Text
                    Журнал выходит с мая 1934 года
ЕЖЕМЕСЯЧНЫИ ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕИ
СЕВЕРНОЙ ОСЕТИИ
Главный редактор — Ахсар Кодзати
Редколлегия:
Гастан Агнаев
Руслан Бзаров
Борис Гусалов (отв. секр.)
Шамиль Джикаев
Анатолий Дзантиев
Елизавета Кочиева
Анатолий Кусраев
Давид Темиряев
Камал Ходов
Сергей Хугаев
Михаил Цирихов
Техн. редактор
Корректор
Аппа Ядыкипа
Заира Карацева
Владикавказ1997


'97 Журнал цæуын райдыдта 1934 азы майы ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ Сæйраг редактор — Хъодзаты Æхсар Редколлеги: Техн. редактор Корректор Агънаты Гæстæн Бзарты Руслан Гусалты Барис (бæрн Джыккайты Шамил Дзантиаты Анатолий Косты Лизæ Къусраты Анатолий Темыраты Давид Ходы Камал Хуыгаты Сергей Цырыхаты Михал Ядыкина Анна Хъæрæцаты Зæирæ секр.) Дзæуджыхъæу 1997
НОМЫРЫ ИС: ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандр. Дзуарбадæн. Æмдзæвгæтæ 5 МÆРЗОЙТЫ Сергей. Хъысмæт. Уацау 16 РÆМОНТЫ Геор. Арвистон. Æмдзæвгæтæ 51 ХЪАЙТЫХЪТЫ Къола. Булæмæргъ. Æмдзæвгæ 57 X ЪАЗИТЫ Мелитон. Æртæрадзырды 58 ХÆУЫТАТЫ Къоста. Æмдзæвгæтæ 74 РÆСТÆГ-РÆСТÆВЗАРÆН МЗОКТЫ Аслæнбег. Фæсарæйнагирæттæ æмæ се сфæлдыстад — Журнал «Горды Кавказа»-йы фæрстыл 78 АХУЫРГÆНÆГÆН ÆХХУЫСÆН ХÆРЗОГТЫ Аслан. Нæртон фæндырЛитературон-музыкалонурок.. 105 АЙЛАРТЫ Зарæ, БАСАТЫ Заретæ. Номарæн урок 122 ПУБЛИЦИСТИКÆ ДЗИДЗОЙТЫ Валери. Ир æмæ Кæсæджы ’хсæн ахастытæ 129 КУБАТАЕВ Омар. Æхсæнад æмæ æппæтдунеон барадыдомæнтæ. . . 133 ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ СЕРÆУЫЗ. Хыл. Æцæгхабар 136 ХЪОДЗАТЫ Æхсар. Æмдзæвгæтæ, цаутæ 142 Учрсдители: СП РСО-А и коллектив редакции Сдано в набор 09.01.97. Подписано в печать 15.04.97. Формат издания 60х84'/|6. Бум. тип. № 1. Гарнитура шрифта Муз1. Печать офсетная. Усл. п. л. 8,37. Учстпо- изд. л. 6,75. Заказ № 2011. Тираж 650 экз. Адрсс редакции: 362040, г. Владикавказ, пр. Мира, 25. Телефоны: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Журнал набран, сверстан и отпечатан на издательско-полиграфическом прсдприятии им. Гассиева, 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16. © Мах дуг№ 2, 1997 4
ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандр ДЗУАРБАДÆН СЕРЕНАДÆ Цæгьды гитарæ мæ къухты рагæй, Цæгъды хæрзныдæн хъæлæсы уагæй. Дæ цырагъ судзы — фынæй нæма дæ, Дæ тыргъы зарын мæ серенадæ: «Ехх, фест ныр къаба — æрвгъуыз дæ гуырыл, Налмас фæрдыг-хал уæд та дæ хъуырыл; Кæнæ дæ риутæн бæттæн, æлвасæн, Хъуымбыл дзыккутæн къæлæт сæрвасæн; Дæ урс кофтæйыл мæйау къæдз æгънæг, Камари роныл æвзист æргъæвæг! Ехх, фест дæ цонгыл уæззау цæнгдарæн, Зæрин къухдарæн — æртдзых, зынгдарæн; Зырнæйзылд зæнгтыл цыллæ цъындатæ, Дæ хъусдзæджыты налхъуыт хæзнатæ; Хъырмыз ахорæн дæ рус, дæ былтыл, Æхсæвы талынг æрдын æрфгуытыл; Æмæ ламаздыхъ, мутакан, баз дæр, Æвдадзы удхос — уыдæттæй раздæр! Уынын мæ амонд дæ бар уæвыны. Дæ сар-кæлæнтæн дæлбар уæвыны!» 12.111 96 ÆХСÆВ БЫЗЫ БЫН Æхсæвы уарынгар хъæбысы, Æви нывæнда мæй йæ тын, — Цыма кæркуасæнты фæхъуысы Бызы уæлкъæсæрæй нæтын; 5
Ивылы айнæджы зыхъырæй, Уым хуынкъ хæтæл-уадындзау тутт, Куыдзы хъыллист æмæ хъуыр-хъуырæй Фæзæльт сонт дымгæйы футт; Нæ фæлæ — рагон удхар, ивгъуыд: Нæ хæххон саударæджы хъыг, Нæ Ирыл маройгæнæг чи уыд — Уынгæджы фестади дам уыг... Кæуылдæр пал фæбон йæ изæр: Æхстмæ йæм бахъуызыди знаг... Мæрдтæй фæзыны ахæм чидæр, — Кæд уый ныййах ласы, мыййаг? Йе рахызт Сау барæг — æнамонд, Хъæрзы йæ лæгæты дæлваз, Æрцыд æм, чи зоны, рæстаг зонд Хъæриуы рухс дауджыты раз! Сыбыр кæй фæкодта æдарæг, — Цы рады хорзмæ ма тырна?! Кæд хæсты цагъд æдзæрдтыл хъарæг Хæссы Уæлладжырон нана! Æхсæв куырм уæйыгау куы ’рхуыссы «Ныхасы нарæджы» рæбын, — Бызы уæлæфцæгæй фæхъуысы Кæйдæр кæуынхъæлæс нæтын. 12.11 96 ÆРÆНЦАД ХÆДЗАРЫ УÆЗ ДЕ ’ККОЙ Нæ хо Дзерассæпæп Хъысмæты æлгъыстаг кæронмæ Ныхлæууын кæй бон у цæхгæр? Сывæллоны дугæй зæрондмæ Дæ рыгъд уды тухи — æгæр! 6
Сыбырмæ фæхастой нæ фыды. Уым баззад, Цæгаты, йæ мард. Йæ хъаймæты удхар, йæ зынты Æруатон, æрсæйгæ нæ мад... Æрæнцад хæдзары уæз де ’ккой, Дæхæдæг — тæлæссон, æдых. Дæ хъизæмæрттæ-иу дын федтой Сæ мидсусæг цины нæ сых. Куы дондзау, куыройдзау, куы та-иу Суг ластай тымыгъты сыфцæй. Хæрамгæнджытимæ нæ баиу Нæ сыгъдæг рæстдзинад æрдзæй. Цæй æрвад, цæй хион, цæй хæстæг, Цæй ныфсы дыдзырухс зæгъай! Фæтахт ныл мæрдадзы нæ рæстæг, Йæ марой æппæтæй — дæ хай! Нæ мадыхо — мах сæрыл сдзурæг — Сохиты хуыздæр чындз Раццæ. Цыди нын æфстау æххуыс курæг, Йæ дзаг арм нæм кодта хæццæ. Цыма ныл сынт-рæгъау æрхъула, Тыхст саби цы хæлцмæ тырна? — Цæкуытæ, хуыскъæл æмæ сула — Къæйылфых картофы зырна. Ныскъуыдтæ дæ цонджы царм, фехæлд, Ныйих-иу хъызтбонты дæ къух. Дæу чиныг, дæу скъоламæ не ’вдæлд, Фæдæ-иу дæ ахуырæй цух. «Кæм байсæфт, кæм бабын пæ дарæг Кæй сырд-зонд æм фезнæт, кæй дам?» — Уый хъуыстам рынчын мады хъарæг, Йæ цуры хæкъуырццæй куыдтам.
Нæ куыдз-иу нæ къæсæрæй сниудта, Æрдиаг — нæ гæдыйы уаст. Æхсыдтам æбонæй нæ хъиутæ, Æбонæй дыл калдтам нæ маст. Æвирхъау — фыд-заманы цаутæ: Хорз сæфти æвзæры дзыхæй. Нæ систай ныр дæр ма дæ саутæ Нæ зынгхуыст æрвонты тыххæй! Ю.1Х.96 ПОЭТЫ ДЗЫРД Челдыты Естъайы помарæп Æхстой дыууæрдыгæй æмгуыппæй, Фæйлыд зæхх къæхты бын æнкъуыст. Уæлгоммæ акъул дæ... Дæ дзыппæй Уæд схауди де ’мдзæвгæ, дæ фыст... Æмбæлттæ рог цæф дæ æнхъæлдтой, Фæлæ сын нал радæ æмгарз. Хъыджы кæрæдзимæ лæвæрдтой Гæххæтты тугхъулон гæбаз. Æргом æвдыстай дзы дæхи уаг, Дæхи фыдутæхсæн æрмæст. Уыдтæ цыдæр ныхас зæгъинаг Хъæуккаг æмгар чызгæн фæсхæст... Хæцæны цас поэттæ бацъынд! — Дæ цыбыр цардвæндаг — рæсугъд... Нывæфтыд зæлгæ дзырды бацыд, Налмасау рухсгæнгæ, дæ уд. 14. 1Х.96 НЫР ДÆР ТА УÆ МЫСЫН Мæ рагдуджы цаутæ — Кæды ’хцон, кæды зын! О, ме скъоладзаутæ, Ныр дæр та уæ мысын!
Мæ зæрдæ цы куры, Цы рахонин амонд — Ног февзæр уæ цуры, Цыдæртæ уын амон!.. Уæззау рæстæг — домаг, Быхс уымæн, фæраз уал. Бæгьнæграгъ, æххормаг, Хъызт зымæджы уазал. Чырс — рудзынджы авгыл, Хъус тымыгъты футт-хъæр. Æмпъызт кæрцы бампыл, Уадз сæрыл дæ худ дæр... Мæ хъиутæ тыдтон-иу Уыраугæ тыхстыты. Ныфсы рухс уыдтон-иу Уæ худгæ цæстыты! Уæ дарджытæн хæсты Сæ фæндаг куыд ныддаргъ! Фæхастат сæ бæсты Цынæхуыз куысты уаргъ! Суг ластат, хуым кодтат, Æфснайдтат нæ хортæ. Æхсæвæрæн хордтат Зынгыл фых дзенкъортæ. Уæ уæды сæргълæууæг, Æз уемæ — æрвылбон. Уыдтæн ма мæхæдæг Сымахау æрыгон. Мæ сыгъдæг хъуыраны Цыхуыздæр кæсинаг — Мæ ивгъуыд заманы Æрхæндæг мысинаг! 4. УШ.96 9
ДЗУАРБАДÆН АСТЫМТÆ Ам чи ’рбæстон, ацы рæсугъд æмæ уаз ран? — Ам — Урсдон, ам — Къора, ам — Сындзыхъæу, Хъарман! Раст къухы æнгуылдзтау хæрзæмвидауц — адон, Цыппар сыхæн фæндзæм — сæ фаллагфарс, Фалдон. Ам хæхтæ — цы хæстæг, — нæ армы æвæрдау, Хъæдцагдыргъ бæлæстæ — Хуыцауæй лæвæрдау. Ам — Фадау æд мæсыг, нæ Хурхор, нæ Соппæр, Сæ уæлхъус Тырмон та — æфцджыты бæрзонддæр! Уæлæуæзты зилынц цъæтбазыр тыгъдгæстæ — Æпæнцой цæлхзылдæй тъыфыл сау цæргæстæ. Ам суæрттæ æвзарынц тæмæндзæст-сыгъдæгæй, Цъæх арв нæм фæзыны æнæбын-быгъдæгæй. Арт уадзынц, сырх пиллон, цыргъ цъуппытыл миттæ, Сæ дæлвæччи хизынц сæгуыттæ, сычъитæ. Ам мæргъты пæррæст-гæпп бæласæй бæласмæ, Нæ гом тыргътæм, заргæ, æртæхынц æввахсмæ. Ам чи райгуырд, — амы æрдзхъомыс — йæ кæнæг: Уый свæййы философ, поэт, йе нывгæнæг! 25. УП.96 ИРОН ФАРНЫ СУАДОН НÆ БАХУС Хъодзаты Æхсарæп Фæхон та нæ демæ Куырттатæм — Мæсгуыты, фынк дæтты уæзæгмæ. Кæниккой ныл уым цæрæг адæм Зæрдæбынæй цинтæ хæстæгмæ. Къæй къæйыл, дур дурыл нынныхас: Тъæпæнсæр хæдзæрттæ — æвадат. Ног фениккам Нартæн сæ Ныхас, Дзывгъис, Лæц, Цымыти уа, Къадат!.. Дæ каис Хадзыбёчыр !махæн Цы ’гъдау-иу лæвæрдта йæ фынгыл! Фыдæлтыккон галуан-гæнахæн Дис кодтам йæ амад, йæ уындыл... 1 Гаппуаты хистæртæй, рæдау фысым 10
Тæхуды, куырыхонмæ байхъус, — Цы дзурид æнусæмбай хохаг... Ирон фарны суадон нæ бахус, Нæ, не сси ирон æгъдау рохаг! 25. IX. 96 ЦÆРИКЪАТЫ ФЕЛИКСÆН Бесаты Мæхæмæты зарæг азарæгæп Ратахтис арт-цæфхад бæхыл æрвон барæг, Ма уа йæ зынгæн фæхуыссæн! Ничима азарыд афтæ ирон зарæг Иратаманы дæу хуызæн! Февзæрд Чырыстийы цъуппыл æвзонг цæргæс — Йе ’рбадт уым — дзуар-зæды уазау. Никуыма фехъуыстам ахæм нæртон хъæлæс — Минмырон зæлгæ хъуытазау! Уадтымыгъ сфæйлауы фурды йæ ныдздзæхстæй, Мæсгуытæ хæхты ныккæлынц. Уды тæлфгæ нуæрттæ скъуыйынц дæ ныхæстæй, Хурхы уадындзтæ æхгæнынц. Арвы нæрдимæ ныл Феликсы сахкъæвда — Туджы, цæссыджы пырхæндæг! Исчи цыма нын нæ хуры цæст аскъæфта — Зæрдæ ныммæгуыр, нырхæндæг! Ратахтис арт-цæфхад бæхыл æрвон барæг, Ма уа йæ зынгæн фæхуыссæн! Ничима азарыд афтæ ирон зарæг Иратаманы дæу хуызæн! 11
ТЕМЫРТЫ СЛАНГЕРИЙЫ ФЫРТ АГЕЙЫ ЗАРÆГ Мæ уæлвæз Къора, мæ дæлвæз Урсдон, Мæнæн уыдыстут мæ сæнтты рухс бон. Хæстмæ фæцыдтæн сымах ныфсимæ, Хæстæй æрцыдтæн уæззау цæфтимæ. Мæ фæтæн Соппæр—хос-иу кæм карстон, Мæ рыст уд ма йæм бæргæ æрхастон... Мæсыгных Фадау, нæ фосхизæнтæ, Нæ Суары астым — сырды лæсæнтæ... Тырмоны ирдгæ йæ сатæг хаста, Долæгъы дымгæ мæ сæр мын фаста. Мæ цуаны фæндаг — Беккойы мæскъыл, Мæ дард фæлгæсæн — Хурхоры уæхскыл... Куыд бирæ уарзтон мæ хæтæн рæттæ, Мæргъты хъæлæстæй зæлгæ сæрвæттæ!.. Мæ дудгæ сагъæс: мæ цот куы тыхсой, Чысыл хуртæ мæ æдзух куы мысой... Мæ равг æвæсмон, æнæ гуызавæ: Хи зæххы сыджыт — Хуыцауы арфæ! Хæцæн быдыры æнæ ныгæдæй Цы бирæ баззад æнæ уæлмæрдæй! Цытæ дзы федтон цыбыр рæстæгмæ Æфсæйнаг арты хъыхъаг фæздæгмæ! Цы дуг æрзылди мæ ныййарджытыл, Куыд сæ бафтыдтон уынгæг хъарджытыл!.. Ме скъоладзаутæ, хæрзахуыр зæнæг, Ма уæ ферох уæд уæ ахуыргæнæг! 22.111.96
ÆФЦÆГМÆ ФÆНДАГЫЛ Разныхас Уæд Сергейыл æххæст кодта фæндзай азы. Æрбацыди нæм чиныгуадзæнмæ. — Кæй бахъуыд æнæчиныг юбилей, фыдæбон æмæ фыдбылызы хос йеддæмæ куы ницы у, — дзырдта, æмæ йæ ныхас афтæ арæзт уыд, цыма бустæ кæны чиныгуадзæны кусджытыл, афтæмæй-иу хъуыдыйады фæстæ дæр бахудт. Æз раджы бафиппайдтон, Сергей кæимæ æрлæууа, кæимæ аныхас кæна, уый хъуамæ бахудын кæна, хъуамæ бахуда йемæ йæхæдæг дæр. Уый тæхудиаджы миниуæг у, æмæ йæ Сергей æрдзæй рахаста, йæ удысконды и. Чизоны йæ йæхæдæг зонгæ дæр нæ кæны, ахæм æгъдауыл хæст у, уый. Уæдæй нырмæ рацыди ссæдз азы, ссæдз даргъ азы, фæлæ мæнмæ афтæ кæсы, цыма Сергей æппындæр нæ аивта, нæ фæкарджындæр и. Уый не сфæлдисæг æрдзы бафæндыди афтæ: лæг йæхи нæ уыны, æмæ цæмæй куыд ас кæны, уый ма хата, уый тыххæй йæ алыварс чи змæлы, арæх кæй уыны, уыдон куыд ас кæнынц, уый дæр нæ хаты æмæ йæ ныфс нæ цуды. Зонгæ раджы бакодтон Сергейы. Базыдтон æй фыссæджы куыд базонынц, афтæ — фыццаг йæ фыстытæй, стæй та — лæгæй-лæгмæ. Фыццаг ын йæ «Цæххы пут» бакастæн, уый фæстæ — йæ иннæ уацмыстæ. Æмæ йæ хорз базыдтон, раст цыма йемæ æцæгдæр цæххы пут бахордтон. Радзырд мæм бахъардта йæ архайды сабыр-уæздан змæлдæй. Æмæ цыма уыцы змæлд мæ уæнгтæм бахызт, æмæ мæ исты фæрныг хъуыддæгтæм разæнгард кодта, афтæ мæм зыны абон дæр. «Цæххы пут» цы чиныджы уыд — «Мæ сæфт хуры хай» (1962 аз) — уыимæ бацыди Сергей нæ литературæмæ, бацыди, цæмæй дзы бынат скæна йæхицæн, фидар бынат. 13
Райгуырди Мæрзойты Сергей Хъарман—Сындзыхъæуы. Хъæуы номимæ зæрдыл æрлæууы Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæ: Ам чи ’рбæстон, ацы рæсугъд æмæ уаз ран? — Ам — Урсдон, ам — Къора, ам — Сындзыхъæу, Хъарман! Ам чи райгуырд, — амы æрдзхъомыс — йæ кæнæг: Уый свæййы философ, поэт, йе нывгæнæг! Гъе уыцы уаз ранæй райдыдта йæ фæндаг Сергей, ахуыргонд æмæ нывгæнæг-фыссæг. Хъæууон скъола, педагогоп скъола, педагогон институт, аспирантурæ — æмæ никуы батыхсти йæ ахуыры фæндагыл, æдзухдæр уыди раззæгтимæ, æдзухдæр уыди æнтыстджын. Уæвгæ Сергей, цы фена æмæ цы фехъуса, уыдонæй йæ никуы ницы ферох вæййы. (Мах ма йыл дис дæр фæкæнæм). Æмæ нæ исты хабар — раджы кæддæр чи уыд — уый куы бахъæуы æмæ йæ куы нал фæхъуыды кæнæм, уæд нæ дугъ Сергеймæ вæййы, æмæ йæ цыма знон федта, кæнæ йæ дысон фехъуыста,афтæ бæлвырд-бæстон нын æй æрлæууын кæны иæ зæрдыл. Иу иннæйы фæдыл цыдысты йæ прозæйы чингуытæ: «Ирон хæсмæ тындзæн нæй» (1963 аз), «Кæрæдзийæн исчи не стæм» (1965 аз), «Денджыз мын дзырдта» (1965 аз), «Бонцæуы æмæ фарн хæссы» (1966 аз)... Кæй иррнау фыста, кæй уырыссагау, кæй ам, нæхимæ уагъта, кæй — Мæскуыйы æмæ иннæ горæтты, афтæмæй ’иу ссæдзæй фæфылдæр сты йæ чингуытæ. Мæрзойы-фырты сфæлдыстады сæрмагонд бынат ахсынц йæ романтæ «Дзæбуг æмæ хъæсдарæг» (1973 аз) æмæ «Къæхтысæр» (1981 аз). Æмæ цы нæ куыст бакодта Сергей, æмæ ноджы кæддæриддæр цардæн йæ тæккæ фыцæны чи уыди, ахæм куыстытæ — чиныгуадзæн «Ир»-ы редактор æмæ хистæр редактор, газет «Социалистическая Осетия»-йы хайады хицау, журнал «Мах дуг»-ы хайады редактор, стæй йæ сæйраг редактор «Мах-дуг»- æн.ЦИНИИ-ы хистæр наукон кусæг, Цæгат Ирыстопы Фысджыты цæдисы бæрнон секретарь, Цæгат Ирыстоиы Фысджыты цæдисы сæрдар... Уый æдде æрвылбоны æхсæнадон куыст: партийы Дзæуджыхъæуы горкомы уæнг, горсоветы депутат, нæ республикæйы Сæйраг советы депутат... Æмæ сыгъдæгæй фæхаста Сергей йæ цæсгом уыцы паддзахадон æмæ æхсæнадон куыстыты, козбау ныхас зæгъыи никуы æрхаста йæ сæрмæ, цæстмæ ми никуы никæмæн бакодта. Никуы дзы ферох и, адæмы раз ыл цы стыр бæрн æвæрд уыд, уый. 14
1967 азы Мæрзойты Сергейæн йæ уацауты чиныг «Бон цæуы æмæ йемæ фарн хæссы» зæгъгæ, уый тыххæй лæвæрд æрцыди Хетæгкаты Къостайы номыл литературон преми, 1987 азы нæ республикæйы хицауад уынаффæ рахаста Мæрзойты Сергейæн Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæджы ном раттыны тыххæй. Ныр Сергейы райгуырдыл æххæст кæны 70 азы. Авд, æвдай, авд-авды—уыдон нæ фыдæлты уарзон нымæцтæ сты, æмæ мах дæр уыдонæй фæуæм нæ цыбыр ныхас нæ дзæбæх, нæ зæрдæхæлар æмбалы тыххæй: йæ чингуытæ авд-авды куыд бауой, йæ цард та æвдай æмæ ноджы æвдай, уыцы амонд радтæд дунейы фарн! Хуыгаты Сергей
МÆРЗОЙТЫ Сергей ХЪЫСМÆТ У а ца у Сæрымагъз ныууæззау. Йæ кæхцы мидæг æй нылхъывдæуыд. Адæймагæй цыма фæиппæрд. Агъуды æфснайдæй хицæнæй цæры. Стæм хатт фенкъуысы йæхимидæг, æмæ лæг гæзæмæ банкъары, йæ алыварс цытæ цæуы, уый. Æвæццæгæн бонивайæнтæм бирæ нал ис. Æви рæстæг хурыскастæй фæивгъуыдта. Æрдз тарбын фæлмы ныгъуылы. Бæлæстæн сæ фылдæр абæгънæг. Дзыгъуыр сыфтæр хуылыдз мæрыл æмбийы. Фæсалимæ сæмхæццæ. Арвы æмпъызт фæскъæуттæ лæзæрын байдыдтой. Кæд уымæн фæуазал кодта. Уымæл буары ахъардта. Сæртæг фынты хъарм байсыст. Уазал æмæ уымæл лæдæрсынц зæхх æмæ дуртæй, арв æмæ бæлæстæй. Хуыцау сæ стæгниз æмæ хуыфæджы хосæн сфæлдыста. Фæлтау сусæны мæиы ихдзагъд кæнæ тæрккъæвда. Фæлтау тъæнджы мæйы митуард... Хъуынайы тæф фындзыхуынчъытæ къахы. Цыма исчи галты ахсæнтæ хус кæны, йе та чидæр йæ туаг хуырхы уæлдæйттæ акалдта. Фæлæ хъæд æмæ зæхх сты цæрдудæн йæ дарджытæ. Уæларвмæ кув, зæххыл фидар лæуу, хъæдыл дæ зæрдæ макуы сив. Уынгæджы бон зæдтæ æмæ дауджытæм не стæхдзынæ. Зæхх дæ банорддзæн йæ дыдæгъты. Хъæд дæ бамбæхсдзæн йæ дæлбазыр... Уад тыхрæдывдæй афæлдæхта рагон тулдзы. Йæ бындзæфхад цæнкуыл уæйыджы цонгау ныхъхъил. Фегом талынг хъоргъ. Хус. Фæлмæн. Æдас. Раджы бахаудаид бæлас фыдбылызы. Йæ уидæгтæ æфсæйнаджы лыггæгтау — сау-сауид. Дзыхъы былтæ æркалдысты, фæлæ йæм дымгæйы æвзаг не ’ххæссы. Æвæджиауы фысымуат. Бонæй — æнæмаст, æхсæвыгои — æнæмæт. Кæннод хæцæнгарзы къæр-къæр къæвдайы æртахæй асламдæр сси. Цыма алы дур дæр нæмыгдзæф фæци, алы 16
къудзийыл дæр зынг сирвæзт, алы бæласыл дæр цыргъаг æруагьдæуыд... Лыстæнæй разынд скъуыдтæ батинкæ. Йæ фарсмæ февзæрд йæ къуымыхфындз æмбал. Уый дæр пырхытæ, цъыфæй æмæхгæд. Зæнгбæттæнтæй уæлæмæ гæлифе хæлаф, ноджы уæлдæр — бæмбæджджын фæлыст. Чидæр хуыссы уæлгоммæ. Фæтæн къух фондзæхстоныл æруагъта. Ставд æнгуылдз фæкъæппæввонгæй ныззылын. Тымбыл сæр цыбыр æлвыд. Дзыкку^халасдзагъд. Æнæдаст цæсгом уыцы æмвæтæнæй бандзыг. Йæ арф æнцъылдты йын хид æмæ рыг чъизивæдтæ ныууагътой. Хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ æмбæхсынæн скарстæуыд ахæм былтæ, рустæ, уырынгтæ ных æмæ пыхцыл æрфгуытæ. Лæгмæ тас равзæрд, гъе маст ссардта — сæфтыл сæ банымай. Йæ цæстытæ сзылдта — ницы бафиппайдтай. Æхсидав сæм бадар — нæ сæ фæныкъуылдта. Уирагдурæй дыууæ къæртты. Дыууæ уазал æртахы уарындзæст æврæгътæй. Зынгхуыст кæнæ æдыхст — уымæй дæр йæхицæн зæрдæ мачи бавæрæд. Мæлдзыджы фыдæбон сæ нæ аирвæздзæн. Мæры тæнæг уæлцъары бын зулчъы змæлд рахатынц. Бæласы къалиуыл цал сыфы ис, уый уайтагъд бахынцынц. Лыстæг сырды дзæмбыйы джипп дардмæ базонынц. Афтæ зæгъæн ис лæджы хъуынджын хъустæй дæр. Хъæугуывды кусæрттагæн йе ’взаджы йæстæ сты. Халон сæ æйчытæ æрæфтауид. Фæлæ сæ хицауæн йæхи тынгдæр хъæуынц. Æхсæвæй-бонæй сæ ифтыгъдæй дары. Хъал уа æви фынæй — уæддæр хъусы. Уымæн æмæ йæ цæрын фæнды. Иунæг уыцы бар ын рардæуыд æмæ, йæ быцъынæг чи аскъуына, уымæн дæр æй нæ ратдзæн. Къæцæл фæсаст, къудзи базмæлыд — кæйдæр йæ куиты рын тилы, йæ алывæрсты сцоппай. Маргъ кæмæйдæр, йе цæмæйдæр фæтарст — чидæр кæнæ цыдæр лæгæрды, быры, хъуызы тæригъæддаг зæххыл. Хорзæй мацæмæ æнхъæлмæ кæс. Хæрзтæ раджы фесты уæрст. Æмæ хъус. Хъус æмæ ирвæзай... Уæрджытыл рабырыд йæ ахстонæй. Былтæ цъуппæвæрд. Роцъо схъæл. Басмыста. Сулæфыд. Чысыл ма йæ бахъуыд ферхæцынмæ. Гæныстоны уымæл. Фондзæхстон куы сызгæ уа, уæд марадз фæдис самай. Иæ зæрдæйы уаг цы уыд, уымæй фæфыддæр. Нæ йæм дон, нæ кæрдзыны мур. Нæ дын нывыл боныхъæд... Цæстæнгас зæххæй нæ исы. Фæдбæрæг ыл нæ зыны — дысон-бонмæ йæм хæстæг æрбацæуæг нæ фæци. Уый хъæлæкк хорз у. Фæлæ йæ мидæгæй цыдæр сæлвæста. Æвæццæгæн масты дзæкъул йæ оылтæй акалд æмæ тъæнгты æвдæрзы. Хъуыдытæ æмæ 2 Махдуг№2, 1997 17
æнкъарæнтæ йæхиуыл сбаста. Фервæзыны амал сæ нæй. Знон сæ æлгъыстаг уаргъау къахкъуыргæ æмæ гæпкъахдзæфæй фæхаста. Æхсæвы йæ удхарæй фæмардтой. Ныр дæр уыдон уæзæй фæгуыбыр. Буары рис нæма ссыд. Нуæрттæ се ’лхынцъытæ нæма райхæлдтой. Зæнгтæ хъæдгæмттау дудынц... Фæндаг не ссардта. Хæмпæл æмæ пыхсы, æрхытæ æмæ цъыфдзæстыты фæцыд. Йæ балцы дæргъ, йæ зынæвзарæн йæ къахыдарæсы рæвдзытæй бæрæг у. Цинел дæр ма йæм куы уаид, йе цырыхъытæ. Цыбыр буархъарм гæнæн æмæ йæм хъæбæр батинкæтæ æрхауд. Бæмбæджджын рæдывдтытæ — къалиутæ æмæ бæзджын цъыхыры нæуæг дзаумайæ къахсæрфæн сарæзтой. Къахы фæлыст дæр кæуинаг. Къæвда бон уайтагъд алæбырдзæн уафсæй, уæлфадæй. Цыма сæ хом цармæй бахуыдæуыд, уыйау ницæуыл хæцынц. Батинкæтæй иуæй рабырыд чъизи æнгуылдз сау ныхимæ. Иннæ телæй æлвæст. Бæгъæввадæй дæр лæг йæ сæрæн исты хос кæнид, фæлæ афтид голлаг хъил нæ лæууы. Дыккаг бон йæ дзыхы кæрдзыны мур нæма сфæлмæн, йæ хурхуадындзты доны хуыпп нæ аирвæзт. Зæрдæ схæссы. Ахсæны къултæ кæрæдзийыл баныхæстысты. Хъуыртæ риссынц комыдæттæ ныхъуырынæй. Былтæ скъуыдтæ асдæр-асдæрæй дудынц. Æвзаг барæсыд. Цæсгом æмæ цæстæнгас — æххормаг сырды сæргой. Уæд та арв æмæ зæхх кæрæдзийы хойæнт, æмæ сæ тыхтонайæ хæрзгыццыл кул равзæра... Æхсæв-бонмæ хуыссæджы бардуагмæ фæкуывта. Мæрдтæй здæхæгау ныддæргъвæтин рæстæг. Цымагтæфгæнæг цъыфдзасты фæцæйныгъуылд — æнæбын талынг уæрммæ йæ сыфцæй фæластæуыд, æмæ æвиппайды фыдфынты æвджид аззад. Залиаг кæлмытæ йæ æууылдтой. Хъæрццыгъа йын йæ игæр æхсыдта. Халæтты маройæ сфæлмæцыд. Хъалæй цæмæй тарст, уый йыл æрцыд. Мæлæтдзаг тас æй йæ уæлныхты систа æмæ... фехъал. Æрæгæй нырмæ тас йæ ирвæзынгæнæг сси. Йæ риуы йæ нал æнкъары, уæд — бынсæфт. Боны рухс дæр ма уый фæрцы федта. Фехъал, цæмæй та къæрцхъус уа æмæ ирвæза. Ау, афтæ йыл сæнувыд мæлæт? Уæвгæ йын цæстæй хай куы нæй. Аууон. Æндæр ницы. Кæд ыл æууæндыс, уæд ис. Кæд ыл не ’рвæссыс, уæд та æрмæстдæр — йæ кой. Ма йæ агур, æмæ дæ ма ссара. Ма йæ хъыгдар, æмæ дыл йæ бæллæх ма сæвæра. Хæрз æрæджы дæр ма афтæ уыд. Ныр алцыдæр йæ уаг аивта. Ис ыы, ис конд æмæ уынд, цæсгом æмæ æвзаг, фæтк æмæ æмгъуыд. Адæймаджы алывæрсты зилы. Мигъау бады йæ сæрмæ. Æвæды йæ къæхты бын атулы. Цыдæриддæр цæуы, тæхы, хилы, быры, уый хæссы 18
мæлæты уаргъ. Æмæ йæ афæлив, дæ фыдгулы фæдыл æй бафтау. Ныроиг æй йæ койæ зыдта. Исчи фæзиан, искуы иу зæропд Хуыцауы раз йæ хæс бафыста, уæд-иу мæрддзыгой уæлмæрдтæм пыххал. Хионтæ дзынæзтой. Хъарæг устытæн цæссыгæй хæйттæ уæрста. Фæлæ иу зонд се ’ппæты маст дæр урæдта. Æнæмæлгæ дупе иæй. Адзалæн мадзал нæ вæййы... Рæстытæ-иу дзырдтой хистæртæ ныхасы дæр, уæлмæрдты дæр. Раст цы уа, уый та риссаг дæр уæд, судзаг дæр — æууæнкыл æй сбастæуыд. Уымæн-иу банцад устыты марой. Хæстон лæгыл æидæр дзуар дары йæ арм. Йæ ном йæ уæлæ — бæллæх. Йæ хъæубæстæн хæрзбон куы загъта, уæд æм ахæм хъуыды кæм фæзындаид? Адæмы фарн тыхджын хонынц. Сæ цæссыг дæр бæлццоиæн — ныфсæвæрд. Сæ фæдзæхст æмæ хорзæх — æвдадзы хос. Бинойнаг дæр йæхиуыл хæцын фæрæзта. Дæрддзæфæй йæм сæрыстырæй каст, цыма йын йæ тыхыл тых æфтыдта, цыма йæ æнæзагъд катай карз сомы уыд. Бæлгæ та иууылдæр иу амондмæ кодтой: æрмæстдæр уæлахиз, тæхуды, æмæ цæнкуылтæй дæр — сæрæгас... Хуыцау æй æвæдæй иыууагъта, æмæ йæ фæндарасты бон бæрзондыл бадæджы фыдæх хъамайы фындзау срæхуыста. Иу хатт ма фæзылд йæ цардæмбалмæ. Уайдзæф сæбухта тызмæг цæстæнгасы. Ус, мæгуыр, йæхирдыгонау цыдæр скарста. Æвæццæгæи ын æицой агурын æнхъæл уыд — парахатæй йæм бахудт. Кæлмæрзæи уæхсчытыл æрхауд. Дымгæ цъæхбын дзыккуты быд сфæйлыдта. Уалынмæ æфсæн дугъон йæ бынатæй фенкъуыст. Цæй тыхст æмæ ма цæй æндæр — згъордта æмæ згъордта æгæрон тыгъд быдырты, тахт æмæ тахт стыр цæугæдæтты сæрты. Æмæ та-иу бæлццоны цæстыты раз февзæрд йæ æрхæндæг æфсии. Бæгъæмсарæй. Ныфсаудæгæй. Æнхъæлцауæй... Уыцы бон лæгæй ферох уыдзæн, чырыны æвæрдæй йæ уазал иигæнмæ куы ныйисой, æрмæстæдæр уæд. Бон уыд æви мæйдар æхсæв — Хуыцау йæ зонæг. Фæлæ цыма фыццаг рухс уыдис. Стæй арв ахъулæттæ. Йæ тыгъдад сау сыптæй байдзаг. Ихуарæгау нæмыг нызгъæлдæуыд. Бомбæты цæлхъытæй зæхх фæрчытæй хауд. Сахаты ’рдæджы бæрц ахастаид хъаймæт. Чи зоны, фылдæр, чи зопы, къаддæр, фæлæ фыццаг хатт мæлæты уæд федта. Æлгъагæй. Гомыссырæй. Тугдзыхæй. Пакъуыйау-иу фæйнæрдæм фæхаста хæдтулгæйы дæрæнтæ, сæхицæй та сыи хъæлтæй хъазыд. Фехъуыста йын йæ къуыззитт—алырдыгæй пиудта æмæ дзынæзта. Базыдта йын йæ ахаст — ницæуыл аУæрста, йæ амæттæгты-иу сæ туджы мæцгæйæ йæ хуымгæрои 19
фæуагъта, йе та-иу сын ингæнты бæсты арф дзыхъытæ акъахта. Мæрдты бафснайдтой. Цæфты кæдæмдæр аластой. Чи фервæзт, уыдон та размæ аггуырстой. Азгьордта йе ’мбæлтты фæдыл. Уалынмæ сæ иу æрхауд, стæй иннæ дæр зæххыл атылд. Кæд афтæ æмбæлы зæгъгæ нæудзармыл фæтъæпæн. Стынг та хæсты уынæр. Æмæ уæд адон... Удхæссæг сыл азылд? Тас æй фесхуыста. Тъæбæртт самадта. Цæст нйкæуыл хæцы. Топпыты къæр-къæр та нæма бамынæг. Æнхъæлдæн, йæ арт бауазал. Знаг йæ тæккæ акомкоммæ. Сапоны фынкау дымсы. Цы уа, уый уæд! Йæхи йыл уæззау цæфæй скъуырдта æмæ... цъыфы атылд. Схъиуæгау рабадт. Адæргæй йæ марæджы срæхуыстытæ кодта. Мачи дзы уа... Йæ амæттаг хуымæтæджы хосы мæкъуыл разынд. Уалынмæ йыл чидæр зынг бафтыдта, æмæ кæйдæр хæдзары дæлбазыр фæмидæг. Бæстыл рын сыстад? Цъиуызмæлæг нæ зыны. Фосы æмбу нæ хъуысы. Æрмæст арты æвзæгтæ сыхæй сыхмæ зыдæй лæбурынц. Йе ’мбæлттæ сæхи хъæдыл ма бафæдзæхсæнт? Сæ фыдгул та... Авддæлдзæхы ныххауæд. Æнхъæдæн, йе ’лгъыст йæхи сæрыл æртыхст. Немыц фæндаг бацахстой. Бырсынц, сæхæдæг чысыл раздæр кæм бадтысты, уырдæм. Уырдыгæй та æвæццæгæн дарддæр. Тыхгæнæгæн тых ничи ссардзæн. Мæнæ зæхх, уæлæ арв. уыдонæй фæхæрынц ард. Сæрсæфæны фæкуыси, фæлæ хæхты дзуæрттæй нæ ферох — цъæррæмыхст дæр нæ фæци. Табу сæхицæн. Кæд ма искуы ирон дон бануаза, уæд сын галы сæрæй скувдзæн. Сæнттæ цæгъдын царды хос куы уаид^ уæд афонмæ йæ мæсыг амад фæцадаид. Уымæн та йын бындур æвæрд дæр нæй. Афтæмæй йæ æрыййæфта хæсты хабар. Гутондары амэндыл йæ къух систа, кæддæр йæ зæххы гæбаз сæ хъæуы иумæйаг хуымыл куы бафтыд, уæд. Нал ын бабæллыд йæ бирæмæ. Хъазт æмæ зардæй йæ зæрдæ никуыуал байрад. Æхсæвгæсы куыстыл фæхæст æмæ йæхиуыл схæцыд. Дæхæдæг дæхицæн хицау. Цæстдарæг æмæ цæст-уынæг стæм. Амал кæн, кæд арæхсыс, уæд. Сæ къуымы ма бындары хъыллист куы сирвæзтаид, фæлæ фæдис фæраздæр. Ивгъуыд бонтæй нæ рæвдыд зыдта, нæ æндæр буц митæ. Æхсæвыгæтты ма-иу бавзæрста царды ад. Йæ мулкыл дæр-иу уæд бафтыд, йæ бинойнагæй дæр-иу уæд фæбузныг. Арфæйаг æхсæвтæ... Мæйдар æхсæвтæ... Хъæд уымæ æнхъæлмæ кæсы, уый та æдзæрæг хъæуы астæу ныццæхгæрмæ. Къох Хетæгмæ... Рагон таурæгътыл цысбæндæн? Ныртæккæ йæ сæр куы нæ бафснайа, уæд бабын... Пыхсбыны лæгæрды. Фæндагвæдæн йæ кой дæр нæй. Агургæ 20
дæр æй нæ кæны. Кæдæм æмæ йыл кæй фæстæ фæраст уа? Ничи йæ хъæуы. Никæй хорзæхмæ бæллы. Æрмæст хъæдæй афтæ нæ зæгъдзæн. Фæлæ уый дæр æрæгвæззæгмæ йæ хæрзтæ уæрст фæвæййы. Йæхæдæг тæригъæдæй куы мары. Къудзитæ ссæст, бæлæстæ фæлдæхт, æрдузтæ — зынгхуыст артдзæстытæ. фæнык æмæ æвзалы, фæйлыд саумæр æмæ дурты пырхытæ. Ностæ, арф ностæ... Хъуамæ кæрæдзийы рис бамбарой. Æндæр уæдæ кæдæм фæлидза? Хъæд æмæ фондзæхстоныл фæдзæхсы йæ тæригъæддаг уд. Хæцæнгарзы хæтæлæй фæздæджы тæф нæма скалд, фæлæ йæ ныфс — ныфс. Къудзиты æхсæн ауыдта кæлдым æмæ йæ ных уымæ сарæзта. Фæсвæд ран. Æдас бынат. Раппæрста батинкæтæ. Къæхтæ хæфсы къæхтау — тъæпæн, хом, уымæл. Бады, кæсы, хъусы. Йæ рагон ахуыр нæ халы. Æхсæвгæсы низæй ма сæйы. Алы къуырцц дæр — бæллæхы фидиуæг. Алы къупп дæр — удаисты хос. Æцæгæлон хъæды та — къæппæг. Фæлтау хъус æмæ кæс. Халоны хъуахъ дæ ма аирвæзæд. Æрдузы æууæрст, бæласы æфхæрд, къахвæды джипп — мацы ныууадз æнæсгæрстæй. Хъустæ æмæ цæстытæй хъæстаг нæу, фæлæ бирæгъы йæ къæхтæ дарынц. Бæгуыдæр, бирæгъы хал ахордта. Саухъæды иунæгæй ниуы. Мамæлайы къæбæрыл йæ уд авæрид. Куыннæ стæй! Дæхи мæлæтæй баиргъæв æмæ дæ цард хойраджы мурыл авæр... Тæхуды, æмæ иу комдзаг. Чидæр бирæгъæн æмбисæндтæ хаста, уый та йæ хъус сæгъы мехъмæ дардта. Топпы нæмгуытæ йæ арммæ æрызгъæлдта. Фелхынцъæрфыг. Кæйдæр мæрдтæм æвзæр цыдæртæ ныффæлдыста. Фондз нæмыгæй Хъарсы фидар куыннæ басастай. Уæллаг ын тугдзыхты йæ фæдыл ма бафтауæд. Цæстыфæныкъуылдмæ йæ тæрхъусы æхсыд акæндзысты. Зæрдæ йæхи риуы къултыл ныххоста. Кæй кой кæнай — къæсæрмæ. Гъеныр æй цæй бирæгъы мæт уыдис? Дæхицæн æнцад бад æмæ дзидза хæрай. Ма та смондаг уæд. Сыдæй мæлы, афтæмæй дзидза æрæмысыд. Фæлæ уыцы тыхджын уынæр... Зæй цыма ракалд. Бирæйæ, тынг бирæйæ ссæндынц. Кæлдымы аууон абырыд æмæ кæсы. Ас адæм, сылгоймæгтæ, лæппутæ. Се ’ппæт дæр гæрзифтонг. Партизаытæ ма уæнт? Исчи йæм фæкомкæммæ, уæд — аллайаг. Чи дæ, кæцон Дæ, кæцæй фæдæ? Тæппуды — гæрах. Дезиртиры — гæрах. Æмæ сын æниу йæхи кæцытæй схонид? Йæхæдæг дæр ын куы ницыуал æмбары. Нæ, тæппуд нæу. Уый дæр размæ бырста. Йæ хæцæнгарз хъамылтæм нæ фехста. Дезиртиры ном дæр уæдæ Уымæ нæ хауы. Кæмæй фæлыгъд? Æфсад уыд æмæ фесæфт. ^упæгæй кæй фервæзт, йæ аххос уый мидæг ис? Нæ, адонæй 21
хайыр нæ фендзæн. Æнхъæлдæн, сæ иу фæхибар. Бæрзопд, æлвæст, ракæнонхуыз. Цæстæнгасæй хъæды къуымтæ асгары æмæ йе ’мбæлтты фæдыл атындзы. Рæствæндаг уæнт. Сæ дымгæ дæр мауал уæд. Мæсыг хи дурæй хæлы. Змæст рæстæг лыстæг хъуыддæгтæ никæйуал фепдавынц. Цъыкк æмæ æназым сæр атахт. Табу дæхицæи. Уастырджи, æцæгæлон саухъæдæй дæм кувы лæгъстæйаг хохаг, æмæ, табуафси, дæ хорзæх... Æгайтма уынæр адард. Æгайтма кæмдæр уымæл æрхы ба- мынæг. Пыхсы дæр дæхи нæ баиорддзынæ. Æнæкъона адæм сбирæ, дзæгъæлдзæуæг сарæх. Ноджы ма алы дзидзидай дæр хæцæнгарз райста. Цард æмæ мæлæтæй хъазынц, æмæ дыи иу зындзырд дæ мæкъуыстæгыл куы ’рхæца, уæд дæ хæйрæджы ном ныййарæджы номæй раздæр срæцыгътай... Хъæуты та — немыц. Быдырты дæр нал цæуынц. Циу уыдонæн иу мæгуыр уды хъысмæт? Тихалæджы къæрцц. Бындарыскъуыд фæуæит. Фыдыуæзæг сæ мачиуал ссарæд. Нæ зæхх сын ингæн фестæд... Зæхх судзы доны былгæрæтты. Зынджы пырхæнтæ атайынц йæ сау уæлцъарыл. Тæвд æфсæйнаджы схъистæ аныгъуылыиц йæ арф гуылфæнты. Тугтæ ласы. Мæрдтæ ’фснайынмæ дæр фæкæсы. Уырдæм сæ чи фæкалдта, уый ничи зоны. Уымæй ничи иикæй фæрсы. Тæхуды, æмæ фурды амонд. Макæй хъыгдар æмæ дæ мачи хъыгдарæд... ’ Иунæгæй джиуы мæрддзæст арвы бын, тар хъæды астæу. Чъирикувæг дæр йæхæдæг, омменгæнæг дæр, лæууæг æмæ аходæг дæр. Фæлæ куывды нæ бады. Дзаг фынг нæй йæ разы. Хуыздæр истæмæ дæ не ’нхъæлмæ кæсы, уымæп æмæ ахæм уав- æры хуыздæрæн уæвæн нæ вæййы. Ничи йыл батыхсдзæн. Йæ уд абои æмæ сомбоныл фæдзæхсы. Райсом ыл мыййаг хур куы нал скæса, уæд ацы мæнг дунейæн йæ быны рухс суагъдæуæд. Алцæмæн дæр ис кæрон. Æрмæст фæстаг бонæн дæр æмгъуыд счындæуыд, æмæ йæ хъæды къуымы цæмæн хъуамæ æрсура? Йæ фæд уымæн æмбæхсы, стонг æмæ дойныйæн уымæи бых- сы, цæмæй йæ цæрынхъуагæй Барастырмæ мачи барвита. Уæвгæ Барастыры ардæм кæм равдæлдзæн, стæй, мыййаг иунæгæй куы нæ сарæхса. Мæрдты ныгæнæг куы нал ис... Къухы цы вæййы, уый адæймаджы цæсты нæ фæахады. Развæд — ахст, дæ фæстæ — мæлæты æндæрг. Тæхуды, æмæ дæ хъæубæсты æхсæн фест. Цыфæнды зынтæн дæр ныффæразид. Дуртæ тулид, бæлæсты лыггæгтæ сыфцæй ласид. Гутоныл дæр æй сифтындзæнт — нал фæоцани уаид. Цард цæрынæн сфæлдыстæуыд. Базары йæ дуцгæ хъугау иæ балхæндзынæ. Бæтгæйæ дæр ын самалгæиæн пæй... 22
Зæххыл ын тугхæстæг нæ равзæрд. Не стыр мыггагæй хъал уыд, нæ мадырвадæй. Хъуыддаг бакодта, æмæ та къабазæй гаф- футт разынд. Йæ сидзæр цардæмбал кæйдæр фæсдуар цæкуы æмæ сылыйæ хастæй схъомыл. Хорз æмæ хæрзуынд, хæрзуд бинойнаг быхсаг рахаста. Цот рауадзынæн дæр сын нæма бай- рæджы. Иунæг уымæй зоны фæлмæн дзыхы дзырд, буц рæвдыд. Стæй ма æхсæвгæсы чысыл хинтæ æмæ ныхылдтытæ... Уыдон дæр кæд йæ ус æмбæрста, æндæр ничи. Сылгоймагæн йæ дзык- ку даргъ, йæ зонд цыбыр, фæзæгъынц. Схъиуд уайдзæф дæр- иу сфæрæзта, быцæу ныхас дæр. Æмæ йæхицæн исты агуырд- та? Цард доны къусæй уæлдай нæу. Дыккаг цардæй нырма зæрдæ ничи никæмæн бавæрдта. Уый йын уасыд æппынæдзух йæ хъусы, æмæ къæрттæй цъула не ’ппæрста. Цы фæци цымæ, цы митæ кæиы афонмæ хæдзардарæгæй? Цæй, сылыстæджы фаг фыдæбæттæ кæм ис? Сæ иумæйаг цардвæндаг ма аскъуынæд, уыййеддæмæ адæмы хъæр бамбардзæн. Ау, йæ рæстад æм ацы тымыгъты фæстæ дæр нæ бахъардзæн? Уæд бынтон хуырымæй фæзынд рухс дунемæ. Мæгуыр иунæг йæхæдæг, æдзæлгъæд адæймагимæ чи батондзæн йæ хъысмæт. Уынæргъгæ рабадт. Сбаста йæ къахыдарæс, райста фондзæхс- тон æмæ хъуызæгау араст. Бæласæй бæласмæ. Къудзийæ къу- дзимæ. Мæнгæфсон ныфс ферттывта йæ мысинæгты æмæ уай- тагъд атæппал. Уæвгæ адæймаг алцæуылдæр фæцалх вæййы. Рис, æххормаг æмæ дойныйыл дæр. Ской сæ нæ уадзы, афтæмæй лæгæрды. Иуафон цавæрдæр фæдмæ рахызт. Рагон къахвæн- даг кæнæ та фосы сæфтджытæ кæй ныннадтой, ахæм нарæг уадздзаг. Ныгуылæнæй скæсæнмæ ивæзы. Хъæдмæ æввахс цæрæг хъæу ма разынæд. Цымæ кæй къухы ис? Немыц æй байстой æви?.. Æмæ ма уæдæ ныртæккæ чи хъуамæ бада хъарм хæдзæртты? Фæлæ йæ йе ’мбудæнтæ нæ фæливынц. Сатæг уд- дзæфы змæлд æнкъары. Кæцæйдæр лæдæрсы йе ’хсызгон улæфт. Цалдæр къахдзæфы ма акодта æмæ фæджих. Ставд бæласы бынæй кæлы суадон. Лыстæг дурты æхсæн урс цæппузыртæй хъазы. Къаннæг малы уырынгтæ уæлцъар цæстыфæныкъуылдмæ алæгъз вæййы. Цæссыджы халдих. Æвæццæгæн асæрды сыф- тæры цъæх æмæ арвы ирдæнгасæй фæхайджын æмæ йæ хуыз нал аивта. Нæ йын райдайæн ис, нæ кæрон. Сæрæй исгæ, бынæй ахадгæ. Гъæй, йæ хæсгæ мæрдтæ!.. Уром, бецау. Арв æгæрон фæуæд, фæлæ зæххы æмдымбыл хонынц. Дæхи искæуыл скъуыр дзынæ, дæ къах айсынхъом куы уай, уæд. Иунæгæн æгæр стыр хуын уаид. Абон, æнхъæлдæн, фæрæдыд — сæ ротæ бындзагъд нæ фæци. 23
Суадоны уæлхъус бафынæй хæрзæрыгон æфсæддон. Сау- лагъз. Рæсугъд цæсгомыл дзæбæх фидауынц фæлмæн рихитæ. Æвæццæгæн цыргъаг дæр нæма бавзæрстой. Карчы бæдул тох- дзуйыл бафтыд. Гуыргъахъыл нæма стæппæлттæ сты йæ зæвæттæ. Хъыцъыйы донæй нæма ныддымст. Цы загъдæуа се сфæлдисæгæй дæр? Йæ фыдæхы дзæкъул та райхæлдта. Æндæр æй уæдæ ацы хомбыл цæмæн бахъуыд? Æнæ маст кæй нæ уыдзæн, ууыл йæ Хъуыцауы къух дæр ратдзæн. Æмæ уæд йæ фондз нæмыгæй иу фыдæмбæлæгæн — нывонд.^ Рагацау æртхъирæнтыл куы схæцыд. Тас фæмидæг йæ риуы? Йæ тæппу- дыл басаст? Хæрхæмбæлд фесты, фæлæ къахвæндагæй иуварсмæ фæзилæн дæр ис, æмæ гъæй кæнæд, кæдæм æй фæнды, уырдæм. Уæд та йæ бæрны бацæуид. Иугæр сæ хъысмæт уæрдæхæй сбас- та, уæд хистæры фарн уымæ хауы. Иæхиуыл баууæндыд æви æвзонг хæстоныл? Иу къахдзæф, иннæ... Æнæуынæрæй лæппуйы цур слæууыд. Цæстытæ — цъынд, цæсгом — чъизиамæст. Бастад. Къуындзихыл бахауд. Фондзæхстон дуры æнцой фæуагътъ. Бахъуаджы сахат æм нал баххæссид. Саби... Фæкæсынхъуаг... Бавнæлдта йын йе уæхскмæ. Лæппу фестъæлфыд, фæдисхуыз, рæвдз фестад. Æууæнкджын саджы лæппын. Фæсид æм, æмæ дæ фæдыл згъордзæн. Сырд дæр нæ фембары, цуанон хæрзтæй йæм цы фенхъæлмæ кæсы, уый — карды ком æви æхсыры къус... Цыма йын цыдæр йæ риссаг хъæдгом фæцагайдта. Дуды? Уый дыл, мæ къона, мæлæт ахафта йæ базыр... Лæппу æрсабыр. Æнхъæлдæн, хионы æрбахаста йæ къах суадонмæ. Йæ дарæс, йæ рæвдзытæ гуырысхойаг не сты. Йæ хæцæнгарз дæр йæхи фондзæхстонимæ иу джиппы уагъд. Æфхæрд, фæллад бæлццон азтæй дзæвгар бахсыдта, фæлæ тасын нæма комы. Тымбыл сæр æрæнцад фидар фæтæн уæхс- чытыл. Дасæн рагæй нал райстаид йæ къухмæ. Цæсгомы хил æмæ сæрыхъуын ихдзагъд хуымау рыгæмхæццæ. Зынты сфæлтæрдта — йе’дзынæг цæстæнгас æнахуыр дæрзæг æмæ æгъуыз, лæгыл цыма фæнык бапырхчындæуыд. Кæд ын доны хуыппæй фенцондæр уаид. Катилок донгуырæны фæтъыста. Цъупдзагæй йæ уазæгмæ авæрдта. Уый йын иу æлвæстæп йе ’мбисы бæрц аныхъуырдта, дысалгъæй йæ былтæ ныссæрфта æмæ кæлдымыл æрбадт. Куыддæр æрлæмæгъ — катилок йæ къухæй æрхауд æмæ дуртыл атылд. Кæрæдзийæн йæ бон хорз æмæ æгасцуай уазал донæй загъ- той. Фысымы æгъдау лæппумæ æрхауд. Лæгмæ фондзæхстон йеддæмæ ницы ис, æмæ йæ цы бамбарын хъуыд — сыдæй мæлы. 24
райхæлдта йæ дзæкъул, систа хус къæбæртæ. Уазæджы цæстытæ сæ къуырфыты фæтæпп ластой, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. Тагьд доп Терчы не ’ййафы. Афтид ахсæн сыхырна фестдзæн. фæстæдæр æхсæвæры номыл скомдзаг кæндзæн. Æруагьта йæ бæзджын уæлтъыфæлттæ. Сæ иуыл æрзад бызычъи, æмæ йæ сонт фæкастæй исчи сохъыр фæхондзæн. Уæвгæ, иуцæстон æфсæддон нæ вæййы, стæй дæ цæстыфæныкъуылдмæ къахы фыидзæй сæрыхъуыны онг мадард бæгънæг куы акæна, уæд ма æндæр исты дæр æрæмысдзынæ... Лæппу йæ æнæфсарм хъуыдытæ фæуагъта — аив нæу кар- дзыд лæгæй хъазæнхъул аразын. Æгайтма иу донæй суагътой сæ тыппыртæ. Æгайтмæ тыхст уавæры фидар æнцойыл фæхæст. Хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс, фæзæгъынц. Гутондарæй дæсныдæр та чи хъуамæ уа æрдзы чиныгмæ. Æхсæв ын стъалытæ амондзысты фæндаг, бон та хур уыдзæн йæ цæдисон. Сæ ком-иу цæмæй суадзой, уый дæр æнцонæй ссардзæн. Царциатæ!.. Æнахуыр бæлццон ирон разынд! Хæрзæмбæлæгыл ма уæдæ сыкъатæ вæййы? Хиуылхæцгæ. Бон- зонгæ. Йе ’рфгуыты æлхынцъытæ нæма райхæлдта, æмæ уымæн дæр æнцад бадын — йæ хос, йæ хъыджы мацæмæй бацæуæд. Æрæджиау уазæг йæ цæст сзылдта, æнæныкъулгæйæ йын ыыдздзагъыр. Дызæрдыггаг нæ уыд — чысыл ын хъыгдард бай- йæфта. Хæрзчысыл Хæстон къамис дæр æй æвæццæгæн нæ ба- фиппайдта. Цыма йæ цæмæйдæр фæрсы, цыма цæмæйдæр стъæлфы. Кæд æй йæ кæстæры бæрджытæ бæлвырддæр базо- нын фæнды. Æмæ йæ уæд джигулгæнæгау, искæй рæбынтæ къахæгау цæмæн сгары? Зонд æмæ зæрдæйæ ницы фæлгъауы, фæлæ цы у, уымæй йæм бауырдыг, æмæ лæппу йæхи афтæ æнкъары, цыма йыл чидæр йæ хидæйдзаг къухтæ æруагъта. Йæ дæргъæлвæс цæсгом æлгъгæнæгау анхъырдтæ, æрфгуытæ къæлæттæ фæсастысты, цæстæнгас фæтар. Æмæ йын чи бау- ромдзæн йæ маст? Мæнæ ацы æгомыг сохъыр? Чысыл ма бахъ- æуа, æмæ фидис сирвæза йæ былалгъæй... Ничи кæсы ацы сæныкмæ? Æнхъæлдæн, чъыллиппытæ уар- зы. Кæрцвæлдæхт над нæма зоны. Уром, мæ хур, пæррæстытæм дæ не ’вдæлы. Дæ мæгуыр сæр — дæ кой. Дæуæн дæр æмæ мæнæн дæр. Ис нæм фæйнæ фондзæхстоны. Арв æмæ зæхх, стаей мæнæ ацы суадон сты нæ дзуæрттæ æмæ нæ кувæндæттæ. Дæумæ ма хус къæбæртæ разынд... Хус цæрдтытæ ныл сфи- Дыдтой æцæгæлон бæсты. Дæ амондæн æви нæ дыууæйы амондæн хицæуттæ стæм. Уæддæр та ирон туг æмæ ирои 25
æфсарм. Иу дон банызтам. Фыдæлты фарн нын мæрдтæм уадзгæ нæу. Нæ фæлæ цæй æнæмæт дæ. Æхсæвиуаты сагъæс дæр дæм нæй. Бæласы бын кæдмæ баддзыстæм? Ам æдас нæу. Ардæм ма исчи фæндаг ссардзæн. Уыцы исчи та нæ хæзнайæн дæр нæ хъæуы. Фæлтау хъæды къуымты азилæм, нæ цæрæнуатыл ахæссæм нæ цæст. Цалынмæ нæ уавæр бæрджытæ кæнæм, уæдмæ суадонæй дардмæ цæуæн нæй. Ууыл ма куы лæууынц нæ удтæ. Уынын æй, æмбарын æй, дæумæ дæр хуыздæр зонд не ’рцыд. Уастырджи, дæумæ кувæм, дæ сызгъæрин базыр ныл ахæсс, рæствæндагыл нæ бафтау... Изæрдалынгты хъæды узæлд фæкарздæр. Алы къудзи дæр бæлццæттæн цæлхдур фестад. Уырзæй æвзар дæ развæд. Дæхи цыргъ къалиутæй хъахъæн. Уидаг кæнæ мæлдзыджы губаккыл дæ къах ма скъуыр. Æнцон йæ зæгъын. Сахкъæвдатæ къахвæ- ды хъæбæртæ систой. Хуыр та æвæды дæр хуырæй баззад. Со- хъыр цыма хъæды схъомыл — æдæрсгæ ныссадзы йæ дзæмбытæ, кæд ыи цъыхыры йæ бæмбæджджын ратон-батон, райваз-бай- ваз кæны, уæддæр. Цæсгомыл дæр уæдæ æвæццæгæн риссаг къæрццытæ сæмбæлы. Къухты уæлæрмттæ цъæррæмыхстытæй куыннæ сдудынц. Уæддæр йæ х1/д аныхъуыры. Æрмæст йæ гуым- гуым ссæуы. Уый йæ ныхасы фæлмæндæр æмæ мидисджындæр уыдзæн. Кæд хæрæг къ^ырмайæн йæ хъусыл ныллæууыд, уæд амæи та — йе ’взагыл. Йæ бар йæхи. Æнæуи дæр, йæ хæрзтæ дзагармæй чи фæуары, ахæмы цыма нæ бафæзмдзæн. Хистæр ахæм сæрхъæны йæ сæрмæ дæр не ’рхæсдзæн. Æдзынæг кæсы йæ алывæрстæм. Хъусы хъæды уынæрмæ. Тæссаг æмæ йæ æртхъирæнгæнагæй зоны. Сæхицæн дæр сæ уæлдай змæлд уæлдай зиан хæссы. Уалынмæ кæцæйдæр фелвæст изæрон дымгæ — бæгънæг къалиутæ кæрæдзийыл арæхдæр андзæвынц, сæ цъæхснаг къæрццытæй сын арæхдæр фестъæлфынц. Æнæхайыр æй Хуы- цау скæнæд... Æнæхайыр нæ фесты — йæхи уадвæлдæхт тул- дзы бындзæфхадыл скъуырдта. Рæдывд уидæгтыл ныххæцыд йæ дзæггортæй æмæ хъоргъмæ ныджджих. Хъуамæ фысымуа- тæн сбæзза. Бирæгъ æм уыдонæй раздæр басмыстаид. Чи зоиы, æмæ дзы цот дæр рауагъта. Боны рухсмæ сырды фæдтæм æркæсдзæн. Ныр та уал Уастырджийæ бузныг — сæ куывд сын айста. Сæрфæцæвæн ис. Суадон сæм хæрзхæстæг. Кæстæр æрцард — æгайтма сæ утæхсæн ахицæн. Æнæхъæн лæгæт ссардтой. Æдас æмæ хъарм дзыхъ. Тулдз ныффæлдæхт фæсвæды, æрхæн йæ тæккæ сæрмæ. Кæд йæ хистæр гуымиры- тимæ сæмдзæхдон, уæддæр йæ цæрæнбои бирæ. Цыма йæ 26
дзæгьæлы срæхуыстытæ кодта. Æвæлтæрдæй иуæй-иу хатт æгæр пæхгæр ныхас, æгæр домаг свæййæм. Гъеныр йæ тæригъæды цæмæп бацыд? Афтæ-уфтæ... Уый та, мæгуыр, йæ тæнзæрдæйæ смадзура, йæ фæлмæн зæрдæйы уаг æмбæхсы. Фæззыгоп хъæды уазал буары иннæрдæм ахъары, æмæ йæ рæбынæй схуыссын кодта. Æргом ныхасы къæм нæй — чи зоны, æмæ ма сырд дæр фæзыиа, стæй сæм фыдгул фæлæбурдта, уæд фыццаг нæмыг хистæрыл сæмбæлдзæн. Уый та йыл æрдæбонсарæй тугтæ мысы... Хъоргъ æвæццæгæн бирæгъы фаг уыд, фæлæ дыууæ лæгæн къуыпдæгад кæны. Кæрæдзийыл нындæгъдысты. Лæг йæ русыл æнкъары лæппуйы хъарм улæфт. Йæ зæрдæ фæсаджил, цыма йæ сыхаг æфсæддон нæу, цыма æнахъом сабийы фыдбылызæй иргъæвы. Бæгуыдæр, хæстои лæг. Кæд хæцæнгарз райста, уæд ыи æидæр ном ыæй. Йæ сæнттæ йæ чердæм хæссынц, уымæн та йæхæдæг дæр ницы хаты, æмæ ма йын уæд уый та цы бамбара? Фæлтау-иу æм рæвдз фæлæудзæн. Тас бауадз дæ уды, мæиæй уый, æмæ къæрцхъусдæр уай. Къалатийы бадæгау къулæнцой пыссæйæд. Уæд рæдыд не ’руадздзæн, бæллæх се ’мгæрон ие ’рцæудзæн. Ахæм хомбылты сæррæттытæ æмæ чъыллиппытæ свæййынц мæстаг. Гуыдырæвæрдæй хуыздæр фидауынц. Уый хæцæигарз дæр ныр йæ къухы ис. Хæстон... Дыууæ ыæмыджы мурыл мын фæхæст. Йæхæдæг дæр хæдзардзин лæгау нæ фес- гуыхт, фæлæ тыфылæй æвыдæй уæддæр раирвæзт. Ацы æиæхъуын уæрццæн йæ бæллæхтæн иицы зоиы æмæ йæ хъæугæ дæр нæ кæнынц. Уæвгæ сæ йæхæдæг лæхурдзæн. Йæ хъус дымгæмæ чи фæдары, уыдонæй уыдзæн. Уымæл адæймаджы пъæззыйау æлвасы. Бон æй йæ зæрдæйы фæидон сулæфын нæ уадзы, æхсæв та йæ фынтæй фæиртасы. Фæлæ хурыскастыл уæлдæфмæ куы рабырыд, уæд йæхицæй фæбузныг. Фæрогдæр. Зæхх æй йæхимæ нæ сайы. Фæлгæсы йæ алывæрстæм. Хъусы. Цы фена æмæ цы фехъуса, уый абои дæр æмæ райсом дæр йæхи. Иæ хуылфмæ йын ничи ныккæсдзæн, дун-дуне куы аныхъуыра, уæддæр æй пичи бамбардзæн. Исты дæ аирвæзт — фæллойаг фæдæ, уымæн æмæ йæ цæмæй сиф- тыгъдæуыд, уый бæрæг нæу. Æнæмбæрст, æнахуыр æмæ æпæсгæрст та маст хæссы, фыдæх æмæ фыдбылызæй æитыд вæййы. Бæлæстæ æмæ къуындзихтæ, дурты цæндтæ æмæ æрх тæригъæд ныхас ницæмæй ис зæгъæн. Дæлæ кæпай, уæлæ кæнай — æпæ уыдон нæй фæцæрæн. А фынæйæгуырдæй йæ боп нæма базыдта. Йæ риуыл æй æгънæгæи бахуыид, фæлæ Цьша йæ дæларм пысырайы цъылын дары. Знонизæр цъут- 27
тавæрдæй фемæхст. Хорз, æмæ йе ’згъæлæггæмттæ йæхæдæг æрбакъуырдта. Табу Хуыцауæн. Изæрон дæндагнизæн йæ су- дзаг боны рухсмæ ссæуы. Уæвгæ куыдфæстæмæ чи сагъуыйы, ахæмты дæр федта. Æмæ уæд йæ бæхджынтæ — йæ уæле, йæ фистæджытæ — йæ дæле... Цымæ кæд банцайдзæн уадтымыгъы ниуын? Кæд бахойдзæн йæ фæрныг хæдзары дуар? Хъуыддаг йæхи амондзæн, æмæ цыфæнды зынтæн дæр бафæраз, мæнæй уый, зындоны уæлкъæсæр ма рафтау дæ сæфтджытæ. Æмæ та цымæ цы зонд ис? Пæрпæргæнаг йæ былтæ сдæры, цыма йын сæ сойæ айсæрстæуыд. Æвæццæгæн мæгуыр, йæ фыны дзаг фынджы уæлхъус февзæрд... Сохъыры цæстæнгас ничи бауромдзæн. Иугæр æй исты ракъ- ахын бафæндыд, уæд йæ амæттагæй нал аздæхдзæн, цалынмæ йæхион йæхи фæуа, искæмæн та йæ уды рис йæ цæсгомыл нæ фæзына. Цæстдзыдæй дæр-иу æвæццæгæн сабийы кæнæ фосы бафхæрдта. Хæрзаг бирæ фæтутæ кодта æнаххосты низтæ сургæйæ. Æрыгон хæстон фехъал, фæкомкоммæ лæгмæ. Йæ былтæ нæ акъуырдта. Æрмæст куыддæр нырхæндæг. Знон йæ фыццаг æгасцуай дæр уыцы æнæзмæлгæ, æндзыг цæстæнгас уыд. Хæрзфынтæ фен дæр ын афтæмæй загъта. Ныр та — дæ рай- сом хорз дæр. Цымæ йæ цавæр маст æууилы? Иу хал ахордтой — хъысмæт сын иу тæрхон рахаста, æмæ иу хъоргъы бадынц. Кæд æй фæнды, уæд нæхионтæм дæр иумæ ссардзысты фæндаг. Фæндаг, фæндаг... Кæм ис æмæ йæ кæм агуырдæуа? Ис, ис, æнæмæнг, мæнæ ам, хъæды, далæ уым, быдыры. Алы хъæу æмæ алы горæты, алы æрх æмæ алы обауыл дæр зилы. Кæд не ’фсæдтæ адард сты, уæд партизантæм амоны. Хъæутæн дæр се ’ппæты кæм басыгътаиккой, æмæ дзæгъæлы сафынц сæ рæстæг. Агургæ. Æхсæвæй-бонæй. У.æрмы бадыныл нæ бахордтой ард. Уадзыг баци йæ хистæр? Цæстытæ ныкъулын æй куы ферох. Судзинтæ, бырауы здыхт фындзтæ. Æмæ сæ уымæ цы сарæз- та? Уый халдих дзы фесæфт? Адæймагæн йæ удыхъæд æвип- пайды нæ раиртасдзынæ. Тыфылты чи сфæлтæры, уыдон иу джиппы уагъдау свæййынц. Æмхуызон гакк сæвæрынæн иу карз тох дæр æгъгъæд. Айдæн сæм нæй, æмæ кæд йе ’мбæлццоны сурæты йæхи федта?.. Уад æй хорз аууæрста. Ныр дæр йæ чемы нæма ис. Сæры цæф хъазын нæу. Знон æнæхъæн ротæ бабын. Хи къахæй цъысымы смидæг. Чи кæй нæ бамбæрста, уый ни- чиуал скъахдзæн, фæлæ сæ æвæццæгæн размæ бырсыны бæсты фæстæмæ аггуырсын хъуыд. Немыц хъæуыл дыууæрдыгæй арт 28
бапдзæрстой, ротæ сыстад, знаджы йæ хъæлæсы ахаста, уай- тагъд уынгты фæпырх, æмæ йыл... къæппæг ахгæдтой. Сыгъ- дысты хæдзæрттæ, æнæтынд бæлæстæ, хоры къутутæ. Судзæн цæмæндæриддæр уыд, уыдон пиллон уагътой. Кæйдæр нартхо- ры хуымы згъордта. Иу налат немыцаджы фæдыл бафтыд æмæ йæ мæгуыр зæрдæйæ уый сырдта. Ницы йын æнтыст, стæй фондзæхстоны автоматимæ барыс? Знаг лыгъди, йæ хæцæнгар- зы къæр-къæр та не ’нцад. Иузаман ныллæг æмбонды фæстæ амбæхст, æмæ йæ уæд ныууагъта. Топпадзагъд бамынæг. Хæсты уыпæр зынджы стъæлфæнау ахуыссыд. Иугай гæрæхтæ ма-иу ныццарыдтой, фæлæ сын дзуапдæттæг дæр нал фæци. Куы иуырдыгæй, куы иннæрдыгæй февзæрынц немыцы мо- тоциклисттæ. Цæхгæрмæ уынгтæ бацахстой. Уæдæ сæ ротæйы бырст фæсыкк, уæдæ йын йе ’мбæлтты ныххæлиучындæуыд. Уыцы бæллæх æм куы бахъардта, уæд фæсвæдты хъæдбынмæ атындзыдта. Сыгъд хъæуы хуыдуггæнæг тæф, цавæрдæр сыл- гоймаджы марой, тарст куыдзы тæригъæддаг рæйд æй цух нал суагътой. Иу хатт ма фæстæмæ фæкаст æмæ ауыдта хосы мæкъуылы сырх-сырхид фæйлауæнтæ. Хъæды дæр йе ’мбæлттæй никæуыл æрхæцыд йæ цæст, æмæ скатай. Ау, уый йеддæмæ цъысымæй ничи раирвæзт? Уымæн уæвæн нæй. Ссардзæн сæхионты. Абон куы нæ уа, уæд та рай- сом... Йæхи нал баурæдта. Къудзийы рæбын дæлгоммæ бахауд, æмæ йæ богь-богъ сирвæзт. Куыдта зæрдæбынæй, хæкъуырццæй. Кæуинаг фесты, æмæ куыдта. Бирæтæ бафыстой сæ æнусон хæс, æмæ сын йæ цæссыджы хæйттæ уæрста. Сæ фылдæры цæсгомæй дæр нæма базыдта, фæлæ иу арты сыгъдысты, æмæ æпæфсæрмæй йæхи цæссыгæй æхсадта. Йæ лæмæгъдзинад æмбæхсинаг дæр нæ уыд. Чи йыл худа, уый худæд... Чысыл ын фенцондæр. Цъыхырыйы фæмидæг. Æгас чи уа, уый хъуамæ æгæсты агура. Иу боны цæстæй сæм мачи ракæсæд. Фидисы гакк сыл не сбаддзæн. Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты. Удхортæ хæсты быдырæй родæй здæхыи ахуыр суыдзысты. Йæ къæхтæ йæ къаннæг суадонмæ æрхастой, æмæ фæцырддзаст. Ливæй ахъахъæдта. Гуырысхойагæй ницы бафиппайдта. Донгуы- рæн кæм уа, уым къахвæд дæр вæййы, уырдæм цæрдуд дæр фæзындзæн. Цыма йæ хорз хæларыл фембæлд, уыйау фæсæрæндæр. Туг, мæрдтæ, сыгъдæттæ... Раууат хъæуы фæстæ иаем йæ сæфт æмбæлтты хорзæхау хъæды астæу ферттывта рæсуг суадон. Цыма æрдзæй фæхицæн, фæлæ йын йæ равзæр- аы бон цы скарстæуыд, уый æххæст кæны. Зæххы сой, уидаг с^мæ кæрдæджы ад, уæлдæфы сатæг сиу сты йæ фыцæны... 29
Кæддæр ардæм алырдыгæй къахвæндæгтæ згъордтой. Хæстæг хъæуккаг кæнæ дард бæлццон, хъæддзау кæнæ сабиты къорд — алчидæр ын зыдта йæ хæрзтæ. Ныр къахвæд лæсæиты бын фæци, къæвдатæ йæ æрæхсадтой, хæмпæл ыл фæхæцыд. Абон æм мæнæ ацы лæппу фæзынд, æмæ йæ цæрæнбон бирæ уæд. Кæмæн равзæрд, уыдоны рæвдыдæй бафсæдæд. Йæ амондыл, мæгуыр, не ’ууæнды. Æдзæмæй лæууы йæ уæлхъус. Æрæджиау цæсгомы хид тъæпæн худæй ныссæрфта, уæддæр йæ цæст не ’фсæды. Аргъæутты айдæн дын фестæд мæ уæлцъар, дæ рухс хъысмæт дзы фен... Суадон асдæрдта йæ фыичы цæппузыртæ. Æмæ иоджы фæирддæр. Кæцæйдæр йæ арфæй лæппумæ разынд... йæ мад... Мæпæ йæ хъоппæг цæстытæ. Мæнæ йæ худаг былтæ, йæ къæлæт æрфгуытæ. Уæууа, дæ сæрыхъуынты урс хилтæ дæр куы ис, гыцци. Æви сæ ныронг дæ хъæбул нæ фиппайдта. Ныббар дæ иунæгæн. Бафхæринаг дæ иæ уыд. Йæ цæсты æнæбон, гуыбыр, æнцъылдтæ цæсгом зæронд адæМаджы хуыз никуы райсдзынæ. Æдзухдæр æрыгон æмæ рæсугъд уыдзыпæ. Сфæлмæцыдтæ? Куыстытыл нал æххæссыс? Хуыссæгæй никуыуал бафсæстæ? Хæринаджы дзæбæх рагæй нал федтай? Бафæраз, гыцци, сау фыдæх цардбæллон адæмы нæ фесафдзæи. Стырæй, чысылæй гæрзтæ куы райстам. Æз та дæ стыр хатыр курын. Фыццаг боиты мæ тохы амонд нæ фæци. Не знаджы фæндиаг фестæм. Ма ку, гыцци, дæ цæссыг ма ’руадз. Зæххыл ис фарн, сымах фари, нæ буц хистæртæ, æмæ иубон нæ фыдгул йæ зонгуытыл æрхаудзæн. Бамбар дæ хъæбулы. Йæ фыстæг ын куы бакастæ. Барвæндонæй фæраст хæцæнмæ. Дæуæй дæр æй ныфс уыд. Иу мæйы бæрц кæрæдзийы нал федтат. Дæу дæ куыстытæ бадомд- той. Уый та Хъобанмæ фæраст хистæр скъоладзауты хæстон лагерьмæ. Афтæ йын дзырдæуыд: Украинæмæ дæ арвыстой; цæмæй пæ заводтæ немыцы къухы ма бафтой, уый тыххæй сæ кæнæ рæмудзын, кæнæ скæсæнмæ ласын хъуыд. Хабар дæ нæма ссыд. Æвæццæгæн тæссаг раымæ бахаудтæ. Знаг та бырсы, ссæнды, судзы... Кæм дæ, гыцци, цы мын фæдæ? Мæ бæрджытæ мын мæ фыстæгæй базыдтай. Хъобангомы дзæнæты быпатæп равзæрстаид æрдз. Хæхтæ æмæ рæгътæ, тæлтæг доп æмæ æну- сон мæсгуытæ. Нæ фыдæлты хæзнадон. Нæ номхæссæп лæгты авдæн. Дæ иунæгæн сæ йæ уд баззад, гыцци. Искуы та рал- æудзæн ахæм рæстæг дæр, æмæ уыцы æвæджиауы рæсугъд кæмттæ æмæ къуылдымтыл иумæ фæзилдзыстæм. Лагеры-иу ногдзаутæ уагътой сæ фæллад. Хæсты бонты суинаг æфсæддон- ты бар баци. Сæумæцъыккæй изæрдалынгтæм — дугъ, гæрах, 30
ахуыр æмæ ахуыр. Сфæлтæр, æмæ дын сомбон æнцондæр уа. Бауырнæд дæ, лæппутæ æцæг лæгты фæзмын байдыдтой. Æмæ ма тыхс, гыцци. Ныр дæ хъæбул дæр хæцæнгарзимæ арæхсы. Йе ’мгæртты æхсæнæй къулбæрзæйæ не скæсдзæн. Йæхицæй дын не ’ппæлы — йæ фыды фарн æй æнцад бадын нæ уадзы. Хъобанæй ма фырт йæ мадыл иу чызджы бæргæ ныф- фæдзæхстаид. Ахæм заман ныййарæгмæ баулæфæн дæр вæййы, фæлæ нæ бауæндыд. Æмæ ныр фæсмон кæны. Æфсарм, æфсарм... Иу чызг цæры а зæххыл, гыцци. Хорз æй зоныс, дæ хъæбу- лы цахъæн. Горæтаг стыр хæдзæртты сыхтæ хуыдтой, æмæ йын йæ райгуырд дæр ма дæ зæрдыл бадардтаис. Дæхи цæстыты раз рæзыд. Йæ мадыхо йæ схаста. Йæхи ныййарæг хæрзæры- гонæй батар. Фыдæй та иу дæсаздзыдæй фенæхай. Йæ бирæ фыдæбæттæн ын кæйдæр маргæвзаг хорз аргъ не скодта. Рево- люци æмæ ног царды тымыгъты фидиуæгау фесгуых æмæ дæм адæмы знаджы номæй бадзырдæуæд. Афтæмæй та йæ гуырд- тыты сæрæндæртæн сæ лæгдæртыл нымадтой. Чызг рахъомыл. Йе ’мбæлтты фидауц сси. Йæ кой айхъуыст. Усгуртæ йæм сæ пыфс нæма хастой, фæлæ йæ удыхъæд, йе ’фсармæй бирæты зæрдæтæм ныххызт. Уыдæттæ, чи зоны, дæхæдæг дæр фиппайд- тай. Дæхи хъæбулау æй куы рæвдыдтай. Фæлæ дæ иунæг æмæ уыцы мæхъæлон чызг кæрæдзийæн адджын кæй сты, уый цæмæй зыдтай. Ма сыл бахуд. Сæ дыууæйæн дæр амондмæ куывтой хистæртæ сæ райгуырды бон, æмæ кæд хъысмæты бафæнда, уæд сын сæ цинтæй бафсæддзынæ... Иухатт та чызг æмæ лæппу хибарæй аззадысты. Се ’взæгтæ ницыуал карстой. Æвддæс азы иу цары бын фæцæр, де ’мбалæй макуы мацы бамбæхс, æрхъæцмæ йыл ма хъæц, æмæ... æвип- пайды сабибонты æууæик æртхутæг фестад, цæстыф- æпыкъуылдмæ æфсарммæ рахизæд. Се ’хсæн цыма бæрзонд хæхтæ февзæрд, гуылфгæнгæ доны былгæрæттæ сæ цыма фæир- тæстой, уыйау стъæлфынц кæрæдзийы мæтæй. Чызджы риуты кæрæттæ сзындысты къабайы гом хъуырæй. Лæппуйы сонт зæрдæ скатай, йæ цæстынгасы — бæллиц æмæ тас. Цæмæйдæр фæтарст æви амондмæ бабæллыд? Чызг йæ сæр æруагъта, дзык- куйы ставд быд къухты æхсæн æвдæрзы. Тæригъæд иæу, гор- мои? Райста йын йæ зæлдаг дзыкку, бахудт, цыдæр сцæйдзырд- та. Кæйдæр къæхты уынæрæй фесхъиудтой. Æиæ иу сулæфтæй ^агътой сæ зæгъинæгтæ. Уыйфæстæ сæ æиæрцæф хъæзтытæгæнгæ ничиуал федта. Æвæццæгæн сæ арфдæр 31
æнкъарæнтæ сбастой æмæ сæ æцæгæлоны цæстæй хъахъæд- той... 0 гыцци, уыцы хабар ма куы фехъуыстаис дæ хъæбулæй. Æргомдзырдыл æй дæхæдæг сахуыр кодтай, æмæ дын йæ ног сагъæстæ бæргæ загътаид. Иу лæппуимæ арвыста фыстæджытæ уæ дыууæмæ дæр, æмæ кæд кæрæдзийы бамбариккат... Чын- дзаг æмæ фидæны æфсинау. Барст уæд, гыцци, дæ иунæгæн йæ ныфсхаст. Йæ амондмæ йын дæ былыцъæрдтæ хордтай, æмæ дын мæнæ ацы рæсуг донгуырæнау адджын уæд сидзæр гуыр- дзыйаг чызг... Лæппу йæ цæстытæ æрæхгæдта. Хъус ахсы суадоны катай æмæ æбæрæг хъынцъым. Цыдæр уынæрмæ ма йæ зæрдæ фех- сайдта, фæлæ йæ къух ауыгъта. Донгуырæн æй фыдыуæзæгмæ фæхаста, мысинæгтæй йæ барæвдыдта, æмæ йæ ныртæккæ æндæр ницы бандавдзæн. Кæйдæ|э æдзынæг цæстæнгас æй цыма сгары. Чидæр æй цыма æнæзагъд фæрстытæй баййардта. Ра- каст. Йæхиуыл дæр нæ баууæндыд. Æнæзонгæ лæг пылы дзæмбытау йæ къæхтæ ныссагъта бæласы бын. Мадзура. Мæстыгæр. Æвæццæгæн ууыл дæр абон арв ныффæлдæхт. Сæхи къордæй ма уæд? Фæлæ уыцы цъынд цæстытæ... Æнад фынтæ йæ аргæвстой. Лыстæны хъæбæрыл куы асалд, уæдæй йе ’рыхъалмæ æнцой нæ федта. Айразмæ фыдæй цы федта, уыдон та йыл æртыхстысты. Æмæ сын цы йæ бон уыд? Хорз, æмæ йæм иу заман йæ къух æрбадардта... йæхи гыцци. Кæдæмдæр æй йемæ хуыдта. Куы нæ йæм хъуыста, уæд æм йæ номæй сдзырдта, æмæ фехъал. Кæд æй мæнæ ацы лæджы из- гард цæстæнгасæй иргъæвта. Фыдфынтæ фидиуæг. Гыццийы сурæт йæ фæтæн уæхсчыты фæстæ бамбæхста. Ныййарæджы ныхас, мады фарнмæ ныхилы?.. Хистæр æй зондæй нæ фæрсы. Сæнттæ цæгъдыны рæстæг нæу. Удæвзарæн. Чи зоны, удирвæзæн растдæр уыдзæн. Уд кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр маст бавзардзæн. Хæст уа, ма уа — æнцой нæ фендзæн. Тымыгътæ йæ æнцондæрæй срæду- вынц адæймаджы риуæй. Аргь дæр ын ничиуал фæкæны. Цæмæй ма уæддæр истæуыл лæууа, уый свæййы алкæмæн дæр йæ мæт. Æмæ кæд фервæзай, уæд уый зон, æмæ дæ хъул сах абадт. Æндæр ницы. Уымæн æмæ дæ ирвæзынгæнæг æрмæстдæр дæхæдæг дæ. Фыдгулыл та мæгуыры бон акæндзæн. Мæйтæ, чи зоны, æмæ сæ азтæ дæр бахъæуа гуыргъахъ фæндæгтыл цæ- уын. Бирæ къæппæджытæ ма уыдзæн æвæрд сæ къæхты бын. Хæлиудзых разындтæ — дæ хуым зæрæстонæй баззад, ныгæиæг дæр дæ нæ фæуыдзæн... 32
Мард знагыл æрцæуæд. Ингæнкъахæг ын йæхæдæг ныллæу- уид- Æнцад бадын та — худинаг. Се ’мбæлттæй ма исчитæ хъгедбынты зилдзæн. Иумæ сæ ныфс — ныфс, сæ хъару — чъару. Иугæйттæй — каркæн хоры нæмгуытæ. Лæг былысчъилæй кæсы. Авд нæмыгæй æнæхъæн æфсад куыннæ баурæдтой. Се ’мбæлттæ сæ сæртæ бафснайдтой. Сæхæдæг та... Чи сты æмæ цы сты ныртæккæ? Ничи. /Еиæзакъон лæгтæ. Тæрхоны бон дæр сæм ахæм цæстæй акæсдзысты. Цæмæн ныу-уагътой сæ къорды? Цæуылнæ бай- стой уыцы хъæу? Уымæн æмæ лидзæг фесты. Лидзæджы фарн та топпы дзыхмæ бады, карды комыл сисы йæ уд. Рæстдзи- пад, мæ хурычысыл, хъамайæ уæлдай нæу. Кæцырдыгæйфæн- ды йæм бавнал — тугдзыд фæдæ... Æрыгон æфсæддон йæ хистæры хъуыдыйыл нæма фæхæст. Змæлын æмæ агурын — сæ хæс æмæ сæ хос. Хус къæбæртæ æууилын лæгдзинад нæу. Хъарм хъоргъ ссардтой. Суадонæй уал ирвæзынц. Дарддæр та? Ам кæдмæ ривæд кæндзысты? Фендджын лæг æнæууылд ныхас нæ уромы. Суадонæй сын ацæуæн ницыхуызы ис. Уыцы хорзæхæй фенæхай сты, уæд — хæсгæ мæрдтæ. Ардæм сæм фæзындзæн сæ хæрзгæнæг. Донгуы- рæны ма исчи зондзæн æмæ йæ иу бон агурдзæн. Сæ хъус æм аивæй дардзысты. Сæ хъуыддæгтæ сæ куы нæ бадомдтой... Кæстæр цыма фæфæлмæндæр. Йæ тыхдзырдæй йæхæдæг дæр сфæлмæцыд. Цæмæй йын зыдта йæ мидхъуырдухæн? Суадон æй барæвдыдта, æмæ йыл цыма комдзог рацæуинаг уыд, цыма йæ знагæн фæцæйуагъта, афтæ рауад. Æлгъаг мийæн та йæ зонды дæр æмæ йæ зæрдæйы дæр бынат нæй... Ма тыхс, суадон, дæ уазджытæ дыл сæ къух нæ систой. Дæ рæсуг фарн сын хæлар уæд. Мыййаг балцы куы фæраст уой, уæд дæ къалиуты бын банорддзысты, æмæ-иу фыдгулæн йæ уд схауæд... Сохъыр æрсабыр. Æгайтмæ афтæ тасаг æмæ коммæгæсæй базыдта йæ хъаны. Чысыл февнæлдæй дæр йæ кард фæцъула. Хорз, иттæг хорз. Йæ сæры кæд чысылгай зонд бацæуид. Сæ хус къæбæртæ бирæйы фаг не сты, æмæ йæ искæдæм хойрагмæ Дæр арвитдзæн. Æрмæст уал армæй цæхх сдæрын сахуыр уæд. Уый та йæ сæнттæ суадонæй дард Фыдыбæстæм аскъæфтой. Мады бафарста. Йæ уарзонмæ баулæфыд. Сыхыл хæдзар- ХаЭДзар фæзылд. Иуæй дæр нæ фехъуыста сохъыр лæджы ныс- |Уап. Цыма донгуырæны кæйдæр чъизи къахвæд федта. Цыма 1гæ хионтæй искæй цæссыг фемæхст. Гъе, уæууæй, гъе, цæй лТгегуыр, цæй тæнзæрдæ рахастай. Салдат фæцыдтæ æмæ бир- Л,ач^№2,1997 33
æгъы æмбæхсæны бабырыдтæ. Нæ фæлæ дын ацы æнæхайыры хъоргъ цæй зынаргъ сси, цæй кадджын у дæ цæсты?.. ] Изæрдалынгтæм фæбадтысты кæлдымыл. Æдзæмæй. Идон^ уагъдæй. Удвæйлыдæй. Хъæрмуд нæ уыдысты æмæ не сты^ Хистæр йæ рæдыд нæма ’мбары. Цæвиттон, лæппуйы йæхи хъуыдытыл нæ бафтыдта. Уый хъ’уаг нæ уыд. Йæхимæ ра- зынд хъару æмæ ныфс. Ныхъхъус? Ницы дзуры? Сабибонты гакк. Истæуыл не сразы, искæмæй нæ фæбузныг, уæд ницæмæ æмæ никæмæуал фæхъусы. Йæхимидæг æвзарын байдайы раст æмæ зылыны. Лæгæн йæ ныхасы уаг — хъæбæр æмæ дæрзæг, фæлæ тутт æнгузау æнæпайда. Уæвгæ йæ иу уынаффæ фæрæстмæ. Уæддæр та кардзырд адæймаджы фæлтæрд. Суадоны, æнæмæнг, бæрæггæнæг фæуыдзæн из- æргæрæтты, йе та хурыскастыл, æмæ йыл кæнæ худаистæй фембæлой, кæнæ та кардæлвæстæй. Æхсæвæрæн фæйнæ къæбæры доны ныуудæстой æмæ сæ ад- джынæн баууылдтой. Кæстæр та рæбынæй схуыссыд, фæлæ дысонау нæ байрад хистæры узæлдæй. Знон æй рæвдыдмæ бам- бæрста, абон — æфхæрдмæ. Кæд ыл не ’ууæнды, йæ коммæ нæ> бакæса, кæд уымæй тæрсы, æмæ йæ арф бафснайдта. Суадонмæ дæр æй уымæн нал ауагъта? Чи зоны, æмæ нæ рæдийы. Иуæй- иу хатт ахæрынæй æнхъæлмæ кæсын хуыздæр вæййы. Уæддæр цæй зын у æнуд уæрмы 1бадын. Сæрæгасæй талынг ингæны ныссæй, цæрдудæй уымæлы æмбий. Æрæгвæззæджы хъæды бæллиццагæй ницы ссардзынæ, фæлæ дзы сæ хъоргъæн æмбал нæй. Ноджы ма лæджы дæндæгты смаг цæстытæ къахы, йæ хиды тæф улæфæнтæ æхгæны. Ау, сыгъдæг донæй йæ хай ни- куы райста? Нæ, амæй хæстон лæджы тæф нæ цæуы... Лæппуйы сæр æруæззау. Лæджы’уæхскмæ æртылд. Уый нæ фезмæлыд. Æхсызгон ын уыд кæстæры хъарм буары андзæвд., Иæ туг цæджджинагау фыцы, фæлæ йе ’нæхсæст зонд куыд æмбæлы, афтæ нæма кæрды. Байхъусы йын йæ улæфтмæ, бас-, муды йын йæ пыхцыл дзыккутæм. Æхсæдинаг нæ, фæлæ æрта- синаг тала. Цалынмæ ма тасы, уæдмæ йæм базил, афоныл æй| бадом, кæннод æй мыййаг сæттын куы бахъæуа. Саст та риссаг вæййы, тагъд нæ дзæбæх кæны. Тæригъæдæй мары дзидзидай уæлахиздзау... Боныцъæхтæм лæппу йæ къах дæр нæ атылдта. Куы райхъ-1 ал, уæд фæджих. Лыстæн асгæрста. Сыфтæр æмæ къалиутæй] йеддæмæ йæ къух ницæуыл фæхæцыд. Цымæ цы фæцадаид уыцы] сохъыр? Йæ фосмæ зилынмæ куы иæ рабадтаид афтæ раджы.1 Æхсæвыцæстæй йæхæдæг ма фæраст уæд суадонмæ? Дон] 34
,ср ма дон, фæлæ йæхи иу хæрзæмбæлæгыл куы скъуырид. дыууæ арсау иу хъоргъы бадынц æмæ кæрæдзийы зæрдæтæ къахыпц. Уæд та иу исчи! Рухсмæ ратылд. Лæджы къахвæдтæ уымæл мæрыл цæфхад бæрæг дарынц. Йæ сæр та йæ куыннæ ’рцахста, сыфтæрджы- 1П,1Л кæнæ йæ къалиутыл цæуын кæй хъуыд. Хуырым... Нæ фæлæ йæхæдæг æгæр не смæстыгæр, уромæнтæ йын куы иал ис, хъæуа-нæхъæуа йæ пырх калы... Ранæй-рæтты дон схъарыд. Лрс йæ уæзæй кæм æрæфсæра, уым дзыхъ куыннæ фæзындзæн. фæллæуу, фæллæуу... Суадои ныгуылæнырдыгæй куы баззад, къахы джипп та скæсынмæ, æрхы сæрмæ амоны. Цы йыл æрбамбæлд йæ гуырыконд кæдæм фæхæссы? Ливæй къудзитæ аиуварс кодта. Фондзæхстон уæхскæй æрис- та. Лæджы фæд-фæд хъавгæ-хъуызгæ араст. Цæст æмæ хъус фсстад. Æрхы æмдзæхгæр лыг^ фахсмæ бахæццæ. Фæлдæхт бæласы аууон ауыдта сохъыры. Йæ хæйрæджы хай йæ фæсайд- та? Æнафоны ам цы ми кæны? Уый йæ батинкæ раппæрста. Чъизи къах барæсыд. Саст ын нæу. Тыхрæдывдæй йæ зæиг ай- вæзта. Æвæццæгæн, фелвæст æмæ ныр йæ гаччы абадт. Фæлæ цалыимæ йæ рыст ссæуа, уæдмæ бирæ рæстæг аивгъуыйдзæп. Сæ раиы сты. Иунæгæй йын ныууадзæн нæй. Кæстæр æмæ хæстон лæджы æфсарм... Зын сахат де ’мбал — дæ фæдзæхст, дæ уд дæр ын ма бавгъау кæн. Лæг та цæстуынгæйæ фæзæронд- хуыз, цыма йын æмбойны йæ азтыл иу дæс-фынддæс афтыдæ- уыд. Фæбæрæгдæр йæ дæрзæг хъис. Рис æмæ катай кæрæдзийы ивыпц йæ зынгхуыст цæстыты. Фæныкхуыз цæппузыртау сæ ныссагъдæуыд хæмпæл æрфгуыты бын. Нæ ферттивдзысты, ие ссудздзысты, цæхæр нæ акалдзысты. Æвæццæгæн, искуы фæкалд. Йæ уæлæдарæс цъыфæй самæст. Ныр æддейы куы бада, уæддæр иу фæкастæй нæ бамбардзынæ, дæ разы адæймаг ис æви къодах. (Лæппу йæхи иуварсæй нæ уыны, уыййеддæмæ кæрæдзийы цæрмæстыгъд бакодтой. Уымæн дæр йæ цинел цыма фæздæгмæ фæдардæуыд кæнæ йæ хуылыдзæй рыджы атъыс- той. Царм æмæ стджытæ. Кæд ма йæ ныййарæг мад базона, ^пдæр ничи). Галиуырдыгæй хистæры дæларм бацыд. Рахизырдыгæй та дæг йæхæдæг фондзæхстоныл æрæнцайы. Кæм æпæбары гæпп, кæм мæнгæфсон къахдзæф, афтæмæй хъоргъмæ фæхылдысты. иге фæлæ йын цы уды фидар ис. Схъæрзын дæр йæ сæрмæ ие Рхаста. Йæ уæз кæлдымыл æруагъта, æмæ йæ уæд равдæлд йæ -УЬ1рыпгамад ныхы хидмæ. Ставд нæмгуытæ амоиæи æпгуылдзы къ#дзæй зæхмæ амарзта. 35
Иу ныхас сæ нæма схауд. Уæлдай радзур-бадзур дæр| фæлмæст адæймаджы лæмæгъ кæны. Лæг лæппуйы дзæкъулæй систа сæ хæзнайы хус къæбæртæ. Цалдæр хатты сæ банымад-; та. Сихоры кой — нал. Аходæн æмæ æхсæвæрыл фæйнæ муры куы хæрой, уæд сын цыппар бонваг суыдзысты. Æнæхъæн цьиь, пар боны. Стæй ма цыппар æхсæвы. Уыйфæстæ та кæд Хуы- цауы хорзæх ссариккой. Фæлæ сæ дыууæйæ исчи алы райсом дæр хъуамæ дондзау цæуа. Йæхæдæг иу къорд боны ахæм дæрддзæф балцæн не сбæздзæн, æмæ бæллæх дæр гъеуый мидæг ис. Ацы гæлæбуйы арвит, æмæ исчердæм куы фæпæррæст ласа. Дымгæ йæ кæдæм фездаха, йе ’ргом уырдæм сараздзæн. Ныр- ма сæнттæй цæры, æууæнк ыл нæй. Йæхицæн ын, чи зоын, маст ма ’рхæсса. Уыйбæрц хъару йæм уæвгæ дæр нæ разындзæн. Йе ’дылыйæ, йæ рæузонд митæй исты фыдбылыз куы расайа. Уæд та искæуыл фембæлд. Æмæ чи уыдзæн уыцы исчи? Йæхæдæг дæр ныртæккæ æнæ уый æххуысæй æнахъом сабийæ уæлдай нæу. Иу æфсондзыл сæ сифтыгъдæуыд, æмæ сыл фидыд цард хъуамæ хуыздæр сфидауа. Æрдæбонсарæй лæппу дæр йæхимæ хъусы. Сæ кæрц ма дысхъуаг æййæфта. Мæгуырыл дам дур хæрдмæ тулы. А зæронд иу къуырийы бæрц йæ къахыл не слæудзæн. Хæрзаг йæ уд ауад. Къахивæзт лæвæрттæн сæ хуыздæр ничи схондзæн. Йæ цæст æм фæдардзæн, æмæ кæд тагъддæр фæсæрæн уаид. Йæхи загъ- дау, цыппар боны уал — æнæ х’ъуаг. Хъæды къуымтæ дæр бас- гарын æмбæлы. Ау, фæззæджы къæбицы ницыуал разындзæн? Лæгæй йæ гал æгæвдæс. Йæхицæй гоби сарæзта. Адæймаг йæ мидсагъæстæй нæ сæрра уыдзæн ацы цъассы? Суадонмæ фæцу æмæ æрбаздæх. Фæндагыл дæхи къæрцхъус дар. Къæппæг фæивгъуый æмæ æнæмаст уай. Донгуырæнмæ æнæ цæугæ нæй. Уый сæ дыууæ дæр хорз æмбарынц, фæлæ хистæр ахæм хъуыды йæхимæ хæстæг нæ уадзы. Кæдæм сын ирвæзы? Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр ’ доны хуыпп. Лæппуйæн та йæм йæ цæстытæ ныуурс вæййынц. Йæхи аирхæфсы. Йæ къабæзтæ айвазы. Æмæ уый дæр мæнæ нæу. Ныр йæ базыртæ йæ быны батъыста. Æнцад бадæд. Йæ гæндзæхтæ цæгъдæд. Афтæ æдасдæр уыдзæн. Дон изæры дæр æрбадавдзæн. Йе та бонивайæнты. Гъа — изæр, гъа — райсом. Уыйфæстæ та? Чи сæм æрбадардзæн йæ рæдау къух? Фæлтау ныртæккæ араст уæд. Рагацау йæ хæс бафидæд. Дондзау адард. Лæг арæхстгай фестад. Йæ хъыгдард къахыл æрынцад. Риссы ма æви нæ? Дуды, уæд цы. Фæлæ йы/ 36
рæфсæрæн ис. Фæныфсджындæр. Хъавгæ атындзыдта лæппуйы фæдыл. Уый цыма къахвæндаджы дæргъ бары, уыйау уæзбын сапчъехтæ кæны. Куы бæласы аууон.фæвæййы, куы та йæ къу- дзитæ амбæхсынц. Цалдæр^хатты лæнкаумæ ныххызт. Развæд къахы фындзæй асгары. Йæ алывæрстæм акæсы. Æгайтма æцæгæлонæй стъæлфы. Æгайтма йæм тас бахъардта. Уый суа- донмæ куы ныджджих. Йæ сæнттæ йæ цух нæма уадзынц. /Егъи... йæ фæд-йæ фæд раздæхт! Мацы бамбарæд, йæ цæстдард ып ма фæхъыг уæд. Чъыллиппытыл та схæцдзæн. Тагъддæр хъоргъмæ... Кæстæр суадоныл дардта йæ зæрдæ. Кæд æм исчи фæзы- пид, æмæ сæ удхарæй фервæзиккой. Æмæ та фæфыдæнхъæл. Никæй фæдыл æрхæцыд йæ цæст. Ницæй уынæр ацахста йæ хъус. Иубон донгуырæны цур бавзæрста æнахуыр диссæгтæ. Йæ ныййарæджы сурæт уый айдæны федта. Йæ сусæг уарзоны цæстытæ йæм уый рог уылæнтæй ферттывтой. Абон суадон æлгъин æфсины фæзмы. Сыфтæй хъазы. Дуртыл згъоры. Æндæр ницы. Искуы та йæм кæд равдисиккой сæ рухс цæсгæмттæ рæсуг уæлцъарæй. Стæй уыцы лæгæн йæ уд ма атæхæд. Уæууа, сохъ- ыр, куыд дын амардтæн, уастæн. Къахвæндагыл ныууагъдæуыд уæззау фæдтæ. Сæ иу уæлæнгайдæр, иннæ — ^арфдæр. Æнхъæлдæн, фыртæссæй йæ дынджыр сæр разылд. Йе ’ууæнк бахордта. Хуыснæгау де ’мбалы фæдыл фæбыр. Цæстдзыд æй кодтай, æви йын комдзогæй рацæуын æнхъæл фæдæ? Рæди- йыс. Йæ мадæн фыртæн райгуырд,^куыдзы тугæй æхсад нæу... Лæджы цыдæр ныфс бауагъта. Йæхиуыл схæцыд. Сæ аход- æны хардз—дыууæ къæбæры — дзæкъулыл æвæрд. Доны сæ аудай æмæ сæ арæхстгай цъир. Изæрдалынгтæм хуыздæр хуын дæ цæсты кæронæй дæр нæ федтай.Æгайтма кæстæры балц фæрæстмæ. Иу уынæг æй нæ фæци. Йæхæдæг дæр ницы ба- фиппайдта. Æмбойны сыл дыууæ хорзы æрцыд. Суадон нымад пæу. Уый сын никæдæм аирвæздзæн. Уымæй тæссаг хабар нæ райхъуысдзæн. Хион фæзына донгуырæны цур — ма йæ бахъыг- дар. Æцæгæлон æрбавæра йæ къах — се ’мгæрон дæр мауал уæд. Æрдзы сконд хæзна адæмы хорз æмæ æвзæрæй не ’взары. Сс ’ппæт дæр ын иу нывыл карст сты. Хæрзаг та ацы сæнтдзæф йемæ не сразы уаид... Никуыма фендæуыд ахæм æмхуызон райсом æмæ изæр. Хур мæрддзæстæй скаст æмæ зынгхуыстæй батар. Аходæнæй ^хсæвæрмæ боныхъæд нæ аивта. Ног хабар нæ фехъуыстой. Ног бæллæх сыл не ’рбамбæлд. Лæппуйы йæ маст сыгъта, лæджы Га тас æмæ дызæрдыг æууылдтой. Кæстæр суадоны хорзæхмæ 37
бæллы. Хъуамæ уырдæм фæзына сæ хæрзгæнæг. Донгуырæ^ хъæды астæу уымæн равзæрд. Уымæн æм ныннадтой адæм къахвæд. Лæг та суадоны хæрзтæй хайджып, йæ бæллæхæй -ч уыргæфтыд. Дондзауы алы балц дæр сагъæссаг свæййы. Цыман йæ зæрдæ цæмæдæр ахсайдта. Дыууæ хатты йæ фæдыл фæхъуы-1 зыд, йæхи цæстæй федта, донгуырæны цур-иу куыд ссæргой,! уый. Йæ бæрзæй къогъойы къахæй снарæгдæр. Ратас-батасæй та куыннæ фæлмæцы? Кæйдæр агуры. Кæмæдæр æнхъæлмæ кæсы. Цымæ цæуыл сбаста йæ сагъæстæ?.. Сохъыры мастыдзæкъул адымст. Йæ къахы рис дæр ма дзы ферох. Фондзæхстоы уæгъд нал суагъта. Рæстдзæвин æй хуыд- той сæ хъæуы цуанæттæ. Æхсæвгæсæн æнæхъæн бон йæ бар нæ уыд? Æмæ-иу æфцджытæм афардæг дзæбидырдзуан кæпæ арсдзуан. О, рæстдзæвин æй хуыдтой, æмæ лæппуйыл мыййаг хæйрæджытæ куы сагъуыйой, уæд нæ фехъуыстон ма зæгъæд... Пæлæхсар тулдзы аууон æрæмбæхст. Йæ дондзауæи хинтæ ма счындæуæд. Æвдæлон куыройдзау бæласы бын нытътъæпæн. Тас дзы бауадз, уæд цыппæрвадæй хъоргъмæ æнтъæрид. Фон- дзæхстон систа. Ныхъхъавыд. Уый дын дур. Уый та къудзи. Лæппуйы цонг. Суадонæн йæ тæккæ бæрæгастæу. Къæпсыр алхъив, æмæ доны пырхæнтæ фæйнæрдæм фæтæхой, лæппуйæи та йæ сæр йæ кой суа. Уром, хорз лæг. Мыст къахта — æмæ йæхицæи гæдыйы сæр. Фехс, æмæ дæ цард сарæзтай. Хъæды дзæгъæл гæрах ныццараудзæн. Адæмыл та хъустæ дæр ма вæййы. Æмæ дæ иу агурæг уæддæр фæуыдзæн. Иннæмæй та — лæппу. Цы зæгъдзæн, цы ахъуыды кæндзæн? Æнæуи дæр йæ бæттæнтæ рæдувы, æмæ йæ уæд уромæг нал бауромдзæн. Фæлтау дæхи айс. Дæ хæцæнгарз бафснай. Дæ дондзау тагъд раздæхдзæн... Лæппу суадоны цæппузыр фынчытæ йæ армæй систа. Фыр- дисæй йæ цæст дæр нæ ныкъулы. Рæсуг уæлцъарæй йæм ра- зынд... сылгоймаджы сурæт. Дзыккутæ уæхсчытыл æркалдыс- ты. Йæ къухтæ йæм ивазы. Гыцци, йæхи гыцци. Къахы бынæй фесхъиудта къæцæлы саст, æмæ фæлгонц алæбырыд. Фыццаг хатт фæхæрам суадонмæ — йæ ныййарæгæй йæ фæиртæста. Кæд митæй амайы мæсгуытæ? Æмæ уым худинагæй цы ис? Кæд бæллиццагæй уырнинаг исты аразы? Афтæ дæр фæуæд. Кæннод æртхутæг фестдзæни, хорз æмæ æвзæр, раст æмæ зылыны иал æвзардзæн. Уымæн фæтындзы донгуырæнмæ, уым дзы ферох вæййынц йæ мæстытæ. Суадон æмæ сæнтæ. Стæй ма мыртгæйы къудзи. Уый фæстæ амбæхст гыццийы сурæт. Иу фæкастæй йæ - ауыдта æмæ æрбайсæфт. Йæ сæр пыхсбынæй сдардта, æдзынæг « 38
щестæнгас бæлæстыл ахаста, цæмæйдæр фестъæлфыд æмæ цъыхырыйы аныгъуылд. Гыцци, гыцци... Базгъордта мыртгæмæ. Къахы фæд дæр нæ разынд йæ быны. Æндæр къудзимæ фех- сайдта йæ зæрдæ. Æмæ та никуы ’мæ ницы. Сæргуыбырæй раздаехт. Лæджы дзæмбыты джипмæ дæр йæ хъус нал æрдард- та. Æнæуи дæр æй зыдта — йæ кæнон нæ ныууадздзæн. Слæмæгъ, фæтасыд, ныр кæд уисæн кæнид. Фæлæ æдылы митæм дæр куы фемхиц уа. Мæгуыр йæ бон. Йæ мады мын ссардта дард Украинæйы саухъæды къуымты. Ахæм заман фæдисхъæр самайын æмбæлы. Иуафон йæ мады агурæг ма адымæд. Уæд ыл дæ къух ауигъ. Уæд мæлæт дæ уæлхъус æрфистæг. Истæй æндæрг æй афæлывтаид. Йæхи дæр æмæ уый дæр фесафдзæн. Хойраг ма сæм дыууæ боны фаг ис. Дыууæ хатты ма йæ суадонмæ арвитдзæн. Стæй та кæд исты æрхъуы- дычындæуаид. Ныронг æй уыцы сагъæс никуыма бадомдта. Хистæры хæс йæхимæ райста, фæлæ йæ тыхстæй уыдæттæм не ’вдæлд. Афтæмæй та дыууæ боны æмгъуыдæй нæ цæрынц. Æгæр фæцалх схъиуд лæппуйы фæдыл зилыныл. Æгайтма фæцъула. Фæлæ æрмахуыр дæр æдзух коммæгæс нæ вæййы, æмæ йын йæ рохтæ суадзæн нæй. Райсом ма бафæраз, мæнæй уый. Хурыс- кастæй йæ хуры аныгуылдмæ дæ куыст скæн. Иннæбон сæхи айстой. Хъæутæм хæстæгдæр. Æцæгæлоны цæстæй дарддæр. Суадон сыджыты бын фæуæд. Лæппу йæ рафт-бафтæй фервæзæд. Барвæндонæй куы нæ уа, уæддæр æнæрхъуыдыйæ исты бæллæхы ныссæдздзæн. Йе та къахвæд æркæндзæн дон- гуырæнмæ немыцы кæнæ партизанты... Арв ныффæлдæхт хъæдыл. Æмбисæхсæвæй суанг бо- иыцъæхтæм фæлуæрста йæ лыстæг сасир. Къахвæндаг слæхъир. Хуыр æмæ æлыгбынты дæ къах æдасæй нæ айсдзынæ. Уæддæр сахайæн фæуыны амал нæй. Дымгæ бæлæстæ æмæ къудзиты кæрæдзийыл хойы. Йæ уынæргъын нал æмæ нал æнцайы. Æдзæмæй æууилынц сæ къæбæртæ. Хистæры роны ма ис Дыууæ муры. Уыдон та — се ’хсæвæр. Куы фæуой, уæд... Æмæ сæ удтæ куы нал уой, уæд ууыл исчи батыхсдзæн? Сæхæдæг Дæр æцæгæлæттау нæ бадынц фæрсæй-фæрстæм? Кæрæдзийы Улæфт æмæ сын тæф марджы ад нæ кæны? Афтæмæй иу цæды 1лалтау сты, æмæ дæ фæнды æви нæ — ауæдз ма фехал, науæд ^æрзæйсаст фæдæ... Иæ дондзау та скатай. Уыциу афон. Уыциу уысм ыл гæбы фæхæцы, æмæ йæ ракæ-бакæйæ лæджы тъæнгтæ ацæгъды. Маст 11эе риуы куы сцæнд уа, уромын æй куы нал фæраза, уæд йæ 11Ь1рх искæуыл акалдзæн. Æмæ уыцы исчи мæнæ ацы сæтбыл 39
уыдзæн. Бонвыддæр кæны. Æндæргдзуаныл бафтыд. Ныр дæщ та суадонмæ сцыбæл. Азым йæхимæ нæ райсдзæн. Йæ фæста! балц ын хæлар уæд. Уастырджи йæ рахиз фæрсты зилæд. ИстЛ йæм сфæрæзтай, уæд цæваг галы дзагъултæ байдайы. Мæлæти хабедзен. Сынæр цæгъдгæ арвы къуымты зилы. Йæ сыгъдæг уд дзуæрттимæ сæмдзæхдон. Чи зоны, йæхимæ афтæ кæсы. Ио| кæуыл дын барвæсса. Йæ базыртæ дын ма бауигьа. Ды та, мæнæр| уый, цъыфы бад. Ауындзæнмæ æнхъæлмæ кæс. Сæ дæргъ дæд иу, сæ уæрх дæр. Уымæй уæлдай ницы акъуырдта. Нал зилдзæн! йæ фæдыл. Кæй хъæуы лукъафындз салдат? Мæрдтæйдзæуæг! ахæмæй фæзæгъынц... ] Дондзау ныффæстиат, фæлæ лæг нæ батыхст. Къæвда йæ! лыстæнмæ æрбатæрдзæн. Уалынмæ æцæгæй дæр фæзынд... Йæ; фæрв сугтимæ. Йæхи хуызæнæй йæм ницыуал аззад. Æндахы’ онг ныххуылыдз. Уымæй цинел мæллæг уæхсчытыл баныхæст. Хæлафæй, хæдонæй — лæмаринаг. Ныровд æй къæзæнæгæй нæ зыдта — йæ дзыхы ныхас нал бады. Маст тæлфы йæ цæстæнгасы. Нæ фæлæ, ныфсы стъæлфæн ма уæд? Хæхты дзуæрт- тыстæн, тæссаг ныфс æхсиды йæ цæстыты. Æцæгæй фены йæ мады æви йæ истæй æндæрг афæливы? Уæдæ æндæрджы адæй- маджы уд бауадзгæ дæр никуы фехъуыста. Сабийы дæр ыæ бауырндзæн ахæм аргъау. Чи зоны, æмæ йын зондцух зæронд устыты фæсайынæн сбæзза. Æнхъæлдæн, бынтон æдас нæ дæ, хорз лæг. Хъуахъæй дæ ма фæуадзæд. Гуырысхоты бæсты... лидзгæ. Ахсæв ма лæгæты фæдзæхст, хурыскастыл сæ хъоргъ- ыл сыгъд ссæуæд. Лæппу нæ райхъал. Бæласы зæнджы æнцой не сцурк, уæд йæ тъæпп цъыфы фæцæуид. Æнæнхъызт хыссæйæ ацъапп ластой кæддæр фынæйæгуырды... Кæстæр буарæй дæр, зондæй дæр не слæмæгъ. Йæ хъару нæ асаст. Ныфсимæ — æмуд. Кæд искуы йæ даргъ фæндаджы кæрон скуынæг уой, кæд æй æвирхъау низ абырса, уыййеддæмæ тасын нæ бакомдзæн. Абон донгуырæны рæсугъдæй фенæхай. Къæвда йæ сызмæста, æмæ æрдзы айдæны ницы федта. Мады къудзи дæр (йæхинымæр афтæ схуыдта, гыццийы æндæрг æм кæцæй фæзыны, уыцы мыртгæйы) æнкъардæй ныккука. Иу хатт йæ къалиутæ фæйнæрдæм айста, гыццийы цæсгом æм равдыста æмæ йæ уайтагъд уымæл сыфтæры анорста. Мады мастдзыд цæстытæ кæйдæр агуырдтой, цæмæйдæр фарстой. Куы никæй ссардтой, дзуапп куы нæ райстой, цъыхырыйы дæр уæд аныгъуылдысты. Лæппу нæ фæзмæлыд, нал фæдызæрдыг. Йæ цæстытæ йæ нæ сайынц. Йе ’ууæнк ыл комдзог нæ цæуы, федта, фембæлд йæхи гыццийыл. Алы райсом дæр уыциу рæстæг фæзыны суадонмæ. 40
дфтæ рæсыд дæр, æвæццæгæн уый цæссыгæй свæййы. Цы хур, цЫ къæвда йæ æрхаста ацы дард хъæдмæ? Йæхи цæмæн хчмбæхсы? Ау, йæ иунæджы нал базоны? Æмæ уæд дыккаг, афтыккаг хатт цæмæн æрцыд донгуырæнмæ? Кæд, мыййаг йæ хъæбулы мастæй фæзæрдæхæлд? Кæд æй сайд æууæнк фæсуры суадонæй? Кæд, кæд... Бæстæ арты судзæд, дæ иунæг та бирæгъы лыстæныл батулæд, адæмы хъæрæй фæлидзæд... Къæвда æрæхсадта лæджы цæстытæ, æви æнтъыснæг боны хуыз райстой? Комкоммæ кæсынц, фæлæ ницы уыныц. Мидæгæй йæ цыдæр æвдæрзы. Йæ ахсæн нæ фæкъæртт. Æнцад бадгæйæ дæр уæдæ йæ нуæрттæ нæ арæдывта. Йæ зæрдæ кæм ис, уымæн та йæ райгуырдæй абоны онг ницы зоны. Æнхъæлдæн... Нæ йæ фæндыд ууыл баууæндын. Нæ йыл куымдта басæттын. Ау, сæтойы сæнттæ æцæг разыной? Зæххы кæрон йæ мады ссардта? Царциатæ æмæ хæсгæ мæрдтæ! Рæвдз фæлæуу, мæнæй уый. Цард æмæ мæлæт æмдзу кæнынц, кæрæдзийы хъуын-хъис хæрынц, æмæ сæ кæй барцыл фæхæст уай, уый дæ аскъæфта йæ фæдыл. Уæлæуыл æндæр хорзæх нæй. Мæрдты бæсты дæр дыууæ дугъоныл ничи фæбады — кæнæ дзæнæт, кæнæ зындон... Къуыримæ гыццийы цард бынтондæр сæмтъеры. Адæймаджы фæидтæ æмæ хъуыддæгтæн хæсты улæфт æвæры уаг æмæ фæтк. Цæстыфæныкъуылдмæ дын дæ хъысмæт йæхирдыгонау акæрддзæн, æндæр уд дæ бауадздзæн, æндæр джиппыуагъдæй агæпп ластай. Кæнæ саргъы бæхыл абадтæ, кæыæ та искæй фæсарц февзæрдтæ. Бæллæх бæллæхыл — цæндамад, фыдбылыз фыдбылызæн — æнцой, стырæй, чысылæй — хъаймæты амæттаг. Иæ зæнæджы зæнæгæн дæр сабыр цардмæ кувдзæн. Хистæртæй амондджындæр разынæнт, уадтымыгъы азар сæ макуы басудзæд. Иæ иунæгæй нырма цæй усгу^э ис, фæлæ йын йæ цоты рæвдауынæй никуы бафсæдид. Иæ зæрдæ цыма сæ сыхæгты чызгмæ æхсайы. Удыгага. Бæсты аргъ чындзаг. Хъобанæй йæм йæ хабæрттæ ныффыста, æрмæст уый кой скæнын нæ бауæидыд. Тæхудытæ... Лæппуйæ фыстæг куы райста, уæд æм фæдзырдтой партийы райкоммæ дæр. Æнæнхъæлæджы фæраст дард балцы. Дыккаг бон йе ’мбæлтимæ Ростовыл ахызт. Донбассыл пиллон арт ^ирвæзт. Поездæн размæ аггуырсыны амал нал уыд. Знаг сыл ^Удзаг нæмыг згъæлдта. Куыддæртæй уал ирвæзынц бæлццæттæ. Нае фæлæ — ирвæзтысты. Уæлæуыл бавзæрстой зындоны Хъизæмæрттæ. Вагæттæ зынгзæйы бын схъисгай баисты. ^æхэедæг дæр — дæ балгъитæг афтæ. Бирæты удтæ ахаста м^лæт. Удæгасæй чи баззад, уыдон дæр хуыздæр амонд нæ 41
фæци. Дæ сæр сдардтай — гуырæй фæиртæст. Фенкъуыстæ —-, адзал де ’ккой абадт. Рыгыл дæлгоммæ хуысс, дæ хъусты къæрмæджытæ батъысс, де сæфтмæ æнхъæлмæ кæс. Изæрдалынгты рабырыд пырх вагоны бынæй æмæ фæхуыдуг. Саумæры хъæбæр згъæлæнтæ йæ цавæрдæр дзыхъы анорстой. Йæ амондæн ма уырдæм ныххауд. Нæмгуытæ йæ сæрты цъыввытт ласынц, схъисты къæрццытæ дуртыл фæцæуынц. Тас йе ’мгæрон дæр нæ фæзынд. Фæтæрсынæн дæр æвæццæгæн фадат æмæ рæстæг вæййы. Уымæн та рæстæг дæр нæ рардæуыд, фадат дæр. Æнхъæлдæн, æризæр. Зæххыл мылазон мигъ æртыхст. Арвыл фæлурс стъалытæ тæрсгæ-ризгæйæ стъæлфынц. Уый та дын балц... Сæхи бахъуыд ирвæзынгæнæджы сæр. Уæвгæ йе ’мбæлттæй куы ничиуал ис. Кæдæ^т цыдæуа? Бæлвырд хабæрттæй кæй бафарстæуа? Æмыр тыгъд быдыр, сыгъдæттæ æмæ иунæг йæхи уд... Дардæй йæ цавæрдæр цырæгъты мæнг рухсытæ сæхимæ сайынц. Уæд та уыцырдæм фæраст уаид! Æгæстæм! Ныртæккæ! Æвæстиатæй! Куыд æнæрхъуыды вæййы сылгоймаг зын сахат. Ингæнмæ хи къахæй нæ фæцæйхызт? Чидæр æй йæ цонгæй рацахста. Хион у æви æцæгæлон? Бузныг йæ хъысмæтæй — хæрзгæнæг. Хъæу немыц бацахстой. Мæнг рухсытæ сæ хæдтулгæты цырæгътæ сты. Йæ ирвæзынгæнæг зоны, гыцци фæдисонтимæ кæй сæмбæлд ацы ран, уый. Заводтæй æдас бынæттæм бирæ раластой, фæлæ ма дзы дзæвгар баззад, зæхх кæм судзы, уым дæр. Ныр та фæстиат — нал, хъæдмæ амоны сæ фæндаг. Афтæ йын фæдзæхстой сæхимæ дæр партийы райкомы. Дыууæ боны размæ дæр ма Дзæуджыхъæуы йæ куысты уæлхъус лæууыд. Дыууæ бонмæ киномæ кæсæгау дуне диссæгтæ федта. Райком, балцы ныстуан, Беслæныхъæу, Ростов, Донбасс, мæлæт æмæ царды хъуырдухæн, хæрзаудæджы къух, партизантæ... Йæ гæххæттытыл ничи фæгуырысхо, стæй хæрзæмбæлæг йæхæдæг заводтæй иуы директор уыд. Йæ куыстуат басыгъд, æмæ хæцæнгарз райста. Зæххыл арт сирвæзт? Уадз æмæ цæхæр кала лæбурджыты къæхты бын. Афтæ зæгъы партизанты директор. Ацал-ауал азы иумæ фæкуыстой æмæ сæ разамонæгмæ æндæр номæй нал сдзырдтой. Фæсивæдмæ къамандир хуыздæр кæсы, фæлæ йæ хистæртæ директорæй ныууагътой. Æнахуыр уавæры дæр раздæрау арæхсæд, уыййеддæмæ сæ цы уæлдай ис? Иубон та сæ заводмæ нæ хъæуы? Айразмæ гыццийы сæ цехы парткомы секретарæй равзæрстой, æмæ йæ ног хъысмæт уайтагъд алыг. Знаг æнæнхъæлæджы ныббырста, æмæ не ’фсæддон хæйттыл стыр зиантæ æрцыд. Сæ 42
иу хай къæппæджы бахауд, немыцы фидар цæг арæдувын нæ (Зафæрæзтой, æмæ сырхæфсæддонтæ кæм иугæйттæ, кæм та къордтæй хъæдбынты зилынц, кæрæдзийы агурынц. Хойраг сæм фæйнæ армыдзаг, цæфтæ — æвæгæсæг, партизанты æххуысмæ бæллынц. Дардбæлццон сылгоймаг уыцы тæссаг хæс йæхимæ куы райсид. Алкæмæдæр аивæй йæ цæст дарæд, нæхионтæн æдас къуымтæ амонæд, немыцæн та — сæрсæфæнтæ... Хъæуи-хъæу цæуынæй не стайы гыцци. Кæм къæбæргур пæййы, кæм та зондамонæг, куы лыгъд адæмимæ алы гæрхæттыл схæцы, куы та сын йæхи мæстытæ фæдзуры. Рæстуд фæкъæрцхъусдæр, лыстæгдæр æвзары хион æмæ æцæгæлоны дæргъ æмæ уæрх. Маствæлтæрдæй сæрæндзаст æмæ цардбæллон. Карды комыл дæр йæ цæсгом нæ бахæрдзæн. Мæнгард æмæ уæййаг та йæ гамхуд систа. Куыдзы комæй стæг райсдзæн. Йæ чъизи уды тæппæлттæ йæм бæсты сæфт кæсынц. О, ахæмтыл дæр-иу фембæлд йæ даргъ фæндæгтыл. Бирæ йын ис хъæуты æууæнкджын хæлæрттæ. Куы бахъæуа, уæд — фысымтæ, куы йæ фарстæуа — сæ хион æмæ рæбинаг. Уыдон арвиты партизантæм дæр йæ ног хабæрттимæ. Хъæды астæу рæсуг донгуырæн дæр ын уыдон бацамыдтой. Ацы зылды æндæр суадон нæй, æмæ йыл дзæгъæлдзугæнæг бæлццон бар-æнæбары йæ къах скъуыры. Йæ фæллад суадзы, йæ дойны басæтты, йæхи сагъæстæм æй равдæлы, йæ хъысмæтæн иунæг йæхæдæг свæййы тæрхонгæнæг. Донгуырæны цур ыл гыцци æнæнхъæлæджы сæмбæлы. Тæригъæдгæнаг зæрдæ сисы æфхæрд хæстоны рис — уый фæлмæн дзыхы дзырдæй æртæфсы. Къæбæры мур дæр ма йæм разыны. Лæгау лæгæн рæствæндаг фæзæгъы. Хъылмайæ чи фæхъæстæ, уый дæр бамбары æмæ йæ суадоны рæсугæй фенæхай кæны. Къалиуы къæрцц æмæ сæртæг æхситтæй пыхс йæ сæрыл ахæссы... Иу лæппу йæ дисыл æфтауы. Цыма кæмдæр хъæды арф къуымы æмбæхсы. Уыциу рæстæг æрбацæуы суадонмæ. Æнæбонскъуыдæй. Хъавгæ æмæ хъуызгæйæ. Ракæс-бакæсыл фæвæййы, джихтæгæнгæ донгуырæны цур абады æмæ та æрбайсæфы. Йæ цæст æм дардæй дары. Мыййаг куы фæсонт уа æмæ йын куы аирвæза. Иу хатт æм йæхи хæстæгдæр байста æмæ фæсмонгонд фæци. Æнхъæлдæн, æмæ йæ бафиппайдта. Цзеф сæгуытау фесхъиудта, йæ цæстæнгас къудзитæй нал æмæ иал иста. Гыцци мыртгæйы фæстæ амбæхст, æмæ уæд æрыгон æфсæддон йæ ахстонмæ афардæг. Уыцы бон... Гыццийы зæрдæ æнахуыр цæлхъытæй афтæ 43
сфæйлыдта, æмæ йæхи дæр нал бамбæрста. Æвæццæгæн ныффæллад, йе та æнæнхъæлæджы йæ цæстытыл сабыр царды нывтæ ауайынц. Сагъæсты аныгъуылы, алы ног хабар, цау æмæ ныхас дæр уырзæй æвзарын байдайы, стæй æвиппайды, æнæрхъуыдыйæ йæ хионтæй искæй æрæмысы. Уыцы бон æм фæлахс рус лæппу фæкаст... йæхи хъæбулы халдих. Уæрджытæ йæ быны фæтасыдысты. Сæр разылд. Уæддæр ма мыртгæмæ баирвæзт. Ахæм бар ын нæ рардæуыд, æмæ сывæллоны митыл схæца. Йæхиуыл æрхудт. Хъуыддаджы бæрны бацыд, афтæмæй сæнттыл сбæндæн. Кæм ис цымæ афонмæ йæ удæнцой? Йæ балц афтæ ныддæргъвæтин уа, тыфылты бахауа, уый æнхъæл та чи уыд. Лæппуйæн, æгæр-мæгуыр, фæдзæхст æмæ уынаффæйы ныхас дæр нæ загъта. Чи зоны, сæхимæ æрбаздæхт æмæ æвæгæсæгæй стыхст. Тæрсы, уæдæ цы, йæхи гыццийæн дæр. Æмбаргæ рахаста æмæ уал кæд исты амæлттæ кæнид, стæй йæм йæхæдæг зындзæн. Йæ æдзард фыды цæрмыстыгъд бакодта. Æргомдзырд, тæлфаг, æмгарджын. Фыд мидхæсты заман уæззау цæф фæци. Æстдæсæм азы августы мæйы Дзæуджыхъæумæ ныббырстой хъазахъæгтæ. Иуæндæс боны ахаста тугуарæн хæст. Сырхытæ, керменисттæ æмæ кусджыты къордтимæ урсгвардионты горæтæй фæсырдтой. Æнæмаст цард сын бацайдагъ, фæлæ лæг йæ риуæй хъæрзыд, æмæ сæ бындарыл фондз азы куы сæххæст, уæд ахицæн. Ныр лæппу рахъомыл. Хæдзардарæджы митæ фæзмы. Æрмæст уый рад нæма ралæууыд. Усгур... Чындзагæй йæ бон рахъаст кæнын нæу. Мæйтæ æмæ дзы хуртæ кæсынц. Тæхуды, æмæ уыцы хæрзуд гуырдзийаг чызг йæ къæсæрыл фарны къах куы ’рбавæрид. Æнæ кæрæдзи нæ фæразынц, æмæ йæм кæд чызг йæ цæст фæдарид. Æххормæгтæ мын куы баййафа, æнæитувæрдæй йæ къах адæмы æхсæнмæ куы райса... Нæ фæлæ йæм цытæ цæуы. Нырма никуы бæхы хуыррытт, никуы ехсы къæрцц. Æрыгон сырхæфсæддон æм йæ хъæбулы хуызæн куы фæкаст, уæд хуыссæджы хъæстæ нал фæци. Æхсæв-бонмæ рафт-бафтæй йæ фæрстæ схаудысты хъæбæр лыстæныл. Фысым скатай — кæд дзы уазал бацыд уымæл хъæды? Иу заманы афынæй æмæ уынæргъын байдыдта. Кæйдæр агуырдта, кæйдæр рæвдыдта сæхи æнахуыр æвзагыл. Сæрнизимæ рабадт æхсæвыцæстæй. Йæ роны къæбæры мур атъыста. Фæсвæдты донгуырæнмæ" атындзыдта. Æрæджиау фæлладæй фæзынд. Æнæ хъыпп-сыппæй хъæмпыл батылд. Хойраг не схаста йæ дзыхмæ.Цалдæр хатты дон ракуырдта, 44
,еМæ ууыл ахицæн сты йæ сихор дæр æмæ йе ’хсæвæр^дæр. роныцъæхтыл та уыцы сæрæнхуызæй суадонмæ фæраст. Йæхи иал равдыста. Лæппу куы фæаууон, уæд рахызт йæ æмбæхсæнæй. Тагъд-тагъд асгæрста донгуырæн æмæ къудзиты рæбынтæ. Сырды фæд æмæ адæймаджы къахыдарæсы джиппытæ. Æндæр ницы. Цыфæнды уæд, хъуамæ йæхи зæрдæйæ банкъара лæппуйы буары хъарм, катай æмæ улæфт. Йæ иунæгимæ фаззæттау куы сты. Æгомыг хъæд йæ уазæгыл комдзог нæ рацыд- æвдисæйнагæй ницы ссардта. Уæд та йын цæхх æмæ кæрдзын ныууадзид? Нæ, нæ, сгарæг æй схуыдта партизанты директор, æмæ йын ахæм бар нæй. Фырадæргæй мыртгæйы къудзийыл атыхст. Диссаг нæу, раджы ферох йæ сабийы къухтæ æмæ былты æндзæвд, æмæ та йæ ныр бавзæрста. Дæ рынтæ дын ахæра гыцци, æцæгæлон хъæды астæу дын дæ гæгкыты фæд агуры, æмæ йын йе ’дылы митæ ныббар. Фæлæ йын зын у, тынг зын. Уый æрмæстдæр дæуæн зæгъы. Æндæр искæмæн æй ской дæр нæ бафæраздзæн. Не ’мбæлы... Фысымтæ йæ æнæ иу сныхасæй бамбæрстой. Сгарæг цæмæйдæр тыхсы æмæ бынтон сцола. Иукъорд боны ма афтæ куы ахæсса, уæд æрхаудзæн. Æгæр дæр ма быхсы йæ зынтæн. Карды комыл дары йæ уд. Æхсæвы арв фемæхст, лыстæг къæвда нызгъæлдта æмæ кæркуасæнтæм нал банцад. Йæ тæдзынæг фескъуыдта æмæ та ногæй ныккалдта. Ныр кæд сылгоймаг дæр сулæфид. Ахæм бон цыфæнды хъæхъаг немыцаг дæр йæ сæр не ’рбадардзæн хъæумæ. Хъæды дæр, сæрмагонд хæс кæмæн радтой, уыцы партизантæй йеддæмæ никæй фендзынæ. Уазæг йæхи фæнд атардта. Уайтагъд фæрæвдз. Цалынмæ æфсин фынг æвæрдта, уæдмæ æрбадæлдзæх. Чи зоны, цас аивгъуыдта æнтъыснæг рæстæгæй, фæлæ иуафон мæрдджынæй ссардта æгас хæдзар. Хъоппæг цæстыты зынг ахуыссыд. Йæ былалгъæй иу дзырд не схауд. Уадзыг гæнæгау бандоныл æрхауд. Йæ былтыл ын дон сдардтой, йæ хуылыдз уæлæдарæс ын раластой, пецы сæрмæ йæ сæргъæвтой, æмæ банцад... Æрдæбон цы федта æмæ цы бавзæрста, уый фенын æмæ бавзарыны бæсты йын исчи йæ цæстытыл куы бахæцыдаид. Æрыгон хæстон йæ фырты халдих нæ разынд. Уый ... йæхæдæг Уыд. Йæ иунæг. Йæ ныфс. Йæ дарæг. Хорз цæдисæмбалыл фæхæст. Фыдгæнæджы сурæт чи араза. уымæн цæттæ быдыргъ. Уьщмæ бабырыд талынг хъоргъы? Уый йыл дары йæ арм? Æмæ ^м куыдæй фæвзæрд? Цæмæйты фæрсы? Æмæ йæхæдæг ам цы 45
архайы? Хæст, гæныстон фæуа, иуы цъыфдзастмæ фехсы; иннæйы та сæрæнгуырдтимæ стæры арвиты. Æмæ йæ бындар йæ фыды фарныл цъыф къахæй æрцыд? Уæд цæрыны аккаг нæу. Фæлтау — æвæд. Нæ, нæ, дæхи туг куы фыцы йæ дадзинты, дæ риуы æхсырæй йæ куы схастай. Мад куы дæ. О, мад, æмæ абон ныййарæджы тæрхон рахæсдзæн. Кæд йæ фыды фырт разына, уæд лæджы ном фæрнæй хæссæд. Науæд худинаджы’ бæсты — мæлæт... Арв дыккаг бон уазал цæссыг згъалы. Бæласæй, къудзийæ, дурæй — æндзыг æмæ æргъæвст. Уымæл адæймаджы иннæрдæм ахизы. Фынæйæ дæр не ’ртæфсы, боныгон дæр йæ сæр — йæ мæт. Лæг йæ фæтæн хъуынджын къухтæ аууæрста, йæ ’ргом лæппумæ аздæхта. Цæдисæмбалы кад нæ тæры. Хистæры дæлбазыр æнцад бадын æм хардзау кæсы. Æмæ суадоп — æвдисæн, тæрхонгæнæг та — йæхæдæг. Кæд ын йæ рæсугæй суадза йæ тыппыртæ — цæрæццаг, донгуырæн мады цæссыгæй сцæхджын — мæлæт... Гыцци, гыцци... Тæргай ма фæлидз. Дæ мастæн сайын ма баком. Аххосы мур нæй мæ хъæбулмæ. Йæ ард нæ бахордта. Знагæй нæ фæтарст. Хæсты быдыр нæ ныууагъта. Фæзын æм, царды хос ын радт. Кæм дæ, гыцци?.. Лæппу катайæ йæ хъуырмæ сси. Йæ цæстытыл ын хæрв сæвæрдта. Лæг уынагдæр разынд. Мыртгæйы фæстæ ауыдта сылгоймаджы цæсгом. Къæвдайæ æхсад. Ивадæй тæмæндзыд. Чи у æмæ йæ цы хъæуы? Чифæнды уæд — фыдбылыз хæссы. Æмæ йæхи айсæд, кæннод ... Хæцæыгарз риумæ æрбалхъывта. А зæххыл æрмæстдæр ууыл æууæнды... Бынтондæр ссæрзилæджджын лæг. Алы къудзийæ дæр æм знаг зыны. Хъоргъы бадын нал уæнды. Суадонмæ дæр йемæ уымæн фæраст. Былысчъилтыл-иу схæцыд: сайгæ дæ фæчындæуыд, фыны дæ мады феныс, æмæ йæ сурæт бопæй дæр дæ цæстытыл ахъазы. Кæд ма гыцци донгуырæнмæ йæ къах æрбавæра, цæд йæ фидис йæхи былтыл асæлдзæн... Цы дам цы? Цытæ лæхуры ацы фыдзонд? Ахæмы бастæй дарын æмбæлы. Фæдылзилæг... партизантæ...ауындзæн... Куыд сбаста уыцы дзырдтæ иумæ? Куыд бахаста йæ ныфс? Мæлæтæй кæмæн бавæрдта зæрдæ? Йæ гуыбыны йæ чи фæхаста, йæ дзидзи йын чи бадардта, уымæн? Къахыл цæуын æй чи сахуыр кодта, ирон æвзаджы зæлланг кæмæй фехъуыста, уымæн? Хур, зæхх, арв, дон, рухс дуне йын хæрзиуæгæн чи радта, уымæн? Æлгъыстагæй йеддæмæ йæ къух хистæрмæ ничима систа. Фæлæ ацы иблис йæ туджы куы фæмæца, уæд-иу ыл хъоды мачи бакæнæд. 46
Йæ сæнтты сабибонтыл азылд. Бæстæ хуры рухсæй байдзаг. Хур æмæ мады хъарм хъæбыстæ...Быдыртыл зилы. Быдыр æмæ мады фæлмæн къухтæ... Бæлæстæ дидинæг калынц. Бæлæстæ æмæ мады ирд цæстытæ... Хæдзар зарæгæй азæлы. Зарæг æмæ мады цъæхснаг хъæлæс... Сæнтты æфсургъæй æрхызт. Бæгънæг хъæды та февзæрд. Масты хæлбурцъ хурхуадындзтæ ахгæдта. Æгъатыр маст. Хæстон лæджы Æууæнк æмæ Æфсарм чи свæййы, Ныфс æмæ йын Хъару чи ратты, уый. Ауыдта йæ мады. Гыцци, йæхи гыцци... Базыртæ йыл фæсагъдæуыд. Цыма та кæддæрау Урсдоны сатæг уылæнтæм фехста йæхи бæрзонд былæй, уыйау атахт мыртгæйы къудзимæ. Йе ’мдзугæнæг фæджих. Йæ цæстытæ фырдисæй сæ къуырфытæй рацæйхаудтой. Кæдæм згъоры? Цы сфæнд кодта? Кæд ын йæ ныхас айста, уæд хæцæнгарз — йæ^къухы. Науæд... Æнхъæлдæн, æмæ куыдзы хъæвдын сæрра. Йæ хæрзтæ йын марг фестæнт, йæ зæрдæйы уидæгтæ йын басудзæнт, тæхгæ- тæхын атæппал уæд. Систа фондзæхстон, Ныхъхъавыд. Лæппуйы сæр лыстæг бæрзæйыл сцоппай. Ацахс æй, æмæ та иуварсмæ фæзилы. Уæвгæ йæхи не ’мбæхсы. Топпы дзых æм кæй сарæзтæуыд, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæй... Мад тындзы лæппуйы размæ. Бамбæрста йæ иунæджы. Фервæзт йæ гуырысхотæй. Хъæд йæ ныхмæ сыстад, ницы йын æнтысы. Куы йæ къах дур кæнæ къуындзихыл скъуыры, куы цъыфы фæбыры. Тагъддæр, тагъддæр. Фæкомкоммæ лæджы æнæныкъулгæ цæстмæ. Топпы дзых æмæ уыцы цæст... Мæлæт? Нæ, нæ, нæ. Уымæй стырдæр бæллæх нæй зæххыл. Йæ цæнгтæ фыртыл атыхта. Суазал, мæгуыр, смæллæг, сцола, æрмæст ма йæ цæстытæ судзынц. Йæ цæугæ мæсыг, йæ лæугæ хох... Фырт æмæ мадæй топпы гæрах ничи фехъуыста. Гыццийы цæнгтæ æдыхæй куы ’рхаудысты, уæддæр лæппу фыдбылызыл нæма баууæндыд. Фæстæмæ фæкаст — цы гуыбынрын тилы хъоргъы бардуаджы? Лæг хæбæццæй лæууыд бæласы æнцой. Иæ къухы фондзæхстон. Цыма уæззау куысты ныффæллад — йæ тутт цæстытæ сæм сарæзта æмæ цæмæдæр æнхъæлмæ кæсы. Ахæм фехсдзæн, ахæм искæй амарыныл фæстиат нæ фæуыдзæн. Æрмæст йæ цардæн фæтæрсæд, уыййеддтæмæ гæрзтæм лæбурдзæн. Абон ын йæ ныхæсты тæссаг мидисæй фæсонт — нæ фидыдтой адæймаджы æфсармимæ, æмæ сæ йæхицæй асырдта. Топпы гæрах та йын сæ йæ зæрдыл æрлæууын кодта: ома, фен дæхи цæстæй, фехъус дæхи хъустæй, скæрд Дæхи зондæй. Нæма æрчъицыдта, афтæмæй мады къудзийы 47
рæбынмæ æруагъта. Æрлæууыд йæ зонгуытыл. Бафснайдта йын йæ даргъ дзыккутæ. Æнцойæнгас. Æнæмаст. Æрфгуыты, къæлæттæ сæхи маргъы базыртау^систой. Æхгæд цæстытæй уазал цæссыг рустыл æртагъди. Йæ къух ыл æрхаста æмæ фестад. Удхоримæ лæгæй лæгмæ лæууынц. Цард æмæ мæлæтау. Рæстад æмæ бæллæхау. Кæддæрты-иу тас йæхицæн ахстон сбыдта йæ риуы. Ныр æй фидар къухæй срæдывта. Æвæлтæрдæй-иу гуыргъахъыл фæцудыдта, туг æмæ-иу сыгъдæттæй йæ зæрдæ бамæгуыр. Ард хæры, тæнзæрдæйау нал фæчиудзæн. Гуырысхо-иу ыл фæтых, чъизи ми рахатын-иу æвиппайды нæ бафæрæзта. Уынагдæр уыдзæн йæ цæст. Хъусагдæр уыдзæн йæ хъус. Тæригъæдæй-иу фестъæлфыд. Йæ маст-иу аныхъуырдта. Æгъгъæд фæуæд! Лæгмарæн хатыр нæ вæййы. Уæлæуыл ын ныууадзæн нæй. Дыууæ нæмыджы йæм ис, æрмæстдæр дыууæ, æмæ хъуамæ ма фæивгъуыйа. Систа фондзæхстон, фæхъавыд. Йе знаджы гæрах фæраздæр, хорз, æмæ къудзийы рæбын фæтъæпæн... Хуыцау — æвдисæн. Туг ныккалын æй нæ фæндыд. Мады бæллæх—лæппуйæн йæхи аххос. Фæлæ бæдæйнаг йæ туг исдзæн, æмæ йæ лæджы сæр бахъуыд, Ма дзы байрадæуа. Йæ амæттаджы топпы дзыхæй ацахсы, æмæ та æрбайсæфы. Хъавæг йæхæдæг, марæг та уыцы сæтой? Æрбахъуызы йæм. Уый та сыдзмыдзы быры. Къудзи фезмæлыд. Ныртæккæ йæхи равдисдзæн. Гæрах. Лæппу пыхсы фæмидæг. Мардæрцыд нæу? Йæ къух æй сайы æви йæ цæст?.. Æгъи... Фæйнæ дыууæ нæмыджы ма сæм баззад. Стайын байдыдта — къахвæд фæарфдæр. Фæлæбурынмæ йæ ныфс нæ хæссы, алидзын та йæ къухы не ’фты. Фондзæхстонимæ схъуырдухæн. Бæласы фæстæ амбæхст æви фæкалд? Рабадт. Фæхъавыд æмæ ... нæ фехста... Дзæгъæлæхстыл сбæндæн. Уæлдай нæмыг та йæм нал ис. Афтæмæй лæппу уымæй бирæ кæстæр. Къахæй бирæ рæвдздæр. Дæхи афæлив, мæнæй уый. Суадонмæ гъæй зæгъ. Уый мæстæй сагъуыд. Къахвæдыл сахуыр. Æдасæй йыл тындздзæн, æмæ мауал фæивгъуый... Рахизырдыгæй — пыхсы дæрæнтæ, галиуырдыгæй — дурты цæндтæ. Йæ акомкоммæ армытъæпæныйас æрдуз. Æндæр ницы ахсы цæст. Цъысым æмæ къуырцдзæвæн. Донгуырæнмæ ма саразæд йæ ных?.. Уырдыгæй та... Сыгъд хъæумæ. Æмæ йын уæд йæ фæдыл цæхх кæн. Къахвæндагыл æй тагъддæр баййафид, фæлæ йæ акъæрцц ласдзæн. Фæлтау... Цъыхырыйы алæгæрста. Суадонмæ ма топпы æхсты бæрц уыдаид, афтæ фæлæууыд. 48
цымае дурадзагъдæй нæ фæсонт уаид? Тасæй куы сæнкъуысы [ие хъуына уд... Лæг йæ хæстулæфт баурæдта. Къудзийы бынæй, донгуырæны гæрты фондзæхстон радардта. Лæппу хъуамæ уæртæ уыцы иьуйы фæстæйæ рахиза. Тулдзы иуварс фæуадздзæн, æмæ кУыддæр йæ къах дурмæ сиса, афтæ йæ тæригъæд йæхи. Мадæй, ^ыртæй бирæгътæн æхсынинаг фæуæнт. Йæхæдæг та йæ фæндаг адардзæн... Лæппу къахвæдмæ дуртæ ракалдта. Ныццарыдта топпы иерах. Нæмыг дуры кæрон акъуырдта, фесхъиудта, тулдзы ставд :иенджы ныссагъд. Хъæрæй ныххудт. Æнæрхъуыдыйæ. . ^Енæбары. Мæрддзæстæн йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты. '1ыр уый бар бауадзут... Иæ амæттаг сырдау нынниудта. Æлгъыстаг суадон. Йæ бæллæхтæ иууылдæр уыимæ баст сты. Ам фембæлд йæ цыфыддæр знагыл. Ам ссардта уыцы æнаккаг йæ куырысдзау мады. Уымæн йæхион йæхи фæци, фæлæ ма йæ хъыбыл пыхсы бады. Донгуырæнæй уыд сомыгонд. Фехста йæ сафæджы æмæ фæсыкк. Изæрдалынгты кæд сыгъд хъæумæ баирвæзид... Дардæй йæм йæ цæст дары лæппу. Цыма лæг къæппæджы смидæг æмæ, йæ хъысмæт кæд æмæ куыд алыг уыдзæн, уый базонын æй фæнды. Æви ма йæм нæмыг кæй ис, уый йæ уромы? Иæ къахайст фæрæвдздæр, мыййаг хъамылы хуы йæ къодах иыхсбыны куы бафснайа... Быдырмæ бирæ бæргæ нал ис, фæлæ йæ мæлинаг сæтбыл уæгъд нæ уадзы. Фæстæмæ фæкæс — йæ æндæрг ын ауыдтай. Сæппыл схæц — уый дæр фезмæлы. Фæдфæливæгау дæ гьæбæртт фехал — афæстиат. Иу æхст дæр нæма фæкодта. Хæстæг дæр æм уæдæ нæ цæуы. Быдыргæронмæ æргъæвы сæ быцæу? Уым сисдзæн йæ уд. Кæд ын исчи ингæны æфсон дзыхъ скъахид, æмæ никæйуал хъыгдарид... Лæппуйы йæ уд исынмæ нæма равдæлд. Сырды мыггаг сыгъд хъæуы бамбæхсынмæ хъавы. Уæвгæ ма уырдæм дзæвгар ис. Куы дæм фæрæвдз уа, уæд ам акалдзæн йæ марг. Æмæ ма фæрæди. Зæххы удхорæй фервæзын кæн. Æндæр риссæй ма схъæрз, Цалынмæ мастисæг суай, уæдмæ... Хъæдгæрон уыцы иу рæстæг анæрыд дыууæ гæрахы. Лæппу аЦахста лæджы сонт змæлд æмæ йыл фондзæхстон суагъта. Иу Чæстыфæныкъуылд раздæр фехста, æмæ йе знаджы акъуырдта. Гæхицæн нæмыг йæ цонджы фæлмæны ахызт, фæлæ сæдых 1^мæ бæласы бын атылд. Нæ йæ къух сисын фæразы, нæ йæм и ьахдзæф акæныны хъару ис. Зæрдæ туг тыхлæмæрст кæны. 1 М^Дуг№2, 1997 49
Абоны бæллæхтæ йын йæ цард бынтондæр кæй аивтой, уый йæ сæр нæма ахсы. Иуафон йæхи æрæмбæрста. Йе стыр масты судзаг æм бахъардта. Мады æфснайын йæхимæ кæсы. Хъæргæнæг кæмæ арвита, уый нæй. Æмæ йын йæ хъæбулы цæссыг хæлар уæд. Суадоны рæсугæй йын йæ тугтæ æрæхсдзæн. Æндæр уæдæ цæмæй бафида йæ ныййарæджы хæрзтæ?...
АРВИСТОН УИДÆГТÆ Æнкъарынц къабузтæн сæ цъæх, Хай исынц царды уазал, хъармæй; Нæ цæстæй сæ æмбæхсы зæхх, Фæлæ цæрæм, цæуæм сæ фарнæй. Сæ удтæ фидауцæн — нывонд, Нывонд сæ зæрдæты цæхæртæ, Цæмæй цъæх уæлдæфы бæрзонд Хæссой цъæх бæлæстæ сæ сæртæ. 1993 Риуы ног зарæг райгуырд,— Монцты, рухс фæндты тыр, Æмæ рыст, фæлæ — райгонд Зæрдæ уый цинæй ныр. У йæ мидулæфт диссаг, У уындæй дæр хæдхуыз... Уым мæ судзагдæр риссаг Дзурын адæмæн æз. 1984—86
МÆ ХУЫЦАУ К Баратыпскимæ гæсгæ Æрмæст дæу дæн, дæ зæрдыл дар: Нæ уарзтæн арвы бын нæй рафтæн! Куыд мыл цыд абонмæ дæ бар, Цæудзæн мыл фидæнмæ дæр — афтæ. Æндæрты арвмæ сисын æз, Сæ фарн, сæ рухсмæ нæй фæцудæн, Уæддæр мын уаздæр у дæ хуыз, Уæддæр йæ Хуыцау ды мæ удæн. 1995 \ ПОЭТ МЫХУЫРБИЙÆН К Баратыпскимæ гæсгæ Йæ фыст дæр у йæхи хуызæн хуырым. Фæлæ зæгъын мæнæйуый ам фæразы: Кæй фæци ахæм, аххосджын нæу уым, У йе сфæлдисæг аххосджын нæ разы. 1995 «ÆФХÆРД» ПОЭТ Гацийы та нæ хицауад кæд уарзтой?! Сæ къух ныр, агъæц, баххæссыд поэтмæ: Æргом фыста Гаци ’мæ йæ фæхастой Бæрзонддæр бынат, хъармдæр кабинетмæ. 1991 52
ХЪУЫДДАДЖЫ ЛÆГ Фæтæнуæхск, фидауцджын, бæрзонд, Цæуы æлвæст æмæ хæстхъомæй. Цы ран нæ акæрды йæ зонд, Гъе уым та акæрды цæсгомæй. 1996 азы 10 июль Къадзаты С. гæсгæ Хуыллыпп кæд уыд фырнымд, гуыххæл, Ыстæй кæд уыд æфсарм Хуыллыпмæ?! Йæ дзыпп куынæ ф ’амоны цæл, Йæ къух уæд ф ’амоны нæ дзыпмæ. 1996 Нæ ахсæнтæ — нæ кой, нæ тыхст, — Цæрæм сæ мах æфхæрдæй: Мæнæн — æххормагæй йæ рыст, Дæ ахсæнæн — фырхæрдæй. 1995 ПАРОДИТÆ УÆД КУ ’АХАУОН... Йæхи ныццавта гора-бындз мæ цæстыл Æмæ уæлгоммæ ахаудта, фæсур. Плиты Олег Зæххыл цæуын поэзийæн æххуырстæй, Дæлдзиныг æз, уый — рухс æмæ бæрзонд. Сæхи та мыл мæ рифмæтæ ныххуырстой, Куыд базыдтой — тæнтъихæг дæн, тæссонд! 53
Кæмæндæрты кæд рог цинтæ фæхастой Сæ уацмыстæ, мæнмæ та уæд — фыдæх: Мæ фыст рæпхъытæ фындзы хъæл ныссастой, Сæ судзгæ цæфтæй цæсты бынтæ — цъæх... Уæрццау мæпæйуый хæмпæлты нынныгъуылд, Мæ тарст зæрдæ æвирхъау тасæй — дзаг: Йæхи куы сцæва иу карз дзырд мæ ныхыл, Уæд ку ’ахауон, куы фæсур уон, мыййаг! 1994 0, ХУЫЦАУ!.. 0, Хуыфу/ Цы пæ диссæгтæ фепди! Сыстад пыл политикоп фыдрып. Курæм дæ, о, райс ма пæ арепды, Нал фæразæм а зæххыл цæрып. Балаты Альберт Раздахай фылдæр æргом нæм хъуамæ, 0, Хуыцау, æмæ нын кæн ахъаз; Мах хуызæн ма чи кæны рекламæ Ам дæ ном?! — Ирон тугæн ды — уаз. Мæхъæл, гуырдзы... Ирмæ сæм фыдвæндтæ, Карз сæ уад, сæ фыдæхы къуыс-къуыс... Аудæнт ныл, о, Хуыцау, дæ зæдтæ, Бакæиæнт ныи спонсорты æххуыс. Не знæгтæн цæсты сындз у нæ фенд дæр, — Стыр æхсар нын бауарзæд дæ цæст; Ратт нæ Мады Майрæммæ аренды, Алардымæ ма ратт мах æрмæст. Сæфты къахыл не ’взаг дæр, нæ наци, Сау зындоны цас фæразæм, цас! Скæн нæ, Хуыцау, цæй, приватизаци, У прихватизацийæ нын тас. 1996 азы 19 июль 54
МÆ БОН У... Фыдæлтæй мып баззад: мæ райгуырæп къуым, Мæ боп у: цæхгæрмæ йыл бакæпон хуым. Мæ номæн нæ тæрсын, цыфæнды йæ фау... Тыхмибакæнæг йæхи рæстытæ код та: «Цæмæн-иу фæрасти мæ рæзты чызгай? Цæмæн-иу мæм бахудт...» Харебаты Леонид Мæ бон у: нæ Иры дымгæмæ ныддарон, Йæ тугæрхæм зæххыл фыдфынау ныттар уон; Мæ бон у: дæргъмæ-уæрхмæ адарон гутон Мæ Ирыл, сæлхæрау йæ уæлмæрдты худон; Мæ бон у: йæ фæзтæй ыскæнои къæдзæхтæ, Йæ уаздæр бынæттыл ныссæрфои мæ къæхтæ; Мæ бон у: дæс бонмæ дæс бындзы ныццæгъдон, Къоутайы фыстытæн мæ сис уа фæтдзæгъдæн; Мæ бон у: Хуыцауы æлгъыстау, æнцонæй Хæфсбадæн ыскæнон гуылф-гуылфгæнаг донæй; Мæ боу у: цъыдагъæй дæр сидтытæ уадзон; Мæ бон у: мæ гуырмыхъ фыстытæ дæр уадзон. 1995 азы 3 сентябрь. ФЫНÆЙÆ, ФЫНÆЙÆ... Фынæйæ цардтæп! Райгуырдтæп фыпæпæ... Даурæ («Рæстдзииад», 1992 азы 18 июнь) — Хæрын ард нæ зæххæй, зæрин хурæй, мæйæ, — Цы ныффыстон, уыдон — фынæйæ, фынæйæ... Уæд æхсæвæн табу: тых мыл нæу æгъуыссæг, Æндæр уын цæй фыссæг уыдаин, цæй фыссæг?! 55
Фынæйæ фыст чиныг — нæ рæзинаг хуртæн; Уый уарт у фыдфынты хуыссæджы дзæкъултæн; Уый рацыд нæ фынæй рауагъдæдтæй иуы, Мæ чиныджы рухсæй ис рухс цин мæ риуы. Йæ кæсджытæ — бирæ, сæ карæн цæй ценз и! Фынæй критикгонд ыл ныффыста рецензи... ... Хуыцауы æлгъыстæй та бафтыди, федтам, Фынæй поэтессæ нæ фынæй поэттæм. 1994 56
ХЪАЙТЫХЪТЫ Къола БУЛÆМÆРГЪ Уалдзæг-иу куы фестадысты Дидинæгджын фæзтæ, — Булæмæргъ-иу хъæды къохæй Зарджытæ нывæста. Уымæ-иу Къоста фæсидти Бонырæфты хъармы: «Ратæх, дзиба, ратæх, дзиба, Абад ма мæ армы. Ай, тæхуды, чи арæхсы Цин дæуау æвзарын, Ай, тæхуды, чи базоны Афтæ рæсугъд зарын!..» Чи зыдта уæд, дунескæнæг Мид-зæрдæйы худы: Сабимæ кæндзæн йæхæдæг Булæмæргъ тæхуды. 57
ХЪАЗИТЫ Мелитон ÆРТÆ РАДЗЫРДЫ 1. НОМХЫГЬДТÆ Пиран зыдта, адæймаг рохгæнаг у. Уæлдайдæр ирон адæймаг. Æз^дæр... Цæмæннæ йæ зыдтаид, сывæллон куынæуал уыд,; мыййаг. Сывæллон ссæдзæм азты уыд. Уæддæр нæм ныббырстой гуырдзы. Уæддæр нæ уыдон бындзагъд ныккæнынмæ хъавыдысты. Уæддæр ныл уыдон æфтыдтой зынг. Сыгътой нæ чъырын арты. Саби æмæ зæронд не ’взæрстой. Сылгоймаг æмæ сын нæлгоймагæй уæлдай пæ уыдис. Кæмæн нæ куыд йæ бон уыд, афтæ Ирыстоны цæгат хаймæ лыгъдыстæм, нæ тугвæд уадзгæйæ. Пиран алцыдæр уыдта йæхи цæстæй. Алцыдæр хорз зыдта æмæ хъуыды кодта. Немыцæгтимæ хæсты цы дудгæбæттæ æвзæрстам, зæхх иæ къæхты бын^куыд сыгъдис, куыд сыгъдис æмæ куыд хъæрзыдта, уыдои дæр йæ алыварс тугкалæн быдырты цыдысты. Дæ-дæ-дæй, адæймагæп æпазымæй чи смаст кæны, уыдоп-иу маст раздæр сæхи сæртыл куы бавзариккой! Кæй никуы федтай, йæ ном дæр кæмæн никуы фехъуыста, уымæ топпы кæсæнæй куыд кæсыс,^карды фындзыл æй кæдæм исыс?! Стæй цал хатты? Нæй, нæй, нæй! Нæхицæй лæгдæрты уынын нæ кæй нæ фæфæиды, нæхицæй хуыздæр кæй никæй фенхъæлæм, хи стауыпæй бынсæфт уымæн фæкæнæм: афтæ стæм, уфтæ стæм... Æцæг афтæтæ æмæ уфтæтæ куы стæм. О, о, иæ хъуыды, сæгъы дымæгау, цыбыр у, æндæра уыдæттæн куыд ис рохгæиæн? Махæи, ирæттæн та уыцы хъуыддаджы бынтои арт æмæ фæиык нæй. Ау, дæ фæскъæбуты сыгъд дæ фындз ма хъуамæ æмбуда? Æмæ Пиранæй бæргæ нæ ферох сты, фæлæ сæ уый та кæмæя дзура? Чи дæм хъусы? Ныры адæм, йæхи сæ чи хуыздæр рацараза, чи сæ стырдæр быпат æмæ хæдзар бацахса, æрдузты æмæ сæ тасгæ фыигтыл
т[11 фылдæр бахæра æмæ баназа, уымæй барынц сæ лæгдзинад, г0рмон макуы фæуой. Сæ иуæй-иутæ та... Пу, куыдз, æвзæр куыдз амæлæд ахæм цæсгомыл... фæлæ йын æнæзæгъгæ нæй. Сæ иуæй-иутæ та, табу уæ фарнæн, фæлæ Хуыцау адæймагæн ^усæггагæй цы схай кодта, стæй, кæм цы хæлд хъуыддаг ис, ^ыдæттæ куыдтæ æмæ кæимæты фæкæнынц, пыр-пыргæнгæ, х ыдоп нымайыныл схæцынц. Дæ дудгæбæттæ сæ тынг ма бандавой. Фæлæ-иу Пиран, Чъребайы Стыр базармæ хæстæг-иу сæ хæдзары раз йæ къæдз лæдзæг йе ’фсæрмæ куы сбыцæу кодта, афтæмæй-иу бонсауизæрмæ дойиаг дурыл æнæдзургæйæ куы бадтис, уæд-иу уыдæттыл хъуыды кодта. Уыдæттыл-иу уыдис пæ сагъæс. Уымæн æмæ хорз зыдта, о, æгæр хорз дæр ма зыдта — иу хатт дыл зынг кæцæй фестъæлфа, уыцырдыгæй хъуамæ дыккаг хатт дæхи хизай. Мадзура йæ хуыдтой, фæлæ сыл кæимæ дзырдтаид? Кæй удмæ ныхъхъуыстаид йæ зæрдæйы сагъæс? Кæмæи амыдтаид, сæхи сæ хизыи кæмæй æмæ цæмæй хъæуы, уыдæттæ? Чи йæ æмбæрста, уыдонæй ничиуал уыдис йæ цуры. /Епæхъыпп, æнæсыппæй, — рухсаг уæнт, — æнæхъыпп, æпæсыппæй фæфардæг сты се ’нусон дунемæ. Пиран йæхæдæг дæр иæ фæхатыд, иунæгæй куыд аззад, уый. Уыдæттæ, мадзура йæ чи хуыдта, уыдонæй, се ’нпæ митау, рох уыдысты. Æвзæрæй цы байрох кæнай, уымæи та искуы йæхи æиæ равдисгæ нæй. Ноджы — фыддæрæй. Ноджы — Æгъатырдæрæй. Ноджы — æнæзæрдæмæдзæугæдæрæй. Æмæ дын уый нæ хъуыддæгтæ. Куыйдзыхтæй æфсымæртæ куы загътам, уæд нын кард ныссагътой нæ фæсонты. Стигъынц пын иæ царм. Судзынц нын нæ хæдзæрдтæ. Хъавынц нæ сухты Цагъд фæкæнынмæ. Цæмæй нæ фыдæлты зæххыл сæ уидæгтæ ^уадзой кæронмæ, æввонгæй йын цъирой йæ сой. Зопынц æй, уды мидæг ма иæ чи аирвæза, уыдонæй дæр ^æддæр, махау, байрох уыдзысты сæ дудгæбæттæ, сæ фыдæлты туг пыссæлдзæн се уæнгты, се знæгтæй араздзысты æрдхæрдтæ, хъайла сыи фыцдзысты сæ армы, нæ сыхæгтæ сты зæгъгæ. Уыдæттæ хорз зыдта Пирап. Хорз сæ зыдта йæ зæрыбоны фæлтæрдæй. Нæ ахæм хæстопцух, хæцæнгарзцухæй сæ удтæ ’иемæн рауæлдай кодтой, удæгас мæсгуытау цæмæп елæууыдысты се знæгты иыхмæ, уый дæр ып æпæзыпдгоид пæ 59
уыд — иу боны худинаг не ’рхастой сæ сæрмæ. Иу боны худинагæй тæрсгæйæ нын тыхгæнæг тых не ссардзæнис. Уьй фæстæ, — додойаг нæ сæртæ, — уый фæстæ алцæуыл дæр æмæ алкæуыл дæр ауигъæм нæ къухтæ. Ныр нау дæлдон кæндзæнис, нæ сæртæ нæ бафснайын хъæуы, зæгъгæ фыццаг уырытæ сæхи доны гуылфæнмæ куыд фехсынц, афтæ куыд æгуыдзæгдæрæй нæ лыскъ удтæ сусæгæй искуыдæмты скъæфдзыстæм, алы æфсæнттæ агургæ. Адæм та, фосау, сæ кæрæдзийы хынцмæ агуылф кæнынц. Æмæ та не ’гуыдзæгдæртæ сæ ивæзт ахсæнты тыххæй, — цъæх арт сын дзы сирвæзæд, — сæ ивæзт ахсæнты тыххæй тасгæ фынгтыл ныууæй кæндзысты нæ фыдæлты зæхх. Фæлæ зæронд лæг дис кæуыл кодта, æцæгæй дис кæуыл æмæ цæуыл кодта, уыдон — йæ фыртыфырт гыццыл Бачачо æмæ йæ митæ. Зæххæй къуыпп нæма дардта, — Вачачойæ зæгъы, — зæххæй къуыпп нæма дардта, ныккæндæй йæ æддæмæ æдæрсгæ ракæсьщ нæма уагътой, афтæмæй-иу æд фыссæнтæ кæрты баззад йæ хистæр æфсымæры æрцыдмæ æнхъæлмæкæсгæйæ. Уый дæр-иу фæллад, фæлмæцыд, æгъуыссæг æмæ тыхстæй æрбадт йæ разы. Бачачойы раз, йæ хæцæнгарз-иу схъæбыс кодта, афтæмæй-иу ын лыстæггай хыгъд лæвæрдта — фæстаг бон нæ хæстдзагъд Ирыстонæй нæ фыдызнæгты къухæй чи кæм цы хуызы æмæ цы хъизæмæрттæй ацыд, уымы бæстæм. Йæ хистæр æфсымæр-иу афойнадыл куынæ зындис, уæд-иу Бачачо хæдзарæй йæхи фæтылиф кодта, æд фыссæнтæ-иу Чъребайы фыдбоны уынгты хæстон лæппуты цур балæууыд. Алы бон дæр, чи-иу фæмардис, уыдоны фыста, номхыгъдтæ сын арæзта йæ тетрæдты. Уый фæстæ сæ дисгæнгæ бон ссæдз нымады кодта, цас сты зæгъгæ. — Ма сæ фысс! — схъæр-иу ыл кодта зæронд лæг. Нæ йæм хъуыста гыццыл лæппу. Арæзта æмæ арæзта номхыгьдтæ. Уыдонæн дæр, — йæ кой авддæлдзæх, — залиаг калмау сæ кæрон нал æмæ нал зынди. Фыст тетрæдтæ амадта сæ кæрæдзийыл. Куыд ын фылдæр кодтой, — цы зоны саби, — афтæ сыл кæд æмæ йæхимидæг кодта цин. — Ма сæ фысс дын, загътон! — куыд хъуамæ цыдаиккой уыдæттæ зæронд лæджы зæрдæмæ. — Басудздзынæн дын сæ! — бартхъирæн æм кодта. Бачачойы æрфгуытæ-иу сæлхынцъытæ сты. Хистæры ныхмæ: йæ бон ницы дзурын уыд, фæлæ бамбæхста йæ фыстытæ. Уæддæр нæ басаст, йæ номхыгъдтæ аразын нæ ныууагъта. Æмæ уый сывæллон у. Сывæллонæй цæй зонд фæрсыс? Йæ 60
хистæртæ цæуыл хъуыды кодтой, диссаг уый кастис зæронд лæгмае. Мæрдты нымайын кæй нæ фæтчы, уый Хуыцаумæ хъыг кæй кæсы æмæ афтæмæй фылдæр кæй фæуыдзысты, уый йын кæи не ’мбарын кодтой хистæртæ, ууыл уыд йæ катай. Ноджы-иу сæм лæппуйы хæстон æмбæлттæ æхстуад куы ’рбакодтой, уæд-иу сывæллоны номхыгъдтæ райстой. Кастысты- иу сæ. Нымадтой-иу сæ.Цæуылдæр-иу катай кодтой. Æмæ лæг ныууырдыг йе ’фсинмæ: — Гуыбыр, уыцы сывæллоны фыстытæ ссар. Хуыцауæн хъыг цы уа, уыдæттæ ма кæнут. Басудз сæ! — Дæ хист дын бахæрæд! — феххæлд æм ус. Стæй йын радзырдта: уæле фысдзæрмтты цы бирæгътæ бадынц, уыдонмæ иугæйттæ æмæ сæдæты тæригъæд нæ хъары. Цалынмæ дам мæрдты рæдзæгъдтыл не слæууой, туджы малы пæ райдайой хуыдуг кæнын, уæдмæ дам нæм не ’рдардзысты сæ хъус, зæгъынц. Сывæллоны дам,нæ кæрæдзи нын кæд нал цæгъдын кæндзысты, уый базонын фæнды. Æмæ зæронд лæджы сæры уæзæй йæ лæдзæг ноджы пыкъкъæдз: ау, алы буары дæр иу уд нæ фæхъизæмар кæны, цы мады хуылфæй рацыдысты, куыннæ сæм хъуысы нæ хъæбулты тæригъæд? Сæ адæм кæрæдзийы хъуынхъис хæрой, уый сæ фæнды? Йæ фарстытæн йæ бон нæ уыдис дзуапп раттын. Æхсæвæй- бонæй нæмгуытæ, ракетæты æхситт æнæрынцойæ зæлыд æмæ йæ къуырма кодта. Иу райсом бадзырдта Бачачомæ: — Рахæсс-ма дæ тетрæдтæ. — Алæ-æ... — ныттар лæппу. Йæ фындз-иу адаудта йæ уæлармæй, ома кæугæ кæнын. — Æз дæр сæ фенон, — зæронд æм каст йæ халас æрфгуыты бынæй. — Нæ сæ ныскъуыдтæ кæндзынæн! — лæппу фырмæстæй скæуындзаст.^ Зыдта Зæронд, æнæууæнкæй сæ æцæг никæмæ ратдзæнис. Йæхиау хивæнд у. Пиранæн, йæ фыдыфыдæн, йæхиау у хивæнд. Цы ныхъхъуыды кæна, уырдæм, дзыгуын гал дымгæйы ныхмæ куыд нырраст уа, уыйау цæудзæнис. —Цал сты? — ныууагъта мæ æмæ ныр мæ хъуыддæгтæ кæнои зæгъгæ куыд фæцæйзгъордта Бачачо, афтæ йæ афарста Зæронд. —Чи? Тетрæдтæ? — Уыцы... дзæнæтыбадинæгтæ? —... мин ... Зæронд лæджы зæрдæ мины коймæ баихæнриз кодта. Ау, армыдзаг адæмы æвзаргæтæй минтæ куы цагътой, уæд хъуамæ еæ цæстытæ бацъынд кæной хицæуттæ, æнæхицау фæуой! «Ай цы цард у? Цы куыйты рæстæг ныккодта? Кæдæм !иеуæм?»—уæлæмæ сыстын æм нал цыд.
Гыццыл Бачачо-иу йæ номхыгъдмæ ног дзæнæтыбадипæгты куы бафтыдта, ногæй та-иу сæ куы ранымадта, уæд ма-иу сныхас кæныны охыл уый афарста: — Цал баисты? Кæнæ та; — Де знаг цал хатты фæкуыдта? Сывæллон ыл фæцахуыр. Фыццаг-иу йæ хъаст уымæн ракодта: — Дада, зоныс, ныр цал сты? Стæй райдыдтой тыхсын. Сывæллон æмæ зæронд лæг. Бачачо æмæ Пиран. Ай мæнæ лæппумæ иу æнæфыст тетрадь куынæуал ис, уæд... уæд... «Кæд нæ иууылдæр æвæдсæфт фæкæнынмæ хъавынц? — Зæронд бынтон ныхъхъуыста йæ зæрдæмæ. — Куыд ис уый гæнæн, иу бæстæйы, иу паддзаха^ы дыууæ сыхаджы сæ кæрæдзийы туг калой, бонкалд къаддæрыл цагъары къæлæт æвæрынмæ хъава æмæ сын макæ зæгъæг ма уа?» Стæй иу æмбисæхсæв ныккæнды йæ къæдзлæдзæгыл йæ сæр арæдзæ-мæдзæ кæныны æфсон куы æруагъта, уæд фесхъиудта. Йæ тарст цæстытæ, норст цæхæр дымгæ куы ныффутт кæна æмæ уый зынджытæ куыд фестъæлфой, уыйау цæхæр акалдтой. Ныккаст йе ’мкъаймæ. — Цы кодтай, Зæронд? — сылгоймаг фæтарст, фæлæ дзырдта мынæг хъæлæсæй. — Лæппу фынæй у? Бачачо æмæ йæ мад тæрхæгыл сæхи æруагътой æд дарæс. Æддейæ хъуыст сармадзаны нæмгуыты, минæтæ, ракетæты æхситт. -С-с-с!.. Æцæг уыцы адджын сым-сым кодтой. Адджын æмæ дæргъвæтин сым-сым. Афтæмæй сæ куы фенид сæ хæдзардарæг. Куыд кæнид? Кæмдæр Уæрæсейы арæныл хъахъæны кæйдæр фыитæ, йæхиуæттыл та уынгæджы бон ис. Зæронд тыхст. Тыхст æмæ та-иу йе ’рфгуыты бынты бакаст лæппумæ: æрхуыст ын куынæ ис, уæд цы ныффынæй? Йæ мад дæр цыма йемæ фынæй кæнынæй быцæу кæны. Пиран фемдзаст агтæм. Ныккæнд æгæр къуындæг у. Агтæ сæ кæрæдзийы сæртыл тæссонд амад скодтой. Зæронд ус бадгæйæ йæ сæр сисыл бакъул кодта æмæ æркув- æркув кæны. Агтæ лæдзæгæй фесхой æмæ ныггæр-гæр кæндзысты. Тагъд сæ никæйуал цæстытыл ауайдзæнис хуыссæджы цъынд... Бинонты адджын уысм байсын пæ баци йæ бон. Сыстад, дунейы рис сисæгау. Æнæсымæй схызт тыргъмæ. Æнæдзургæйæ, 62
пæмыгзгъалæнты къæр-къæр, сармадзанты стæм хуыфтмæ хъусгæйæ фенхъæлмæ каст Бачачойы райхъалмæ. Куыддæр ыл йæ цæст схæцыд,афтæ йæм фæдзырдта. — Цал сты, зоныс? — фæцырд лæппу. — Чи сты? — Куыд чи сты? — фæдис кодта лæппу.— Ирæттæ. Стæмтæй дарддæр — иууылдæр ирæттæ. — Иууылдæр лæппутæ сты? — Куыд лæппутæ? — нæ йæ æмбæрста лæппу. Зæронд зивæг кодта дзурынмæ. — Лæппутæ... чызджытæ, лæгтæ, устытæ... — Зæрæдтæ та? — Æмæ зæрæдты нæ марынц? Тынг дзæбæх дæр сæ марынц. Ницæмæй сæ тæрсынц, æмæ сæ ныргæвдынц. Зæронд лæгты дæр. Зæронд устыты дæр. Тлиахъанайы сæ аргæвстой сæ сынтæджыты. Стæй сæ басыгътой. Ног хъæуы цыппарыссæдзаздзыд Хъазиты Иосебы сбæгънæг кодтой. Лфæлдæхтой йæ митыл. Их дон ыл калдтой. Ныссæлын æй кодтой. Хелцуайы зæронд усæн йæ къухдарæнимæ ралыг кодтой йе ’нгуылдз. Сывæллæтты дæр исынц милмæ... — Сабийы цæстытæ мæсты æрттывд кодтой. Уадиссаг хъусæг-иу æм нæ уыд, алкæмæн йæ уд йæ кой уыдис, ныр феуæгъд сты йæ дзурæнтæ. Нымадта, иронæй сæ къухмæ чи æфты, уыдоны куыд цæгъдынц, цæрдудæй сæ куыд ныгæыынц, куыд сæ судзынц, стыр æфсæн хæтæлты сæ куыд батæрыиц æмæ хæтæлты ныхтыл æфсæн сыфтæ æнгом куыд нындадзынц, цæмæй... цæмæй... Нымадта, кæм ма цы фыдмитæ бакодтой, кæм ма цы æнахъинондæр хъуыддæгтæ сарæзтой, фæлæ йæм Зæронд пал хъуыста. Йæхинымæры йæ лæдзæгæй йæ сæр хоста. Зæронд скарста, фидарæй скарста, ныртæккæ ацæудзæнис, иунæг уысм дæр нал бафæстиат уыдзæнис, афтæмæй фæдисы ацæудзæнис æмæ зæгъдзæн... Кæмæн цы зæгъдзæн? Кæмæн? Лæгæн цыма йе уæнгтæ йæхицæй иал уыдысты. Йæ зæрдæйыл ын æнцадысты дурцæндау. Хъавыдысты йæ сыджыты бын ныккæнынмæ. Уæддæр сыстад. Сыстад иу заман. Уыцы хъуыддагхуыз, уыцы фæндвидарæй араст йæ лæдзæджы æнцæйтты. Стæй йæ цыма иу рæстæджы лæдзæг дæр уа-диссагæн ницæмæнуал хъуыд... Зæронд адæймаг кæй фæхъæуы? Бинонтæ талф-тулфы сæ хæдзары хъуыддæгтыл уыдысты æмæ йæ сихорафонмæ хъуыды 63
дæр ничи æркодта. Сихорыл æй æрцагуырдта йе ’мкъай. Фынгыл ын цыдæртæ авæрдта. Адзырдта йæм: — Зæронд, сихор скæн! Зæронд куынæ æмæ куынæ зынд, уæд æм бустæгæнгæ ауад: — Цы фæдæ, уæдæ? Фæлæ тыргъы нæ разынд. Нæдæр уынджы уыдис. Ацагуырдта йæ ныккæнды, мæнгагъуысты, хатæнты... Нæ уыд... уазæгдоны дæр. — Æй, мæ фыдфынтæ — дæ хай, кæд зæххы скъуыды нæ аирвæзтæ, — скатай сылгоймаг. Сахары хурыскæсæн хайæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ хæдæхсæнты къæр-къæр ссыд. Иугай гæрæхтæй сын дзуапп лæвæрдтой махонтæ. — Цы фæцис, уæдæ? — сылгоймаг бынтон стыхст. Йе ’взонгæй дæр æнæхъуыдда>р никуыдæм уыд цæуаг. Кæддæр сæ дыккаг хæдзæрттæм чындзæхсæв уыд. Стыр чындзæхсæв. Чындз æркодтой. Сæхионтæ дæр цъиуæй-бæдулæй уым уыдысты. Адæмыл цæст не ’ххæссыд, æмæ ма сæ чи кæмæн алæггад кодтаид, ууыл уыдысты. Ноджы иу каст чындзмæ кодтой, иннæ — фынгмæ. Пиран уæд æвзæнгтæм нал хаудта. Рагацау ын ницы бахæс кодтой. Сæ цæсгом æм нæ бахъæцыд. Ныр æй бадты кæронмæ ничиуал æрхъуыды кодта. Стæй «Кæм ис?, Кæм ис?» срæуæг сты. Кæм уыд — сæ хæдзары! Сæрмагонд хонæг æм нæ барвыстой, æмæ йæ цæсгом нал бахъæцыд иунæгæй бацæуын. Уæддæр æй ныр йе ’мкъай абæрæг кодта сыхæгтæм. Никæй цæст ыл æрхæцыд. Йæ хæдзары къæсæрæй æнæхъуыддагæй ракæсын ничи уæндыд, æмæ йыл никæй цæст æрхæцыд. Сылгоймаджы зæрдæ кæрчытæ райдыдтой хæрын. Изæрмилты зæронд лæг уæнгмард, фæллад, фæлмæцыдæй къæдз-къæдзы куы фæзынд, уæд ыл сылгоймаг акалдта йæ маст: — Æнæхъæн бон кæм зæххы скъуыды аирвæзтæ? Куыйдзыхтæ дæ ахордтой, куыйдзыхты холы фæуай мæ тæригъæдæй! Зæронд лæгмæ дзурын нæ цыд. — Мæ зæрдæйы низтæ — дæ зæрдæйы! — ныхъхъуыдты йæ уагъта сылгоймаг. Æмæ Пиран бадзырдта Бачачомæ: — Цал баисты? — фæрсы йæ хауд хъæлæсæй. Изæры йæхи ныддаста. Ныннадта йæхи. Скодта ногæхсад дарæс æмæ та æрбайсæфт дыккаг райсом дæр. 64
Лфтæ — цалдæр боны. Стæй-иу æхсæвыцъæхæй лæппу хЯ-стæй куы ’рбаздæхт, уæд æм бацыд. — Дада, цы ми фæкæныс, цы уынгты? Зæронд æм не скаст. —■ Куы йæ зоныс, уыцы куыйдзыхтæ Згъудеры къуылдымыл $ ),дынц... Нæ уадзынц уынгты ацæуæг... — Мæлæты рæстдзæвинтæ... Стæй йæ нывæрзæнæй райста йæ сау хъама. Уыцы бæстон %л ссадта фæлмæн дурыл. Уыцы мынæг зынджытæ-иу ф^рттывтой йæ цæстыты. Уыцы арæхстгай-иу ын рæстæгæй- рæстæгмæ уырзæй асгæрста йæ ком... Хур арвыл рæстмæ нæма суад, афтæ бацыд йæ хæстон к.сстæры сынтæгмæ. Нырма æхсæвы хæсты фæстæ йæ сæр чысыл р 1здæр æрхаста базмæ, æмæ куыд фынæй кæны, стæмхатт йæ фынты куыд схъæрзы, ’ уымæ иу дзæвгар фæкаст дзагъырдзастæй, стæй йын армæй рæвдаугæ адаудта йæ сау зачъе. Адзæбæх ын кодта йæ хъæццул æмæ ахызт тыргъмæ. Г 1чачойы бакодта йæ хъæбысы. Йæ риумæ йæ æлхъывта. Даудта йын йæ бецыкк. Йæхиимæ дзурæгау æй фæдзæхста: — Дæ тетрæдты фысс зæрæдты дæр. Фысс сылгоймæгты дæр... ГДакæй сæ ферох кæн. Фысс сæ... Цыдæр зæгъын æй фæндыдис йе ’мкъайæн, фæлæ йæ къух с’уыгъта — сылгоймагмæ йæ зæрдæ кæд цы сдзурдзæнис, йæ (æры кæд цы фæмидæг уыдзæнис, хæйрæг — йæ зонæг, æмæ пæ ныууагъта йæхи бар. Цыдæр та æрбаци. Бачачо йæ фыдымадæн дзырдта, дзул хæссынмæ куы ацыдтæ, уæд дам скодта йæ ног дарæс Зæронд лæг. Йæ хъама дам æнæкæрддзæмæй йæ цырыхъы хъусы нытътъыста... Стæй дам <-й нал федтон. Ничидæр æй сыхæгтæй федта. Ничидæр — сахары. Хæдзармæ нал æрбаздæхт изæрæй. Нæдæр дыккаг бон разынд. Цалдæр боны фæстæ Чъребайыл айхъуыст — Пираны Л1ард ис куыйдзыхтæм. Уæй йæ кæнынц уыйбæрц æмæ уыйбæрц с-хцайыл. Æйтмардзæ хæстон лæппуйы аргъыл! Хиуæттæ, сыхæгтæ сæм фæфæдис сты кæугæ: — Цы йæ ахаста уырдæм? — Кæдæм фыдбылызмæ хаудта? — хостой сæ сæртæ. —- Зæронд лæг куы у, уæд, кæдæм цæуы, уый нæ зыдта? — кУыдтой алырдыгæй. Пиран зыдта, кæдæм цæуы, уый. Зыдта уый дæр, адæймаг рохгæнæг у. Уæлдайдæр ирон с1Дæймаг. Зыдта йæ, абон уа æви сом, уæддæр æй ферох 65
кæндзыстæм. Фæлæ йæ нæ фæндыд ууыл хъуыды кæнын. Æз дæр ыл нæ дзурдзынæн. Фæлæ Бачачо, гыццыл Бачачо ныккæн Ды бадт ныллæг бандоныл. Йæ тетрадь — йæ уæрджытыл. Йæ номхыгъды фыста йæ фыдыфыды ном æмæ мыггаг... 1995 аз, сусæны мæй. ЦЫМБÆЛАС Ацы радзырд куы ныффыстон, уæд хауд-зæрдæ æмæ фыдохæй йæ фæстаг балцы фæндараст кодтам дзæнæтыбадипаг Козаты Алексы, æмуæ дзы уый ном арын. Хæдзары алыварс уыдис цъæхцъæхид нæуу. Æмæ — бирæ дыргъбæлæстæ. Бирæ æмæ алыхуызон: фæткъуы æмæ кæрдо æхсынцъы æмæ чылауи, æнгуз æмæ æхсæр... Мад та сæ цымбæласы, зынкъуыртæзæнг, фæтæнтæ цымбæласы цур никæй уыдта. Уыдта цы... Цымбæласæй-иу райдыдта йæ боны рухс... Цымбæласæй-иу ыл æрцыд йæ уалдзæг... Кæд уæ йæ базонын фæнды, уæд цæргæ дæр уый ныфсæй кодта æмæ... Æмæ цы, ууыл æмгъуыдæй раздæр тагъд нæ кæндзыстæм Боны рухс тынтæ-иу цымбæласы сырхуадул къалиутæм лæдæрсын куы райдыдтой, уæд-иу рынчын Мад рæстмæ пал хатыд, æрдуйыл ауыгъд быдыргъ уддзæфмæ куыд змæлæ а^фтæ-иу йæ зæрдæ кæнæ цинæй базмæлыд, кæнæ мæстæй Йæ ризгæ уæрджыты мæт-иу æй нал уыд. Йæ урс кæлмæрзæны-иу æм (йæ хъæбулыл цæмæй мацы фыд æрцæуа, уый тыххæй йæ дардта), йæ урс кæлмæрзæны удисгæ бахæццæ. Ныттыхст-иу ыл. Йæ дæрзæг æрмттæй-иу ын рæвдыдта йæ дæрзæг буар. Цымбæласæн. Афтæ-иу æм каст хуры зиллаккау, цымбæлас йæхæдæг рухс кæны арвы къуырф. Чи йæ нæ зоны, хъæддаг дыргъæн йæ ном йæ уæлæ кæй ис — сырх айк ын тулай йæ быны, уæддæр йæ тыллæг нæ сафы. Мæ бон акæн. Уалдзыгон хуры хъарм тынтæм-иу кæрдаег нæма фезмæлыд, фæлæ-иу цымбæласы алыварс сау мæр МаДЫ дæрзæг æрмтты ’хсæн фæрсудзынæй фæнычы хуызæн сси. Бауырна уæ æви нæ, уæ бар — уæхи, фæлæ хъæубæстзем дæр афтæ кæсын райдыдта, цыма сын, æцæг, цымбæлас æрхоньт 66
с# уалдзæджы хай. Уымæн дæр-иу, цымбæласæн, уалдзыгон хуры фыццаг тынтимæ, йæ сызгъæринсыф дидинтæ фестынц уалдзæджы фыццаг фидиуджытæ. Диссаг уыд, æмæ йыл сыхæгтæ, стæй æз дæр уымæн дис кæнæм: зæронд ус-иу æхсæвæрыл цы бахордта, афтæмæй йæ иунæг хъæбул иу рагуалдзæг бон хъæдæй цыма тала куыд æрхаста, дзыхъ ын куыд скъахта, куыд æй ныссагъта, мих ын Йæ фарсмæ куыд ныкъкъуырдта, йæ алыварс ын сындзытæ куыд бабаста, куыд ыл цин кодта, тала куыд рæзт, дыргъ ыл кæцы аз фæзынд — æппæт уыцы хъуыддæгтæ афтæ бæстон æмæ лыстæгæй куыд баззадысты йæ зæрдæ-фысты? — Гитлеры хъæбул амæлæд, мæ иунæджы фæндаг мын хæсты быдырæй йæ мæгуыр къæсмæ афтæ чи ныйивæзта, — сбадтис- иу цымбæласы бын, йæ зæнгыл-иу ын йæ цæнгтæ стыхта ронбастæй, бакъул-иу ыл кодта йæ сæр, йемæ-иу нал æфсæст пыхасæй. — Фæлæ ма тыхс, дæ хицау дæм зындзæнис. Мæ хъæбулæн æвæдсæфт фæкæнæн нæй. Дæ худгæ бакастæй йæ лонын... Ме ’хсæвы фынтæй йæ зонын... Йæ мигъбадт цæстытыл-иу ауад, фыны-иу æм хæрзчысылæй, йæ пух цæнгтæ фæйнæрдæм ныттынггæнгæ æмæ мидбылхудгæ куыд рацæйтахт йæ хур. Йæ бæгъæввад къæхтæ-иу хæрзаг хъæбæр зæххыл рыстысты. Мад-иу ын фæтарст ахауынæй, багæпп-иу кодта йæ размæ... æмæ-иу фехъал. — Уас йæ гыццийы уд схауа, — йæ ныфсытæ йæ уырныдтой æмæ-иу йæ цæсгомыл фæзындысты мидбылхудты нысæнттæ. Йæ хъæбул уыцы туглæсæны ныхмæ куы фæраст, уæд Мад дæр бæлццонарæзт акодта йæхи. Уый йæ скойæ дарддæр ницы кæнын бауагъта: — Уым кæудзынæ. Бæлццоны фæстæ дзыназын хорзы нысан пæу. Æз та хъуамæ тагъд æрыздæхон, — æмæ, йæ фæсмын хызын йæ къухы, афтæмæй уыцы стыр къахдзæфтæй фæцæуæг. — Дæ гыцци ма уый куы фенид йæ цæстæй, — Мад æцæг старст йæ бæлццоны фæдыл кæуынæй, йæ цæссыгтæ тыхныхъуырд кодта. Æмæ та-иу цымбæласæй райдыдта йæ боны рухс... Æмæ та-иу цымбæласæй æрцыд уалдзæг... Æмæ — цард... Цард, фæлæ рынчын, зæронд усы ныфсы фæстаг тæпп дæр ^адон цымбæласы тыххæй. Фæззæджы хъæбысы йæ гагатæ сæ тæккæ нæрсыныл куы ^дысты, уæд, — задæй та афтæ зад уыдис, æмæ йæ цуры хУымæллæг цæсты нал ахадыдта, — гъе, æмæ фæззæджы 67
хъæбысы йæ гагатæ сæ тæккæ нæрсыныл куы уыдысты, уæд’- «æнæхъæн мæйæ фылдæр арвæй æртах нал æрхаудта» зæгъ| зæгъын раст нæ уаид, уыцы рæстæджы арв йæхæдæг да фырдойныйæ удисæджы улæфт кодта. «Диссагæндзуринадз хус рæстæг уыд»— зæгъгæ афтæ дæр нæ зæгъын. Зæхх басыг Цымбæласы фаг дон Мад йæ удæй дæр ратыдтаид, æмæ донцух нæ уагъта, фæлæ цыма уый дæр йæ алыварс æрдзд кастис — басыгъдысты йæ цъæх сыфтæртæ, йæ сырхуад^ гагатæ. Æууад, æмпылдæй згъæлдысты йæ бынмæ. Бæлас куь бæгънæг кодта, афтæ зæронд Мады зæрдæйæ дæр æртахг^ тагъд йæ фæстаг ныфсы цъыртт. — Цы кодтай, мæ ах-сджиаг?.. Дæ базыртæ цæмс æруагътай?.. Цы фехъуыстай мæ хъæбулæй?.. Мад ацал-ауал азы цы цæссыгныхъуырæн фæкодта, уыдо| фемæхстысты æмæ ма сын искуы кæрон уыд! Хурсыгъдау фесты Мады зæрдæдзурæн бонтæ дæр. Сыхæгта йæ иу изæр æрдæгхус цымбæласы дæлфæдтæм ссардтс мæрдвынæйæ. Цымбæласыл цыдысты къæвдатæ, фæлæ йæм нал хъардтой.| Йæ бæсты æнæнхъæлæджы райхъал Мады æдзæрæг къæк; йæ иунæг бындар ссардта йæ фыды уæзæг. Уалдзæджы хъæбыс! æркаст йе ’дзæрæг хæдзармæ. Æрлæууыд йæ куыстыты сæр. Æмæ базмæлыд цымбæлас... Æмæ сыгъзæринсыф дидин акалдта цымбæлас... Æмæ та уалдзæг æрцыд цымбæласæй... УРСНЫХ Кæцæй сæ хастой, абон дæр ын ници зонын. Стæй нæ, мæнмæ гæсгæ, уый зоныны сæр хъæугæ дæр ницæмæн кæны. Фæлæ ма ахъуыды кæнут: нæ хæдзары — æхсай фатеры, æмæ кæд нæ дуджы сылгоймæгтæ сабиты хъомыл кæнынмæ зивæг кæнын райдыдтой, уæддæр нæ бирæ бинонтæн — дыууæ, кæнæ суанг æртæ сабийы дæр. Уыдонæй та, гæды зæгъæг гæдыбындар у, кæд æмæ алкæй дæр бафæндыд, цæмæй йын йæхи цуанон уа. Фæлæ стыр фыййау куыдзы хицау уай, уый алкæй къухы не ’фты. Уæлдайдæр сабитæй. Æмæ райгонд сты чысыл къæбылатæй дæр. Нæ ирон адæммæ та, — кæй куыд фæнды, афтæ нымайæА, — фæлæ фатерты куыйтæ дарой, уый никуы уыд, стæй нс&м хæстæг рæстæджы фæткау кæй не суыдзæн, уый дæр мæ уыряы 68
Лфтæмæй нæ уынг сси къæбылаты ниуын, къæбылаты къæу- ъæу æмæ хъуыргъуындæг. Хъаеуы чи схъомыл, ахæм адæймагæн цуаноны фенд хъуамæ ^ьыг ма уа: цыма сын бæлвырд фæтк ис, алы цæрæг хæдзары разæй дыл æнæмæнг рарæйдзæн сæ куыдз — хъуамæ зонай, ;Сцæгæлон къæсæры сæрты дзæгъæлы рахиз-бахизæй нæу. ь;мбисæхсæв та дæ рæстæгæй-рæстæгмæ йæ фæдисы гъæйтт- 1 ьæтт æмæ мæнæ-мæнæмæ чи нæ райхъал кæна, уыцы цуанон иымады кæмæ хъуамæ уа? Æндæр хъуыддаг у сахар. Уымæн йæхи æгъдæуттæ ис. Мæ бон акæн, æгъдау халын та дын, æвзæр куы уа, уæддæр æнцæтты мачи бауадза. Æмæ нæ сыхæгтæй изæрыгæтты уынгты бирæтæ райдыдтой дуртæ уидзын. Къæбыла цуаноны мигътыл къæу-къæу æмæ утт-уттæй чи ’фсады? Æмæ-иу сыл уæд, мæгуыр, арвæй æхсидав рахауæгау, фатерты балкъæттæй фенкъуыст дур-зæй. Цуанонтæй-иу, — мæ дзырд, искæй сæ азымы бадарыныл нæу, — фæлæ-иу цуанонтæй сæ сабыргæнджытæ фæфылдæр сты. Иухатт, табу уæ фарнæн, фæлæ нæ чысыл лæппу дæр... Хæдзармæ кæй æрбацыд, уый дуары уынæрæй базыдтон. /Ербахизæны цæмæн ныффæстиат, уымæ не ’рдардтон мæ хъус, афтæмæй та-иу мæм йæ сыбар-сыбур, цыма искæимæ сусæг пыррыччытæ кæны, уыйау æрбайхъуыст. Сылгоймаг ахæмтæм зынгæвæрдæй уæлдай нæу: — Бызыкк, кæимæ ныхас кæныс, кæ? — нал æм фæлæууыд йæ мад. Уый, лæппу та мæнмæ æрбадзырдта, уымæй дæр ныфссаст, хауд хъæлæсæй: — Баба... Сывæллон зæрдæзонынхъом куы фæуа, афтæмæй иуæй иннæмæ йæхи куы ’ппара, уæд ын уымæн цыдæр æфсон вæййы. Вызыкк йæ мады цур мæн цæмæн равзæрста — дисхуызæй ауадтæн йæ размæ. Уый фырæфсæрм æмæ фырныфссастæй пыззылын, йæ сæр æрæнцад йе уæхскыл. Уæддæр йæ цæстытæ Цинæрттывд кæнынц. Йæ хъæбысы та... Йæ хъæбысы цы уыдаид, уый ма уын цы базонын хъæуы: раст дзы арсы дзæмбыйы йас къуыбылой ныттымбыл, лæппумæ Лзы æрттивынц æрмæст дыууæ стъæлфы. —Уый цы у?! — Къæбыла! Мæхи къæбыла... Кæс ма йæм, — мидбылхудтæй 69
дидинæг æфтауы лæппуйы цæсгом. Йæ хæзна авæрдта паркетьщ Фырцинæй йыл уырдæм ныццæйтыхст. — Нырма гыццыл щ фæлæ, уыныс... къахæй куыд цæуы. Цæййас дзæмбытæ йын иЛ Къæбыла цыма æцæг йæ куыдзыхъæд æвдыста, уыйау щ ’рдæм узгæ-узгæ рараст, гъе Ж Цымыдис хабармæ сылгоймаг нæ, нæлгоймæгтæй дæр ал*ш нæ фæлæудзæнис, æфсин рауад нæ цинмæ: I — Цы уæм ис, цы?! 1 — Кæс ма йæм... .1 Кæсгæ нæ, фæлæ йæм йæ фемдзаст æмæ йæ цъæхахст баи| сты: | — Æс-с-саубон мæ куыд баййæфта, гъе! Цы фæдæ, нæ лæм Уый цы у, уæ сæртæ у^ын макуы бахæра? Ай дæр мын адæмы къулбадджытæ æмæ уынгтылзад сабиты фæзмы! Зыдта йæ мав зæрдæ... сафдзысты мын мæ сывæллоны, мæрдты бæхæй сын макуы фæцæуа!.. Нæ лæг!.. Тагъд æй мæ цæсты разæй фесасЫ Адæмæн мæ æлгъыстаг ма кæн!.. | Царды мæм иууыл диссагдæр цы каст æмæ цы кæсы, уый -I сылгоймаг. Хъæмпы халы сæрты сæ йæ къах æдæрсгæ айсынхъод чи нæу, уый дæр саджы фисынтыл амад домбай лæджьп уæрдæхау, афтæ æрыздухдзæнис, æмæ йæ ныхмæ налдæр дзырд зæгъынæн уыдзæнис, налдæр æнæфæкæлгæ йæ къах айсынæи Се ’гомыгимæ дæр сын Хуыцау дæ фыдгулы фæкæнæд дзурыныл Мæ дзырды сæр, искæй сæрыстырдзинад сæ фæкъахыр кæнои ууыл нæу, Хуыцау бахизæд, фæлæ Дунескæнæг нæлгоймаджы сæ разы афтæ æдыхæй куыд сфæлдыста, ууыл у мæ дис. I Мæ чысыл ныфс мæм сзылдта йæ дондзаст стыр цæстытæ.З Йæ фарс цæмæй фæуон, уый мæ домы. Æз багомыг дæн æфсины раз. ] —Цæйнæфæлтау, алæбон адæмы сывæллæтты номыл ць| тардзæгъдæн æмæ загъд-замана хъусын, уыдон мæ хæдзармэе исты бар дарой, фæлтау мæ сывæллон дæр нæ хъæуы, хæдза^ дæр æмæ дуар дæр! Ныртæккæ йæ сис, кæцæй йæ æрбахастай! уырдæм æй амæрдыхай кæн! Куыдзы ниуын ма нæ айхъуыс* мæ хæдзарæй!.. $ Адæймаг чысыл сывæллонæй уæлдай нæу: цæхæрмæ йæ п4 уадздзынæ, уый дзы уæддæр хъуамæ йæ къух тъысса. Бабустаб йын кæнон, уый æфсон мæ фæцис: — Цы йæхæдæг у, цы йæ ниуд... Зæххæй къуыпп куынæ дары.| Уый ноджы фесхъиудта: 1 — Æмæ стыр нæ кæны? Æви мын мæ хæдзарæй куыдздоч саразынмæ хъавут? 70
Бызыкк, мæхи чысыл Бызыкк, къæбыла хæдзармæ цы чæрдæйæ скъæфта, уый нырма дæр æнкъары мæ уд. Мидæмæ л:æ номæй хуымæтæджы куынæ æрбадзырдтаид, мыййаг. Ныр даер йæ цæссыгтæ ныггæр-гæрæввонг лæууыдысты. Уæдæ, йæ иог чысыл хæларæй цæмæй ма фæхицæн уа, уый тыххæй фаендагыл алы æфсæнттæ куыннæ хъуамæ агуырдтаид... — Хъæуы дадаты куыдз базæронд. Уырдæм æй ахæссæм. — Сахарæй йын акæнут куыдз, æндæра хъæуггаг куыдз лæдзармæ цъыфкъахæй куы лæгæрда, — махон фæсаст, мидæмæ фæцæйхызт. Бындары цин адæймагыл базыртæ садзы. Бызыккы мидбылхудтæй ныррухс мæ зæрдæ. «Райсом улæфты бон у, райсом абалц кæндзыстæм хъæумæ», — афæнд кодтам, фæлæ та махон фæлæууыд. —Алæ-ма, йе ’рагъыл æй атул: сыл у æви нæл? Лæппу мыл андæгъта йæ цæстæнгас. Йæ саби-зæрдæйæ базыдта, æгæр раджы кæй бацин кодта. Æцæг, мæ фыдæн гадза цуанон æмæ йæ удхæссæг — иу. Афæдзæн чындзыцыд дам уæддæр хъуамæ кæна. Уый цæстмæ йæ «усгуртæ» къуыригæйтты дæ кæрты сæ кæрæдзи хъуамæ тоной æмæ æвзоной. Адæм хъазгæмхасæн гадзайы хицаумæ кæндзысты дзырдæппарæн, уыцы рæсугьд сæ йæ цæст никæуыл- ма æрæвæрдта зæгъгæ. Адæймагæн саби æмæ цуанон йæ зæрдæ йæ цæстыты уынынц. Бызыкк къæбылайы йæ сины нуæрттыл зивæггæнгæ æрфæлдæхта. Махоны та хылы бон фæцис: — Ай, æнæрай дзы куыд скодтат, гъе-е! Сыфцæй ласынæн ын йæ бензин дæр æххæст йæхирдыгæй фæкæнут, зæронд лæг æй туджы аргъмæ кæм агурдзæнис. Фесафут æй. Фесафут æй! Мæ цæстæн мын æй мауал уынын кæнут! Сывæллон, нæхи чысыл Бызыкк сдыгъуырццæг, мæгуыр. Фæрсæджы каст куы мæнмæ скæны, куы — йæ мадмæ. Æппынæрæджиау нал баурæдта йæ фарст: — Чызг у йы? — Кæцæй йæ рахастай, уырдæм æй ахæсс, мæ хур. Йæ кæуындзæг йæ хъуыры ныббадт, уый мын йе ’лхынцъ æрфгуытæ æмæ æндыгъд былтæй цы базонын хъуыд. Ма йын фаекъæртт уа, уый тыххæй ныххуыдтон мæ дзых. Уый ^ьаебылайы йæ хъæбысмæ систа. Æнæдзургæйæ. Арæхстгай. Ьакодта дуар... Уæддæр æрлæууыд æмæ цæуылдæр хъуыды кæны. 71
— Стонджы йын уыдзæнис. — Ратт ын исты. Исты йын бахæрын кæн! — ахæм уынаффЖ рахæссыны хъару мæм разынд. » Райста йын уазалгæнæнæй тахынæг. Сбадт йæ разы. Куьш хæры, уымæ каст. Армæй йын даудта йе рагъ. Хатыркурæга! цыдæртæ дзырдта йемæ. Стæй йæ, тахынæгæй ма цы баззад уыимæ систа. Ахаста йæ. Иудзæвгар нал æмæ нал зынд. I Куы ’рбаздæхт, уæд цæуыл бадис кодтон: йæ раздæры! æрхæндæгæн йæ кой, йæ хъæр нал уыд. Фæлæ та чысьщ фæстæдæр цыма цæуылдæр тыхсын райдыдта. КъæсæргæронмæЦ иу ацыд. Æхгæд дуары мидæгæй-иу аззад æдзынæгæй. Куы йа| бафарстон, зæгъын, цы кæныс, уæд, йæхиимæдзурæгау, бакодта! — Ницы, — æмæ ацыд фынæй кæнынмæ. ] Æмбисæхсæвтæ уыдаид, афтæ райхъал дæн къæбылайы хъыЫ| хъыс æмæ кæуынмæ. I — Сыстут, ацæут æмæ йæ исты фæкæнут!.. Уæ сæртæ дæр| йæ холы куыд фæуой!.. — райдыдта махоны тардзæгъдæньв дыккаг хай. - 1 Æз мæхи фынæйæфсон скодтон. 1 Лæгау-лæг гæды ныхас зæгъын не ’рхæсдзæн йæ сæрмæа Бызыккы хъыджы бацæуын дæр мæ нæ фæндыд. ] Фæлæ боныцъæхтыл къæбыла фесæфт. | Æмæ нынкъард Бызыкк. Цы фæуыдаид, зæгъын, цымæ. | — Куыд цы фæуыдаид? Ахæм куыдз... Чидæр æй йæхицæн 1 ахаста. Бульдог ын уыдзæнис. I — Алæ, бульдогæн стыр бырынкъ вæййы. \ — Бырынкъ нæ, фæлæ хæмхудтæ. Стыр былтæ йын уыдисЛ Фаллаг хæдзарæй мын æй иу лæппу радта. Сæ сыхы лæппуть^ æрæмбырд кодта. Хъæбысхæстæй дам чи фæтых уа, уымæн æй дæттын. — Афтæ ма зæгъ, ды сæ абырстай. — Бæгуыдæр сыл фæтых дæн! Æмæ мæм уыцы гыццыл бульдог дæр ахæм худгæбыл кæстытæ кодта... Уымæй дзæвгар бонтæ рауад æмæ дын рудзынгæй æддæмæ джихтæ кодта, стæй мын афтæ: — Афонмæ нæ бульдог цæй стыр уаид! Цæмæй йæ зæрдæйы маст мауал ног кæна, уый тыххæй йæй? мæхи æнæхъусæг скодтон. Йæхæдæг дæр мын никуыуал ницЫ загъта. Фæлæ та къæбылайы хабар мæ зæрдыл æрлæууЫД: æнæнхъæлæджы... •; Бызыкк хицæн уаты фынæй кæны. Саби та, йæ зæрдæ атæв^ зæгъгæ,уæд йæ хъæццул иуварс азыгъгъуытт кæнынмй 72
иозтджын адæймагæй уæлдай нæу. Æмæ, зæгъын, йæхи ма пыггом кæна зæгъгæ йæм сыстадтæн... Æмæ мæ зæрдæ .ырыстон ссады хыссæйау ныффæлмæнтæ: Бызыккæн йæ гьылдым гом, фæлæ хъæццулæй йæ дæллагхъуыр ныттыхта... Цы æнхъæл стут? Иухатт, хæрзчысыл ма куы уыдис, уæд ын цы гыццыл урсных, чъазæн къæбыла балхæдтам, уый йæхимæ нылхъывта. Къæбыла скъаппы сæр сæвæрдтон, йæхи йын банорстон чъæццулæй æмæ ацыдтæн махи уатмæ. Фæлæ та йын дыккаг райсом дæр уыцы урсных къæбылайы баййæфтон йæ дæллагхъуыр фынæйгæнгæ. Стæй æрвылæхсæв \æр. Хъуыддаг базыдта нæхион дæр. Фæхæцыдтæн, фæхыл æм !содтон. Мад та йæ фыртмæ ныууырдыг — цынæ йын фæкодта, иæ къæбыла-иу ын куы кæм бамбæхста, куы — кæм. Йæ бон сæ кæрæдзийæ ахицæн кæнын нæ баци. Лæппу-иу загъд самадта: — Уый дæр стыр куыдз у? Хицæн хатæн ын хъæуы? Искæуыл хæцы? Ниуы, рæйы?!. Æз ын уæд хæдзарыдаргæ къæбыла ссардтон. Куыд райгæ Ггæ хастон хæдзармæ! Развæлгъау мæ цæстытыл уад, Бызыкк ыл куыд ныттыхсдзæн, куыд ын дæллагхъуыр-уæллагхъуыр кæндзæнис, уый. Абон дæр ма йыл бадис кæнын: куыд уазалзæрдæ цинтæ, куыд æнæбары рæвдыдтытæ йæ акодта, йе ’мбæлттæй йæ куыд пыллæвар кодта кæмæндæр. Йæ хъазæн къæбыла та раздæрау йемæ фынæй кодта. — Чи?! Мæ Урсных?! Кæимæ йæ абарста!.. Уый растæидæр, мæнæ чиныджы цы Урсных ис, уый. Бирæгъ æй уæрыччы æфсон куы аскъæфта æмæ йын уый йæ хъæвдынтимæ фæхъазыд. 0, о, бирæгъы хъæвдынтимæ фæхъазыд æмæ фæстæмæ йæ хæдзармæ æрфардæг! Афтæ нæу, Урсных? — æмæ та йæ ныттыхта йæ дæллагхъуыр. Мæ зæрдыл æрбалæууыд Чеховы радзырд «Урсных». Цы базонын ма мын æй хъуыд, уыцы къæбылайы мондæгтæ дзы кæй исы Бызыкк, уый. 73
ХÆУЫТАТЫ Къост! ÆЛГЪЫСТ Донхæрис цъитийы ’лгъиты, Донæн фæлгъауы йæ маст: «Цъити мæм ирдгæ æрвиты, Уастæн ныттайа æваст!» Цъитийыл йе ’лгъыст æрцыди, Мæсчъы дон атад, ныхъхъус. Гом дзыхæй хæрис нымпылди, Дойныйæ мæсчъы ныххус. Арвы дзаг сау мигътæ дард рæттæй Хуссармæ уайсур кæнынц, Сау кæрцы скъуыддзæгтау халæтты Дымгæтæ скъæфынц, хæссынц. Бæгънæг хъæд хойынц æнауæрдон Уаддымгæ, зæгъ æмæ мит. Ласы мæ кæлæхы галуæрдон, Цæлхытæ систой æхситт. Ацафон æрдзы йæ ивæнты Цавæрдæр сусæггад ис... Хъызт, цыма фыццаг æртхъирæнты, Фæззæгæй домы цæдис. 74
Æрдз, цыма дыууæйы пайдайæн, Скæны сæ ус æмæ лæг. Уыцы æмбисонды къайадæн Зæхх та ысвæййы сынтæг. САГЪÆС Хур та æрныгуылы уæртæ, Урс хæхтыл мæйы къæлæт. Риссы та рагацау зæрдæ... Цал уды айсдзæн мæлæт? Æхсæвы марæг уæндаг у, Айсæфы тары йæ фæд. Абон та алцы уæййаг у, Чи зоны, мæй дæр у ’лхæд. Макæн мæ бакастыл сагъæс, Кар мæм бынтон фыдæх нæу, Алцы дæ зæрдæмæ ма хæсс, Амонд — кæй ма уынын дæу. Нæ уарзын тар æхсæв æдзæмæй, Дуг тары бамбæхсы йæ низ. Уæд, калмау, сау лæджы кæрддзæмæй Ысхилы удпирæг фæдис. Хæзгултæ — ’хсæв æмæ фыдракæнд. Фыдгулæн — йе ’нæуынон мæй. Æхсæв сыгъдæгзæрдæ фæндаггон Æрхауы чъылдымы цæфæй. 75
КУРДИАТ Арвы мадзура чызг — бур мæй, Рагæй дунемæ кæсыс. Зæххыл чи цы ’мбæхсы рухсæй, Уыцы диссæгтæ уыныс. Феныс ам: фæхъуызы давæг ’Хсæв куыствæллады кæртмæ, Феныс ды: ныхъхъавы марæг Топпæй раст лæджы сæрмæ. Феныс сау лæджы, уый байсы 'Взонг чызгондздзинад тыхæй, Удхос тыхджындæр ысласы Лæмæгъ-мæллæджы дзыхæй. Кæд нæ фестадтæ, мæй, цавддур, Кæд ма исты у дæ бон, Цу ’мæ не скæнæгæн радзур, Мах кæй æвзарæм зындон! Ныууадзут ма Иры йæ уагыл, Ыссæуой йæ фæллад, йæ рыст! Уый хоны кæддæры фæндагыл Дыдзæсгом, лæгмар кæнæ ’лгъыст. Уæ «изм»-ты сæраппонд та Иры Мæнгардæй нывондæн хæссут. Дæлимон йæ къух та уæм тилы, Сымах та йын табу кæнут. Цы радтой уæ хуыцæуттæ Ирæн? Æрмæст æй фæкодтой фыдвæд. Сырххъулон æрттывта нæ фидæн — Нæ хуыздæрты тугæй æлхæд. 76
Нæ фæци уæ цæстмæми къаддæр, Æндæра куыд уæ фæци рох, Кæй кодтой ныры демократтæ Уæ фарсмæ коммунæйыл тох? Фæлхатут та ногæй уæ сæнттæ?! Цагъарыл кæд уыди цæсгом?! Хъыгагæн, нæ уæ хъусынц мæрдтæ... Зæгъиккой уын уе ’цæджы ном.
РÆСТÆГ — РÆСТÆВЗАРÆН гя МЗОКТЫ Аслæнбе^" ФÆСАРÆЙНАГ ИРÆГТÆÆМÆСЕ СФÆЛДЫСТА^ Уæ зонды тых, уæ рухс удты фæллойæ, нæ хæрзæджытæ, цух уыди мæ къæс. Æз дарын хæс Лхмæт æмæ Гайтойæ, фæлæ цæмæй, цæмæй фидон мæ хæс! Хъодзаты Æхсар. Фæсарæйнаг Уæрæсе... Фæсарæйнаг Уæрæсейы литературæ... Кæд фæзындысты ацы æмбарынадтæ, цавæр цаутимæ баст у сæ| фæзынд? — ацы фарстатæн дзуапп раттыныл бафæлвардзынæн’ мæ уацы. Советон чиныгкæсæг бирæ заманты æппындæр зонгæ нæ уыд,; нæ бæстæйæ фæсарæнтæм чи афтыд, уыцы фысджыты сфæлдыстадимæ. Эмиграцийы райдианы ма-иу нæм сæ уацмыстæ мыхуыры фæзындысты, фыстæуыд сыл критикон афæлгæстытæ æмæ æндæртæ, фæлæ уый фæстæ, цыма зæххыл æппындæр никуы ницы уыдис, уыйау сæ кой фесæфт. Советон хицауад афтæ банымадта: нæй фæсарæйнаг Уæрæсе, уæд хъуамæ цавæр фæсарæйнаг уырыссаг литературæ уа?.. Гъе, ахæм уавæрты мах ницы зыдтам уырыссаг æвзагыл фыст литературæйæн, иумæйагæй — ницы зыдтам нæ бæстæйæ лыгъд кæнæ сырд культурæйæн дæр. Стæм цыдæртæ нæм хъуысти И. Бунин, В. Набоков, 3. Гиппиус, Б. Зайцев æмæ æндæр кæмæйдæрты. Фæлæ нæ царды, мæнæ рацарæзт кæй хонæм, уыцы рæстырдæм змæлд куы райдыдта, уæд мыхуыргонд цæуынц сæ чингуытæ. 0, фæлæ райдиан куыд уыдис? Æппæтдæр размæста Октябры революци. Уыцы цауты фæстиуæгæн, уæлдайдæр та мидхæсты заман æмæ йæ фæстæ — сæ бæстæйæ фæлыгъдысты интеллигенци. Чи урс æфсадимæ ацыд 1920—1922 азты, чи — 20-æм азты раззаг æмбисы, чи та Советон хицауады уынаффæмæ гæсгæ æнтъæрды бахауд. (Топпытæм кæй æрæвæрдтой, егъау фыдракæнд! — уыдоны кой ам нæ кæндзыстæм). Сæ дзæвгар хай æрæнцад Европæйы. Уым цардысты фысджытæ — Бунин, 78
^одасевич, Цветаева, Шмелев..., нывгæнджытæ — Репин, ^оровин, Гончарова, Ларионов..., зарæггæнджытæ — Шаляпин, Гсддæ..., композитортæ — Рахманинов, Стравинский, философтæ — Бердяев, Франк, Булгаков, Шестов... Фылдæртæ :Спхъæл сты, зæгъгæ, фæсарæнтæм лидзгæ рауад æрмæст аристократтæн, фæлæ афтæ нæ уыд: сæ райгуырæн къонатæй ^афтыдысты кусджытæ æмæ зæхкусджытæ дæр, хуымæтæджы службæгæнджытæ æмæ дæрæнгонд уырыссаг æфсæдты рæнхъон салдæттæ дæр. Æвзæгтæ чи нæ зыдта, æхца кæмæ нæ уыд, хион- хæстæг чи нæ баййæфта фæсарæны — уыдоны цард бынтон шн рауад æддæ. Цыфæнды æгад куыстыл дæр разы кодтой, фæлæ-иу алкæд уый дæр сæ къухы не ’фтыд. Фæсарæйнаг Уæрæсейы сæйраг артдзæсттæ фæзындысты Парижы, Берлины, Прагæйы, Белграды, Харбины. Уырыссаг эмиграцийы уыд тынг хъомысджын культурон тыхтæ; уыдон, сæхи зæххыл сын цæрыны бар кæй нал уыд, уымæ гæсгæ пыппырх сты алы паддзахæдтыл. Æмæ сæ амы архайдæй равзæрд æмбарынад — фæсарæйнаг уырыссаг литературæ. Ацы терминæн тынгдæр ис, наукон нæ, фæлæ публицистон ахаст, фаг бæлвырд нæу, фæлæ йæ хуымæтæгдзинадмæ гæсгæ ныхасыхъæды баззад æмæ дзы мах дæр пайда кæнæм. Уæвгæ та ацы фæзынд у вазыгджын. Цæмæй? — куы бафарстæуа, уæд — æгæрыстæмæй уымæй дæр, æмæ уырыссаг фысджытæн се сфæлдыстадон æууæлтыл, се ’сфæлдыстадон дунейыл ницахæм бандæвта фæсарæйнаг цард. Фæсарæйнаг уырыссаг литературæ дæр у æрмæстдæр иумæйаг уырыссаг литературæйæн йæ иу хай. Иу — се ’взаг, иу — сæ аивадон принциптæ. Уый дæр ма зæгъын хъæуы ам: фæсарæнты уырыссаг диаспорæйы иунæг фыссæг дæр нæ фæзынд. Гъе, уыдæттæм гæсгæ «фæсарæйнаг уырыссаг литературæ» — уый у сфæлдыстадон нæ, фæлæ раздæр-раздæр культурон-географион æмбарынад. Фæлæ фæсарæйнаг бузныггад та уый мидæг ис, æмæ фысджытæн цæрыны æмæ фæлдисыны фадат кæй радта, сæ уацмыстæ сын кæй уагъта, тæлмацты фæрцы сæ æппæтдунеон чиныгкæсæгæн кæй базонын кодта. Фылдæронты хицаудзинад йæ зæрдæмæ кæмæн нæ фæцыд, семæ цæрын кæй нæ бафæндыд æмæ райгуырæн зæххæй чи фæхауæккаг, уыдонæй ирæттæ дæр бирæ уыд — хъуыстгонд æхсæнадон кусæг æмæ фыссæг Цæлыккаты Ахмæт, дунейыл хъуыстгонд фыссæг Гæздæнты Гайто; курдиатджын прозаиктæ æмæ поэттæ, стыр культурæйы хицæуттæ, ахуыргæндтæ, Ирыстонæн кад æмæ намыс æрхæссæг адæм — Байаты Гаппо, 79
Байтугъанты Барысби, Куындыхаты Айтег, Билатти БадШ Дзантиаты Дзамболат, Хъуылаты Адылджери, Куындыха» Бечырби, Фæрниаты Салуат, Хъуылаты Адылбег, Гутнатй Елбыздыхъо, Тменаты Хамырзæ, Бигъаты Бечмырзæ æмæ бир$| æндæртæ. Хъыгаг у, фæлæ мах абон нæма зонæм, фæсарæнт$ чи цард æмæ сфæлдыстадон куыст чи кодта, уыцы ирæттæ$ сегасы нæмттæ. *Ч Алыхуызон уыдысты уыцы адæм. Сæ иутæн æргом æпæуыной уыдис Советон хицауад, иннæтæ йæ быхсыдысты, кае$ фæхуыздæр уаид, йе та бирæ нæ ахæссид, зæгъгæ... Фæлг& иууылдæр æмхуызон уарзтой сæ Уæрæсе, уæлдайдæр та — на* чысыл Ирыстон. Никуы йыл сивтой сæ зæрдæ. Алчидæр сæ йаё амæлæты бонмæ мысыд райгуырæн хæхтæ, бæллыд Иры къонамæ, куыста уый амондæн. Зæрдæ ныккæрзы, суынгæг вæййы зæрдæ, сæ фыстæджытæ, сæ мысинæгтæ кæнæ сын сб ’мдзæвгæтæ ’мæ радзырдтæ куы кæсай, уæд. Риссынц са^ райгуырæн бæстæйы хъысмæтыл, сæ цæст æм дарынц, мæлынц йæ мæтæй. Цы сæ зонæм, уымæй фæбæлвырддæр кæндзыстæм нæ ныхас. Цæлыккаты Темболаты фырт Ахмæт. Райгуырд 110 азы размæ Ногхъæуы. Каст фæци Стъараполы гимназ. Уый фæстæ бацыд Мæскуыйы Университеты юридикон хайадмæ, сгуыхтæй йæ фæци 1906 азы. Ахуыр ма кодта, афтæ тохы бацыд хæдхæцæг паддзахиуæгады ныхмæ. Йæ фæдыл зылдысты, иу заман æй раппæрстой уæлдæр скъолайæ, бадти ахæстоны. Уырныдта йæ, цардæн фæхуыздæргæнæн кæй ис революцион архайды фæрцы, æмæ Ахмæт бацыд Уæрæсейы Социалон-демократон Кусæг партимæ. Йæхи нымадта марксистыл. Зæгъæм, 1917 азы Пысылмæтты Æппæтуæрæсеон 2-æм съезды дзырдта кълассон тохы æмæ Марксы теорийы тыххæй, æрлæууыд адæмы уæззау уавæрыл, сбæрæг кодта йæ уæдыккон удуагон æмæ социалон принцип: «Хъуыдыгæнæг æмæ æнкъарæг лæджы хæс у адæммæ сæрибары, æмбардзинады æмæ æфсымæрдзииады аирвæзынгæнæг уац хæссын; уыдонæн та уæвæн ис социалистон цардарæзты уавæрты». Фæстæдæр Ахмæт аивта йæ æхсæнадон- политикон цæстæнгас. Раздæр дзырдтахæдхæцæг-хъазайрадон цардарæзт тыхæй раппарыныл, ныр та (1905—1907 азты фæстæ, революци дæрæнгонд куы ’рцыд, бирæ рæстæг туг куы ныккалд, уæд) æрлæууыд æндæр зондыл: ома — социализмы сæраппонд тох дарддæр дæр кæныи хъæуы, фæлæ — æхсæнады демократоя фæивддзинæдты руаджы, тынг сырæзгæ капиталистоя ахастдзинæдтыд æицайгæйæ. Æмæ Ахмæтæн рапарахат йае 80
^ехсæнадон-революцион æмæ литературон-публицистон архайд. Хæстæг зонгæ уыд стыр революционер В. Г. Плехановимæ, х;ымæн йæ æмкусджытæ Архангельский, Соломин æмæ Элимæ. Хион ын уыдысты сæ хъуыдытæ, хæцыд сæ фарс. Гъе, уый гыххæй йæ ныхмæ дзырдтой фылдæронтæ æмæ сæ фæтæг В. И. Ленин дæр. Фæлæ рохгæнгæ нæу, В. И. Ленин Цæлыккаты Лхмæты куыд революционер-интернационалисты æмæ поджыдæр куыд революционер-трибуны бæрзонд кæй æвæрдта. 1917 азы сæрды революцион Петрограды ныхмæ алы адæмыхаттыты минæвæрттæй арæзт дивизийы (историмæ бацыд «хъуыддаг дивизи» зæгъгæ, ахæм номимæ) куы аппæрстой, уæд уыцы рæстæг Ахмæт уыд Пысылмæтты Æппæтуæрæсеон Советы сæрдар, æмæ дзы В. И. Ленин куырдта, цæмæй ацæуа «Хъæддаг дивизийы» размæ æмæ йæ баурома. Ахмæт, дзурынмæ иттæг хæрзарæхт уæвгæйæ, дивизийы командæгæнæгæн æрцамыдта уавæр, бамбарын ын кодта, Петроградмæ сæ хуымæтæг кусæг адæмы ссæндынмæ кæй арæзтæуы æмæ бонджынты, паддзахы фæсдзæуинты сæрыл кæй хæцдзысты, уый. Пропагандистон куыст бакодта, дивизи цы ’фсæддон иугондмæ хауд, уымæн йæ сæргълæуджытимæ дæр. Дивизи сразы Цæлыччы-фыртимæ æмæ революцион Петроградмæ бацæуын нæ бакуымдта. Фæлæ уæддæр В. И. Ленинæн йе ’нæуынон уыдис Ахмæт. Æвæццæгæн, уый тыххæй, æмæ революцийы хæдразмæ азты дæр Ахмæт «хæццæ кодта социализм æмæ шариат». Уыцы рæстæг Цæлыччы-фырт куыста ног философон теорийыл, фæстæдæр пысылмон социализмы теори кæй рахуыдтой, ууыл. Ацы теорийæн бындурæвæрæг дæр сси Цæлыккаты Ахмæт йæхæдæг. Фæстæдæр азты Ахмæт ныффысдзæн: «Махæн нæ сæрибардзинад райгуырд революцийы тугæй æмæ нæ тырыса . сырх дæр уымæ гæсгæ у. Фæлæ мах, революцийы цæуæт, уыцы иу рæстæг стæм исламы фырттæ дæр. Мах пысылмæттæ стæм! Æмæ цъæх та у исламы хуыз». Æндæрхуызон хъуыдыкæнынад æппыидæр чи нæ быхсыд, йæхицæй дарддæр иннæты дзырд чи нæ ныхъуырдта, уыцы «стыр философ æмæ политик», иæ «фæтæг æмæ пæ ахуыргæнæг» В. И. Ленин, ай-гъайдæр, не сразы «ногфæзынæг» пысылмон социализмы теорийыл. Уымæн ахæм æвзæр характеристикæ радта Цæлыккаты Ахмæтæн: «Цæлыккаты А Т. (Ахмет, Ц.) социал-демократ, меньшевик. Хæцыдис «кусæг съезд» расидыны оппортунистои хъуыдыйы фарс; хайад иста, мæскуыйаг къаддæронтæ 1907 азы «кусæг съезды» фæдыл цы æмбырдгæндтæ уагътой уыдоны. Мыхуыр кодта къаддæроиты Ь Махдуг№ 2, 1997 81
æмбыргæндты: æрвылкъуырион «Наше дело»-йы (1906), сае журнал «Возрождние»-йы (1909) æмæ æндæрты. Мидхæсты æмæ фæсарæйнаг интервенцийы заман кодта контрреволюцион куыст Кавказы. Советон хицауад Гуырдзыстоны куы фæуæлахиз, уæд алыгъд фæсарæнмæ» (В. И. Ленин.Уацмысты æххæст æмбырдгонд, 5-æм рауагъд,- т. 15. Мæскуы, Политиздат, 1968, ф. 559). Советон хицаудзинад Кавказы йæ бартæ куы æвæрдта, уæд Ахмæт уыдис ам — Ирыстоны. Йæ архайд баст уыд Цæгат Кавказы иууыл адæмты сæрыл тохимæ. 1918 азы Терчы адæмты съезды уыдис æмсæрдариуæггæнæг. Уæрæсейы паддзахадон хицаудзинад кæй фендæрхуызон, уымæй разы уæвгæйæ, Ахмæт йе ’хсидгæ раныхасы бацамыдта: "Мæнæ ныр сымах мæн, афтæ зæгъæн ис — æмхъæлæсæй равзæрстат æмбал сæрдары æгас бынатмæ; уый уымæн, æмæ æз дæн, революцийы рухсмæ чи тырны, æгас фæллойгæнæг адæмтимæ æфсымæрон хъæбысы чи баиу, уыцы азийæгтæй иу». Фæсарæнмæ кæд ацыд, уый бæлвырд нæ зонæм. Уый, æвæццæгæн, уыдаид 1921 азы фæудыл кæнæ 1922 азы райдайæны. Айдемир Иззет йæ чиныджы («Афсизаг (черкесаг) мухадзырты рухстауджытæ», Анхъара, 1991 аз) фыссы: «Фылдæронты революцийы фæстæ Ахмед Чалыккаты ныууагъта йæ райгуырæн бæстæ æмæ æрцарди Турчы, фæстæдæр та — Чехословакийы...» Ахмæты къухдариуæгæй 1924 азы Прагæйы уырыссаг æвзагыл уадзын байдыдтой журнал «Кавказский горец». Цыбыр æмгъуыдмæ уый æрбангом кодта цæгаткавказæгты, сси кадджын æмæ нымад мыхуыры оргæн Чехословакийы. Журналæн йæ мидис (уæлдайдæр та кавказæгты культурæйы фæдыл уацтæ) уыд цымыдисаг æмæ вазыгджын. 1928 азы Цæлыккаты Ахмæт йæ куыст рахаста Полынæмæ. Сæ бынат раивтой йе ’мкусджытæ Байтугъанты Барысби, Джанбек Хавзоко, Ибрагим Чулик, Бало Билатти æмæ иннæтæ дæр. Уым уадзын райдыдтой нæуæг журнал — «Сæрибар хохæгтæ». Цытджын лæг 1928 азы сентябры дыккаг бон куы фæзиан, уæд Европæйы (уæлдайдæр та Францы) политикон æхсæнадтæ иууылдæр хъыгзæрдæйæ тæфæрфæс ракодтой. Йæ мæлæты размæ, тыхст рынчынæй, Ахмæт Советон хицауадæй куырдта йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрбаздæхыны бар, фæлæ ахæм бар «адæмы знагæн» нæ радтой. Ныгæд у Варшавæйы пысылмон уæл^мæрды. Йе ’сфæлдыстад æххæстæй æмбырд нæу ныронг. Ис æм романтæ,радзырдтæ, публицистон уацтæ, очерктæ, æмдзæвгæтæ. 82
Зындгонд у йæ драмæ «Хаджи-Мурат» (Л. Н. Толстойы уацауы бындурыл фыст). 1913 азы Мæскуыйы рауагъта чиныг: «Кавказ æмæ Повольже... » Разныхасы йæ автор загъта: «Хъуамæ ног цард схъомысджын уа фидар барадон бындуртыл — æнæ уымæй æцæг цытджын паддзахад нæ уыдзæн махæй. Уыцы ног царды тыхджын домæнтæй иу у мæнæ ахæм: Уæрæсейы хъуамæ ма уа дих уарзон хъæбултыл æмæ æнæуарзгæ æцæгæлæттыл». Уæрæсейы паддзахады удирвæзыныл уæззау тохы йæхи бахъахъæныны тыххæй æнæмæнгхъæугæ фæрæзтæ чи нæма ссардта, уыцы æнæуарзгæ æцæгæлæтты ном арын ацы чиныгæй». Цæлыччы-фырт æвзары ахæм фарстатæ: цы уавæры сты Цæгат Кавказы æмæ Поволжьейы адæмтæ, куыд у сæ культурон- хæдзарадон цард, чердæм змæлы сæудæджерад æмæ куыд æндавы ацы дыууæ регионы цæрджытыл; сæ дин æмæ культурон домæнтæ; цавæр ахуырадон политикæ аразы хицауад кавказаг æмæ поволжьейаг пысылмæтты ’хсæн; куыд скæрон чындæуа хохæгты ’хсæн стигъындзинад æмæ къæрныхдзинадæй æ. æнд. Ахæмтæ уыд прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ. Хорз бакодта журнал «Дарьял»-ы редакци, йæ чиныг «Чаша жизни» йын кæй радта, уымæй. Ахмæт дæр æмæ нæ иннæ курдиатджын æмзæххонтæ фæсарæнты сæ уацмыстæ фыстой уырыссагау, уымæн æмæ сæ чиныгкæсæг уыд уырыссаг, кæнæ, уырыссаг æвзаг чи зыдта, ахæм. Æрмæст цалдæрæй (Дзантиаты Дзамболат, Фæрниаты Салуат, Куындыхаты Бечырби æмæ иннæтæ) фыстой сæ мадæлон æвзагыл. Парижмæ хæстæг, Сент-Женевев-де-буайы, ис уæлмæрд, ныгæд дзы сты Уæрæсейæ афтæг номдзыд лæгтæ. Ис дзы дурæй конд хуымæтæг дзуар ацы фыстимæ: «Гайто Газданов 1903— 1971 Сеог§ез Сагс1апо1Т». Уый у нæ цытджын æмзæххон, стыр фыссæг Гæздæнты Гайтойы ингæн. Йæ кой нæ уыд, нæ йын уагътой йæ ном дзурын дæр. Фыццаг хатт æй фехъуыстам, 1988 азы альманах «Литературная Осетия»-йы (№ 71,фф. 40—89) Гæздæны-фырты роман «Ночные дороги»-йæ скъуыддзæгтæ куы бакастыстæм, уæд. Уæдæ нын чи уыд Гæздæнты Гайто? Мидхæсты рæстæг афтыд фæсæрæнтæм. Фондз азы дæргъы уый цынæ бавзæрста, Парижы цæргæйæ: наулæууæны уæргътæ хаста, æхсадта паровозтæ, куыста машинæтæаразæн заводы, уыд францусаг æмæ уырыссаг æвзæгты ахуыргæнæг. «Æртæ мæйы та бынтондæр хауæггаг цард фæкодта, æнæхæдзар, æнæбакæнæг. Хæтæнхуаг. Хуыссыд- иу тротуарты, метройы станцæты. Кавказаг сæрыстырдзинад ын бар нæ лæвæрдта, æмæ йæхи никуы никæмæ бакъул кодта, 83
феххуыс мын кæ, зæгъгæ, æхсæвиуатмæ мæ бауадз», — афта$ фыста йæ уæдыккон царды тыххæй Ласло Динеш, америка’Й славист, Гайтойы сфæлдыстад иртасæг. («Русская литератур^ в эмиграции: жизнь и творчество Гайто Газданова». — Мюнхен, 1982, ф. 34). Уалынмæ ссардта æхсæвон таксийы шофыры куыст, Фæцис ын цæрыны, ахуыры æмæ фыссыны амал. Ирон лæг, францусаг æвзаджы стыр дæсны, басгуыхт номдзыд уырыссаг фыссæг. Не ’ппæтæн дæр хъыг у, фæлæ йæ мадæлон ирон æвзаг нæ зыдта; афтæ раййæфта йæ царды фадат. Арæх не ’фтыд йæ фыдæлты уæзæг — Ирыстонмæ. Сæмбæлд- иу æрмæст каникулты рæстæг. Фæлæ цахæм диссаджы рæсугъд уырыссаг æвзагыл фыста йæ романтæ, радзырдтæ, литературон- критикон уацтæ, эссетæ! М. Горький стыр аргъ кодта Гæздæнты Гайтойы аивадон курдиатæн, уæлдай та нымадта Гайтойæн йæ фыццаг æмæ йæ хуыздæр уацмыс —роман «Вечер у Клэр». Уый æнæзонгæ нæ уыд нæ фыссæг, æмæ Горькийæ куырдта^ æххуыс райгуырæн бæстæм фæстæмæ æрбаздæхыны тыххæй. Йæ фыстæджы махæн цымыдисаг у, æвзаджы тыххæй цы дзуры, уый дæр. Гайто 1930 азы 3 мартъийы фыста Горькиймæ: «...æз чысыл æмæ æвзæр зонын Уæрæсе, уымæн æмæ раджы рафтыдтæн уырдыгæй, цыди мыл 16 азæй цъус фылдæр; фæлæ Уæрæсе мæ райгуырæн бæстæ у, æмæ, уырыссаг æвзаг йеддæмæ, æндæр ницавæр æвзагыл у мæ бон фыссын æмæ нæ кæндзынæн фысгæ дæр». (Ласло Динеш. Уæлдæр кæй бацамыдтон, уыцы чиныджы, ф. 78). Фæлæ никæддæр рох кодта йæ равзæрæн, йæ ирон уидæгтæ, фæсарæнæй тырныдта Ирыстонмæ. Чи йæ уагъта, чи йын лæвæрдта бар? Йæ мад баззад Дзæуджыхъæуы, æмæ ныййар- æджы тыххæй та афтæ зæгъы йæ уыцы фыстæджы: «Мæн æрмæстдæр фæсарæны мыхуыр кæнынц, уый мын мæ зæрдæ тынг агайы. Мæнæн мæ мад Дзæуджыхъæуы цæры, уым амоны фæсарæйнаг æвзæгтæ — францусаг æмæ немыцаг, мæн йеддæмæ йын ничи ис — нал ын баззад нæдæр цот, нæдæр лæг, раджы амардысты. Æз роман рауагътон, уый зоны, фæлæ йын чиныг арвитон, уый амал дæр нæй; кæнæ йæ уадзгæ дæр нæ бакæндзыс- ты, кæнæ та йæм исты маст æрхаудзæн. Нæ йæ федтон ныр 10 азы, æмæ йын мæ чиныг бакæсыны фадат кæй нæй, уымæй куыд риссы, уый мæ цæстытыл уайы; куыд чиныг афтæ ма фæуæд, фæлæ уымæн ахсджиаг у, йæ фырт æй кæй сфæлдыс- та, гъеуый тыххæй. Уæвгæ мæ чиныг Уæрæсейы цæугæ дæр зынæй ракæнид, мæнмæ гæсгæ йæ цензурæ бауромдзæн». 84
Роман «Вечер у Клэр»-æн ис автобиографион ахаст. Йæ хуы- :*дæр бынæттæ сты, Дзæуджыхъæуы ма куы цард, уыцы рæстæгыл кæм дзуры, уыдон. Мысы Ирыстон, йæ балцытæ хæхтæм, йæ фыдыфыд Сæгейы.,. «...алаз дæр-иу каникулты Кавказмæ æнæ ’рцæугæ нæ уыд, ам цардысты мæ фыды бирæ хæстæджытæ. Мæ фыдыфыды хæдзар уыдис горæтгæрон æмæ-иу ардыгæй фæраст дæн хæхтæм. Арвыл бæрзæндты ленк кодтой цæргæстæ, ме ’фцæгыл, монте-кристо кæй хуыдтой, ахæм топп æфтыд, афтæмæй цыдтæн арф кæрдæджы, æхстон сырддонцъиутæ æмæ гæдыты. Мæ фарсмæ гуылфгæнгæ тындзыдта Терк, йæ чъизи уылæнты сæрмæ иунæгæй сау дардта куырой. Æддæуæз, хæхты цъуппытæй, æрттывта мит, æмæ, уымæ кæсгæйæ, æрымысыдтæн, цалдæр азы размæ Минскмæ хæстæг кæй федтон, уыцы митхъæпæн. Бахæццæ дæн хъæды кæронмæ. Мæ размæ фыццагдæр цы мæлдзыджыты губакк фæци, уый раз-иу æруагътон мæхи, æрцахстон-иу хилæ- гой зулкъ æмæ-иу хъавгæ æрæвæрдтон бæрзонд хуынчъытæ пи- рамидæйæн йæ рацæуæнтæй искæцыйы цур... Æнцойад, хур, бæлæстæ... Исдуг фехъусдзынæ, мæсчъы былтæй сыджыт куыд æрызгъæлд, куыд фæкъæрцц кодта хус къалиу: уый фезгъоры хъæддаг хуы. Æз-иу бафынæй дæн кæрдæджы уæлæ æмæ-иу æрыхъал дæн уымæл фæсонтимæ... Мæ цæстыты тæккæ цур — кæрдæг сырххуыз дары. Уый ныгуыл- гæ ^уры тынтæй у, ракастæн фæстæмæ егъау зынг цалхмæ: мæнæ гъе, ныттылд; æз рараст дæн нæхимæ, мæ фыдыфыды фатеры сатæг уæттæм, амбæлдис мыл сыхы хъомгæс йæ урс нымæтхуды — æхсырдæттæг хъуг уасгæ æрбахызт кæртмæ. Ныртæккæ родтæ рабырсдзысты сæ мадæлтæм, хъугдуцæг сыл- гоймаг сæ иргъæвдзæн, сæ мукъутæ сын фæздонæй иуварсмæ здахдзæн, гъестæй ведрайы бынмæ ныццæвдзысты урс цыхцыр- джытæ, сыхъуысдзæн сæ зыланг; зæронд лæг ацы нывтæм йæ цæст дардзæн дзатмайæ, йæ лæдзæгæй пъол æркъуыр- æркъуыргæнгæ, цыма исты рагон цаутæ мысы, уыйау. 0, ис ын цы æрымыса, уый. Раджы кæддæр-иу ратардта рæгъæуттæ сы- хаг адæмтæй æмæ-иу сæ ныууæй кодта. Уæд уый стыр лæгдзи- надыл нымад уыди, ахæм лæгты сгуыхтдзинад дæрдтыл хъуыс- ти... Уайы мæ цæстытыл: цыбыр зоронд лæг цухъайы, сызгъæ- рин доны тылд хъама йæ фарсыл. Иу мин фарастсæдæ нудæсæм азы йыл сæххæст фондзыссæдз, фæлæ ма фидар уыд, уæнгрог. Фæстæмæ сфæлмæнзæрдæ. Хæстæн йæ дыккаг азыл фæзиан. Кæддæры æвзыгъд, номдзыд барæг сбадти йæ фырты, мæ фыды хистæр æфсымæры, англисаг æртæазыккон æнæдомд бæхыл, фæлæ нал сарæхст, расхъиудта саргъæй, кæрты йæ сæр æрхаста 85
аджы тигьмæ æмæ цалдæр сахатмæ йæ уд систа. Бирæ диссæгтае! федта æмæ зыдта, бирæ цыдæртæ бавзæрста, фæлæ сегас наэ! дзырдта, уæддæр дзы мах йæ кæстæр æмбæлттæй цыдæртае фехъуыстам æмæ базыдтам, мæ фыдыфыд кæй уыд зондджьщ æмæ калмау хин...» Гойтомæ ма йæ райгуырæн бæстæйæ зынаргъдæр хæзнайæн цы баззад, уый — йæ ном Гайто. Фæсарæнмæ афтæг фысджытæй бирæтæ аивтой сæ мыггæгтæ, сæ нæмттæ, сæхи рахуыдтой фæсномыгæй. Гæздæны-фырт нæ разынд ахæмтæй. Æвæццæгæн уый тыххæй, æмæ йæ фæндыд, кæд уырыссагау фыста, уæддæр уырыссаг кæй нæу, гъеуый бахахх кæнын. Хабар афтæ кæй уыд, уымæн æвдисæн арæм Гайтойы фыстæджы Хæдарцаты Азæмæ (йе ’сфæлдыстад ын биноныг чи иртасы, уымæ): «Йæ заманы мæ бон уыд ирон æвзаг иннæ ’взæгтæй раирта- сын, фæлæ æз, мæ бирæ хæстæджытæй хъауджы, уымæй дарддæр нæ ахæццæ дæн, — мæ ныййарджытæ, мæ фыды ’фсымæртæ æмæ хотæ, мæ фыды ’фсымæрты цот лæппуйæ, чызгæй — иууылдæр дзырдтой иронау. Фæсарæнты та, уæ- лдайдæр университеты ахуыргæнгæйæ, ирон нæ, фæлæ уырыс- саг æвзаг дæр стæм хатт хъуыстон. Иухатт мæ Бунин бафарста, уый, дам, дын цы’нахуыр мыг- гаг ис? Æз, зæгъын, ирон дæн. Уæд афтæ куы бакæнид: «Уæдæ уый мидæг куы ис хъуыддаг! Æз та сагъæсы уыдтæн, ацы мыг- гаг, зæгъын, уырыссагмæ куы ницы бар дары, уæд кæцæй уа? Афтæ, афтæ, ныр æй æрхъуыды кодтон: ис ахæм адæм Кавка- зы». (Хæдарцаты Азæ. «К вопросу о судьбе литературного наследия Гайто Газданова». «Литературная Осетия». — 1988, № 71, фф. 102-103). Рагæй мæ фæндыд базонын: 16-аздзыд Гайто куыд æгъда- уæй æмæ цæй тыххæй бахауд урс æфсадмæ, уыдоны фарс цæмæн фæци, цы йæ ахаста фæсарæнмæ? Мæнæ цы зæгъы романы («Ве- чер у Клэр»): «Бархионтæ хæст рамбулдзысты æви састы бы- наты баззайдзысты, мæн уый мæт тынг не ’ндæвта. Æз тыр- ныдтон ногдзинадмæ, æнæзынд хъуыддæгтæм, базонын мæ фæндыд, цы у хæст. Урс æфсадмæ бацыдтæн уымæн,. æмæ уæд уый фæтчыгъæд уыдис: уыцы рæстæг Кисловодск сырх æфсæдты къухы куы уыдаид, уæд та бацыдаин Сырх Æфсадмæ». Æркæсæм ма ноджыдæр ацы дзырдтæм: «Урс æфсадмæ ба- цыдтæн уымæн, æмæ... уæд уый фæтчыгъæд уыдис»... — æмæ сыл ахъуыды кæнæм. Цæмæн уыдис фæтсыгъæд? — æз уый не ’мбæрстон. Гайтомæ нæ уыд хæстон лæджы фæлтæрдзинад нæ, фæлæ хуымæтæджы царды фæлтæрддзинад дæр, суанг ма гим- 86
иаз дæр каст нæ фæци, уæддæр бацыд мидхæсты, уымæй дæр —- урсыты фарс... Фæстæдæр, Урс Æфсады фæтæгты æмæ рæнхъон хæстонты мысинæгтæ, стæй ноджы сырхыты фыстытæ даер куы кастæн, уæд бафиппайдтон иу хъуыддаг: уыцы змæст рæстæджы — анархи куы стыхджын, лæджы намыс цъыфы куы ’вдылдтой, адæмæн дин æмæ Хуыцау куы нал уыд, адæм сæ кæрæдзийы куы цагътой, бирæтæ сæхи куы мардтой, бирæтæ райгуырæн бæстæ æмæ æцæгæлон бæстæ сæ кæрæдзийæ куы нал иртæстой, уæд ма кæд æрвонг зонд искæмæ уыд, намыс æмæ лæджы цæсгом исчи бахъахъæдта, уæд уыдон уыдысты æрыгæттæ — юнкертæ, гимназисттæ, университетты студенттæ. Байхъусæм ма инæлар Деникинмæ («Очерки русской смуты...»): «... фылдæронты бырст урæдтой къорд сæдæ афицеры æмæ сывæллæттæ — юнкертæ, гимназисттæ, кадеттæ, афтæмæй Ро- стовы æмæ Новочеркасскы уынгтæ, кафетæ æмызмæлд код- той, æфсадмæ чи нæ бацыд, ахæм æрыгон гуыппырсар афи- цертæй». Деникин цы сывæллæттæй зæгъы, уыдон разындысты иунæг ахæм тых, кæцы (мæ бон у афтæ зæгъын!) бахъахъæдта уырыссаг интеллигенцийы намыс æмæ кад. Йæ ахуыр кæронмæ кæмæн нæма ахæццæ, зондджын чингуытæ чи нæма бакаст, Уæрæсейы райрæзты фæдыл алы теоритæ нывæндын чи нæма зыдта æмæ сæ фылдæр кæмæн фæцагъды, уыцы æвзонг фæсивæд æххæст кодтой сæ Хæс. Ахæмты фарсмæ æрлæууын аккагыл банымадта Гæздæнты Гайто дæр. Цыдысты мæлæты дзыхмæ Деникин æмæ Корниловы фæстæ кæд æмæ зыдтой, сæ мард сын ныгæнæг нæ уыдзæн, сæ цæфтæ — бабæттæг, уæддæр. Цыдысты, ныртæккæ мæ бынат уæртæ Доны æмæ Хъырымы хæст кæм стынг и, уыцы ран ис, зæгъгæ, ахæм зæрдæйы уагимæ. Уыцы бонты, Уæрæсе йæ туджы куы мацыд, уæд 16-аздзыд Гайто сси Адæймаг, Лæг. Гайто йæ романы равдыста уыцы фæлтæры цардвæндæгтæ, тугкалæн мидхæсты, хъаймæтон зын- дзинæдты бахсидгæйæ, æвзонг уд Лæг, Адæймаг куыд сси, уый. Роман «Вечер у Клэр» у ЗОтæм азты уырыссаг литературæйы хуыздæр уацмыс. Гæздæнты Гайтомæ курдиат Хуыцауæй уыд. Хиуагон испрес- сионистон манерæ, иу — дыууæ хъуыдыйадæй адæймаджы мид- дуне, йæ характер равдисын, рог ирони æмæ лирикондзинады æмбаст — ахæм сты Гайтойы фыстыхъæдæн йæ сæйраг миниу- джытæ. Афтæмæй бацыд литературæмæ, уыдонæй раздæхта йæхимæ чиныгкæсæджы. Политикон æууæлтæм гæсгæ æцæгæлон бæстæмæ ахауд Дзантиаты Дзамболат дæр. Курдиатджын поэт æмæ æхсæнадон 87
архайæг. Бирæтæ нæ зонæм йæ царды тыххæй. Парижаг ирæттæ академик Н. К. Рерихы музейы европæйаг центры сарæзтой сæрмагонд комитет. Йæ нысан — ирон адæмы истори, культурае æмæ æгъдæуттæ ахуыр кæнын. Комитет 1933 азы январы уадзын райдыдта журнал «Осетия» («Оззейе»); мыхуыр дзы кодтой уырыссаг, францусаг æмæ ирон æвзæгтыл, редактор ын уыди Дзантиаты Дзамболат. Æдæппæт рауагътой фараст номыры ирæттæ, культурон æмгуыстады баиу уæвынмæ тырнгæйæ, уынаффæ рахастой, ирæтты æвзаг æмæ истори чи ахуыр кæндзæн, ахæм комитет саразыны тыххæй». Журналы авторты ’хсæн — дзырддзæугæ ахуыргæндтæ Н. К. Рерих æмæ Ю. Н. Рерих. Уыдон бирæ зæрдæбын æмæ цæстуарзон ныхæстæ загътой ирæтты тыххæй. Н. К. Рерихы ирæттæ равзæрстой сæ комитеты кадджын сæрдарæй, æмæ сæм 1932 азы 17 майы æрбарвыста йæ арфæ Наггарæй (Пенджаб, Инди): «Æхсызгон мын у, кæй мæ равзæрстат, уый; мæ зæрдæйы та сног сты Кавказимæ хорз ахастдзинæдтæ... Ирæтты рагон фыдыбæстæйыл хъуыды кæнгæйæ, цæсты раз фестынц намысджын æмæ бæрзонд культурæйы хицау алайнæгтæ... Ирæттæ хъуамæ амондджын уой, сæ рагон цытджын уидæгты сгаргæйæ...» Журналы Н. К. Рерих радта цалдæр уацы: «Звучание народов» (№ 2), «Печать века»(№ 3), «Боль планеты» (№ 4—6), «Знамя мира» æмæ «Священный знак» (№ 7—9), Ю. Н. Рерих та — «Аланские дружины в монгольскую эпоху» (№ 4—6). Уæлдай цымыдисаг сты ирон æвзаг æмæ фольклорыл фыст Дзамболатæн йæхи уацтæ: «Ирон æвзаг у индоевропæйаг адæмты æвзæгтæн сæ фыдæл (№ 1), «Скифты, хазарты, сарматты æмæ иннæты тыххæй» (№ 2), «Куырм ирон паддзахы тыххæй» (№4—6). «Осетия» лæвæрдта поэтикон уацмыстæ дæр. «Мах дуг» дзы 1993 азы 7—8 номырты рафæлхатт кодта иронау æмæ дыгуронау фыст цалдæр уацмысы. Сæ автортæ сты Дзантиаты Дзамболат, Дигорон Сайтан, Лескенаг, Бырнацты Алыксандр. Дзантийы-фырт æмдзæвгæтæ фыста уырыссагау дæр æмæ уыдон дæр йæ ирон фыстытæй цауддæр не сты. Райгуырæн бæстæйæ иппæрд зæрдæйы æрхæндæгдзинад, фыдыкъопайыл æнувыддзинад, фæстæмæ хи бæстæм æрыздæхыны бæллиц — уый дын йæ мотивтæ ахæм æмдзæвгæты — «Памятник», «Матери», «Кавказский байрак», «Терек», «Аварская песня». Хæлардзииад æмæ æфсымæрдзинады æнæфыст, фæлæ фидар закъæттæ, ныр чи ферохгомау, фæлæ сæдæгай азтæ нæ фыдæлтæ кæуыл хæцыдысты, уыдоны мысы йе ’мдзæвгæ 88
«Кавказаг легендæ»-йы. Йæ къаннæг критикон афæлгæст — «Насторение горских поэтов на Кавказе» — уым та æрлæууыд 20-æм азты хæххон поэтты уацмыстыл. Журналæн кæд бирæ цæрæнбон нæ уыд, уæддæр йæ саразджыты, йæ авторты нæмттæ рох нæ уыдзысты сæ Ирыстонæй. «Мах дуг» ма йæ кæсджыты 1995 азы (№ 10) дæр базонгæ кодта фæсарæйнаг ирæтты уацмыстимæ, радта сын сæ фыстытæ. Уыдон уыдысты Куындыхаты Бечырби æмæ Фæрниаты Салуат. Йæ уырыссагау фыст уацмыстæ журнал «Горцы Кавказа» — уым ныммыхуыр кодта Хъуылаты Адылджери. «Там» æмæ «Слава мюридов» æвдисæн сты Адылджерийы курдиатæн. Ацы æвæджиауы лæгæн дæр йæ хабæрттæ ницыуабæрæг бæлвырд сты. Кæд сын исчи исты зоны, уæд æй Хуыцауы хорзæх уæд, æмæ нын æй фехъусын кæнæд. Стыр бузныг дзы фæуаиккам. Уæдæ цавæр хæс дарæм мах Ахмæтæй, Гайтойæ, Гаппойæ, Дзамболатæй æмæ не ’ннæ æмзæххонтæй, революци æмæ культы заманы æнаххосæй æфхæрд кæнæ мард чи æрцыди, йæ фыды уæзæгæй æнæбары фæсарæнтæм чи фæхауæггаг, уыдонæй? Сæ ном, сæ цæсгом сын сыгъдæгæй, куыддæриддæр уыдис, афтæмæй равдисын. Уыдон мæнгард царды фæзилæнты дæр искæйы зæххыл нæ ферох кодтой сæ равзæрæн, сæ уидаг. Эмиграцийы бахауы лæгæн йæ уд нæ, фæлæ йæ буар», — афтæ загъта фæсарæнтæм фæхауæг адæмы номæй сæ иу (Александр Зиновьев), æмæ уый тынг раст æмæ хъуыдыйаг у. Йæ зæрдæйæ эмигрант чи уыд, ахæмтæй бирæтæ цæрæнбонтæм баззадысты Уæрæсейы, Цæгат Ирыстоны дæр кæй скондмæ хауы, уыцы бæстæйы. Фæлæ фалæмæ æнæбары чи ахауд, уыдонæй бирæтæ æцæгдæр патриоттæ уыдысты æмæ сты ам æрызайæг мæнг патриоттæй æмæ тыхлæгтæй. Мыхуыры рауадзын хъæуы Цæлыккаты Ахмæты, Гæздæнты Гайтойы æмæ иннæ фæсарæнмæ афтæг лæгты сфæлдыстад — сæ романтæ, радзырдта, пьесæтæ, æмдзæвгæтæ æ. æнд., уымæн æмæ уыдон сты нæ культурæйы, нæ литературæйы къабаз æмæ сæ хъуамæ адæм æххæстæй базоной. Ног дуне байгомгæнæгау уыдзæнис уый махæн. Ацы куыст сындæггай нырма ныр фезмæлыд размæ. Æмæ исты зонинæгтæ, ног æрмæг кæмæ бафта кæнæ чи зона, уый йæ иумæйаг скæнæд æмæ йæ рахæссæд не ’хсæны ныхасмæ. Ууыл нæ домы ног хъуыддаг.
Ахмет ЦÆЛЫККАТЫ ПОРА ПРИШЛА Пора пришла! Вставай народы! Слетайтесь горные орлы! Зовет нас к жизни клич свободы, На бой влечет нас шум борьбы. Исполним долг свой так, как прежде Мы исполняли долг «канлы». Позор-же трусу и невежде!.. Алла верды!.. Алла верды!.. Ингуш, чеченец, абазинец, Ирон, аварец, карачай, Черкес, лезгин и кабардинец, Кумык, абхазец и ногай — Стекайтесь в братский круг единый, Могучий круг, как грудь скалы, И дружно грянет клич орлиный — Алла верды!.. Алла верды!.. Родной Кавказ, — ты наше тело! Ты кровь, пролитая в боях, Мы за тебя погибнем смело, Так повелел нам сам Аллах. Девиз наш — «Братство и Свобода» — Вот, что горит у нас в груди., И пусть звучит в устах народа! — Алла верды!.. Алла верды!.. 91
Мы — бедняки! Наш рок суровый, Вскормил нас всех кровавый труд; Теперь идем дорогой новой — Отбросить бремя рабский пут. Коль кто захочет к нашей рати Присоединить свои шаги, Раскроем братски мы об’ятья — Алла верды!.. Алла верды!.. Вперед!.. Вперед, сыны Кавказа! В заветный светлый рай труда, Под звуки чудные сааза Мы дружно все войдем туда. Сиянием счастья озариться Вершина нам родной горы, Кавказ наш гордый возродится — Алла верды!.. Алла верды!.. Горцы Кавказа, 1933, №43 16 ф. ПАМЯТНИК Дзамболат ДЗАНТИ Скажите горы, что мы были Орлами гордыми всегда, Скажите правду, что любили Кавказа буйные года. Не перечислить нам событий Тебе, родная мать — скала, В чужой стране, с душой разбитой, Ма все скитаемся, Алла! О горы, о леса густые, Ведь только вы поймете нас, Что вы одни для нас родные, А с вами весь седой Кавказ... 92
А годы протекут рекою, Заман*) всегда со всеми строг... И подрастут чужой травою, Могилы наши средь дорог... Могилы ваши не расскажут, Кого ласкал дремучий лес, Но камни серые вам скажут: «Кавказа сын, схоронен здесь». КАВКАЗСКИЙ БАЙРАК И долго ль в изгнании буду, Страдать по родимой земле? И скоро ль я горе забуду, В холодной мучительной мгле? Но годы изгнанья не страшны: Промчатся, как сон на заре... И вражье старанья напрасны, У нас на родимой горе. Нельзя же гигантов вершины Сравнять, как поляны в лесу... Люблю я Кавказа святыни, Люблю и природы красу. Пусть чувство родное не гаснет: Рассеем мы Севера мрак... И пусть возрожденью покажет Великий Кавказский Байрак. Горцы Кавказа 1929 №4-5, 24 ф. *) Заман — время
АВАРСКАЯ ПЕСНЯ Сильна была страна ислама Орлами наших грозных гор, И чтили горцы власть имама, Где так богат был каждый двор. Пришли в священные аулы, Алимов2 взяли для Руси, Врагам служили, как гяуры Все эти низкие трусы. При Шалиле жилось спокойно, Наибы правили страной, Нукеры билися достойно, На русских смело шли войной. Корана свет аварец, ищет, В горах — насилье, клевета... Мужик простой законы пишет, 0 где желанная мечта? Мечети русскими закрыты, Забыли горцы шариат, И только нами не забыты Отвага, гордость и адат. И делят землю меж собою Гяуры злые на полях... Я песней горца вам открою, Какой объял кавказцев страх. Не слышно болыпе Тариката Среди привольных наших гор, Да будет звездами проклята: Стихия Зла, где тьма и спор. В саду, и в поле за работой, Страдаю я за мой народ, Одною занят я заботой: Спасти от Зла отцовский род. !На мотивы аварского поэта Магомета Чуркеевского 2Алим, — окончивший мусульманскую духовную школу. 94
Пишу тебе, родному брату, Рукою грубою своей — Готовлю песню к газавату В защиту светлых наших дней. ГорцыКавказа, 1929, №6-7. 25 ф. МАТЕРИ Далеко от Кавказской Земли, Где вскормила ты грудью меня, Увезли уж давно корабли Сына-юношу в дальние края. Вспоминаю я ласку и негу Чем дарила ты часто дитя, Вспоминаю, как утром по снегу, На салазках катала меня. Вспоминаю я праздник родимый, Как я выбрал оружие раз, Вспоминаю, как, роком гонимый, Я покинул любимый Кавказ. Сине море так было туманно... Непонятна чужая мне даль — На душе было тяжко и странно: — Почему я принесь Ей печаль. Твой салам материнский не слышу Ужь давно, моя милая мать... 0, когда под родимую крышу, Возвращусь, и не буду страдать? ТЕРЕК Терек, ты — абрек отважный, Верный друг седым горам... Мне — по клятве брат присяжный, Шлю тебе родной салам. 95
Ты века учил разумно Нас премудростям войны... Шли войска на призыв шумно Для защиты старины. На пирах кровавых, буйный, С белой пеной на устах, — Ты отважный друг аульный, Окрылял души размах. Ты зимой всегда спокойно Ожидал весенний час, Ты — Владыка наш, достойно Охранял века Кавказ. Терек, ты весну встречаешь Полный гнева, полный гроз, И черкеску надеваешь Из Кавказских диких роз. Воды Малки и Баксана, Обнявшись, к тебе летят: Как абреки Дагестана, О свободе говорят. Ты — родня реки Кубани, С ней ты давний аталык... Что ж ты, Терек, с чужой грани, Призывной не слышишь крик? Так резвей и шире лейся Ты, горы Казбека дар, И долинами ты вейся, Седовласый наш Сардар. Горцы Кавказа, 1929, №8-9, 38-39 ф. 96
ЛЕГЕНДА О КАВКАЗЕ Мой дед Мусса рассказывал мне эту легенду, когда меня малолетного горца одели в черкеску — национальный костюм. Он начал так. Кавказ — страна чудес, страна рыцарей, страна амазонок Тарма-Дона, страна сокровищ всего мира, которая в свое время обогатит истощенный свет своими металлами, драгоценными рудами; вылечит людей от недугов души и тела своим волшебным воздухом и чудодейственными водами. Кавказ —это чудо-богатырь. Черкеска — символическое отражение этого богатыря. Свою гордую голову богатырь держал высоко. Облака служили ему папахой, а чалмой — вечные белые снежные покровы. А потому горец Кавказа, надел на свою гордую голову с достоинством из бараньей шкуры, с длинной вьющейся белой шерстью, напоминающей вечные белые снеговые наносы на вершинах наших гор. Эльбрус и Казбек — глаза могучего Великана Кавказа. Грозный, скалистый Кавказский Хребет — грудь Богатыря. Потому гордые кавказцы украсили свои могучие груди газырями. Длинные полы черкески — это широкие и пышные долины Кавказа. В своих богатырских руках он держал: море Азов (море Алан) и Кара-Дениз, как два бурлящих котла и заливал противнику глаза горько-соленой водой. Гордый и сильный великан-Кавказ разделял мир на две части. Воинственный и строгий он отличался гостеприимством, радушно принимая добрых и честных! Он вступал в единоборство со злыми, всегда побеждал их и жестоко карал! С незапамятных времен жил этот могучий Богатырь и однажды он призвал к себе стариков от всех его народов и сказал им: — «Я, Богатырь Кавказа, ваш Отец, долго вас охранял, много крови вражьей за вас пролил, но в обиду вас не давал. Годы мои стары, но сила и разум вечно молоды; дух мой, охраняющий вас испокон веков — тверже гранитных скал. Я должен отдохнуть от трудов и подвигов моих. Возьмите этот камень и строго соблюдайте начертанные па нем мои заветы вам. Когда я проснусь, строгие кары постигнут нарушителей их. Идите и объявите об этом всем». 7 Махдуг№ 2, 1997
Старики Кавказа прочитали на камне: 1. Я седой Кавказ, а вы все мои сыны. Пусть никто не станет оспаривать старшинства. 2. Не делите и не отнимайте друг у друга того, чего не дал каждому из вас я. Далеко из пределов моих не отлучайтесь. 3. Мирного гостя с миром примите и с добром проводите, чтобы не ушел он от вас обиженным и не разнес по свету дурную славу о народах моих. 4. Будьте бесстрашными орлами своей земли и, если кто явится к вам с огнем и мечом и пожелает отнять у вас свободу — с оружием в руках изгоните его. 5. В ссоры чужой семьи не вмешивайся никто. Если в ней окажутся нарушители моих заветов, то пусть мудрые старцы — сыны Кавказа строго судят их и изгонят из владений Кавказа, чтобы в моих пределах они не дали дурного потомства. 6. Сильный обязан защищать и поддерживать слабого. 7. Обидевший вас во время моего отдыха будет жестоко наказан впоследствии. 8.3найте, что жизнь моя — вечна, но сны мои — короткие. 9. Мудрым законам чужеземцев внимайте, полезное от них перенимайте, а злое отстраняйте. 10. Мирным трудом занимайтесь, а когда надо, охоту на диких зверей себе разрешайте. 11. Коня боевого любите, жену любите, оружие любите и никому их не доверяйте. Папахи мохнатой с головы не роняйте и от зла стерегитесь. 12. В бою будьте храбры и честны; в семье мир сохраняйте. Уважение к старшим не забывайте, младших не обижайте. 13. Законы чужие уважайте и не осуждайте, ибо созданы они не для вас. 14. Будьте достойными сынами Богатыря Кавказа. Когда я проснусь, призову всех к ответу и горе постигнет непослушников, а верные мне получат награду. Прочитав эти заветы седого Кавказа, старики спрятали камень на его груди. Лишь достойные посвящаются в его тайны и знают, где лежит этот камень и до настоящего времени. Горцы Кавказа, 1929, №6-7, 26ф. 98
НАСТРОЕНИЕ ГОРСКИХ ПОЭТОВ НА КАВКАЗЕ Чрезвычайный интерес представляет для вас творчество горских поэтов, печатающихся в настоящее время на родине. Произведения их отличаются высокими художественными качествами и всецело посвящены природе, нравам и жизни народов Кавказа. В стихах наших поэтов выражены все те ужасные и тяжелые переживания, которые принужден переносить народ под властью красных русских палачей. Помимо художественности отделки и таланта современных горских поэтов в их произведениях всюду проглядывает бодрый национальный дух, стремление к независимости и тому славному моменту, когда горец: №1 хæсёгæп æкко1æ На плечах могучих (Зæёæй иу11æ $и§, Лес таскать не будет, 2па§ йегзскæп [æ ко1æ, Враг, познавши силу Ка1æис12æп 1æ с!и§. Край красы забудет.1 Горские языки сами по себе богаты и очень гибки для поэтического творчества, благодаря чему произведения наших поэтов заставляют нас приятно поражаться их высокохудожественности и одновременно радоваться гигантским шагам, совершенным за это время национальными языками. Образность изображения, благозвучность, глубина выражения, четкость стихосложения — вот основные черты творчества горских поэтов. Поэты Кавказа не только полны художественного чутья при описании родной природы и бытовых сторон жизни горцев, но они сами непосредственно живут жизнью своих образов, радуются их радостям и страдают их страданиями. Отсюда такая подлинная их народность, редкое явление среди поэтов других наций. Горский поэт прежде всего — народник; его поэзия выросла из народной жизни, понятна и близка народному сердцу. Вот почему его песни распевает народ. И нет большего счастья для истинного поэта, как говорить своим творчеством к народной душе, красота которой выражается в песне. Поэтому национальная поэзия горцев всегда и выражает желания и стремления горских народов Кавказа. Естественно, что народ, !Мои переводы из осетипской поэзии. Д. Д. 99
богатый языком, не может молчать о своих тяжелых испытаниях и переживаниях под гнетом русских большевиков. Национальная душа народа неразрывно связана с языком, а последний, выходя за пределы личности и проявляясь во вне, определяет его национальную психику. Мы знаем немало примеров, когда наши горские поэты подвергались суровым гонением и ссылкам, но тем не менее их творчество жило в народе. Так преследовался осетинский национальный поэт Коста русскими властями, однако, не было в Осетии уголка, где бы не распевались его национальные песни, в которых он жаловался на тяжелую долю кавказского горца, стонущего под гнетом русского империализма. Горец Кавказа, на богатой родине которого русские создали свое благополучие, сам ходил часто в лохмотьях и носил с гор дрова на плечах. В одном из своих стихотворений Коста описывает участь горянки-вдовы, которая, ме имея, чем накормить на ночь детей, наполнила котел мелкими камнями и поставила на огонь. Дети все ждали ужина, а мать успокаивала их обещанием, что вот-вот сварятся и бобы. Голодные сироты засыпали один за другим, не дождавшись бобов-камушек. Так жилось горцам на богатой родине при власти царской, таковой осталась их доля и при власти большевистских палачей... Но жив еще дух Коста и здравствуют его духовные наследники — горские поэты, громко и смело заявляющие о правах родного народа. В стихотворении «Рæпдоп» поэт призывает народ приложить все усилия к тому, чтобы проявить свое народное «я» и нести высоко национальное знамя. Ра§ сæтæ1 сеШува Чтоб горела пламя Вакаиуп пæ хопё. Знания, ума. Сæ1, æтæ 1угу$а Выше взымем знамя: Багæт тах Ъæгатс!. Чем жила страна. Дальше в том же стихотворении, поэт, вопреки стараниям русских коммунистов уничтожить вековые адаты горцев Кавказа, твердо заявляет, что если в дела горцев и вкрадутся погрешности, то мудрые советы старших исправят эти ошибки. 100
Ькиу-ш пæ киу51:у Если в деле нашем 15 та пуг гæёуё, Ошибемся мы, Иу! с!æг пуп 2æМгу51у То придем мы к старшим Х151æг1æ ЬæЬугё. Просветить умы. В произведениях горских поэтов всюду проявляется национальный дух, их решительность бороться за права и свободу своей родины. В стихотворении «Мæ зæгæп» поэт обращается к своей же личности: Сæтоеп йæ тæ кЪæхГæ Зачем тебя ноги В2æЬæ1у хæ55упс? Лишь попусту носят? Сæтæп йæт пæ хæхЮе Что дашь ты в итоге ÆпЧæ1тæ кæ^упс — ГоРам - К0ГДа спросят? Отрадно отметить, что национальные языки на Кавказе совершили большие завоевания и превращаются в наш «культурный фронт», который все больше расширяется и завоевывает себе позиции и все упорнее выдвигает чаяния народа. Так в стихотворении «Хæххоп 12æг» поэт, описывая ночь в горах Кавказа, утешает свой народ тем, что после тьмы наступит рассвет, и если даже тучи не рассеются ночыо, то их разгонит ближайшая утренняя заря. МШ кæ<3 па1 5у51(3гæп Если тучи грозные Ах5æу Ьоптæ йæг, — Не рассеет. Хиг ау га551Ус!2æп Их заРя предрассветная Ка]5от Ьопугдæт. Поразгонит прочь. Из приведенного видно, какой сдвиг к национальному возрождению идет в это смутное время у нас на Кавказе. Даже ожидается, что с 1930 года горские языки станут на местах обязательными и государственными. Все это говорит за то, что у нас на Кавказе, даже при существовании власти московских палачей, процветают национальные идеи и близится возрождение. Народ охвачен сильным национальным духом, которого не потушит уже ничто, как заверяет нас горский по^т в стихотворении «Кау50п» 101
1$киу аииæиæт Хиг]æ Га§ сæз^ Кæ<3 пæта Ьаказ1, 11æ(3с1æг та Гæ1æг8! Хиг узШЫгæт Агуоеп] 'а81æитæ Æтæ 'ЯаусЬæт Бипе]е 'ррæ1у. Если где-нибудь, Солнца яркий глаз, Не осветит путь, Чтоб ободрить нас - Не теряйте сил: Будет час утех — Луч Царя Светил Обогреет всех. Пожелаем нашим поэтам много сил и энергии в их светлом деле. Дзамбулат Дзанти. Горцы Кавказа, 1929, № 4-5. 30-31 ф.
Адиль-Гирей КУЛАТТИ СЛАВА МЮРИДОВ Погиб аул... Погиб аул... От саклей — лишь в дыму руины, — Да славы гул! Погиб, погиб аул! Но было время — Грозой смотрел он на врагов, И не одно склонялось племя Пред ним — и доблестью бойцов. Лишь двести рыцарей-мюридов, То был его весь гарнизон... И тучи мрачные урусов Надвинулись со всех сторон. Погиб аул, с ним — боевые Мюриды — храбрая семья, Но славу вечную добыли, Гяурам дерзким смерть неся... Горцы Кавказа, 1929, № 6-7, 25 ф. ТАМ Там, где ущелья глубоки, как пропасть, Там, где аулы гнездятся в горах, Там, где веками царит наша гордость, Там нас пригреет единый Аллах.
Там, где недра богаты рудою, Там, где стадами покрыты поля, Там, где и тучи плывут над землею, Там, все страдает Отчизна моя. Там, где колодцы с живою водою, Там, где кружатся орлы в небесах, Там, где пригреет нас солнце зимою, Там назидает Всевышний Аллах. Там, где природа богата цветами, Там, где и Эльбрус считает века. Там, где джигиты гордятся конями, Там ожидает кавказцев весна. Горцы Кавказа, 1929, № 8-9. 39 ф. 104
АХУЫРГÆНÆГÆН ÆХХУЫСÆН ХÆРЗОГТЫ Аслан НÆРТОН ФÆНДЫР «Фæндыр куыд фæзынди». Интегративон урок ирон литературæйы музыкæ æмæ нывкæнынады ахуыргæнджытимæ. Лæвæрд æрцыди Мызуры астæуккаг скъолайы 5-æм къласы. Урок цыди 2 сахаты, уымæн æмæ дзы Нарты кадджыты таурæгътæ æвзарынæй фæстæмæ ма уыди нывмæ гæсгæ куыст дæр. У р о ч ы н ы с а н т æ: скъоладзаутæ хъуамæ сразæнгард уой Нарты эпосы фæлгонцтæ бамбарынмæ, хъуамæ базоной таурæгъ «Фæндыр куыд фæзынди»-йы мидис, сахуыр кæной æнæ кæсгæйæ дзурын, фæцалх уой логикон æгъдауæй хъуыды кæныныл, темæйы фæдыл быцæу кæныныл; скъоладзаутæм музыкæ, нывкæнынад æмæ аивадон ныхасмæ хъуамæ райгуыра уарзондзинад. Урочы æрмæг: Чингуыты равдыст — Нарты кадджыты алы азты уагъд чингуытæ, ирон поэтты уацмыстæ, таурæгъ «Фæндыр куыд фæзынди» Валентина Дынник æмæ Юрий Либединскийы тæлмацгондæй, Тугъанты Махарбеджы ныв «Нарты куывд», Тугъанты Махарбеджы, Хъаныхъуаты Умары, Кокты Аслæнджерийы нывтæ Нарты кадджытæм, сывæллæтты конд нывтæ, магнитофоныл фыст фæндыры зæлтæ. Фæйнæгыл фыст урочы эпиграф: «Иууыл цагъды куы фæуæм, уæддæр ацы фæндырæй чи цæгъда, уымæн ма уæд фесæфæн. Уымæй чи цæгъда æмæ мах ном чи мыса, уый уыдзæн нæхион». Эпиграфы фарсмæ: Дзырдуат урокмæ Нарты иумæйаг æмбырддон хæдзар (Нарты кадджыты — Нарты æмбырддон хæдзар, Æхсæртæггаты зæронд хæдзар, Алæгаты стыр хæдзар, Борæты æрдæмонгæ хæдзар) — æгас 105
мыггаг ма-иу сеппæт иумæ куы цардысты, уыцы незаманы царды æгъдæутты бæрæггæнæн. Цæрæнуаты сæйраг цæрæн агъуысг — уæрæх агъуыст къонаимæ, къона хæдзар дих кодта (нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты) дыууæ æрдæгыл. Хæдзары æппæты ахсджиагдæр дзаума уыди къона. Æнæхуысгае зынгтимæ (цæхæр) æмæ йæ рæхыс, рæхыс нымад уыдис ирон бинонты тæккæ уæлфæдзæхстдæр предметыл. Рæхыс — къонайы рæхыс, фыдæлтыккон ирон хæдзары æнæмæнг чи хъуыдис æмæ уыдис, ахæм дзаума. Ирон адæмы зондахасты рæхыс иу кодта, бинонты фарныл дзурæг чи уыд, уыцы артдзæст-къонайы тыххæй цыдæриддæр æмбарынадæй уыдис, уыдон. Хетæгкаты Къоста фыста: «Къона æмæ рæхыс алы иронæн дæр сты æппæты зынаргъдæр табуйаг». Къонайы рæхыс адавын кæнæ йæ дуармæ раппарын нымад цыди стыр æфхæрдыл æрмæст хицæн бинонтæн нæ, фæлæ агас мыггагæн дæр, ахæм хъуыддаг-иу туг расайдта. Рæхыс саразæг æмæ йæ бардуаг уыд Сафа, уый йæ балæвар кодта адæмæн. Къонайы рæхыс нымад цæуы æппæты ахсджиагдæр æмæ уæлфæдзæхстдæр дзаумайыл. НартыНыхас— «Ирон хъæуы форум», хъæубæсты ас лæгты æмбырд æмæ æмбырды бынат. Ныхас уыди фыдæлтыккон организаци æмæ хъæубæсты иумæйаг фарстатæ лыггæнæн бынат, стæй хъæуы хъомыл нæлгоймæгты уæгъд рæстæг æрвитыны бынат. Фыдæлтæй баззайгæ ирон æхсæнады Ныхас æххæст кодта æртæ ахсджиаг функцийы: хъæубæсты æхсæны цардмæ хъус дарын æмæ йæ раст фæндагыл æвæрын; уæгъд рæстæг иумæ æрвитыны хуыз сбæрæг кæнын, фæсивæды хъомыл кæнын æмæ сын ирон æгъдæуттæ бацамонын æмæ бамбарын кæнын. Нарты ныхас — ирон эпосимæ баст материалон культурæйы цыртдзæвæн. Ис Лæцы хъæуы, Куырттаты комы. Нарты Ныхас у чысыл фæзуат къæлæтджын бандæтты æнгæс егъау дуртимæ, фыдæлты таурæгътæм гæсгæ сыл бадтысты Нарты эпосы хъайтартæ — Уырызмæг, Сослан, Батырадз æмæ иннæтæ. Хуыскъ хъуг — æхсыр чи нæ кæны, ахæм хъуг. Къулбадæг ус — ирон аргъæутты æмæ кадджыты — сидзæргæс ус, хибар ран цæрæг, хинтæ æмæ кæлæнтæгæнæг, дунейыл цы ’рцыди æмæ цы ’рлæудзæни, уыдон зонæг. Гадза куыдз — сыл куыдз. Уырдæндах — уырд — тынуафæн дзаума, уырдæндах — уырдтæ цы æндахæй арæзт сты, уый. Цæдджинаг — бæгæны æхсидæн аг, фыдфыцæн аг. Уæвджыйæ дæр — æцæгæй дæр.
Быныл ниугæ баззайа — иунæгæй, æнæ хиуонæй баззайа. Баджыз дарын — бахъыгдарын. Аходæнæй сихормæ бинонтæ — рæстæгмæ бинонтæ. Фыдис — дзидза агæй исæн. Исдугмæ сæццæйæ аззайын— джихæй, сагъдауæй аззайын. Гæтæг— ирон мифологийы — суадæтты бардуаг, Сырдоны фыд. Дыууадæстæнон фæндыр — æппæты рагондæр музыкалон инструменттæй иу, къæдз арфæйы хицæн хуыз, йæ тæнтæ — бæхы хъисæй. Нарты эпосы фæндыр æрхъуыды кодта æмæ сарæзта Сырдон. Хетæгкаты Къоста куыд фыссы, афтæмæй дыууадæстæнон æмæ хъисын фæндыртæй цæгъдын нымад уыдис, æппæты курдиатджындæр нæлгоймæгты уæлвæткон барыл æмæ йын ивгъуыд заманты стыр традицитæ уыди. Дыууадæстæнон фæндырæй цæгъдгæйæ, Нарты тыххæй сæ кадджытæ кодтой, раздæр Ирыстоныл хъуыстгонд чи уыдис, уыцы кадæггæнджытæ: Томайты Созырыхъо, Мæргъиты Дзицо, Гæззаты Алыксандр, Сланты Гæгæ, Хъаныхъуаты Никъа, Хæныкъаты Гисс æмæ æнд. Къонагæ— дзырд «къона»-йæ. Уæрагæ — дзырд «уæраг»-æй. Фуагæ — дзырд «фу»-йæ. Литературон терминты дзырдуат. Кадæг— фæндыры цагъдмæ кæй зарынц æмæ хицæн мелоди кæмæн ис, ахæм эпикон зарæг, таурæгъ. Таурæгъ — у дзыхæйдзургæ цыбыр радзырд. Джыккайты Шамил куыд зæгъы, афтæмæй «Таурæгъы зыны дуне, йе сконд, йæ фæзындтæ, зынынц дзы адæм, сæ цардвæндаг, сæ хъуыддæгтæ, се ’гъдæуттæ, сæ зæрдæ. Аив дзырдæй дзы нывæфтыд кодтой хъайтарты сгуыхтытæ, нæртон æгъдæуттæ, уæздан хъуыдытæ — адæмы фарн». Таурæгъ у, дзыллæты цы сфæлдыстой, уыцы хæрзты хуыздæртæй. Аргъау— дзыхæйдзургæ æрымысгæ радзырд. Кæд æрымысгæ сты, уæддæр сæ апп, сæ мидис у адæмы цардæй ист. Аргъæутты сæйрагдæр миниуæг у рæстдзинады сæраппонд тох кæнын. Æвдыст дзы цæуы мæгуыр адæмы хъизæмар цард, сæ тох æфхæрджытимæ, сæ сагъæстæ, сæ тырнындзинад сæрибармæ. Архайджытæ дзы вæййынц адæм, уæйгуытæ, сырдтæ, мæргътæ тох кæнынц адæмы æфхæрæг цæрæгойтимæ, уæйгуытимæ, æлдæрттимæ. Аргъæуттæ сæ хъуыдымæ гæсгæ дих кæнынц æртæ къордыл: цæрæгойты, цардыуаджы æмæ алæмæты аргъæуттыл. Миф — рагон адæмы таурæгъ, дуне æмæ адæмы равзæрды, æрдзы фæзынды, Хуыцаутты æмæ хъæбатырты тыххæй. 107
I. Ахуыргæнæджы разныхас. Нарты кадджытæ сты ирон адæмы рагфыдæлтæ — скифтае — сæрмæттæ — алантæ сæ фæстагæттæн цы бынтæ ныууагътой уыдонæн сæ ахсджиагдæр æмæ ахъаззагдæртæ. Ныры ирон адæмы царды æмæ культурæйы хæзнадоны ахсынц æппæты кадджындæр бынат. Сты аив æмæ хæрзхъæд. Адæймагмæ афтае арф хъарынц, æмæ ма нæ дард фидæны фæлтæрты зæрдæтае дæр рухс кæндзысты, раст кадджытæн сæхи мидæг цы налхъуыт- налмасы кой цæуы, уыйау. Сæ диссаджы аивадон миниуджыты руаджы Нарты кадджыты лæууынц дунейы рагондæр æмæ хуыздæр эпикон уацмыстæ æмрæгъ: «Илиадæ», «Одиссея», «Роланды зарæг», «Нибедунгты зарæг» æмæ æндæрты æмрæнхъ. Нарты хъайтарты фæлгонцтæ баст сты не сфæлдисджыты цардимæ. Нарт стыр аргъ кодтой сæрибар, кад æмæ цытæн, æмæ уыдон раттыны бæсты, мæлæтыл разы уыдысты. Нарт сæ сæр дæлæмæ нæ уагътой суанг Хуыцауы æмæ йæ дауджыты раз дæр. «Цæрæнбонты царды бæсты цæрæнбонты кад» — уый уыди сæ нысан. Сæры зондæй дæр æмæ хъаруйæ дæр лæг хъуамæ æххæст уа. Æмæ уымæ тырныдтой Нарт. Хъæбатыр æмæ ’хсарджын уыдысты Нарт æмæ нæ кодтой æнæрхъуыды митæ. Нарт цардуарзаг уыдысты: стыр аргъ кодтой райгуырæн зæхх æмæ уарзондзинадæн, рæстдзинад æмæ лæгдзинадæн. Куывдтæ, кафын, симын, фат æмæ ’рдынæй хъазт, дурæхсынæй æрвыстой сæ уæгъд рæстæг. Фæлæ уæддæр Нартæн сæ диссаджы- диссагдæр хæзна, сæ сæр бæрзæндты кæмæй хастой æмæ хъал кæмæй уыдысты, уый уыдис сæ дыууадæстæнон фæндыр. Зонут уæдæ: куыд фæзынди Нартмæ фæндыр? Чи у йе сфæлдисæг? Абон мах нæ урочы ратдзыстæм дзуапп ацы фæрстытæн æмæ базонгæ уыдзыстæм диссаджы цымыдисаг таурæгъимæ «Фæндыр куыд фæзынди». II. Литературон-музыкалон композици «Æнустæм цæрдзæни фæндыр»... Арæзт æрцыди, 1949 азы Дзæуджыхъæуы цы «Нарты кадджыты» чиныг рацыд, уымæ гæсгæ. «Фæндыр куыд фæзынди» æмæ иннæ таурæгътæ æмдзæвгæты æвзагмæ раивта Плиты Хадо. Скъоладзауты аив кæсыныл ахуыр кæныны куыст цыдис фæсурокты. 108
(лсъоладзауты сæйраг хæс у, цы таурæгъ кæсынц, уый аив кзесгæйæ раст бамбарын. Ацы хæс æххæстгæнгæйæ, ахуырдзаутæ , ырныдтой рæсугъд æмæ аив кæсынмæ, хицæн кодтой цавд æмæ цавдон уæнгтæ. Урочы ахсджиаг бынат ахста ахуыргæнæджы эæсугъд, аив æмæ дæсны каст дæр. Скъуыддзæгтæ таурæгъæй скъоладзаутæ раздæр сахуыр кодтой æнæ кæсгæйæ. Урочы уыдон дзырдтой ирон фæндыры зæлтимæ иумæ. Ахуыргæнæг. Нарт сфæнд кодтой иумæйаг æмбырддон хæдзар саразын. Æнæхъæн афæдз, æхсæв бон нæ хынцгæйæ фæархайдтой, цæмæй йæм Сырдон, Гæтæджы фырт, Нарты фыдбылыз кæй хуыдтой, уый дæр мацы фау æрхæсса. Хæдзар сцæттæ æмæ Нарт загътой: «Ныр фенын кæнæм Сырдонæн нæ хæдзар. Кæддæра ма йæм цы фау æрхæссид!» 1 ахуырдзау. Арвыстой Сырдонмæ дурæйгуырд Сосланы. Ныццыд æм Сослан æмæ йын загъта: «Сырдон, дзурынц дæм Нарты æмбырды». Сырдон ын загъта: — Хорз, ацæудзынæн. — Араст сты иумæ æмæ, дын, Нарты Иумæйаг хæдзармæ уæд бацыдысты. Нарт æппæтæй уым уыдысты ’мбырдæй Æмæ Сырдонæн афтæ куы зæгъынц: «Сырдон, нæ хæдзар цæуы дæ зæрдæмæ, Æви ма йæм, мыййаг, исты фау хæссыс?» Сырдон фæкастис хæдзары къуымтæм Æмæ уæд загъта: «Хорз у, фæлæ ма...— Сыстадис æмæ хæдзарæй рацыд. Дурæйгуырд Сослан æй фæсте расырдта, Фæурæдта йæ æмæ йæ фæрсы: «Дæ хорзæхæй, Сырдон, уый кæдæм лидзыс?» Хæдзары тыххæй нын куы ницы загътай? — Æмæ уын цы зæгъон? — дзуры Сырдон. «Фæлæ ма», зæгъгæ, нын цæй тыххæй загътай? Сослан æй афарста. — Уæ хæдзар хорз у, Фæлæ дзы астæуæй ницы ис æмæ «Фæлæ ма», зæгъгæ, уый тыххæй загътон. Сырдон ацыдис, æндæр ницыуал загъта. 2 ахуырдзау Уæд, дын, Сослан дæр фæстæмæ раздæхти, Æмæ æмбырды Нартæн радзырдта: «Сырдон нын абон нæ хæдзар бафаудта «Астæуæй, дам, дзы ницы ис», зæгъгæ. 109
Уæд сæхи мидæг Нарт ахъуыды кодтой: «Уый, цымæ, Сырдон цæмæн афтæ загъта»! «Уый, уымæй зæгъы, уымæй, хорз адæм, Æмæ дзы рæхыс нæй нæ хæдзары», Загъта йæ ныхас дурæйгуырд Сослан. Уæд, зæгъы, Нарт дæр саразын кодтой Стыр рæхыс æмæ йæ хæдзары астæу Куыд вæййы, афтæ уым æрцауыгътой, Æмæ уæд загътой сæ кæрæдзийæн: «Сырдоны та нын æрбахонын хъæуы». 3 ахуырдзау Æмæ та арвыстой Сырдонмæ хонæг; Æмæ Сырдоны се ’мбырдмæ ’рхуыдтой. Сырдон æрбацыд се ’мбырддон хæдзармæ, Æмæ йæ бафарстой: «Сырдон, фен та ма, Зæгъ, цы хъуаг ма у ныр та нæ хæдзар? » Гæтæджы фырт та ноджыдæр бирæ Фæкæстытæ кодта Нарты хæдзармæ. — Хорз у, фæлæ ма... — загъта та Сырдон, Стæй та сыстадис æмæ та рацыдис. Уæд та, дын йæ фæдыл Хæмыц рахызти, Уый дæр та, дын æй афæрстытæ кодта: «Багъæц-ма. Сырдон, хæдзар хорз куы схуыдтай, Уæд ма ’фæлæ ма цæмæ гæсгæ загътай?» — Хæдзар бæргæ хорз у, цæуы мæ зæрдæмæ, Фæлæ дзы хурыскæсæны ’рдыгæй Ницы ис, ницы, гъе æмæ ’ «фæлæ ма» Уый тыххæй загътон, — дзуапп радта Сырдон, Æмæ та Сырдон сæхимæ араст ис. Ахуыргæнæг. Цавæр фау æрхаста Гæтæджы фырт Нарты хæдзары хурыскæсæны ’рдыгæй къуыммæ? 4 ахуырдзау. Нарт дæр та се ’мбырды хъуыдытæ байдыдтой, Уый, цымæ, афтæ цæмæн загътаид, Æмæ та фæстагмæ æрхъуыды кодтой: «Сырдон нын нæ хæдзар уый тыххæй фауы, Æмæ йæ къуымы кæй нæй сылгоймаг». Нарт уæд уый фæстæ сылгоймаг æрхуыдтой, Æмæ йæ, ног чындзау, рæсугъд сарæзтой, Хæдзары къуымы йæ æрлæууын кодтой, Æмæ та ноджы уæд бафæнд кæнынц: «Фæцæуын ма хъæуы фæстаг хатт Сырдонмæ!» Фæлæ йæм хонæг ничиуал комы. Хæмыц ысразы æмæ сын загъта: 110
«Мæ бар ма йæ уадзут, æз æм ацæуон, Æмæ йæ тыхæй дæр æрбакæндзынæн». 5 ахуырдзау. Æмæ та Хæмыц Сырдонмæ арасти, Арастис æмæ йæ дуармæ ныццыдис. Æмæ йæм дуарæй мидæмæ дзуры: «Æддæмæ~ма ракæс, æддæмæ, Сырдон!» Сырдон æм исдуг æддæмæ нæ касти, Ракаст æм æрæджиау æмæ йæ бафарста: — Цы кæныс, уæдæ, цы дæ хъæуы, Хæмыц? — «Нарты æмбырд дæ агурынц, Сырдон». Уæд та Сырдон дæр Хæмыцæн загъта: — Куы-иу фæбадут хæрд æмæ нуæзтыл, Уæд мæм-иу, уæдæ, цæуылнæ фæдзурут? Æнхъæлмæ ма кæс — нал ацæудзынæн. — Сæ хæдзары ’рдæм фæзылд фæстæмæ. Хæмыц æй рацахста æмæ йæм дзуры: «Æнæ рацæугæ дын гæнæн нæй, Сырдон». Сырдон нæ комы, нæ разы кæны, Уæд, дын, æй Хæмыц рацæфтæ кодта, Рацæфтæ йæ кодта, куыд æмбæлди, афтæ. Сырдон дæр ма, дын, уæдæ цы кодтаид. — Мæстджынæй ацыд Хæмыцы фæдыл. Хæмыцы фæдыл Нарты ног хæдзармæ. Ахуыргæнæг. Сырдоны фæнд ацы хатт уыди ахæм: Нарты ног хæдзармæ мидæмæ куы бахызт, Уæд та йæм дзæбæх фæкæстытæ кодта, Æмæ та загъта Нарты адæмæн: — Нырмæ уæ хæдзар хæдзар нæ уыди, Фæлæ йæм гъе ныр фау хæссæн нал ис. Нарт дæр, дын, гъе уæд ныццинтæ кодтой: «Нæ ног хæдзармæ фау нал ис», зæгъгæ. Сырдон фæстæмæ сæхимæ раздæхт, Фæлæ дзы Хæмыцæй уыдис ыстыр маст. Уыцы стыр маст йæ зæрды бавæрдта. Сырдон стыр хæрамдзинад бадардта Хæмыцмæ Куыд райста Сырдон йæ маст Хæмыцæй? 6 ахуырдзау. Хъуысы радзырд: хинæйдзаг Сырдон Хæмыцы хъуг куыд адавта æмæ йын цы бакодта, уый тыххæй. 7 ахуырдзау. Хи хъæуæй æмæ æддагон хъæутæй Хæмыц алы ран зилæнтæ байдыдта, Йæ хъуджы фæдыл йæ сæр разылди, 111
Фæлæ ницы ардта, тъæпп хаудта мæстæй. «Цы ма бакæнон? — сагъæсы бацыд. — Фæцæуон-ма, — загъта, къулбадæг усмæ, Æмæ уый бафæрсон, æндæр гæнæн нал ис». Къулбадæг усмæ бацыд, дзуры йын: «Ахæм æмæ мыл ахæм ми сæмбæлди, Афæдзы æрдæг агурын мæ хъуджы, Фæлæ нæ зыны — никуы йæ арын. Ныр мæнæ æрцыдтæн дæумæ фæрсынмæ, Æмæ мын исты бауынаффæ кæн!» «Афонмæ дæр мæм куы фæзындаис, Уæд дын æм фæндаг бацамыдтаин: Сырдонæн ис кæмдæр хæдзар зæххы бын — Æз дæр æй нæ зонын, — хъæуы йæ ссарын. Уым ын ис бинонтæ, ус æмæ зæнæг, Æмæ дæ хъуджы гъе уым бацагур, Афтæ йын загъта уæд къулбадæг ус. Ахуыргæнæг. Зæгъут ма уæдæ, куыд бантыст Хæмыцæн хин æмæ кæлæн Сырдоны дæлзæххон хæдзармæ фæндаг ссарын? Куыд ссардта Хæмыц йæ хуыскъ хъуджы? Цы ’рцыди Сырдоны хæдзары? 8 ахуырдзау. Уый фæстæ рацыдис Нарты Ныхасмæ. Уым Сырдоны дæр бадгæ баййæфта, Фæлæ йын зæгъгæ ницы ма кодта. Сырдон Хæмыцы куыддæр ауыдта, Афтæ ныххудтис æмæ йæм дзуры: — Уæвджыйæ дæр, уæдæ, диссаг та куыд нæу: Афонмæ йын исчи йæ хъуджы фыд хæра, Йæхæдæг та ам ыстонгæй бада! — Уæд, дын, Хæмыц дæр Сырдонæн загъта: «Чи зоны æмæ мæ хъуджы бахæрæг Йæ хъæбулты быныл ниугæ баззайа»... Уæд, дын, Сырдонæн йæ зæрдæ фехсайдта — «Цыдæр фыдбылыз мыл æрцыдис», зæгъгæ. Æмæ ’нæдзургæйæ фæрасти сæхимæ. Хæдзары фæмидæг, ракæс-бакæс кæны, Æмæ йæ бинонтæй иуы дæр нæ ары. «О, аходæнæй сихормæ бинонтæ. Цымæ та мын уæдæ кæдæм фæцыдысты!» — Хъуыды кæны Сырдон йæхи нымæры, — 112
9 ахуырдзау. Уайтагъд фыдисыл йæхи ныццавта, Фыдтæ асгарон, зæгъгæ, дын, агмæ Тагъд-тагъдæй бауадис æмæ йæ сыстыдта, Ысхаудысты дзы бинонты уæнгтæ: Йæ бинонты стæгдар агæй куы систа, Уæд Сырдон исдугмæ сæццæйæ аззади, Бавдæлдис æмæ йæ хистæр фырты Цонджы ыстджытæй фæндыр сарæзта, Иннæ лæппуты зæрдæйы тæгтæй Фæндырæн скодта дыууадæс тæны, Йæ буц хъæбулты стæгдары цур Æрбадтис æмæ цæгъды фæндырæй: «О, мæ лæппутæ, хæрнæг ыскæнын Сымахæн мæ бон нæ бауыдзæнис... Фæлæ мын уæ иу Къонага хуынди: Къонага, марды фæлдисинагæй Къонайыл цы ’вæрой, рухсы бад уымæй!» Стæй та ныццæгъды æмæ фæзæгъы: «Уæрагæ, марды фæлдисинагæй Уæрагыл цы ’вæрой, рухсы бад уымæй!» Стæй та ныццæгъды: "Ме ’ртыккаг лæппу — Фуагæ, марды фæлдисинагæй Фу цæуыл бакæной, рухсы бад уымæй!» 10 ахуырдзау. Сырдонæн йæ фæсдуар ыстыр уæрм уыди, Йæ бинонты стæгдар уырдæм ныккалдта, Йæхæдæг йæ фæндыр рахаста йемæ, Æмæ рацыдис Нарты Ныхасмæ. Уым дзы æрцагъта, æмæ ныззарыдис: — Уæ нарты адæм, ай уын мæ лæвар, Æмæ мæ уемæ цæрын бауадзут! — Уæд Нарты адæм зæгъынц сæхицæн: «Ай хуызæн хæзна нæ къухы куы бафта, Уæд нæ ацы лæг цы баджиз дардзæн? » Зæронд Уырызмæг Сырдонмæ радзуры: «Ахæм хæзна нын кæд дæ цæст уарзы, Уæд не ’гасæн дæр уыдзынæ ’фсымæр; Н ’алы Ныхасы дын бар уæд хъусынæн, Æфсымæрау дын — фæндаг нæ хæдзæрттæм!» Нарт фæндыр райстой, загътой кæрæдзийæн: «Цагъды куы фæуæм бынтон иууылдæр, Уæддæр сæфæн ма уæд ацы фæндырæн! 8Махдуг№2, 1997 ЦЗ
Уымæй-иу чи цæгъда, мах ном дзы чи мыса, Гъе, уый уыдзæни æцæг нæхион!» III. Дарддæр ахуыргæнæг скъоладзаутимæ кæндзæн беседае ахæм фарстатæм гæсгæ: 1. Нарт æнæмæнгæй Сырдонæн цæмæн уынын кодтой сæ иумæйаг æмбырддон хæдзар? 2. Цавæр хъæндзинæдтæ (фаутæ) æрхаста Сырдонхæдзармæ? З.Нарты иумæйаг æмбырддон хæдзары нæ разындис уæлар- ты рæхыс Уый цавæр ирон хæдзар у, рæхыс кæм нæй? 4.Цæмæнхонынц таурæгъаразджытæ Сырдоны фæлывд æмæ хин, Сосланы — дурæйгуырд, Хæмыцы — æндонфарс? 5.Цавæр цау баиу кодта Сырдоны Нартимæ? 6. Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут иннæ таурæгътæ дæр Сосланы тыххæй æмæ мын зæгъут: цæуылнæ уагътой Нарт Сырдоны сæ Ныхасмæ? 7. Куыд уæм кæсы: цæмæн сси Сырдон фæндыр сфæлдисæг? Уæ дзуапп сбæлвырд кæнут. 8. Цымæ цавæр нысаниуæг, арф хъуыды æвæрд ис нæ урочы эпигрæфæн: «Иууыл цагъды куы фæуæм, уæддæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн. Уый чи цæгъда æмæ мах ном чи мыса, уый уыдзæн нæхион!»? 9. Цæуыл дзурæг у ацы таурæгъ? Бацархайут ма йын йæ сæйраг идейæ ссарын æмæ зæгъын? 10. Ссарут-ма таурæгъы ахæм дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ, ирон таурæгъты тынг арæх чи ’мбæлы. Цавæр хатдзæг скæнын у нæ бон? Цы ис се ’хсæн иумæйагæй, стæй цæмæй хицæн кæнынц адæмон аргъæуттæ таурæгътæй? 11. Сымахæй бирæтæ кастысты ацы таурæгъ прозæйæ фыстæй дæр. Цымæ кæцы текст уæ зæрдæмæ айстат хæстæгдæр — по- этикон (æмдзæвгæйы хуызы фыст) æви прозæйæ фыст таурæгъ, стæй цæмæн? IV. Уый фæстæ скъоладзаутæ урочы байхъусдзысты дыууæ раныхасмæ Сырдоныл. Уыдон цæттæгонд æрцыдысты ахуыр- дзаутæн сæхи хъæппæисæй ахуыргæнæджы амындæй. 1 скъоладзауы раныхас Нарты кадджыты уæлдай стыр бынат ахсы СырдонЫ фæлгонц. Сырдон у Нарты кадджыты уарзондæр хъайтартæй иу. «Арвы хин æмæ зæххы кæлæн», «Нарты фыдбылыз»> 114 ’Ь
«Гæтæджы фырт, гæды Сырдон» — афтæ йæ хонынц Нарт сæхæдæг дæр. Йæ сæйрагдæр миниуджытæй иу у фыддзинад хæссын Нартæн. Адæймаджы хорз миниуджытæй йæм иунæг дæр не ’рхауд, æрмæстдæр — фыддзинад. Нарты ’хсæн фыдбы- лызæй цыдæриддæр цыд, уыдон цыдысты Сырдоны аххосæй. Хæмыц, Сосланы æмæ Батрадз дæр бабын сты Сырдоны азарæй. Сырдоны сæйрагдæр «тохы» хæцæнгарз у йе ’взаг—«цыргъ», «рæстдзæвин», «маргæй» йедзаг, кæддæриддæр хæссы фыд- былыз æмæ маст. Нарты кадджыты ис дыууæ фæлгонцы Сырдонæн: иу — Сырдон — фыддзинадхæссæг, æмæ дыккаг — Сырдон — юморхæссæг. Ацы дыууæ фæлгонцЫ тынг æнгом баст сты кæрæдзиуыл, фæлæ дзы уæддæр уæлахиз кæны, мæнмæ гæсгæ, фыддзинад. Фæлæ Сырдон Нартæн стыр хорзæхтæ дæр кодта: уыдонæй æппæты зынаргъдæр æмæ цымыдисагдæр лæвæрттæй иу фæндыр. Æркæсæм ма уæдæ, цæмæн сын ракодта ахæм зы- наргъ лæвар? 2 скъоладзауы раныхас Сырдоныл. Уыцы фарстæн зындгонд ирон фыссæг, поэт æмæ литера- турæиртасæг Нигер (Дзанайты Иван) дæтты ахæм дзуапп: « Сыр- дон Нартæн фæкодта æнæкæрон æмæ æнæбын фыдбылызтæ, фæлæ фæстагмæ йæ фыдбылызтæ йæхиуыл æрзылдысты — Хæмыцы хъуг адавта, æмæ йын Хæмыц, уый фыдæнæн, йæ би- нонты аргæвста æмæ сæ аджы бафтыдта, Хæмыцæн йæ хъу- джы фыдтæ цы аджы фыхтысты, уыцы аджы. Сырдон уый куы федта, уæд йæхимæ ’ркаст, бамбæрста, фыддзинад цы ад кæны, уый æмæ ’рфæсмон кодта». Трагедийæ равзæрди музыкæ — ахæм у кадæджы сæйраг ахсджиаг хъуыды. Уый у стыр хъуыды Нарты кадджыты. Сыр- доны хъуыддаг алы адæймаг нæ бакæндзæн. Уыцы хъуыддаг бакæнын бафтдзæн æрмæстдæр стыр хъару, зонд æмæ ныфс кæмæ уа, ахæм адæймагæн. Сырдон разынди æппæт ацы миниу- джыты хицау, æмæ цæмæй йæ фыдбылызтæ барст æрцæуой, уый тыххæй бацыд Нарты Ныхасмæ æмæ сын зæгъы: «Ай уын мæ лæвар, Нарт, æмæ мæ уемæ цæрын уадзут!» Нарт, кæй зæгъын æй хъæуы, сразы сты. Сырдон разынд æцæг нæртон лæг. Сырдон фæндыр кæй æрхъуыды кодта æмæ йæ Нартæн кæй радта, уый у стыр хъуыды Нарты эпосы: царды ис фыддзинад, фæлæ цасфæнды ахæсса уыцы фыддзинады дуг, уæддæр æй 115
рæстдзинад басæтдзæн. Сырдон бирæ фыдбылызтæ фæкодта Нартæн, фæлæ йæ фыдбылызтæ фæстагмæ йæхи сæрыл æртых- стысты, æмæ фæфæсмон кодта, æмæ сæргуыбырæй фидыд æр- куырдта Нартæй. Нарт фыддзинадыл фæуæлахиз сты! Сырдоны хъарæг æмæ цагъд сæнкъуысын кодтой Нарты зæрдæтæ æмæ сæ басастой. Нарт се ’мрæнхъ æрлæууын код- той Сырдоны дæр. V. Уæ разы Тугъанты Махарбеджы ныв «Нарты куывд». — Зæгъут-ма мын: цавæр нывгæнджытæ ныв кодтой Нарты кадджытыл? — Кæй нывтæ (иллюстрацитæ) уæ зæрдæмæ тынгдæр фæцы- дысты æмæ цæмæн? Байхъусæм цыбыр радзырд Тугъанты Махарбеджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. 1 скъоладзау. Тугъанты Сафарбийы фырт Махарбег (1881— 1953) уыд зындгонд ирон нывгæнæг, график, театры нывгæнæг, адæмон сфæлдыстад иртасæг. Райгуырд Дур-Дуры хъæуы. Нар- * ты эпос сахуыр кæнынæн Махарбегæн стыр ахъаз фесты йæ фыд, йæ мады фыд Гацыр æмæ мады æфсымæр Санаты Дзанте- мыр. Уыдон уыдысты ирон фольклор æмбырдгæнджытæ. Дзæуджыхъæуы ахуыргæнгæйæ Махарбег базонгæ Къоста- имæ. Æмæ уый конд нывты Махарбегæн байгом нывкæнынады ног дуне. Дзæуджыхъæуы реалон училище каст фæуыны фæстæ Махарбег ахуыр кодта Бетъырбухы Аивæдты Академийы, уый фæстæ та Германы, Мюнхены. Ирон адæмы историмæ Махарбег бацыд, куыд нывгæнæг, уый скодта диссаджы нывтæ Нарты эпосы сюжеттæм гæсгæ, куыд стыр ахуыргонд, этнограф, ирон адæмон дзургæ сфæлдыс- тад æмбырдгæнæг æмæ иртасæг, сæйрагдæр та Нарты кадджы- ты. Уæлдай зындгонддæр та сты, Махарбег Нарты кадджыты сюжеттæм гæсгæ цы нывтæ сарæзта, уыдон: «Донбеттыр», «Балсæджы цалх», «Æхсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт», «Со- слан мæрдты бæсты», «Нарты куывд», «Бурдзæбæхы скъæфт», «Сагты хæст» æмæ иннæтæ. — Зæгъут-ма мын, Нартæн сæ царды кæцы хайæ райста нывгæнæг ацы уысм? — Кæй базыдтат уæ уарзон хъайтартæй ацы нывыР — Ранымайут-ма, цавæр музыкалон дзауматæ уынут ацы нывы? Чи сæ сфæлдыста? — «Райгас» ма кæнут ацы ныв тексты ныхæстæй? 116
— Цымæ цавæр хъуыды бавæрдта Тугъанты Махарбег ацы нывы? Ацы ныв цæмæн сси нывгæнæджы сфæлдыстадон ныс- туан? — Цавæр хъуыдытæ, æнкъарæнтæ уæм сæвзæрынкодта ацы иыв нæ рагфыдæлтæ — аланты тыххæй? Ныр та байхъусут дыууæ цыбыр радзырдмæ Тугъанты Ма- харбеджы ныв «Нарты куывд»-ы тыххæй. Бацæттæ сæ кодтой ахуырдзаутæ. 1 ахуырдзау. Тугъанты Махарбег йæ нывы тыххæй Нарты кадджыты темæ йæ бынат æрцахста Тугъанты Ма- харбеджы сфæлдыстады дæр. «Нарты куывд» — афтæ схуыд- та уый йе сфæлдыстадон куыстытæн сæ тæккæ хуыздæртæй иу. Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон адæмæн сæ иунæг бæрæгбон дæр æнæ кафтæй нæ цыди. Сæ диссаджы фæндыры зæлтæ æмæ къах-къухтыл кафт æнкъуысын кодта зæхх æмæ хæхтæ, куыд дзурынц, афтæмæй ма-иу Хуыцауттæ дæр æдæрсгæйæ нæ кас- тысты Нарты гуыппырсарты кæфтытæм. Фынджы кæрæтты къахфындзтыл чи скафа нуазæнтæ нæ бахъыгдаргæйæ, уый нымад уыд хуыздæр кафæгыл. Йæ сæрыл нуазæн йе дзагæй, куыд нæ дзы акæла, афтæмæй чи акафа, уый нымад цыд æппæты арæхстджындæр адæймагыл. Æмæ ма иу: бæгæныйæ дзаг стыр кæхцы былтыл чи акафа афтæ, ма йæ фезмæлын кæнæд афтæмæй, уый та амынд цыд сæрæн æмæ ныфсджын кафæгыл. Ацы ерыстæй иу равдыста Тугъанты Махарбег дæр йæ нывы. «Нарты куывд»-ы, фыссы Махарбег, — æз райстон Нарты кадджытæй ахæм уысм, Нарты гуыппырсартæ Сослан æмæ Челæхсæртæг ерыс кæм кæнынц фыццаг фынгыл, стæй бæгæныйы стыр кæхцы былтыл кафынæй. Æз мæхæдæг иу хатт уыдтæн æвдисæн, ахæм ерыс-кафтæн. Иу йæ сæрыл сæвæрдта бæгæныйæ дзаг кæхц, афтæмæй кафыд, иннæ сгæпп кодта фынгмæ æвгтæ йæ сæрыл, афтæмæй. Æмæ та-иу фæстæмæ рагæпп кодта, уыимæ æвгтæй иу дæр не ’рхаудта зæхмæ. Ирыс- тоны фæсивæд кæддæриддæр ахæм кæфтыты æвдыстой сæ ар- æхстдзинад. Уыдоныл сæ сæрмагондæй ничи ахуыр кодта. Уыцы аив, рæсугъд, сæрæн, арæхстджын ирон фæсивæды кæфтытæм кæсгæйæ æз сфæнд кодтон бахæссын мæ ныв «Нарты куывд»- мæ, уымæн æмæ мын мæ цæстытыл ирдæй ауайын кодта Нарты куывды æрфыст». 2 ахуырдзау. Куыд æмбарын æз ныв «Нарты куывд»-ы мидис? Тугъанты Махарбеджы нывы ахорæнтæй нывгонд æрцыди 117
ирон адæмы истори, сæ царды уаг, сæ культурæ. Ныв «Нарты куывды»-ы æвдыст цæуы ахæм кафт кæлæнгæнæгау йæхимае чи ’лвасы. Нывы астæу уынæм Сосланы. Уый кафы йæ къах- фындзтыл цæджджинаджы былтыл. Уый у рагон скифаг фæлгонц. Сосланы гуырыконд у ахæм æнахуыр тыхы хуызæн, æмæ змæлын кæны дун-дуне, Нарты. Цæджджинаг Сосланы къæхты бын нысан кæны Нарты царды суадон. Хæдзары ас- тæуцæджындзы уæлæ сыкъатæ Сосланы сæрмæ дзурынц хур æмæ зæххы иудзинадыл. Сосланы лæсгæрхуыз гуыры конд амо- ны дунейы бæрæгастæу, йе ’змæлд æмæ сæфты райдайæн. Уымæн æмæ Сосланы сæфтимæ сæфтмæ цæуынц Нарт дæр. Нывы кафтмæ кæсджытæ бадынц, Сослан арцы бырынкъæй кæуылты æрхахх кодта, уым. Се стыр æндæргтæ размæ рацы- дысты. Æнцад кæй бадынц кæсджытæ, уымæй бæрæг у, Сослан сæйрагдæр архайæг кæй у нывы, уый. Нывы аивдзинад йæхимæ скъæфы. Диссаг сты йæ дзаумæтты аив фæлыст, хæцæнгæрзтæ, хæдзары мигæнæнтæ. Нывы фæстаг пъланы мах уынæм дыу- уæуæладзыгон симд. Уымæн ис йæхи нысаниуæг, ома, цард кæй нæ фæци, фæлæ этнос æнæмæлгæ кæй у. Кадæг «Сослан Бедухайы куыд æрхаста», уым æз ссардтон иу скъуыддзаг. Уый ирдæй æвдисы Тугъанты Махарбеджы ныв «Нарты куывд»-ы сæйраг мидис. Байхъусут-ма уыцы скъуыд- дзагмæ æмæ йæ уæхæдæг дæр бамбардзыстут, Нарты Сослан æмæ Хызы фырт Челæхсæртæджы хæснаг Алæгаты стыр куыв- ды цæй фæдыл уыдис, уый: «Уæд иуахæмы Алæгатæ сцæттæ кодтой, хæрдæй, нуæзтæй цы хъуыдис, уый, æмæ сарæзтой стыр куывд. Æрхуыдтой Нар- ты адæмы сæ куывдмæ. Рабадтысты Нарт Алæгаты стыр хæдза- ры рæгъытæй. Иу рæгъы уæле хистæрæн Уырызмæг бадтис, иннæ рæгъы уæле — Хæмыц, æртыккаг рæгъы уæле та — Сыр- дон. Сæмбæлдис сæ куывды Хызы фырт Челæхсæртæг дæр. Хæрынц æмæ нуазынц Нарты адæм, Алæгаты стыр куывды уæле дæлæмæ гаджидæуттæ уадзынц. Иудзæвгар куы абадтыс- ты, уæд Сослан æмæ Хызы фырт Челæхсæртæг фæбыцæу сты, — алчи сæ йæхицæй æппæлы. — Мæ фыдыстæн, æз дæуæй хуыздæр лæг дæн,— загъта Хызы фырт Челæхсæртæг.— Алцæмæй дæр мæ бон у демæ афæлварын. Цæй-ма, хæснагыл ракафæм, кæддæра чи кæй амбулид. — Ракафæм! — загъта Сослан.—Цы ’вæрыс хæснагæн та? — Кæд ды хуыздæр ракафай мæнæй, Сослан, — загъта ХызЫ фырт,— уæд æз ратдзынæн дæуæн мæ рæсугъд чызг Бедухайы. Ды та цы ’вæрыс? 118
— Кæд мæ ды амбулай, уæд æз та ратдзынæн дæуæн мæ помдзыд Церечы згъæр æмæ Бидасы тахъа, стæй мæ цирхъ,— загъта Сослан дæр.— Ракаф уал ды, хистæр дæ, иннæ ахæм — уазæг. Фестадис Хызы фырт æмæ байдыдта кафын. Фыццаг хорз фæкафыдис зæххыл, стæй байдыдта кафын фынгыл — кæм цæхдон акалы, кæм та къæбæртæ аппары фынгæй зæхмæ. Афтæ фæкафыди æмæ сбадтис йæ бынаты. Байдыдта кафын Сослан дæр. Уый дæр фыццаг зæххыл æрка- фыд. Дисы бацыдысты æгас Нарт, афтæ хорз скафыд. Стæй уыцы кафгæйæ схызтис фынгмæ. Иууыл диссаг та фынгыл уыдис йæ кафт: фынджы былтыл-иу цъилау ныззылдис, афтæмæй иунæг къæбæр, иунæг къус нæ фезмæлын кодта йæ бынатæй: стæй йæм уытæппæт адæм сæ кæрдты фындзтæ хæрдмæ арæзтæй бадардтой, æмæ уыдоныл кафын байдыдта, раст-иу сыл куы- ройы цалхау æрзылдис. «Мæнæ хæйрæг»,— загътой, чи йæм кастис, уыдон. Афтæмæй бирæ фæкафыд æмæ сбадтис уый дæр йæ бынаты. Алæгатæ рахастой Нарты цыппархъусыг Уацамонгæ, ронгæй йæ тæккæ дзагæй, æмæ загътой: — Уацамонгæ йæ сæрыл чи сæвæра æмæ афтæмæй чи скафа, æнæ акалгæйæ, хуыздæр кафæг уый уыдзæнис. Фыццаг æй сæвæрдта йæ сæрыл Хызы фырт Челæхсæртæг; ракафыди æмæ хорз куыннæ кафыд, фæлæ-иу ын нозтæй æркал- дис. Сбадти йæ бынаты Челæхсæртæг. Ногæй та байдзаг код- той цыппархъусыг. Уацамонгæ æмæ йæ радтой Сосланмæ. Сæвæрдта йæ Сослан дæр йæ сæрыл æмæ байдыдта кафын. Ноджы диссагдæр кафт та ныр скодта Сослан,— Уацамонгæйæ иунæг æртах дæр нæ акалд. Куыннæ йыл фæдис кодтаиккой Нарт дæр. Кафт куы фесты, уæд Хызы фырт загъта: — Быны сæфт фæут, сымах раст куы нæ зæгъат, хуыздæр нæ чи скафыд? — Афтæ уæд,— загътой Нарт. Хорз скафыдтæ, Хызы фырт, фæлæ Сослан дæуæй бирæ хуыздæр скафыд. Хæснаг Сосланы у. Фестади мæстæйдзагæй Хызы фырт йæ бынатæй, абадтис йæ бæхыл æмæ афардæг ис йæ хæдзармæ — Хызы фидармæ». Мæ ныхасы кæрон ма.уæ базонгæ кæндзынæн зынæмбарæн æмæ æнæзонгæ дзырдты нысаниуæгимæ: Церечы згъæр — кадджытæм гæсгæ — номдзыд Церечы згъæр хæдон. Хæсты коймæ-иу й ехæдæг йæ хицауы уæлæ фес- тад, æмæ йæ уæд кард нæ карста, фат дзы нæ хызти. Бидасы тахъа — номдзыд Бидасы æмбисонды згъæр хул; П9
хæсты коймæ-иу йæхæдæг абадти хæстоны сæрыл æмæ-иу уыцы хæстон лæджы уæд кард дæр нал карста, фат дæр дзы нал хызти. Цирхъ — хъамайы хуызæн æхсаргард. Уацамонгæ — Нарты диссаджы зонынджын къус, кæхц, хъæбатырты кæхц. Уыдис æм ахæм миниуæг, æмæ-иу стыр хæстон сгуыхтытæ чи равдыстаид, стæй йæ хæстон сгуыхтыты тыххæй æрмæстдæр æцæгтæ чи радзырдтаид, уымæ-иу йæхæдæг йæхи æгъдауæй бацыди: иннæтæй йæ къухы никæмæн æфтыд Уацамонгæйæ бануазын. Ронг — Нарты нозт, тынг хæрзад æмæ карз. Тугъанты Махарбеджы нывы фарсмæ ис Хъаныхъуаты Ума- ры æмæ Хохты Аслæнджерийы нывтæ Нарты кадджытæм æмæ таурæгъ «Фæндыр куыд фæзынди»-мæ гæсгæ. — Цавæр эпизодимæ баст у ацы ныв та? Ссарут кадæджы уыцы скъуыддзаг.— Зæгъут-ма: нывгæнæгæн бантысти Сырдо- ны трагедиравдисын æви нæ? Цæуыл дзурæг сты нывы хъайта- ры фæлгонц, йæ уынд, йе ’ддейы бакаст, йæ къухтæ? — Кæцы нывгæнæг равдыста уæлдай æххæстдæр æмæ арфдæр Сырдоны фæлгонц, йæ характер? Раст æй равдыстой æви нæ? Сымах хъуыдыйы та цавæр у Сырдон? VI. Беседæ: «Цы бынат ахсы музыкæ мæхи æмæ мæ ныййар- джыты царды?» — Уарзыс музыкæ? Цавæр? — Цы бынат ахсы музыкæ, зарæг, цагъд дæ царды æмæ дæ ныййарджыты царды? — Цæмæн хъæуы музыкæ царды? — Куыд дæм кæсы — нæ рагфыдæлты хъуыди музыкæ, зарæг, мелодитæ, цагъд? «Зарæджы, музыкæйы — æвдыст цæуы адæмы цард, йæ цин æмæ йæ хъыгтимæ. Ирон адæмæн рагæй æрæгмæ дæр сæ цар- димæ æмдзу кæны музыкæ. Музыкæйы фæрцы райхалы ирон лæг йæ æнусты фæндтæ æмæ бæллицтæ»,— фыста зындгонд ахуыргонд Абайты Васо. Куыд уæм кæсы: афтæ у, уый? Уæ дзуапп бафидар кæнут дæнцæгтæй, нывтæй пайдагæнгæйæ. — Дæумæ гæсгæ, кадæггæнæг. Нарты кадджытæ хъисын фæндырмæ гæсгæ заргæ цæмæн кодта? — Ахъуыды-ма кæнут ахæм фарстыл: цæмæн схуыдта зынд- гонд ирон поэт Хетæгкаты Аеуаны фырт Къоста йе ’мдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр». (Зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ)? Цæуыл хъуыды кодтаид поэт, сымахмæ гæсгæ, ацы сæргонд фысгæйæ? 120
VII. Урочы кæронбæттæны «Хантыцагъды» зæлтимæ хъуысы æмдзæвгæ — кæсы йæ ахуырдзау: Ирон фæндыр нын баззади фыдæлтæй, У махæн та нæ хæзнаты хуыздæр. Ирон фæндыр! Рæсугъд зæрдæйы фæндтæй, Уый равзæрди, уый райгуырди кæддæр. Æнæ фæндыр нæ фидауы Ирыстон! Æнæ фæндыр мæгуыр кæны нæ зæхх! Фæндырдзæгъдæг! Дæ зардмæ дын ныхъхъуыстон, 0 исты мын, йæ цины зæлтæй зæгъ! Урокмæ цæттæгæнгæйæ пайда цыд ахæм чингуытæ æмæ статьятæй: 1. Нарты кадджытæ. Бæрнон редактор æмæ раздзырд ныффыссæг Гæззаты А П. Нывгæнæг Хохты А Дзæуджыхъæу, 1949. 2. Нартыкадджытæ. Дыккаг рауагъд. Литературон редактор Дзанайты Иван. Нывгæнджытæ Тугъанты М. æмæ Хъаныхъуаты У. Дзæуджыхъæу, «Ир», 1975. 3. Нарты кадджытæ. Фондз чиныгæй. Фыццаг чиныг. Кадджыты иугонд текст сарæзта Гуытьиаты Хъазыбег. Дзæуджыхъæу, «Ир», 1989. 4. Антология осетинскойпоэзии. Сост,: Т. Балаев, А. Галуев, Д. Дарчиев.— М., Госиздат, худож. лит.-ры. 1960. 5. Сказания о нартах. Осетинский эпос. Изд. перераб. и доп. Пер. с осет. Ю. Либединского. М., «Сов. Россия», 1978. 6. Хаким Мусса. Махарбек Туганов — народный художник Осетии. Альбом. Орджоникидзе, 1962. 7. Дзантиев А Художники Северной Осетии.—Л.: Художник РСФСР., 1988. 8. Бязрова А Махарбек Туганов. // Эхо Кавказа. — 1994.— № 2 (5).- С. 48-49. Я Антология осетинскои поэзии. Сост.: Х.-У Алборты, А. Кодзати, С. Хугаев.— Орджоникидзе, «Ир», 1984. 10. Дзадзиты А, Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмон этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат.— Дзæуджыхъæу, 1994. 121
НОМАРÆН УРОК 1996 азы Цæгат Ирыстоны — Аланийы радио бацæттæ код- та Хостыхъоты Зинæйы поэзийы урок. Йæ амонæг уыд Айларты Зарæ, архайдтой дзы 41-æм ас- тæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Басаты Заретæ йе скъоладзау- тимæ. Мæ зынгхуыст æмгæрттæн, мæ зынгхуыст фысджытæн Цы нæ бантыст царды, нæ тохы зæгъын, Уый махæн — зæгъинаг.. Ингæны хуысджытæ Цы зын хæс ныууагътой æгæстæн зæххыл. Поэт Мыртазты Барисы ацы æмдзæвгæйæ райдыдта йæ урок Басаты Заретæ. — Æртынæм фыдазтæн цы нæ бантыст, уый та хæст бакодта,— дзуры Заретæ.— Ирон фысджыты хуыздæртæ цагьды фесты, сау сыгъдæй басыгъд нæ литературæйы хуым. Фæлæ цард æнусон у. Равзæрд та ног æвзартæ. Ирон поэзийы та уд бацыд. Фæзынд ног сфæлдыстадон фæлтæр. Уыдон уæндонæй сдзырдтой фыдæлты фарн, ирон национ культурæ æмæ ’взаджы сæраппонд, уды сæрибарыл. Иннæты хъæлæсты ’хсæн ирдæй хъуыст Хостыхъоты Зинæйы хъæлæс дæр, никæимæ йын ис фæивддзаг кæнæн: Æз — сылгоймаг, цардаразæг фарн дæн, Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæн. 122
Æз бæллиц дæн, дидинæджы тау дæн, Æз цъæх уалдзæг, цины зарæг дæн. Æз — æфсарм дæн, нуазæн дæн дæ къухы, Æз хæдзары — мин бæркады фынг. Æз æдзухдæр — уе ’мдзу царды дугъы, Фарн — мæ дзырд, ныххуыссын кæны зынг. Сисут, лæгтæ, баназут мæ кадæн, Æз уæ радтæг, уе стыр мæт, уæ хур. Æз уæ къухы бахъуаджы бон кард дæн, Æз уæ фидæн — уе ’нхъæлцау бындур. «Бирæ уæз æмæ æфсарм ис алы ирон сылгоймагыл дæр, фæлæ дзы уæддæр хъысмæт курдиатхæссæг удæн уæлдай хæс бабыгъдуан кæны. Ахæм сылгоймаг свæййы бæсты мад, бæстыл аудæг, дзыллæйы сагъæстæй домд æмæ уырыд, æнамонд æмæ амондджын»,— афтæ фыссынц Хостыхъоты Зинæйы тыххæй, цæрынæй æмæ кусынæй кæй æхсæн нæ бафсæст, уыцы журнал «Мах дуджы» кусджытæ, йе ’мбæлттæ. ...Мæ Ирæн æз сылгоймаг поэт дæн, Мæ фæстагдæр ном уый уыдзæни, баууæнд. Поэты ном чи хæссы, ахæм адæймаг мацæуыл фæрисса, мац- æуыл бацин кæна, афтæмæй арф, зæрдæмæисгæ уацмыстæ ныф- фысса, уымæн уæвæн нæй. Поэзийæн йæ райгуырæн бæстæ зæрдæ у. Поэзи райгуыры иу зæрдæйы, стæй бирæ зæрдæты æрцæры. Уый тыххæй мæнæ куыд фыста болгайраг поэт Мла- ден Исаев. Хурзæрин сæумæрайсом куыд сыста Æмæ куыд хæссы цард æппæтæн — Цæрæг удæй уа, зайæг халæй, — Раст афтæ Æцæг поэт у хурты-хур йæ зæххæн. — Уæд цы у поэзи? — фæрсы Заретæ йæ ахуыргæнинæгты. Дзуапп ын дæттынц: — Поэзи адæмы зæрдæты хъæлæс у,— (Джыккайты Ш.) — Поэзи гуыры æмæ рæзы курдиатæй,— (Дзуццаты Хадзы- Мурат). 123
— Поэзи—ногдзинад, æцæг поэзи—фидæн,—(Къадзаты С.) — Цы у уды уæлмонц зарæг — поэзи? Æппæты фыццаг —- æвзонг бæллицты сыгъдæг суадон, цæстыты рухс, æнкъарæнты фæндон, ныфс æмæ монцты тых,— (Айларты Ч.). — Æцæгæй дæр-ма! — Циу поэзи? Зæрдæ йæ æнкъары, фæлæ йæ æвзаг зæгъын нæ зоны. Мыййаг, кæд æмдзæвгæйы мидис у поэзи? Кæнæ рифмæтæ? Йæ бæрцбарæнтæ? Йæ зæлтæ? Æви се ’ппæт иумæ: мидис, зæлтæ, рифмæтæ? Нæ, æндæр цыдæр у по- эзи,— (Чеджемты Геор). — Поэзи циу, уый тынг хорз загъта испайнаг поэт Леон Фелипе: Разберите стихи на слова. Отбросьте бубенчики рифм, Ритм и размер, Даже мысли отбросьте, Провейте слова на ветру, Если все же останется что-то, Это и будет поэзия. Хостыхъоты Зинæ та йе ’мдзæвгæ «Æнахуыр тых»-ы афтæ фыста: : Мæ удмæ схъиуынц алырдыгæйуаз дзырдтæ, Æз та сын раттын урс гæххæттыл цард... Йæ ахуыргæнигæгты ныхас дарддæр айста Басаты Заретæ: О, урс гæххæтт — æдзæрæг зæххы гæппæл, Кæс-ма, æз дæ куыд аскъæрдзынæн гутон, Мæ уды зынг, мæ кусæг къухты тæппал Дæу фестын кæндзæн адæмæн æлутон. Хæрз æрыгон чызгæй бахаста Зинæ йæ фыццаг æвæрæн ирон поэзийы къæбицмæ. Сыгъдæгзæрдæ, рæсугъд, кæддæриддæр æххуысмæ цæттæ — ахæмæй йæ базыдтой адæм. Зинæйæн су- анг йæ фыццаг уацмысты дæр бæлвырд сты йе сфæлдыстады сæйраг темæтæ: фыдыуæзæг, уарзондзинад, рæстдзинад: Куы мын æрцъæл кæна зæххы фыдæх мæ зæрдæ, Мæнæн фæстаг къахдзæф мæлæтон зын куы уа, Уæддæр рæстдзинады бæрзонд кувæн къæсæрмæ Мæ фæстаг туджы уртах фæхæсдзынæн зынгау 124
Хостыхъоты Зинæ райгуырд æмæ райрæзт Хъæдгæроны. Ам фæци каст скъола, стæй бацыд Мæскуыйы Литературон инсти- тутмæ. Йе ’мдзæвгæтæ мыхуыры цыдысты газеттæ æмæ жур- налты, астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. «Заря в моем окне» — афтæ хуынд йæ фыццаг чиныг. Ра- цыд Мæскуыйы. Стæй фæзындысты «Сæууон æртæх», «Æрвхуыз сагъæстæ», «Уарзондзинады монолог», уацау æмæ радзырдты æмбырдгонд «Уыцы чызджы писмотæ» æмæ æндæртæ. Зинæйы зыдтой æмæ уарзтой Мæскуы æмæ Грознайы, Нал- цык æмæ Майкъопы, Махачкала æмæ Черкесскы. Йе ’мдзæвгæтæ тæлмацгондæй цыдысты Уæрæсе æмæ Цæгат Кавказы респуб- ликæты. Царды гакъон-макъон фæндæгтыл æхсыст йе сфæлдыс- тад. Искуы æртасдзынæн, ма ’нхъæлут афтæ, Не ’рцæудзæн цардыл фæсмонтæ мæнмæ — Рарвыстой Зæхмæ мæ зæрдæ уæлæрвтæ Саукусæгæй. Фæлæ урс къухæй нæ. Фæндаджы хъоргъытæ, змæст малтæ диссаг, (Зинтæ мын цыма фыдæнæн кæнынц), Зæрдæ сæ сæрмæ йæ базыртæ сисы — Фестынц та хъоргъытæ Музæйы рындз. Музæйы рындз мын у д ’алы фыд цæф дæр. О цард! Мæн не ’ртасын кæндзæн дæ маст. Рарвыстой Зæхмæ мæ зæрдæ уæлæрвтæ Сусæг хъынцъыммæ нæ, зарынмæ ’рмæст. Кæд йæ царды фæндæгтæ Зинæйæн дæрзæг æмæ уæззау уыдысты, уæддæр йæ царды фæстаг бонты онг йæ зæрдæ цины æмæ уарзты тæгтæй баст уыд Ирыстонимæ, йæ хъæубæстæимæ, æнæхъæн дунеимæ. Рыст адæмы рыстæй, сывæллонау сын цин кодта сæ циныл, мысыд æдзухдæр, йæ рагуалдзæг кæм арвыс- та, фыццаг уарзондзинады æнкъарæнтæ кæм базыдта, уыцы хъæууон æрдзы нывтæ: Цæмæ лыгъдыстæм горæтмæ, Дзыцца? Ныр та нæ хъæумæ ’рцыдаид цъæх уалдзæг, Нæ хуымгæрон — куыд-иу уыди фыццаг — фæзындзæни та дзывылдар — нæ уазæг. фæлæ нæ хæдзар иунæг у, æхгæд! Кæмæ бадзурдзæн дзывылдар хуымафон?
Фæткъуыйы бын нæ белы саст ын кæд Зæгъид, уым рагæй ничиуал и махæй... Адджын у райгуырæн къæсæр — «Дунейы къæсæртæн се ’ппæты хъармдæр», зæрдæйы баззад, æдзухдæр ардæм фæтын- дзы поэты уд: Оххай, кæддæры цъæх бонтæ, тæхуды!.. Зоныгыл лæугæ сын табу кæнин... Уæдæй цы сыгъдæг ном хæссын мæ уды, Уый нæм куыннæ цæуы, цымæ кæм и?.. Уый-иу куы ’рбахызт нæ къæсæрыл худгæ, Цас мæ рæвдыдта йæ сусæг фæкаст, Уый-иу йæ цæстыты ’рбахаста хуртæ, Æмæ-иу зæрдæ ыссыгътой æваст... Зинæ уыд, йæхи загъдау, ирон хъарæггæнæг устытæй ссæдзæм æнусы йæ хъарæг кадæгмæ кæмæн рахызт, уыдонæй. Нывæзта йæ кадæг цардыл, уарзондзинадыл, фыдыуæзæгыл, ирон адæ- мыл: Арвыл хур куыд иунæг у нæ зæххæн, Афтæ иу мæнæн та Ир у ’рмæстдæр. Дард бæстæтыл ку ахæтын, фæзæгъын: «Иры риуыл уæд мæ цин, мæ маст дæр». Цъиуджын каркау йæхицæн бынат нал ардта Зинæ, Хуссар Ирыстоныл судзгæ нæмгуытæй арты зæй рацыд, Цæгат Ирыс- тоны зæхмæ мæхъæлы тыхгæнджытæ куы ныббырстой, Абхаз æмæ Цæцæныл сау бонтæ куы акодта, уæд. Фæдисхъæр кодта æгас бæстæйыл. Йæ уацтæ, æмдзæвгæты циклтæ цыдысты бынæттон æмæ бæстæйы мыхуыры. Иры лæппутæм сидти сæ фыдыуæзæг бахъахъæнынмæ: ...Æмæ фæлæуут, цæргæсгуырдтæ, фидар. Гъе-мардзæ, скодта ныл бонты фыддæр — Тугæй æлхæнын та бахъуыд сæрибар Иры сæрибар. Бæтæйы фырттæ! Алайнаг байзæддаг — ирон лæджы фæд Уæрæсейы цы къуы- мы нæ фендзынæ, æвæццæгæн ахæм нæй: Иры фырттæ, йæ разагъды лæппутæ, Æзуастырджи, æзлæгдæрæй кæмдæрты...
фæлæ уыдонмæ дæр поэт сиды: Нæргæ хъæбултæ, ’рцæут-иу уæ бæстæм, Нæ гыццыл зæхх уæ къæхты бын куыд таса, Цæмæй-иу Ир йæ бахъуаджы, йæ тыхсты Бындзагъд фырттæм тæхудыгæнæг ма суа. Æрцæут-иу, фæзынут-иу уæ бæстæм, Куыд гæнæн уа, куыд амона уæ амал, Цæмæй фыдгул дæр, не стыр мад Ирыстон Æнæдарæгæй джиуы, æнхъæл ма уа. Чызджы лæггад кодта Зинæ ирон адæмæн, мадау рæвдыдта æмæ рыст йæ кæстæртыл, хæстонау йæ пъеройæ æмæ дзырды фарнæй хъахъæдта ирон сылгоймаджы кад æмæ фарн: Зæгъон ныр хъуамæ барджыны ныхæстæ Уæ номæй дæр уæ куырм æгъдæуттæн æз. Зæгъон ныр хъуамæ, амонд æмæ уарзтæн Кæй ныййардта ирон чызджы дæр æрдз. Уæ бæсты дæр фæрайон хъуамæ цардæй, Уæ хъарæг хъуамæ раивон мæ зæрдæй. Фæлæ, хъыгагæн, йæ зарæг æрдæгыл аскъуыд. Æнæнхъæлæджы Ног азы къæсæрыл Хостыхъоты Ахмæты хорз чызг Зинæйы фæлмæн зæрдæ банцад йæ куыстæй, йæ зарæг — æрдæгфыстæй, йæ чиныг — æрдæгфæлдæхтæй. Зинæйæн йæхи загъдау: ... Хохæйрахауд заргæ уадындз, рахауд Æмæ баци арф комы тæгæлтæ. Зарæг фескъуыд... Искæд йæ фæстаг боныл хъуыды кæнгæйæ 1988 азы фыссы: Искæдбон куы фестон æз æрдзон рыг, Хъæугæрон мæ ном куы уа рыгæвæрд, Уæд мæ Ир — мæ сауæрфыг чындздзон чызг Дидинджыты сфæлынддзæн мæ уæлмæрд. Æмæ уыцы дидинджытæй къускæй М ’ахуыргонд, мæ нæргæ фырт — Ирыстон, М ’алы дзырд дæр хъавгæ-хъавгæ исгæ, Ратдзæн цард мæ зарæгæн æнустæм. Раст зæгъы, цалынмæ ирон аив дзырд уа, уæдмæ Хостыхъоты Зинæйы зарæг дæр цæрдзæн, йæ удæй фылдæр кæй уарзта, 127
лæггад кæнынæй кæмæн нæ бафсæст, уыцы ирон адæмты зæрдæты: Рæсугъд зæрдæ нæ амæлы, зæгъынц. Уый фесты ном, дунейы фарныл бафты. Йæ тых, йæ ныфс сæдæ азты тæхынц Æмæ цæрынц сæдæ фæлтæры царды. 128
ПУБЛИЦИСТИКÆ ДЗИДЗОЙТЫ Валери ИРÆМÆ КÆСÆДЖЫаХСÆН АХАСТЫГÆ Цæгат Кавказы адæмты ахастдзинæдтæн сæ уидæгтæ цæ- уынц незаманты дугæй, фæлæ мах ныхас кæндзыстæм, XVIII— XIX æнусты ам цы вазыгджын æхсæнадон ивддзинæдтæ цыдис, æрмæстдæр уыдоныл. Ирон æмæ кæсгон адæмты ’хсæн ахаст- дзинæдтæ ахсджиаг æмæ цымыдисаг кæд сты, уæддæр фаг ир- тæстгонд ныронг не ’рцыдысты. Фæлæ мах дæр æппæт фар- статæн дзуапп нæ ратдзыстæм, фæлæ нæ иуæй-иу хъуыддæг- тыл фæнды лæмбынæгдæр æрдзурын. XVIII æнусы кæрон кæсгон уæздæттæ Мæхæмæт Атажукин, Адылджери Гиляксанов æмæ хъуымыхъаг æлдар Хамзин Уæ- рæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты коллегимæ Цæгат Кавказы хохæгты тыххæй афтæ фыстой: «Æхсæзæм адæм сты Дюгур, æвдæм — Сюрдюгур. Цæргæ та кæнынц Æрæфы доны был- гæрæттыл — Чысыл Кæсæджы ныхмæ, Адылджери Гиляксано- вы хъæумæ хæстæг. Кæсгæттимæ цæрынц хæлар: Дюгур æмæ Сюрдюгурæттæн ис кæсгон устытæ, кæсгæттæ та курынц уыдоны чызджыты». Ир æмæ кæсæг æмткæй райсгæйæ хæлар кæй цардысты, уымæн йæ бындуры сæйрагдæр уыдысты экономикон баст- дзинæдтæ. Адæмон сфæлдыстады оаззад, зæгъгæ ир, дыгур æмæ балхъар иумæ пайда кодтой «Харсейы» хæххон хизæнтæй. Æмæ-иу сын æй искæцы уæздæттæ исынмæ куы хъавыдысты, уæд-иу сæ ныхмæ æмдыхæй æрлæууыдысты. Афтæ, царды æмæ хъысмæты фæлварæнты сæрты хизгæйæ, хæстæгдæр æмæ лымæндæр кодтой иры, кæсæджы æмæ балхъары дзыллæтæ. XVIII æнусты хохрæбынты быдыртæ æмæ дæлвæзтæ иууылдæр уыдысты кæсгон уæздæтты исоон. Дыгургоммæ бац- æуæны зæххытæ уыдысты Мулдараты, Куырттаты комы дæлвæзтæ, ныртæккæ Дзуарыхъæу кæм ис, уыдон та — Гиляк- сановы. Дарддæр хурныгуылæнмæ сæхи айтыгътой Кубатай, 9 Мах дуг№ 2, 1997 129
Эльтюков, Камбекумов æмæ Тузаровты зæххытæ. Ирæттæн уыдонæй пайда кæнæн уыдис æрмæстдæр уыцы æлдæртты барлæвæрдæй. 1755 азы апрелы архимандрит Пахомий фыста: «Кæмтты мидæг адæмы фезмæлæнтæ сты тынг къуындæг, нæй дзы, сæхи цæмæй дарой, уый фаг зæхх». Фæлæ бирæ ирæттæн кæсгон æлдæрттимæ уыдис сæрмагонд бадзырдтæ æмæ уымæ гæсгæ быдырмæ æдæрсгæйæ лыгъдысты. Æмæ уæд фæзындыс- ты Тугъанты хъæу (ныры Дур-Дур), Хъарадзауты хъæу (ныры Хæзныдон), Кет, Хъæрæгъæц æмæ æндæртæ. Б. В. Скитский ацы ’хсæнадон ног змæлды тыххæй афтæ загъта: «Уæлдай пай- да уыд Тæгиаты зæххæвæрд, уымæн æмæ ууылты цыдис фæндаг Цæгат Кавказæй Фæскавказмæ æмæ Фæскавказæй Кæсæгмæ. XVIII æнусы дыккаг æмбисы цы ивддзинæдтæ æрцыдис Ирыс- тоны, уыдон стыр ахъаз фесты зæхгуысты райрæзтæн дæр. Уæрæсейы минæвар Ирыстоны — афицер Л. Л. Штедер уый фæдыл загъта ахæм хъуыды: «Ирон адæм, кæсæджы фæзмгæйæ, сæ дыргъдæтты æмæ цæхæрадæтты садзынц хъæдур, туркаг нартхор, булкъ, джитъритæ, уæлдайдæр та — цъæх тамако». Уæрæсе æмæ хæххон адæмты ’хсæн базарадон ахастдзинæдтæ афæдзæй афæдзмæ фидардæргæнгæ кæй цыдысты, уый фадат радта хæстон сахар-фидæрттæ Хъызлар (1736) æмæ Мæздæгæн (1763) бындур сæвæрынæн. Уырысы хицауад бар лæвæрдта хæххон адæмæн уырдæм ралидзынæн. Æмæ уыцы барæй пайда кодтой куыд хъæздгуытæ, афтæ фæрссаг лæгтæ дæр. Зæгъæм, 1764 азмæ Мæздæджы æрцардис 116 кæсгон бинонтæ. Куырды куыст дзы фылдæр кодтой ир æмæ черкесæгтæ, цардысты Мæздæджы алфамблай хъæуты. Сæ фарсмæ — Теркæй Сун- жæйы онг — æрбынат кодтой сомих æмæ гуырдзы. Æрлидзæг адæм райдианты хъалон фидынæй уæгъд уыдысты, сæрибарæй ивтой цæхх, æфсæйнаг æмæ уæлæдарæс, стæй, куыд фæстæмæ базарады закъонтæ хуыздæр базонгæйæ, пайда кæнын райдыд- той æхцайæ. Кæсæг æмæ Иры ’хсæн стынг сты политикон бастдзинæдтæ дæр. Уымæн ахъаззаг æвдисæн у историон æрмæг. Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны хъуыддагмæ стыр æвæрæн бахаста Дины къамис. Профессор Блиты Макс зæгъы зæгъгæ, паддзахы хицауад зæрдиагæй архайдта, цæмæй Уæрæсе Астæук- каг Кавказы æрфидар уа, ууыл. Æмæ йæ зæрдæ тынг дардта «Иры дины къамисыл». Уый кусын райдыдта 1745 азы. Къамис Ирыстонмæ куы цыд, уæд сын А. Бестужев-Рюмин загъта, уæ хъуыддæгты уын кæсгон уæздæттæ Мæхæмæт Атажукин æмæ Адылджери Гиляксанов æнæмæнг æххуыс уыдзысты зæгъгæ. 130
1744 азы декабры Синод къамисы уæнгтимæ сæрмагонд фыс- тæджытæ арвыста уыцы æлдæрттæм. 1745 азы майы Хъызлары комендант В. Оболенский Синондæн хъусын кодта, миссионертæ Кæсæджырдæм кæй араст сты, уый тыххæй. Сæ фæрныг фысым уыд Адылджери. Фесты йæм дæс боны бæрц. Архимандрит Пахомий фæстæдæр афтæ фыста: «... Адылджери нæ канд хорз не сбуц кодта, фæлæ ма суанг Ирыстоны арæнтæм дæр немæ рацыд». «Иры дины къамисы» куыст нæ цыдис Турчы зæрдæмæ æмæ Уæрæсейы паддзахæн загъдæуыд, уыцы хъуыддаг Белграды бадзырды ныхмæ кæй у, уый. Уæд-иу ирон адæмæй минæвæрттæ Бетъырбухмæ куы цыд, уæд-иу уыдон дæр æрфысым кодтой кæсгон æлдæрттæм, фылдæр хатт — Æмзортæм. Ирыстоны минæвæрттæ сæйраджыдæр уый агуырдтой, цæмæй сын хæхтæй быдырмæ ралидзыны бар лæвæрд æрцæуа. Ирон æлдæртты фæндмæ гæсгæ, æппæты хуыздæр уаид Æрыдон æмæ Фыййагдоны былгæрæттæм ралидзын. Фæлæ, Турк æмæ Уæрæсейы ’хсæн ахастдзинæдтæ зæрдыл даргæйæ, хицауады бон нæ баци ирæтты курдиатæн разыйы дзуапп раттын. Фæлæ сын базарады хъуыддаджы суанг æхцайы фæрæзтæй дæр бах- хуыс кæныныл разы уыд. 1752 азы 29 январы канцлер А. П. Бестужев-Рюмин Чысыл Кæсæджы æлдар Адылджери Гиляк- сановмæ фыста: «... сымахмæ хæстæг цæрæг ир уæ зæххытыл арæх фæцæуынц Хъызлармæ. Уый курæг дæ дæн æмæ сын сæ бæлццæтты ма хъыгдарут, гæнæн æмæ сын амалæй семæ фæнда- гамонджытæ дæр æрвитут Червленæйы сахаргондмæ». Ирон адæм, уырысы хицауады бон сын феххуыс кæнын кæй нæу, уый куы бамбæрстой, уæд сæхигъдауæй лидзын байдыдтой быдырмæ. Мæздæг æмæ Хъызлары фæрцы Уæрæсейы хæстон-полити- кон уавæр Цæгат Кавказы фæфидардæр. Уыимæ фадат фæцис Гуырдзыстонимæ дæр кæрæдзи хуыздæр бамбарынæн. Уæды заманы историон æвдисæндартæм гæсгæ æлдар Арасланбек Тасултановæн уырысы хицауад фыста æхца, уый Гуырдзыс- тонмæ Арвыкомы фæндагыл цæрæг ирон æлдæрттимæ Уæ- рæсейы ахастдзинæдтæ кæй фидар кодта, уый тыххæй. Кæсæг æххуыс кодтой, Ирыстонмæ цы геологон экспеди- цитæ цыдис, уыдонæн дæр. Астрæхæны губернатор Н. А. Беке- тов 1767 азы декабры хицауадæй цы гæххæтт райста, уым амын- дæуыди: «Туркимæ хæст мах пайдайæн куы фæуид, уæд нын уый фадат радтит Ирыстоны геологон куыстытæ фæрæвдздæр кæнынæн. Кæсæджы фæрцы цыбыр рæстæгмæ иумæйаг æвзаг ссарын хъæуы бынæттон адæмы нымаддæр лæгтимæ». Фыццаг экспедицийы уæнгтæй иу — ротмистр А. Киреев 1768 азы 21 июлы Ирыстонмæ сæ балцы тыххæй афтæ фыста: «Чысыл Кæсæджы хицау Арасламбек Таусултанов сæхимæ куы 131
нæ разынд, уæд æрфысым кодта йе ’рвад Батаха Таусулта- новмæ. Уый нæ канд хорз нæ фæхынцта, фæлæ ма нæ Куыртта- ты комы райдианмæ дæр бахæццæ кодта». Ирыстонмæ иннæ экспедиции ссыд 1771 азы, йæ сæргъы уыдысты ротмистр А Батырев æмæ хæххон сгарæн куыстыты мастер А.1Сирхнер. Фæндаг та сын амындтой кæсгон уæздæттæ Мысост Дыкинов, Довлатыхъо æмæ Бæтæхъо Анзоровтæ. Эк- спедицийы уæнгты æрцахста куырттатаг уæздан Есиаты Бах- тынджери. Уымæн 1/69 азы хъазахъ амардтой йе ’фсымæры. Уымæ гæсгæ уырысы йæ туджджынтæ хуыдта. Се ’хсæн фида- уæг ныллæууыд Бæтæхъо. Уый фæрцы ног тугкалд нал æрцыд. Ир æмæ кæсæг фæрсæй-фæрстæм иу æмæ дыууæ хатты нæ хæцыдысты Уæрæсейы æддагон знæгты ныхмæ дæр. Зæгъæм, 1770 азы ир æмæ кæсæгæй арæзт æрцыд «Хæххон къорд». Æдæппæтæй дзы уыди 206 адæймаджы. Уыцы къорд архайдта уырыссаг-туркаг хæстыты æмæ йæхи равдыста стыр хъазуа- тонæй. Кæсæг æмæ ир уырыссаг æфсады рæнхъыты 1774 азы 3 июны Мæздæджы бынмæ сæхи хорзæй равдыстой хъырымаг тæтæр æмæ туркæгты иумæйаг æфсадимæ хæсты дæр. Инæлар Горичы (йæ туг-йе стæгмæ гæсгæ уый уыдис кæсгон. — Дз. В). разамындæй уыдон архайдтой уырыссаг-туркаг хæсты (1787—1791), фæстæдæр та сæхи фæзминагæй равдыстой Шве- цийы æфсæдты ныхмæ. Уыцы хæсты сгуыхтыты тыххæй бирæтæ хорзæхгонд æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй. Хъуыоадты Кирманæн лæвæрд æрцыдис секунд-майоры цин, Тугьанты Айтег æмæ Ёайджериты Хъайтыхъ та систы капитантæ. Ир æмæ Кæсæджы ахастдзинæдтæ сты зонадон тынг баби- ноныггæнинаг. Архивты ма бирæ ис, дыууæ адæмы фæзминаг ахастдзинæдтыл чи дзуры, ахæм æрмæджытæ. 132
КУБАТАЕВ Омар ÆХСÆНАД ÆМÆ ÆППÆТДУНЕОН БАРАДЫ ДОМÆНТÆ Куыд зонæм, афтæмæй ныры дуджы адæмтæ æмæ паддзах- æдты ахастдзинæдтæ кæнын^ вазыгджынæй вазыгджындæр. Уый домы, цæмæй æппæтдунеон организацитæ хорз зоной сæ куыст æмæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кæной сæ хæстæ. Уыцы организациты куыст йæ тæмæны бацыд XX æнусы кæрон. Ам хъуыддаг баст у, дыууæ ныхæй-ныхмæвæрд лагеры ’хсæн бирæ азты дæргъы цы «уазал хæст» цыди, уый кæй басабыр и, уыимæ. «Уазал хæсты» басабыр бирæ ивддзинæдтæ æрхаста йемæ ду- нейы цардмæ — ныр царды фæтк арæзт цæуы кæрæдзийы ны- майын æмæ кæрæдзийæн аргъ кæныны моралон-этикон нормæтæм гæсгæ. Уый руаджы, ныры онг советон ахуыргæндтæ æмæ Ныгуылæн Европæйы ахуыргæндтæ ныхмæвæрд хъуыдытæ кæй фæдыл дзырдтой, уыцы теоретикон фарстытæм каст цæуы æндæр цæстæй. Ам политикон гæнæнтæ хъуамæ сæ бынат суæгъд кæной барады гæнæнтæн," политикæйæ дзы хъуамæ мисхал дæр мауал уа, мацыуал хъыгдара ахуыргæндты æмæ се ’ппæт тыхтæ дæр арæзт цæуой æппæтадæмон барады рæзтмæ, фыццаджы фыццаг та барады нормæтæ саразын æмæ сфидар кæныны хъуыддагмæ. Уыцы куысты архайын сæ бон у æппæтадæмон барады субъекттæн сеппæтæн дæр. Æппæтадæмон барады субъ- екттыл нымад цæуынц, канд йе ссæрибарыл чи архайы, уыцы паддзахæдтæ æмæ нацитæ нæ, фæлæ æппæтдунеон организа- цитæ сæхæдæг дæр. Уымæ гæсгæ сын бар лæвæрд цæуы бара- дон нормæтæ аразыны куысты архайынæн. Æппæтдунеон организациты змæлды арæхдæр æмбæлæм ахæм куысты хуызыл, куыд бадзырды текст ныффыссын. Уый у тынг ахсджиаг хъуыддаг. Зæгъæм, космосы тыгъдад сбæрæг 133
кæныны тыххæй бадзырд бацæттæ кодта Иугонд Нациты Ор- ганизацийы комитет. Уый у вазыгджын документ. Амынд дзы цæуы, паддзахæдтæй чи цы куыст хъуамæ райса йæхимæ, цас хæрдзтæ хъуамæ скæна, цавæр æмгъуыдтæм сæ скæна æмæ а. Д. Æппæты хъомысджындæр æхсæнадон организаци ИНО кæй у, уымæ гæсгæ уый барадон акттæ хъуамæ уой, къух бакæнæн кæмæ нæй, ахæмтæ. ИНО-йы куысты цыдæриддæр бадзырдтæ арæзт цæуы, — се ’ппæтмæ дæр кæронбæттæны каст вæййы ИНО-йы Генералон Ассамблейы. Уым алыг кæнынц хъуыддаг æмæ, кæнæ арæзт æрцæуы паддзахæдты сæрмагонд конферен- ци, кæнæ та бадзырды проект арвитынц ИНО-йы сæйрагдæр комитеттæй искæмæ, цæмæй йæм лæмбынæг каст æрцæуа, уый тыххæй. Фæлæ комитеты фæстæ бадзырд, цы фиппаинæгтæ æмæ йæм ивддзинæдтæ бахæссынц, уыдонимæ уæддæр æрбаздæхы Генералон Ассамблеймæ, уымæн æмæ, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй бадзырдтæ фидаргонд цæуынц уым. 1961 азы Гене- ралон Ассамблейы уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыд конфе- ренци. Конференцийы кастысты, барады комитет æм диплома- тон ахастыты тыххæй цы бадзырды проект бахаста, уымæ. 1968— 69 азты цы конференци уыд, уым та æвзæрст цыд, барадон Къамис æппæтадæмон барады тыххæй цы проект бацæттæ код- та, уый. Ныры дуджы уыцы ахсджиаг куыстытæ, ома æппæтду- неон конвенцитæ (бадзырдты проекттæ) аразыны куыстытæ кæнынц ИНО-йы сæрмагонд куыстуæттæ. Иукъорд бадзырды цæттæгонд æрцыд æнæниздзинад хъахъæныны æппæтдунеон ЮНЕСКО-йы хъæппæрисæй, хицауæдты иумæйаг денджызон консультативон организацийы хъæппæрисæй æмæ а. д. Фæлæ уæддæр уыцы æхсæнадон организацитæ цы бадзырдты проекттæ бацæттæ кæнынц, уыдон æххæстбарджын документтæ нæма вæййынц, уыдон хъуамæ лæвæрд цæуой паддзахадон организа- цитæм, цæмæй сæ уыдон сфидар кæной, уый тыххæй. Уæдæ цал хуызы вæййынц уыцы бадзырдтæ? Зындгонд юрист Е. В. Шибаев сæ дих кæны дыууæ къордыл. Фыццаг къордмæ хауынц, æппæтдунеон организацитæ паддзах- æдтимæ иумæ кæй саразынц, уыдон: кусæнбынат баххуырсыны тыххæй, техникон æххуыс бакæныны тыххæй, æфсæдты ’хсæн бадзырдтæ æмæ а. д. Дыккаг къордмæ та хауынц, организа- цитæ сæ кæрæдзиимæ кæй саразынц, уыцы бадзырдтæ: æмгу- ыстады тыххæй, бартæ адæттыны тыххæй, барадхъахъæнæг ор- гæнты ’хсæн бадзырдтæ. Ацы бадзырдтæн юридикон бындур кæй ис, ууыл бирæ быцæутæ фæцыди. Суанг ма 1935 азы Гар- 134
варды конвенцийы проектмæ хаст не ’рцыдысты æппæтдунеон организациты бадзырдтæ — моралон æгъдауæй дам сæм къух бакæнæн ис. 1986 азы Венæйы уыди ИНО-йы конференци. Уым боны фæткы æвæрд цыд, паддзахæдтæ æмæ æппæтадæмон организацитæ, кæнæ та уыцы организацитæ кæрæдзиимæ ба- дзырдтæ куыд хъуамæ аразой, уыцы фарст. Ацы бадзырдтæ аразын ууыл дзурæг у, æмæ æппæтадæмон организацитæ дæр паддзахæдтау сты æппæтдунеон барады субъекттæ, уымæ гæсгæ сæ бон у уыцы барадмæ ивддзинæдтæ хæссын. Алы æппæтадæмон организаци дæр арæзт цæуы уый тыххæй, цæмæй æххæст кæна бæлвырд хæстæ. Зæгъæм ИНО-йы раз æвæрд цæуы ахæм хæстæ: хъуамæ адæмты ’хсæн хъахъæна сабырдзинад, нациты ’хсæн фидар кæна хæлар æмæ æмбар ахас- тытæ, æмгуыстдзинад, лыг кæна, экономикон, социалон, куль- турон æмæ гуманитарон фарстатæй æппæтдунеон нысаниуæг кæмæн и, уыдон. Адæмтæм .— сылгоймагæй-нæлгоймагæй, йе ’ддаг бакаст цы хуызæн у, уыдæттæм нæ кæсгæйæ хъуамæ иухуы- зон цæстæнгас дара. Цæмæй ИНО-йæн уыцы хæстæ æххæст кæнын йæ бон уа, уый тыххæй рахæссы уынаффæ. Уыцы уынаффæтæ ИНО-йы уагæвæрдмæ гæсгæ хуыйнынц резолюцитæ. Ацы резолюцитæ рекомендациты хуызы нæ цæуынц æрвыст сæ субъекттæм — уыдон сты æнæмæнг æххæстгæнинаг. Уыцы хъуыддаджы фæдыл КЭÆС (Кæрæдзийæн Экономикон Æххуысы Совет) сфидар код- та дыууæ хуызы нормативон акттæ: рекомендаци æмæ уынаффæ. КЭÆС-ы куысты практикæйы рекомендацитæ сæхæдæг фæдих сты дыууæ хуызыл. Фыццаг хуыз — æппæтдунеон барадон ре- комендацитæ. Дыккаг та — КЭÆС-ы уæнгæн йæхицæн куы фæцæуы уынаффæ рахæссыны бар. Ныры дуджы æппæтдунеон ахастдзинæдты тыхджын райрæзт домы, цæмæй æппæтадæмон æхсæнадон организацитæ хорз зоной æппæтдунеон барады нормæтæ æмæ активон куыст кæной сæ банывылдæр кæныны хъуыддаджы.
ФЫСДЖЫТÆ ХУДЫНЦ СЕРÆУЫЗ хыл Æцæг хабар Хæсты размæ Уæлладжыры комы цæрджытæй уынайлаг Цæгъойты Арыпханы чи нæ зыдта, ахæм адæймаг бирæ нæ уыд. Æниу фæсхæст дæр. Уыди бæрзонд, хæрзконд лæппулæг. Зæххы куыстгæнæг, хæдзардзин. Уыдис ын бинонтæ: ус — Багъиан æмæ иунæг чызг — Динæ. Цæвиттон, Арыпханмæ уыдис æрдзон курдиат — диссаджы дзырдарæхст, афтæмæй та йæ «мадзурайыл» нымадтой. Арæх нæ дзырдта, фæлæ цы дзырдта, уый... Иуныхасæй, Арыпхан Ныхасы бады зæгъгæ, уæд уырдæм цæугæ у, ныртæккæ та исты худæн ныхæстæ кæндзæн. Йæ алфамблай адæм-иу йæ ныхæстæм худæгæй бакъæцæл сты, фырхудтæй-иу сæ цæссыгтæ сæрфтой, йæхæдæг-иу, марадз зæгъай, кæд уæлдай худт, уæлдай змæлд дæр скодтаид. Худгæ та кодта æрмæстдæр цæстытæй. Иуæй-иу лæг ахæм хъæлдзæг, хъазæн ныхæстæ куы фæкæны, уæд рагацау йæхиуыл худæг бахæцы. Мах, гыццыл лæппутæ дæр æм-иу цымыдисæй хъуыстам. Зæрдиагæй-иу дзырдта махимæ дæр. Бирæ йæ уарзтам. Чингуыты-йедты аргъ дæр нын-иу авæрдта. «Хорз ахуыр кæнут æмæ уæ лæгтæ рауайа», — дзырдта нын-иу арæх. Фæсхæст та дзы мæ зæрдыл ахæм ныхас бадардтон... Хæстæй куы ссыдтæн, уæд фыццаг бон Уыналмæ бацыдтæн, уырдыгæй та уæлæмæ, мæ хъæумæ — Цъамадмæ. Арыпхан Уыналы Ны- хасы хæсты хабæрттæ кодта æмæ йæм æз дæр байхъуыстон. Уыцы цау мæ зæрдыл бадардтон æрмæстдæр иунæг ныхасы тыххæй. Арыпхан цы хабар дзырдта, уым хъуамæ загътаид, 136
мæнæ ма не ’фсад фæстæмæ куы цыд (лыгъд), йе та, ныр куыд фæдзурынц, мæнæ ма отступать куы кодтам. Арыпхан та загъ- та: «Мæнæ ма лæхмус куы кодтам»... Æмæ уыцы тæлмац афтæмæй бахъуыды кодтон. Нæ мæ ферох уæдæй нырмæ. Æртынæм азты хæхбæсты хъæутæй иутæн сæ нартхоры хуым- тæ уыдысты Ходы зæххыл, Салыгæрдæны дæле. Уыдис сын, стантæ кæй хуыдтой, ахæм бæстыхæйттæ, уæтæрты хуызæн. Куысты фæстæ дзы нæлгоймæгтæ хицæн ран, сылгоймæгтæ хицæн ран. Уынайлæгтæ дæр ам уыдысты цъамадæгтимæ. Иу фæззыгон бон фæсаходæн станы уæрæх кæрты фæсивæд хъазт сарæзтой улæфты рæстæг. Кафынц, зарынц. Хистæртæ иуварс даргъ бандоныл бадынц. Чи цы архайдта, чи цы. Арып- хан кардæй цыдæр къæцæл цыргъ кодта, фыццаг иуырдыгæй, стæй та иннæрдыгæй. Фæстагмæ дзы гуда рауади. Уыцы рæстæг цавæрдæр барæг фæндаггæрон обауырдыгæй æрбазынд. Æрбахæстæг. Базыдтой йæ — бирæгъзæнггаг Гæбын- ты Сафар, Æрфистæг. Йæ бæхы идон кауы михыл æрæппæрста, саргъы æхтæнгбос фæлæмæгъдæр кодта æмæ хистæртырдæм бацыд. Салам радта, «æгасцуай» йын загътой уыдон дæр æмæ йæ сбадын кодтой. — Хъугæй, дыгæрдыгæй мæ исты балхæнын хъæуы æмæ, зæгъын, сымахæй кæд искæмæ ис уæййаг, — загъта Сафар. Иннæтæй куы ничи ницы дзырдта, уæд Арыпхан фæцырд: — Махмæ бæгуыдæр ис, — загъта æнæхудгæйæ æмæ йæ къæцæлимæ архайын фæуагъта. Нытътъыста кард кæрддзæмы æмæ гудайыл хæцы. — Дæ хъуыддаг раст, — бацин кодта Сафар. — Ацу нæхимæ, — зæгъы Арыпхан, — Уыналмæ. Уым ис хъуг дæр æмæ дыгæрдыг дæр. Кæцы дæ дзы хъæуы, уый акæн. Науæд та сæ дыууæйы дæр... — Æмæ Багъиан уым нæй? — бафарста Сафар. — Уым ис, уæдæ кæм ис?.. Лæг ма иучысыл абадт æмæ фæраст. Саргъ сылвæста, абадт йæ бæхыл æмæ сиргæ-сиргæ обауы фæрсты баивгъуыдта. Арып- хан иучысыл йæ фæдыл фæкаст, стæй йæ гуда йæ дзабыры уæлфадыл æрывæрдта æмæ йæ иуварс дард фехста. (Ахæм хъазт дæр уыди.) Йæхæдæг хистæртимæ дарддæр йæ ныхас кодта. «Ныхас кодта» зæгъгæ, уæд фылдæр хъусгæ кодта, ис- куы-иу хатт-иу йæ дзырды хай баппæрста. Фæсаходæнты улæфты рæстæг фæци. Адæм ацыдысты бы- дырмæ æмæ дарддæр сæ нартхор тоныны куыст кодтой. 137
Хæринаггæнджытæ дæр сæ куыстытæм бавнæлдтой. Чи суг сас- та, чи дон хаста, чи дзул дзидза æмæ аджы кой кодта. Сафар уæдмæ Бирæгьзæнгмæ бахизæн хидæй фæуæле. Иу каст йæ хъæуырдæм фæкодта, йæхимидæг бахудæгау кодта: «Тæккæ абон дæм, Зæрæдиан, хъуг нæ, фæлæ дыгæрдыг дæр ма уыдзæн». Цæуы. Цъыфджын, Акимы обау фæсте аззадыс- ты. Тæмискъ... Ныхасы Уастырджи... Йæ худ систа, адугъ код- та лæгъзыты. Æрсабыр, бæх сирæгау кæны. Сафар Бызы бын- ты бафардæг. Зынцъар фæсте аззад. Разындысты хъæутæ: Цъамад (бæрзондыл), Луар, Уынал. Куырттаты æфцæг, Хъæриу, Цъаззиу... Бæлццон Уыналы хидмæ бахæццæ, фæтæссармæ йыл кодта. Фæцæуы уæлæмæ, Мæнæ Годжиты Дженардыхъойы дыргъдзæхæрадон. Ам дыууæ пæлæхсар æнгуз бæласы арвмæ фæцыдысты. Кæрдо, фæткъуы бæлæстæ зад. Уадзæн «Уыналы дыргътæ» загъдæуы. Чысыл хид Уыналдоны сæрты. Барæг ыл бахызт, уæлæрдæм сыздæхт... Схæццæ. Мæнæ Цæгъойты Арып- ханы хæдзар. Уыдис ма сæм кæддæр, амонын ын æй нæ хъуыд, дард хæстæджытæ уыдысты. Сафар кулдуары раз йæ бæхæй куыд æрхызт, раст уыцы рæстæг Багъиан дон æрбацæйхаста, йæ æрыгон чызг Динæйы къухы дæр къæрта. — Уæ бон хорз. — Æгас æрцу, — æрæвæрдтой сæ донгæрзтæ зæххыл мад æмæ чызг. —Мидæмæ нæм рацу. — Бузныг... Багъиан уайтагъд фынг ацарæзта: цыхт, кæрдзын, арахъ... Иучысыл абадты фæстæ Сафар йæ цыды сæр загъта, афтæ ’мæ афтæ, хъуг æлхæнæг Цъамад æмæ Уыналы стантæм ныф- тыдтæн æмæ Арыпхан загъта, ацу дам нæхимæ, уым хъуг æмæ дыгæрдыг уæййаг ис æмæ сæ фен. Багъиан фыццаг фæкуыддæр, цæй хъуг æмæ дыгæрдыджы кой кæны ай зæгъгæ, мах нæхæдæг хъуг æлхæнинаг куы стæм. Стæй хъуыддаг фембæрста æмæ ныххудт. Сафар æм дисхуы- зæй бакаст. — Цæй хъуг æмæ нæм дыгæрдыг ис Уый æз æмæ мæнæ чызгæй загъта! Кæд ныууадздзæн йе ’рра митæ цымæ, — загъта ус. Фыдгул бавзарæд, уастæн, уыцы рæстæг Сафары цæсгоммæ бакæсын. ... Куыддæр колхозонтæ хуымæй сыздæхтысты, афтæ Са- фарæн дæр йæ ныххæццæ. Арыпхан йæхи иуварс айсынмæ хъавыд, фæлæ байрæджы, Сафар йæ размæ фæци. 138
— Мачердæм мын æй бамбар. Мæ фæсайд дæр дын хатыр кæнын. Дæ хæдзары æнамонд хабар... — æцæгхуызæй загъта Сафар. — Багъиан царæй рахауд, йæ астæуыстæг асаст æмæ йæ Нузалы рынчындонмæ аластой. Арьшханы худæндзаст цæсгом афæлурс: — Иæ удæн тас нæу, фæлæ... Бригадир Сатъо дæр фехъуыста ныхас æмæ Арыпханæн афтæ: — Фæстиат нал, Сæхæмты бæхыл абад æмæ... Арыпхан хæргæ дæр нал бакодта, афтæмæй ракодта Сæхæмты ->æх, рæвдз ыл абадт æмæ уæртæ фæуайы. Иуцасдæр куы ауади, ^ æд æй æваст иу хъуыды фæрæхуыста: — Фæлæуу-ма, фæлæуу, ныр мæ хæдзары цармæ æппындæр схизæн куы никæуылты ис, уæд кæцæй рахауд Багъиан? Сиры дарддæр Сæхæмты сираг бæх, Арыпхан мидбыл худы: «Салыгæрдæны не ’рвадæлтæм иу дыууæ арахъы бануаздзынæн æмæ ме ’зæр Уыналмæ.бахæсдзынæн»... Арыпхан Бирæгъзæнджы акомкоммæ куы схæццæ, уæд йæ сæры цыдæр цыдæр фæнд февзæрд. Фæурæдта бæх, æрхызт, бакаст хъæуыр-дæм, иучысыл ахъуыды кодта, стæй та рæвдз йæ бæхыл абадт æмæ Бирæгъзæнджырдæм фæраст. Бахæццæ хъæугæронмæ, йæ ных Ныхасмæ сарæзта. Уым цалдæр ас лæджы бадт. Арыпхан сæ цуры бæхæй рахизырдæм æрхызт æмæ лæгтæ сыстадысты. — Цы хабар у, Арыпхан? — бафарста йæ хистæр, барæг æрæгмæ куы дзырдта, уæд. — Мæхæдæг дæр бæлвырд нæ зонын хъуыддаг, фæлæ дам цыма Гæбынты Сафар... Иуныхасæй, йæ бæхы йын поезд скъуыр- дта, фæлæ йæхæдæг цы баци, уый бынтон бæрæг нæма у. —О, æнамонд хабар, — бадодой кодтой хистæртæй чидæртæ. Арыпхан ма иучысыл афтæ алæууыд, стæй хатыр ракуырдта æмæ йæ. фæндаг сæхирдæм адардта. Хистæртæ Сафарты кæртмæ æмбырдæй æрцыдысты. Лæг æмæ ус йеддæмæ ницы уыдысты Сафары бинонтæ. Зæрæдиан хиуылхæцгæ ныдздзынæзта, фæлæ йæ лæгтæ басабыр кодтой. — Нæ фæччы, гормойнаг, хабар æнæ бæлвырд базонгæйæ хи æфхæрын, — бахатыдысты йæм. Уæдмæ сыхбæсты сыл- гоймæгтæ дæр фæзындысты. — Нырма хъуыддаг бынтон бæлвырд нæма у, Арыпханы за- гъдау. Хуыцау æй мæнг хабар фæкæнæд, — зæрдæтæ æвæрдтой сылгоймагæн. Сафар, æз мæ хъуыддаг сарæзтон, ме ’фхæрд райстон зæгъгæ райгондæй Бирæгъзæнгмæ сфардæг. 139
Хъæугæрон йæ цыд фæсабырдæр кодта: ацафон Ныхасы бадджытæ куы вæййы, уæд дзы куы ничи зыны! Цæуы дарддæр. Йæ хæдзар æм зынын райдыдта. Кæрты ду- армæ адæм змæлынц. Зæрдæ ныссæххæтт кодта, йæ сурхид йæ къæхты бынæй акалд: «Цы хабар уа уый? Ау, Зæрæдиан?.. Æтт, мæ хæсгæ мæрдтæ!» Цы уыдаид дарддæр, уый зын бамбарæн нæу. Арыпханы æвирхъау ми адæмы зæрдæмæ нæ фæцыд, фæлæ та йын æй ныббарстой. Нæ йын ныббарста ’рмæст Сафар. Нал æм дзырдта, кæд йæхи ми дæр адæмы зæрдæмæ нæ фæцыд, уæддæр. Цыбыр дзырдæй, чысыл ма бахъæуа, дыууæ дард хæстæгæй дыууæ тудж- джыны ма рауайа. Иу уалдзыгон райсом. Сафар дыргъдоны цыдæртæ куыд куыста, афтæ кæртмæ æрбахизæны фæзынд барæг. Бæхыл саргъы бæсты афтид æфтаугæ. Зæрæдиан æй ауыдта фыццаг... Арыпхан æрфистæг. Йæ бæхы идоны кæрон кулдуары хост цæгмæ абаста æмæ сабыргай кæртмæ бацыд. Салам радта чындзæн, уый æнцад лæууы. Уалынмæ кæрты фæзынд Сафар дæр. Уæгъд хæдон, ронбæгъд, йæ къухы халамæрзæн. Лæгтæ иу цъус кæрæдзимæ хæцаг галтау • кæсынц. Арыпхан уымæн дæр дæ бон хорз загъта. Лæг халамæрзæн иуварс фехста, фезгъо- ры мидæмæ. Ус йæ фæстæ. Арыпхан æнцад лæууы, хæдзары дуарæй рахизæнмæ йæ цæстытæ ныццавта. Куыддæр Сафар топпæлвæстæй фæзынд, афтæ Арыпхан йæ бæзджын хъæлæсæй сдзырдта: — Ма фехс! Ирон æгъдаумæ гæсгæ æз де уазæг! Лæг фæдургом. Йæ маст нæма æрцыд, фæлæ йæм топп нал дары. Ус ын архайы йæ хæцæнгарз айсыныл. Лæг æй гуымиры схуыст акадта, фæлæ йыл ус ныддæвдæг. Уæд Сафар фæзылд, мидæмæ бацыд æмæ йæ фæдыл дуар ныггуыпп кодта. Ус иуцасдæр йæ мидбынат лæугæйæ аззад, стæй уый дæр бацыд мидæмæ. — Фарн ацы хæдзары , — Арыпхан къæсæргæрон лæууы. Ницы йæм дзурынц фысымтæ. Сафары æрфгуытæ — тар. Ныхы æнцъылдтæ — æддæгуæлæ. Зæрæдиан ын бандонмæ ацамыдта, ома мидæгдæр рахиз æмæ ’рбад, — Бузныг. — Арыпхан æрбадт. — Туджджынтæ куы не стæм мыййаг... ^ 140
Сылгоймаг йæ моймæ бакаст, уый нæдæр «о» загъта, нæдæр «нæ»,фæлæ ацы хатт йæ ныхы æнцъылдтæ æндзæлмттау нал уыдысты. Æфсин тагъд-тагъд кæрдзын кæныныл балæууыд. Арыпхан та загъта: — Хуымтæ æвæццæгæн ацы азæй заддæр никуы уыдзысты... —0, — загъта æрæджиау Сафар дæр. Арыпхан фæныфсджын, йæ хъазæн ныхæстæм рахызт: — Бæллæхтæ та иуыл мæныл цæуынц. Айфыццаг дын мæ мæ фыдбылызы къæхтæ Сау дынджызы былмæ ахастой, ул- æфынмæ. Æмæ дын нæ иу хъарм бон науы ралас-балас кæнынц. Не ’хсæн уыдис иу кæцондæр сылгоймаг йе ’хсæзаздзыд къæбæлдзыгсæр чызгимæ. Æмæ дын куыддæрæгъдауæй чызг денджызы куы ныххауид. Мад ма иу тарстхъæр фæкодта æмæ бауадзыг. Æмбаргæ дæр æй нæ бакодтон, мæ тъыллупп доны куыд фæцыд, уый, Хохаг лæг ленк кæнынтæн-йедтæн цы зоны? Мæ сæр донæй сдардтон, цæгъдын мæ гæндзæхтæ æз дæр. Сывæллоныл фæхæст дæн, ныппæрстой мæм резинæ цæлхытæ. Цыбыр ныхасæй, куы фæуæлбыл стæм, уæд мад сывæллоны йæ хъæбысы фелвæста æмæ мæ разы йæ зонгуытыл æрхауд. Цинтæ мыл кæнынц иууыл, арфæтæ. Æз адæмыл аивæй мæ цæст ахастон: «Цымæ мæ чи фесхуыста донмæ ацы хæрæгæй гуырдтæй?..» Лæг æмæ усыл худын бахæцыд. — Схойгæ дæ фæкодтой? — йæ худын нæ уромгæйæ бафар- ста Сафар. — Уæдæ æрра уыдтæн, Уыналдоны бæгъæввадæй куы никуы бацыдтæн, уæд денджызмæ гæпп кодтон?.. Ахæм зæрдиаг æмæ та хъæлдзæгæй худтысты иумæ, æмæ ма цæй хыл æмæ цæй æндæр.
ХЪОДЗАТЫ Æхсар РЕСПУБЛИКÆ КУЫРЫХОН Бæз-бæз кæны куырыхонтæй мæ бæстæ, ам иууылдæр — ысгуыхт лæгтæ, цæргæстæ. Указ указы нал æййафы — сурынц, кæрæдзи сурынц, газеттæ сæ дзурынц. Нæмттæ, майдантæ, премитæ кæлынц æгæр, æгæр. Æгæр гæргæр кæнынц (нæ сæртæ сæ ыскъобола сты, риссынц), куырыхонтæ, джелбетджынтæ сæ исынц. Бæз-бæз кæны куырыхонтæй мæ зæхх, профессор, академиктæ дзы — хæрх, Чи — Уастырджи, чи — Уацилла... Сты бир-рæ — Хуымæллæгæй, Дур-Дурæй, Алагирæй, Бæтъæхъо-хъæуæй... Зарæм сыл: уæри-рæ! Кæм дæ, поэт! Фæцъортт ма кæ дæ лирæ! Фыссын фæндон нæ буц Сæрдармæ: рахон дæ республикæ ног номæй — Куырыхон. Æгас цæуæд Республикæ Куырыхон! Куырыхыстон... Республикæ Къуæрæхон1... 1996.02.09 ^Къуæрæх / дыг. / буары низ, гæбæр. 142
ИРОН АДÆМЫ ÆМÆ <СТЫР НЫХАСЬЬ СТАТУС Тар хъæдмæ бацыдтæ, пыхсы ныдздзæгъæл дæ, — Стонг фосæй сонтдæр, зыддæр. Къоста «Цы стæм, йе чи стæм? Нæй нын статус...»1 Æфсымæр, ма ныл тыхс æгæр, — Къоста нын не статус кæдцæр бæлвырдæй раиртæста: СТАОШ.2 1996.28.09 РЕИТИНГ Куыдз у, фиййау-куыдз у Барбос, фæтæг йæ фысты дзугæн, бодз. «Рæй тынг! Рæй тынг!» — дзырдта йæхицæн. Йæ рæйдæй райгонд уыд йæ хицау. Рæй тынг! Рæй тынг...» Йæ рæйд-иу райтынг, гъе афтæ сбæрзонд и йæ рейтинг. 1995 !Кебекты Мурадин ирон адæмы III съезды трибупæмæ рацыд æмæ фæрсыптыл схæцыди: «Чи стæм? Цы стæм? Сбæрæг кæнын хъæуы ирон адæмы æмæ «Стыр Ныхасы» статус...» 2Уырыссаг дзырд «стадо»-йæ.
ХЪЫГДАРДЖЫТÆ Зæнджиаты Дæкка чиынгуадзæн «Иры» директорæй дзæвгар фæкуыста. Æгъдауыл хæст хæд-зонд лæг уыди. Йæ амæлæтæй иу мæй раздæр æй федтон. Рынчын кæй уыд (туджы рак), уый зыдтон æмæ йæ уынджы фембæлгæйæ, афарстон: — Куыд дæ, Дæкка, исты хъыгдарæг ма дæ ис? Уый гæзæмæ йæ мидбылты бахудти, партийы обкомы хæдза- рырдæм къухæй ацамыдта æмæ загъта: — Хъыгдарæг та мæ куыннæ ис! Мæнæ адон мæ хъыгдар- джытæ! «САМОЗВАНЕЦ» Университеты кæрты чызджытæ иронау дзырдтой æмæ сæм иу уæдæгонд лæппулæг бараст: — Уæ бон хорз, чызджытæ! Куыд ахуыр кæнут? Æз драма- тург Хъайттаты Сергей дæн. Чызджытæй иу афтæ бакодта: — Сергейы æз куы зонын. Стæй Сергей иномаркæйы куы рацу-бацу кæны. Ды та дæ разы... Чызджытæ ныххудтысты! Лæппу ацыди. Ноджы ма цалдæр хатты афтæ бакодта. Уæд хабар Сергейæн фехъусын кодтой. Лæппуйы дæр ын бацамыдтой. Сергейæн фадат фæци æмæ йæ ссардта. Лæппу бынтон уæдæгонд нæ разынди, фæлæ йæ дарæс, йæ фадыварц хуыздæрхъуаг. Æнæфаст сæрыхъуынтæ — фæззыгон фæсал. Сергей йæхæдæг та урссæр. Сергей хъуыдытæ кæны: ай мæ пьесæ «Дидинæг æмæ хъамайæ» Дæкка уаид æмæ уый нæу, «Æхсар æмæ Дзерассæйæ» Хъæрæу уаид æмæ уый дæр нæу. Хæстæг æм бацыд æмæ йæ бафарста: — Драматург Хъайттаты Сергей ды дæ? —0, æз дæн. — Æмæ уæд æз та чи дæн? — ногæй та фæрсы Сергей. — Ды та самозванец! — æмæ лæппу йæ фæрсты иннæрдæм аивгъуыдта. 144