ фæрнæйдзаг ут! — арфæйы ныхас сын загъта, чындзы фарсмæ цы хионтæ лæууыд, уыдонæй чидæр. — Фенæн ын нæй уæ чындзы цæсгомæн? — йæ ныхасæй цæсгом æмбæрзæн хызыл схæцын фæраздæр, сабиджын сыл- гоймагæн. — Кæд ыл батутæ кæндзыстут, уæд табуафси! — хъазгæйæ та сæм дзуры уыцы хион. — Зæд æнæ базыртæй! 42
— Тутæ кæнын дæр зонæм, куы йыл хъæуа, уæд! — йæ ^ызыл ын ноджы бæрзонддæр схæцыд сылгоймаг, иннæтæм дæр куыд зына йæ цæсгом, афтæ, — фæлæ... Фæлæ зæды хуызæп чи иæййы, уый цыма йæхицæн зæдбадæн бынат фæагуры, æндæр искæй уæлдæйттæ, искæй зæрдæйы хъыгыл нæ фæаразы йæ цард, хорз адæм! Æрбакæсут ма йæм æцæг, цы дзы загъдæуа? — алырдыгæй сæм хæлиудзыхæй чи каст æмæ хъуыста, уыдо- иырдæм аздæхта йæхæдæг дæр йе ’ргом. Стæй йæ сывæллоны Йæ хъæбысмæ систа æмæ чындзмæ дзуры: — Æрбакæс-ма, мæ хур, мæнæ ацы саби-сывæллоны æназым цæстытæм комкоммæ! Уый тæригъæдæй, стæй нырма дунейы рухс дæр чи нæма фед- та, уыцы æназым сыгъдæг удты тæригъæдæй ды дæ ног бынаты цы цард фенынмæ æнхъæлмæ кæсыс? — ацамыдта йын, йемæ цы æнхъæлцау сылгоймæгтæ уыди, уыдонмæ. — Стæй цымæ махæй, — ацамыдта та се ’ртæмæ, — дæу фарсмæ æрлæууыны аккаг кæцы нæу? — Фесæфут тагъд ныртæккæ ардыгæй, дзæгъæлхæтджытæ! — уыцы рæстæг, цæф сырдау, пихылæйттæ калгæ, сæ дыууæты æхсæн кæцæйдæр февзæрд домбæйттæ арæзт гуыппырсар нæлгоймаг. Æмæ сыл цыппарæй дæр, аргъæутты иуцæстон уæйыгау, уыциу хæст акодта дуарырдæм. — Рæдийыс, гормойнаг! — йæ хыз йæ уæхсчытыл æрхауд хмæгуыр ног чындзæн, афтæмæй размæ рахызт йæ лæууæнæй. — Стыр бузныг уын, — дзуры æртæ сылгоймагмæ, — мæн ра- гацау мæ цæстытæй чи ракæсын кодта. Сымахæй та курын ха- тыр, — йæ цæстæнгас ахаста йæ алыварс лæуджытыл, — уæ цинæйдзаг цæстытыл уын, хæлуарæджы тынау, мæыæ ахæм æвидауц царды ныв кæй бакодтам, уый тыххæй. Фæлæ мæн искæй судзгæ цæссыгтæй æхсад амонд нæ хъæуы. Искæй цар- лы хæлды бындурыл нæ аразын мæ цард. — Сыдзмыдзы рацыд хæлхъойгæнæг адæмы æхсæнты чындз æмæ адæмы æхсæн фæаууон. — Кæдæм?! Дæ бынаты æрлæуу дын зæгъын! Ма йæ ауа- дзут! Хæцут ыл! Фæлидзы уæ чындз, Хæлæфатæ, змæлæг уæ мауал уа! — хъæр ма кодта йæ фæстæ гуыппырсар, фæлæ... Фæлæ йæм хъусæг куынæ фæци, уæд та цæф арсы богъ ныккодта: — Цы бакуыстат, дыдзæсгæмттæ, чи уæм арвыста хонæг?! Ныртæккæ куыд фесæфат ардыгæй афтæ! — раскъæрдта та сыл йæхи. — Фæлæуу-ма, дæ хорзæхæй! Цы ми кæныс уый, гормон! Кæд мын Нарты гуыппырсартæй нæ дæ! — йæ къухтæ 43
фæйнæрдæм айтыгъта, хъæлæбамæ æддейæ мыггагæй цы æртæ| хистæры фæзынди, уыдонæй иу. Цы хабар у, цы ’рцыд? — кулм ауæзтау, æрлæууыд, ног усджын йæ разæй сывæллоны кæуы| нимæ кæй рауылæн кодта, уыцы сылгоймæгты размæ. — Уд1 гоймæгтæ куы сты, гæлæхха, уæд сыл, бæласы бындзæфхæдтад сæрсæфæны былæй æппарынмæ куы ссонай, уый хæст куьш акодтай? Цы хабар у, уый ма нын бамбарын кæн! 1 — Папæ, нæ хъæуы, æз тæлсгæ кæнын! — дзуапп фехъусыш æнхъæлцау адæм сæ уынæрæй куы фæсабыр сты, уæд сæлй дзæбæх райхъуыст кæугæ-кæуын гыццыл чызджы ныхас. | Зæронд лæгтæ иуцасдæр джиххуызæй лæугæ аззадысты,] кæрæдзимæ фарсты нысанау кæсгæйæ, стæй сæ иу æргуыбыр! кодта сабимæ: — Цы кæныс, цы, мæ хур, цæмæн кæуыс, кæмæй тæрсыс? — Мамæ, цом нæхимæ, тæлгæ нæ кæны папæ! — уæд ноджы тынгдæр ныккуыдта чысыл чызг, дзуапп раттыны бæсты æмæ йæ ныййарæджы зæнгтыл ныттыхст, хæрдмæ йæм кæсы, афтæмæй. — Уæ хорзæхæй, цы хабар у, уый ма нын бамбарын кæнут, — нæлгоймæгты хистæр баздæхт уæд сывæллонджын сылгой- магмæ. — Мах стæм мæнæ Тузаримæ нæ мыггаджы хистæртæ, — амоны йе ’мбалмæ. — Мæнæ уый та у хæдзары хицау, йæ циныл кæмæн цин кæнæм, уый фыд. Æмæ нæ фæнды базонын, нæ циндзинад нын цæмæн схæлхъой кодтат? Чи стут, цы стут? — Бахатыр мын кæнут, хистæртæ стут... йæхи йын бафæрсут уымæй уæ кæстæрæн,— йæ сæр бынмæ æруагъта сылгоймаг. — Уæу мæнæ Хуыцауы диссаг! — исдуг та джиххуызæй аззад зæронд, стæй йæ алыфарсмæ афæлгæсыд: — Цы фæци, цы? Цы ’рбаци Бæппи, кæд ма фæрсыны аккаг у, уæд? Фæлæ уæдмæ ног усджынæн йæ дымгæ дæр уым нал уыд: дымд-далала фæци, хистæрты куы ауыдта, уæд. — Дæлдзæх фæуæд! — райхъуыст сылгоймæгтæй кæйдæр изгард ныхас. — Æмæ дзы цы ’мбарын хъæуы кæннæуæд?! Ахæм хæсгæ фыркъайы хуызæнæн уæдæ æниу иугæйттæ æмæ дыгæйттæ цы сты, хатыр бакæнæнт хистæртæ, фæлæ?! Æдзæсгом! — райхъуыст æндæр хъæлæс, стæй йæ ныхы туг сæрфгæ уаты астæумæ рахызт иу сылгоймаг. — Бомбæ йеддæмæ сын дура- дзагъд ницыуал бакæндзæн ахæм цæсгомы хицæуттæн! Фæлæ мах та цæмæй фæзылын стæм уæ разы, гормæттæ, тугæрхæмттæ нæ цæуыл фæкодтат?! — баздæхт æртæ сылгоймаджырдæм. — Æмæ куыннæ! Æллæх!.. Мæ бæхбæттæн саст у мæнæн 44
дæр æвæццæгæн! — рахызт сылгоймæгты ’хсæнæ æртыккаг. — фæлæ нын хъæугæ дæр афтæ кæны. Æндæр нын цы куыстаг уыди, бафæрс нæ, уæд махæн ацы ран? Кæрцæн йе ’пмъузæн йæхицæй! — йе уæхскыл хæцгæ æддаг дуармæ сарæзта йе ’ргом.— Уæдæ æниу атæппæт галуантæ дзæгъæлы аскъæрдта? фылдæрæн дæр сæм разындзæн бынат! — Кæм дæ, Зæли? — уæдмæ Зæлийырдæм йæхи байста, йæ дыууæ къухæй йæ сæрыл хæцгæ, Гæппыда дæр. — Мæ арт бауазал! — фæцырд æм Зæли. — Цæф дæ ды дæр? — Йæ цонгыл цы туджы лæсæн æрцыд, уый сæрфынмæ йын фæци ус. — Марадз гъа! Гъеныр дам мæстæй ма нытътъæпп лас! Адон æбуалгъы хабæрттæ не сты гъеныр, Хуыцаумæ хъыг чи фæкæсдзæн, ахæмтæ? — иннæ сылгоймæгты æхсæнæй фæхицæн асгомау бæзæрхыгтæ арæзт сылгоймаг æмæ хистæртæм йæхи хæстæг æрбайста. — Бахатыр мын кæнут, уæ хорзæхæй, хистæртæ стут. Фæлæ искуы ахæм диссæгтæ æрцæугæ фендæ- уыд Ирыдзыхъы? Сæры цæфтæ йедтæ ницы сты, хъæдгæмттæ байгас уыдзысты, мæ ныхас ууыл нæу. Фæлæ сылгоймаджы иуæй-иу нæлгоймæгтæ æгады бынатмæ кæй тæрынц, уый мæ маргæ кæны, мæрдтыл мæ æфтауы! Куыд ис сылгоймагæй афтæ хъазæнхъул аразæн, ныртæккæ йæм нæлгоймæгтæй чидæртæ дзаумайы цæстæй кæсын куыд райдыдтой æмæ сæ æрмыкъух- тау бонæн ивд куыд кæнынц, афтæ? Уымæй ма сæ цас фылдæ- ры зæрдæйы хъыджы бацæуынц, уыйбæрц сæ худтыл ноджы бæрзонддæр схæцынц, цыма исты лæгдзинад радисынц, уыйау. Уæд цымæ кæд уыди рагæй-æрæгмæ сылгоймаг дзыхъы лæуд?! Кæд иуæй-иутæ сæ цæсгæмттæ нæ бахордтой, уæд! — Дзыхъы лæуд та цы хоныс, дзыхъы лæуд, хорз ус? — ныхас йæхимæ айста хистæртæй иу — Тузар. Цыфæнды æбар æмæ æвадатæй дæр сылгоймаг кæддæриддæр йæ кад æмæ йæ намысы фæрцы уыди йæхицæн размæ фæндаг гæрдынхъом! Афтæ кæй уыд, уымæн нын æвдисæн бирæ фыдæлтыккон тау- рæгътæ æмæ Сатанайы сурæт Нарты кадджыты. Кæнæ-иу Нар- ты Ныхасы рæзты сылгоймаг нымдгæнгæ куы фæцæйцыд, уæд ын-иу урсрихи зæронд лæгтæ сæ къæдз лæдзджыты æнцой сæ бадæнтæй сыстадысты. Науæд-иу ирон сылгоймаг цы туджы калды бацыд, уым-иу туджджынтæн сæ хъаматæ сæ кæрддзæмты пытътъыссынæн æрмæст сæ сæры хæцъилы сист дæр æгъгъæд уыди. — Уæллæй тынг раст æй зæгъы Тузар. Æз дæр уæдæ цас хъуыды кæнын, уыййас сылгоймаг æгады бынаты никæд уыд. 45
Дзырд мæрдтæм дæр хъуысы зæгъгæ фæзæгъыпц æмæ, æвæдза, мæнæ абон æвдисæн цы цаутæн стæм, уыдон нæ фыдæлтæм ныхъхъуыстысты зæгъгæ, уæд сæ уырнгæ дæр нæ бакæнид. Уымæн æмæ уыдон, авджын дзаумайæн æрхауынæй куы тæрсай, сылгоймаджы кад æмæ намыс афтæ хъахъæдтой. Мидагъуды дарæгау ын къæм абадынæй дæр тæрсгæ кодтой йе ’фсармæн. Цæмæй-иу сылгоймагæн йæ цæстæнгас цæсты зулæй æрцах- стаис, уый тыххæй-иу нæлгоймаг разы уыд йæ быны бындуртæ раттыныл дæр! — сæрыстырæй йæ зæгъинаг загъта æппæты хистæр дæр. — Гъемæ уæ хъуыддаг раст, æцæгдзинад чи загъта! — æхсыз- гонæн сулæфыд сылгоймаг. — Фæлæ ныр та? Кинонывæй, те- леуынынадæй — сæ куыст æмхуызонæй скодтой сылгоймаджы алы уæнг дæр иумæйаг тæрхонмæ хæссæгау, адæмы цæстытыл бакæнын. Зæрдæцъæх фесты чысылæй, стырæй адæм бæгънæг сылгоймаджы уындæй. Æмæ ма уый дæр гъа, фæлæ мæм бын- тон диссаг та фæкаст, хæрзæрæджы æвдисæн цы æбуалгъы нывæн уыдтæн телеуынынадæй, уый. Мадард бæгънæг чызджытæ æмæ лæппутæ, сæ амонд агурын афон кæмæн у, ахæмтæ, кæрæдзийы къухтыл хæцгæ, гæды æмæ мыстæй хъазæгау, гæппытæ кодтой судзгæ арты сæрты, раст-иу нæ рагфыдæлтæ сæ таурæгъты дæлимонты куыдæй фæзмыдтой, афтæ. Равдыстæн йæ мидис цæй мидæг уыд, уый нæ бамбæрстон, уыцы рæстæг та электрон тых кæй баурæдтой, уымæ гæсгæ, фæлæ уыдон ауынгæйæ мæнæн та мæ цæстытыл нæртон симд ауад — нымдгæнгæ лæппу æмæ чызг фæсивæд симды рæгъы ирон дар- æсы. — Уæдæ, уæдæ! — йæ ныхы туг асæрфта, афтæмæй та йæ ныхас баппæрста иннæ сылгоймаг дæр. — Дæ фæллад суадзы- ны фадат дын фæци зæгъгæ, уæд дæр æдзæстхизæй дæ бинон- ты æхсæн телевизоры цур ма ’рбадай! Аба-бау! Цынæхуызы æвидауц ныв дæм дзы разындзæн: суанг ма, æхсæвы тары йеддæмæ æвдисæн уæвæн кæмæн нæй, ахæм æвидауц митæ дæр. — Æмæ уæдæ лæг цæуылты мæсты кæны! Куыд ис, иуæй-иу царды цаутæм ныртæккæ куыд уæлæнгай цæстæй кæсынц, афтæ кæсæн? Мæхи тыххæй нæ дзурын мыййаг, фæлæ сылгоймаг æгады бынаты æвæрыны аккаг у? Ныййарæг мады ном чи хæссы. Зæххыл, хоры нæмыгау, удгоймагдзинады тауæн йæ уидаг хуыскъ кæнын чи нæ уадзы, уый? — барджын хуызæй та загъ- та асдæр сылгоймаг. — Æмæ æниу нæ хотæ, нæ цардæмбæлттæ, нæ чызджытæ не сты? Цы уаид цард æнæ сылгоймагæй? Хуыцауы уазæг уæнт! 46
^- сæ ныхасы та бацыд Тузар. — Хуыцау йæ быны зæххыл цæрынæн кæй сфæлдыста, уыдонæй сылгоймагæй фылдæр куы пикæмæн бахай кодта йæ хорзæхтæй, цас æмбарын, уыйбæрц. Йе ’вæрæнты къæбицы рæсугъддæр ахорæнтæй, мæнмæ гæсгæ, фæсвæд куы ницыуал ныууагъта, цæмæй сылгоймаджы сурæт сфæлгонц кодтаид, уый тыххæй! — Æмæ уæд Хуыцауæй та куыннæ тæрсынц, сæ дыстæ сæм чи батулы æмæ сын, цъыфы зулкъау, сæ амондыл цъыф къахæй чи бацæуы, уыдон? Хатыр бакæнут, фæлæ мæнæ уе ’рвады хуы- зæттæ? — загъта та ус. — Цы сын загъдæуа, нæ зонын, — арф ныуулæфыд хистæр. — Уæллæй уæдæ æз дæр цас цæрын, æмæ куыд хъусгæ æрцыдтæн, афтæмæй цæрынæй-хæрынмæ дæр нæ дзырды дæсны зæрингуырдтæ сæ рæсугъддæр зарджытæ сылгоймагыл фæлын- дынц. Уый сурæт куы фæбарынц мæй, хур æмæ стъалытимæ. Нæ рагфыдæлты таурæгътæм гæсгæ ма-иу суанг зæдтæ æмæ дауджыты дæр æрсайдта сылгоймаджы рæсугъд фæлгонц уæ- ларвæй зæхмæ. Фæлæ кæстæртæн сæ ахуырст ссыд æмæ сæ фылдæрмæ ирон æгъдау æмæ æфсарм мелæй фыст дæр нал сты. Æмæ сæрсæфæны рындзмæ дæр уымæн тырнынц, куырм уæйгуытау. Æндæр чысыл рæсугъд æгъдæуттæ уыд нæ фыдæлтæм, кæд сеппæт нал фидауынц абоны царды фадæтты, уæддæр! — арф ныуулæфыд зæронд. — Раст зæгъыс, тынг раст. Цард куыд цæуы æмæ фадæттæ куыд хуыздæргæнгæ цæуынц, афтæ æгъдæуттæн дæр æнæ ивгæ цы ис? Раджы кæддæр удыхъæдыл дзурæг чи уыд, царды фи- дауцыл нымад, уыдонæй бирæтæ нал фидауынц ныры дуджы, фæлæ уæддæр чысыл не сты, фæлтæрты царды бындурыл чи равзæрд æмæ абоны онг чи ’рхæццæ, фыдæлтыккон хæзнайау, фыдæй фыртмæ дæтгæйæ æмæ нын абон дæр ма нæ фæндаг рухс чи кæны, нæ цард фидауцджын, уыдон, — йæ ныхасмæ ма йын бафтыдта Тузар дæр. — Зæгъæм, хистæрæн барын, сыл- гоймагæн кад кæнын, кæстæрæн фæндаг дæттын æмæ зыны сахат кæрæдзийы уæлхъус балæууын. — Йæ рахæцæн дæр уый мидæг ис, уый, æмæ хъыгагæн, бирæтæ уыцы рæсугъд æгъдæутты сæрты, æнæхсæст хуымыл рувæндзæфтæгæнгæ куы ацæуай, уыйау кæй ахизынц. Уымæн нын æвдисæн мæнæ тæккæ абоны царды цаутæ, — барджын хуызæй та зæгъы ус. — Уастæн сæ Хуыцау куынæ сразы уайыд! — йæ сæр бынмæ æруагъта хистæр. — Исæм мах нæ азым нæхимæ, фæлæ иуда- дзыг мах, нæлгоймæгтæй аразгæ дæр нæу, нæ! — йæ сæрыл 47
фæстæмæ хæрдмæ схæцыд лæг æмæ йæ цæстæнгас сылгоймæг- тыл ахаста. — Хатыр курын, фæлæ... — Тынг раст зæгъыс, хатыр курыны сæр дæр дзы ницæмæн хъæуы! — фæрæвдз æм ус. — Иуы аххосæй аххос нæй! Нæ сæрмæ йæ цæмæн хæссæм мах, сылгоймæгтæ дæр, дзæгъæлкъах каркау, фæсвæдты бæгъдулæг кæнын дæр æмæ сусæгæй къуыртт уадзын дæр?! Фæлæ... Хуыцау сын æй бахатыр кæнæд. Хъримаг куы феваст вæййы, уæд нæмыгæн раздахæн нали. Сæхи фæндиаг сæ хъуыддæгтæ. — Уый та нын дызæрдыггаг нал у и, Дæхци! — бакаст хæдза- ры хицаумæ хистæр. — Уастæн мын атæппæт дзыллæтæ ацы хабæртты бæсты мæ мардмæ куы ’рымбырд уыдаиккой! — æрхæндæг хъæлæсæй за- гъта лæг. — Бахатыр мын кæнут, уæ хорзæхæй! Курын уæ... — дзурын ницыуал сфæрæзта æмæ йæ къух ауыгъта. — Цæй о! Царды мидæг цынæ ’рцæуы! Дæхимæ бынтон ма ныхъхъус. Ис мæгуыры хос нæу. Арв куыд нæры, афтæ нæ фæцæвы. Хуыцауы æвастæй ницы ис, алцы дæр йæ бынаты сбаддзæн! — йе уæхскæй йæ бауыгъта сæ хистæр. Дæхци дæр цыма уыцы ныхæстæм æнхъæлмæ каст, уыйау сæргуыбырæй хæстæгдæр бацыд чысыл чызгмæ æмæ йын йæ армытъæпæнæй йæ сæр æрсæрфта. — Кæугæ ма кæн, мæ хур. Æз дæ æфхæрын никæмæн бау- адздзынæн мæ цæстæгасæй. — Нæй! Нæ разынд чындз! Раст цыма зæххы скъуыды ных- хауд! Йæ фæдыл нæ ничи фæхæст! — уыцы рæстæг зæрæдты уæлхъус фæдисхуызæй æрбалæууыдысты къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын цалдæр æмбалимæ. — Уый та цы диссаг у, æппын æй иу уынæг куыннæ фæци атæппæт дзыллæтæй?! Ссарын æй хъæуы æнæмæнг, афтæ уадзгæ нæу! — батыхст лæг. — Уæ, Хуыцау дæ ма сразы уа цы лæппу дæ, кæд цытæ бакодтай! — Архъызы дæндаг махмæ куы разына, уымæй тæссаг у, — йæ мидбыл бахудт иннæ хистæр, Тузар. — Æмæ цы мæнг зæгъыс! Цыма нæ хорз экономист агурыны сæр дæр бахъæудзæн. Ам хъуыддаг æнцонтæй лыггæнгæ нæ рауайдзæн. Дæумæ дзурын Дæхци, — йе ’ргом аздæхта хæдзары хицаумæ. — Сывæллоны ма уадз, фæлæ нæхæдæг дæр æддæмæ акæсæм. Сывæллæттæй ма, куыд кæсын, афтæмæй дæ сæр дæ кой дæр суыдзæн! Ссарын хъæуы уыцы кæйдæр чызджы, науæд ма ныл туджджыны ном дæр не сбадт. 48
— Тобæ зæгъ, тобæ! Хуыцау, де уазæг, дæ фæдзæхст! фыдбылызæй нæ бахиз! — тарстхуызæй сывæллоны фæ- уагъта хæдзары хицау æмæ фæраст. — Нæ кæрц ма дыс хъуаг V. Цомут, мауал лæууæм. Сымах та мæнæ адонмæ фæкæ- сут, — дзуры хион сылгоймæгтæм, æртæ сылгоймагмæ амонгæйæ. — Туг уæлдæйттæ нæм нæй. Иннæ уæттæй сæ искæцымæ акæнут... баулæфой... — фæраст йе ’мбæлттимæ хæдзары хицау. — Бузныг дæ уæздан ныхасæй, — йæ фæстæ дзуры сывæлло- пы мад, æмæ йæ чызджы къухыл фæхæцыд. — Æмæ дам хорз дыргьбæласæй æмбыд дыргь нæ хауы. Чи загъта уый? Æгæрдæр ма... — Цомут ныр, махæн ам ницыуал куыстаг ис! — дзуры йе ’мбæлттæм. — Иумæйаг дзыккайæ, мæнмæ гæсгæ, хицæн сир хуыз- дæр у. Æнаккаг! Куыд ис цымæ иу къухæй цыппар харбызы сисæн?! Раст æмæ-иу зылын та закъон равзарæд! — хистæрты фæстæ дуары æдде фесты сылгоймæгтæ æртæйæ дæр. — Туг мыл макуы ныууара, мæнæ цытæ уынын! — уæды онг йæ цымыдисдзинад цудын нæ уагъта Гæппыдайы, Зæлийы уæ- хскыл йæ сæр æруагъта, афтæмæй хъусæй лæууыд. Фæлæ ныр хъæрзынмæ февнæлдта.— Кæд ма мын искуы исты фæуинаг лæ, уæд мæ тагъддæр мæ хæдзарыл сæмбæлын кæн, дæ рын бахæрон, Зæли! Сæфын! Куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр. — Æнæ уый нæ ныллæууыдтæ иу ран! — йæ къухыл ын хæрдмæ схæцыд Зæли. — Цæст ма кæд æнæхъæн у, уæд мын сæры цæф хъыг нæу... цы агуырдта, уый ссардта. — Уой, Зæли, райдыдтай та гъеныр! Æфсон та дын фæци. Цом-ма цæй, — йе уæхскыл та йын ногæй йæ сæр æруагъта. — Иу кафт дæр нал æви? — хъазгæмхасæн ма йæ æлхыскъ- фарст кæны уæддæр Зæли. — Кæд гъеныр иу ран дæ бын æрхъарм кæнис! — йæ дæлармы бацыд Зæли æмæ, сæ хуыны тæбæгътæ дæр уым фæуагътой, афтæмæй лидзæг фесты. Уыдо- ныл та ма чи уыд, бæстæ фæдис куы ссис, уæд. ...Цæуынц размæ, тырнынц дыууæ сылгоймаджы æхсæвы тары, фæлæ Зæлийы иу хъуыды цух нæ уадзы: цыма йæ кæцæйдæр зоны Гæппыдайы хæстæджы: зонгæ цæсгом, зонгæ гуырыконд, сырддзаст цæстæнгас. Фæлæ кæцæй, кæм æй фед- таид? Цыдæр нывтæ йæ цæстытыл уайы, фæлæ се ’рымных кæнын йæ къухы не ’фты. Цы хуызы зонгæ уа йемæ, кæцæй?.. Кæм æй федтаид? — арф хъуыдыты аныгъуылд Зæли æмæ Дзы хъыпп-сыпп нал хауы, афтæмæй цæуынц. Цæй о, цыма мæн дæр ахæм балцы фæндагыл ацæуын фæндыд! Дæхи цы ныхъхъус кодтай? — йæ хъуыдыты хал ын 4 Млхдуг№ 1, 1997 4 9
иуахæмы фескъуыдта Гæппыдайы ныхас. Кæй та йæм смæсты уый йын цы ’мбарын хъуыд. | — Кæцæй дын зонын дæ хæстæджы, уый æрхъуыды кæньщ мæ бон нæу. Зонгæ та йæ кæнын, федтон æй кæмдæр. Кæм’ кусы загътай? — æрлæууыд Зæли æмæ иуцасдæр йæ мидбынат^ æдзæмæй лæугæ аззад. — Уыцы диссаджы галуантæ айдагъ; мыздæй кæй нæ аскъæрдтаиккой, уый дызæрдыггаг нæу. Цы куыстыл хæст у, кæцæй йæ зондзынæн æз?.. — Йæд у... Бæлвырд ын цы зонын æз дæр, кæм кусы, уымæн, фæлæ йæ дзыпп дзаг кæй вæййы алкæддæр, уый хорз зонын. Къæлæтджыны бады, æвæццæгæн! — йæ ныхыл та фæхæцыд ус. — Ды дзы куынæ зæгъай! — фæзылд æм Зæли. — Æмæ дæуæй афтæ дзаг дзыппджынтæ иууылдæр къæлæтджынтыл бадынц? Сæ фылдæр къæрныхтæ æмæ цæстфæлдахджытæ кæй сты, уый ныр уæддæр нæ базыдтам, сæ гамхудтæ куы систой, уæд? Се ’цæг цæсгæмттæ бирæтæ ныр куы равдыстой. Æмæ куыддæр уыцы хъуыды йæ сæры фæзынд Зæлийæн, афтæ кинонывау йæ цæстыты раз сыстад, хæрзæрæджы æвдисæн цы царды цауæн уыди, уый. — Фæлæуу-ма, фæлæуу, ма дзы байрайай дæ дзыпдзаг хæстæгæй! — æвиппайды та дзыхълæуд фæкодта Зæли. — Æрхъуыды йæ кодтай, æви? — къæмдзæстыгхуызæй йæм дзуры Гæппыда. — Чи сын цы ’мбары, чи? Иу хæдзарæй иннæмæ кæмæн цы бамбарæн ис!... Бакастæй та дзы цы загъдæуа, нæ йæм кастæ?.. — Омæ дын уæдæ цы ис йемæ иумæйагæй, гормойнаг, кæйтимæ мын дæхи барыс? Уаллон дам калмыл йæхи барста æмæ йæ тъанг аскъуыд. Мæнæй уæлдай кæмæн ницы зоныс, уымæ дын æнæ цæугæ нæ уыди? Цæуыл дæ мæгуыр муртæ хæлæттаг кæныс, æнæ хох бузныг, æнæ быдыр бузныгæй? — О, цæй, ууыл нал дзурдзыстæм ныр, фæлæ йæ кæцæй зонын зæгъыс? — Кæцæй, кæ?.. Мæ фыны дæр дын æй куы никуы федтаин фæлтау! — ауыгъта йæ къух Зæли. ... А уалдзæджы иу уаргæ бон, куысты чысыл афæстиаты фæстæ, æрцæуы сæ горæты сæйраг уынджы Зæли. Ленины цырт- дзæвæны фæзмæ куы ’рхæццæ, уæд кæсы æмæ дзы дыууæ нæлгоймаджы кæрæдзи тæртты бацыдысты, афтæмæй сæ мид- бынаты цоппайгæнæгау, хъуырдухæн кæнынц: сæ иу æвидауц бæрзонд, аннæ та цыбыр цурчы хуызæн — ныллæггомау, фæлæ уæнгджынтæ. Сæ дарæсмæ гæсгæ модæйæ фæсте чи нæ зайы, 50
адæмы æвæццæгæн æрмæст уæлæйы дарæсæй чи фæзмы, ахаемтæ. «Нозтджын уой, æви хыл къахой?» — фæсабырдæр кодта п?е цыд, сæ комкоммæ куы ’рхæццæ, уæд. Æввахс æм ничи зыид æмæ ма изæрдалынгты дæр адæймаг æдасæй цæуын кæм уæпды ныры рæстæг. Ахъахъæдта бæстондæр йæ алыфæрстæм #мæ йæ развæндагыл дæрддзæфгомау йæ цæст æрхæцыд æртæ пæлгоймагыл. Æмæ уæд фæныфсджындæр, уæдæ цы, æмæ та пæ цыдыл бафтыдта. Фæлæ дын уыцы рæстæг кæсы, æмæ сæ мидбынатæй, доны ауæзт куы фенкъуыса, уыйау дыууæ лæджы куы фезмæликкой, сæ хъæлæсæй алы хъылма, æвзæр ныхас хауд, афтæмæй: мад, фыд нал ныууагътой фæсте, сæ зæронд мæрдты дæр ма хурмæ скалдтой. Æмæ кæрæдзийы тъæпрæ- хуыст, схуыстытæгæнгæ, нæмгæ, сæ иу иннæйы бæлæсты бын аууонмæ тыхæппæрст кæны. «Æллæх, ныртæккæ фыдбылыз цæудзæн!» — райхъуыст йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп Зæлимæ. — Цы кæнут, гормæттæ, уæ бинонтæ уæм уæ хæдзæртты æрцæуын æнхъæлмæ куы кæсынц! — дзыхълæуд фæкодта фæстæмæ, æмæ дзы уыцы ныхæстæ куыд схаудтой, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Фæлæ куыннæ стæй! Уæйыджы хъусы дам уад уайы: цæлхъ кæнынц кæрæдзийы кæм къахæй, кæм къухæй, кæм та сæрæй. Фæстагмæ бæрзонддæр ныллæгдæры бæласы зæнгмæ нылхъывта æмæ йын йæ дзыппытæ сгарыныл архайы. Фæлæ бæрæг уыд, иннæ дæр йæ лæппын кæй нæ уыд, уый. Æмæ сын тох ногæй бацайдагъ: нæмынц, алывыд калынц кæрæдзийæн. — У-у, мæ хуртæ, тагъддæр размæлут, цалынмæ ницы фыд- былыз æрцыд, уæдмæ! — хъæрæй дзуры Зæли, чи сцæйцыд, уыдонмæ. — Цы хабар у, цы, нæ мады хай? — уыцы рæстæг проспек- ты иннæ фарсæй, хъæрццыгъайау, йæхи æрбаскъæрдта иу цард- хуыз, гуыппырсæрттæ лæппулæг. — Уæу дæ рынтæ мæ уд бахæра, тугкалд ма ’руадзут, фæдзур ма далæ уыдонмæ дæр! — лæгъстæхуызæй дзуры ус лæппумæ æмæ та йæхæдæг йæ цæстæнгас, чи сцæйцыд, уыдонмæ аздæх- та. — Æ, куыдзы хъæвдын, кæдæм?! Аппар æй дын зæгъын! Кæмæ дзурын æз?! — уыцы уысм йæ хъусты айзæлыд кæйдæр мæстæлгъæд хъæлæс. Фæкаст Зæли, хъæр чердыгæй цыд, уыцырдæм æмæ йæ дзых хæлиуæй аззад: хылгæнджытæй сæ иу иннæйы хорз уæлдзарм 51
худ хъуырдухæнгæнгæйæ куыд акъуырдта æмæ хуылыдз зæхма! куыд æрхауд, афтæ йыл хъæрццыгъахуыз лæппулæг йæхи ан| дзæрста, фелвæста худ зæххæй, йæ доны ’ртæхтæ йын ацагътя æмæ йæ йæ сæрак пинджаччы роны ацавта æмæ уæртæ фе| згъоры, хаст бабызы хуызæн. 1 — Афтæ та нæ уыдзæн уæдæ, куыдзæйгуырд! — йæ ам| æддаджы зæхмæ асхуыста даргъонахъ йæ тых йæ бонæй æмаа худыскъæфæджы фæстæ ныййарц. | — Мæнæ бынысæфт куыд кæнынц нæ фæсивæд, мæнæ! Н фæдис ныхъхъæр кæнынмæ бирæ нал хъуыд Зæлийы. Уæлдайдæр| иннæ æртæ лæппуйы йæ цурмæ куы схæццæ сты уыцы сабыр! къахдзæфтæгæнгæ æмæ йæ стырзæрдæхуызæй куы афарстой:* — Цы хабар уыд, цы, хорз ус?.. Цыма нæм цыдæр æх- хуысмæ сидтæ?.. Ницыуал сæм сдзырдта Зæли — фæнды дзур, фæнды ма ах- æмтимæ. Фæлæ йæ маст ноджы тынгдæр рафыхт: «Кæд уæ конд хуымы не ссардæуыд, гормæттæ, сæрыл дзы худ хæссын йеддæмæ’ ницы вæййы? Кæд хаста ирон лæг та фæдисы рæстæг йæ сæрмæ фæсте зайын?» — хинымæр сын загъта йæ зæгъинаг æрмæст. — Мæ арт бауазал, Зæли, æмæ худыскъæфæг Бæппи уыди зæгъынмæ хъавыс? — йæ къухæй йæ ных бакъуырдта Гæппыда. — Нæ мæ уырны уый. — Æмæ изæрсарæй цы цаутæм кастæ, уыдон дæхи цæстытæй нæ федтай, афтæмæй дын сæ дзырдтон зæгъгæ, уæд та дæ ба- уырныдтаиккой? Тыхъылы фæрдыг мын дзы цы сарæзтай?! — Мæ бындурыл! Уымæй дæр раст зæгъыс. Мæнæ бæстысæфт куыд æрцыд, æууæнк куыд никæуыл уал ис æппындæр! — ныддисхуыз Гæппыда. — Уастæн сын цы загъдæуа, уыдонæн цъалхæй-малхæй фæсарæнтæм уæрæх фæндаг чи байгом кодта. Сæ ахуырст ссыд нæ фæсивæдæн бынтон. Бæргæ, хорзæй сæм цы уынынц, уымæй сæ куы фæзмиккой. Фæлæ кæм? Дæ загъдау, цæстфæлдахджытæ сæ рауад, чи кæй тынгдæр асайа, уый ссис се стырдæр бæллиц. Ахуыры бæрзæндтæм сæ ничиуал тырны искуы иуæй фæстæмæ, фæлæ фæсарæнтæм хицæн фæндæгтæ сарæзтой! Æмæ нæ дыу- уæ адæймаджы кæрæдзи нал æмбары. Кæрæдзимæ топпы кæсæнæй кæсын райдыдтам! — йæ масты дзæкъул æвдæлон кæнынмæ та фæци Зæли. — Цæй, ныр дæхæдæг ныууайдзынæ, нæ? — сæ кæрты дуармæ æрлæууыд. — Æцæг-иу райсом дох- тырмæ ныццу, «къæлæтджыны» рахиз къабаз! Фæлæ мын ис- куыдæм цæуыны кой макуыуал скæнай! Дæ бын æрхъарм кæн гъеныр, афон дын у. 52
— Цытæ дзурыс! Æмæ ма æниу искуы цæуынхъом суы- дзынæн. Мæ хæдзарыл ма куы сæмбæлин, — фæраст Гæппыда. Цæй дохтыр æмæ ма цæй æндæр. Тарстæй йæ цæфы рыс- гытав цас ницæмæ æрдардта, уыйбæрц æхсæв-бонмæ рафт-бафт фæкодта йæ хуыссæнуаты Гæппыда. Райсом, йæ сыстын афон куы уыди, уæд иннæ хæттыты хуызæн йæхи хуыссæнуатæй бæргæ раппæрста, фæлæ йын дзы ницы рауад.: йæ сæр ыл куы- ройы цалхау зылд. Цæстытæ тартæ кодтой, зæрдæ хæццæ. «Гъе, гъе, ссæдзмæ ма мæ нудæс хъуыд»! — ахъуыды кодта ус. Æмæ йын сыстынæй ницы рауайдзæн, уый куы бамбæрста, уæд фæстæмæ йæхи æруагъта. Нал сыстад æртæ боны Гæппыда. Йæ уд суæлæнгай æвæгæсæгæй цыппар къулы æхсæн, æнтъыснæгдзинад æй æгасæй дæр йæ быны анорста. Бæргæ йæ фæндыд, исчи йæм сыхæгтæй куы фæзындаид, фæлæ... Æмæ йæ царды гуыргъахъ фæндæгтæ иугай-дыгай ногæй йæ цæстытыл уайын райдыдтой. Иунæг кæй у, уый йæм ныры хуызæн никуы бахъардта æмæ алыхуызон æнкъард хъуыдыты уацары хъуырдухæн кæны: «Иу доны хуыпп бадæттæг дæм ма уæд, афтæмæй цæрæнбонты искæйы хуымы цыргъ æхсырфæй дæ бонтæ фервит. Хæдзар никуы за- гътон Зæлийы загъдау. Иу къуылых цъæх чызг мæ уæддæр куы уыдаид», — химидæг йæхи æфхæры сылгоймаг. Æмæ сфæнд кодта — цæра, мæла, уæддæр рахизын йæ хуыссæнуатæй, адæ- мы уынæрмæ æддæмæ акæсын. Сыстад сабыргай, зилы сæр. Зæнгтæ йæ быны дыдæгътæ кæнынц, цæстытæ — тартæ. «Нæ, нæ, сымах цы фæнды, уый дзы нæ уыдзæн, — ахъуыды та кодта хинымæр. — Кæд мæлгæ, уæддæр иунæгæй нæ, адæмы цур!» — сабыргай халат йæ уæлæ æрбакодта, æнæсчъил дзабырты къæхтæ атъыста, йæ цæсгом донæй æрæнхъæвзта, æмæ чысыл йе ’муд æрцыд. Йæ сæры бастмæ ма азылд æмæ, æртыкъахыг бандон йæ къухы, афтæмæй сæ дуармæ сабыргай рацыд. Хур йæ балцæй фæстæмæ здæхы, ныгуылæнмæ йæ бирæ нал хъæуы, фæлæ ма уæддæр йæ тынты æндæвдад цæрæг удты — фосæй, маргъæй, удгоймагæй аууон рæттæм хи ласын кæны. Гæппыда аивæй ахъахъæдта сæ уынджы дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр. Иуырдыгæй йæм хъуысы хъæлдзæг сабиты Цъæлхъæр, аннæрдыгæй та сылгоймæгты сусу-бусуйы уынæр. Ллчи йæ къухы миимæ йæхи æддæмæ райста æмæ доны был нууон рæтты къордгæйттæй бадынц сыхы устытæ. Фæнды йæ, бæргæ, Гæппыдайы, искæцы къордмæ дзы йæхи куы байсид, фæлæ йæхиуыл йæ зæрдæ нæ дары: йæ зæнгтæ йæ быны нæ 53
цæуынц æмæ йыл мыййаг сайдæй куы рацæуой. Æмæ æртыкъа- хыгыл доны был аууоны уый дæр йæхи æруагъта. Бады æмæ фæлгæсы алырдæм. Изæрмилтæ куыд хæстæгдæр кæнынц, афтæ адæмы змæлд æмæ уынæр дæр фылдæр кæны: чи йæ куыстæй здæхы, чи йæ фосы размæ уайы, чи та йæ саби- ты рæвдауæндонæй кæны. Кæмæн йæ дуармæ цыппæрдзæлхыг лæууы, кæмæн йæ фосы дзуг, кæмæн та — йæ хъазты къорд. Хæссы йæ цæст сеппæтыл дæр Гæппыда æмæ та йыл йæ сагъæс тых кæнын байдыдта: «Кæцытæй дæн æз та гъеныр? Мæрдты мæ Барастыры раз дзуапп дæттын бахъуыд зæгъгæ, уæд ын цымæ мæхи цæмæй сраст кæнин? Цы фæд ныууагътон ын зæгъин æз та ацы мæнг дунейы, Зæлийы загъдау? » Æмæ дам никуы ницы ис! Куыддæр йæ хъуыдыты Зæли февзæрд, афтæ дын кæсы, æмæ тагъд-тагъд, дыууæ къухæй йæ куатæйыл хæцы, афтæмæй Зæли сæхирдыгæй æрбауайы. — Дæ хорзæхæй кæм дæ, дæ уынæр куы никæцæй хъуысы? — куы йæм æрбахæстæг, уæд æм дзуры ус. — Хорз афон мæ æрхъуыды кодтай! Хуыцау хорз, æмæ æнæ дæу фенгæ мæлын нæ бакуымдтон, æндæр ма афонмæ тæф кæнын дæр райдыдтаин! — йæ цæстытæ доны разылдта Гæппы- да, йæ хъуыр ын кæуындзæг ахгæдта ’мæ. — Хуыцау бахизæд, цытæ дзурыс гъеныр? — бахудт ыл Зæли. — Куыдз къуылыхæй нæ мæлы, ма тæрс! Горæтæй нæ адæм æруадысты æмæ мæ уыдонæй рауайыны бон нæ фæци, æндæр дæм мæ зæрдæ æхсайдта, и. Мæнæ цыдæр адджинæгтæ æрдавтой семæ æмæ дзы, зæгъын, ды дæр фæхъæстæ уай, — йæ халаты дзыппыты йын æвæры, йæ куатæйы чи уыд, уыдон. — Сæ цæрæнбон бирæ, — йæ цæстытæ асæрфта Гæппыда. — Æз дзы куынæ фæхъæстæ уон, уæддæр ницы диссаг у, фæлæ сымах рохуаты чи нæ уадзы... — Цытæ дзурыс! Мах хъуагæй чындз йæ дзыхы адджып комдзаг ницы хуызы акæндзæн, кæд нæ иппæрдæй цæрынц, уæддæр. Мæ уд дæр ма йын цардамонд куы фестид! Фæлæ куыд дæ æцæг, куыд? Хъыгдары ма дæ дæ сæры цæф? — Хъыгдары цы хоныс? Мæнæ гъеныр чысыл раздæр ра- хылдтæн уæдæй нырмæ æддæмæ, иунæгæй, зæгъын, уæддæр мацы кæнон, — йæ къух ауыгъта Гæппыда. — Дзæгъæл гæдыйы хуызæн мæм ме ’нæхъуаджы цард ныры хуызæн никуы бахъардта, — æрхæндæг та йын йæ хъуыр ахгæдта. — Дзæгъæлы дын-иу смæсты дæн де ’лхыскъ ныхæстыл дæр, цыма мæ æцæг дæхицæн исты агуырдтай. Бахатыр мын кæн, — Зæлийы уæхск йæ армы тъæпæнæй æрсæрфта Гæппыда. — Дзæгъæл хæтæг 54
цæф ары зæгъгæ мæнгæн нæ фæзæгъынц. Ныр афтæмæй куы баззайон, уæд ма мæ цард цы у, кæй хъæуы... — Ма тæрс цæй, рынчын саг дæр кæны! Цæй тарст фæкод- тай дæхицæн, гормон! Дохтыртæ ма цæй тыххæй сты, адзæбæх дæ кæидзысты, — бахудт ыл Зæли. — Æмæ мæ дзæбæх кæнын дæр куынæ хъуыди, мæ мæгуы- ры бон цæуылнæ зонын, кæд мыл мæ Хуыцау нæ рахат, уæд. — Уый лæг йæхи чырыны куы цæвæра, уæддæр ын æвзари- наг цы уа, уый йын æнæ бавзаргæ нæй. Дæ зæрдæмæ йæ ма хæсс. Фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа, æндæр, дæхи загъдау, сæ иуимæ уæддæр куыннæ бамбæрстат кæрæдзийы дæ ба- рыхæйттæй? — Иуы аххосæй аххос нæй, мæ хур Зæли, мæхи аххостæ фылдæр уыдысты уыдонæй, кæд æй ныронг афтæ не ’мбæрстон, уæддæр. Цы сын загъдæуа мæ ныййарджытæн дæр, мæрдты мæ ма схъæрзæнт, фæлæ мæн ницы уæвгæйæ уæлæуæз чи сисын кодта. Ме сыстадмæ-иу кæрт сыгъдæг, дуæрттæ марзт, уæттæ æфснайд, аходæн цæттæ. Мæн ма-иу хъуыди æрмæстдæр мæхимæ базилын. Адæмæн та-иу мæ бинонтæ афтæ дзырдтой, мадæй, æфсымæрæй Гæппыда сæ акодта. Уынд æмæ кондæй та, Хуыцауæн табу, хъæстаг дзы нæ уыдтæн. Æмæ уайтагъд мæ хорзы кой айхъуыст. Нæ дуармæ курæг цы комæй не ’рфистæг, иу ахæм нал баззад иры бæсты. — Гъы, уæд дæумæ бакæс, хæрзаг бузныг уыдтæ дæхицæй? — бахудт та йыл Зæли. — Ай-гъай уыдтæн! Гъемæ дæ мæнæ мæ хорзæх уæд! Цы мæ рауад, уый мæ дæуæй хуыздæр ничи зоны. Æвзæр дам æмби- сонд йæхицæй фæхæссы, — бахудт Гæппыда æмæ йæ къух ауыгъта. — Æнæ мæн-иу сыхы чызджытæ æмæ лæппутæй хъазтмæ цæуын дæр ничи куымдта. Æмæ цæуын та раджы рай- дыдтон, чысыл куы фæчызгхуыз дæн, уæд мæ-иу ме ’фсымæртæ семæ акодтой. Буц мæ дардтой, нæ иунæг хо зæгъгæ. Кафын дæр мæ уыдон сахуыр кодтой, мæ фæрстæ сын фехæлой. Фæндыр дæр мын бæргæ балхæдтой, фæндыд сæ, фæндырдзæгъдæг мæ куы рауадаид, уый, фæлæ куы уаидæй куы уаид нæй, Хуыцау дын æй куынæ дæтта, уæд. Чысыл цыдæртæ дзы базыдтон, фыдбылызы фаг, æндæр ницы. Заууат фæуинæгтæ! — æркаст йе ’нгуылдзтæм. — Цæрынæй-хæрынмæ уыцы хъандзалæй баззадысты, никуы ницæмæ фæтасыдысты. — Æмæ уæд, фæрсæг сонт у, фæлæ цы фесты æфсымæртæ, пыййарджытæ рухсаг уæнт, фæлæ? — Ой, цы нæргæ хæдзары хъомыл кодтон, уый куы зыдта- 55
ис, Зæли! Æмæ цæмæ æрцæуы адæймагæн йæ фæстаг, сызгъæ- рин тæбæгъты йын фæкуывдæуа Хуыцауæн! — йæ къух та ауыгъ- та Гæппыда. — Сæ кой кæнынæй се ’нæ кой хуыздæр у æниу. Хæсты быдыры баззадысты æртæйæ дæр æфсымæртæ, уастæр фæуинæгтæ. Мад æмæ фыд зæрдæдзæфтæ фесты адзалæй раздæр сæ фæстæ. Сæ ирон æлхæд кæйдæр чызджытæ та, уæн- тæхъил, сæргуыбыртæй сæ фыды уæзæгтæм фæцыдысты. Æз ма, куыд уыныс афтæ — нæ фыды уæзæгыл æрынцадтæн, сæ быны лæдзæг мæ къухмæ райстон. — ныуулæфыд Гæппыда. — Уастæн ын цы загъдæуа Гитлерæн мæ рæстæджы фæлтæры тæригъæдæй! Сæрдыгон изæрты-иу нæ сыхмæ бакæсын: чызг- джын æмæ лæппуджын уыди нæ сых æмæ-иу фæскуыст сæ къæрццæмдзæгъд, сæ хъæлдзæгдзинад арвыл æмбæлд! Цы фæсивæд нæм уыд хæсты размæ — арвуациллатæй цы кæныс. Сæ иуæй се ’ннæ кондджындæр æмæ уындджындæр. Гуыбыны ныв дæр сæ никæуыл федтаис. Рæхснæг бæрз бæлæстау-иу сим- ды куы арæгъ сты! Адæймаг сæм-иу кæсынæй не ’фсæст. Æгæр хорз дæр ма дæн, Зæли, æгæр, мæ сонты бонты æз цы царды тъыфылты бахаудтæн, уымæ гæсгæ, ды мæ азымы фæдарыс, фæлæ... — Рухсаг уæнт, мæгуыр, чи нал ис уыдон, фæлæ дæхи цард нывыл уæддæр куы рауадаид. Æндæр хæсты тæфаг æмæ азар та кæй хъысмæтыл нæ фæзынд нæ фæлтæрæй, авд дæлæмæйы ныххауа хæст æрхъуыдыгæнæг. — Æй дæ бонæй уай, Зæли! Алчи йæ азымыл нæ фæсæтты, фæлæ æз мæхæдæг чысыл аххосджын нæ дæн мæ хъысмæты. Иæ хæдзары, йæ райгуырæн къонайы дæлгом къус уæлгом чи никуы скодта, уазал доны йæ къух чи никуы атъыста, уымæй цавæр æфсин хъуамæ уыдаид? Æмæ та-иу уайтагъд мæ тъæпп мæ фыды уæзæгыл фæцыд. Æмæ фæстаг дыууæйæн бар сæхи, хъыбылтимæ уыдысты уыдон. Фæлæ фыццаг... Уый уадзгæ бæргæ нæ уыд, нæ сарæхстæн æндæр. Фыд йеддæмæ йын ницы уыд уымæн. Æмæ йын цас лæггæдтæ кæнын хъуыдаид мæгуыр. Мæ сыстадмæ мын-иу йæхæдæг дуæрттæ йеддæ дæр ма амарзта, дон хæссынæй, суг сæттынæй. Фæлæ афтæ адæймаг хъипсæр куы вæййы, Хуыцау ын цард куынæ фæдæтты, уæд цыдæр æфсæнттæй фехæлы цард. Æндæр... — аджих Гæппыда. — Гъы, гъы, фæуы дæ ныхас кæронмæ. Рæстæг цæуы,— дзуры йæм Зæли, — ауайын мæ хъæуы, мæ пец судзгæйæ фæ- уагътон. — Дзурон æй, ма, ууыл хъуыды кæнын,— бахудызмæл Гæппыда. — Куыд та мæ бамбардзынæ... Куы та мыл худай... 56
— Цæй о, мæ ’нæзонгæ нæ дæ. — Æмæ ма æниу цы, дзурай, ма дзурай, фæлæ мыл сæр кæй пæ уыд, ууыл у мæ сагъæс. Мæ цыбыр зондæй, мæ сæрыстыр- дзинадæй мыл чи тынгдæр уæлахиз кодта, уый ныртæккæ зын зæгъæн у,— исдуг та аджих сылгоймаг.— Бирæ дæр нæма цар- дыстæм,— бахатыр мын кæн, кæстæр дæ,— нæ уарзон ныхæстæ кæрæдзийæн æххæст конд дæр нæма фестæм, афтæмæй цалдæр хатты зæронд лæджы къæхтæ кæй ахсадтон, уымæй аф- æлмæцыдтæн. Афæлмæцыдтæн зæгъгæ мæ сæрмæ йæ нæ хас- тон, ныр æй куыд æмбарын, афтæмæй. Куы йæм-иу æргуыбыр кодтон æхсынмæ, уæд-иу æмбойны мæ хъусты адæмы ныхæстæ азæлыдысты: «Уæлбылы хъæуы Гæппыдайы хуызæн чызг дзы куынæ уа! Комбæсты аргъ у. Чи разындзæн цымæ ахæм амон- ды аккаг? Кæй хал схаудзæн?» Æмæ ныр цавæрдæр зæронд лæджы хидæйдзаг къæхтæ æхсыныл балæуу! — сабухта-иу мæ маст. Æмæ-иу хъуыдыты аныгъуылдтæн, цы хуызы фервæзт- æуа ацы хъуыддагæй зæгъгæ. Æмæ та мæм иуахæмы хуыссыны размæ куы сдзурид: — Чындз, мæ хур, мæ къæхтæ та ахсин, дон мæ куы уаид... Цы гæнæн та ма мын уыд æнæ ’хсгæ дæр. Æмæ, хъыдзыйæ тынг кæй тарст, уый бамбæрстон æхсгæйæ æмæ уымæй спайда кæнын сфæнд кодтон. Æхсгæ-æхсын ын æфсонмæ-фсонты ар- хайын йæ къахы бынтæ хъыдзы кæныныл. Лæг, мæгуыр, ска- тай: куы иуырдæм, куы иннæрдæм радав-бадав кæны къæхтæ тасы доны, фæлæ суынæр кæнын нæ уæнды. — Нал хъæуы, мæ хур, æгъгъæд сын у, — иу цалдæр хатты мæм дзургæ дæр скодта, стæй йæ бон куынæуал уыд, уæд йæ дзыхыдзаг ныххудт æмæ йæ къæхтæ тыхтынд акодта мæ къухтæй. — Нал хъæуы, æгъгъд сын у, мæ хур! — «Æз дæр дæ уый агуырдтон», — ахъуыды кодтон хи- иымæр æмæ цырд фестадтæн. Æмæ дын уыцы рæстæг нæ уаты æрдæггом дуарæй мæ сæрыхицауы тызмæг цæстæнгасмæ куы фæкомкоммæ уаин. — Уæдæ, мæ хур! Хингæнæгæн йæ хин йæхи сæрыл фæцæуы, — бахудти Зæли. — Дæуæй дзы лæг цынæ фехъусдзæн. — Уыйадыл та концерт фæцис! — бахудæнбыл Гæппыда йæхæдæг дæр. — Мæ бацыдмæ дæр нал банхъæлмæ каст, фæлæ дуары æдде фæци. Фæрсгæ мæ уæддæр куы бакодтаид цы хабар уыд зæгъгæ. Куыннæ стæй! Кæд æй ды федтай, уæд ма йæ æз дæр федтон. Таппысайраг баци. Бæстон нал æрци, схæтæгхуаг. — Уæдæ, мæ хур, царды хъусы ныхæстæ хъæуы зæгъгæ мæнгæн нæ фæзæгъынц. Йæ саразын вæййы цардæн зын, æндæр йæ феха- 57
лынæн бирæтæ нæ фæхъæуы. Цæмæндæр-иу бафæразын дæр фæхъæуы, зæрдæзæгъгæ цæрдтытæ æппæтæн кæм вæййы, фæлæ. Æгæр æрæгмæ бамбæрстай дæ аххос, фæлæ ма ныр цы? Иннæтæн дæр сывæллæттæ кæй уыд, уый раздæр нæ зыдтай, уæд сæм цæмæн цыдтæ, кæд сæм дæ ныфс нæ хастай, уæд? — Бафæрс ма мæ,— къух та ауыгъта Гæппыда.— Сæ иу тынг хорз лæг уыд уыдонæй дæр. Стæй йын сывæллон дæр иу йеддæмæ нæ уыд. Фэелæ фыдхъæздыг цæрæг, дыстæ батулын кæм хъуыд, ахæм дзаг хæдзар! Æмæ ма йæ мад куы цардаид, уæд ма, чи зоны, исты амæлттæ кодтаин, фæлæ цыма уымæн дæр мæ бацыдмæ æмгъуыд уыд, уыйау уайтагъд æрбатæппæлæг, ма дзы байрадæуа! Мæй дæр сæм æххæст нæма фæдæн, афтæ йæ удисыныл ныллæууыд. Æмæ мыл йæ фæзиан афтæ фæзынд хæдзары зылдтытыл, æмæ та адæргæй æвæццæгæн мæ фисынмæ зонд дæр скуыста. Æмæ дын, усы зианыл къуыри дæр нæма рацыд, афтæ, цыма мæлæты цæгъдтытæ кодтон фæндырæй, уыйау, лæг кусынмæ куы ацыд райсомæй, уæд æз фæндыр хъæццулы бын куы бакæнин æмæ дзы цæгъдыныл куы схæцин, æддæмæ куыннæ хъуыстаид, афтæ. Уыцы рæстæг Хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ лæг фæстæмæ цæмæдæр куы ’рбаз- дæхид. Æмæ мæ афтæмæй куы ’рбаййæфта, уæд, цы ахъуыды кодта, Хуыцау зонæг, æмæ дуаргæрон лæугæйæ баззад исдуг, стæй фæстæмæ фæзылд: «Бирæгъæн дам сæгъы мехъ худын», — æрбайхъуыст ма мæм æддейæ йæ ныхас. — Æмæ та цард фехæлд, нæ? — Куыд уыныс, афтæ. Нал æрхъæрмуд стæм. Афтари фæуæнт се ’ппæт дæр, уый сын мæ дзæбæхдæр арфæ. Фæлæ уыцы мæгуыр чындзæй ницыуал æрыхъуыстай, Зæли, цы баци, цымæ? — Куыннæ! Дæ разы дæхи кой кæн, уымæн ныр ницыуал у, йе зæды хай тыхджындæр кæй кæны, уый рабæрæг. Йе ’фсым- æримæ сæ, фæсарæнтæм чи тæхы, уыцы хæдтæхæгмæ схизгæ фендæуыд. — Мæгуырæг, йæ сæр йæ кой акодта, нæ? — сагъæсхуызæй зæгъы Гæппыда. — Уæдæ, мæ хур, расты дам цæв æмæ зылын сбæрæг уа. Иры зæххæй лидзгæ кæмæн у, уый дзы нæ лидзы, фæлæ йæ амæддаг! Сидзæрæй дам бахъомыл сты йе ’фсымæримæ, — масты цæхæр та фæзынд Зæлийы цæстыты дæр. — Алкæмæн дæр тæрхонгæнæг уæд не Сфæлдисæг. Æз цæуон. Райсом дæм до- хтыр æрбакæндзынæн, фенын кæнын дæ хъæуы. Тæрсгæ та ма кæн, лæг рынчынтæй фылдæр цы кæны. Хæрзæхсæвтæ уал. 58
— Цу, мæ хур, цу. Дæ хай дæр бирæ. Адджын цард фæкæнæнт се ’рласджытæ дæр, æмзай, æмзæронд бауæнт. Ды ма мын куынæ уаис, уæд цы ми кæнин, цымæ?... — 0, æгæртæ дæ кæнæм, — цæугæ-цæуын ма йæм радзырд- та Зæли. Суанг фæсахсæвæртæм йæ бынатæй нæ фенкъуыст Гæппы- да, хъуыста адæмы уынæр æмæ змæлдмæ, цалынмæ йæм йæ хъулон къæбыла нæ рацыд æмæ йын хæрдæнхъæл йæ зæнгтыл йæхи нæ арасæрф-басæрф кодта, уæдмæ. О
ГАДЖИТЫ Барис ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГ Дæ цæстытæ — мæ уды зарæг фесты, — Сæ бакастæй ыстыр амондцжын фестын. Мæ фæндаг мын ысрухс кæнынц дæ уарзтæй, Æз фервæзын хъуырдухæн æмæ мастæй. Дæ цæстытæ цырæгътæ сты мæ цардæн, Æрвон зæлтæ — мæ фыстытæ, мæ зардæн. Æнæ уыдон вæййын æрхæндæг, сидзæр, Ныппары мæ уæззау сагъæсы изæр. Æз нал вæййын цъæх уалдзæгæй дæр разы, Цард фесты ницы, удхæссæг мæ разы. Нынкъард вæййы фæззыгон бонау зæрдæ, Фæдзурын ын мæ фырмæстæй æвзæртæ... Дæ цæстытæ мæ хур ысты, мæ фидæн, Сæ рухс тынты мæ уарзты тых æхсиды... Куысты уа, балцы — базырджын ысвæййын, Мæскуыйаг хъызты уайтагъддæр ыстæфсын. Дæ цæстытæ — о, диссаг ысты уыдон! Уыдтæн та сæ æгъуыссæг æхсæв дысон.
Нæхимæ, хохы фестадтæн, дæ цуры, Фырадæргæй æз нал арæхстæн дзурын... Дæ цæстыты рухс ивылыди фарнау, Сыгъди мæ зæрдæ уарзты цинæй артау. * * * Фыдæлты уæзæг, нæй дæуæй хуыздæр, Дæу бамбæрстон кæйдæр зæххыл æз дæр. Æрцыди мæм куыдфæстагмæ фæсмон, Мæ цинæн хæхты нал уыдис кæрон. Куыдтон мæхиуыл, ивгьуыдыл... Мæскуы Мæнæн нæ радта стыр куывды ыскуы... Мæ цард уыд иууыл сагъæс æмæ мæт, Мæн ралгъыста æрыгонæй хъысмæт. Фæхаудтæн, Ирыл дард бæстæй тыхстæн. Æнæ Ир царды хауæггаг ысдæн. Мæстæй ма-иу мæ сагъæстæ фыстон, Мæ фыны дæр нæ урс хæхты уыдтон. Мæ хъарм цæссыг «Ирон фæндырыл» тагъд, Цыма мæм кодтой къæйдуртæ дæр загьд. Фыдæлты уæзæг, нæй дæуæй хуыздæр, Дæу бамбæрстон кæйдæр зæххыл æз дæр. * * * Нынкъард та дæн, нырхæндæг та дæн æз, — Кæцæйдæр хъуысы ивгъуыды хъæлæс. Мæ сабидуг, цæуыл у, цæ, дæ цин? Дæу, зонын, царды никуы ’фхæрдта хин, 61
Уыдтæ æнæмæт, бархи æмæ хъал, Дæ рæстæгæн нæ уыдис, нæ, æмбал! Бæгъæмвадæй дæр хъæлдзæг уыдтæ ды, Зын уыдис дуг — нæ йæ кодтай хъуыды. Нæ дæм хъардта мæгуыр лæджы цæссыг, — Æрмæст дæ тохси ма абадæд цыг... Къæвда бонтæй дæ удхæссæг уыдтай, Æрмæстдæр Терк, нæ найæн цад зыдтай, Нæ кодтай ды хæдзары мæт... Дæуæн Нæ уыдис уысм нæ хæдзары лæууæн... Хъæлæй хъазын дæм диссаджы куыст каст, Фæлæ фæци æнæмæт цард æваст. Æз ралæг дæн. Мæ сабидуг — кæмдæр. Фæйнæрдæм тоны сау сагъæстæй сæр... Æруагъта мыл йæ уæззау уæргътæ цард, Нындзыг цæф маргъау зæрдæйы мæ зард. ...Нынкъард та дæн, нырхæндæг та дæн æз, — Кæцæйдæр хъуысы ивгъуыды хъæлæс. * * * Ныккалд мæнæн мæ ныфсы хох бынтондæр, Ныссуй ысты къуыбылойау мæ бонтæ. Дзыцца, мæгуыр, йæ рухс дунейæ ацыд, Иæ зæрдæйы йæ маст, йæ тухи нал цыд... Йæ фырт дæр æй ныууагъта рохæй хъæуы, Ныр бафæрсы йæхи: Лæджы цы хъæуы?. 62
•Цæмæн афты кæйдæр бæстæм? Йæ цуры Цæуылнæ фены амонд æмæ хуры? Æлгъыст ыстæм, æвæццæгæн, Хуыцауæй, Мах рæстæг сафы хивæнд æмæ дауæй. Æндæра мæн цы хуыздæр хъуыди? Мадæн Уыдтæн æдзух ныфсы мæсыг. Иæ батæн Сæ хъарм ныр дæр нæма ацыд мæ рустæй, Æз та йын кодтон уарзты бæсты бустæ. Нæ йæм хъуыстон — тыххæй мæхи фæнд тардтон, Æмæ уынут: цы сойтæ дзы ысмарзтон... Кæйдæр зæххыл ныззæронд дæн хæрæгау, Цæрын мæстæй зындон-бæсты цæрæгау. Æнæ мæ мад — æз сæфт ирон бынтондæр, Ныссуй ысты къуыбылойау мæ бонтæ. * * * Фæцис рæстæг мæ хъуыдытæ зæгъынæн, Фæлæ мæм хъусы иу мæгуыр — мæн хуызæн... У цард хæйрæг — нæ йын зонæм йæ фæндтæ, Фæсайынц нæ зын фæндæгтыл йæ фæдтæ. Ысвæййы иутæн се стыр сагъæс давын, У иннæтæн сæ рухсдæр бæллиц — кафын. Кæмæн та цард — æрмæстдæр мулк, æхцатæ, Зон, аннæтæн сæ уд, сæ дзæцц — цацатæ... Кæй ма хъæуы рæстдзинад, кæнæ зарæг, — Вæййынц ын маст, йæ сау миты хъыгдарæг. Фæцис рæстæг мæ хъуыдытæ зæгъынæн, Фæлæ мæм хъусы иу мæгуыр — мæ хуызæн. 63
* * * 0, цастæ у лæджы цард, цастæ! Рынчынау атайынц нæ азтæ. Нæ базонæм, æвзонгад атахт, Нæ сæртæ аурс вæййынц уайтагьд. Зæронды кар йæ бартæ ’ркуры, Æдзухæй «базæронд дæ» дзуры. Мæхимæ тулдз бæлас æз кастæн, Фæрæзтон тухитæ ’мæ мастæн. Фæуынæнхъæл нæ уыдтæн бонтæн, Нæ нымадтон мæхи зæрондыл. Ныр бадын — урссæр хохаг кæрты, — Нæргæ цард атахти мæ сæрты. Ныууагъта сагъæстæ ’мæ низтæ, Фынгыл æз рабадтæн, куыд хистæр, Фæуадзын сидтытæ... Фæдзурын: «Хуыцау, о рухс амонд дæ курын». Фæлæ цæй амонд ис нæ бæсты, Цард мигъау ацæуы нæ рæзты. * * * Гæххæттыл мæ хъуыдытæ фыссын, Æз Камалау* гæххæттæй тæрсын... Фæлæ та нæуæг æмæ нæуæг Гæххæттыл ныггуыбыр вæййы лæг. 'Рыхъал вæййы бонрухсау нæ уарзт, Айсæфы нæ рыст зæрдæйы маст. Æмæ райгуыры æмдзæвгæ... Уд Свæййы арвау ирд æмæ рæсугъд. * Ходы Камал йæ иу æмдзæвгæйы фыста: «Урс гæххæттæй райдыдтон тæрсын».
Зæрдæ маргъау атæхы... Лæгæн Фесты дуне й’ амонды тæмæн. Дард Ирыстон урс хæхты кæмдæр Фехъусы йæ сæфт фыртæн йæ хъæр. Æмæ свæййын амондджын. Мæ цард Ахæссы йæ базыртыл мæн дард. Фæлæ хатгай гæххæтты цур æз Нал фæарын хъуыдытæн фæрæз. Лакъонау ысхæццæ вæййы зонд, Гæххæтт фесты сау удхæссæг, сонт. Райдайын хъуырдухæн æмæ мæт, — Нал фæуынын хуры рухс дæр уæд... ... Гæххæттыл мæ хъуыдытæ фыссын, Æз Камалау гæххæттæй тæрсын. * * * Цы кæнæм, цы? Хæст баййæфта нæ сæр, Кæй æндавы нæ удаист, нæ хъæр. Уыдис гæппæл, чысыл гæппæл нæ зæхх, Цъæх уалдзæджы-иу адардта уый цъæх. Ныр дуртау ууыл нæмгуытæ кæлынц, Мылаз фæздæгæй нал фæзыны рындз. Нæ хæхтæ дарынц арт-пиллонмæ сау, Хæссынц нæм гуырдзы фидисимæ фау. Мах нал уадзынц æнæмастæй цæрын, — Ирон лæг фестад уыдонæн сæ рын. Сæ хуыздæр «арфæ» ирæттæн: мæлæт, Ысси нæ зæхх сæ сау сагъæс, сæ мæт... ^ Махдуг№ 1, 1997 6 5
Бырсынц... Æфтауынц сабыр хъæутыл арт, Бынтон ысхæццæ Хуссар Иры цард! Фыдгул ныхъхъавыд фехсынмæ нæ уд, Уый ферох кодта — Ир нæ уыд тæппуд! Ирон лæгæн йæ уды рухс — йæ зæхх, Ныккæндзæн тохы знаджы цæфтыл цæхх... * * * Бонтæ згьорынц цъæх «волгæтау», Нæй сын уромæн, нæй. 0, дæ бонæй уай, домгæ цард! — Худыс махыл хъæрæй... Иутæ домынц сыгъзæрин кад, Курынц амонд дæуæй. О, дæ бонæй уай, домгæ цард! — Худыс махыл хъæрæй... Домынц иннæтæ хъазæн уат, Сайынц сылты сæнæй. 0, дæ бонæй уай, домгæ цард! — Худыс махыл хъæрæй... Диссаг аннæтæ: царды ад, Алцы домынц дæуæй. О, дæ бонæй уай, домгæ цард! — Худыс махыл хъæрæй... О
ДЖИМИТЫ Кларæ МОЙАГУР Р а д з ы р д Тинæ æппындæр гуырысхо никуы кодта, адæймаг йæхæдæг йæ амондаразæг кæй у, ууыл. Уымæй ноджы æвдисæндарæн хаста йæхи цард. Тагъд ыл хъуамæ сæххæст уыдаид авд æмæ дыууиссæдз азы æмæ бынтон æнæмаст — æнæмæтæй кæм фæцардис, фæлæ уæддæр йæхи æнамонд никуы схуыдта. Хæрзæрыгон чызгæй сæвæрдта йæ размæ хæс: хъуамæ суа тынг хъæздыг сылгоймаг. — Стыр ахуыргонд мæ нæ рауайдзæнис, нæй мæ сæры утæппæт зонд, — дзырдта æрыгон Тинæ йæ хистæр хо За- ретæйæн, зæронд Садулимæ куы бацардис, уæд. — Сахуыр кодтон дуканигæсыл æмæ, мæ бон куыд уа, афтæ давдзынæн! Иннæтау... — Дæ уарзон Мараты ферох кæнын дæ хъару бауыдзæн? — ныддис Заретæ. — Ферох мæ ис, æнæ ’хца рæсугъд летчик лæг мæ нæ бан- давдзæн, — уыдис Тинæйы дзуапп. — Садулы ус æмæ дыууæ лæппуйы тæригъæд та? — Цæмæн ма хъæуы ахæм зæронды та лæг?! Уæдæй абонмæ рацыдис къорд азы. Амардис Садул æмæ Тинæйæн баззадис ногамад дыууæуæладзыг хæдзар, æмбисон- ды зынаргъ дзаума дзы, фæсарæйнаг машинæ æмæ дуне æхцатæ. — Хуыцау хорз æмæ æвиппайды æрбамард, уый йеддæмæ фæдзæхст ныууадзын йæ зæрды уыдис! Алæвар кодтаид уыцы машинæ йæ лæппутæн! Уæдæ æхцатæ дæр мæнæн нæ баззада- иккой! — загъта Тинæ йæ хойæн Садулы амарды бон. — Цы аразыс машинæйæ? Радт сын æй! — бауынаффæ код- га Заретæ. — Судзин дæр мæ нæ фендзысты! Æз хъуамæ мæхицæн 67
зæрдæзæгъгæ лæг ссарон æмæ зæронды бонмæ амондджынæш фæцæрон! I Рæстæг цыдис æмæ сылгоймаг никæуыл хæст кодта. Утæппæт] бынтæ та хъуамæ слæвар кодтаид лæгты хуыздæрæн. | Уæд дын иу уалдзыгон бон, сирень дидинæг куы фæкалш уыцы рæстæг, дыууæ хойы сæ дард хæстæджытæм мардмæ ацы- дысты. Лæууыдысты уынджы бæлæсты бын сатæджы. Уыцы| рæстæг сæ цуры фегуырд сæ кæддæры сыхаг Аидæ. ’ — Тинæ, Мараты ныхасмæ нæма федтай? Бынтон ссыдис! зæгъгæ фехъуыстон! — Марат чи у? — афарста Тинæ. — Дæ фыццаг уарзоны ном дæ рох фæцис? — бахудт Аидæ. — Уæртæ лæгты ’хсæн лæууы. Тинæ скъола каст куы фæцис, уæдæй абонмæ йæ нал фед- та. Писмотæ ма дзы иста хæстон училищæйæ. Лæгтимæ лæууыдис кæддæры лыстæгкъубал æмæ пыхцылсæр тæнтъихæг скъоладзау нæ, фæлæ дзагбуар бæрзонд æмæ рæсугъд лæппулæг. Йæ иу бакастæй дæр Тинæйы зæрдæ йæхи къултыл бахоста. — Скъолайы чызджытæ йæм хæлæгæй мардысты, лæппуты хуыздæр æй кæй бауарзта, уый тыххæй! — дзырдта Аидæ За- ретæйæн. — Нæ къласы чызджытæ цæргæ-цæрæнбон мæнмæ хæлæггæнгæйæ фæцардысты! — мæсты хъæлæсæй загъта Тинæ. — Хæлæг дæм уæд кодтаиккам, æмæ уæртæ уыцы сахъ- гуырды ус куы бауыдаис! Фæлæ Мараты куы фæуагътай æмæ зæронд лæгимæ куы бацардтæ, уæд та дын тæригъæд кодтой чызджытæ. Ноджы ма нæ хъустыл куы ’рцыдис, Садулы ус дæ техникумы дуармæ дæ дзыккуйæ рацахсы æмæ дæ ранæмы зæгъгæ, уæд дæр цин ничи бакодта. — Аидæ! Мæнæн мачи тæригъæд кæнæд! Æз мæ амонд ссар- дзынæн а дыууæ боны! Тинæ нал хъуыста сылгоймагмæ. Йæ хъуыдытæ йæ ахастой скъолайы ахуыры азтæм. Йæ цæстытыл ауадис, Марат æм-иу тигъмæ куыд æнхъæлмæ кастис, уый. Марат ын-иу цас рæвда- уæн ныхæстæ фæкодта! Куыд-иу ссыгъд йæ буар лæппуйы андзæвдæй! Хурау ын рухс кодта лæппуйы уарзондзинад йæ цард. Уыцы уалдзыгон хурбон Тинæйы царды мæсыг ныццудыдта. — Заретæ, абон Маратыл куы сæмбæлдтæн, уæд æй бам- бæрстон, цардæй кæй ницы федтон, уый,— загъта Тинæ, зи- анæй сæхимæ куы ’рбаздæхтысты, уæд. Стæй ма йæ ныхæстæм 68
^афтыдта: — Æз мæ мадæн чызгæн нæ райгуырдтæн, уыцы хъал лæппуйы мæхицæн куынæ ’ркъаддæртæ кæнон! Заретæ фесхъиудта, хойы ныхæстæ фехъусгæйæ. Тинæйæн та, цы скарстаид, уымæй цы нæ бафтыдаид йæ къухы! —- Ферох кæн Мараты! Иуæй йын бинонтæ хъуамæ уа, иннæмæй та ахæм зындгонд æмæ уындджын лæгæн бирæ уарзæттæ вæййы! Дæхимæ ма айдæнмæ бакæс! — Заретæ! Мæ бюн у, æмæ мæхицæн мæ чызг Ланæйы ’мгар дæппу дæр балхæнон! Мæ алыварс куыд зилынц, уый куы уыныс! -- æрбамæсты йæм Тинæ. — Лæгтæ се ’ппæт иухуызон не сты! — Лæгæй куыдзæй хъауджыдæр нæй, Заретæ! Рæвдау æй, хорз ын хæрын кæн æмæ йæ къæдзил тилдзæн фыра- мондджынæй! Æз та Мараты мæнæ ацы бирæ бынты бæрнон хицау куы скæндзынæн... Нæ басастис хо Заретæйæн. Марат дзы æртæ азы кæстæр уыдис, уый дæр ын йæ зæрдыл æрлæууын кодта, йæ уынаффæ йæ чызг Ланæйы зæрдæмæ нæ фæцæудзæн, уый дæр ын уæдæ бамбарын кодта. — Марат тагъд рæстæджы хъуамæ æрцæра мæ хæдзары, — уыдис Тинæйы уынаффæ. Дыууæ къуырийы дæр нæ рацыдис уыцы бонæй, афтæ Тинæйы ног хæдзармæ æрбамбырд сты кæддæры æмкъласонтæ сæ ног фембæлдмæ. Зивæг дæр куыд фæуыдаиккой, кæд æмæ Тинæ машинæ баххуырста æмæ сæ радыгай æрбаласта! Ноджы ма æрбахуыдта сæ изæрмæ музыкантты, байгом кодта йæ бирæ скъæппыты дуæрттæ æмæ сызгъæринфыст тæбæгътæ æмæ агуывзæтæ тæмæнтæ скалдтой фынгтыл, æры- гон официанткæтæ дæр уæдæ баххуырста рестораны. — Утæппæт хæрдзтæ куыд бакодтай?! — тыхсти Заретæ.— Лныхас уал кодтаис Маратимæ хибарæй искуы... — Ницы æмбарыс, Заретæ! — бахудт æм Тинæ. — Æз сæу- лæджергæнæг дæн! Уæйгæнæг! Æмæ хъуамæ хорз зонон, товар куыд зынаргъдæрæй ис ауæйгæнæн, уый! — Цавæр товары кой кæныс?! — смæсты йæм хо. — Мæнæ æз — товар! — бацамыдта йæхимæ Тинæ. — Ма- Рат та — æлхæнæг. Уый мæн хъуамæ фена ме стыр хъæздыг хæдзары, мæ зынаргъ люстрæты тыбар-тыбурмæ йæм æз хъуамæ фаекæсон æрыгон æмæ рæсугъд. Ноджы ма йын не ’мкъласонтæ хьуамæ бамбарын кæной, æз тынг сæрæн кæй дæн, стæй ма, мæ амондагур кæй дæн, уый дæр. Нæ, Заретæ, абон мæ чындзæхсæв У! Уымæн ницы бахæлæг кодтон, ракалдтон мæ рæбынтæ. 69
I — Тинæ, хъуыды дæр-иу акæн истæуыл, хъуыды! Мой! агургæйæ... I — Нал мын ис уый гæнæн! Æз базыдтон, Мараты ус Виль| нюсæй ардæм цæрынмæ кæй нæ комы, уый. Уæдæ йæ дыууа фырты дæр ахуыр кæнынц Мæскуыйы. Йæхæдæг цæря ныртæккæ йæ зæронд мадимæ æмæ дæлæ аэропорты кусьи Эмираттæм дам тæхы. Æрцъипп æй кæндзынæн абон... 1 Тинæйыл аив зынаргь къаба, бæрзондзæвæт туфлитæ. Уæгъм гомау дарæс хъуамæ бамбæхстаид сылгоймаджы стыр риута æмæ стазд зæнгтæ, фæлæ кæцы къабайы бын ис бамбæхсæн йа азтæн? Ахæм зæронд нæма уыдис, бæргæ, Тинæ, фæлæ зæрдæниЗ сылгоймаджы ингæнмæ тардта. Цæсгом æнцъылдтæ нæ уыдис] фæлæ йæ фыдынд кодтой цæстыты бын дзæкъул рæсыдтæ! Бæзджын сæрыхъуын сырх ахуырстæй уыдис уæлиау æвæрд| Зынаргъ дуртæ æмæ сызгъæринтæ ауыгъд хъуырыл, хъустыл æмæ риуыл, æнгуылдзтыл конд. «Уадз æмæ хæлæгæй тъæппыта хауой кæ къласы чызджытæ!» — ахъуыды кодта Тинæ æмæ рацыд йæ уазджытæм. 1 Марат æмæ йе ’рдхорд Инал æрбацыдысты æппæты фæстза Тинæ сæ размæ рауад. | Маратыл уыдис урсбын фæныкхуыз костюм, сау хæдон æмя галстук. Райста Тинæйы къух æмæ загъта: ] — Æхсызгон мын у дæ фенд. ] — 0, Марат! Æхсызгон цы хоныс?! Æз амондджын дæн!..| Тииæйы дзурын нæ бауагътой. Инал ын ахъæбыс кодта: | — Уæллæй, Тинæ, тынг бирæ æхцатæ радавтай! Ахæм бæстыхæйттæ ма уа! ] — Инал! Æз сымах хуызæн хæлиудзыхæй нæ фæцардтæн] — бахудт æм Тинæ. ] — Уæртæ уыцы фæсарæйнаг машинæ дæр дæхи у? — фаре| та Инал. | — Нырма уал мæхи, стæй та... I — Стæй дæ чи ракура, уый уыдзæн? | — Базыдтай йæ! — зæгъгæ фæкодта Тинæ æмæ Маратмя бæргæ скастис, фæлæ уæдмæ сæ уæлхъус алæууыдис Аидæ æмя лæгты акодта: | — Марат! Дæумæ æнхъæлмæ кæсынц адæм! | Мараты иу фарс бадт Аидæ, иннæ фарс та Тинæ йæхæдæге Кæддæры æмкъласонтæ ныхасæй не ’фсæстысты. Фарстои кæрæдзийы, дзырдтой сæ хабæрттæ. Авд æмæ ссæдз азы ав# æмæ ссæдз боны куы не сты. Тинæ бакъуырдта Мараты æмæ бахудтис: 70
—- Цымæ цæмæйты æппæлынц сæхицæй? Цы сæ къухы баф- тыЛ? — Се ’ппæтимæ нæма аныхас кодтон, — дзуапп ын радта Марат. Зæрдæйæн асæйæн нæй. Тинæ бамбæрста, Марат йæ раздæ- ры уарзон Марат кæй нал у, уый. «Скъолайы нæ куывды бадгæйæ мын мæ къух æнæхъæн изæр не суæгъд кодта! Иу кафты бар никæмæн радта къласы лæппутæй! Йæ цæст мæ нæ иста, ныр та сындзытыл бадæгау фæгæппæввонг у!» — ахъуы- ды кодта Тинæ æмæ фенкъард. — Марат, æппындæр мæ нал уарзыс? Нæма мын æрбакастæ мæ цæстытæм! — бадзырдта лæппулæджы хъусы хæдзары хи- цау. — Мæ зæрдæйæ иу бон не схицæн дæ! Уæд мын уыцы зæронд тыхми бакодта æмæ... Æмæ мын æй, зæгъын, нæ ныб- бардзынæ! — сайдта Тинæ. — Ууыл нал дзурдзыстæм! Уыцы азты ме стырдæр цин æмæ амонд уыдтæ ды, дæ цъæх цæстыты бахудт мын хаста стыр рухс! — æргом ныхас уыд Марат. — Ныр та?! Æз дæ раздæрау уарзын! Марат, бацæрæм иумæ! Æз дæм æнхъæлмæ кæсын а изæр! Марат æм хъуыста æмæ йæ къухы бæрзондкъах агуывзæ здыхта. — Мацæуыл гуырысхо кæн! Æрыздахæм нæ уарзондзинад, Марат! — сусæг хъæлæсæй та загъта Тинæ æмæ йæ къух аивæй æрхаста лæджы ставд бæрзæйыл. — Æгъгъæд хæрут! Сыстæм æмæ акафæм, стæй та иуаз- дзыстæм! — загъта Аидæ, æмæ хистæр йемæ сразы. — Вальс «Зæли»! — ахъæр кодта сылгоймаг музыкаиттæм, ^мæ уыдон æрцагътой. Тинæ фæзылдис Маратмæ, фæлæ йæ уый цыма нæ федта, уыйау ацыд лæгты къордимæ кæрты къуыммæ æмæ тамако ^дымдта. — Тинæ дæм йæ минæвæрттæ æрвитдзæн, æви дæ йæхи Дзыхæй бадомдзæн, ракур мæ зæгъгæ,— загъта йын Инал худ- 'Гибылæй. — Ницы мæ домгæ кæны, нæ йæ кургæ ракæндзынæн! Уыцы Уалдзæг аивгъуыдта, Инал, — æнæбары дзуапп ын радта Ма- рат, нæ йæ фæндыд Тинæйы тыххæй искæимæ дзурын. Кæртмæ æрбауадис Ланæ. Йæ уæлæ урс халат. Сау дзыкку Уæгъдибарæй апырх уæхсчытæ æмæ фæсонтыл. Тарцъæх Цаестытæй кæмæдæр бахудт, æмæ йæ аив урс дæндæгтæй бын- '’он сфидыдта йæ хурсыгъд цæсгом. 71
— Тинæ! Æрыгон Тинæ1 — зæгъгæ фæкодта Марат æм| фырæфсæрмæй йæ цæсгом ссыгъдис. | — Уый Тинæйы чызг у. Медицинон хойæ кусы! Тагъд хъуам! дохтыры диплом райса. Иу æхсæв мæ бинойнагмæ фæдис! æрбацыдысты æмæ уæд æз дæр дæуау джихауæй аззадтæн! Чыа æрмæст уындæй у йæ мады халдих, — загъта Инал. — Æз дьЯ æй уæд бафарстон, зæгъын, ахæм хъæздыг лæджы чызг хъуам! ахуыр æмæ кусгæ иу рæстæг ма кæна... Æмæ дам адæймæ хъуамæ йæхи дарынхъом уа!... 1 Ланæ уæдмæ къæбицы фæкуыси. Æфсинтæ йын æрцæтта кодтой хуын йæ куыстмæ. | — Дæлæ уыцы фæлурс костюмджын та чи у? — афарста сй чызг. I — Чи у куы зæгъай, уæд зындгонд летчик Марат! Арæ| фæкæнынц йæ кой газетты, — загъта иу ацæргæ ус. I — Æз æнхъæлдтон, æмæ дзы æрмæст карджын адæ!| æрæмбырд уыдзысты,— бахудт Ланæ æмæ фæцæуæг. Марат лæгты фæуагъта æмæ чызгмæ баздæхт. — Æз дын зонын дæ ном, — бахудт æм Ланæ. — Уый диссаг нæу, фæлæ ды мауал ацу дæ куыстмæ! Да1 хорзæхæй! — Æрхæцыд чызджы къухыл Марат. — Æмæ — цы? Бæгуыдæр баззайдзынæн, Марат. Тинæ мидæггаг уатæй рацыд. — Зæретæ, цæуын æмæ æнæхъæн изæр Маратимæ каф| дзынæн. | — Тинæ, Ланæимæ кафы Марат... Мад исдугмæ джихауæй аззадис Стæй мæстæйхæлгæ фæкодта: — Цу æмæ Ланæйы йæ куыстмæ арвит! Хуын ахæссæд й( ’мкусджытæн! Се ’взæгтыл исты æрзайдзæн! ’1 Заретæ кафты кæронмæ банхъæлмæ каст, стæй æфсæрм- хуызæй афарста чызджы: ! — Ланæ, дæ куыстмæ нал цæуыс? — Заретæ! Ацы летчик-пилоты иунæг æмæ сидзæрæй ныу^ уадзыны тых мæм нæ разындзæнис! — худæгæй бакъæцæл Лана æмæ уæндонæй æрхæцыд Мараты къухыл. — Асимиккам, цы?| Заретæ бахудт йæ хæрæфыртмæ: фыццаг хатт æй федта афт^ хъæлдзæгæй йæ фыды амарды фæстæ. — Гыццыл фæстæдæр дам ацæудзынæн,— асайдта Тинæ*Ц Заретæ. ] — Мæ хæдзар хæлы! Кæс-ма сæм, Заретæ! — скуыдта Тинае? — Ферох кæн Мараты. Ма ракъах дæ иунæджы зæрдæ! КæА Хуыцау зæгъа, уæд кæрæдзийы нæ бауарздзысты... 72
фæсæмбисæхсæв апырх сты уазджытæ. Æрсабыр Тинæйы хæАзаР- Æрмæст ма дыккаг уæладзыджы сыгъд цырагь — дыууæ хойы не ’руагътой сæхи хуыссæнуатыл. Куыдта Тинæ æмæ йæ д^естысыгтæ хæццæ кодтой тушимæ: сау фæдтæ уагътой Тинæйы руСТЫЛ. — Нæ, æз тæккæ райсом аныхас кæндзынæн Маратимæ! — фидарæй скарста Тинæ. — Кæс-ма йæм, йæ зæрдæ лæппын чызг æрцагуырдта! — Тинæ, ферох кæн дæ маст æмæ бацин кæн дæ хъæбулы амондыл. — Никуы уыдзæн уый, Заретæ! Мæн нæ хъæуы Марат-си- ахс! Мæнæн уыдзæнис Марат-лæг!.. Сихорафон фембæлдысты Марат æмæ Тинæ парчы. Æрмæст дыккаг бон нæ, фæлæ мæйы фæстæ. Лæг æфсæнттæ кодта, алы бон дæр æмбæлыд Ланæимæ æмæ йæм нæ цыдис Тинæйы мастныхæстæм хъусын. Фæлæ йæм сылгоймаг куы бартхъирæн кодта, дæ куыстмæ ныццæудзынæн æмæ дæ фæхудинаг кæндзынæн зæгъгæ, уæд сразы фембæлыныл. — Марат, хъуыды ма кæныс?.. —Тинæ! Ланæйы куы федтон, уæд, ды цы Мараты зыдтай кæддæр, уый æрыздæхт. Ды мæн уæд æхцатыл баивтай æмæ пыр дæхи амондджын хон: исбон хъуаг нæ дæ. — Мæ чызг дæуæй ссæдз азы кæстæр у! — Мах уарзæм кæрæдзийы æмæ, цас фæцæрæм иумæ — уый нæхи! — Æз дын мæ чызджы нæ ратдзынæн! — Дысон уыдтæн мæ минæвæрттимæ йе ’фсымæрмæ! Иннæ къуыри — нæ чындзæхсæв, Тинæ. — Ланæйæн æфсымæр нæй! — фæтъæлланг ласта Тинæ. — Мæ иунæг чызг у, уый нæ бамбæрстай? Махæн ничи сты Саду- лы фырттæ! Мæ чызг иу мисхал нæ фендзæн йæ фыды бынтæй, уый зон! Иу мисхал! Марат æм æнцад хъуыста, йæ къæхты бынмæ кæсгæйæ, стæй, ^ылгоймаг хæрзчысыл рæстæг йæ загъдæй куы фенцадис, уæд ьщ сабыргай загъта: — Тинæ, мæн дæуæй ницы хъæуы, Ланæйæ æддæмæ... Ланæйы чындзы арвыстой Садулы фырттæ. Æрцардысты Мараты хæдзары йæ зæронд мады амондæн: кæдæй-уæдæй йæ хæдзары чындз базмæлыд. Тинæ фæхъыг кодта, цасдæр рæстæг рынчын дæр ахаста. ^анæ йæ бæрæг дардта. — Ма мын фенын кæнай дæ зæронд лæджы! — фæдзæхста мад I 73
— Хорз, ма маст кæн дæхицæн, — дзырд ын лæвæрдта чызг Цыдысты бонтæ, уæдæ цы уыдаид. Æмæ æрсабыр Тинæ. Иу фæссихор Заретæимæ рудзынджы цур бадтысты æмæ, мит куыд уары, уымæ кастысты: стыргомау миты гæлæбутæ сæхи зæхмæ зивæггæнгæ уагътой, асфальт урс адардта. — Хуыцау мæ хъахъæны, Заретæ, — æнкъард йæ мидбылты бахудт Тинæ. — Цæй тыххæй зæгъыс? — афарста йæ хо. — Маратмæ куы амой кодтаин æмæ, мæ чызджы нæ, фæлæ æндæр искæй куы бауарзтаид, уæд мæхи нæ бын кодтон! Бай- стаид мын мæ хæдзары ’мбис æмæ мæ зæрдæ аскъуыдаид æвæдза! Нæ, ахæм мастæн нæ бабыхстаин, Заретæ. — Мæ зæрдæйæ та, Маратмæ кæй не смой кодтай, ууыл тыхсыс! — Уый дæр хъыгаг хабар куыннæ у! Æрмæст ма мæ уарзгæ куы кодтаид, уæд уыдис бæллиццаг... 0, фæлæ æнæ Марат ис фæцæрæн! Мæ исбонæй та ахæм стыр хай куы фæхъуыдаид, уæд фырмæтæй амардаин. ^ Урс мит кæрт æхгæдта. Йæ уазал пæлæзы бын кодта Тинæйы бæллицтæ. О
ФуЕСАРÆЙНАГ ИРОН ФЫСДЖЫТÆ СÆБÆТХЪУАТЫ Рамазан-Аслан ГАДЗА УС ХÆРГÆФСÆЙ КУЫД ХАТГИ Раджы æмæ дам раджы кæддæр дыууæ лæджы балцы фæцы- дысты. Сæ иу бæхыл бадти, иннæ та — хæргæфсыл. Афтæмæй фæндагыл боннымайæнтæ ссардтой, æмæ дзурынц, куыд цæ адих кæной, ууыл. — Се ’рдæг цын æз куы райсон, се ’ннæ æрдæг та — ды, уæд сæ нымад фехæлдзæн, — дзуры, хæргæфсыл чи бады, уый. — Дæуæн цæ куы радтон, уæд дæр раст нæу: мæнмæ дæр дзы хай цæуы. Куыд бафидауæм уæдæ? Бæхыл чи бадти, уый загъта: — Мæнæ нæ размæ — иу суадон, æмæ уый цур бæлæсты бын аууоны æрбадæм æмæ кæрæдзийæн æрдзурæм, йæ сæр кæмæн цы баййæфта, уыдон. Кæй сæрыл фылдæр хъуыддæгтæ ауад, уымæн баззайдзысты боннымайæнтæ. Сихор дæр скæндзыстæм, нæ фæллад дæр суадздзыстæм. Бæхыл чи бадт, уыцы лæг бæхы рагъæй саргъ æриста æмæ хайуаны хизынмæ ауагъта. Иннæ лæг хæргæфсы идон фæстæрдæм саргъыл бабаста æмæ хæргæфсы хизынмæ дæр нæ уадзы. Афтæмæй суадоны сæрыл æрбадтысты. Сæ къæбæр куы бахордтой æмæ сæ улæфт куы суагътой, уæд фыццаг ныхас райдыдта, бæхыл чи бадти, уый. — Зæронд мад мын уыд. Уыимæ цардыстæм. Æз бонизæрмæ уæргътæ хастон, æмæ-иу цы дыууæ суарийы бакуыстон, уыдонæй-иу дзул æмæ ахуыйæн балхæдтон, æмæ афтæмæй бонтæ æрвыстам. Бон иу хæрд кодтам æрмæст. Иубон куы уыд, уæд æппындæр ницы куыст ссардтон. Ныр ахсæв мæ нанайы цæсгоммæ куыд бакæсдзынæн, къæбæр дæр куынæ балхæдтон — уыцы хъуыдытæ мæ сæры куыд зылдысты, афтæ дын иу лæг йæ дуканийы раз лæууы, чырын — йæ цуры. 75
— Уаргъхæссæг! — сиды. Æз æм ме ’ргом фездæхтон. — Мæнæ ма ацы чырын мæ хæдзармæ ахæсс! Чырын ме ’ккой акодтон æмæ йæ лæджы хæдзармæ схас* тон. Уый мæ тыххæй мидæмæ бахуыдта. Æз нæ куымдтон, ма| мад афонмæ цы фæуыдзæн зæгъгæ. Нæ мæ ныууагъта. § Бинонтæ нын къæбæр æрæвæрдтой. Хæрд куы фестæм, уæд| мын лæг зæгъы: I — Æз зæрингуырд дæн, æмæ иумæ кусæм. Ахсæв хохмая пайда кæнынмæ цæуинаг дæн æмæ иумæ цом. Мæнæ мæ чыз4 джытæй дæ кæцы хъæуы, уый дын ратдзынæн... I Æмæ мын йе ’ртæ чызджы фенын кодта. Æз дæр ын загътон:! — Мæнæ дæ кæстæр чызг мæ хъæуы. ? Сфæнд кодтам. | — Гъе, мæ ног сиахс! Æхца афтæ æнцонæй бакусгæ нæу.] Цом, æмæ йæ бавзарæм, пайда æрхæссæм. \ Бабадтыстæм фæйнæ бæхыл. Цæугæ, цæугæ — æмæ иу хохьь сæрмæ схæццæ стæм. Стыр дуры раз æрурæдтам. Лæг дур рахъил^ кодта, æмæ йæ быны — арф хъоргъ. Бæндæн дзы ауагъта æмæ мæм дзуры: — Ныххиз дæлæмæ, сызгъæринæй байдзаг кæ мæнæ нæ хор- дзентæ. Æз дæр цы кæнон, ныххызтæн дæлæмæ æмæ уæргътæ бай- дзаг кодтам. Йæ куыст куы фæци лæгæн, уæд бæндæн уæлæмæ сласта, йæхæдæг æрхъæр кодта: — Дæуæн дæ куыст ацы ран фæци, æмæ дæ уд аирвæзыныл бацархай. Дур та фæстæмæ йæ бынатмæ батылдта æмæ афардæг. Цы ма бакодтаин? Алы ран — сатæгсау талынг. Чи йæ зоны, цас рæстæг ауад. Иуафон кæсын, æмæ мæнырдæм иу сатæгсау цыдæр цæрæгой æрбацæуы. Иуцæстон; цæст йæ сæры астæу. Рухс ын кæны. Мæхицæн загът’он: «Мæ фæстаг сахат æрхæццæ: ай мæн бахæрдзæн. Ирвæзæн мын нал и...» Лидзын удаистæй. Кæсын, æмæ иу цæстон мæнæй куы фæтæрсид. Фæстæмæ-фæстæмæ скъæры. Æз дæр фæзылдтæн. Йæ фæдыл бафтыдтæн. Уалынмæ æнахуыр цыдæр иу хуынкъæй æддæрдæм куы абырид. Дунейы рухс разынд. Хуынкъæй ра- кастæн, æмæ цы фенон? Айнæджыты сæрыл уæле — цъæх уæларв, дæле — цъæх денджыз. Иуцæстон хуынкъæй куы абырыд, уæд айнæджытыл аг- æппытæ ласта, алыгъд. Фæлæ æз цы фæуыдаин? Айнæджыты сæрмæ схизын нæ бафæрæзтон. Иу гæнæн ма мын уыд æрмæст 76
— дæхи денджызмæ фехс. Æмæ æз дæр афтæ бакодтон. Ленк кæнгæ, ленк кæнгæ! Зæххыл æрæмбæлдысты мæ къæхтæ. Схызтæн сурмæ. Цæуын, цæуын, æмæ нæ хæдзармæ æрхæццæ дæн. Мæ нанайæн йæ дыууæ цæсты кæуынæй дыууæ суадоны фестадысты. Куы мæ ауыдта, уæд мыл, мæ хъæбул зæгъгæ ныт- тыхст. Æрбадтæн æмæ йын, мæ сæрыл цытæ æртыхст, уыдон иууылдæр радзырдтон. Фæцин кодта, æгас ма йын кæй баз- задтæн, ууыл. Фæлæ уыцы зæрингуырды афтæ нæ ныууагътон. Мæ гæрзтæ аивтон, мæ уæргътæхæссæн чырын ме ’ккоймæ сæргъæвтон, рацыдтæн æмæ йæ хъахъæнын байдыдтон уынджы. Æхсæв куы сси, уæд та мæм фæдзырдта, фæлæ мæ нал базыдта. Æмæ та, раздæр куыд уыд, афтæ йæ хæдзармæ бацыдыстæм. Хабæрттæ цыдысты фыццагау. Æхсæвы та иуафон æрлæууыдыстæм уыцы хохы раз. Æмæ та мын загъта: — Цæй, ме ’мбал, æхца кусын афтæ æнцон нæу. Ныххиз дæлæмæ æмæ нæ хордзентæ байдзаг кæнæм сызгъæринæй. Уæд ын æз та: — Æз цы зонын, дæле цы ис, уымæн? Сызгъæринты бæсты дуртæ куы сæвгæнон, уæд та? Ацы хатт уал дæхæдæг ныххиз, иннæ æхсæв та æз ныххиздзынæн. Уый дæр сразы, ныххызт. Хордзентæ куы байдзаг сты, уæд бæттæн уæлæмæ сластон æмæ дæлæмæ ныхъхъæр кодтон: — Иуæхсæв дæле уыдтæн. Ныууагътай мæ, фæлæ æз фервæзтæн. Кæд æнцон у, уæд ды дæр фервæз! Æмæ хъоргъы сæр дурæй сæх^гæдтон, бæхыл абадтæн æмæ сызгъæринтимæ рафардæг дæн. Йæ чызджы йын мæхицæн ус скодтон, йæ дукани дæр мæн баци... — Ацы лæг уыд адæмсафæг. Алы ’хсæв дæр-иу, мæн куыд асайдта, афтæ-иу искæй асайдта, уым-иу æй ныууагъта, æмæ- иу æй иуцæстон бахордта. Раздæр та-иу ын йæ туг бацъырд- та. Хæзнатæ уый лæвæрдта туджы аргъмæ... Уыцы тугцъир мæнæй цæмæн алыгъд, уый мæхæдæг дæр нæ зонын. Мæнæ мæ куыд уыныс, афтæ сæрæгас дæн а-дунейыл нырма, — зæгъгæ йæ ныхасы кæрон бабаста, бæхыл чи бадти, уыцы лæг. Рад æрхауд, хæргæфсыл чи бадти, уымæ æмæ радзырдта: — Æз, кæм цардтæн, уым номджын лæгыл нымад уыдтæн. Алчидæр мын-иу кад кодта, мæ зонгæтæ дæр бирæ уыдысты. Гъемæ мæ ус та кæд уыди гадза, æмæ-иу мæ сайдта. Æз æй нæ зыдтон. Мæнæн уыд дыууæ бæхы, æмæ-иу цæм тынг дзæбæх кастæн. Фæлæ мын бонæй-бонмæ мæллæгдæр кодтой. Иубон 77
бæхтæмкæсæг æххуырстмæ бадзырдтон: «Ацы бæхтæ цьд кæнынц, цæмæн мæллæг кæнынц бонæй-бонмæ? Айас цын куь| хæрын кæнæм...» — «Нæ зонын,— зæгъы,— райсомæй цæд| куы бацæуын, уæд бæхтæн сæ иу тынг хид вæййы. Æхсæв дад ус сæ иуыл сбады æмæ кæдæмдæр ацæуы. Кæдæм, уый æз нае] зонын». \ Уыцы ’хсæв æй бахъахъæдтон. Хуыссæны гæдыйæ æрфынæй] дæн. Мæ ус мæ цурæй сыстад, скъæтмæ ацыд, бæхыл сбадт.1 Фæстæмæ дæр нæ фæкаст, бæхы бакъуырдта æмæ фæтары. Æз дæр иннæ бæхыл абадтæн æмæ йæ фæдыл æрхаудтæн. Бæх- фæндæгтæ дзæбæх зыдта: мæ ус кæдæм цыд, уырдæм мæ ахас-5 та, æмæ цы фенон? — бæстæйы гадзатæ — лæгæй, усæй — æрæмбырд сты, нозт нуазынц æмæ сæ уарзонтимæ хуыссынц;; сæ цæст никæй уыны. Æз дæр бацыдтæн, мæ усы уарзоны сæр ралыг кодтон æмæ раздæр æрцыдтæн, мæ бæх бабастон æмæ бахуыссыдтæн. Уалынмæ мæ ус, йæ уарзоны сæр йæ хъæбысы, афтæмæй æрцыд... Æмæ куыд кæуы, куыд цъæхахст кæны! Сæр йæ разы минда- рыл* æрæвæрдта æмæ хъарджытæ уадзы. Цыма ницы зонын, уыйау æм бацыдтæн æмæ фæрсын: — Цы дыл æрцыд, цæуыл кæуыс? Уый дæр миндары бынæй иу ехс фелвæста æмæ мæ уымæй æрцъыкк ласта, куыдз фест зæгъгæ, æмæ куыдз фестадтæн. Куыйты æхсæнмæ бацæуын, æмæ мæ нæ уадзынц, ратон-батон мæ кæнынц. Мæ туг куы ракæлы, уæд адæймаг фестын. Бацæ- уын, æмæ та мæ ехсæй æрцæвы, бирæгъ фест зæгъгæ, æмæ бирæгъ фестын. Бирæгътæм бацæуын, уыдон дæр мæ ратон- батон байдайынц, мæ туг куы ракæлы, уæд та адæймаг фестын. Фæлæ мæ адæймагæй нæ ныууадзы... Иубон та афтæ куыдз фестадтæн, куыйтæ мæ фалгæрон кæнынц. Дзидза чи уæй кæны, ахæм мын иу æмбал уыд, æмæ уый дуканимæ мæхи тыхамæлттæй баппæрстон. Уый дæр мæм кæсы æмæ зæгъы: «Ацы куыдзæн йæ цæстытæ ме ’мбалы цæсты- ты хуызæн сты». Дзæбæх зæрдæ мæм дардта. Куыйтæ-иу мæ куы тыдтой, уæд-иу уымæ балыгътæн æмæ-иу мын дзидзатæ- йедтæ лæвæрдта. Сыдæй мардтæн, фæлæ хом фыд чи хæры? Ме ’мбалы дуканимæ ацыдтæн, æмæ йын, мæ сæрыл цытæ æруад, уыдон радзырдтон. Фæстагмæ загътон: «Афтæ уæдæ, гъе... Дæ дуканимæ цы куыдз æрбацæуы, уый æз дæн... Ацы азарæй фер- '•' Мипдар (туркагау) — бадæи гобан-баз. 78
иæзынæн цы амал ис, уымæй ма, зæгъын, дæ мады бафæрс, уый зæронд адæймаг у æмæ исты зондзæн. Ме ’мбал сæхимæ мæ ныхæстæ рафæзмыдта йæ мадæн. Ба- фарста йæ: — Амæн ницы мадзал ис? Уыцы ус дæр кæд уыди гадза æмæ зыдта сæ митæ, фæлæ пицы дзырдта, дзуапп нæ лæвæрдта. Фырт дæр æй нал æмæ нал уадзы. Йæ фырт æй афтæ нæ ныууадздзæн, уый бамбæрста æмæ йын бацамыдта: — Де ’мбалæн зæгъ... Мæгуыргуры хуызы йæм бацæуæд æмæ дзы Хуыцауы хатыры тыххæй дзул бацагурæд; нæ йын ратдзæн, уыцы сæрыкъуыдырыл кæудзæн æмæ хъарæг кæндзæн. Дыккаг хатт ын зæгъæд, мæнæ кæуыл кæуыс, уыцы сæры хатырæй мын уæд та авæр дзул зæгъгæ. Уæд йæ бынатæй сыстдзæн æмæ, дзул раттынмæ куы ацæуа, уæд, йæ миндары бын цы ехс и, уый фелвасæд æмæ йæ æрцъыкк ласæд, æмæ ус фестдзæн, лæг йæхи- иымæры цы зæгъа, ахæм... Уый уын куынæ бантыса, уæд мæн дæр фесафдзæн, æмæ бацархайут... Ме ’мбал æрцыд æмæ мын адон радзырдта, æмæ æз дæр мæгуыргуры хуызы балæууыдтæн мæ усы цур, зæгъын: — Хуыцауы хатырыстæн, дзул-ма мын авæр: сыдæй мæлын... Йæ бынатæй змæлгæ нæ, фæлæ дзургæ дæр ма мæм не скод- та. Ацы хатт та йæм дзурын: — Уæд та мын, кæуыл кæуыс, уыцы сæры хатырæй авæр. — Æ, мæнæ туй-налат зæгъгæ сыстад йæ бынатæй æмæ дзулмæ куыд фæцæйæвнæлдта, афтæ миндары бынæй ехс фæцъипп ластон æмæ йæ æрцавтон, хæргæфс фест зæгъгæ. Йубоны сæрыл ын куы фæтæригъæд кæнон æмæ йæ фæстæмæ адæймаг куы скæнон, ууыл хъуыды кæнгæйæ, ехс арты басыгъ- тон. — Гъемæ ацы хæргæфс мæ ус у, æмæ цытæ дзурын, уыдон иууылдæр æмбары, фæлæ дзурын нæ фæразы. Гъе, ахæм ус у, æмæ йæ хизынмæ дæр уымæн нæ уадзын, йæ идæтты йын уый тыххæй йæ саргъыл бабастон. Мæ сæрыл цытæ æрцыд, уыдон, гъе, ахæм хабæрттæ сты, — зæгъгæ йæ ныхас бабаста хæргæфсыл бадæг бæлццон. Уæд ын йе ’мбал загъта: — Дæу сæрыл мæнæй фылдæр хъуыддæгтæ ауади. Адон дæу сты... Æмæ боннымайæнтæ хæргæфсы хицауæн радта. 79
Авторы фиппаинаг: Ацы аргъау нын-иу, — рухсаг уæд! — мæ фыд Керым кодта уазал зымæгон æхсæвты. 4.11979. Измир. СЫЗГЪÆРИН ЛÆППУ ÆМÆ ÆВЗИСТ ЧЫЗДЖЫ АРГЪАУ Раджыма-раджы дам иу лæг æмæ ус уыди. Æртæ та цын — чызджытæ. Иубон лæгæн йæ бинойнаг амард æмæ дыккаг ус æрхаста. Цалдæр боны куы ацардысты, уæд ус йæ лæгмæ баздæхт: — Йе — æз, йе та — дæ чызджытæ. Кæнæ мæн, кæнæ адоны ацы хæдзарæй ацæуын хъæуы. Нæ цæ уарзын. Лæг, мæгуыр, цы бакæна? Сразы йæ чызджыты фесафыныл. Загъта сын: — Зымæг æрцæуы. Цомут æмæ суг æркæнæм хъæды. Йæхæдæг раздæр ацыд, уым иу бæласы бын дзыхъ скъахта, йæ уæлæ йын гауыз байтыдта, гауызмæ та фæткъуытæ æрцагъ- та. Уый фæстæ суг лыг кæныныл балæууыд. Уалынмæ йæм йæ чызджытæ аходæнимæ ссыдысты. Хæринæгтæ фыды раз æрæвæрдтой æмæ хъазыныл фесты. Фыд цæм дзуры: — Стыр чызджытæ куы стут. Дæлæ дæлæрдыгæй бæласы бын — суадон æмæ мын дон сдавут. Бæласы бын цы фæткъуытæ ис, уыдон куы æмбырд кæнат, уæд-иу цæм иумæ, кæрæдзи къух- тыл хæцгæ, бауайут. Хотæ дæр дурын фелвæстой æмæ азгъордтой. Бæлас куы ауыдтой, уæд сæ иу дзуры: — Нæ фыд нын афтæ куы фæдзæхста, уæ кæрæдзи къухтыл хæцгæ-иу бацæут фæткъуытæ уидзынмæ... Æмæ афтæ бакодтой. Дон уый фæстæ сисдзыстæм зæгъгæ иумæ, кæрæдзи къухтыл хæцгæ, базгъордтой æмæ дзыхъы ных- хаудысты, дыргъы гагатæ та сæ сæртыл æрызгъæлдысты. Сæ фыдыус хоты марын кодта сæ фыдæн, фæлæ йын уый уæддæр йæ дзырд æххæст нæ бакодта, мæнæ цын афтæ сарæз- та. Уыдон цæмæй зыдтой усы уынаффæтæ, æмæ ныр æнхъæлмæ кастысты, уæдæ нæм нæ фыд агурæг зындзæн зæгъгæ. Æрæгмæ куы цыд, уæд дыргътæ хæрын байдыдтой. 80
Лæг та бæласыл куысыфтæг бабаста, æмæ уый дымгæмæ ^еласы зæнгыл къупп-къупп кодта. «Нæ фыд нырма суг цæттæ кæны, æмæ куы фæуа, уæд нæм æрцæудзæн æмæ нæ фервæзын кæндзæн...» — æнхъæл уыдысты хотæ. Уый та, йæ фæрæт — йе уæхскыл, афтæмæй хъæумæ раджы афардæг. Суанг æй изæрмæ фæхъахъæдтой. Хъуысти цæм æрмæст куысыфтæджы къупп-къупп. Дыккаг бон дæр уыцы хуызæнæй арвыстой. Æртыккаг бон бамбæрстой, сæ сæрыл цы бæллæх æртыхст, уый. Загътой, ай нæ мады куыст у, уый йеддæмæ нæ иæ фыд цæмæн сафы... Сæ фæткъуытæ фесты. Цы ма бакæной? Уым зæхх къахы- ныл балæууыдысты. Къахгæ, къахгæ — æмæ иу куырой ра- зынд. Ацы куырой та кæд уыдис паддзахы. Паддзах æм бæрæггæнæг æрцыд, кæсы — æмæ ссад хъадж- джын. Куыройгæсмæ бадзырдта: — Ссад давгæ кæныс, æви ай циу? — Ауал азы дзы кусын, æмæ ныронг куы никуы адавтон, уæдæ дзы нырæй фæстæмæ давинаг дæн? — Ссад чидæр хæссы, æмæ ма йæ бахъахъæн, чи у, цымæ. Куыройгæс æхсæв уым ныллæууыд. Æнафоны иу цъистмæ фехъал. Кæсы, æмæ æртæ чызджы ссад æвгæнынц. Ацыд. Пад- дзахæн загъта: — Афтæ ’мæ афтæ. Æртæ чызджы йæ давынц. Мæйрухсы хуызæн, хуры тыны хуызæн рæсугъд сты. Паддзах йæ бæхыл бабадт, куыроймæ æрцыд. Чызджыты æрцахста, йæ галуанмæ цæ акодта. Зæгъы: — Уе ’ртæйы дæр мæхицæн ус скæнинаг дæн. Гъемæ сымах та мæнæн ацы мæнг дунейыл цы фæуинаг стут? Хистæр хо: — Æз хорз хæринаг фыцын, æмæ де ’гас æфсады бафсады- ны фаг мæ бон у цæттæ кæнын. Астæуккаг: — Æз та дын де ’фсады фаг хъуымац бауафдзынæн æмæ цын дарæстæ бахуыйдзынæн. Кæстæр чызг зæгъы: — Æз та дын сызгъæрин лæппу æмæ æвзист чызг ныййар- дзынæн. Рацыд рæстæджытæ. Иухатт паддзах баздæхт йæ кæстæр усмæ: — Æз хæстмæ цæуын. Уый та йæм афтæ дзуры: б Махдуг № I, 1997 о ч
— Æз сывæрджын дæн, æмæ куы ныййарон дæ ацыды фæстге| уæд мын мæ хотæ исты хиндзинад сараздзысты... Æмæ æз дæ{| демæ ацæуон. * Ныр цæм иннæ устытæ та дуарæй хъусынц. — Мемæ нæ цæуыс, фæлæ-иу дæ ныййарынмæ хæстæг мае| бæхы хъусты мырмырæгтæй æртæ хатты бацæгъд: уый мæЦ кæмдæриддæр ссардзæн æмæ æз æрхæццæ уыдзынæн. Ацы ныхас дын айхъусой дыууæ хойы! — азгъордто^ скъæтмæ, бæхы хъусты бæмбæджытæ ныннадтой. Лæг хæстмæ ацыд. Уымæй цас рæстæг ауад, — чи зоны? Йæ усы ныййарын афон куы æрхæццæ, уæд скъæтмæ ауад,- бæхы хъусы мырмыраг цæгъды, фæлæ бæх йæ бынатæй змæлгае: дæр нæ кæны. Уырдæм æм йæ хотæ бауадысты: — Цы ми кæныс? Ныййаринаг куы дæ, уæд скъæты цы агу- рыс? Махæн-иу нæ мад куы ардта, уæд-иу тохынайы сæрмæ схызт æмæ иу тохынайы дæлæмæ ныййардта... Æмæ йæ тохынайы сæрмæ схизын кодтой. Сæ хойæн, æцæгдæр, сызгъæрин лæппу æмæ æвзист чызг райгуырд. Хотæ йæ куы федтой, уæд, паддзах мах нал уарздзæн зæгъгæ цы сарæзтой? Уыцы бон сæ куыдз ныззад, æмæ кæстæр хойæн йæ сывæллæтты фелвæстой æмæ йын дыууæ къæбылайы йæ быны авæрдтой. Ноггуырд чызг æмæ лæппуйы та фурды баппæрстой. Паддзах хæстæй æрыздæхт. Йæ дыууæ усы йæм базгъорд- той: афтæ ’мæ дам афтæ —дæ кæстæр ус дыууæ къæбылайы- ныззад. Уæд паддзах æгæрон тынг смæсты: — Мæ цæстытæ йæ куыннал феной, афтæ! Ахæссут æй æмæ йæ авд фæндаджы астæу йæ астæуæй дæлæмæ баныгæнут, йæ къæбылаты та йын йæ уæлæ бафтаут. Ууылты чи цæуа, уый йыл ту кæнæд. Афтæмæй кæстæр хо авд фæндаджы астæу ныгæд æрцыд. Къæбылаты та йын йæ дзидзитыл бафтыдтой. Æмæ, дæлæмæ чи цæуы, уый йыл ту налат кæны, уæлæмæ чи цæуы, уый дæр ыл ту налат кæны. Сывæллæтты фурды куы баппæрстой, уæд цæ Донычызг ыссардта, йæ хæдзармæ цæ акодта. Æмæ хурыскастыл уæлæмæ ссæуынц, фæхъазынц, хурныгуылдыл та фурды багæппытæ кæнынц, сæ хæдзармæ ацæуынц. Чи зоны, цас рæстæг та ауад. Къæбылатæ адæймаджы æхсырæй ракуыйтæ сты, усы алфамбылай цъиу атæхын нал 82
уадзынц. Цы æрцахсынц, — маргъ, сырд-æндæр,— уымæй сæ мады дæр хæссынц. Алы райсом дæр хурыскастыл йæ хъæбул- ты æрттывды тæмæнтæ йæ цæстытæм цæвынц. Æмæ зоны, йæ хъæбултæ фурды кæй сты, уый. Йæ зæрдæ нал фæлæууыди æмæ иуахæмы хъæуы родгæсæн балæгъстæ кодта: — Ацы хатт-ма мын иу армыдзаг демæ ссад схæсс. Дыккаг бон родгæсы хаст ссад райста, йæ дзидзитæй æхсыр падыгъта, хыссæ размæзта, дыууæ къалацийы* ракодта. фæдзæхсы родгæсæн: — Ацы дыууæ къалацийы ма-иу фæстæмæ здæхгæйæ, фур- ды кæрон æрæвæр. Йæ дзырд ын бакодта родгæс, фæлæ йæхинымæр фарста: «Ацы ус цы ми кæны? Сывæллæттæ, фурды был хъазгæйæ, къалациты ссардтой æмæ цæ бахордтой. Донычызг базыдта хабар æмæ, сæхимæ куы ныццыдысты, уæд цын загъта: — Амæй фæстæмæ уын мæ разы бынат нæй. Ацæут æмæ уæ сæрæн исты бакæнут. Æнæзонгæ адæймаджы æхсырæй фæхъæстæ стут, ныр уын ам цæрæн нал ис. Сывæллæттæн дæр гæнæн нæл уыд, дыккаг бон Донычызгæн хæрзбон загътой æмæ фурды бынæй зæххы тъæпæнмæ схыз- тысты. Цæрынтæ байдыдтой. Схæдзар сты. Лæппу афтæ схъæздыг, æмæ йæхицæн сызгъæрин галуантæ аскъæрдта, ус æрхаста. Йæ усмæ та ахæм айдæн уыд, æмæ дунейыл цы ис, цы нæй — иууылдæр цæ æвдыста. Иуахæмы та, сæ галуаны кæрты бадгæйæ, айдæнмæ кастыс- ты. Æмæ айдæн куы равдисид: иу ус, æрдæгæй дæлæмæ — зæххы ныгæд, куыйтæ йæ хъахъæнынц... Чындз бахудт. Цæуыл худыс зæгъгæ йæ фæрсынц хо мæ æфсымæр. — Уым æрдæгныгæдæй чи хуыссы, уый сымахæн уæ мад у. Радзырдта цын иугай-дыгай, сæ мадæн цын йæ хотæ цы сарæзтой, уыдæттæ. Загъта, паддзах сæ фыд кæй у, уый дæр. Хо ’мæ æфсымæр сæ бынатæй фæгæппытæ ластой, бæхтыл абадтысты æмæ сæ мады размæ ацагайдтой. Скъахтой йæ, æрдæгмардæй йæ сæ галуанмæ æрхастой, йæ кæлмытæ йып ныссыгъдæг кодтой, цынадтой йæ æмæ йыл ног дарæс скод- той. Мад дæр цын, йæ сæрыл цытæ ауад, уыдон иууылдæр радзырдта... Сæ фыд цæ дзыхъы куыд цæппæрста, ссад куыд * Къалаци (турк) — адджып гуылгонд. 83
давтой, паддзахæн куыд ысмой сты, йæ хотæ йын цы хин* дзинад бакодтой, къæбылаты куыд хаста, йæхи æхсырæ^ уыцы къалациты куыд скодта æмæ цын цæ сæхицæн куыд бахæрын кодта... Паддзах йæ адæмы æрæмбырд кодта æмæ цæ фæрсы: — Чи уыдзæн ай — афтæ хъæздыг, сызгъæрин галуанта^ æрæвæрын кæмæн бантысти? Хабар æм арвитæм, иннæ са- батæхсæв махмæ куывды куыд æрбацæуа, афтæ. Лæппу йæ мад æмæ йæ хойы дæр йемæ айста æмæ куывды ацыд паддзахы галуанмæ. Йæ уазджытæн фысым стыр кад скод-< та. Фæлæ паддзах кæсы, æмæ лæппу — сызгъæрин, чызг та — æвзист. Уæд йæ зондыл йæ ус æрлæууыд, æмæ йæ цард дзурын байдыдта... Фæстагмæ загъта: — Афтæ æмæ афтæ... Мæнæн иу ус уыд æмæ мын дзырд радта, сызгъæрин лæппу æмæ дам дын æвзист чызг ныййар- дзынæн. Фæлæ йæ дзырд нæ рацыд, æмæ мын дыууæ куыдзы къæбылайы ныззад. Æз дæр æй, ту налат кæнай зæгъгæ авд фæндаджы астæу баныгæнын кодтон, йæ къæбылаты та йын йæ уæлæ бафтауын кодтон... Ныр кæсын æмæ сымах, уый куыд загъта, афтæ — сызгъæрин æмæ æвзист стут. Зæгъут мын: ай куыд у? Уæд сæ мад ныуулæфыд: — Уæдæ æз адонæн сæ мад дæн, дæуæн та — дæ ус. Куыд уыныс, афтæмæй сызгъæрин лæппу æмæ æвзист чызг ный- йардтон, гъемæ æз дæуæн бирæтæ дзуринаг уыдтæн æмæ мæм нæ байхъуыстай. Æз, ды мын куыд загътай, афтæ бæхы хъусы дзæнгæрæг бирæ фæцагътон, фæлæ бæх æппын йæ бынатæй дæр нæ фезмæлыд. Æнхъæл дæн, мæ хотæ мын исты хиндзи- над бакодтой... Паддзах йæ адæмæн: — Ацæут, фенут уыцы бæхы, кæд ын йæ хъусты исты нын- надтой! Ацыдысты æмæ цы феной? — бæхы хъусты бæмбæг над. Раластой хъустæй аст бæтманы бæмбæг. Уæд паддзах усæй хатыр ракуырдта æмæ йæ йæхицæн фæстæмæ бинойнаг скодта. Дыууиссæдз æхсæв æмæ боны хъазт саразын кодта. Йæ иннæ дыууæ усы бафарста: — Дыууиссæдз фæрæты уæ хъæуы æви дыууиссæдз хæргæфсы? — Дыууиссæдз фæрæтæй цы кæнæм? Дыууиссæдз хæргæфсы нын ратт, æмæ цыл дунейыл фæзилдзыстæм. Афтæмæй дам цæ дыууиссæдз æнæрдызт хæргæфсы 84
къæдзилтыл сæ дзыккутæй бабастой æмæ цæ уыдон дæр хохæй- хохмæ, дзыхъæй-дзыхъмæ ныппырх кодтой. Иннæтæ ма афонмæ дæр цæрынц æмæ хæрынц. ÆВДСÆРОН ДЕУ ÆМÆ ЛÆДЖЫФЫРТ Раджыма-раджы иу лæгæн æртæ^лæппуйы уыд. Уыдонæн та сæ кæрты иу фæткъуыбæлас зад. Йæ дыргъ алы низ дзæбæх кодта. Афæдзмæ-иу иунæг фæткъуы радта, æмæ-иу æй деу* адавта. Æфсымæртæ бæлас бахъахъæныны тыххæй баныхас код- той. Фыццаг æй хистæр хъахъæдта, фæлæ деуы æрцæуынафон бафынæй, æмæ та йæ деу адавта. Дыккаг аз та йæ астæуккаг æфсымæр хъахъæдта, фæлæ йæ уый дæр адавын бауагъта. Æртыккаг аз рад кæстæрмæ æрцыд. Уый бæласыл сбадт æмæ хъахъæнын байдыдта, хъахъæнын байдыдта. Æхсæв ма бафынæй уон зæгъгæ йæ роцъомæ æхсаргарды цыргъ бырынкъ сарæзта. Æнафоны стыр уынæримæ деу кæрты сис æрбатыдта æмæ, фæткъуы куыд фæцæйтонынмæ хъавыд, афтæ йæ лæппу æхсар- гардæй æрцавта, фæлæ йæ марын нæ бафæрæзта. Деу та, туг калгæ, алыгъд. Куы сбони, уæд кæстæр лæппу йе ’фсымæрты сыстын код- та, деуы фæцæф кодтон зæгъгæ. Фæлæ йыл нæ баууæндыдыс- ты. Уæд цын деуы тугтæ фенын кодта æмæ загъта: — Æз ацы деуы марынмæ цæуын. Куынæ йæ амарон, уæд мын мæ цард хæрам у. Рабæлццон, йе ’хсаргард æмæ йæ фаг хæринæгтæ райста æмæ араст. Йе ’фсымæртæ дæр — йемæ. Цæугæ-цæугæ иу хъоргъы сæрмæ æрхæццæ сты. Кæстæр загъта: — Деу ардæм ныххызт; æз дæр дæлæмæ хизын. Фæлæ йе ’фсымæртæ загътой: — Мах дæ хистæртæ стæм, æмæ уал мах бавзарæм. Æмæ бæндæн ауагьтой. Раздæр хистæр æфсымæр ныххыз- ти. Фæлæ цъайы æрдæгмæ куы ныххæццæ, уæд схъæр кодта: — Басыгътæн! Деу æгæр цæф кæй фæци, уый тыххæй уый тæфæй фенæхъ- ару, æмæ йæ фæстæмæ сластой. Астæуккаг дæр ныххызт, æмæ уый дæр хистæр æфсымæры * Деу — зии, фыдбылызгæиæг дæлимон 85
хуызæн уæлæмæ ласын бахъуыд. Уæд цæм кæстæр æфсымæр| дзуры: 1 — Ныр æз хизын. Басыгътæн зæгъгæ куы зæгъон, уæд-иу мæ арфдæр ауадзут. , Афтæмæй кæстæр æфсымæр, басыгътæн зæгъгæ ысдзырд- та. Уыдон æй дæлæмæ — уадзгæ! Йæ къæхтæ зæххыл куы сæмбæлдысты, уæд тæф фæфылдæр. Ноджы ма деуы тыхст хъæрзын дæр цæуы... Лæппу цы фена, цымæ? Иу стыр галуан... Фыццаг дуар ба- кодта, æмæ уаты — сызгъæринтæ, дыккаг бакодта, æмæ — адæй- маджы хус сæрыкъуыдыртæ. Æртыккаг дуар бакодта, æмæ ам та цы фена? — хуры къæртты хуызæн æртæ рæсугъд чызджы! Дунейыл уыдонæй рæсугъддæр нæ уыд. Лæппу мидæмæ кæй бахызт, уый зонгæ дæр нæ бакодтой æмæ сæ гауызуафинагыл кусынц. Сдзырдта цæм. Уыдон цавддуртау фесты. Цыма фын уынынц, уыйау цæм фæкаст. Чызджытæн сæ хистæр иннæтæй раздæр æрчъицыдта æмæ лæппуйæн загъта: — Гъæй! Нырма лæджыфырт ардæм никуыма æрæфтыд, æмæ дæ деу куы базона, уæд дæ бахæрдзæн. Хæтæны йæ чидæр арф цæф ныккодта æхсаргардæй æмæ рынчынæй хуыссы, йæ сæры тæф кæлы йæ фыртыхстæй. Уæд ын лæппу загъта: — Деуы æз фæцæф кодтон æмæ йæ марынмæ æрцыдтæн. Чыздлштæ тынгдæр фæсонт сты. — Гъемæ мын куы баххуыс кæнат, уæд уæ ардыгæй фервæ- зын кæндзынæн. Хистæр чызг: — Йæ мæнæ хъæбатыр лæппу, дæуæн мах баххуыс кæник- кам, фæлæ куыдæй — мах сылгоймæгтæ стæм нæ бон ницы у. Лæппу йын: — Деу кæм хуыссы, кæд бафынæй вæййы, уыдæттæ мын зæгъут æмæ мын æгъгъæд у. Хотæ йæ сæхи уатæй ракодтой æмæ, деу кæм хуыссыд, уый дуармæ æрлæууыдысты: — Деуæн кæд йæ цæстытæ цъынд сты, уæд хъал у, кæд гом сты, уæд та — фынæй. Йæ фарсмæ йе ’хсаргард тъыст у; фел- вас æй æмæ йæ уымæй æрцæв, кæннæуæд æндæр æхсаргардæй нæ амæлдзæн... Лæппу сындæггай деуы уаты дуар бакодта æмæ мидæмæ бакаст: фыдбылызгæнæгæн йæ цæстытæ — гом. Йе ’хсаргард ын фефтыдта æмæ йæ æрцавта. Уый йæм дзуры: 86
— Йæ адæймадл<ы фырт, иу цæф ма мын фæкæн! — Æз мæ мадæй иунæг хатт райгуырдтæн æмæ дæ дыкка1 цæф нал ныккæндзынæн. Чызджытæ дæр сдзырдтой: — Иу цæф ма йын куы ныккодтаис, уæд райгас уыдаид æмæ нæ иууылдæр бахордтаид. Гъеныр нал райгас уыдзæн. Амардис. Лæппу кæстæр чызгæй йæхицæн бинойнаг загъта. Хистæр чызг та — хистæр æфсымæрæн, астæуккаг чызг — астæуккаг æфсымæрæн. Цъайы дзыхмæ рацыдысты. Лæппу бæндæныл æрхæцыд æмæ уæлæмæ схъæр кодта: — Йæ мæ хистæр, слас æй — дæ хай! Æмæ хистæр чызджы уæлæмæ ысласын кодта. Астæуккаг чызг та иннæ æфсымæрæн фæуæле. Бынæй дыууæ кæстæры куы баззадысты, уæд чызг загъта: — Айс мæнæ мæ къухдарæн æмæ мæнæ мæ дзыккуйæ дыу- уæ халы. Мæн куы феной, уæд дын хиндзинад бакæндзысты æмæ дæ ацы ран ныууадздзысты. Зын сахат дыууæ дзыккуйы халы ахафдзынæ, сау фыр æмæ урс фыр хъазгæ, сæрæй хæцгæ, дæ размæ рацæудзысты. Урс фырыл куы абадай, уæд дæ зæххы сæрмæ схæсдзæн. Сау фырыл куы абадай, уæд дæ авд зæххы быимæ ахæсдзæн. Мæнæ ацы къухдарæн куы æрхойай, уæд дæ цы хъæуы, уый дæ разы фестдзæн, цы дæ бафæнда, уый дын уыдзæн... Афтæмæй хорзæй баззай. Кæстæр чызджы дæр сæргъæвтой уæллæгтæ, æркастысты йæм, æмæ дын — сæхи усæгтæй рæсугъддæр! Бæндæн фæстæмæ ауагътой æмæ се ’фсымæры сцæйласынц. Æрдæгмæ куы схæццæ, уæд бæндæн фæлыг кодтой. Чызг ын куы дзырдта, уæд ыл лæппу æххæст нæ баууæндыд: «Ме ’фсымæртæ мæнæн хин нæ бак- æндзысты». Ныр йæ тъæпп зæххыл куы фæцыд, уæд загъта: «Мæ мадызæнæгæй мæ фылдæр уарзы ацы чызг». Бирæ ма фæхъахъæдта, уæдæ мæ кæд уæддæр нæ ныууадзиккой зæгъгæ, фæлæ цъиу ратæхæг дæр нал уыди бæстыл. Йæ зæрдыл æрлæууыдысты дзыккуйы хæлттæ, къухдарæн, чызг ын цытæ амыдта, уыдон. Дыууæ хилы кæрæдзиуыл ахафта. Æцæгæйдæр, дыууæ фыры — сау æмæ урс — хъазгæ, сæрæй хæцгæ, рацыдысты. Урс фырыл абадон зæгъгæ лæппу ивддзагæй сау фырыл бадт фæцис æмæ авд дæлдзæхы смидæг. Фыр æй уым иу хъæугæрон аппæрста, йæхæдæг фæтары. Лæппу — цæугæ, цæугæ, æмæ кæройнаг хæдзары иу зæронд усмæ ысуазæг. Иуцасдæр куы абадт, уæд ракуырдта: — Мæ мадыхай, иу нуазæн ма мын дон авæр. 87
Зæронд ус къус райста æмæ дзы адоныхуыпп кодта. Лæппуйæн æй авæрдта. Уый йæ анызта æмæ йæ афарста: — Дæ хатыр — бирæ, фæлæ, мæ мадыхай, кæй мын авæрд- тай, уый дæ доныхуыпп нæ уыди, цымæ? — 0, мæ доныхуыпп уыди... Цы кæнон, нæ хъæуы дон нæй. Ис дзы, фæлæ донгуыроны æвдсæрон деу хуыссы æмæ йæ сæхгæдта. Хъуамæ иу адæймаджы бахæра — афтæ у йе ’гъдау. Цалынмæ амæддаджы фæхæры, уæдмæ нын цы бантысы дон райсын, уый — нæ хай, кæннод афтæ нæ доныхуыпп нуазæм. Уалынмæ адæмы уынæр райхъуыст: кæуын, цины хъæртæ дæр, æмæ лæппу афарста, ацы фæдис цы у зæгъгæ. Зæронд ус ын загъта: — Абон деуы бахæринагæн паддзахы чызджы рад у, æмæ кæугæ уый кæны, цин та деу кæны, уымæ кæсгæйæ. Гъемæ ба- хатыр кæн, цæуон, кæд иу доны цъыртт райсын бафæразин. Уый куы фæаууон, уæд уазæг æхсаргард йæ астæуыл æрба- баста æмæ адæмы змæлдмæ схæццæ. Паддзахы чызгыл йæ чындздзон къабатæ скодтой æмæ йæ кæугæ фæхонынц. Лæппу чызджы цур балæууыд æмæ йемæ æмцыд байдыдта. Деу æй федта, уæдæ цы уыдаид, æмæ ныц- цин, абон дыууæ хайы хæрдзынæн зæгъгæ. Фыдбылызы цæрæгоймæ куыд бахæццæ сты, афтæ уазæг æхсаргард фел- вæста, деуы авд сæрæн се ’стырдæры атæхын ласта. Уæддæр ма деу афтæ: — Йæ лæджыфырт, иу цæф-ма мын фæкæн! — Æз мæ мадæй иунæг хатт райгуырдтæн, æмæ иу цæф йеддæмæ дыккаг цæф нал ныккæндзынæн, — загъта лæппу æмæ хъæлæбагæнæг адæмы ’хсæнты фæстæмæ йæ фысымы хæдзармæ раздæхт. Уазæг цалынмæ деуимæ дзырдта, уæдмæ чызг йæ къух деуы туджы атъыста æмæ йæ армытъæпæнæй лæппуйы астæуыл дамгъæ-бæрæг авæрдта. ...Зæронд ус йæ къæртатæ дондзагæй æрхаста. Лæппу цыма ницы зоны, уыйау æй гæдыйæ афарста: — Йе мæ мадыхай, кæсын, æмæ уын деу паддзахы чызг бах- æрæггаг бирæ дон радта: дæ къæртатæ дзагæй куы æрхастай. — Абон иу лæппу паддзахы чызджы разæй фæци æмæ деуы амардта. Мах дæр нæ къæртатæ байдзаг кодтам. Паддзахы бинонтæ сæ чызгыл хъарджытæ уагътой. Ныр æй ысцæйцæугæ куы федтой, уæд ын загътой: — Паддзахы чызг дæ зæгъгæ дын уый æфсонæй ирвæзæн нæй, ацу, æмæ адæм сæ дон райсой, цалынмæ дæ деу хæра, уæдмæ. 88
Чызг: — Иу лæппу йæ амардта æмæ уымæн ссыдтæн. Йæ фыдитæ йыл нæ баууæндыдысты. Суадонмæ бæрæггæнæг арвыстой. Уый цæм хорз хабар ысхаста. Уæд паддзах дзырд арвыста иууыл хъæутæм: — Цыдæриддæр æрыгон нæлыстæгæй ис, уыдон æрцæуæнт æмæ, мæ чызг, чи йæ фервæзын кодта, уый куы базона, уæд ын мæ чызджы дæттинаг дæн. Уыцы паддзахады гуыппырсар фæсивæд галуаны рæзты цæуын байдыдтой. Чызг та цæм рудзынгæй^ кæсы. Фæлæ уыдонæй иу дæр нæ уыд йæ ирвæзынгæнæг. Йæ фыд ногæй дзырд арвыста хъæутæм, кæд ма исчи æнæбæрæджы баззад, уæд æй ссарут. Æрцыди йæм уац: бæстæйы ничиуал баззад ахæм, фæлæ уæртæ хъæугæрон иу зæронд усмæ ис иу уазæг- лæппу æмæ уый нæма рацыди дæ дуæртты. — Ацæут, æмæ йæ æркæнут! Æркодтой йæ. Чызг базыдта йæ ирвæзынгæнæджы дамгьæмæ гæсгæ. Уæд чызджы фыд дзуры лæппуйæн: — Мæнæ дын мæ чызджы дæттын. Фос æмæ хæзнайæ мæм цы ис, уыдон дæр — дæу. Ме ’сиахс фæу æмæ æрцæр мæ хæдзары. Лæппуйы дзуапп уыди: — Дæ æдасдзинад æмæ дæ адæмы хорз амæндтæ — уый мæ фæнды, æндæр мæн ницы хъæуы. Æмæ рацыд паддзахы цурæй. Уый йæ фæдыл рахъæр кодта: — Искуы дæ исты куы бахъæуа, уæд — табуафси: ма-иу фефсæрмы у. Алы хатт дæр мæ дуар дæуæн — гом. Чи зоны, цал боны ма баззад уыцы ран. Иубон быдырмæ фæлгæсынмæ ацыд, фенон дам цы ис, цы нæй. Зилы, зилы, æмæ бафæллад. Бæласы аууон йæхи æруагъта. Æрфынæй. Уалынмæ дын йæ хъустыл цъиуы лæппынты цъиахст-цъиахст ауад. Райхъ- ал, æмæ цы фена? Залиаг калм бæласыл стыхст æмæ, бæласы сæр цы цъиуылæппынтæ уыд, уыдоны хæрынмæ фæлæсы. Лæппу йæ бынатæй фестад, æхсаргард фæцъортт ласта æмæ дзы кал- мы лыстæг скарста æмæ йæ бæласы бын сцъупп кодта. Ногæй та æрхуыссыд. Бафынæй. Уæдмæ дын цъиуты мад æ^эцыд æмæ куы фенид: æнахуыр адæймаг бæласы бын хуыссы. Йæхинымæр: «Ауал азы мын мæ лæппынты цæрын чи нæ уадзы, чи цæ хæры, уыцы знаджы ссард- тон!» Фæстæмæ азылд æмæ йæ дыууæ базыры бын дыууæ стыр куыройы дуримæ раздæхт. Лæппуйы уæлæ цæ куыд æрцæйæппæрста, афтæ йæ лæппынтæ æвзагмæ æрцыдысты æмæ сæ мадæн загътой: 89
— Мах уый куы фервæзын кодта, дæлæ калмы амардта. Ныр йæ фæллад уадзы. Цæргæс куыройы фыдтæ иуварс аппæрста. Хур æрзылд. Сыгъта лæппуйы. Цæргæс йæ парахат базыртæ байтыгъта йæ хæрзгæнæджы сæрмæ, сарæзта йын хураууон. Уый иуафон райхъал. Фестъæлфыд. Ракаст. Йæ сæрмæ — егъау маргъ, æмæ йын аууон кæны. Æхсаргардмæ февнæлдта, фæлæ йæм цæргæс æрдзырдта: —Ма тæрс, æз де ’знаг нæ дæн. Ыстыр бузныг: мæ лæппын- ты мын фервæзын кодтай. Лæппу дæр йæ хотых фæстæмæ сæвæрдта йæ кæрддзæмы. Цъиуты мад дзуры дарддæр: — Зæгъ-ма, æнахуыр адæймаг, мæ хæрзгæнæг, гъеныр дæ мæиæй цы ’ххуыс бахъæуид? — Мæн фæнды уæлдзæхмæ фæцæуын, æмæ мæ кæд схæццæ кæнай, уæд — стыр бузныг. — Тынг зын у, фæлæ дæуæй хæсджын дæн æмæ йæ сараз- дзынæн, æрмæст хъæуы дыууиссæдз хордзены фыд æмæ дыу- уиссæдз лалымы та дон. Лæппу хъуыды кæнын байдыдта, ныр уыйас хардз кæм сса- рон зæгъгæ. Æмæ æрæмысыд паддзахы ныхæстæ. Фæцыд æм, афтæ ’мæ дам, афтæ, хъæуы мæ уыйас дзидза æмæ дон. Паддзах загъта: — Кæй агурыс, уый зын у, фæлæ мæ дзырдлæвæрд сæххæст кæндзынæн. Дыууиссæдз боны банхъæлмæ кæс. Иунæг кадджын Хуыцау зоны, уыцы дыууиссæдз боны куыд арвыста уæлион цæрæг. Уалынмæ йæм паддзахæй хабар æрба- цыд: фæндаджы хæрдзтæ рæвдз сты. Маргъы цæрæнбæласмæ фæхæццæ кодтой фæндаггæгтæ. Цæргæс лæппуйæн: — Дыууиссæдз хордзены фыд мæ иу базырыл сæвæр, дыу- уиссæдз лалымы дон — мæ иннæ базырыл, дæхæдæг сæ астæу сбад. «Хъахъ!» куы зæгъон, уæд мын — фыд, «Хъухъ!» уæд та-иу мын дон авæр. Гъемæ тæхынц, тæхынц уæлæрвтæм. Цæргæс «Хъахъ!» куы фæзæгъы, уæд ын лæппу дзидза авæры, «Хъухъ!» — уæд та дон. Нæй зонæг,— цал боны, цал мæйы кæнæ цал азы фæцыдыс- ты. Уæларвмæ ма цын гыццыл куы баззад, уæд та маргъ «Хъахъ!» загъта, фæлæ лæппу æркаст, æмæ фыд нал уыди. Цы акæна? Йæ зæнгæй иу гæбаз слыг кодта æмæ йæ цæргæсæн авæрдта. Цæмæйдæриддæр иу кæддæр уæларвмæ, зæххы тъæпæнмæ, 90
схæццæ сты. Бæлццон æрхызт. Стыр бузныг загъта маргъæн, фæлæ нæ цæуы, цæмæй йæ зæнджы сахъат ма разына. Цæргæс та лæппуйы раздæр æрвыста. Бæргæ йæ нæ фæндыд, фæлæ йæ цæргæс уæддæр сразы кодта æмæ чиугæ рараст. Цæргæс æй фæурæдта, йе ’взаджы бынæй дзидзайы гæбаз райста æмæ йын æй йæ зæнгыл фæстæмæ баныхæста. Лæппу цыма ног рай- гуырд, уыйау фестад. Кæрæдзийæн ногæй рахæрзбонтæ æмæ рафæндарастытæ кодтой. Лæппу цæуы, цæуы уæлæбæстыл. Сæ хъæумæ ’ввахс æрлæу- уыд. Фыййауæй далыс балхæдта, æркусарт æй кодта, дзидза æмæ царм ^фыййауæн ныууагъта, далысæн рахаста иунæг йæ уæцъæф. Йæ сæрыл æй батыхта, цæмæй йæ мачи базона. Фæцæуы сæ хъæуы уынгты. Кæсы, æмæ мæнæ иу зæрингуырд кæуы. Æрлæууыд æмæ йæ афарста: — Цæуыл кæуыс, мæнæ хорз адæймаг? Циу дæ сагъæс? Кæд дын æз баххуыс уаин... — Ахъуытты у, мæнæ æнæзонд лæппу. Дæ сæрмæ нæ кæсыс — насы хуызæн?! Дæ бон кæд исты у, уæд дæ сæрыл иу-цалдæр халы æрзайын кæ. Уæддæр æй нæ ныууагъта æмæ йын зæгъын кодта йæ тыхст: хъæуы хицæуттæн хъазт ис æмæ, зæрингуырд кæй у, уымæ гæсгæ дзы æрдомдтой, фынджы уæлæ сызгъæрин бæхтæ æмæ байрæгтæ куыд агайой, уый саразын. — Сом фæстаг бон у, æмæ куынæ саразон, уæд мын мæ сæр ракæндзысты... — Уыдонæй æнцондæр та цы ис! Ды мын иу голлаг æхсæртæ, иу голлаг æнгузтæ балхæн æмæ æгъгъæд у... Лæг ыл кæд нæ баууæндыд, уæддæр ын æндæр ницы амал уыд: балхæдта, радта цæ æнахуыр æмбæлæгмæ. Уый сбадт, дзæбуг райста, сæтты æнгузтæ ’мæ æхсæртæ æмæ хæры, хæры. Зæрин- гуырд æм фæкаст æмæ йæ æндæр ницы кусгæ федта. Хъуыр- хъуыр ыл бахæцыд, ды дæр адон скæнын нæ бафæраздзынæ зæгьгæ. Фæлæ æз цæуын хъазты хæдзармæ, — загьта æмæ ацыд. Ныр лæппу йæ дзыппæй дзыккуйы дыууæ халы фелвæста, кæрæдзиуыл цæ ахафта æмæ йæ разы сызгъæрин стъолыл згъорын байдыдтой сызгъæрин бæхтæ æмæ байрæгтæ. Бамбæхс- та цæ. Йæ сæрæй далысы уæцъæф систа æмæ йæхæдæг дæр хъазты хæдзармæ ацыд. Фæлæ уæдмæ æмбырд райхæлын бай- дыдта. Фæстæмæ тагъд-тагъд æрцыд зæрингуырды дуканимæ æмæ та уæцъæф йæ сæрыл фестын кодта, æнгузтæ æмæ та æхсæртыл гъæйт кæны: Зæрингуырд æй фæрсы: 91
— Цы бакуыстай, сарæзтай цæ? Уый дæр сызгъæрин хайуанты райста, радта йæм цæ. Уый цинæй тахти йæ хицæуттæм — хъазты хæдзармæ — æмæ йæхи фервæзын кодта. Лæппуйы бауырæдта æмæ уый дæр йæ разы кусын байдыдта. Хъазт та уыд лæппуйы хистæр æфсымæрты. Уыдон тох код- той кæрæдзиимæ, кæстæр чызджы «ды курыс», «æз курын» зæгъгæ. Чызг та сæ иумæ дæр нæ куымдта. Йæ иу къухы дард- та кард, иннæйы — марг, афтæмæй бадт, куы йæм бавналой, уæд йæхи амарынмæ рæвдзæй. Сызгъæрин бæхтæ ’мæ байрæгтæ дæр цæ уый бацагуырдта. Зыдта, уыдоны æрмæст уыцы лæппу кæй скæндзæн, уый. Цæттæйæ йæ разы куы уыдысты, уæд фæ- гуырысхо: лæппу, æвæццæгæн, йæ бæстæмæ æрбафтыд. Уымæ гæсгæ ма иу курдиат загъта, ома — уый дæр куы сарæзтæуа, уæд йæ мойаг ам ис. — Ацы курдиат дæр мын куы сæххæст кæнат, уæд исты дзуапп ратдзынæн. — Цы у? — Сызгъæрин тæбæгъы сызгъæрин карк æмæ йæ цъиутæ мæнæуы гагатæ куыд уидзынц, уый хъуамæ фенон. Æфсымæртæ та басидтысты сæ дæлбар зæрингуырдмæ. Йæ зæрдæ бауазал: къуырийы æмгъуыдмæ куынæ сараза, уæд ын йæ сæр — къуыргæ! Æрыздæхт йæ дуканимæ, йæ сæр дæли- æутæ, афтæмæй бады, сагъæсы аныгъуылд. Куыднæ йæ рафар- стаид лæппу дæр. Радзырдта зæрингуырд йæ мæгуырыбон. — Æмæ уымæй æнцондæр та цы ис? Ды та мын иу голлаг æнгузтæ балхæн, иннæ — æхсæртæ, æмæ къуырийы бонмæ рæвдз уыдзысты. Къæрцц ласы æхсæртæ æмæ æнгузты, гъæйтт зæгъы. Хистæр зæрингуырд йæ хицæуттæм куы ацыд, уæд фелвæста дыууæ æрдуйы, кæрæдзиуыл цæ ахафта, æмæ мæнæ йæ разы сызгъæ- рин карк æд сызгъæрин цъиутæ мæнæуы гагатæ уидзынц. Ам- бæхста та цæ. Иу къуыри фæхордта æнгуз æмæ æхсæр. Зæрин- гуырд-дæсныйæн та, йæ бон куыд хæстæггæнгæ цыд, афтæ йæ хинымæры тыхсы: «Ай ма ныр дæр хæргæ куы кæны, саразын цæ нæ бафæрæзта». Уалынмæ лæппу йе ’мбæхстытæ рахаста æмæ цæ дæснымæ авæрдта. Гъестæй йын радзырдта, йæ сæрыл цыдæриддæр æрцыд, уыдон иууылдæр. — Уæдæ дæ хицæуттæ мæнæн ме ’фсымæртæ сты, кæй ку- рынц, уый та мæ ус у. Зæрингуырд-дæсны ахаста дзаумæттæ, радта цæ йæ хи- цæуттæм æмæ йæ хæдзармæ фездæхт. 92
Ныр ын йæ уазæг фæдзæхсы: — Мæнæ ацы дыууæ дзыккуйы халы айс æмæ цæ дæ биной- паг мæ бинойнагмæ фæхæццæ кæнæд. Нæ йæ уадздзысты мидæмæ, фæлæ-иу дзурæд, æз æй чындзы цæуыныл сразы кæндзынæн зæгъгæ. Зæрингуырд йæ къайы фервыста хъазты хæдзармæ. Чызгмæ йæ æввахс дæр кæм уадзынц! — Бауадзут мæ: æз æй сразы кæндзынæн. — 0, айбæрц адæмæн нæ фæтасыд, фæлæ дæумæ бай- хъусдзæн!.. Уалынмæ йæ чызг дæр ауыдта, йæ ныхæстæ дæр ын фехъуыста: — Рауадзут уыцы сылгоймаджы. Чи у ’мæ цы зæгъинаг у? Загътой йын: — Мæнæ ай зæрингуырды ус у, дæу уынын æй фæнды. Бауагътой йæ. Мидæгæй дыууæ хибарæй ныхас байдыдтой. — Цы хабæрттæ дæм ис? Цы зæгъинаг мын дæ? — Афтæ ’мæ афтæ, дæ лæг мæ лæджы раз кусы æмæ дæм мæнæ дыууæ æрдуйы сæрвыста. Чызг базыдта йæхи дзыккуйы хæлттæ. — Æндæр ницы хабар сæрвыста? Зæрингуырды ус радзырдта, йæ лæг ма йын лæппуйы фæдзæхстæй цы баныстуан кодта, уый дæр: чындзы цæуыныл разыйы уац райхъуысæд, æцæг ахæм быгъдуанимæ — чызджы фæнды, дыууæ курæджы куыд схæцой, æмæ, удæгас чи баз- зайа, уый хай фæуыдзæн... Уыцы тауыс куы рахъæр, сразы ис зæгъгæ, уæд усæн дуне хуынтæ радтой æмæ рацыд. Дыууæ ’фсымæрмæ хабар бахæццæ. — Раст зæгъы, — сразы сты уыдон,— нæ дыууæмæ цæуын нæ бафæраздзæн, æмæ нын уый тыххæй æнæ хæцын амал нæй. Афтæмæй кардæй схæцыдысты æмæ сæ кæрæдзийы амард- той. Лæппу йæ усы номыл скодта, дыууиссæдз боны æмæ дыу- уиссæдз æхсæвы чи ахаста, ахæм хъазт. Афонмæ дæр ма цæрынц æмæ хæрынц. 16.12.1978. Мыхуырмæ сæ бацæттæ кодта Цæрукъаты Валодя
УИДÆГТÆ Л. И.ЛАВРОВ ПРОИСХОЖДЕНИЕ КАБАРДИНЦЕВ И ЗАСЕЛЕНИЕ ИМИ НЫНЕШНЕЙ ТЕРРИТОРИИ (...) Были ли кабардинцы исконным населением территории Кабардинской АССР или же они появились здесь на смену другому народу?.. Давно установлено, что до кабардинцев здесь жили аланы, говорившие на языке, близком нынешнему осетинскому. Об этом еще в середине XVIII в. впервые писал Вахушти1. Так как доказа- тельства проживания алан на запад от нынешней Осетии не раз публиковались2, нет нужды их здесь повторять... (...) Лингвистические, этнографические, археологические и ан- тропологические материалы свидетельствуют о том, что ка- бардинцы и адыгейцы некогда составляли один народ — ады- ге. Так как известно, что адыги являются древнейшим населе- нием Прикубанья, то и местожительство кабардинцев до их переселения на восток нужно искать в Прикубанье. Поскольку кабардинский язык (особенно в его старом слое) и родствен- ный ему бесленеевский диалект имеют черты сходства (осо- бенно в фонетике) с шапсугским диалектом адыгейского язы- ка3, в порядке рабочей гипотезы можно предположить, что кабардинцы и бесленеевцы сперва обитали где-то по соседству с шапсугами, т. е. в низовьях р. Кубани. Характерно, что наро- дные предания о переселении кабардинцев, хотя и расходятся в деталях, но единогласно считают Таманский полуостров и берега Черного моря древним местожительством предков ка- бардинцев. К началу средневековья в степной полосе северо-западного Кавказа, по историческим документам, обитали меоты (т. е. адыги) и алано-сарматские племена. Эти источники говорят, что меоты жили на восток от Азовского моря и по нижнему 94
течению р. Кубани, а алано-сарматские племена — восточнее дюотов. Разница в погребальных обрядах, представленных в дюгильниках того времени, находящихся на запад от устья р. Дабы, с одной стороны, и на восток от него — с другой, побу- дила археологов высказать предположение, что к началу сред- иевековья около устья р. Лабы проходила этническая граница, (угделявшая меотское, т. е. адыгское, население от населения алано-сарматского. Могильники и селища начала средневековья по существу еще не исследованы, и мы лишены возможности определить этническую границу адыгов того времени по архе- ологическим материалам. Письменные же документы указыва- ют адыгов (зихов и касогов) только в западной части Северно- го Кавказа. В верховьях р. Кубани (на территории нынешнего Клухорского района) письменные источники, начиная с IV в., помещают алан. Лингвистический анализ географических названий горной полосы на запад от нынешней Северо-Осетинской АССР пока- зывает, что осетинские названия рек, гор, перевалов и урочищ в очень большом числе распространены по всей горной части Кабардинской АССР, Ставропольского края, Клухорского рай- она Грузинской ССР и сопредельной части горной полосы Краснодарского края до верховий р. Лабы включительно. За р. Лабой осетинские географические названия сменяются адыг- скими. Это доказывает, что здесь некогда жили люди, гово- рившие на осетинском языке, точнее, на его дигорском диа- лекте. Нельзя согласиться с В. И. Абаевым, когда он принима- ет за осетинские названия местностей, ресположенных на за- пад от р. Лабы. Единственный приведенный им пример (Догу- ад)*1 объясняется из адыгского языка. Таким образом, лингвистика дает возможность определить этническую границу адыгов и алан в раннем средневековье по верхнему течению р. Лабы. Так как археология позволила оп- ределить эту же границу по нижнему течению р. Лабы для более раннего периода ( к началу средневековья) и так как нет никаких фактов, заставляющих предполагать возможность адыг- ского продвижения на восток от нижнего течения р. Лабы в начале сердневековья, то в качестве гипотезы нужно принять, что в это время восточной границей адыгов являлись не только верховья р. Лабы, но и ее низовья. Когда в 568 г. византийский посол возвращался с берегов нижнего течения Волги в Абха- зию через Клухорский район, то, согласно записи его совре- менника Менандра, путь его лежал не через земли адыгов, а 95
через территорию народа «угуров» (в степях северо-восточ* ного Кавказа), а потом до самого перевала через территиорию алан. Сообщение Менандра позволяет заключить, что в VI в в районе верховий Кубани и восточнее ее адыгского населения еще не было. Первым свидетельством адыгов на северо-западной грани- це нынешней территории Кабардинской АССР является Эток^ ский памятник 1130 г. Этокский памятник не похож на скульптурные могильные памятники степных кочевников юга СССР ( так называемьщ* «половецкие бабы»). Он является произведением местного кавказского мастера. По месту находки можно было бы ду- мать, что это аланский памятник. Но против такого предпол- ожения говорит греческая надпись, в которой можно разо- брать адыгское личное имя Мэмэмыкъуэ ( с характерным адыг- ским суффиксом «къуэ», означающим «сын») и, возможно, адыгское «ц1ар» (слово «имя» в определенной форме), встав- ленные в греческий текст. Попытка Г. Ф. Турчанинова объ- явить кабардинской всю вторую половину почти не сохранив- шейся надписи не убедительна. Этокский памятник с остатка- ми надписи свидетельствует о пребывании адыгов у северо- западных границ территории Кабардинской АССР в первой половине XII в. Не приходится сомневаться, что это были предки именно кабардинцев. Значит, продвижение кабардинцев на вос- ток, в район Пятигорья произошло в промежутке между VI и XII вв. Так как до X в. аланы занимали на Северном Кавказе крепкие политические позиции, то кажется более правильным отнести продвижение кабардинцев до р. Этоки к X—XI вв. Дальнейшие археологические исследования должны уточнить или исправить эту датировку. Говоря о причинах, толкнувших кабардинцев на переселе- ние, некоторые авторы указывают на желание кабардинцев перехватить торговый путь из Абхазии через Клухорский пе- ревал на Северноый Кавказ5. Другие считают, что это произошло «под напором» хазар6. Критикуя последнюю точку зрения, Е. И. Крупнов правильно заметил, что «эти передвижения рань- ше всего происходили под влиянием не внешних, а внутренних факторов феодального развития адыго-черкесо-кабардинско- го общества»7. Нам кажется, что главной причиной переселения были не «напор» хазар (о нем ничего не известно) и даже не желание перехватить торговый путь, а возросшая потребность в пас- 96
^бищных землях в связи с ростом феодальных отношений и иьггекавшим из этого расширением феодального производства. Прав Е. И. Крупнов, когда говорит, что «продвижение на носток адыгских и иных племен протекало далеко не мирно. [1а это указывает, с одной стороны, топография позднеаланс- ких городищ, густо расположенных у входов из горных ущелий п долин Северного Кавказа, зрительно связанных между со- бой, с другой стороны, целая цепь мелких сторожевых укреп- ленных постов, преграждающих подходы к городищам»8. В дополнение к этому отметим, что документы X в. отражают частые войны и распри алан с касогами. О них говорят Кон- стантин Багрянородный и Масуди. Эти же войны чувствуются и в свидетельстве Кембриджской рукописи анонимного хазар- ского еврея X в. Монголо-татарское нашествие в первой половине XIII в. внесло крупные изменения в этническую карту Северного Кав- каза. Жившие в степях половцы подверглись настоящему ис- треблению. 06 этом единогласно говорят русские, арабские, монгольские и западноевропейские источники. Современник нашествия ибн-Асир рассказывает, что монголо-татары, всту- пив в половецкие земли, «избили всех тех, которые сопротив- лялись им, остальные бежали в болота, и на вершины гор, по- кинув землю свою, и ею овладели эти татары». В другом месте у него сказано, что татары, придя к аланам и половцам, «би- лись с ними, пока не выгнали их из земли их, и ею овлад’ели татары9». Встает вопрос: о каких болотах и вершинах гор, как убе- жищах половцев, говорит ибн-Асир? Очевидно, здесь имеются в виду заболоченные земли низовьев Терека и Сулака с одной стороны, и горы нынешних Дагестанской и Кабардинской АССР — с другой. Именно в этих местах потом оказались современ- ные кумыки (т. е. команы), балкарцы и карачаевцы. Сохрани- лись небольшой словарь половецкого языка и несколько пол- овецких текстов. Оказывается, что из всех позднейших тюркс- ких языков наиболее близкими к половецкому являются языки кумыков, балкарцев и карачаевцев. Хотя исторические доку- менты впервые упоминают балкарское население в горах Ка- барды только с XIV — XV вв.10, трудно оспаривать, что оно туда попало еще в первой половине XIII в. Монголо-татарскому нашествию подверглись и адыги. В конце 1237 г. полчища Бату совершили большой подход на ады- гов, во время которого был убит князь последних по имени 7 Махдуг№ 1, 1997 97
Тукар или Букан11. После этого адыгско-татарские отношения оставались весьма неопределенными. Ряд источников сообща- ет, что адыги были покорены татарами и время от времени платили им дань12. Но есть сообщения и о том, что адыги про-* должали вести против них «малую войну», совершая частые нападения на татар13. Так как в руках алан находился Дарьяльский проход в За- кавказье, то Золотая орда, стремившаяся овладеть им, была заинтересована в завоевании алан гораздо больше, чем в окон- чательном покорении адыгов. В результате завязалась длитель- ная татаро-аланская война, в течение которой аланам пришлось оставить предгорную полосу и укрыться в горах. Плано Кар- пини рассказывает, что в 1246 г. пошел 12-й год с начала осады татарами какой-то горы у алан и татары все еще не могли ее взятьн. По словам Рубрука, в 1253—1255 гг. аланы продолжа- ли мужественно сопротивляться татарам15. «Гора», из-за которой, по Плано Карпини, шла длительная война, являлась, очевидно, тем аланским городом, который в русских летописях именуется Тетяковым или иначе Дедяко- вым. Для овладения Дедяковым хан Менгитимур в 1277 г. со- брал огромное войско. В составе последнего были и русские князья со своими дружинами, явившиеся по приказу хана. Де- дяков был взят и сожжен, но в следующем году Менгитимуру снова пришлось послать на штурм этого города свои разноп- леменные войска16. События 1277—1278 гг. — это случайно сохраненный летописыо лишь один из эпизодов вытеснения алан монголо-татарами их северокавказских предгорий. Оста- навливаясь на этих событиях, мы имеем в виду показать, что во второй половине XIII в. степная полоса Кабардинской АССР и Ставропольского края оказалась покинутой прежним насе- лением. Кабардинцы, против которых во второй половине XIII в. не было направлено острие монголо-татарской экспан- сии, имели возможность занять освободившиеся земли. Когда же произошло заселение кабардинцами территории Кабардинской АССР? В литературе относят это событие чаще всего к XIV—XV вв., иногда ко второй половине XV в., а также к XV — Х^1вв. Нам представляется, что все эти датировки нужно заменить второй половиной XIII в., когда уже были налицо условия для переселения кабардинцев. В пользу предлагаемой нами даты говорит, как нам кажется, русский летописный рассказ под 1319 г. о местоположении упомянутого выше города Дедякова. 98
В летописи сказано, что в 1319 г. Узбек-хан в городе «Ти- тякове» убил тверского князя Михаила Ярославича, причис- ленного русской церковыо к лику святых. В выписках из древ- ней рукописи, хранившейся у Султан-Казы-Гирея, между про- чим сказано, что Узбек-хан в 1319 г. находился в крепости Татар-туп, где он руководил фортификационными работами17. Сопоставление этого сообщения с рассказом летописи наво- дит на мысль, что город Дедяков и нынешнее городище Татар- туп у ст. Эльхотово — одно и то же. Еще больше убеждают пас в этом слова летописи, что убийство князя Михаила про- изошло «за рекою Теркою, под великими горами под Яскими и Черкаскими у града Титякова, на реце Сивинце, близ врат Железных»18. Напомню, что «ясами»летопись именовала алан, а Железными Воротами назывались г. Дербент и Дарьяльское ущелье. Если бы здесь подразумевался Дербент, то в тексте не упоминались бы, как соседние горы «Яские и Черкаские», т. е. осетинские и адыгские. Значит, Дедяков или Тетяков нужно искать где-то по дороге к Дарьяльскому ущелыо. Из известных нам руин крупных средневековых поселений за р. Тереком вблизи Дарьяльского ущелья и недалеко от адыг- ских земель больше всего подходит городище Татар-туп иа границе Кабарды и Осетии. Напрасно В. Миллер искал Дедя- ков на месте гор. Орджоникидзе19. Там не известно следов круп- ного средневекового центра. О Татар-тупе же (или иначе Вер- хнем Жулате) имеется немало исторических известий, показы- вающих, что он играл крупную роль в этой части Кавказа. Сей- час в Татар-тупе сохранился лишь одинокий минарет, но вот что рассказывает о его руинах турецкий путешественниик XVII в. Эвлия-Челеби: «Видны остатки древних зданий. На дверях... сохранились надписи и даты... Когда смотришь на этот город с высоты, то видишь 800 старых зданий. По этим развалинам можно судить, что в древности эти здания красились разными цветами. Этот город можно восстановить, и он может превра- титься в красивое место... Тут имеется своеобразное кладбище. На памятниках могил хорошим почерком написаны разные сказания...» и т. д. Эвлия-Челеби называет городище не Татар- тупом, а Ирак Дадьяном. Не исключено, что имя «Дадьяи» стоит в связи с именем «Дедяков». В. Миллер правильно счи- тает, что окончание «ков» есть осетинское «хъау», означающее «населенный пункт». Л. П. Семенов сообщает о Татар-тупе, что «местность, где находится городище, называется у осетин «Арджи на- 99
раг» («Теснина Арга»)20. Нам представляется, что это на- звание напоминает имя той маленькой речки Аджи, кото- рая, как говорит русская летопись, протекает в ближайших окрестностях Дедякова. В летописи сказано, что убитого князя Михаила перевезли на арбе за речку «Аджь, еже зо- вется горесть», а оттуда повезли на Русь через «Мождъ- жчары»21, т. е. бывший город Маджары, развалины которо- го находятся на берегу реки Кумы около сел. Прасковеи. По-татарски «аджи» действительно означает «печаль» или «горесть». Но летописец, очевидно, переосмыслил по-та- тарски осетинское название «Арджи», так как мало веро- ятно, чтобы на исконно осетинской земле в начале XIV в. географические названия были татарскими. Отождествлению Дедякова с Татар-тупом противоречат слова летописи о том, что Дедяков стоял на реке «Сивинце», т. е. Сунже. На Сунже нет для Дедякова подходящего горо- дища, поэтому непонятными становятся слова о соседстве его с горами Черкаскими. Мы склоняемся к мысли, что река Си- винца, или Сивинец, является ошибкой летописца, слышавшего о близости Дедякова к Сунже и желавшего расцветить житие святого князя Михаила большим числом подробностей. Если ближайшие к Татар-тупу горы в 1319 г. были известны как осетинские (аланские) и «черкаские», то значит, заселе- ние кабардинцами нынешней территории к этому времени уже произошло. Более того, название «Черкаские» горы могло употребляться лишь тогда, когда пребывание кабардинцев на новом месте перестало быть свежей новостыо. Так мы прихо- дим к убеждению, что кабардинцы заселели территорию Ка- бардинской АССР не позже второй половины XIII в. Некоторые исследователи высказывают предположение, что приходу кабардинцев на новые места не предшествовало мас- совое выселение алан и что, следовательно, имела место асси- миляция алан кабардинцами. Для суждения по этому вопросу еще нет достаточных данных и до накопления их любой ответ неизбежно будет слабо аргументированным. (...) ЛИТЕРАТУРА 1. Царевич Вахушти. География Грузии, «Записки Кавказского отдела Русского географич. об-ва», кн. XXIX, вып. 5, Тифлис, 1904, стр. 153. 2 В. Миллер. Осетинские этюды, ч. 3. «Ученые записки Моск. уп-та, 100
Отдел ист.-филол., вып. 8, М., 1887; В. И. Абаев. Осетииский язык и фольк- дор, 1, Изд. АН СССР, М.—Л., 1949; Б. Скитский. Очерки по истории осе- тинского народа с древнейших времен до 1867 г., «Известия Северо-Осет. паучно-иссл. ин-та», т. XI, Дзауджикау, 1947. 3. Н. Яковлев. Краткий обзор черкесских (адыгейских) паречий и языков, «Записки Северо-Кавк. краевого горского научно-иссл. ин-та», т. I, Ростов- иа-Дону, 1928, стр 123, 128. 4. В. И. Абаев. Указ. соч., стр. 285, 311. 5. Н. Яковлев. Краткий обзор черкесских (адыгейских) паречий и языков, стр. 126—127; А Н. Дьячков-Тарасов. Неизвестный древпий торговый путь из Хорезма в Византию через Кавказ, «Новый Восток», ки. 28, М,, 1930, стр 155. 6. Г. А. Кокиев. Некоторые сведения из древпей истории адыгов (кабар- динцев), стр. 34, 36; е г о ж е. Краткий исторический очерк Кабарды, стр 22. 7. «Ученые записки Кабардииского научно-иссл. ин-та», т. 1, Нальчик, 1946, стр. 349. 8. Е. И. Крупнов. Краткий очерк археологии Кабардинской АССР, Наль- чик, 1946, стр. 45. 9. В. Г. Тизенгаузен. Сборник материалов, относящихся к истории Золо- той орды, т. 1, Спб., 1884, стр. 3; «Ученые записки Академии иаук по 1 и 3 отделениям», Спб, 1854, стр. 659, 660, 663. 10. Л. И. Лавров. Расселение сваиов па Северном Кавказе до XIX века, «Краткие сообщеиия Инсти-та этнографии», X. М.—Л.? 1950, стр. 80—81, и сб. «Вопросы этпографии Кавказа», Тбилиси, 1952, стр. 341 — 342. 11. В. Г. Тизенгаузен. Сборник материалов, относящихся к истории Зо- лотой орды, т, II. М.—Л., 1941, стр 37. 12. И. де Плано Карпини. История монголов. В. де Рубрук. Путешествие в восточные страиы. Спб., 1911, стр. 36, 94; В. Г. Тизенгаузен. Указ. соч., т. 1, стр. 231 и т II, стр. 15; Марко Поло. Путешествие, Л., 1940, стр. 265; Стефан Сюнийский. История князей Орбельяп, М., 1883, стр. 24. 13. И. де Плано Карпини. В. де Рубрук. Указ. соч., стр. 66, 67, 88, 89; В. Г. Тизенгаузен, Указ. соч., т. I, стр. 231, 234; т. II, стр. 92. 14. И. де Плано Карпини. В де Рубрук, Указ. соч., стр. 42. 15. Там же, стр. 88, 89 и 169. 16. Полное собрание русских летописей, т. 1, изд. 2-е, стр. 525; т. VII, стр. 173—174; т. X. стр 155. 17. Ф. С. Гребенец, Курганы в окрестностях станицы Змейской, СМОМПК, йып. ХУ1У, Тифлис, 1915, стр. 3. 18. Полное собрание русских летописей, т. X, стр. 184. 19. В. Миллер. Осетипские этюды, ч. 3, стр. 70. 20. Л. П. Семенов. Татартупский минарет, Дзауджикау, 1947, стр. 5. 21. Полиое собрапие русских летописей, т. VII, стр. 196, 197. (Журпал Советская этпография, 1956, № 1, стр. 19—28). 101
ЦАЛДÆР НЫХАСЫ ЛАВРОВЫ УАЦЫ ТЫХХÆЙ Л. И. Лавров уыди стыр ахуыргонд: этнограф æмæ историк. Хорз зыдта араббаг, персайнаг æмæ туркаг æвзæгтæ. Уыдоны æдде йæ иртасæн куыстыты пайда кодта кæсгон, черкесаг æмае адыгейаг æвзæгтæй. Уымæ гæсгæ йæ наукон куыстытæ æнца- дысты тыхджын аргументтыл, факттыл, æмæ сыл адæймаг æу- уæнды. Ирыстоны историктæ æмæ этногрæфтæ æххæстæй нæ фæпайда кодтой Лавровы бындурон постулаттæй. Æз баф- æлвæрдтон, Лавров аланты кой кæм кæны, уыцы хъуыдытыл æрдзурын. Л. И. Лавров йæ размæ æрæвæрдта ахæм фарст: «Были ли кабардинцы исконным населением территории Кабардинской АССР или же они появились здесь на смену другому народу?» Йæхæдæг ын ахæм дзуапп радта: «Давно установлено, что до кабардинцев здесь жили аланы, говорившие на языке, близком нынешнему осетинскому». Бирæ алыхуызон гипотезæтæ ис, кæсæг æмæ иннæ адыгаг адæмтæ раджы заманты кæм цардысты, уый тыххæй. Семæ разы нæу Лавров. Йæхæдæг куыд сбæлвырд кодта, афтæмæй кæсæджы æмæ адыгейæгты фыдæлтæ незаманты цардысты Та- маны æрдæгсакъадахыл æмæ Сау денджызы былгæрæтты, ома Кубаны дон денджызмæ кæм хауы, уый цур. Афтæ дам амо- ныыц адæмон таурæгътæ дæр. Дарддæр Л. И. Лавров фыссы: «К началу средневековья в степной полосе северо-западного Кавказа, по историческим документам, обитали меоты (т. е. адыги) и алано-сарматские племена. Эти источники говорят, что меоты жили на восток от Азовского моря и по нижнему течению р. Кубани, а алано- сарматские племена — восточнее меотов». Ахуыргонд æххæстæй нæ загъта сæрмæттæ ’мæ алантæ тæтæр-манголы æрбабырсты размæ цы зæххытæ ахстой, уый. Æвæццæгæн, уый йæ темæмæ нæ хауди. Фæлæ мах зонæм, ирон адæмы рагон фыдæлтæ скифтæ, сæрмæттæ ’мæ алантæ кавй ахстой Хуссар Уæрæсейы тыгъд быдыртæ æмæ Цæгат КавказЫ дæлвæзтæ. Уыцы историон цауæн æвдисæндартæ сты Хуссар Уæрæсейы стыр фурдты нæмттæ (гидронимтæ) Дон, Днепр, Днестр, хурныгуылæнырдыгæй та Донай (Дунай) æмæ Прут. Уæдæ Азовы денджызы æмæ Азовы сахары нæмттæ дæр базза- дысты сæрмæтты иу знæмы номæй: ас, яс, аз кæй хуыдтой, уыдонæй. (В. И. Абаев. «Осетинский язык и фольклор»). 102
Цæгат Кавказы хохрæбынты дзæвгар баззад топонимтæ æмæ 1 идронимтæ нæ фыдæлтæ алантæй. Зæгъæм: Догъуат, ныртæккæ иæ дзурæм дугъуат, Тъæпæнтæ, цæугæдоны ном Аабæ, цыртæккæ йæ дзурæм был, дыгур та билæ (ацы дзырды хæйтты метатезæ рауад). Æз бирæ хæттыты фехъуыстон мæхæдæг зæронд устытæй: нæ лæппу уæртæ былмæ ацыди, зæгъгæ, ома доны былмæ. Уымæ гæсгæ зæгъæн ис: цæугæдоныл баззад ном Билæ — Лабæ. Цыбыр дзырдæй, ирон адæмы хæрз фыдæлтæ алантæ тæтæр- манголы æрбабырсты размæ Цæгат Кавказы быдырты ’мæ хох- рæбынты кæй цардысты, уымæн историон литературæйы бирæ æвдисæндартæ ис. Æз сыл нæ дзурдзынæн, кæй фæнды уыдон базонын, уый бакæсæд Всеволод Миллеры «Осетинские этю- ды», 3-аг хай, Абайты Васойы «Осетинский язык и фольклор» æмæ Владимир Кузнецовы чингуытæ аланты тыххæй. Алантæ уыдысты бирæ æмæ стыр зæххытæ ахстой. Кæсæг та цардысты, Лавровы ныхасмæ гæсгæ, Таманы æрдæгсакъада- хыл æмæ, фурд Кубань Сау денджызмæ кæм кæлы, уыцы зæххы- тыл. Географион картæмæ куы ’ркæсай, уæд чысыл фæз йеддæмæ нæ ахсынц кæсæджы цæрæнбынæттæ, Цæгат Кавка- зы быдыртимæ сын абарæн нæй. Уыцы зæххытæм кæсгæйæ зæгъæн ис: кæсæг уыдысты бæрцæй чысыл адæм, алантæй бирæ къаддæр. Дарддæр историон цаутæ афтæ рауадысты, æмæ тæтæр-ман- гол æвирхъау цагъд фæкодтой, Цæгат Кавказы тыгъд быдырты цы алантæ цард, уыдоны, стæй Доны æмæ Кубаны былтыл чи цард, уыдоны дæр. Чи ма аирвæзт тæтæрæй, уыдон бынтон цагъд фæкодта Тамерлан (Тимури-ланг). Афтæмæй Цæгат Кав- казы лæгъз быдыртæ суæгъд сты алантæй, фæлæ бынтон сæфт не ’рцыдысты, дзæвгар ма сæ аирвæзт хохрæбынты. Л. И. Лавров куыд рабæрæг кодта, афтæмæй кæсгон адæм аланты зæххытæ æрцахстой ХШ-æм æнусты дыккаг хайы. Алантæй ма чи баззад Цæгат Кавказы быдырты ’мæ хæхты рæбынты, уыдон куыдфæстæмæ ассимиляцигонд æрцыдысты. Афтæмæй алантæ куы скæсгон сты, уæд сын зæххытæ нал фаг кодтой æмæ лыгъдысты уæгъд быдыртæм æмæ бацахстой рагон алайнаг зæххытæ Мæздæг æмæ цæугæдон Сулакы онг. Алантæ бирæ ногдзинæдтæ бахастой кæсæджы царды æу- уæлтæм. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, кæсгон адæм Нарты кадджытæ фыц- цаджыдæр ирон адæмы фыдæлтæ алантæй фехъуыстой, кæсæг ма Таманы æрдæгсакъадахыл куы цардысты, уæд. Дыккаг хатт 103
та, тæтæр-манголæй ма цы алантæ аирвæзт, уыдон куы скæсгоц сты, уæд сæ сæхи рапсодтæ кæсгонау зарыдысты. Уымæ гæсгæ, кæсгон Нарты кадджытæ æмæ ирон Нарты кадджытæ сæ скь жетмæ гæсгæ хæстæг лæууынц кæрæдзимæ, уæдæ сæ архай- джытæ дæр иу сты. Ныр та æркæсæм кæсгон бæхты мыггаджы равзæрдмæ. Фыц- цаджыдæр, фидарæй зæгъын хъæуы уый: кæсæджы фыдæлтæ ма Таманы æрдæгсакъадахыл æмæ Кубаны доны бакæлæны ’хсæн куы цардысты, уæд историон уацмысты кæсгом бæхты кой никуы цыди, нæ сæм уыди бæхджын æфсад. Фыццаг хатт кæсгон бæхты кой ракодтой 1589 азы, стæй 1621 азы. Ома кæсæг аланты зæххытыл куы ’рбынатон сты, æмæ алаиты баззайæггæгтæ ассимиляцигонд куы ’рцыдысты, уый фæстæ фæзынди кæсæгмæ саулохаг бæхтæ. Бæхты мыггаг Саулох ис Нарты кадджыты, Нарты кадджытæ тæ бирæ хистæр сты кæсгон бæхты мыггагæй. Æмæ канд Нарты кадджыты нæ баззад саулохаг бæхты мыггаг. Ирон адæмæн сæхимæ дæр уыд ахæм бæхтæ. Къоста зыдта уыцы бæхты мыггаджы æмæ йæ бахаста йæ кадæг «Хетæг»-мæ: Уæлæ Инал дæр йæ урс бæхыл рацæуы, Февзыста бæхмæ, цæргæсау æй обаумæ Сдавта йæ саулохаг... Бæхæй уым рахызт... Бæхты мыггаджы ном профессор Абайты Васо хæстæг кæны рагон кæсгон лæджы ном Шолох-мæ. Ацы хъуыддаджы Васо баууæндыд Е. Н. Кушевайы уæлæнгай ныхæстыл, бæхты мыг- гаг, стæй уырыссаг мыггаг Шолохов кæсгон лæджы иом Шо- лохæй рацыд, зæгъгæ (В. И. Абаев. «Историко-этимологичес- кий словарь осетинского языка». т. III, 46—47 ф.: В. И. Абаев. «Осетинский язык и фольклор», 1, 500 ф.). Профессор Абайты Васо афтæ зæгъы ирон адæмы фыдæлтæ аланты бæхты тыххæй: «Ирайнаг адæмтæ куы фæзындысты историйы, уæдæй нырмæ хъуыстгонд сты бæхтæ уарзæг адæмæй, стæй уыдоны хуызæн барджытæ дунейыл уыдысты стæм. Бæхты уæлдай уарзтæй уарзтой ирон адæмы хæрз фыдæлтæ алантæ, уыдоны бæхджын æфсады арæхстдзинады фæдыл æндæр адæмтæ дзыхæй-дзыхмæ дзырдтой диссаджы новеллæтæ (В. И. Абаев. «Историко-этимологический словарь осетинского язы- ка», том 1, 256 ф.). Ромы императортæ сæ заманты хæлæгæй мардысты алантЫ бæхджын æфсады тактикæмæ æмæ Марк Аврелий 2-м æнустЫ баххуырста аланты бæхджын æфсад æмæ дзы иу стыр къордЫ 104
арвыста Бритаты сакъадæхтæм комендантон службæ кæнынмæ. IV æнусы та Ромы императортæ сæхицæн сарæзтой бæхджын æфсæдтæ аланты кавалерийы тактикæйы æнгæс. Инстурктортæ сын уыдысты алайнаг æфсæддонтæ, афтæ фыста, ромаг исто- рик Флавий Вегеций Ренат (журн. «Вестник древней истории», 1940, № 1, 240, 280 ф.). Цы чысыл историон цаутæ банымадтон, уыдон дæр хорз æвдисынц, кæсгон бæхты мыггаг кæцæй равзæрд, уый. Кæсгон æвзаджы дзæвгар ис, алантæй кæй райстой, ахæм дзырдтæ дæр, фæлæ нырма фаг иртæст нæма æрцыдысты. Кæсæг æмæ аланты ахастдзинæдтыл зæрдиагæй куыста Ко- киты Георги, Мæскуыйы Университеты историйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор, фæлæ йæ куысты тæмæнмæ куы бахæццæ, уæд ын йæ цард аскъуыдтой хæсты хæдфæстæ ком- мунистон идеологтæ. Агънаты Æхсар О
ÆЛБОРТЫ Таймураз, КОЦТЫ Леонид АРХАИКОН ФÆЛТÆР ИРОН НÆРТОН ЭПОСЫ Нарты эпосы сæйраг бынат ахсынц лæджы хæрзхъæддзи- нады æмæ сгуыхты фарстатæ. Нарты эпосы арф фæд ныууагъ- та рагон мифон-динон хъуыдыкæнынад. Мифон зондахаст фæзындис, адæймаг а-зæххыл куы равзæрдис, уæд. Мифологи у вазыгджын æмæ мидисджын зондахасты формæ. Йæ равзæр- ды аххосæгтæ йын куы æвзарæм, уæд æнæмæнгæй бафиппайын хъæуы уый, æмæ адæймаг куы равзæрдис, уæд йæ авналæнтæ æмæ гæнæнтæ мæгуыр æмæ гæвзыкк уыдысты. Уымæ гæсгæ адæймаг æрдзы тыхтыл фыццагдæр уæлахиз кодта йæ фанта- зийы, уый та ахсы сæйрагдæр бынат мифон хъуыдыкæнынады. Цыбыр дзырдæй, миф иуæй æвдисы адæймаджы лæмæгъдзи- над æрдзы æнæкæрон тыхты раз, иннæмæй та йæ фыццаг чы- сыл уæлахизтæ уыцы тыхты бамбарын, басæттын æмæ сæ спайда кæныны хъуыддаджы. Мифы йæ бынат ссардта адæймаджы бæллиц, царды хуыздæр уавæртæм тырнындзинад. Миф у æнæмбаргæ аивадон зондахаст. Эпос та уыдис адæй- маджы фыццаг æмбаргæ аивадон зондахаст æрдзмæ æмæ æхсæнадмæ. Цас адæймаджы уавæртæ йæ куысты фæрцы, йæ æрвылбо- ны фыдæбоны фæрцы, хуыздæрæй-хуыздæр кодтой, уыйас аивдæр кодтой мифологийы фæлгонцтæ дæр. Нарты эпосы мифологийы раиртасæн ис рагон архаикон æмæ антропомор- фон фæлтæртæ, стадитæ. Мифологийы архаикон фæлтæр фæзы- ны матриархаты рæстæджы, адæймаг æрдзы цæттæ продуктæй куы цардис, уæд. Архаикон фæлтæр фæзынди фетишизмы фор- мæйы хуызы. Фетишисты хъуыдымæ гæсгæ дурмæ, кæнæ стайы ссырмæ ис цавæрдæр миниуджытæ. Уыдон адæймагæн дæттынц иуæй уæлдай тых, иннæмæй та йæ хъахъæнынц фыдбылызæй. 106
фетишизмы формæйы зондахаст комкоммæ баст у хуызы цæ- уыны хъуыддагимæ. Уыцы зондахасты аххосæгтæй иу уыдис уый, æмæ мифы адæймаг æрдзæй йæхи нæ хицæн кодта йæхи иымайы æрдзы иу хайыл. Уымæ гæсгæ адæймаг æрдзыл пара- хат кæны йæхи миниуджытæ, йæхиуыл та зынынц æрдзы мини- уджытæ. Æмæ кæд адæймаг æмæ æрдзы æхсæп арæнтæ нæй, уæд адæймагæн йæ бон у дур, кæнæ та цавæрфæнды зайæгой, цæрæгой фестын дæр. Хуыз ивыны хъуыдыкæнынады формæйæн уыдис объекти- вон бындур дæр. Куыд зонæм, афтæмæй айкæй равзæры цъиу, хуры хъарммæ дон сысы, свæййы мигъ æмæ къæвдайы хуызы æруары фæстæмæ зæхмæ. Стæй адæймаг йæхæдæг дæр цæрæнбонты иухуызон нæ вæййы, уымæн æмæ азæй-азмæ ивы йæ хуыз. Зæгъæн ис æмæ мифон зондахасты фæрцы адæймаг хъавыди бамбарын æрдзы диалектикæ. Ирон эпосы мифологийы хуызы цæуыны хабæрттæ æвзæрстой ахуыргæндтæ Абайты Васо, Гæбæраты Сослан, Жорж Дюмезиль æмæ æндæртæ, фæлæ ацы фарста кæронмæ лыггонд нæма æрцыдис. Хуыз ивыны зондахаст у универса- лон формæ. Адæймагæн йæ хуыз аивын йæ бон кæй у, ахæм хъуыдыкæнынадыл мах æмбæлæм бирæ адæмыхæттытæм. Зындгонд иртасæг Е. Кузьмина куыд фыста, афтæмæй «скифтæ... æнхъæлдтой Хуыцæуттæн цыма сæ бон у алцæй кæнæ алкæй хуызы бацæуын». «Ригведæйы» гимнты Хуры бардуаг Сурья райсы æфсургъы хуыз, фесты цæргæс. Бар- дуаг Индрæ дæр фесты бæх, богъ, фыс, æмæ сæгъ. Ирайнаг «Авестæйы» Веретрагнæ» бацæуы бæхы хуызы, фесты богъ, хъæддаг хуы, теуа, дымгæ, фыс. Грекъаг мифологийы дæр Зевс фесты куы цæргæс, куы та сызгъæрин къæвда æмæ афтæмæй бацæуы Данаямæ. Нарты эпосы мифологийы сæ хуызтæ ивынц куыд зæххон адæймаг, афтæ уæларвон цæрджытæ дæр. Дзерассæ Нарты фæткъуымæ æрбатæхы æхсинæджы хуызы. Нарты Сырдон фес- ты æнæуд дзаума — худ, æмæ йыл Сослан амбæлы: «Ацы худы зæронд нæ чындзытæн... схæссон, нæ куыройы сын фалгæрæттæ мæрзынæн бæздзæн». Сырдонæн йæ бон у рувасы царм, кæнæ сызгъæрин кæри фестын. Уырызмæджы фырт Айсана фесты зæрватыкк, зæгæл, æмæ саргъы базæмбæрзæн. Уымæй уæлдай Сырдон райсы зæронд лæг æмæ зæронд усы, æрыгон лæппуйы хуызтæ. Нарты Сослан йе ’рыгон æмбалы мæлæтæй ирвæзын кæнынмæ куы фæцæйхаста æмæ «æртæ суадоны сæрты куыд ахызтис, афтæ йыл Сырдон зæронд лæджы хуызы... æрбам- 107
бæлди, — кæдæмдæр тындзы». Æхсæзæм суадоны фæстæ Сыр- дон Сосланыл фембæлдис зæронд усы хуызы. Сослан Сырдонæн уыдис йæ цыфыддæр знаг, уымæн æмге йын амардта йæ авд фырты. Сырдонæн лæгæй-лæгмæ йæ бон нæ уыди Сосланимæ тох кæнын. Уымæ гæсгæ Сырдон агуры алыхуызон фæрæзтæ, цæмæй Сосланы искæмæн амарын кæна. Æртæ хатты йæ хуыз аивгæйæ куры Балсæджы цалхæй, цæмæй Сосланы уæрджытæ ахауын кæна æмæ йæ афтæмæй амара. Сослан йæхæдæг дæр йæ хуыз аивы: «Æз дæ зилгæдымгæ фес- тын кæндзынæн,— дзуры Сатана,— æмæ йæм афтæмæй бал- æуу». Сослан æцæгдæр зилгæдымгæ фестадис æмæ Косеры тæхгæ мæсыджы смидæг. Нарты эпосы архаикон фæлтæры адæймаг арæх йæ хуыз аивы нымæтын ехсы фæрцы. Ахæм ехсæй пайда кæнынц нарт сæхæдæг дæр, стæй се знæгтæ дæр. Иунæгæй цæрæг рæсугъд ус нымæтын ехсæй æрцавта Уырызмæджы æмæ лæг хæрæг фес- тади, уый фæстæ бæх, стæй та куыдз. «Куыдз куы фестадтæн,— дзуры Уырызмæг, — уæд дунейыл мæ кой айхъуысти, уыцы усмæ ахæм хорз куыдз ис зæгъгæ». Æфсати райста арсы хуыз æмæ бацамыдта Уырызмæгæн, йæхи йæ фыдæбонæй куыд фервæзын кæна, уый. Уырызмæг нымæтын ехсы фæрцы йæ лæджы хуыз райста, усы та уыцы ехсы фæрцы цъæх хæрæг фестын кодта. Нымæ- тын ехсы фæрцы Уырызмæг Хæрæн-Хъуаджы сæгъ фестын кодта æмæ бирæгъы амæддаг фæци. Нымæтын ехсы фæрцы нарты Сослан фæуæлахиз вæййы Гумаг æлдарыл. Къулбадæг ус, нымæтын ехсæй архайгæ, чызг æмæ лæппуйы радыгай фес- тын кæны куыйтæ, хъыбылтæ æмæ фæстагмæ чызг æмæ лæппу. Нарт Æфсадæджы чызджы та фестын кодта тæрхъус. Нарты эпосы архаикон фæлтæры нымæтын ехс ахæм ах- сджиаг бынат кæй ахсы, уый дзурæг у ууыл, æмæ нарты эпосы цы адæмыхатт сфæлдыста, уый кæй лæууыд фосдарыны рæзты къæпхæныл. Фосдарыны иу продукт уыдис къуымбил — алы- хуызон дзаумæтты æрмæг. Цыбыр дзырдæй, адæймаг йæ бу- арæй æмæ зондæй æмбæрста къуымбилы хорз миниуджытæ. Фæлæ мифон-динон зондахастыл хæст кæй уыд, уый тыххæй къуымбилимæ баста фантастикон, уæлæрдзон-магион алæмæ- таг æууæлтæ æмæ миниуджытæ. Нарты эпосы мифологийы фæлтæры медиаторы функци æрмæст нымæтын ехс не ’ххæст кæны. Дзерассæйы хилы фæрцы Æхсæртæг æмæ Дзерассæ «...фестадысты æргъæууон бæзджын кæсæгтæ æмæ рараст сты былæй фурды сæрмæ. Йæ хуыз 108
аивынæн нарты Сатана пайда кæны æндæр дзаумæттæй. Фыц- цаг хатт скæны йæ чындз Елдайы къаба æмæ кæлмæрзæн, æмæ йæ Уырызмæг нал базоны. «Рæсугъд Елда, ды мын дæ чындз- дзон къаба æмæ кæлмæрзæн куы авæрис, уæд иу æхсæв æз Уырызмæджы фыдæнхъæл фæкæнин...» Ацы хабар, махмæ гæсгæ, æмбарын хъæуы афтæ: чындздзон къаба æмæ йæ хица- уæн фæхицæн уæвæн нæй. Чифæнды дæр куы скодтаид Елдайы къаба, уæд Елдайы хуыз райстаид. Афтæ хъуыды кодтой уымæн, æмæ къабаимæ баст цыдысты уæлæрдзон-магион миниуджытæ. Цæмæй рувас феста, уый тыххæй Сатанайæн фаг у йæхи рувасы къæдзилæй æрсæрфын. Алыты Алымбеджы чызг ба- хордта фæткъуыйы æппытæ æмæ лæппу фестади. Уæдæ фæткъуыйы æппытимæ мифологон хъуыдыкæнынады бæтты тыхджын фетишистон-магион миниуджытæ. Сæ тых ахæм стыр у, æмæ сæ бон у чызгæй лæппу саразын, адæймагæн йæ ард аивын. Адæймаг кæд йæ хуыз аивы, уæддæр йæ зонд йæхимæ вæййы. Сырдон зæронд худ куы фестадис, уæддæр Сырдонæй базза- дис. Уырызмæг дæр кæд йæ хуыз цалдæр хатты аивы, уæддæр Уырызмæгæй баззайы. Кæд куыдз фестадис, уæддæ^э Уырызмæг чи у, уый зоны: «Фæлæ уæддæр мæ сæрызонд мæхимæ уыди». Уый ма æмбарынц бирæгътæ дæр: «Уæ Уырызмæг, Уырызмæг, фæцæуæм дæм». Æддагон уд у адæймаджы хуыз аивыны хицæн формæ. Нар- ты знаг Бибицы уд, тых æмæ ныфс уыдысты æртæ бæлоиы буары. Сослан сæ радыгай амардта, æмæ Бибыц амарди. Бызгъуаны уæйыджы уд, тых æмæ ныфс уыдысты æртæ фаты мидæг. Уыцы фæттæй Сослан фехста Бызгъуаны уæйыджы æмæ йæ амардта. Батраз Сосланы туг исгæйæ цалдæр хатты аивы йæ хуыз. Балсæджы цалхы сургæйæ Батрадз фесты цъиусур, цæргæс. Балсæджы цалх та райсы нæл бабызы хуыз, свæййы сындзы уасæг. Адæймаджы хуыз аивыны æндæр формæ у цæфхæдтæ фæстæмæ фæкæнын. Уырызмæджы æнæном лæппу Мæрдты бæстæйæ рацæуын куы сфæнд кодта, уæд æй цæмæй Барастыр рауагътаид, уый тыххæй йæ бæхы цæфхæдтæ фæстæрдæм фæзылдта. Афтæ Бедуха цæстыфæныкъуылды фæрцы фæзылд- та Сосланы бæхы цæфхæдтæ, æмæ Сослан уый фæрцы уæлзæхмæ сфардæг вæййы. Уæдæ нæ цыбыр уацхъуыды æрмæг куыд æвдисы, афтæмæй нарты кадджыты адæймагæн йæ хуыз аивын йæ бон кæй у, уый мифон зондахаст ахсы фидар бынат. фæлæ, махмæ гæсгæ, нарты эпосы æрмæг дзуры ууыл дæр, 109
æмæ адæймаг дызæрдыг кæнын кæй райдыдта ахæм уырнын- дзинадыл. Цы бындур ис ахæм хатдзæг скæнынæн? Фыццад- жыдæр уый, æмæ нарты эпосы æрмæгмæ гæсгæ нымæтын ехс — хин æмæ кæлæны символ — сыгъд æрцæуы арты. Афтæ ба- кодта Уациллайы фырт чызг æмæ лæппуйы амындмæ гæсгæ: «Уациллайы фырт нымæтын ехс арты баппæрста, æмæ сау пил- лон суагъта». Уæдæ нымæтын ехс — сауы æмæ талынджы символ — сыгъд æрцæуы арты. Арт та у рухс, сыгъдæг æмæ хорзы символ. Нымæтын ехс арты басудзы Сослан дæр. Адæймагæн нымæтын ехсы фæрцы йæ хуыз аивæн кæй ис, ууыл нæртон лæг дызæр- дыг кæй кæны, уымæн æвдисæн сты Уырызмæджы ныхæстæ: «Æртардтон æй Нартмæ (хибар цæрæг рæсугъд усы), æмæ йæ алчи дæр зоны сымахæй, уый у Борæты цъæх хæрæг». Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан рувасы цармыл куы фæбыц- æу сты, уæд сын Ацæ загъта: «Чи хуыздæр æмæ диссагдæр таурæгъ радзура, уый фæуæд рувасы царм». Æмæ авнæлдтой гуыппырсар нартæ, цы сыл æрцыд æмæ не ’рцыд ахæм диссæгтæ мысынмæ. Уырызмæг, Ацæмæ гæсгæ, диссагдæр таурæгъ ра- дзырдта æмæ рувасы царм уый фæци. Ома Уырызмæг пара- хатдæрæй спайда кодта нарты фыдæлты рагон хъуыдыкæны- надæй. Уырызмæг йæхæдæг дæр æмбары, Борæты цъæх хæрæг иунæгæй цæрæг ус кæй нæу, уый. Уый зонынц Хæмыц æмæ Сослан дæр. Фæлæ ам ныхас рæстдзинадыл нæ цæуы. Ныхас цæуы диссагдæрыл, æмæ Уырызмæг диссагдæр таурæгъ ра- дзырдта. Ома Уырызмæг рагон хъуыдыкæнынадмæ кæсы эсте- тикон цæстæй, пайда кæны мысыны фæрæзæй. Рагон архаикон хъуыдыкæнынад (адæймагæн йæ бон у йæ хуыз аивын) уæвгæ свæййы эстетикон фæрæз. О
РАГОН КЪÆЛИНДАРЫ СЫФТÆЙ Ирыхъæуы Байаты Чермены номыл уынджы цардис, йæ заманы бирæ бæстæтыл чи фæзылди, ахæм карджын лæг Хъантемыраты Ибрагим — нæ зындгонд цирчы барæг Алыбеджы кæстæр æфсымæр. (Сæ дыууæ дæр рухсаг уæнт). Ибрагим дæр кæддæр цирчы барæгуыд, растдæр зæгъгæйæ та, барджыты къорды разамонæг. Абон уæ зонгæ кæнæм, 1912 азæн æм цы ирон къæлиндар уыдис, уымæй иу къорд скъуыддзагимæ. Уыцы къæлиндартæ афæдзæй-афæдзмæ мыхуыр- гонд цыдысты Дзæуджыхъæуы Шуваловы типо- литографийы. Бонтæ амонынæй уæлдай ма-иу мыхуыр кодта æмбисæндтæ, алыхуызон амындтытæ, хицæн цау- тæ Ирыстоны цардæй. Афтæ нæм кæсы, æмæ дзы абоны журналкæсæг дæр исты ногдзинæдтæ ба- зондзæн Зæгъæм, вилкæ нæ, фæлæ фыдис дзырд- той нæ фыдæлтæ, нартхор (ома нæртон хор) нæ, фæлæ нардхор, нашатыры спъиртты бæсты — мы- сатыры арахъ. Бæрæгбæтты æмæ хуымæтæджы фæлладуп \ чæн бонты (зæгъæм, хуыцаубоны) сыф- тыл фьп • • «Хъуыддаджы бон нæу». Мамсыраты Мурат 11 январь Ахуыргонд лæгæй йæхи æрдзон зонд кæмæ нæ уа, уый, мæнæ скъапп алы хорз чиныгæй куы байдзаг кæнай, уый хуызæн у. 111
13 январь Аргьуаны скъолатæ Дыууæкъласон скъолатæ нæм ис Дзæуджыхъæуы зылды дæс, иукъласон скъолатæ 39. Уыдоны мидæг кæсы 2646 лæппутæ, 794 чыздхштæ. Уыдоны мидæг лæг-ахуыргæнджытæ 46, чызг- ахуыргæнджытæ 42, сауджынтæ 32. 14 январь Нард фынгыл куы ’рбадай, уæд Хуыцауы ном ссарыны фæстæ мæгуырты дæр æрхъуыды кæн. 15 январь Адæмы се ’ппæты дæр хон хорз, фæлæ семæ цæр, цыма бирæгътæ сты, уыйау. 16 январь Кæд дæ стыр хист скæнын нæ фæнды, уæд дæ рынчыныл стыр хардз бакæн. Бæндæн цæмæй фидар уа, уый тыххæй йæ ацудасы доны баудай. Дзабыры, цырыхъы уафс цæмæй бирæ фæлæууа, стæй уымæл ма кæна, уый тыххæй сæ сæ ногæй байсæрд кæфы сойæ. Кæфы сой афтеччы у дыууæ суарийы джиранкайы 1/4 хай. Æрхуы мигæнæнтæ сыгъдæг кæнын хъæуы содæ æмæ хуыр- хæджы сыфтæй. 19 январь Хæр æмæ цæрай, фæлæ цæргæ хæрыны тыххæй ма кæн. 24 январь Пысылмæтты скъолатæ Пысылмон хъæутæ сты Цкола, Ногхъæу, Елхот, Кæрдзын, Арыхъ, Брутæ, Зилгæ, Беслæныхъæу. Ацы хъæуты ис аст скъолайы. Уыцы скъолаты кæсы лæппутæ 534 (чызджытæ нæма), 112
ахуыргæнджытæ сты 12. Ацы хъæуты скъолатæ скодтой 1890— 1900 азты. Скъолаты агъуыстытæ сты 20.000 сомы аргъ. Уыдон сты иууылдæр хъæуты хардзæй. Цæгат Кавказы адæмтæй ирæй ахуыргонддæр ничи у. 1 февраль АКУШЕРКÆ Кæд адæмæй дæр æмæ фосæй дæр исчи зæфцæй сæфы, уæд махмæ — устытæ. Нæ фосæн нын паддзах дзæбæхгæнджытæ сарæх кодта, фæлæ нын нæхи дзæбæхгæнæг нæй. Нæ горæты бæргæ ис дзæбæхгæнджытæ, фæлæ горæтмæ чи хæццæ кæны! Устытæ та, лæгтæ цы низтæй сæйынц, уымæй дæр сæйынц, стæй ма сæм ноджыдæр уæлдай низтæ ис. Афæдз аргæ-арыны Дзæу- джыхъæуы зылды ирæй амæлы 200 бæрц. Уæд та устытæ сæхи хардзæй баххуырсæнт иу акушеркæ Иры. 2 февраль Хъуыддаджы бон нæу, Чырыстийы 40 бон, аргъуаныл фæдзæхсæн бон. 1 мартъи Хæрзмард уый акæны, йæ фæстæ хорздзинадæй чи ницы ныууадзы. Сасым кæнæ гумирабека куынæ уа, уæд гæххæтт ныхасынæн тынг хорз сты хъæдындзы дон æмæ тæвд æхсыр. Гæххæтт уыдонæй тынг ныхæсы хъæдыл дæр æмæ æфсæйна- гыл дæр. — Бобо, дæ лæппуйыл цас цæуы? — Нæхимæ куы вæййæм, уæд фараст, машинæйы (ома по- езды) куы фæбадæм, уæд та фондз азы... 18 февраль 1-аг лауызгæнæн. Мæхæмæт-пехуымпары гуырæнбон «Мавлуди — Нияби». Уæрæсейы машинæйы фæндагæй цыдæриддæр ис, уыдон иумæ куы адаргъ кæнай, уæд æййафынц 75.500 версты. 8 Махдуг№ I, 1997 113
26 февраль Ацы рæстæджы, бæлæсты цæхæрадон пайда у, уый амоньщ ма кæмæн хъæуы, уый хайуан у. Иу хатт ыл бафыдæбон кæн æмæ дæ цæрæнбонты дара. Иу дæсæтин бæлæстæ ныссадз æмае дын афæдз 50 туманы дæтдзысты. Махмæ ахæм зæхх нæй, дыргъ кæм нæ зайы. 28 февраль Æхца куы фæдзуры, уæд рæстдзинад йæ дзыхыл ныххæцы. 3 мартъи Хорз адæм! Кæд уæ фæнды, цæмæй дунейыл мæгуыртæ мауал уа, уæд дзы дæсæй иуæн баххуыс кæнут. 24 мартъи Хъуыддаджы бон нæу. «Сувахæрæн». Фыдæлты æгъдауæй ахсæв фыццаг хатт æмбæлы быдыры цæхæрайæ.чъиритæ скæнын. Хæдзары хистæр сæ скувы æмæ бинонтæ се ’хсæвæр уымæй ахицæн кæнынц. 2 апрель Дыгурæн Алардыйы бон. 15 апрель Дидинджытæ куы ’ртонай, уæд цæугæдонæй авджыдзаг сис, æртæ мисхалы йыл мысатыр ныккæн æмæ дзы дидинджытæ нывæр. Æртæ къуырийы бæрц фæлæудзысты æнæ баруайгæйæ. Авджын тæбæгъ куы асæтта, уæд айчы урсимæ сызмæнт ног уагъд чъыры ссад æмæ саст уымæй байсæрд. Авджындзау- ма уайтагъд баныхæсдзæн. 114
20 апрель Хъæздыгдзинад цæхджын донæй уæлдай нæу: адæймаг дзы æфсис нæ зоны. 5 май Адæмæй фæйнæ æндахы халы — мæгуырæн хæдонфаг. Мах ирон адæмæй Дзæуджыхъæуы чи кусы, уыдонæн сæ ахуыр- гæндтæ сфæнд кодтой æмæ загътой: нæхи æвзагыл нæм чиныг арæх кæй нæй, уый нын иттæг зиан у. Фыссæг адæмтæ ис, фæлæ сæ фыдæбон адæмы размæ нæ цæуы, чи фыссы, уыдонмæ æхца нæй æмæ. Чингуытæ джиппы уадзынæн се ’хсæны æрæвæрдтой æхца æмæ уал чысылгай кусын сæ зæрды ис. Нæхи æвзагыл чиныг арæх уа, газет нæм уа кæй фæнды, уый баххуыс кæнæд ацы хъуыддагæн, цас йæ бон у, уыйас. Чиныгуадзджыты къорд «Ир». 15 май Фыййау фæндаджы был йæ фос хизы. Йæ цурты фæцæуы динамонæг. Фыййау æм рауадис æмæ йын зæгъы: «Хæйрæг мæ ацардыдта, марадз æмæ уыцы лæджы анæм, зæгъгæ». — Ау, æмæ æппын мæнæй никуы фехъуыстай, хæйрæджы коммæ кæсын нæ хъæуы, зæгъгæ? Ныууагъта йæ фыййау. фæлæ динамонæг фæстæмæ куы раздæхтис, уæд та фыййау йæ размæ рауад: «Ныр та мæ афтæ ардауы хæйрæг, уыцы лæгæн иу тохъыл балæвар кæн». — Æмæ цы кæны, цы, иу хатт уый коммæ дæр куы бакæсай, уæд, — загъта динамонæг. 17май Дзæуджыхъæуы зылды ирон адæм цæры: нæлгоймæгтæ 61.611, сылгоймæгтæ 56.252. 1909 азы нæм райгуырдис 3865, мæлгæ та нæ акодта 1858. 115
18 май Нæ облæсты горæттæй адæм кæм цас ис, уый. Дзæуджыхъæуы — 71,105 адæймаджы Мæздæджы — 16,768 Пятигорскы — 29,733 Гумы —15,528 Кисловодскы — 12,928 Грознайы — 28,005 Хъызлары — 11,311. Æдæппæт 185.213. Иу ныхасæй, уыцы авд горæты чи цæры, æгас ирон адæм уыдонæй бирæ фылдæр не сты. (Ам рæдыд аирвæзт: ранымад сахарты адæмы нымæц бафтаугæйæ уайы 185.378. — Ред.) 26 май. ФАРОНЫ АЗЫЛ Терчы облæсты адæмæй Окружной суды хъазахъæй ссуд кодтой 171 адæймагæн, мировой судты 375-æн. Хъазахъæй фæстæмæ Терчы облæсты цы адæм цæры, уыдонæй окружной судты ссуд кодтой 1106 адæймагæн, мировой судты — 1181-æн. Куыд уынæм, афтæмæй базмантæ махырдæм фæкъул сты. Кæд бамбардзыстæм, кæд ныууадздзыстæм нæ марын æмæ нæ да- вын. Зонд бацамонæг нын нæй, фæлæ тæрхонмæ ласджытæ — иууылдæр! 28 май Тыбауы Уац-Илиайы бон. Ламардон, Хъахъæдур æмæ Джи- марайæн — кадджын бон. 2 октябрь Закъон кæсагахсæн хызæй уæлдай нæу: хатгай дзы кæф аирвæзы, тъепа аззайы. 116
МÆЙТЫ НÆМТГÆ АРАББАГАУ ÆМÆ ИРОНАУ 1) Мухаррам — Тъæнджы мæй 2) Сафар — Æртхъирæны мæй 3) Рабигул-Эвель — Мартъи 4) Рабигул-ахир — Хуымгæнæны мæй 5) Джемадул-Эвель — Кæрдæджы мæй 6) Джемадул-ахир — Кæхцгæнæны мæй 7) Раджаб — Сусæны мæй 8) Шаабан — Майрæмы куадзæны мæй 9) Рамазан — Нырхæны мæй 10) Шевал — Кæфты мæй 11) Зул-Каде — Джеоргуыбайы мæй 12) Зул-Хиджа — Цыппурсы мæй. О
РÆСТÆГ - РÆСТÆВЗЛРÆН М. АйдынТУРАН ЦÆЛЫККАТЫ АХМÆТ - ХЪАЗУАТДУДЖЫ БÆГЪАТЫР ХÆСТОН (1882 -1928) РАЗНЫХАСЫ БÆСТЫ Нудæсæм æнусы кæрон æмæ æссæдзæм æну- сырайдайæны Ирыстоны фæзынди, национ куль- турæйы рæзтæн стыр ахъаз чи фæци, ахæм дзырддзæугæ лæгты къорд. Уыдон сæ райгуы- рдæй фæстæмæ хъомыл кодтой фæрныг бинон- ты ’хсæн, каст фесты Уæрæсейы уæлдæр скъолатæ. Дыууæ педагогон традицийы сын фа- дат радтой, æрдзæй сæм цы курдиат уыд, уый æххæстæйраргом кæнынæн. Уыдон сæ удæй арт цагътой адæмæн исты хорзы бацæуыныл. Ирыс- тоны культурæ уыцы азты бынтондæр йæ хуыз скалдта æмæуыди, мæнæ Уæрæсейыæвзист æнус кæй хонынц, уый æнгæс. Æвзыгъд фæлтæры ’хсæн тæккæ сæрæндæртæй иу уыдис Цæлыккаты Темболаты фырт Ахмæт (1882—1928). Нæ историйы уыд ахæм худинаджы азтæ, Ахмæты сыгъдæг ном фыдгойты бын кæд фæци, алы æнаккаг даутæ йыл кæд мысыдысты. Йæ кой-иу куы кодтой, уæд æй хуыдтой контрре- волюционер, пысылмон социализмы идейæтæ та- уæг. Аенин æй йæ чингуыты кæй фаудта, уый тыххæй дæр æм знаджы цæстæй кастысты. Уыдон иууылдæр уыдысты æргом хахуыртæ, гæды ныхæстæ. Æцæгæй та Цæлыккаты Ахмæт уыди стыр культурæйы хицау, кавказиртасæг ахуыргонд, зынгæ æхсæны кусæг, йæ зонд тынг кæмæн карс- та, ахæм политик æмæ философ, йæ адæмы рухс фидæны идеалтыл æнувыд адæймаг, цалдæр газе-
ты æмæ журналы редактор æмæ курдиатджын фыссæг. Гъе фæлæ мардæрцыд уый у, æмæ уыцы дис- саджы лæгæн йæ бирæкъабазджын куыст дæр йæ фыдæлты бæстæ, йæ уарзон адæм абоны онг дæр нæма зонынц. Мæн фидарæйуырны, журнал «Мах дуг» туркаг ахуырлæг М. Айдын Тураны уац куы рауадза, уæд ирон адæм сæ фарны лæджы иуцасдæр уæддæр базондзысты. Уацы тæлмац бын- тон æввахс у туркаг оригиналмæ. Æрмæст ын йæ райдиан аппæрстам. Уым автор дзуры, не ’нусы райдианы Уæрæсейы æхсæнадон-политиконуавæ- ры тыххæй, уый та неппæт дæр зонæм историйы чингуытæй. Дарддæр М. Айдын Туран хъусын кæны, 28 февралы дам арæзт æрцыди Петрограды совет, уырдæм дамуырыссæгты, гуырдзиæгты (Чхе- идзе, Церетели) æмрæнхъ равзæрстæуыди цæгат- кавказаг æнæзонгæ лæг Цæлыччы-фырты. Чи у, цы у уыцы лæг? — фæрсы автор æмæ дзуапп рат- тыныл архайы, йæ къухы цы æрмæг ис, уый æххуы- сæй. Уырдыгæй райдыдтам уац (ратæлмац æй кодтонмæхæдæг). Уæрæсейыджиппыуагъд цæуы фыццаг хатт. Уæлæмхасæны хуызы уадзæм Ахмæтæн йæхи уац дæр «Аитература кавказской эмиграции». Радта нæм æй Хуадонты Фатимæ, æмæ йын буз- ныг зæгъæм. М. Айдын Тураны уац мын туркаг æвзагæй уырыссагмæ ивд куы ’рцыд, уæд бамбæрстон, цы нæмттæ æмæ дзы факттæ ис, уыдон фиппаинæгтæ хъуаг кæй сты. Уыцы вазыгджын куыст æхсыз- гонæй бакод та Уарзиаты Вилен (абон не ’хсæн нал и, рухсаг уæд). Цоциты Георги, историон зонæдты кандидат. ... Цæлыккаты Ахмæт райгуырд 1882 азы (2) Цæгат Ирыс- тоны Куырттаты комы Ногхъæуы. Уыцы рæстæджы ма ног уыдысты Кавказы хæсты хабæрттæ, æмæ сæ йæ чысылæй хъусгæ ’рцыд Ахмæт. Кавказ уыди Уырысы дæлбар, хицауиуæг дзы кодтой æцæгæлон æгъдæуттæ, колонион бæстæты куыд вæййы, 119
афтæ. Æндæр хъуыды, æндæр зондахаст кæнæ æндæр æгъдæуттæн дзы сулæфт нал уыди. Уæрæхдæр дуне Ахмæт уынын байдыдта, Стъараполы гим- назы (3) ахуыркæнгæйæ. Ам бирæ уыд цæгаткавказаг фæсивæд. Каст æй фæци 1899 азы. Рауæрæхдæр сты дунемæ йæ фæндæгтæ. Бацыд Мæскуыйы университеты юридикон хайадмæ. Æввахсмæ базонгæ, йæ арæзт монархийы ныхмæ кæмæн уыд, ахæм студенттимæ, йæ зæрдæ ахсайдта револю- цион хъуыддагмæ. Æрлæууыд Уæрæсейы социал-демокра- тон кусæг партийы рæнхъыты. Сусæгкуыстгæнджытæ дæр æм сæ хъус гъе уæд дарыи байдыдтой. Æнкъардта, зыдта йæ уыцы уавæр, æмæ йын æнцондзард кæм уыдаид: абон бахау- дзæн, сом бахаудзæн ахæстонмæ. Æмæ йын, æцæгдæр, 1903 азы нал уыди Мæскуыйы цæрыны бар, рарвыстой йæ Кав- казмæ. Уый йын æфхæрд уыдис, ай-гъай, фæлæ иннæмæй та феввахсдæр йæ райгуырæн къонамæ. Ахмæт Цæгат Кавказы Терчы облæсты æрæвнæлдта социал-демократон комитеттæ аразынмæ, стынг кодта революцион архайд айдагъ Ирысто- ны нæ, фæлæ Дагестаны дæр. Иттæг бацархайдта УСДКП- йы Теркаг-Дагестайнаг центр саразыныл. Хицауады ныхмæ адæмы зонд чи æнхъизын кодта, уыдонæн сæ сæйрæгтæй иу уыдис Ахмæт Цæлыккаты (4). 1904 азы аздæхт Мæскуымæ, æмæ уым уайтæккæ æвзæрст æрцыд делегатæй Уæрæсейы студентты сусæг съездмæ. Ацы æмбырд уыдис Киевы. Ахмæт дзы архайдта Мæскуыйы уни- верситеты фæсивæды номæй. Æмæ хуымæтæджы архайд дæр нæ: Ахмæты къухæй фыст у студентты фыццаг домæн, зæгъгæ, саразын хъæуы æвзæрстытæ сæрæвæрæн æмбырдмæ. Уый карз домæн уыди тынг. Æрæджиаугомау, 1907 азы, каст фæци йæ юридикон фа- культет дæр, æмæ афæлвæрдта адвокаты куыстыл, фæлæ дзы йæ зæрдæ ницахæм барухс. Раздæхти та политикон архайдмæ. Фыста уыцы рæстæджы дзырддзæугæдæр мыхуыры оргæнтæм («Русское слово», «Раннее утро», «Вестник Европы», «Утро России»), зынын байдыдтой йе ’мдзæвгæтæ, очерктæ, ра- дзырдтæ; æрæвнæлдта романтæм. Базонгæ Паддзахадон Думæйы пысылмон депутаттимæ; уыдон дзы ракуырдтой æххуыс адæ- мон ахуырады хъуыддæгты. Уалынмæ Ахмæт сси «Пысылмон газеты» хицау. Адæмы зондахастыл тынг æндæвта газет, дзырд- та бирæ ахсджиаг фарстатыл, скъолайы хуызæн уыд раст. Фæстæдæр стыр ахадгæ лæг чи разынд, уый — Султан Гали (5), 1911 азы ацы газеты райдыдта мыхуыр кæнын йæ радзырдтæ 120
(«Бæшкираг чызг», «Тæтæйраг бæллиц», «Æнæсыскъуыйгæ зарæг», «Адæймаг», «Мигъвæлмы» æмæ æнд.). 1917 азы Февралы революцийæ Уæрæсейы адæмты царды пыфс бацыд, фæлæ фыдæнхъæл фесты: бæстæ цавæр фæнда- гыл ацæудзæн, уый не сбæрæг. Алыхуызон динтæ дæр æмви- дыц нæ уыдысты. Уый тыххæй уымæй размæ дæр ныхас рауад: премьер-министр Столыпин æргомæй фыста Чырыстон аргъуаны Рухс синоды сæрдар Лукъяновмæ, зæгъгæ, «чырыстон дин æмæ пысылмон дины быцæуæн динон ахаст уыйас нæй, цас ын ис политикон æмæ культурон ахаст». Æмæ уый æцæг афтæ уыд. Хъæрмуд нæ уыдысты кæрæдзимæ. Афтæ уыд кæддæриддæр æмæ алы ран дæр. Уæрæсе йæ дзæмбы æрæвæрдта, кæй бацах- ста, уыцы адæмтæ æмæ зæххытыл, уæгъд сæ нæ уагъта. Импе- рийы цы хъуыди ног бацахсгæ зæххыты? — иуæй, сæ хъæздыг- дзинæдтæ, иннæмæй, уым фидар кодтой сæ арæнтæ, дардтой дзы се ’фсад. Фæлæ монархи фехалынæй иууыл ацы фарстатæ аскъуыд- дзаг уыдаиккой? Ууыл зæрдæдарæн кæй нæй, уый æмбæрстой Уæрæсейы пысылмон æхсæнады политикон æгъдауæй фæлтæрдджындæр минæвæрттæ. 1917 азы 15 — 17 мартъийы 4- æм Думæйы пысылмон депутаттæ æрæмбырд сты Петрограды æмæ тæрхон хастой, пысылмон æхсæнад æмæ центры ахаст дарддæр куыд уыдзæн, ууыл. Сæ дзырд сиу: майы райдайæны æртымбыл хъæуы пысылмон адæмы стыр съезд, æмæ уый ба- цамондзæн, ныхлæуд куыд аиуварсгæнæн ис æмæ дарддæр иумæ куыд архайын хъæудзæн, уыдæттæ. Равзæрстой «Рæстæгмæйы центрон бюро»; уый хъуамæ хъуыддагыл дарддæр бакуыста- ид. Бафæдзæхстой йын: «1) Съездмæ Уæрæсейы æппæт пысыл- мон адæмтæй дæр минæвæрттæ æрхонын; 2) Адæмтæй чи цас фылдæр у, минæвæрттæ дæр уымæ гæсгæ æвзæрст куыд æрцæуой; 3) Съездмæ пысылмон культурон-рухсадон куыст- уæттæй, студентты æхсæнадтæй, дингæнæг цæдистæй, коопе- ративтæй æмæ æндæр ахæм организацитæй дæр лæгтæ æрба- хонын». Пысылмæтты петроградаг æмбырды фæстæ Цæлыччы-фыр- ты кад тынг сбæрзонд, йæ ном ын базыдтой æгас Уæрæсейы дæр. Уæд, уыцы æмбырды, æвзæрст æрцыд «Рæстæгмæйы цен- трон бюройы» сæрдарæй, йæ дæлразамынды — бюройы иннæ уæнгтæ — 28 лæгæй. Уыциу рæстæг Ахмæт уыд «Петроградаг советы» активон уæнг дæр. Уæрæсейы пысылмæттæ иу зондыл лæуд нæ уыдысты. Сæхи ластой алыхуызон политикон партитæм. Конституцион демок- 121
ратты (кадетты) съезды Садри Максуди бæргæ дзырдта, зæгъгае «Уæрæсейы æртын милуан пысылмоны иууылдæр уыдысты æмæ ныр дæр сты сæрибардзинады партийы (ома — кадетты) фарс», фæлæ уый æцæгæй афтæ нæ уыд. «Рæстæгмæйы центрон бюро» ахæм карз цæлхъытæ нæ кодта, уый разы нæ уыд кадетты æбæлвырд политикæйыл, æрлæууыд йæ ныхмæ. Сæйраг кри- тикæгæнæг та уыд «бюройы» спикер Цæлыччы-фырт. Газет «Голос Дагестана»-йы 1917 азы 30 апрелы мыхуыргонд æрцыд хъусынгæнинаг: «Абоны бон пысылмон æхсæнады тæккæ са- бырдæр фæлтæртæ, аристократи æмæ горæтаг бонджынтæ дæр аккагыл нал нымайынц кадетты партийы уæвыныл. Уæрæсейаг пысылмæттæ бирæ азты уыдысты империализмы амæддаг æмæ уыцы империализмы сæрыл хæцын сæ бон нæу». (6). Мартъи æмæ апрелы, съездмæ цæттæ кæнгæйæ, рабæрæг сæйраг фарстатæм сæ цæстæнгæстæ æмхуызон кæй не сты. Иутæ загътой, пысылмон регионтæ дам хъуамæ «бынтон сæрибар» уой, уæвгæ та ацы хъуыддагыл афтæ карзæй 1917 азы октябры онг ничи дзырдта. Иннæтæ лæуд уыдысты ахæм зондыл: фаг нын у «культурон автономи централизацигонд паддзахады фæлгæтты». Афтæ дзырдтой фылдæртæ: базаргæнæг тæтæйраг буржуази, панисламистон, пантюркистон æмæ социалистон интеллигенци. Æртыккаг альтернативæ та ахæм уыдис: «Феде- ративон республикæйы мидæг нын уæд нæ зæххыты автоно- ми»; ацы хъуыдыйы фарс уыдысты, зæгъæм, æрыгон хъазай- наг промышленнон буржуази — æхсæнадон змæлд «Джади- ды» (7) фарсласджытæ, туркестайнаг интеллектуалтæ, азер- байджайнаг буржуази, башкираг, тæтæйраг социалисттæ æмæ æндæртæ. Уæрæсейы пысылмæтты съезд куыста 1917 азы 1-æм майæ 11-æм майы онг, æртымбыл 900 делегаты. «Бынтон ссæриба- ры» домæн фæстæуæз аззад, фæлæ рахастой къаддæрахадгæ уынаффæтæ. 1917 азы 1-æм майы трибунæмæ схызт ислам-дины дзырддзæугæдæртæй иу — Муса Джаруллаху Биги. Ламазы ’гъдау скæнгæйæ, уый дзырды бар радта Уæрæсейы пысылмæт- ты «Рæстæгмæйы центрон бюройы» сæрдар Цæлыччы-фыртæн. Ахмæт æрдзырдта февралы революцийы фæстæйы уавæрыл: «Дæлбаргонд адæмтæ удхар кæм кодтой, уыцы талынг ахæс- тон ныддæрæн ис адæмон растады цæфтæй. Мæнæ ацы зал, не ’мбырд ныррухс нæуæг сæуæхсиды тынтæй. Фæлæ мах полити- кон æгъдауæй бæрнджын стæм æмæ, раздæр цытæ бавзæрстам, уыдон хъуыды кæнгæйæ, æгæр ма хъуамæ баууæндæм, гъеныр самондджын уыдзыстæм зæгъгæ, ууыл. Абоны онг мах æдзухдæр 122
уыдыстæм чырыстæтты къахы бын, нымадтой нæ дыккаг сорты кæнæ суанг æртыккаг сорты адæмыл...» Съезды архайдтой иууыл политикон партитæ æмæ къордтæ дæр, нæ дзы уыдысты æрмæст фылдæронтæ. Сæ ахадгæ куыст райдыдта æрмæст 3-æм майы, трибунæмæ та ногæй Ахмæт куы схызтис, уæд. Уый бынтон тыхджын доклад скодта ныгуылæн дунейы уавæр æмæ йæ ахадындзинады фæдыл. Фæстæдæр Зен- ковский мысыд, зæгъгæ Ахмæт «йæ кавказаг темпераменты иууыл хъаруйæ бандæвта æппæтыл дæр...» Ахмæт та ногæй загъта, «Петроградаг советы» сидт, — æнæракæ-бакæйæ æмæ æнæмæнгæй фидыд саразыны тыххæй, — раст кæй у. Тынг карзæй æрлæууыд Ныгуылæны ныхмæ: «Ныронг æппæт ев- ропæйаг паддзахæдтæ дæр сæрибар æмæ демократийы сæрыл сæ рæсугъд ныхæсты бын æмбæхстой се ’цæг галиу зæрдæ æмæ хъуыддæгтæ... Европæйаг паддзахæдтæ цал æмæ цал хæсты ракъ- ахтой! Уыдоныл хъуыды кæнгæйæ, зæрдыл æрбалæууы æмби- сонд: «Дымгæ чи байтауа, уымæ уад æрæздæхдзæн». Сымах нын, европæйæгтæ, ахæм «хорз ракодтат, æмæ фæстаг æртæ азы дæргъы дунейыл адæмтæ сæ туджы мæцынц». Чи йæм хъуыста, уыдон тыхджын нымдзæгъд кодтой ацы ныхæстæм. Лæг дарддæр дзырдта: «Уырыссаг революци арвæй дур æрхауæгау уыдис Европæйæн, хъуамæ уый адæмты фервæ- зын кæна, Ныгуылæнæй нæм цы лакъон цæуы, уымæй. Револю- ци райхъал кодта æппæт пысылмæтты дæр — мангойлаг бы- дыртæй райдай æмæ уартæ суанг Атлантикæйы онг. Уыцы тюр- каг-тæтæйраг дуне, Ази æмæ Африкæйы бирæ адæмтæ кæмæ хауынц, уый рагæй хæст у исламы дин æмæ культурæйыл. Мах, Уæрæсейы пысылмæттæ, куыд пысылмон дзыллæты раз- мæцыддæр хай, афтæ хъуамæ сæрибары сæраппонд æрбаиу уæвыныл тохы уæм цæвиттойнаг. Абон ислаймаг дуне ис дæлдзи- ныг уавæры, æмæ уый Европæйы политикæйы аххос у. Фæлæ нæ тыхтæ кæнынц фылдæр, æмæ нæ бирæ нал хъæуы, мах, пы- сылмæттæ, нæ дин æмæ нæ цивилизацийы сæрыл, нæ цытджын æмæ нæ рухс чиныг немæ, афтæмæй кæд сыстдзыстæм, уыцы бонмæ, стох кæндзыстæм, бæстыхицау йæхи чи ’нхъæлы, уыцы европæйæгты ныхмæ. Сахуыр сты дзурын зæгъгæ Хæстæг Скæсæны адæмтæ фынæй сты, сæ зæххытæй сым дæр нæ хъуы- сы. Фæлæ ныр уыцы фын фæцис...» Цæлыччы-фырт фынæн фæуын æнхъæл уыди. Фæлæ йын уый романтикои позици уыд, æцæгдзинад бынтон æндæрырдæм амыдта... Йæ доклады дарддæр уыд: «Ирайнаг æмæ туркаг револю- 123
цитæ, Триполитанийы растад æмæ, æппынфæстаг, мах архайд уырыссаг революцийы — уыдон æвдисынц, Скæсæн кæй æрыхъ- ал. Европæйæгтæ ныр дæр раст нæма ’мбарынц уавæр пысыл- мон бæстæты, фæлæ уый зонæнт, æмæ сæ рæхджы кæй бахъ- æудзæн рахизын, æрæджы дæр ма сæ цагъайраг чи уыд æмæ кæй æфхæрдтой, уыдонæй сæ позицитæ хъахъæнынмæ æмæ уыцы хъуыддаджы сæ дæсныйад æвдисынмæ». Ахмæт сидтис, уæрæсейаг пысылмæттæ цæмæй социалон- культурон принципты бындурыл æрбаиу уой, уымæ, фæлæ йæ ныхмæ карз лæуджытæ фæцис. Мехмет-Эмин Расул-заде (8), йæ доклады хъæддыхæй лæууыди национ-автономон пад- дзахæдтæ саразыны фарс, дзырдта, «национ хицæндзинæдтæ бахынцын» дам махæн хъуамæ уа сæйраг, уынаффæтæ хæсгæйæ... Расул-заде йæ концепци иууылдæр арæзта «наци- он» бындурыл, фæлæ уыцыиу рæстæг йæхи иуварс ласта пан- тюркизмæй дæр: «Мæнмæ гæсгæ, Уæрæсе хъуамæ автономон зæххытæй арæзт федераци суа. Фидæны йæ политикон арæзт хъуамæ ахæм уа, æмæ дзы иууыл адæмтæ дæр разы куыд уой, алкæмæн дæр дзы йæхи сæрмагонд национ-территорион арæзт куыд уа». Чи йæм хъуыста, уыдонæн сæ иу хайы зæрдæмæ нæ фæцыд Расул-задейы ныхас. Цæлыччы-фырт æмæ йæ фарс- хæцджытæ рацыдысты æмбырдæй, ныууагътой йæ. Ахæм змæстытæ кæй рауад, уымæ гæсгæ пленарон æмбырдтæ нал уыд 7-æм маймæ, куыстой æрмæст дæлкъамистæ. 7-æм майы та иумæйаг æмбырды Ахмæты ныхмæ тынг ра- дзырдта казахаг делегат Досмухаммедов: «Наци цы у, уый æмбаргæ кæныс уæвгæ? Уый у туджы, зæрдæты, традициты, æвзаджы, æгъдæутты æмæ территорийы иудзинад. Ды куыд зæгъыс, афтæ — æнæ территорион иудзинадæй централизаци- гонд автономийы бындурыл — пысылмон наци аразæн нæй. Ды панисламист дæ, афтæ нæу? Мах та зонæм, панисламизмы æмбæрзæны бын цы ис, уый: интригæтæ, уыдонæн сæ нысан у, цæмæй иу наци æлдариуæг кæна иннæйыл». Ахæм цæлхъытæй нæ тарсти Ахмæт. Йæ фарс дæр бирæтæ хæцыд, уыдонимæ — сылгоймаг-делегаттæ дæр. Дарддæр фи- дарæй тох кодта федералистон позицийы ныхмæ — централис- тон хаххы сæрыл. Æрхаста ахæм аргументтæ: «1). Федерати- вон паддзахады фæллойгæнæг пысылмæттæн сæ бон нæ уыдзæн уæрæсейаг закъонадæй пайда кæнын (уыцы закъонад та у, ин- нæтимæ абаргæйæ, размæцыддæр); 2). Иумæйаг центр нын куы- нæ уа, уæд пысылмон национ-территорион иугæндтæ кæрæдзийæ аиртæсдзысты, фæиппæрд уыдзысты, зынæй ма кæрæдзийы 124
æмбардзысты суннитæ æмæ шииттæ, сног та уыдзысты рагон пыхмæлæуддзинæдтæ; 3). Ахæм «фæстæзад» регионты, куыд Кавказ æмæ Цæгат Туркестаны, фæзындæр уыдзæн сылгой- маджы фарста аскъуыддзаг кæныны хъуыддаг; 4). Иумæйаг центр нæ уæвгæйæ, зын у зæххы реформæ аразын; 5). Пы- сылмæттæ бирæгай кæм цæрынц, пысылмон адæмтæн фес- æфынæй тæссаг кæм нæу, уымыты сæвзæрæн ис бынæттон про- блемæтæн. Фæлæ, пысылмæттæ уырысы ’хсæн чысыл æхсæнадтæй кæм цæрынц æмæ сын иставæр автономи кæм нæй, уым уайтагъд суырыссаг уыдзысты; 6). Пысылмæтты иугонд фронт куы слæмæгъ уа, уæд уый зиан æрхæсдзæн тюркаг æмæ æнæтюркаг адæмты цæдисæн. Уый фæстиуæгæн уæрæсейаг пы- сылмæттæн сæ бон нал бауыдзæн сæ дыууæ историон мæнæ ахæм функцийы сæххæст кæнын: йæ къæхтыл нал слæудзæн азиаг-пысылмон цытджын культурæ, пысылмон адæмтæн сæ бæрзæйыл æфтыдæй баззайдзæн европæйаг буржуазийы æфсондз; 7). Æгæр децентрализаци пайда никæмæн æрхæсдзæн бонджын къласстæ йеддæмæ, хорз уыдзæн аристократийæн, буржуази æмæ дингæнджытæн». Дыууæтæн сæ дзырд не сиу ис. Унитаристон æмæ федера- листон платформæтыл лæууæг делегæттæ фарста хъæлæсмæ куы ’рывæрдтой, уæд фæстиуæг стыр хъыггаг рауад Ахмæтæп æмæ йæ фарсхæцджытæн. Рамбылдтой Расул-задеитæ. Свечо- товскийы нымадмæ гæсгæ сæ фарс хъæлæстæ уыдис 271, сæ ныхмæ — 446, (Зенковскийы бæрæггæнæнтæ сты бынтон æндæрхуызон). Тæтæйраг социалист Аяз Исхаки тынг бацар- хайдта, цæмæй дыууæты ныхмæлæуд дарддæр ма апарахат уа, ууыл, æмæ съезды фæстаг бон 11-æм майы Цæлыччы-фырт æвзæрст æрцыд Центрон национ советы сæрдарæй, Æххæстгæнæг комитеты сæрдар та сси Исхаки. Центрон наци- он советæн фæдзæхст æрцыд иумæйаг архайд координаци кæнын, æмæ уыцы бар радтой бæрзонд æвæрд лæгмæ — Цæлык- каты Ахмæтмæ. фæлæ æмткæй Расул-задейы цæстæнгас йæ фæд бæрæгæй ныууагъта фæстагмæйы уынаффæтыл, Рæстæгмæйы хицауадмæ фæндæтты хуызы кæй балæвæрдтой, уыдоныл. Документы фыстæуыд: «а). Уæрæсейы пысылмæтты съезд политикон цардарæзты хуыздæр формæйыл нымайы национ-территорион принциптыл æнцайæг федеративон демократон республикæ. Бæрæг бæлвырд территори кæмæн нæй, уыцы адæмтæн та уæд национ-культу- рон автономитæ; б). Иумæйаг динон æмæ культурон фарстатæ 125
лыг кæнынæн та арæзт æрцæуæд иумæйагпысылмон оргæн, æппæтуæрæсеон масштабы дæр закъонæвæрæг тых кæмæ уьь дзæнис, ахæм». б). Съезд Рæстæгмæйы хицауадæй ноджы бадомдта, пысыл- мон афицертæ командæ кæмæн хъуамæ кæной, ахæм пысыл- мон æфсæддон хæйттæ саразыны бар. Дардæй кæсгæйæ афтæ зынди, цыма зын рæстæджы фæйнæхуызон цæстæнгастыл хæцæг къордтæ иу дзырдмæ, фи~ дыдмæ æрцæуæгау кодтой, фæлæ уый афтæ нæ уыд æцæгдзи- надæй; уымæн æвдисæн уыдысты дарддæры цаутæ. Съезды фæстæ дыууæрдæм ивазæг къордтæ бынтондæр нал бафидыд- той. Рæстæгмæйы хицауад отставкæйы куы ацыд, уæд Национ совет стырныдта уымæ, цæмæй ног министрты советы пы- сылмæттæм æрхауа дыууæ бынаты уæддæр. Сæ иу куыд уа хъæууон хæдзарады министры бынат, иннæ та вакансион бынæттæй сæ иу. Гъеуыдæттæ загътой Цæлыккаты Ахмæт æмæ Аяз Исхаки, пысылмæтты минæварады сæргълæуджытæ, Рæстæгмæйы хицауады сæр къниаз Львовæн. Пысылмæтты ацы домæн йæ тъæнгтæ ныццагъта Петроградаг советы сæрдар къад- дæрон (меньшевик) Чхеидзейæн, уымæй Ахмæты стыр дисы баппаргæйæ. Афтæ йæхи дардта иннæ гуырдзиаг къаддæрон Церетели дæр. Цæуыл банцад «Национ совет» æмæ «Петро- градаг советы» ныхмæлæуд? 1917 азы 9-æм — 14-æм сентябры урс инæлар Л. Г. Корнилов Рæстæгмæйы хицауад раппарыныл куы сфæлтæрдта, уыцы цауты фæдыл «нервыты хæст» куы рауад, уæд ахицæн «Национ совет» æмæ «Петроградаг сове- ты» ныхмæлæуд дæр: Цæлыччы-фырт йæ бон базыдта уырыс- саг æмæ гуырдзиаг социалисттæй дæр æмæ семæ никуыуал схъæрмуд. Фæлæ Корниловы растадæй тæссаг кæй уыдис, уымæ гæсгæ Ахмæт иуварс æрæвæрдта иууыл ныхмæлæуддзинæдтæ дæр. Уыцы рæстæг гермайнаг фронтæй Петроградмæ æрбап- пæрстой цæгаткавказаг («хъæддаг») дивизи. Арæзт уыд 7 полкъæй. Сæ бон уыд А. Ф. Керенскийы (9) хицауадæн мæлæтдзаг цæф ныккæнын. Дивизи йæ бæстæмæ раздахын су- анг 1917 азы июны Рæстæгмæйы хицауадæй домдта Пшимахо Коцев (10); ныр дивизи æрхъула горæтыл, æмæ «революцион гарнизоны» салдæттæ сæ хотыхтæ аппæрстой æмæ фæлыгъ- дысты... Цæмæй операцийы цæгаткавказаг дивизи архайа, ууыл йæ зæрдæ дардта урс инæлар, фæлæ Цæлыккаты Ахмæты, Ай- тек Намитоков (11) æмæ æндæр ахæм дзырддзæугæ лæгты фæрцы дивизи хæсты нæ бацыд. Демократийы принциптыл æууæндгæйæ, ацы адæм фæныхас кодтой дивизийы командир- 126
тимæ, æрхатыдысты дивизийы тæвдтуг цæгаткавказаг фæсивæдмæ зæгъгæ «аздæхут уæхи райгуырæн къонатæм æмæ уæ зæхх бахизут, чи йæм æвзиды, уыцы анархийæ...» Уæдæ уырыссаг революци дарддæр куыд уыдзæн — уый тыххæй дискусси йæ тынгыл уыд 1917 азы февралæй октябрьмæ, фæлæ 1917 азы 26 октябры дискусси басабыр, æрцыд æндæр хабар: Троцкийы схуыстæй раппæрстой Рæстæгмæйы хицауа- ды æмæ царды рохтыл Петрограды æрхæцыдысты фылдæронтæ. Уыдон, цæмæй æфхæрд адæмтæ сæ фарс уой, уымæ тырнгæйæ, расидтысты «Уæрæсейы æппæт адæмты æмбардзинад æмæ су- веренитет», «алчидæр, куыд æй фæнда, афтæ сараздзæн хæдбар паддзахад», «рахицæн æй куы бафæнда, уæд дæр ын цæлхдур нæй», «национ къæлæт саст æрцыд» зæгъгæ. Æмæ ма но- джыдæр бирæ зæрдæвæрæнтæ. Скæсæн адæмтæм сæ сидты та фыстой: «Уæрæсейы пысылмæттæ, поволжьейаг, хъырымагæмæ сыбираг тæтæр, туркестайнаг хъыргъызтæ æмæ сарттæ, фæскав- казаг тюркæгтæ æмæ кавказаг хохæгтæ!.. Йæ мæзджыттæ æмæ аргъуантæ кæмæн хæлдтой, йæ дин æмæ йе ’гъдæуттæ паддза- хы Уæрæсе йæ къæхты бын кæмæн кодта... Нырæй фæстæмæ уæ уырнындзинæдтæ æмæ уæ традицитæ, национ æмæ культу- рон кусæндæттæ сты сæрибар, ничиуал сæм уыдзæн ныхилæг. Уæ национ царды иууыл хъуыддæгтæ дæр аразут уæхæдæг, æнæ искæй барæвнæлдæй. Хæдбар стут. Уый зонут, æмæ уын уæ бартæ, Уæрæсейы иугуыр адæмты бартау, хъахъæнынц кусджы- ты æмæ зæхкусджыты депутатты æцæг хъомысджын оргæнтæ!» Ацы цауты фæдыл К. Каутский, Ленин «ренегаты» ном кæуыл баныхæста, уый загъта: «Къаддæрнымæцы парти про- летариаты номæй хицаудзинадыл куы æрхæца, уæд уый афтæ амоны, æмæ социализмыл дæ къух ауигъ... Мæнæ мах абон цы уынæм, уый пролетариаты диктатурæ нæу, фæлæ у партийы диктатурæ пролетариатыл». Октябры революцийы фæстæ сæрæвæрæн æмбырдмæ æвзæрстытæ (Раймон Арон сæ рахуыдта «Уæрæсейы мидæг фыццаг æмæ фæстаг сæрибар æвзæрстытæ ныгуылæн уагыл») радтой, Ленин æмæ фылдæронты зæрдæ кæмæй нæ барухс, ахæм фæстиуджытæ. Эсертæ фæуæлахиз сты: схъæлæс сыл кодтой 20 милуан æмæ 900 мин æвзарæджы, афтæмæй райстой 410 депутатон мандаты. Ленины фылдæронты партийыл сæ хъæлæс радтой 9 милуан (25 проценты) адæймаджы, æмæ сæ минæвæрттæй сæрæвæрæн æмбырдмæ бахауд 175 лæджы. Ка- деттæ æмæ иннæ буржуазон партитæ райстой 4 милуан æмæ 600 мин хъæлæсы, ома — 17 депутатон бынаты, къаддæронтæ 127
— 1 милуан æмæ 700 мин хъæлæсы, ома — 16 депутатон манда- ты. Чысыл ыациты минæвæрттæм æрхауд æмткæй 86 бынаты... Сæрæвæрæн æмбырдмæ равзæрстой Цæлыккаты Ахмæты дæр. Уæрæсейы парламент фыццаг хатт демократон æгъдауыл æвзæрст бæргæ ’рцыд, фæлæ йын закъæттæ ’вæрыны куыст бак- æныны фадат нæ фæцис. Советтæн дæлбар уой, уый нæ баф- æндыд Сæрæвæрæн æмбырды, æмæ йæ 1918 азы 5 январы йæ фыццаг æмбырды фæстæ Ленины бардзырдæй фентъæрдтой, афтæмæй уæдæй фæстæмæ паддзахады парламентон демокра- ти æрæвæрыны фæндæй рыг дæр нал баззад. Фылдæронтæ ноджыдæр æнцæйттæ агуырдтой сæ хъуыд- дагæн. Сæ удæй цыдысты, алы фæлтæртæ цæмæй сæ фарс фæуой, ууыл. Нæ сæ ферох сты пысылмæтты «буржуазон» организацитæ дæр. Сæ нымæцы уыд Национ совет, уый ма ныр дæр куыста Петрограды. Нациты хъуыддæгты адæмон комис- сар Сталин æрхатыд Ахмæтмæ, æмгуыстад дам кæнæм бынæт- ты дзыллæты ’хсæн «революцийы рæстад» æмбарын кæныны хъуыддаджы, уыимæ зæрдæ æвæрдта «тынг пайда уавæртæй». Ахмæтæн Сталин дзырдта зæгъгæ пысылмæтты Национ совет баззайдзæн автономонæй, стæй æввахсдæр рæстæджы арæзт æрцæудзæн пысылмон хъуыддæгты комиссарад, йæ сæргъы Цæлыччы-фырт куыд æрлæууа, афтæмæй. Национ совет не сра- зы ацы мæнгард фæндоныл, уый нæ, фæлæ ма советæй аиуварс кодта тæтæйраг социалист Саид Енгеличевы, — Сталин цы фылдæронтæн хъузонуæвинаг структурæ саразинаг уыд, уымæн сæрдарæй кæй нысан кодта, уыцы лæджы. Æмæ уæд нациты хъуыддæгты адæмон комиссар æрæнцад «революцийы фана- тичы» ном хæссæг Мулле-Нур Вахитовыл, кæцы сси Астæук- каг Уæрæсе æмæ Сыбыры пысылмон адæмы хъуыддæгты Цен- трон комиссарады сæргълæууæг (ацы Комиссарад арæзт æрцыд 1918 азы 19 январы Адæмон комиссарты советы уынаффæмæ гæсгæ). Хабæрттæ Ахмæты æркодтой хатдзæгмæ: уырысы Уæрæсейы дзæгъæл у мæ архайд æмæ ардыгæй фæцæуон. Елехъоты Тамби (12) куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, бæстæйы центры фылдæронтæ хицаудзинад куы байстой, уæд уый фæстæ Цæлыччы-фырт æрыздæхт Кавказмæ æмæ 1918 азы æрлæууыд Терчы облæсты Адæмон советы сæргъы. Фыццагау у хъæддых, фидар тохгæнæг. Уыцы рæстæг Цæгат Кавказ тынг зын бонтæ æрвыста, хæрз уынгæг уыд йæ материалон æмæ моралон уавæр, фæлæ уæддæр зæрди- агæй архайдта йæ хъысмæт ын хиуагонæй аразыныл. 1918 азы 11 майы расидтысты хæдбар цæгаткавказаг иугонд паддзахад... (13) 128
Уæрæсейæн йæхимидæг та 1918 азы июны, мидхæсты ты- мыгъы рæстæг, фылдæронтæ расидтысты «сыгъдæггæнæн» (чис- тка); сæ фыццаг амæддаг уыдысты къаддæронтæ æмæ эсерты рахизон къабаз. 1919 азы фæудмæ хъуыстгонд «Петроградаг совет», æрæджы дæр ма Ахмæт йæ уæнг кæмæн уыд, уый — бынтон фендæрхуызон: ныр дзы ис 1500 фылдæроны, 300 æнæпартионы, 3 къаддæроны æмæ 100 социалисты. Уыйас стыр ивддзинæдты фæстиуæгæн фæтынгдæр сты якобинаг тырнын- дзинæдтæ. Мидхæсты тугкалд æрбаввахс Кавказмæ. Йæ хицауиуæгады позицитæ фидар кæныныл фæлтæрæнтæ кодта Цæгаткавказаг Республикæйы национ-либералон, социал-демократон æмæ кон- сервативон къордты коалици. Азербайджаны рохтæ уыдысты мусаватисттæм, Гуырдзыйы — къаддæронтæм. Англис — йæ фарс, афтæмæй Урс Æфсад хæцыд куыд фылдæронты ныхмæ, афтæ националон тыхты ныхмæ дæр. 1918 азы зымæджы уæззау уавæ- ры бахауд Кавказ. 1919 азы 23 майы Деникин раппæрста цæгат- кавказаг хицауады. Пшимахо Коцев йæ бынатæй раздæр ацыд, фæлæ йæ ныр урсытæ Пятигорскы æрцахстой. Хицаудзинад лæвæрд æрцыд Михаил Халиловмæ (14), кæд «уырысы ин- æлæрттимæ иумæйаг æвзаг ссарын» йæ бон бауид зæгъгæ, фæлæ уый бакаст Деникины ультиматумы коммæ æмæ Национ æмбыр- дыл йæ къух систа. Цæгаткавказаг интеллигенцийæ бирæтæ ахорд- той Коцевы хал, бирæтæ лидзæг фесты Гуырдзыстон æмæ Азер- байджанмæ. 1919 азы сæрды ’мбисыл хæстон уавæр ноджы февзæрдæр, фæтынгдæр Деникины æфсады бырст, æмæ алыхуы- зон тыхтæ æриу сты бæстæ бахъахъæныны сæраппонд. Сарæзтой хъахъæнынады совет, йæ сæргъы — исламисттæ-консерватортæ Узуц Хаджи æмæ Али Акушинский. Советы сæйраг æнцой уыдысты суфиты организацийы уæнгтæ. Советы фарс æрлæууыдысты на- ционал-либералтæ, ноджы — Цæлыччы-фырт разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы социал-демократтæ æмæ къаддæронтæ, стæй ма урсытимæ тохгæнæг фылдæронтæ Коркмазов æмæ Калмыковы сæргълæудæй. Уыцы зын бонты Ахмæт фæлвæрдта Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны хицауадтимæ бастдзинад саразынмæ. Кала- чы куыста «Хæххон конференци», сæрдариуæг дзы кодта Ахмæт йæхæдæг, æмæ йын бантыст хæстон æмæ политикон бастдзинæд- тыл бадзурын15. Алихан Кантемурти (16) æмæ ма уыимæ но- джыдæр дыууæ делегаты арвыста Карабахмæ; уыцы ран уыдис Кязым Кап-бейы штаб, æмæ хъуамæ æрвыст лæгтæ йемæ баны- хас кодтаиккой, цæмæй уый дæр тохы сæ фарс бацæуа. 1919 азы августы æмбисыл Тифлисы сæмбæлдысты Цæлыччы-фырт æмæ 9Махдуг№ I, 1997 12д
Кязым-бей, бафидыдтой цалдæр мадзалыл. 49 хъæлæсы — йае фарс, 2 — йæ ныхмæ, афтæмæй Кязым-бей æвзæрст æрцыд цæгат- кавказаг фронты камандæгæнæгæй. Ахæм мадзæлттæ уыйас зынгæ пайда нæ радтой, Деникины æфсад сæ фыдми кодтой Цæгат Кав- казы, цъист æмæ дæрæныл нæ ауæрстой, фæлæ уымæн дæр йæ тых сындæггай æркуынæг. Уымæй фæпайда кæнгæйæ, фылдæронтæ боныфæстагмæ сæ дзæмбы æрæвæрдтой — раздæр Цæгат Кавка- зыл, уый фæстæ та — Азербайджан æмæ Гуырдзыстоныл. Гуыр- дзыстон аннексигонд куы ’рцыд, ныхмæлæуды фæстаг артдзæст куы ахуыссыд, уæд либералон, социал-демократон æмæ иннæ къордтæ, къаддæронтæ дæр семæ, афтæмæй ныууагътой Кавказ. Фыдохы фыццаг бæлццæттимæ баиу Цæлыккаты Ахмæт дæр. Уыцы рæстæг кæд Турчы тынг бирæ кавказæгтæ уыд уартæ рагæй дæр, уæддæр политикон конъюктурæмæ гæсгæ Туркæн йæ бон нæ уыд Цæгат Кавказы сæрибарыл тохы бацæуын. Турчы хицауад Сове- тон Уæрæсеимæ лымæныл архайдта æххуысæнхъæл, æмæ ахæм уавæрты зын змæлæн уыд Кавказæй æрбацæуæг эмигранттæн. Уæлдай уæззау уавæры бахаудтой, фылдæронты хицауиуæгады ныхмæ чи лæууыд йæ заманы, ахæм къордтæ. 1924 азы 1 ноябры Стамбулы æрæмбырд сты Цæгат Кавказ, Азербайджан æмæ Гуыр- дзыстоны минæвæрттæ; сæ зæрды уыд Кавказ советон дæлба- радæй суæгъд кæныныл кусæг Комитет саразын. Хъуамæ æмбырд сбæлвырд кодтаид «хæдбар кавказаг конфедеративон паддзахад саразыны принциптæ», æмæ уынаффæтæ дæр рахастой уыцы фарстаты фæдыл, фæлæ официалон Турк уыдæттæ нæ уыдта æмæ нæ хъуыста. Уый нæ, фæлæ йæ туркаг хицауад æлхъывта, æмæ 1926 азы уыцы организаци йæ архайд ахаста Парижмæ. Цæгат- кавказаг политикон архайджытæн сæ зынгæдæртæй иутæ — Вас- сан-Гирей Джабагиев, Айтек Намитоков, Алихан Кантемурти, Пшимахо Коцев — баззадысты Турчы, иннæтæ — Абдулмеджид Чермоев, Хайдар Бамматов, Байаты Гаппо — ацыдысты Ны- гуылæнмæ. Цæлыччы-фырт æнхъæлдæн æмæ Турчы фæстиат дæр нæ баци, фæлæ уыциуцыдæй араст Ныгуылæнмæ. Политикон эмит- ранттæн сæ нывы цы хъизæмæрттæ фыст уыдис, уыдон иууылдæр бавзæрста Ахмæт. Фыццаг дунеон хæсты фæстæ æмæ дыккаг ду- неон хæсты разæй рæстæджыты Европæйы паддзахадтæй «тæккæ раззагдæр æмæ æххæстдæр демократи» кæм уыди, уыдонæй иу — Чехословаки, йæ сæргъы президент Масарик, афтæмæй. Æвæццæгæн, сæрибардæр уавæрты хынцмæ ардæм æрбацыд Ахмæт дæр, æрæнцад Прагæйы. Фæсарæнтæм афтæг оппозици алцæмæй дæр æмзонд нæ уыд. Иумæйаг сын цы уыд, уый — иууылдæр лæууыдысты фылдæрон- 130
ты ныхмæ, дзырдтой «рæйгуырæн бæстæйы сæрибарыл». Цæлыччы-фырт йæхи иуварс дардта Бамматовæй, Кавказы уæвгæйæ, Узун Хаджийæ йæхи куыд иртæст дардта, афтæ. Æз куыд зонын, уымæ гæсгæ æввахс нæ цыд Саид Шамилмæ (17) дæр. (Ацы лæг уыд цытджын имам Шамилы фырты фырт, æмæ тынгдæр уый тыххæй раразмæ). Уый хыгъд йæ цæстæнгас иыр тынгдæр иу кодта, 1917 азы йæ ныхмæ хъæбæрæй кæмæн дзырд- та, уыцы Расул-задейы цæстæнгасимæ. 1924 азы Цæлыччы-фырт Прагæйы уадзын райдыдта журнал «Кавказский горец», про- пагандæ кодта Цæгат Кавказы хæдбардзинады хъуыды. Уыцы уагыл дарддæр архайдта ноджы зæрдиагдæрæй... (18) Цæгаткавказаг эмиграцийыл фыццагдæр цы стыр цæф æруад, уый — Ахмæты фæзиан 1928 азы 2 сентябры. Йæ рухс дунейæ ахицæн 46-аздзыдæй. Адæм кæрæдзийæн аргъ кæнынц субъективон æгъдауæй. Хорз æмæ ’взæр, раст æмæ зылын, рæсугъд æмæ фыдуынд иу цы хоны, ууыл разы лæу иннæ, зы- нынц æм æндæрхуызонæй. Æнæмæнг, уыдаид Ахмæтмæ рæдыд- тытæ. Фæлæ уый йæ æппæт ныфс, йæ зæрдæрыст, йæ темпера- мент æмæ йæ архайдæй мæсыгау бæрæг дардта йæ дуджы цæрæг лæгты ’хсæн. Цæлыккаты Темболаты фырт Ахмæт царди змæст æмæ хæлхъой дуджы, стыр тохтæ кæм цыд, стыр ныхмæлæу- уындзинæдтæ кæм æнхъызт, ахæм дуджы. Æмæ цыфæнды уав- æрты дæр уыди Лæг. Кæд æмæ Елехъоты Тамбиимæ идеологоп æгъдауæй æнгом нæ уыдысты, уæддæр сæ хъысмæттæ рауа- дысты æнгæс. Махæн цымыдисаг у, Тамби Кавказы хæрзуд æмæ сæрыстыр хъæбул — Цæлыккаты Ахмæтæй цы зæгъы, уый (жур- нал «Горцы Кавказа»,.№ 1 (19): Ахмæт дам суанг эмиграцийы зындæр азты дæр дарддæр æууæндыд уырыссаг демократийы хъомысыл, фæлæ йæ фæстæдæр «царды зилдухæнтæ æмæ цæлхъытæ уыцы хатдзæгмæ æркодтой: Кавказы адæмтæн сæ политикон хæдбардзинадыл тохы зæрдæдаргæ никæуыл у сæхицæй дарддæр». Ныууагъта нын йæ чингуытæ, йæ архив. Очерктæ «Кавказ æмæ Поволжье», радзырдты æмбырдгæндтæ «Кавказы хæхты» æмæ «Зубейдайы рæсугъд», роман Кавказы революцийы цау- ты фæдыл — «Æфсымæр æфсымæры ныхмæ», дыууæ бро- шюрæйы — «Сæрæвæрæн æмбырды пысылмæтты фракци» æмæ Уæрæсейы пысылмæттæ æмæ федерацитæ». Мыхуыры никуы- ма рацыдысты ацы дыууæ уацмысы — «Хæххон республикæ» æмæ «Дагестан арты». (20) Фæззыгон æнтъыснæг боны Ахмæты чырыны мидæг йе ’мбæлттæ Варшавæйы уынгты куы хастой, уæд дæр цард йæ 131
цыды кой кодта, уæдæ цы. Цард æнæ мæлæт нæй, цард æмæ мæлæт кæрæдзиуыл æлхынцъбыд сты. Йæ радзырдтæй иуы Ахмæт мæлæты хоны «æнæкæрон нæуæвынад». «Ууыл ахицæн. Кæрон!» — фыста Цæлыччы-фырт. Мæлæт уымæн уыд йæ «цинтæ æмæ зынты, хъæлдзæгдзинад æмæ уæлахизты кæрон...» Кæддæр афтæ кæмæй загъта — «Никуы дын басæтдзынæн!» — уыцы царды æцæгдзинад ныр æрсабыр кодта Къæдзæх-Лæг — Цæлыккаты Темболаты фырт Ахмæты дæр. О
А./хмет/ Ц./ÆЛЫККАТЫ/ Прага ЛИТЕРАТУРА КАВКАЗСКОЙ ЭМИГРАЦИИ* Эмиграция кавказских народов — армян, грузин, азербай- джанских тюрок и горцев Кавказа дала за границей значитель- ную литературу на разных языках. Мы не претендуем в на- стоящей краткой заметке на полный охват всего литетатур- ного богатства, созданного этими народами, но и приводи- мые нами сведения мало известные, не лишены интереса. Мы будем признательны, если в последующем эта литература бу- дет пополнена указаниями компетентыых лиц. В смысле литературного творчества впереди всех кавказ- ских народов идут армяне. Правда, армянская эмиграция со- стоит их двух потоков — один берет начало в Турции, другой на Кавказе, но так как духовное единство армянского народа не подлежит сомнению — разные исторические судьбы: власть русских царей и турецких султанов не могли разрушить этого единства, — то и литуратуру армянской эмиграции прихо- дится рассматривать как единую. Есть еще и другая особенность армянской эмиграции — это ее возраст. В то время как эмиграция других народов Кав- каза самого последнего времени (1921) — армянская эмигра- ция насчитывает несколько десятков лет. Можно было бы параллельно вспомнить об эмиграции гор- ских народов Кавказа — главным образом черкесских пле- мен, в количестве 1 000 000, эмигрировавших с Кавказа в середине прошлого столетия и рассеявшихся в Анатолии, Сирии, Палестине и Египту, но так как эти народы духовно оторвались от Кавказа, восприняли культуру турецкую и * Сохраиена стилистика автора 133
арабскую, хотя и сохранили тоску по Кавказу, то на эмигрантской литературе этих народов мы останавливать- ся не будем22. Армяне создали обширную литературу везде, где они имели свои колонии, а они имеют их во всех частях света. Не преувели- чивая, можно сказать, что журналистика и литература в широком смысле — это любимая сфера армянской интеллигенции. Доминирующая идеология армянской литературы — это идеология армянского Ренессанса. Яркой выразительницей этой национальной идеологии является партия «Дашнакцутюн». Большинство армянских эмиграционных органов печати или являются официальными органами этой партии или, во всяком случае, близкими к ней идеологически. В Константинополе выходили: «Арач» — («Вперед» — ежедневная газета, орган демократический, с 1920 г., ныне не выходит; «Джатамар» — («Борьба») — орган Центрального комитета партии «Дашнакцутюн». Выходила с 1909 по 1915 гг., затем выход его был прекращен до 1919 г., когда эта газета снова возобновилась и выходила до 1919 г., — до прихода в Константинополь кемалистов. «Вирчин лур» — («Последние новости») — ежедневный орган демократической партии на- чал выходить в 1920 г. «Жоговурти дзаин» — («Голос наро- да») — ежедневный орган армянских национал-демократов. В Египте — «Гусабер» («Надежда») — орган партии «Даш- накцутюн», выходит 3 раза в неделю под редакцией В. Нава- сартяна и «Арев» («Солнце») — орган национал-демократов. В Сирии, в Бейруте — «Фюник» (название египетской птицы) — орган партии «Дашнакцутюн», выходит 3 раза в неделю под редакцией доктора Тютюнджана. В Румынии, в Бухаресте — «Нор Аршалуйс» («Новая заря») — орган партии «Дашнакцутюн», выходит 3 раза в неделю под редакцией Левоньяна. Во Франции в настоящее время живет до 50 000 армян, из которых в одном Париже до 16 000. Большинство этих армян беженцы из Турции. Армяне из Турции группируются вокруг Армянской Национальной Организации (председатели Погос Нубар-паша и Норатукян). Армяне — беженцы из России и Кавказа — вокруг делегации Республики Армения (председа- тели — А. Агоронян и А. Хатисян). Обе эти организации занимались делом политического представительства армянского народа вплоть до прошлого года, когда первая из них, а именно Армянская Националь- 134
ная делегация самоликвидировала свои политические функ- ции и оставила за собой полномочия Центрального Бежен- ского комитета. Произошло же это добровольное самоогра- ничение (см.: «Дни» № 868, Корин) после того, как руково- дившая делами Национальной Делегации армянская партия демократов-либералов (стоящая на крайне правом крыле ар- мянской общественности), п р и н я в советскую платфор- му, начала утверждать, что единственным представителем армянского народа, полномочным говорить от его имени, является наше правительство в Эриване, то есть Совнарком Армении. Таким образом, находящаяся под исключительным влия- нием партии «Дашнакцутюн» Национальная Делегация Рес- публики Армения остается ныне единственной организацией, имеющей некоторые политические функции, которые в свою очередь все более и более суживаются в результате признания державами советской власти. Партия «Дашнакцутюн» издает в Париже свой централь- ный орган — ежемесячник «Дрошак» («Знамя») и газету «Арач» («Вперед»), выходящую 3 раза в неделю. В Париже выходит «Ардзаганг Паризи» («Парижское эхо»), орган пар- тии «Гинчак» — самой старой армянской революционной пар- тии. В самой Армении особым влиянием и значением эта пар- тия не пользовалась. В прошлом году конференция партии «Гинчак» постановила войти в III Интернационал. Армянские коммунисты издают в Париже «Банвор Пара- зи» («Парижский рабочий») — орган армянской группы тру- да французской компартии (5. Т. ]. О/). В октябре в Париже начал выходить еще один армянский орган, носящий название «Эривань». Официально это беспартийный орган, а фактичес- ки орган сменовеховского направления. Проповедует идею советской ро д и н ы. В Америке, в Ныо-Йорке — «Хайреник» («Отечество»), ежедневная газета, самая старая, существующая более 30 лет. Это неофициальный орган партии «Дашнакцутюн». Редакто- рами его были: В. Врамян, С. Врацян, а в настоящее время — Чирингарян. Там же в Ныо-Йорке выходит под заглавием «Хай- реник» — ежемесячный журнал по образцу толстых русских журналов, официально беспартийный, но издающийся дашна- ками. Журнал посвящен вопросам литературы, экономики, политики. В нем принимают участие лучшие армянские силы в области литературы и науки. 135
В Ныо-Йорке же начала выходить с 1923 г. ежедневная газета «Банвор», ориентирующаяся на Советскую Россию. Выходит еще в Филадельфии газета «Аспарес» — орган партии «Дашнакцутюн». Что касается книжного издательства армянской эмиграции, то оно огромно и мы на нем тут останавливаться не будем. Менее значительна по количеству эмигрансткая литература другого кавказского народа — грузин, но приняв во внимание, что грузинская эмиграция насчитывает только несколько лет — (февраль 1921, занятие Грузии советскими войсками), не- льзя не признать ее довольно объемистой. В жизни грузин- ского иарода доминирующую роль играла социал-демокра- тическая партия и ей принадлежит главная роль в эмигран- тской литературе. В Константинополе выходит журнал «Тависупали Сакар- твело» («Свободная Грузия») — издание заграничного бюро социал-демократической партии Грузии. В 1922 и 1923 гг. это издание в большом количестве ввозилось нелегально в пре- делы Советской Грузии и пользовалось на Кавказе большой популярностыо. Издание приостановлено коммунистами. В Берлине выходил «Сакартвелос моамбе» («Вестник Гру- зии»), ежемесячник, 1923 г. Орган беспартийный, издавашийся грузинской колонией. В Париже выходит ежемесячник «Брдзола» («Борьба») — орган центрального заграничного бюро социал-демократов Грузии, с 1925 г., в котором принимают участие лучшие теоре- тики и вожди партии: Н. Жордания, И. Церетели, Н. Рамишви- ли и другие. Там же выходит журнал «Самшоблосатвис» («За Родину»), 1925 г., орган национал-демократов под редакцией Спиридона Кедия и, наконец, там же орган грузинских смено- веховцев «Ахали Сакартвело» («Новая Грузия»), 1925 г., под редакцией Г. Вешапели, на Кавказе носившего кличку грузин- ского Пуришкевича. В то время как грузинская социал-демократия стоит на своей старой позиции независимой демократической Грузинской рес- публики с ориентацией на II Интернационал, Г. Вешапели и сменовеховцы, не отказываясь от независимости, предлагают стать на советскую платформу и восхваляют коммунистичес- кий режим, а национал-демократы во главе с Кедия предлага- ют ориеитироваться на буржуазную Европу. Центральным за- граничным бюро социал-демократии Грузии изданы интерес- ные и содержательные книги и брошюры на грузинском, рус** 136
ском, французском и итальянском языках. Жордания Н.: «Боль- шевизм» (на грузинском языке с переводом на русский), 1923 г. Очень содержательный труд, вскрывающий природу совре- менного большевизма и прослеживающий его исторические корни в русском революционном движении. Его же брошюра «Брдзолис сокитхи» («Вопросы борьбы») — посвящена во- просам тактики, каковой должны придерживаться грузинс- кие социал-демократы, 1923 г. Его же брошюра «Ра мохда?» («Что случилось?»). Эта брошюра написана по поводу восста- ния в Грузии в 1924 г. Его же «Чеми пасухи» («Мой ответ») — 1925 г. Это ответ бывшим членам социал-демократической партии Грузии, перешедшим на сторону большевиков С. Дев- дариани и Фарниеву. Рамишвили Н.: брошюра «Сакартвело да Русети» («Грузия и Россия». В этой брошюре Н. Рамишвили доказывает, пользуясь обширным цифровым материалом, что Грузия может существовать самостоятельно и стремление той или иной Россией поглотить Грузию диктуется только импери- алистическими мотивами. На русском языке издано: 3. Авалов. Независимость Гру- зии в международной политике 1918—1921 гг. Воспоминания. Очерки. Рап5, 1924. Это толстая книга в 300 стр., описывающая похождения грузинской делегации в Западной Европе, посит значительный полемический характер. Она направлена против вершительницы судеб Грузии социал-демократической партии и ее вождей. На французском языке издано: 1гак1у ТзегеГеШ. 5ерагаГюп с1е 1а Тгап5саиса51е е!; с!е 1а Ки551е е{ тс!ерепс1апсе с1е 1а Сеог§1е. О15соиг5 ргопопсе5 а 1а 01е1: Тгап5саиса51еппе. РгеГасе 0'А1Ьег1; ТЬота5. Рап5, 1919. "ШасНпнг ^оуГт^ку. Ьа Оетосга1ле Сеог§1еппе. 1. Ье рау5 е!: 1е реир1е. II. Ье5 5огсе5 с!е 1е йетосгаИе с1е Сеог§1еппе. III. Ьа 5ерагаНоп с!е 1а Сеог§1е ауес 1а Ки551е. IV. Ьа Сеог§1е тс!ереп- с1епИе. Рге’ Гасе с1е М. Е. УапсЗегуеЫе. Рап5, 1921 Ь’ 1п1:егпа1:юпа1е 5оааП51:е е!: 1а Сеог§1е. Ьа Сеог§1е 5оааП51:е раг 1а Ве1е§а1:юп 1п1:егпа1:юпа1е, II. Ь’ 1п1:егпа1:юпа1е 5оааП51:е еГ Гтуа510П с1е 1е Сеог§1е раг 1ез агте5 Ьо1сЬеУ151:е5. Рап5, 1921. М. К. Нотепкь Ьа КеГогте А§га1ге е!; Ь’Есопогше Ки1а1е еп Сеог§1е. КарроП: ап Соп§ге5 с!и Рап5 5оаа1-Оетосга1е с!е Сеог§1е еи ]'ш11е1: 1920. РгеГасе с!е Пегге Кепаис1е1. Рапз, 1921. Соп^ишиоп с!е 1а КериЬПцие с!е Сеог§1е. Ес1Шоп с1е 1а рге^Ыепсе с!е ГА55етЫее соп^ПтапГе с!е 1а КериЬНаие Сеогш- епп. Раш, 1921. Ье Сеог§1е5 5ои5 1а сЬттайоп с!е5 агтее5 Во1сЬеУ151:е5. Рап5, 1921. 137
Из брошюр разного характера, вышедших за границей, мож- но отметить следующие: Михаил Церетели. Страна Хетов, ее народы, языки, история и культура. Издание 1924 г. Констан- тинополь; М. Церетели «Гильгамешиани», вавилонский эпос 3 000 лет до рождества Христова. 1924. Константинополь; Е. Да- леджио Д’Алесио. Грузины в Константинополе. Издание 1921 г. Константинополь; Мхедари. «Христиане Грузии, объединяйтесь». Издание 1922 г. Константинополь. Эмиграцией азербайджанских тюрок изданы: «Азербай- джан джумхуриет» («Азербайджанская республика»). Стам- бул, 1923 г. Эта книга на турецком языке принадлежит перу лидера партии «Муссават» («Равенство») Мамед-Эмину Ра- сулзаде — самому выдающемуся азербайджанскому публицисту. После занятия Азербайджана войсками Советской России Мамед-Эмин Расулзаде попался в руки большевиков и только личное заступничество Джугашвили-Сталина, с которым Ма- мед-Эмин в конце 900-х годов принимал участие в персидской революции (восстание Сатар-Хана в Тавризе) спасло ему жизиь. Сталин увез Мамед-Эмина в Москву в своем вагоне. Из Мос- квы Мамед-Эмин бежал за границу. Под его редакцией ныне выходит в Константинополе на турецком языке «Яни Кафкас» («Новый Кавказ») с 1923 г. Журнал этот начал выходить при участии грузин-эмигрантов и горцев Кавказа, но потом грузины и горцы ушли. Журнал но- сит резкий антибольшевистский характер, защищает позицию независимости Азербайджана, конфедерации кавказских рес- публик и ведется в духе пантюркизма. Также незначительна эмигрантская литература горских на- родов Кавказа. На русском языке: «Кавказский горец» — № 1. Сборник литературы и науки под редакцией Цалыккаты Ахмета. Прага, 1924 г. Издание Союза горцев в ЧСР; «Кавказский горец» № 2—3. Сборник литературы и науки под редакцией Мурада Гатгоиз. Прага, 1925. Издание Союза горцев ЧСР; Нарт. Жизнь Мансура. Великого борца за независимость кавказских горцев. С портретом. Константинополь, 1924 г. На французском языке: , Арегсиз ШзСоп^иез (1ез С15саиса51еп5 репскп!: 1а Сиегге Моп- сНа11е. РиЬНе раг 1а СотКе’ с1е ЫепГа15апсе с!ез Егш§ге5 Ро1Ш- ^ие5 с1е 1а С15саЬса51е еп Тигцше. Соп51:ап1;торо1е, 1918. Сотр1:е Кепс1и 6е5 А55етЫее5 с!е5 реир1е5 с!е 1а С15саиса51е 138
е* с!е Ьеигз Тгауаих Ье^а^. РиЬПе’ раг 1а Сотке’ ёез Егш§- ге*5 РоПциез с!е 1а Сл5саиса51е еп Тигцше. СопзГаШлпорк, 1918. В1ЬПягарЫе Ае 1а Саиса51е еп Тигяше. СопзГаШлпорЬ, 1919. Наускг ВаттаГе. Ье РгоЫете ёи Саисаз1е. Ауес ипе саг!;е еЛпо§гарЫцие. Ьаизаппе, 1919. ПРИМЕЧАНИЯ 1. По-турецки статья называется так: М. Айдын Туран. Фыртыналы йыл- ларда бир мюджаделе адамы. Ахмет Нимболатович Тсаликкаты (1882—1928). 2. Ахмет родился в сел. Ногпысылмоикау, образовашюм выходцами из Куртатии. У его отца Темболата было два брата Даиелбег и Амзор. Даиелбег был генерал-майор русской армии, герой русско-турецкой войны 1877 г. У Ахмета было два брата Солтан и Шамил и еще четыре сестры — Фатимат, Нади, Аминат и Меретхаи. Младшая из сестер Меретхаи окопчила в Казаии мусульманскую школу (мæдрис) и потом вышла замуж за кумыкского парпя Акима Аджаматлаиы, их сын Аткай стал иародиым поэтом Дагестаиа, клас- сиком кумыкской литературы. 3. Одио из лучших учебных заведеиий в крае, открытое 18 октября 1837 г. Обучепие велось по особой программе и предполагало подготовку кадров для кавказской администрации. На открытии гимназии присутствовал Николай I, совершавший поездку по Кавказу. Гимиазию окопчили круп- ные обществепные деятели, писатели и просветители, в их числе Коста Хетагуров, Ипалук Тхостов и многие другие. 4. В осетинской историографии этот факт продолжают тщателыю за- малчивать. 5. Видный представитель общественной мысли Башкортостапа. Призпап- ный лидер культурно-политического движения мусульмап Поволжья. После 1919 г. эмигрировал в Турцию. 6. Все цитаты приводятся в обратном переводе с турецкого языка. 7. Джадидизм — реформаторское движение в исламе, связанпое с пропа- гандой «иового метода» (узули джадид) обучения молодежи. Его осповате- лем в России был крымско-татарский обществеппый деятель Исмаил-Бей Гаспрали (1851 — 1914). 8. Яркий представитель общественной мысли Азербайджана. Одип из лидеров партии «Муссават// Равеиство». После 1921 г. эмигрировал за гра- иицу. Подробпее о пем и его деятелыюсти смотри статыо Ахмета Цалыкка- ты «Литература кавказской эмиграции», публикуемой здесь в качестве при- ложепия. 9. Кавказская или «Дикая» дивизия состояла преимущественпо из севе- рокавказских мусульмап. Входила в 111 коппый корпус геперал-лейтепап- 139
та А. М. Крымова, начаЛышком штаба дивизии был моздокский казак пол- ковник Татонов. По оцепке современников насчитывала около 1500 шашек. 10. Пшимахо Коцев (1887—1962) —- коинезаводчик, представитель круп- ной буржуазии. Заместитель председателя ЦК Союза объединенных горцев Севериого Кавказа и Дагестана. После 1919 г. эмигрировал в Турцию, затем жил в странах Европы. 11. Всероссийский мусульманский совет организовал агитациопную ра- боту в полках «дикой дивизии», которую возглавил Ахмет Цалыккаты. Во- йска были разложеиы и стали непригодиы для военных действий в Петрогра- де. В осетинской историографии роль Ахмета тщателыю замалчивается, а сам факт приписывается «старшему урядиику» горско-татарского полка Хаджи-Мурату Дзарахохову. 12. Тамби Елекоти (1889—1952) юрист, заиимался адвокатской прак- тикой во Владикавказе. Принимал активное участие в работе Союза объ- единенпых горцев. Эмигрировал во Францию, где в 30-е годы сотрудничал в ж. «Кавказ», издаваемом Гайдаром Баматовым. Члеи французского от- деления «Северо-Кавказского пационалыюго комитета». 13. На I съезде горцев Северного Кавказа в мае 1917 г. во Владикавказе был образовап общий исполиительиый орган — ЦК Союза горцев Север- пого Кавказа и Дагестаиа. Ыа II съезде в сентябре 1917 г. во Владикавказе подтвердили желапие горцев создать собствешюе государство. В следую- щем году 11 мая 1918 г. оно было официалыю провозглашено под иазва- пием «Союз объединенных горцев Северного Кавказа и Дагестапа». Было образовапо правительство во главе с Абдулмеджидом (Тапа) Чермоевым (1882—1937). См. статыо Бритаева Е. Ц. Братство // Соч., т. 2. Владикав- каз, 1982, с. 95—97 (на осет. яз.) 14. Микаил Халидов (1866—1936) — полковник русской армии, послед- иий глава Согаза объединенных горцев. Эмигрировал в Турцию, жил в стра- нах Европы. 15. Учитель М. К. Гардапти (1870—1962) работал в это время в Тифлисе в осетипском пачалыюм училище и откликиулся па это событие газетпой статьей с характерным пазванием «Очередная афера». В пей он призывал горцев под- держать русских рабочих и крестьян в борьбе за свободу, равенство и братство. См.: Лолаев Б. П. Пастырь народа. Владикавказ, 1991, с 50—51. 16. Алихап Кантемурти (1886—1963) — юрист, представитель Союза объединепных горцев в Закавказье. Видный деятель пационалыюго и куль- турио-политического движения кавказских горцев в России и эмиграции. 17. Саид Шамиль (1901—1981) — внук амапа Шамиля, сын его младшего сына Камиля. 18. Содержапие первого помера этого издания изложеио в ж. «Мах дуг», 1993, № 5-6, с. 68-69. 19. Ж. «Горцы Кавказа» выходил в Варшаве с 1930 г. па двух языках — 140
русском и турецком. Его редактором был Барасби Байтуганти (1899—1986). В состав редакции входили уже известные нам делегаты I съезда мусульмап России Мехмет-Эмин Расулзаде, Аяз Исхаки, последпий глава Союза объ- единениых горцев Микаил Халилов. Кроме того, Бало Билати, Адылбег Ку- лати, Салат Фарниати. В 1934 г. журиал был переименован в «Северный Кавказ» и стал основным печатиым оргаиом северокавказской эмиграции. 20. Речь идет о работах Цалыккаты «Горская республика. Физико-геог- рафические, статистические и экоиомические очерки», а также «Кавказ в огне революциии». Судьба этих двух рукописей, как и всего архива, неизвес- тна. 21. Статья за подписыо А./хмет/ Ц./алыккаты/ была опубликована в сбор- нике «Славянская книга». Месячник славянской библиографии под редак- цией Ф. С. Мамсветова. Прага, 1925 г., декабрь, № 11, с. 268—273. 22. Только в последпие годы этот пласт культуры горцев Кавказа начал собираться и изучаться. Подробнее об этих сужетах см.: Ииал-Ипа Шалва. Зарубежпые абхазы. Сухуми, 1990; Культурная диаспора народов Кавказа: генезис, проблемы изучения. Черкесск, 1993. о
НЕ ’ВЗАГ - НÆ ХЪЫСМÆТ ДЗИЦЦОЙТЫ Юрий ТЕОНИМ «КУЫРДАЛÆГОН»-Ы РАВЗÆРД Ирон фольклоры иттæг ахадæн у Куырдалæгоны фæлгонц. Йæ кой арæхдæр æмбæлы нарты кадджыты, фæлæ ма хо^эз зындгонд у аргъæутты æмæ мифологон текстыты дæр. Иæ сæйрагдæр функци у — куырдадзы куыст, æмæ йын йæ номы фыццаг хайы дæр рæстагæй уынынц ирон дзырд куырд. Фæлæ цы амоны цымæ дыккаг хай та? Ацы фарсты фæдыл нартзонынады иумæйаг хъуыды нæй. Цæвиттон, кадджыты иу варианты æмбæлы формæ Куырд-Алæ- Уæргон (21, ф. 10) æмæ йæ Абайты Уасо нымайы æппæты ра- гондæр формæйыл. Фæстæдæр дам ацы формæ æлвæст æрцыд «Куырд-Алæугон»-мæ. Ахæм формæйыл дæр æмбæлæм куыд нарты кадджыты ирон вариантты (21, фф. 19, 42), афтæ хъæрæсе- балхъайраг вариантты дæр. Уым Алауган у рагон куырд Дебе- ты фырт (19, фф. 394—396, 399—435). Уымæй дарддæр ма сæм æмбæлы формæ Улауган дæр (19, ф. 360), стæй уæд — Алауга- ны номæй арæзт патроним Алауганлары (19, ф. 151), ома « Ала- угантæ». Ардæм ма бафтауын хъæуы нарты кадджыты картве- лаг вариантты æмбæлæг ном Алауган /Аланган дæр (7, фф. 4, 64, 66, 86). Æппынфæстагмæ, зæгъы Уасо, формæ Алæугон ноджыдæр фæхуымæтæгдæр æмæ райста йæ абоны хуыз, ома Алæгон. Рагондæр æмæ æххæстдæр формæ Куырд-Ала-Уæргон, Уасойы хъуыдымæ гæсгæ, амоны «алайнаг» (ариаг) куырд Уæргон». Фæстаг компонент арæзт у суффикс он-ы руаджы рагон ирай- наг дзырд варка — «бирæгъ»-æй. Раст дам афтæ равзæрдис латинаг уæларвон куырд Вулкан-ы ном дæр, абар рагон лати- наг вудка — «гадза бирæгъ» (1, ф. 592—594; 2, ф. 93—94). Уасойы этимологийы фæдыл зонадон дунейы сæвзæрд алы- хуызои хъуыдытæ. Зæгъæм, йæ ныхас нæ фæбæлвырд кæнгæйæ, 142
Уасойы этимологи рæдыдыл банымадта зынгæ францусаг ахуыргонд Э. Бенвенист. Уый фыссы: «Возможно, что Куыр- далæгон является стяжением из Ала Уæргон, но объяснять это как «кузнец Аланский Вулкан» нельзя» (4. ф. 139). Иннæ францусаг ахуыргонд Ж. Дюмезиль та зæгъы зæгъгæ Куырдалæгон уыд Алæгаты мыггагæй æмæ йæ номы дыккаг хай дæр арæзт у «Алæг»-ы номæй (9, ф. 173; 10, ф. 112). Формæ Алæ-Уæргон та, Ж. Дюмезилы хъуыдымæ гæсгæ, у «æнæбæрæг» (неопределенная) (9, ф. 173). Дюмезилы хъуыдыйыл разы у Гаглойты Юрий дæр æмæ йын йæ аргу- менттæ бафидар кæныны охыл æрхаста ахæм факт: нарты кадджыты картвелаг (суайнаг) вариантты дам куырд Деве- тил у Аликты мыггагæй. Ам «Алик» у ирон «Алæг»-ы хал- дих (6, ф. 14). Бынтон æндæр этимологи ис англисаг иранист Гарольд Бей- лимæ. Иуæй-иу ирайнаг æвзæгты мырон къорд — рт — л-мæ кæй рахизы, уый хынцгæйæ, Бейли зæгъы зæгъгæ ирон куырды номы рагондæр хуыз хъуамæ уыдаид Куырд-Артæгон, компо- нент арт дам баст у абоны удæгас ирон дзырд арт-имæ, ома Куырдалæгонæн йæ куыст цæй руаджы рæзы, уыцы æрдзои фæзындимæ (3, ф. 254). Уасойы этимологийы тыххæй йæ хъуыды загъта В. Мейд дæр. Уый нæу ирон Уæргон æмæ латинаг Вулкан æрæмных кæныны ныхмæ, фæлæ дам латинаг дзырдæн йæ морфологон скондмæ гæсгæ латинаг дзырд волкус/вулкус «бирæгъ»-имæ бабæттæн нæй. Стæй дам латинаг Вулканæн йæ функциты æппындæр ницы ис, бирæгъимæ йæ чи бæтта, ахæм исты, уымæ гæсгæ ирон æмæ латинаг куырдты нæмттæн сæ равзæрд бабас- та рагон индиаг улка — «арт, зæрæхсид»-имæ (17, ф. 125— 131). Уасойы æмæ Мейды этимологитæ баиу кæныныл бафæлвæрд- та немыцаг лингвист И. Кноблох. Ацы ахуыргонды хъуыдымæ гæсгæ, рагон индиаг улка — «арт» æмæ индоевропæйаг вулкос — «бирæгъ» равзæрдысты иу рагиндоевропæйаг мивдисæгон уидагæй, амыдта дам «скъуынын» (14 ф. 136—137). Раст ма ахæм равзæрд Кноблох хоны гермайнаг арты бардуаг Локи-йы номæн дæр. Уый баст у бирæгъ Фенрисимæ, бæлвырддæр ’дзургæйæ та Фенрис у Локийы фырт. Уасойы хъуыдытæ бафидар кæныныл бафæлвæрдта зынгæ индоевропеист Вяч. Вс. Иванов дæр. Куырд æмæ бирæгъы ’хсæн иудзинадыл дзургæйæ, уый æрхаста ахæм факттæ: рагон гер- майнаг традицимæ гæсгæ, куырдтæ кардыл æвæрдтой бирæгъы 143
нысан, æмæ рагон исландиаг æвзаджы та кард хуыдтой варгр кæнæ улфр, ома «бирæгъ». Уымæй дарддæр ма немыц æмæ рагон ромæгтæ куырдадзы баззайгæ æфсæйнаджы сыгъд згъæлæнтæ дæр хуыдтой «бирæгътæ» (11, ф. 157). Уасойы этимологийыл æххæстæй сразы ис О. Н. Трубачев дæр (кæс 23, ф. 338; 24, ф. 11). Куыд уынæм, афтæмæй теоним Куырдалæгон-ы равзæрд æмæ йæ индоевропæйаг бастдзинæдты тыххæй ахуыргæндтæм иу хъуыды нæй. Ноджы бафиппайын хъæуы, ацы этимологитæ се ’ппæт бауырнинаг кæй не сты, уый. Райдайæм Ж. Дюмезилы этимологийæ. Куырдалæгон Алæгаты мыггагæй цæуы зæгъгæ, уыцы хъуы- дыйæн фидар бындур нæй. Иу кадæджы уæларвон куырды ном у Куырдалæг (27, ф. 91) æмæ ардыгæй, æвæдза, ахæм хатдзæг дæр уаид саразæн зæгъгæ, Алæгаты мыггаджы рагфыдæл йæхæдæг уыд куырд. Фæлæ мæнæ æндæр кадæджы та Куыр- далæгоны комкоммæ хонынц «Бориати Борæфæрнугæн адтæй лæхъæуæн Росе, зæгъгæ, «ма курдон адтæй» (13, ф. 307), ома ам дæр кæд Куырдалæгоны кой комкоммæ нæ кæнынц, уæддæр кадæджы сюжетæй бæрæг у, Росе æмæ Куырдалæгонæн иухуы- зон функцитæ кæй уыд, уый. Нарты кадджыты хъæрæсе-балхъайраг варианттæм гæсгæ та Алауган уыд Æхсæртæггаты мыггагæй (Схуртуковы) (19, ф. 172, 432). Сатанайы йын йæ мад хонынц (19, ф. 455), Созы- рыхъойы та — йæ фырт (19, ф. 390). Ирон кадджытæм гæсгæ Æхсæртæггаты хъæуы (сахары) уыд куырдты сых (20, ф. 86). Уæдæ æвзæры ахæм фарст: кæцы кадæджы информацийыл хъæуы баууæндын æмæ цæмæн? Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Куыр- далæгон нæртон мыггæгтæм æппындæр ницы бар дары, æмæ йæ кадæггæнджытæ сæхи зондæй бабæттынц иу кæнæ иннæ мыггагимæ, уымæн æмæ алы нæртон сыхæн дæр, æвæццæгæн, уыд йæхи куырдадз. Фольклорон тексттæн сæ фылдæрмæ гæсгæ, Куырдалæгон зæххон цæрæг нæ уыд, йæ цæрæнбынат уæларвы уыд. Хонгæ дæр æй афтæ кæнынц: «уæларв Куырдалæгон» (13, ф. 231), «Уæларвон Куырдалæгон» (13, ф. 231), «уæларвы зæрингуырд Куырдалæгон» (16, ф. 60), «уæларвон Куырдалæгон» (5, ф. 250) æ. а. д. Æнгæс эпитеттæ ис йæ кусæн дзаумæттæн дæр: «уæларвон дзæбуг», «уæларвон хъæсдарæг» (12, ф. 582). Нар- ты йæ сæр куы бахъæуы, уæд æм кæнæ сæхæдæг ссæуынц, кæнæ та Куырдалæгон, йæ дзæбугыл абадгæйæ, уæларвæй дымгæйау ратæхы нарты æхсæнмæ (18, фф. 142, 234; 15, ф. 115; 26, ф. 84). 144
Æниу кадджыты æмбæлæм ахæм информацийыл дæр зæгъгæ, Куырдалæгон раджы кæддæр уыд нæртон лæг, фæлæ йæ куыр- дон дæсниады руаджы зæд сси æмæ уæларвмæ фæтахти (15, ф. 174). Куырдалæгоны ма хонынц, арты бардуаг Сафа зæххон адæмæй æппæты фыццаг куырды куыст кæмæн бацамыдта, ахæм ирон лæг (22, ф. 129). Кæд ацы информаци раст у, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, райдианы Куырдалæгон хъуамæ уыдаид нæртон æртæ мыггагæй иуы минæвар. Фæлæ кæд, æцæгæй дæр, Алæгатæй уыдис, уæддæр йæ сæрмагонд ном ацы мыггагон номмæ мур дæр ницы бар дары. Уымæн æвдисæн у ирон æвза- джы историон фонетикæ. Цæвиттон, хъæрæсе-балхъайраг, картвелаг æмæ иу-цалдæр ирон кадджытæй куыд зыны, афтæмæй йæ номæн алайнаг ду- джы уыд формæ Алæуган. Ацы формæйæ фæстæдæр æрдæгхъæлæсон у кæй рахауд, уый у фæтк. Абар: алæуу-ма алæ-ма, иумæ — имæ (флекси) æмæ æндæр ахæмтæ. Ома Ал- æуган хъуамæ радтаид Алæгон, фæлæ фæстаг формæйæ фыц- цаг формæ ницы хуызы рауадаид. Формæ Алæуæргон æлвæст кæй æрцыд æмæ Алæугон кæй радта, уый дæр бауырнинаг хъуыддаг у: дыккаг æ, æвæццæгæн, фæуынгæгдæр ис æмæ фыц- цаг радта ы, стæй бынтондæр рахауд. Дыууæ сонант æмæ æмхъæлæсон æмдзыгуырæй куы баззадысты, уæд астæуккаг æмхъæлæсон (р) рахауд. Ирон æвзаг нæ быхсы æртæ æмхъæлæсоны фембæлд, æмæ дзы иу æмхъæлæсон аппары. Æртæ æмхъæлæсоны дзырды астæу, науæд дзырды кæрон куы фембæлынц, уæд арæхдæр рахауы астæуккаг æмхъæлæсон: выртка уырг (2, ф. 123), чартча царда (8, ф. 255—256) æ. а. д. Уæдæ формæ Алæугон-ы рагондæр хуыз Алæуæргон кæй уыдис, уым диссагæй ницы ис, диссаг у æрмæстдæр уый, æмæ æххæст формæ, æлвæст формæты æмрæнхъ, абоны онг кæй æрхæццæ. Ныртæккæ цы аргументтæ æрхастон, уыдонæй зыны, Алæ- гон гипотетикон рагформæ Артæгон (Атракана)-йæ кæй нæ равзæрд, уый дæр. Бейлийы этимологийы лæмæгъдзинад ма уый мидæг дæр ис, æмæ иуæй-иу æндæр ирайнаг æвзæгтау ирон æвзаджы дæр кæй ссардта мырон эволюци рт (рд) л. Ирон æвзаджы историон фонетикæ нæ зоны ахæм эволюци æмæ йын иу дзырды этимологийы руаджы та нæй ахæссæн ирон æвза- джы историон рæзты закъæттæм. Уæлдайдæр, уыцы этимологи дызæрдыггаг куы уа, уæд. Уæдæ æппæты растдæрыл банымайын хъæуы Абайты Уасойы этимологи: нæ дзырды сæр цы теоним у, уый равзæрд мырты æлвæсты руаджы рагондæр формæ Куырд-алæ-уæргон-æй. Ам 10 Махдуг№ I, 1997 ^5
уæргон арæзт у рагон ирайнаг нарка «бирæгъ»-æй. Бирæгъ æмæ куырды ’хсæн æцæгæйдæр функционалон æмæ генетикон хæстæгдзинад кæй ис, уый тыххæй æрхæсдзынæн украинаг аргъау «Бирæгъ æмæ Уастырджи»-йы сюжет («Волк и святой Юрий», 25, ф. 232—235). Ацы аргъауæй куыд зыны, афтæмæй бирæгъ у иттæг дæсны куырд. Украинаг аргъау иуырдыгæй Уасойы этимологи бафидар кодта, иннæрдыгæй та бафтыдта ног æрмæг скифаг-украинаг изоглоссæты нымæцмæ. Иуахæмы хæрз гæвзыкк музуккаджы бегарамæ ракодтой. Музуккаджы хъæдмæ арвыстой кæлдым æмбырд кæнынмæ. Рай- сомæй изæрмæ фæкуыста æмæ, хæдзармæ цæуыны фæнд куы скодта, уæд ма къæбæр ахæрон зæгъгæ фæкодта æмæ йæ фæракæй конд кæрдзынмæ араст ис. Кæрдзын бынаты нæ ра- зындис. Агурынтæ йæ систа музуккаг, фæлæ йæ кой дæр нал уыд. Уæдмæ цæрæгойтæ æмæ балбирæгъты бардуаг Уастырджи (св. Юрий) йæ фос æрæмбырд кодта æмæ сæ æрфарста, боны дæргъы чи цы сарæзта, уымæй. Алчи сæ йæ хабар ракодта: чи хъæууон лæгæн йæ хуыйы аргæвста, чи — æндæрæн йæ роды, чи та сæ цы сарæзта. Бирæгъмæ дзуапп дæттыны рад куы ’рхау- ди, уæд рахабар кодта, музуккагæн йæ фæракæй конд кæрдзын куыд адавта, уый. Уастырджийы зæрдæмæ нæ фæцыд ацы хъуыд- даг æмæ бафхæрыны охыл бирæгъы арвыста музуккагмæ æртæ азы æххуырсты кусынмæ. Бирæгъ йæхи æвзонг лæппу фестын кодта æмæ музуккагмæ кусæгæй ныллæууыди гуыбыны хардзыл. Кæмдæр æртæ зæронд зæгæлы ссардта, пецы сæ стæвд кодта, дзæбугæй сæ рацагъта æмæ уал уыдонæй æртæ карды сарæзта. Хæдзары хицауы ус сæ ауæй кодта æмæ балхæдта: сæхицæн — дзул, кусæгæн — æфсæйнаджы лыггаг. Лæппу та æфсæйнагæй ноджы фылдæр кæрдтæ сарæзта. Ауæй та сæ кодта хицауы ус æмæ ноджы фылдæр æфсæйнаг балхæдта. Уæд лæппу бавдæлд æмæ дзы гутон сарæзта. Стæй куырдадз самадта, балхæдта куырды кусæнгæрзтæ æмæ алыхуызон зæхкусæн дзаумæттæ аразын райдыдта. Фæстæдæр бынтон диссаг сси лæппу: нырма уал йæ хицау зæронд куыдзы куынцгомы баппæрста, хъæсдарæгыл æй ра- цагъта æмæ, æвзонгæй куыд уыд, афтæ йæ фестын кодта. Уый фæстæ та йæ хицауы зæронд мадæй бахсыста æстдæсаздзыд 146
чызг. Лæппуйæн йæ кой адæмыл айхъуыст æмæ йæм алы рæттæй сæ зæронд ныййарджыты кодтой. Куырд «нæ» никæмæн загъ- та — æвзонг адæм-иу сæ фестын кодта. Йæ хицауы дæр сахуыр кодта куырды дæсниадыл, фæлæ зæрæдтæй æвзæнгтæ аразын куыд хъæуы, уый йын нæ баца- мыдта. Хицау иттæг схъæздыг ис, фæлæ уæдмæ лæппуйæн дæр йæ цæуыны рæстæг æрхæццæ. Цæуыны фæнд куы скодта, уæд йæ хицауæн ныффæдзæхста: «Алы рæттæй дæм зæрæдты кæндзысты, сног сæ кæн зæгъгæ, фæлæ-иу ма бавнал ацы куыстмæ — дæ бон нæ бауыдзæн йæ саразын!» — æмæ афардæг ис. Музуккагмæ дын иуахæмы æлдар (пан) йæ зæронд фыды æркодта — æвзонг лæппу мын дзы сараз зæгъгæ. Музуккаг бæргæ нæ разы кодта, фæлæ цы йæ бон уыди! Бавæрдта æлда- ры зæронд фыды арты æмæ уайтагъд сау фæнык фестад. Музуккагæн марыны тæрхон рахастой æмæ йæ фæзы æрца- уыгътой. Музуккаг куы амард æмæ адæм куы ахæлиу сты, уæд æм лæппу-бирæгъ фæзынд, æриста йæ ауындзæнæй, йæ бæсты йын хъæмпы голлаг æрцауыгъта, йæхи та йын хæдзармæ рар- выста. Дыккаг хатт дæр та æрцауыгътой музуккаджы, æмæ та йæ лæппу-бирæгъ æриста, йæ бæсты йын къуыдыр æрцауыгъ- та. Æртыккаг хатт дæр æй æрцауыгътой æмæ та йæ æриста лæппу æмæ йын ныффæдзæхста: « Ацы хатт ма дæм куы ссæуой ауындзынмæ, уæд-иу сæ дæ куырдадзы къæсæрæй мидæмæ ма бауадз — дæ къухы цы уа, уый сыл-иу цæв æмæ аирвæздзынæ». Музуккаг дæр афтæ бакодта æмæ абон дæр цæры. ЛИТЕРАТУРÆ 1. Абаев В. И. Осетипский язык и фольклор. М.-Л., 1949. 2. Абаев В. И. Историко-этимологический словарь осетинского языка. Т. 4. л., 1989. 3. Бейли Г. В. Оссетик (Нартæ) // Хъайтароп æмæ эпикоп поэзийы тра- дицитæ. Лондоп, 1980. 4. Бенвенист Э. Очерки по осетиискому языку. М., 1965. 5. Брытъиаты Е. Уацмыстæ. Т. 1. Орджоиикидзе, 1981. 6. Гаглойти Ю. С. Трехфупкциопалыюе делеиие в этпической культуре осетип // Проблемы этпографии осетип. Орджоиикидзе, 1989. 7. Дзидзигури III. Б. Грузииские вариаиты нартовского эпоса. Тбилиси, 1986. 8. Дзиццойты Ю. А. Нарты и их соседи. Владикавказ, 1992. 147
9. Дюмезиль Ж. Осетииский эпос и мифология. М., 1976. 10. Дюмезиль Ж. Скифы и нарты. М., 1990. 11. Иванов В. В. К балкано-балто-славяно-кавказским параллелям // Балканский лингвистический сборпик. М., 1977. 12. Ирон адæмон аргъæуттæ. Т. 1. Сталинир, 1959. 13. Ирои адæмы сфæлдыстад. Т. 1. Орджоиикидзе, 1961. 14. Кпоблох И. Куырд-Алæгон и Волканус// Этимология 1972. М., 1974. 15. Къубалты Ал. Уацмыстæ. Орджоникидзе, 1978. 16. «Мах дуг», 1987, № 12. 17. Мейд В. Лат. Волканус — ироп Уæргон// Индогерманиш воршуигеи. 1.66, хай 2, 1961. 18. Нартæ. Цхинвал, 1975. 19. Нарты. Героический эпос балкарцев и карачаевцев. М., 1994. 20. Памятиики народного творчества осетип. Т. 1. Владикавказ, 1925. 21. Памятники народного творчества осетип. Т. 2. Владикавказ, 1927. 22. Периодическая печать Кавказа об Осетии и осетинах. Вып. 3. Цхип- вал, 1987. 23. Трубачев 0. Н. (йæ бафтауинæгтæ ахæм чиныгмæ, Фасмер М. Этимо- логический словарь русского языка, т. 1. 24. Трубачев 0. Н. В. И. Абаев и этимология // Абаев Василий Ивапович, Библиографический указатель литературы. Владикавказ, 1995. 25. Украинские народные сказки. М., 1965. 26. «Фидиуæг», 1983, № 3. 27. Хуссар Ирыстоны фольклор. Сталинир, 1940. о
АХУЫРГÆНÆГÆН ÆХХУЫСÆН ДЗАМПАТЫ Ларисæ АХУЫРГÆНÆН ЧИНЫГ — МАДÆЛОН ÆВЗАГ АХУЫР КÆНЫНЫ СÆЙРАГ ФÆРÆЗ Скъолайы размæ ис тынг стыр æмæ бæрнон хæс — алы скъоладзауæн дæр бæлвырд зонындзинæдтæ раттын. Уыцы ахс- джиаг хæс сæххæст кæныны хъуыддаджы ахуыргæнæн чин- гуытæ ахсынц сæйраг бынат. Уæлдай фылдæр ахадындзинад ис райдайæн скъолайы аху- ыргæнæн чингуытæн. Саби йæ мадæлон литературон æвзаг ахуыр кæнын цы чиныгæй райдайы, уый хъуамæ уа аив фæлгонцгонд алыхуызон хуызджын нывтæй. Æхсæз — авдаздзыд сывæллæттæ сæ хъуыдытæ кæрæдзи- уыл бæттынмæ хорз нæма фæарæхсынц, æмæ сæм уæд хъуамæ æххуысмæ фæзыной чиныджы фæрстыл нывтæ. Уыдонмæ гæсгæ ахуыргæнинæгтæ аразынц дзырдтæ, дзырдбæстытæ, хъуы- дыйæдтæ, радзырдтæ. Ахуыргæнæн чингуыты цы æрмæг лæвæрд цæуы, уый хъуамæ уыциу рæстæг дзуапп дæтта ахуырадон æмæ хъомыладон хæстæн дæр. Программæ æмæ чингуытыл кусгæйæ архайын хъæуы ууыл, цæмæй æппæт ахуырадон-хъомыладон процесс дæр арæзт уа скъоладзауты миниуджытæ алывæрсыгæй хуыздæр кæнынмæ. Скъоладзауты разæнгард хъæуы сфæлдыстадон-иртасæн куыстытæм, цардæй ист дæнцæгтыл сæ ахуыр хъæуы, фæлтæрæнты æрмæг хъæздыг кæнын хъæуы ног аив литерату- рон уацмыстæй æмæ хицæн скъуыддзæгтæй, газеттæ æмæ жур- налты фæрстæй ист æрмæгæй. Æрмæг кæддæриддæр хъуамæ лæвæрд цæуа æнцондæрæй зындæрмæйы уагыл. Раззаг кълæсты рацыд æрмæг фæлхатгонд цæуа дарддæр, зонындзинæдтæ фидардæр æмæ арфдæргæнгæйæ. 149
Хæрзхъæд адæймаг схъомыл кæныны хъуыддаджы стыр ахадындзинад ис хибарæй куыстæн. Ахуыргæнинæгтæ хибарæй кусын ахуыр куы уой, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, кæддæриддæр бæрзонддæр кæнынц сæ зо- нындзинæдтæ, парахатдæр у се ’мбарынад, алы хъуыддаджы дæр сæ бон у сæхи цæстæнгас равдисын. Хибарæй куыстæн бирæ мадзæлттæ ис, фæлæ урочы чиныгæй пайда кæнын æнæмæнг хъуыддаг у. Цæмæй ацы куыст ахадгæ уа, ууыл та, æнæмæнг, чиныга- разæг бацархайа, йæ фæлтæрæнтæ æмæ хæслæвæрдтæ хъуамæ бар дæттой скъоладзаутæн хибарæй кусынмæ. Уæлдæр куыд загъд уыдис, ахуыргæнæн чингуыты ахсджи- аг бынат ахсынц нывтæ. Уыдон сты цæстуынгæ æрмæг, рæзын кæнынц скъоладзауты хъуыдыкæнынад, ахъаз сты сæ хъуы- дытæ æнцондæрæй дзурынæн. Нæ ахуыргæнæн чингуытæм куы æркæсæм, «Абетæй» рай- дай æмæ 2-аг, 3-аг, 4-æм кълæсты чингуытæй фæу, уæд зæгъæн ис: «Ис сæ хуызджын нывтæ се ’ппæты дæр, фæлæ фаг не сты, стыр ахадындзинад кæмæн уаид, ахæм ныхасы рæзтыл ку- сынæн». «Абеты чиныджы» цы нывтæ ис, уыдонæй иуæй-иутæ дзу- апп нæ дæттынц, цы тексттæ фыст ис сæ фарсмæ, кæнæ сæ бынмæ, уыдонæн, уый хæццæ кæны ахуырдзауты хъуыдытæ. Зæгъæм, 35 фарсыл фыст ис «Нас сисы сæр нæрсы». Нас та куыд зайы, афтæмæй нывгонд у зæххыл. Скъоладзаутæй бирæтæ сæ хъус æрдарынц ацы фæзындмæ æмæ афæрсынц, афтæ цæмæн у зæгъгæ. Ахæм хъуагдзинæдтæ ма дзы ис ацы чиныджы. Дыккаг къласы «Æвзаджы чиныджы» нывтæ бирæ ис, иууылдæр сты хуызджын. Фæлæ дзы цы 70 нывы ис, уыдонæй 6—7 сты фæрстытæм гæсгæ бакусæн æмæ баст радзырд са- разæн цæмæй.ис, ахæмтæ. Иннæтæ сты хицæн предметтæ æвдисæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы нывтæ дæр хъæуынц дзырдтæ базонынæн, нæмттæ сын дæттынæн, сæ æххуысæй дзырдбæстытæ аразынæн. Бирæтæ дзы сты дидинæджы нæмттæ, сырдты, фосы, гагадыргъты, мæргъты, алыхуызон дзаумæтты нæмттæ æвдисæг предметтæ. Уый тынг хорз у, фæлæ нæ сæйраг хæс ныхасы рæзтыл кусын кæй у, хъуыдытæ кæрæдзиуыл æнцонæй бæттынмæ арæхсынмæ кæй тырнæм, уымæн та фылдæр ахъаз сты мидисджын нывтæ. 3-аг къласы «Ирон æвзаджы чиныджы» ис 23 нывы, уыдонæй 150
13 сты, радзырд саразæн кæмæй ис, ахæмтæ. 4-æм къласы нывтæ зынгæ фæкъаддæр сты — 6 нывы. Кæй зæгъын æй хъæуы, грам- матикæйы чиныг нывты чиныг нæу, фæлæ фылдæр æмæ ахуыр- гæнæджы куыстæн ахъаззагдæр куы уаиккой, уæд хуыздæр уаид. Бæргæ, хицæн стыр нывтæ куы уаид ирон æвзагæй ныхасы рæзтыл кусынæн, уæд чиныджы нывтæм уыйбæрц нæ бæллик- кам, фæлæ уыдон дæр не сты, æмæ уый у хъыгаг. Райдайæн кълæсты ирон æвзаджы чингуыты грамматикон æрмæг методикон æгъдауæй лæвæрд цæуы раст. Цы фæлтæрæнтæ дзы лæвæрд ис, уыдон арæзт сты уымæ, цæмæй скъоладзаутæ хъæугæ зонындзинæдтæ райсой. Ахуыргæнæн чингуытæ аразгæйæ автор хъуамæ йæ зæрдыл дара, æрмæг æнцондæрæй зындæрмæ дæтгæ æмæ аразгæ кæй у. Мæнæ нæм цы чингуытæ ис райдайæн скъолайæн, уыдонæй, æвæццæгæн, 3-аг æмæ 4-æм къласы чингуытæ иннæ кълæсты чингуытæй хуыздæр арæзт сты сæ æрмæгмæ гæсгæ, кæд уыдоп дæр хуыздæрхъуаг сты, уæддæр. Зæгъæм, 3-аг къласы «Ирон æвзаджы чиныджы» цы 376 фæлтæрæны ис, уыдонæй 23 сты æххæст, кæрæдзиуыл баст тексттæй арæзт, 16 — æмдзæвгæтæ; 11 фæлтæрæны дзы грамматикон хæслæвæрдæй уæлдай ис æндæр хæслæвæрдтæ дæр, зæгъæм, нывтæм гæсгæ куыст, алы грамматикон хъæзтытæ. Иннæтæ сты хицæн хъуыдыйæдтæ, дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй арæзт. Цыппæрæм къласы «Ирон æвзаджы чиныджы» æдæппæт ис 424 фæлтæрæны. Уыдонæй кæрæдзиуыл баст тексттæ ис 44, æмдзæвгæтæ — 24, 9 фæлтæрæны арæзт сты æмбисæндтæй. Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæйы разныхасы куыд фыст ис, уымæ гæсгæ дыккаг къласы ахуырдзаутæ ахуы- ры азы кæронмæ хъуамæ зоной хицæн дзырдтæй хъуыдыйæдтæ аразын, цыбыр текстæн йæ хъуыдымæ гæсгæ сæргонд скæнын. Æртыккаг къласы скъоладзаутæ арæхсой цалдæр нывмæ гæсгæ радзырд ныффыссын; сывæллæтты хъæзтыты тыххæй, сæ фиппаинæгты фæдыл цыбыр радзырдтæ фыссын. Цыппæрæмкъласонтæ хъуамæ базоной пъланмæ гæсгæ æмæ æнæ пъланæй дæр изложенитæ фыссын; сæхи царды цаутыл, нывтæй пайда кæнгæйæ радзырдтæ фыссын. Куыд бафиппайдтам, афтæмæй хæслæвæрдтæ ныхасы рæзтыл кусынæн æппæт райдайæн кълæсты дæр сты æнгæс, куыд зонæм æмæ методикæ куыд амоны, афтæмæй та куыст хъуамæ æнцондæрæй зындæрмæ цæуа. Фæлтарддзинад куыд æвдисы, афтæмæй, ирон æвзаджы урокты ахсджиаг бынат ахсы дзырдуатон куыст. Скъоладзау- 151
тæ зонгæ кæнынц ног дзырдтимæ æмæ фæлхат кæнынц, раззаг урокты цы дзырдтæ базыдтой, уыдон. Программæйы алы къласæн дæр хицæнæй лæвæрд цæуы дзырдтæ бахъуыды кæнынæн: 1 къласы — 30 дзырды; 2 къласы — 60 дзырды; 3 къласы — 75 дзырды; 4 къласы — 108 дзырды. Ахæм дзырдуатон минимумы хицæндзинæдтæ сты: 1) цы дзырдтæ йæм хауы, уыдон тематикон ахадындзинад райдиан скъолайы ахуырдзаутæн; 2) дзырдты æнцонæмбарынад сывæллæтты кармæ гæсгæ; 3) дзырдты арæхдзинад ахуыргæнæн чингуыты. Программæйы дзырдуатон минимум чингуыты æрмæгимæ куы абарстам, уæд рабæрæг, æнæмæнг бахъуыды кæнынæн цы 273 дзырды лæвæрд цæуы, уыдонæй фæлтæрæнты æмбæлы æрмæст 68 дзырды.. Уымæй дæр сæ фылдæр хай (46 дз.) æмбæлынц иугай хæттытæ, иннæтæ дыгай, æртыгай. Кæй зæгъын æй хъæуы, чиныджы авторты авналæнтæ фæцы- быр кæн, æмæ сæ æрмæст ацы дзырдтыл кусыныл бафтау чи- ныг аразгæйæ, уæд уый рæдыд хъуыды уыдзæн. Иуæй, фæлтæрæнтæ аразгæйæ, сæ размæ вæййы бирæ грамматикон хæстæ, раиртæстытæ бацамоныны тыххæй хъæугæ æрмæг рав- зарын æнцон хъуыддаг нæу. Иннæмæй, дзырдуатон минимумы ахæм дзырдтæ æмбæлы, æмæ сæ райдайæы кълæсты скъоладзаутæ сæ ныхасы никуы спайда кæнынц, уæлдайдæр сæ æрвылбоны ныхасы. Нæ фиппаинæгтæ куыд æвдисынц, афтæмæй дзырдуатон мини- мум æмæ чингуыты æрмæг хъæугæ домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Дарддæр, чиигуытыл кусгæйæ, ацы фарстмæ хъус æрдарын хъæудзæн программæтæ аразджыты дæр æмæ чингуыты автор- ты дæр. Методикæ куыд амоны, афтæмæй дзырды тыххæй ахуырад арæзт у йæ нысаниуæг æмæ йын йæ грамматикон хиц- æндзинæдтæ сбæрæг кæныны бындурыл. Ирон æвзаджы чингуыты грамматикон æрмæг методикон æгъдауæй раст лæвæрд цæуы. Лексикон æрмæг цы фæлтæрæнты лæвæрд цæуы, уыдон арæзт сты ахæм бындурыл: Дзырды — дзырдбаст — хъуыдыйад. Ныхасы рæзтæн ахадгæ фæлтæрæнты хæслæвæрдтæ сты ахæмтæ: 152
1. Лæвæрд дзырдтæй сараз хъуыдыйад; 2. Лæвæрд хъуыдыйæдты бавæр хъæугæ дзырдтæ; 3. Сараз дзырдбæстытæ; 4. Нывмæ гæсгæ сараз хъуыдыйæдтæ; 5. Текстæн сæргонд æрхъуыды кæн; 6. Хæццæ фыст дзырдтæй сараз хъуыдыйæдтæ; 7. Лæвæрд кæронмæ гæсгæ ныффысс радзырд. Ацы сфæлдыстадон куысты хуызтæ тынг пайда сты скъола- дзауты ныхасы хъæд æмæ хъуыдыкæнынад рæзынæн. Фæлæ нæ ахуыргæнæн чингуыты арæх не ’мбæлынц. Уæлдæр куыд загътам, ахуыргæнæн чиныджы цы баст тексттæ ис, уыдоныл дæр сæ хæслæвæрдтæм гæсгæ фаг куыст нæ цæуы. Фылдæр хæслæвæрдтæ сты текст бакæсын æмæ граммати- кон хæслæвæрд сæххæст кæнын. Сæ мидисмæ гæсгæ цымыди- саг не сты. Дзуапп нæ дæттынц сæ фылдæр нæдæр ахуырадон, нæдæр хъомыладон хæстæ æххæст кæнынæн. Баст тексты ахадындзинад та стыр у, уымæн æмæ дзы бæлвырдæй зыны дзырд, йæ нысаниуæг. Дзырд хицæнæй куы райсæм, уæд ын ис æрмæст иу лексикон нысаниуæг, фæлæ ны- хасы мидæг æндæр дзырдтимæ бæтгæйæ йæ нысаниуæг фæбæлвырддæр вæййы, алы фæлгъуызты разыны. Не ’взаджы тынг бирæ ис алы уавæрты, алы контексты алы- хуызон нысаниуæг цы дзырдтæн вæййы, ахæмтæ, зæгъæм, цыппæрæм къласы «Ирон æвзаджы чиныджы» фæлтæрæнты æмбæлы ахæм дæнцæгтæ: 1. Кæрдæджы астæуæй йæ сæр сдардта дидинæг. (135 фæлт.). 2. Айнæджы сæрмæ уари зилдух кодта (135 фæлт.). 3. Стæй æвиппайды гæдыйы цъæхахст райхъуыст. (78 фæлт.). 4. Иу хатт гæды ныхас чи зæгъа, ууыл иннæ хатт дæр нал феууæндынц. Ахæм дæнцæгтæ бирæ æрхæссæн ис райдайæн кълæсты чин- гуыты æрмæгæй, фæлæ, хъыгагæн, иу фæлтæрæны хæслæвæрды дæр сæ кой нæй. Хорз уаид чингуыты автортæ сæ хъус ацы фæзындмæ куы æрда- риккой, уæд, ома, фæлтæрæнтæм грамматикон хæслæвæрдтæй уæл- дай уæлæмхасæн хæслæвæрд — ссарын фæлтæрæнты бирæнысани- уæгджын дзырдтæ — лæвæрд куы цæуид, уæд. Æвзагахуырады дзырды бирæнысаниуæгадæн стыр ахадын- дзинад ис, уымæн æмæ дзырдæн алы уавæрты цы нысаниуæгтæ вæййы, уыдон кæрæдзийы æхсæн цæмæйдæр баст вæййынц, иннæрдыгæй та февдисынц бæлвырд цавæрдæр ахастытæ æмæ сын кæрæдзийы бæсты спайда кæнæн нæ вæййы. 153
Райдайæн кълæсты ирон æвзаджы чингуыты цы фæлтæрæнтæ ис, уыдонмæ лæвæрд цæуы уыциу хæслæвæрдтæ: сфысс дзырдтæ, хъуыдыйæдтæ, бахахх кæн кæрæтты бын, кæнæ номдартæ, ми- ногонтæ æмæ аф. д. Ахадгæдæр уаид, фæлтæрæнтæм цы хæслæвæрдтæ лæвæрд цæуынц, уыдон ахуырадон хæстæ æххæст кæнынæй уæлдай, скъоладзауты цымыдис куы рæзын кæниккой, хъуыды кæны- ныл сæ куы фæлтæриккой, се сфæлдыстадон активондзинад сын куы рæзын кæниккой, уæд. Нæ ахуыргæнæн чингуыты дзырды нысаниуæгыл фаг куыст нæ цæуы, фылдæр хатт хæслæвæрд домы дзырд бахъуыды кæнын. Методикæйæ зонæм дзырды нысаниуæг бацамоныны фæрæзтæ кæй сты: цæстуынгæ æрмæг, дзырдбасты йæ равди- сын, хъуыдыйады æндæр дзырдтимæ бастæй дзы спайда кæнын æмæ йын йæ нысаниуæг бамбарын кæнын. Дзырд, куыд нæ лексикæйы сæйраг иуæг, не ’взаджы хицæнæй не ’мбæлы, фæлæ йæ нысаниуæгмæ гæсгæ æндæр дзырдтимæ бастæй семæ аразы цавæрдæр ахастдзинæдтæ. Уыцы ахастдзинæдтæ вæййынц алыхуызон, кæнæ æмхуы- зон сæ хъуыдымæ гæсгæ, кæнæ вæййынц ныхмæвæрд сæ ныса- ниуæгмæ гæсгæ, æмæ а. д. Ирон æвзаджы чингуыты фæлтæрæнты æрмæджы æмбæлы синонимтæ дæр æмæ антонимтæ дæр, ис дзы фразеологион дзырдбæстытæ. Дыккаг къласы «Ирон æвзаджы чиныджы» хицæнæй ис темæтæ: «Сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг дзырдтæ», «Сæ хъуы- дымæ гæсгæ ныхмæвæрд дзырдтæ». Ацы темæтæ ахуыр кæнгæйæ лæвæрд цæуы фæлтæрæнтæ ахæм хæслæвæрдтимæ: 1) Бакæс дзырдтæ, сæ хъуыдымæ гæсгæ сæм хæстæг дзырдтæ ссар æмæ сæ ныффысс. 2) Лæвæрд дзырдтæм ссар сæ хъуыдымæ гæсгæ ныхмæвæрд дзырдтæ æмæ сæ ныффысс. Дзырдтæн куыст цæуы сæ нысаниуæгыл. Æрмæст ацы хæйттæ ахуыр кæнгæйæ нæ, фæлæ дарддæр дæр, æппæт фæлтæрæнтæ æххæст кæнгæйæ, гæнæн кæм ис, уым, лæвæрд куы цæуид хæслæвæрдтæ синонимтæ, антонимтæ ссарынæн, уæд скъоладзаутæн се ’взаг хъæздыг æмæ аив кæнид. Синонимтæ зонын тынг пайда у ныхасы рæзтыл кусгæйæ. Ирон æвзаджы сæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг дзырдтæ бирæ ис. Синонимты рæнхъы дзырдтæй алкæцыйæ алы уавæрты спайда кæнæн нæй, уымæн æмæ, иу æмбарынад æвдисгæйæ, сæ ныса- 154
ниуæгты æхсæн вæййы хицæндзинæдтæ, сæ алкæцыйæн дæр вæййы йæхи фæлгъуыз. Уыцы фæзынд ахуырдзаутæ райдайæн кълæсты куы бамба- рой, уæд дарддæр æнцондæр кусæн уыдзæн семæ сæ зонын- дзинæдтæ арфдæр кæныны хъуыддаджы. Ахæм гæнæнтæ ис райдайæн кълæсты æвзаджы чингуыты, зæгъæм, фæлтæрæнтæ æххæстгæнгæйæ, грамматикон хæслæвæрд — саудæрæй фыст дзырдтæ рафысс, сæ хауæнтæ сын сбæрæг кæн (172 фæлт. 4 къл.); нырыккон афоны мивдис- джытæ баив суинаг афоны мивдисджытæй (259 фæлт. 4 къл.) æмæ æнд. Уæлæмхасæн хæслæвæрд — дзырдтæн ссар сæ хъуыдымæ гæсгæ ныхмæвæрд чи уа, ахæмтæ — раттæн ис 4 къласы «Ирон æвзаджы чиныджы» 181, 275, 280, 364, 294, 321 æмæ бирæ æндæр фæлтæрæнты, æрмæст лæмбынæгдæр хъæуы хъус æрдарын не ’взаджы алывæрсыг фæзындтæм. Чингуыты æмбæлы æнæфæхицæнгæнгæ дзырдбæстытæ — фразеологизмтæ. Ацы фæзынд не ’взаджы ахсджиаг бынат ахсы, уымæн æмæ йæм хауы æмбисæндтæ, базырджын, цыргъзонд ныхæстæ. Ахæм дзырдбастæн йæ нысаниуæг арæх вæййы ахæсгæ. Фразеологизмтæ ахуыр кæндзысты скъоладзаутæ уæлдæр кълæсты, фæлæ фæлтæрæнтæ æххæстгæнгæйæ ахæм дзырдбас- тытæ æмбæлынц æрмæджы æмæ сæ хуымæтæг æвзагæй бамба- рын кæнын ахуырдзаутæн, сæ нысаниуæг сын сбæрæг кæнын фæхъæуы. Фразеологион дзырдбастытæ æмбæлы 2-æг къласы чиныджы: цæст дарын, йæ цæсты ницыуал дæн; 3-æг къласы: дзырд дæттын, зæрдæ райы, цæст æрхæцыди, зæрдæйы хизы æмæ æнд. 4-æм къласы: йæ цæст ахаста, йæ зæрдæ дары, зæрдæ кафы, бæстæ сæ сæрыл систой, йæ зæрдæ рухс у, æз дæ цармæ скæсын кæндзынæн æмæ æнд. Фразеологизмтæ сты не ’взаджы хъæздыгдзинад æвдисæг æнæфæхицæнгæнгæ иуæгтæ. Сæ зонын скъоладзаутæн æх- хуыс у æвзаджы ивддзинæдтæ бамбарынæн. 155
Кæд чингуыты æппæт фарстатæм хъæугæ хъусдард не ’рцы- дис цавæрдæр ахсджиаг аххосæгты тыххæй, уæд уыцы хъæндзинæдтæ æнæмæнг хъуамæ баххæст кæна ахуыргæнæг. Программæаразæг, ахуыргæнæн чиныджы автор æмæ сæ цы æрмæг æмбæлы, уый скъоладзаутæм чи хæццæ кæны, зонын- дзинæдтæ дæттыны охыл программæ æмæ чиныгæй чи пайда кæны, уый — ахуыргæнæг — хъуамæ æнгом баст уой æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæной. Чиныг тынг зын аразæн у, цы домæнтæ ис йæ саразынмæ, уыдон сæххæст кæнын къухы æнцонæй не ’фты, æмæ сæ цы фиппаинæгтæ фæзыны, уыдон иумæйагæй хъуамæ цухгонд цæуой, куыст куыд æмбæлы, афтæ арæзт цæуа. Æрмæст уæд бафтдзæн къухы хъæугæ зонындзинæдтæ раттын рæзгæ фæлтæрæн. О
ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ ГУЫДЗЫГО ИСТОРИОН ХАБÆРТТÆ РÆДЫДÆН ÆНÆ АИРВÆЗГÆ НÆЙ Илья Ильф дзырдта: — Цæмæй иу рæдыд дæр ма аирвæза, уый охыл къухфыстæн скодтой 20 корректурæйы æмæ сæ хицæнтæй кастысты. Фæлæ уæддæр цæттæ чиныджы титулон цъарыл фыст баззад: «Бри- танская энциклопудия». уый дзы фындз у, уый! Поэт Денис Давыдов 1812 азы Фыдыбæстæйы хæсты бонтæй иуы æрбахæццæ балхон Петр Багратионмæ: — Уæ бæрзонддзинад! Сæйрагкомандыгæнæг бардзырд радта, цæмæй дын фехъусын кæнон, знаг нæ фындзы къоппайыл кæй ис, уый æмæ æвæстиатæй хъуамæ де ’фсæдтæ фæфæстæмæ кæной! — Нæ фындзы къоппайыл ис не знаг, зæгъыс? Кæй фын- дзы? Кæд дæу, уæд æцæгдæр тынг æввахс у, фæлæ кæд мæнæ мæхи фындзы къоппайыл ис, уæд ма нын сихор скæнын дæр бантысдзæн. АХÆМЫ АРВМÆ ЧИ УАДЗЫ?.. Иуахæмы Гнедичмæ сатирик Миронов расыгæй бацыд, но- джы ма æнæдаст æмæ тыхыскъуыд пысулты. Гнедич ын хионау зæрдæрисгæйæ уайдзæфтæ кæны. Мироновы зæрдæ суынгæг, скуыдта æмæ, арвмæ амонгæйæ, афтæ: — Уалæ уым ссардзынæн æз дзæнæт ме ’ппæт удхæрдты тыххæй... 157
— Ме ’фсымæр, уартæ ма уал айдæнмæ дæхимæ бакæс: ах- æмы уырдæм чи уадзы?.. ЧЕРНИЛÆ ÆМÆ ТУГ Дельвиг дын цæйдæр тыххæй Булгаринмæ дуэльмæ куы ба- сидид. Уый йын йе ’рвыст лæгæн афтæ: — Барон Дельвигæн зæгъут мæ номæй: «Æз мæ царды дæргъы туг цас федтон, ды уый бæрц чернилæ нæ федтай!» Æмæ йын не сразы лæгæй лæгмæ хæсты рацæуын. ИУЫ БÆСТЫ ДЫУУÆЙЫ БАНЫГÆНУТ Дюмамæ æххуысгур бацыдысты: — Мæнæ нæ пъырыстыф фæзиан æмæ йæ цæмæй аккаг æгъдауимæ баныгæнæм, уый тыххæй нæ 30 франчы хъæуы. — Ныхас дæр ыл нæй! Мæнæ уын 60 франчы æмæ иуы бæсты фæлтау дыууæйы баныгæнут! КЪОГЪОДЗИ Журналист Ходы Дзаххотт æй йе ’фсымæры лæппу Камалæн дзырдта. Фæрнион Къоста дам цыдæр æмбырды ныхас кодта æмæ йæм Дзагуырты Губади мæстыйæ йæ ныхас баппæрста: — Горький дæ, æви цæй бирæ дзурыс! Фæрнион дам ын æваст афтæ: — Кæмæн горький дæн, кæмæн та — сладкий! Иуахæмы «Мах дугмæ» бухгалтерæй райстæуыди цавæр- дæр сылгоймаджы. Уайтагъд хъуыддæгтæ сæмтъерытæ кодта, коллектив дзы сæ сæрæн нал уыдысты. Дарчиты Дауыт куыста журналы бæрнон секретарæй. Иу бон та уыцы сылгоймаджы кой рауад, æмæ Дауыт дæр йæ хъуыды загъта: — Нæ редакцимæ æмгæрон уадзинаг дæр нæ уыдис ахæм 158
бухгалтер. Фæлæ дам кау ныллæгдæр кæм вæййы, куыйтæ ууыл- ты фæсæррæттытæ кæнынц. Иукъордæй бадæм журнал «Дарьялы» редакцийы. Се ’мкусæг æрыгон хъæлдзæг чызг Людæ дæр уым. Хъазæн ныхæстæ кæнæм. Людæ нын нæ разы цыдæр адджинæгтæ æмæ къофе авæрдта. Чидæр чызгæн цæстмæмитæ акæныны хуызы æваст афтæ: — Союз писателей решил удочерить Люду. — Союз писателей пусть удочеривает Азу (Азæ у Цæдисы бухгалтер, ацæргæ сылгоймаг), — загъта Тотраты Руслан. — Азу не удочеривать надо, а убабушкивать,— йæ ныхас баппæрста Хъодзаты Æхсар. ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандр «РАСИГДЗИНАД» Гулуты Андрей бирæ цымыдисаг хабæрттæ зыдта æмæ дзырдта. 1976 азы 17 июлы йын йæ ныхæстæй ныффыстон ахæм цау: «Ирон газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг номыр мыхуыры куы рауагътам, уæд 1923 азы Мæскуыйы журнал «Журналист»-ы уый тыххæй фæзынд ахæм фыст: «В г. Владивостоке вышел первый номер газеты на осетинском языке «Расигдзинад».
Учредители: СП РСО-А и коллектив редакции Сдано в набор 12.11.96. Подписано в печать 21.02.97. Формат издания 60х84У16. Бум. тип. № 1. Гарнитура шрифта Муг1. Псчать офсетпая. Усл. п. л. 9,30. Учетно-изд. л. 7,68. Заказ № 98. Лдрес редакции: 362040, г. Владикавказ, проспект Мира, 25. Телефоны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Журнал набран, сверстан и отпечатан на издательско-помп рнфнчгском предприятии им. В. А. Гассиева, 362011, г. Владиканка^, ул. Тельмапа, 16.