Text
                    ИРОН ОРФОГРАФИ
ÆМÆ
ПУНКТУАЦИЙЫ
ÆГЪДÆУТТÆ
Орфографийы æгъдæуттæ сфидар кодта Цæгат Ирыстоны АССР-йы Ми-
нистрты Совет, пунктуацийы æгъдæуттæ та — Цæгат Ирыстоны наукон-ирта-
сæе институты Совет æмæ Цæгат Ирыстоны паддэахадон университеты ирон
филологи æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæ сæ иумæйаг æмбырдьи
ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР»
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1987


81.20се—8 И62 Ирон орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ. — И62 Орджоникидзе: Ир, 1987.-84 ф. Правила осетинской орфографии и пунктуации. 25 к. Настоящие «Правила» являются итогом работы большой группы лингвис- тов, работников издательства, школьных учителей, представителей партийных и советских органов и другнх по упорядочению правил осетинской орфографии и пунктуации. Они окажут помощь составителям словарей, учебников и учебных пособий, учителям и учащимся школ, работникам издательств, другим деяте- лям культуры, которые интересуются вопросами правописания и пунктуации. 4306020000—20 _ л И 97—87 81.20се—8 М131(03)-87 © Издательство «Ир», 1987
РАЗНЫХАС Ирон орфографи æмæ пунктуаци фæзындысты фыццаг ирон чиныгимæ (1798 аз) æмæ уæдæй нырмæ рæзынц не ’взаг æмæ не ’взаджы наукæйы рæзтимæ. Фыццаг ирон текстты ирон дзырдтæ фыстой, куыд хъуыстысты, афтæ, æрхæцæн иысæнттæ та сæ æвæрдтой уырыссаг пунктуацимæ гæсгæ. Ирон æвзагæн наукон æгъдауæй бæрæг орфографион æмæ пунктуацион æгъдæуттæ арæзт кæй нæма уыд, уымæ гæсгæ уыцы принциптæй пайда кодтой, зæгъæн ис, суанг Октябры революцийы онг. Кæд нæ наукон æмæ культурон архайджытæ А. Шёгрен, Вс. Миллер, Хе- тæгкаты Къоста æмæ æндæрты фæрцы хицæн ирон дзырдты растфыссынад бæстондæр кодта, уæддæр уыцы рæстæг нæ орфографи уыди тынг хæццæтæ. «Нæй нæм нырма нывыл бæрæггонд орфографи, кæй куыд фæнды, афтæ фыс- сы, æмæ алчидæр йæхи фыст растдæр хоны»,—тыхсти, журнал «Æфсир»-ы фыццаг номыр уадзгæйæ (1910 аз), йæ редактор Коцойты Арсен. Фæстæдæр журналтæ «Хуры тын» (1912 аз) æмæ «Чырыстон цард»-ы (1915—1916 азтæ) фæзындысты Брытъиаты Е. æмæ Тыбылты А. сæрмагонд амындтытæ хицæн мыртæ, дзырдтæ æмæ ныхасы хæйтты растфыссынады тыххæй. Фæлæ хъуыд- даг уымæй дарддæр нæ ахæццæ. Ирон орфографи æмæ пунктуаци наукон æгъдауæй лæмбынæг иртæст цæуын райдыдтой æрмæст Октябры революцийы фæстæ. 1933 азы нæ растфыссынады æгъдæутты æмбырдгонд фыццагдæр ныхас- мæ хаст æрцыд проекты хуызы. 1937 азы фидаргонд æрцыд. 1938 æмæ 1943 азты ма орфографимæ ахуыргæндтæ бахастой хицæн ивддзинæдтæ. Фæлæ ма сæ уæддæр хъуагдзинæдтæ бирæ уыд. Уымæ гæсгæ 1951 азы арæзт æрцыд орфографион къамис. Къамис цы растфыссынады æгъдæуттæ сарæзта, уыдон фидаргонд æрцыдысты æмæ сын сæ бындурыл Хъуылаты Гала цы цыбыр ор- фографион дзырдуат скодта, уыимæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1956 азы. Ирон пунктуацийы æгъдæуттæ æппæты фыццаг лæвæрд æрцыдысты цы- бырæй 1931 азы журнал «Фидиуæджы». Сарæзта сæ Тыбылты Алыксаидр. 1934 азы та рацыдысты скъолатæн арæзт ахуыргæнæн чиныджы. Нæ пунк- туацийы проект хицæн чиныгæй рацыд 1936 азы, фæлæ фидаргонд не ’рцыд. 1957 азы Багаты Никъала ныммыхуыр кодта ирон æвзаджы пунктуацийы æгъдæуттæ, фæлæ та уыдон дæр рацыдысты æнæфидаргондæй. Кæд 50-æм азты нæ ахуыргæндтæ ирон орфографи æмæ пунктуацийыл 3
гæрдиагæй бакуыстой, уæддæр, 1960 азы газст «Рæстдзииад»-ы цы дискусси цыди, уым рабæрæг, ацы хъуыддаджы ма бирæ æнæлыггонд фарстатæ кæй баззад, уый. Нæ растфыссынады æгъдæуттæ æмæ ма дзырдуаты хъæндзинæд- тæ кæй уыд, уымæ гæсгæ бирæ дзырдтæ фыст цыдысты алыхуызон. Уыцы хæццæдзиыад ноджы фæтынгдæр, Багаты Никъалайы арæзт иог орфографион дзырдуат 1963 азы æнæфидаргондæй мыхуыры куы рацыд, уæд. Кæд уый æххæстдæр, стæй, æмткæй райсгæйæ, хæрзхъæддæр уыд, уæддæр дзы, фидар- гонд дзырдуатимæ абаргæйæ, бирæ дзырдты растфыссынад амынд цыд æн- дæр хуызы. 1960 азы цы ног орфографион къамис арæзт æрцыд, уый размæ æвæрд уыди ирон æвзагзонынады æнтыстдзинæдты бындурыл нæ орфографийы æгъ- дæуттæ ноджы бæстондæр равзарыны хæс. Къамисы куыстæн стыр æххуыс бакодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты (уæд пединститут) ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæ къамисмæ цы ног орфографион æгъдæутты къухфыст радта, уый. Хъыгагæн, къаиис куыста къуылымпытимæ æмæ æр- мæстдæр 1982 азы бацæттæ кодта орфографийы æгъдæутты ног проект. Про- ект ныхасмæ рахастой газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Советон Ирыстон». Уый фæстæ йæ 1985 азы сфидар кодта Цæгат Ирыстоны Министрты Совет. Нæ ног орфографийы æгъдæуттæ арæзт сты нæ раздæры растфыссынады бындурыл. Зæронд æгъдæуттæн сæ фылдæр хай æнæ ивдæй хаст æрцыд ног орфографимæ. Дзырдтæ фыццагау арæхдæр фыст цæуынц фонетикон прин- ципмæ гæсгæ (æфсымæр, коммæгæс, галвæндаг), къаддæр — морфологион (загътон, лæгтæ) æмæ традицион (бадтæн, дзырдтон) принциптæм гæсгæ. Ног орфографи зæрондæй у æххæстдæр (растфыссынады æгъдæутты ны- мæц дзы 82 парагрæфæй схызт 119 онг), тынгдæр æнцайы æвзагзонынады наукæйы бындурыл (бирæ дзырдты орфографи растгонд æрцыд не ’взагзоиы- нады домæнтæм гæсгæ), цасдæр фенцондæр, фæхуымæтæгдæр (къаддæргонд æрцыд, уыцы иу дзырдтæ сæ хъуыдыты лыстæг фæлгъуыэтæм гæсгæ æнæ- хъуаджы алыхуызты кæм фыссын кодтам, уыцы æгъдæутты нымæц). Растфыссыиады æгъдæуттæ не ’ххæссынц æппæт фонетикæ, лексикæ æмæ грамматикæйыл. Уымæ гæсгæ хицæн гуырысхойаг дзырдты æмæ фæзындты растфыссынад бæрæг кæнын хъæудзæн орфографион дзырдуатмæ гæсгæ. Чиныджы лæвæрд ирон æвзаджы пунктуацийы ног æгъдæуттæ сарæзта Тахъазты Харум. Сфидар сæ кодтой ЦИНИИ-йы Совет æмæ ЦИПУ-йы ирон филологи æчæ иумæйаг æвзагзоныиады кафедрæ. Арæзт сты, 50-æм агты ирон æвзагæн (1957 аз) æмæ уырыссаг æвзагæи (1956 аз) мыхуыры цы пунк- туацион æгъдæуттæ рацыд, уыдоны быидурыл. Ног пунктуацийы æгъдæуттæ домынц, ирон æмæ уырыссаг хъуыдыйæдты синтаксисон арæзт æмхуызон кæм у (вазыгдо/сын хъуыдыйæдты, комкоммæ ныхасы æ. а. д.), уым уырыссагимæ иухуызои æрхæцæн иысæнттæ æвæрын (уый наукои æгъдауæй у раст, практикои æгъдауæй та æххуыс кæндгæн дыууæ æвзаджы пуиктуаци хуыздæр базонынæн). Ирон хъуыдыйæдты арз:з- ты æидæрхуызонæй цы ис (миногмитæ семæ баст дзырдтимæ, абарстыты хи- цæн хуызтæ, бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ сæ разæй æвæрд энк№*~ 4
тикои номивджытæ æмæ хайыгтимæ æ. а. д.)> уыдонæн та лæвæрд цæуынц сæхимæ гæсгæ æндæрхуызон пунктуацион æгъдæуттæ. Ног пунктуаци фыцца- гæй у æххæстдæр, стæй æнцондæр пайдагæнæн. Иæ орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ æнæмæнг æххæстгæнгæ сты Цæгат Ирыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдæдтæи, газстгы æмæ журиалты редакцитæн, уæлдæр æмæ астæуккаг скъолатæн (ахуырдзау- тæи хъуамæ рогдæргоид æрцæуой бæрцæй дæр æмæ арæзтæй дæр), хицæн автортæн. Орфографи æмæ пуиктуацийы тыххæй фыппаинæгтæ æмæ фæндæттæ æр- витæи ис Цæгат Ирыстоны наукои-иртасæг институтмæ (Орджоникидзе, Са- бырдэииады проспект, 10).
1 - аг х ай ОРФОГРАФИ /. ХЪÆЛÆСОНГЫ ÆМÆ ÆМХЪÆЛÆСОНТЫ РАСТФЫССЫНАД 1 §. Дзырдты райдайæны хъæлæсон у арæх фæхъуысы уы-йы хуызæн. Ахæм дзырдты растфыссынады тыххæй зæрдыл дарын хъæуы: 1. У райдайæны фыссæм, æдзухдæр ыл цавд цы дзырдты <фæхауы, уыдоны: уд (уды), удайын, удæвдз, удæсын, узæлын, узын, улæфын, улупа, уромын, урс (урсы), ус (усы), утæппæт, у, ут æмæ уыдонæй арæзт дзырдты. 2, Уы райдайæны фыссæм, уæлдæр цы дзырдтæ ранымадтам, уыдонæй фæстæмæ, иннæты: уыгæрдæн, уызын, уылæн, уынаф- фæ, уынг, уырдыг; уый (фæлæ: ууыл), уыдон, уыцы; уынын, уыр- нын, уыдтæн, уыдзыстæм, уыдаин. 2 §. Хъæлæсон е дзырдты райдайæны хъуысы йотацигондæй, ома йе, фæлæ йæ фыссын хъæуы е: егар, ефс, ехс, ердо, егъæ æ. а. д. Фиппаинаг: йе фыссын хъæуы æрмæст бæттæг йе-йы, 3-аг цæсгомы номивæджы цыбыр формæйы гуырынон æмæ цæ- дисон хауæнты: йе, йемæ æмæ фæсæвæрд йеддæмæ-йы. 3 §. Хъæлæсон о дзырдты райдайæны фæхъуысы, цыма йæ разæй æнæуæнгон у вæййы, афтæ, фæлæ йæ фыссын хъæуы о: обау, ома, ололи, онг. 4 §. Уæ дзырдты райдайæны (хаттæй-хатт астæуы дæр) ны- хасы мидæг æлвæст æрцæуы æмæ ратты о, фæлæ йæ фыссын хъæуы уæ: уæрдон, уæрыкк, уæнг, дуæрттæ, нуæрттæ, нуæзт (нозт дæр), нуæрст (норст дæр) æ. а. д. 5 §. Уы-йы бæсты æмхъæлæсонтæ г, гъ, к, къ, х, хъ-йы (æмæ дæргъвæтин гг, гъгъ, кк, къкъ, хх, хъхъ-йы) фæстæ ранæй-рæт- ты фæдзурынц ы, фæлæ ахæм дзырдты фыссын хъæуы уы: хуыр, куыдз, куырой, фæткъуы, гуыр, хъуызын, æккуырсын, æххуыр- сын, зыгъгъуытт. 1 Фиппаинаг: Ис ахæм дзырдтæ дæр, кæцыты ацы æмхъæ- лæсонты фæстæ ис æмæ фыссын дæр хъæуы ы: хыссæ, хынджы- лæг, хызын, гыцци, къыбар-къыбур, хырх. 6 §. Æуæ арæх æрцæуы æлвæст æмæ ратты хъæлæсон о: нæ- 6
уæг — ног, цæуæт — цот, рæуæг — рог, рæуæд — род. Номдартæ æмæ миногонты фыссæн ис дыууæ формæйы дæр, фæлæ фыццаг бынат дæттын хъæуы æлвæст формæйæн: ног — нæуæг, рог — рæуæг, цот—цæуæт, род — рæуæд. Мивдисджыты æмæ фæрс- дзырдты арæхдæр хъуысы æмæ фыссæм æуæ: фæуæд, цæуæд, хъæуæд, дæлæуæз. Фиппаинаг: Мивдисæг цæуын-ы бадзырдон здæхæны би- рæон нымæцы формæты фыссæн ис æуæ дæр, о дæр: цæуæм — цом, фæлæ: цомут. 7 §. 1. Номивджытæ мæ, дæ, йæ, нæ, уæ, сæ æмæ æппæрццæг хайыг нæ-йы фæстæ дзырд æ-йæ куы райдайы, уæд уыдоны æх- сæн дыууæ æ-йы арæх æлвæст æрцæуынц æмæ раттынц е. Уыцы е фыссын хъæуы фыццаг дзырды (ме, де, йе, не, уе, се), дыккаг дзырды райдайæны та æвæрæм апостроф (’): ме ’мбал, де ’фсы- мæр, йе ’мгар, се ’ппæт, не ’хсæн, не ’мбæхсы. Фиппаинаг: Номивджытæ мæ, дæ, йæ, нæ, уæ, сæ æмæ æппæрццæг хайыг нæ-йы фæстæ дзырд хъæлæсонæй куы нæ райдайы, афтæмæй ме, де, йе, не, уе, се æмæ не-мæ куы раи- вынц, уæд дзырды райдайæны апостроф не ’вæрæм: ме уæнгтæ, де рагъ, йе скъола, не змис, уе скъапп, не сфæрæзтам. 2. Номивджытæ мæ, дæ, йæ, нæ, уæ, сæ æппæрццæг нæ æ. æнд. фæстæ дзырдтæ хъæлæсон а-йæ куы райдайыпц, уæд ныхасы ранæй-рæтты номивджытæй æмæ æппæрццæгæй ахауы хъæлæ- сон æ, фæлæ йæ фыссæм. Поэзийы ис фыссæн дыууæ хуызы дæр: мæ амонд — м’ амонд, нæ адæм — н’ адæм, йæ авналæн- тæ—й’ авналæнтæ. 3. Дзырдбасты мидæг фыццаг дзырд хъæлæсоныл куы фæ- вæййы, дыккаг та æ-йæ куы райдайы, уæд дыккаг дзырды рай- дайæнæй дзургæ-дзурын арæх ахауы æ, фæлæ йæ фыссæн ис дыууæ хуызы: а) æххæстæй: дыууæ æмбалы, уыцы æмгар; æ) апострофæй нысангæнгæйæ: дыууæ ’мбалы, уыцы ’мгар, 4. Фыццаг дзырд хъæлæсоиыл куы фæвæййы, дыккаг дзырд та разæвæрд æнæ кæнæ разæфтуан æнæ (æ)-йæ куы райдайы, уæд дыккаг дзырды райдайæнæй хъæлæсон æ нæ ахауы æмæ йæ хъæуы фыссын: Скъоладзаутæ æнæзивæгæй цæуынц скъола- мæ. Махмæ æгуыст адæм нæй. Ды æнæ мæн æмбырдмæ ма ацу. 5. Хъæлæсонтæ кæрæдзийыл кæм æмбæлой, уыцы дзырдтæн се ’хсæн исты æрхæцæн нысан æвæрд куы цæуа (стъæлф, къæ- дзыг, тире æ. æыд.), уæд сæ фыссын хъæуы æххæстæй, ома хъæ- лæсон мыр нæ цух кæнгæйæ: Тедо фехста дæллаг дзæбидыры, æмæ дыууæйыл дæр цуаноны хин æрцыд (Къоста). Уарьш бан- цади, æмæ хур ракасти. 8 §. 1. Дзырды райдайæны æмхъæлæсон мырты къордты 7
æмæ дывæргонд æмхъæлæсонты разæй фыссыи хъæуы хъæлæ- сон æ: æхсыр, æхсар, æфсад, æвзаг, æлвынын, æййафын, æууæн- дын. 2. Дзырдты райдайæны з кæнæ с-йæ цы æмхъæлæсонты къордтæ райдайынц, уыдопы, стæй дæргъвæтин сс-йы разæй фæхъуысы хъæлæсон ы кæнæ æ, фæлæ сæ фыссын нæ хъæуы. Фыссын хъæуы: згæ, змис, знаг, знон, здæхын, змæлын, скъæт, стæг, счъил, ссын, ссад, ссæдз. Фиппаинаг: Поэзийы ацы дзырдты райдайæны ритмы тыххæй хъæлæсон куы бахъæуа, уæд дзы фыссын æмбæлы ы: ызгæ, ызмис, ыскъæт, ыстур, ыссын, ыссад, ыссарын, ыссæдз. 9 §. Æмхъæлæсонтæ кæрæдзийыл куы сæмбæлынц хуымæ- тæг дзырдты, уæд дзургæйæ фæстаг æмхъæлæсон арæх скæны раззаджы зылангон кæнæ æзылангон (æиæххæст ассимиляци), йе та бынтондæр йæхи хуызæн (æххæст ассимиляци). Фæлæ ахæм æмхъæлæсонтæ фыссып хъæуы, дзырд раивгæйæ, хъæлæ- соны размæ куыд хъуысой кæнæ дзырдаразæг хæйтты куыд æм- бæлой, афтæмæй: хæцдзæн — хæцын, загътон — зæгъын, хъазт— хъазын (фæлæ: хъаст бакодта), æмбæрзта — æмбæрзын (фæлæ: æмбарын — æмбæрстон), мæнмæ — мæнæй, æрлæууын — æр + +лæууын, æрласын — æр+ласын, фæлæ: ссæуын (сцæуын нæ). 10 §. 1. Æмхъæлæсонтæ дæргъвæтин куы фæхъуысынц, уæд сæ фыссын хъæуы дывæргондæй: æввонг, æгъгъæд, фæззæг, бæз- зын, хуыссын, къаннæг, тыххæй, æххæст. 2. Æвиппайдон æмхъæлæсонтæ б, п, г, к, д, т, дж, дз, ч, ц дзырды мидæг дæргъвæтннгондæй куы фембæлынц, уæд дзургæ- дзурын бæрæг нæ вæййы, зылангон æмхъæлæсон дывæр кæны æви æзылангон. Уымæ гæсгæ зæрдыл дарын хъæуы: а) кæд дзырдæн йæ арæзтмæ гæсгæ сбæрæггæнæн уа, цавæр æмхъæлæсон дывæр кæны, уый, уæд дывæрæй фыссын хъæуы уыцы æмхъæлæсон : ныббар (ны + бар, барын-æй), лæггаг (лæг + аг), курæггаг (курæг + аг), æфсæддон (æфсад + он), хъæддаг (хъæд + аг), куырæттаг (куырæт + аг), бæллиццаг (бæллиц + аг); æ) кæд дзырдæн йæ арæзтмæ гæсгæ сбæрæггæнæы нæ уа, зылангон æви æзылангон æмхъæлæсон дывæр кæны, уый, уæд дывæрæй фыссын хъæуы æзылангон æмхъæлæсон, ома кк, пп, тт, цц, чч: аккаг, фароныккон, астæуккаг, æппарын, лæппу, цæт- тæ, дæттын, хæццæ, гыццыл, фыццаг, тыччы. 3. Дзырды кæрон дæргъвæтин æмхъæлæсоптæ хаттæй-хатт зын раиртасæн вæййынц хуымæтæг æмхъæлæсонтæй. Дзырды кæройнаг æмхъæлæсон дывæргондæй фыссын хъæуы, дзырдмæ хъæлæсон бафтаугæйæ дæр (зæгъæм, хауæны кæрон), уый дæргъвæтннæй куы хъуыса, уæд: зæхх — зæххы, зæххимæ, фæ- 8
лæ: зæхмæ; цæхх — цæххимæ, фæлæ: цæхмæ; гæххæтт — гæх- хæттыл, фæлæ: гæххæтмæ. Абар: цъæх—цъæхыл, хох — хохау, айк — айкæй, кæрц — кæрцы, фæрæт — фæрæтæй. 11 §. Хуымæтæг дзырдты æмхъæлæсонтæ с, ф, æмæ х-йы фæстæ арæх бæлвырд нæ фæхъуысы, стæн дзырдæн йæ арæзтмæ гæсгæ зын сбæрæггæнæн вæййы, цавæр æмхъæлæсон дзы вæй- йы, уый: т æви д, к æви г, ц æви дз, ч æви дж. Ахæм дзырдты с, ф, х-йьт фæстæ фыссын хъæуы æзылаигон æмхъæлæсонтæ, ома т, к, ц, ч: стæг, æхтонг, æфцæг, æфтауц, уæхск, æфстау. Фæлæ: ахсджиаг, рæхджы, цæсгом, сгуы, сгарын, сгуыхын, æхгæнын, цæхгæр, сгæллад, сысджы. //. НОМДАРТЫ, МИНОГОНТЫ, НЫМÆЦОНТЫ, НОМИВДЖЫТЫ ÆМÆ ФÆРСДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНЛД 12 §. Номон хауæны й-йыл цы дзырдтæ фæвæййы, уыдоны иртæстоп æмæ цæдисон хауæнты уыцы й ахауы æмæ йæ фыссын дæр нæ хъæуы: мой — мойæ — моимæ; сой — сойæ — соимæ; къай — къайæ — къаимæ; хай — хайæ — хаимæ; ай — аимæ; кæй — кæимæ; уый — уыимæ. 13 §. 1. Сæ кæрæтты л, р, м, н, й, у цы дзырдтæн вæййы, уы- доны, бирæон нымæц аразгæйæ, бындуры тыхджын хъæлæсонтæ а, о лæмæгъ хъæлæсон æ-йæ ивд куы æрцæуынц, уæд: а) бирæон нымæцы фæсæфтуан -т- фæдæргъвæтин вæййы, æмæ йæ фыссæм дывæрæй -тт-: ном — нæмттæ, ком — кæмттæ, хæдзар — хæдзæрттæ, æмбал — æмбæлттæ, уыдон — уыдæттæ, адон — адæттæ, хай — хæйттæ, иугай — иугæйттæй, аргъау — аргъæуттæ; æ) æмхъæлæсон п ахауы, æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: дон — дæттæ, кæрон — кæрæттæ, вагон — вагæттæ. Фæлæ: æфсон — æфсæнттæ. 2. Дзырдæн иууон нымæцы йæ кæроны æмхъæлæсонты къорд кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсон, йе æнæуæнгон у куы вæийы, уæд дзырды бындурæй бирæон пымæцы фæсæфтуаны æхсæн арæх фæзыны хъæлæсон ы æмæ йæ хъæуы фыссын: чызг — чызджытæ, карк — кæрчытæ, сындз — сындзытæ, цалх — цæл- хытæ, фæрв — фæрвытæ, тæрс — тæрсытæ, нæуу — нæууытæ. Фæлæ: кæрдтæ, мæргътæ, фынгтæ, фæрстæ, сæнттæ, фæхстæ æ. а. д. 3. Ыг- ыл цы дзырдтæ фæвæййынц, уыдонæй, бирæон нымæц аразгæйæ, арæх хъæлæсон ы ахауы, бирæон нымæцы фæсæфт- уан -т-йы размæ та фæзыны уы æмæ йæ фыссын дæр хъæуы: 9
нæмыг — нæмгуытæ, хъæздыг — хъæздгуытæ, фæрдыг — фæрд. гуытæ, уæйыг — уæйгуытæ, уидыг — уидгуытæ. Фæлæ ис фыссæн афтæ дæр: хъæздыг — хъæздыджытæ, уыр- дыг—уырдыджытæ, фæрдыг—фæрдыджытæ. 14 §. Фæсæфтуантæ -аг, -ад, -он æмæ æндæрты разæй æм- хъæлæсонтæ æмæ æнæуæнгонтæ й, у арæх фæдæргъвæтин вæй- йынц, æмæ сæ уæд фыссын хъæуы дывæрæй: хох — хæххон, балц — бæлццон, лæг — лæггаг, хъæу — хъæууон, уæй — уæййаг, знаг — знаггаг. 15 §. Сæ кæрæтты соиорон æмхъæлæсонтæ л, р, м, н цы дзырдтæн вæййы, уыдонмæ фæсæфтуан -аг кæнæ -ы æфтыд куы æрцæуы, уæд сонорон æмхъæлæсоны разæй арæх фæзыны й æмæ йæ хъæуы фыссын: гал — гайлаг, дон — дойнаг, ком — коймаг, Герман — гермайнаг, Япон — япойнаг, хæдзар — хæ- дзайраг, дон — дойны. Ахæм дзырдты сонорон æмхъæлæсоны разæй хъæлæсон ы куы вæййы, уæд -ый ратты -и, æмæ йæ фыссын дæр хъæуы: Сы- быр — сыбираг, дзабыр — дзабираг, уыр — уираг, быдыр — бы- дираг, бын—бинаг. 16 §. Зылангон мыртæй цы фæсæфтуантæ райдайынц (-дзаг, -дзæг, -джын, -гай, -дæр), уыдоны уыцы зылангонтæ арæх фæ- хъуысынц æзылангонты хуызæн, фæлæ сæ кæддæриддæр фыс- сын хъæуы зылангонтæй: ивддзаг, скъуыддзаг, дæрддзæг, фыд- джын, цытджын, цадæггай, кæддæр. 17 §. Иæ кæроны дæргъвæтин æмхъæлæсон кæнæ æнæуæн- гои у цы дзырдæн вæййы, уымæ æмхъæлæсон мырæй райдайæг дзырды хай æфтыд куы æрцæуы, уæд дæргъвæтингондæй нал фæхъуысы æмæ йæ дывæрæй фыссын пал фæхъæуы: уæрыкк — уæрыкджын — уæрыкдон, сæныкк — сæныкджын — сæныкмæ, къуыпп — къуыпгомау — къуыпгонд, цæхх — цæхджын — цæх- мæ, зæхх — зæхджын — зæхбын — зæхмæ, зæхбарæг, нæуу — нæумæ. 18 §. Иуæй-иу бындурты фæсæфтуантæ -аг æмæ -æг-ы разæй фæзыны дæргъвæтин æзылангон æмхъæлæсонтæ кк, цц, æмæ сæ фыссын хъæуы дывæргондæй: астæуккаг, хъæуккаг, дыккаг, дыццæг, æртыццæг, æппæрццæг, дæуццаг, æвæрццæг. 19 §. Хъæлæсон мыртыл, и-йæ фæстæмæ, цы дзырдтæ фæ- вæййынц, уыдонмæ фæсæфтуан -аг куы бафты, уæд дыууæ хъæ- лæсоны æхсæн арæх фæзыны й æмæ йæ хъæуы фыссын: къаба- йаг, тæлыйаг, хъуыдыйаг, арфæйаг, къутуйаг. Иукъорд дзырды хъæлæсонтæ а, æ, ы, сæ фæстæ цы й фæзы- ны, уыимæ (ома ай, æй, ый) раттынц и æмæ сæ фыссын хъæ- уы, куыд сæ дзурынц, афтæ: Багатæ—Багиан, зæрдæ—зæрдиаг, фæстæ—фæстиат, фæстиау, уæлæ — уæлиау, дæлæ — дæлиау, ю
гуырдзы—гуырдзиаг, иу+зæрдæ—иузæрдион, дыууæ+сы—дыу- уæсион. 20 §. Барæн бæрцы фæсæфтуан -дæр миногонтæ æмæ фæрс- дзырдтимæ фыссын хъæуы æмхæстæй: даргъдæр, цыбырдæр, бæрзонддæр, ныллæгдæр, рæсугъддæр. 21 §. Миногонтæй æмæ фæрсдзырдтæй уæлахизоп бæрц æмæ тыхджындæргонд формæ цы дзырдты руаджы арæзт цæуы (æп- пæты, æппæтæй, иууыл, æгæр, бынтон, иттæг, сæнт, тæккæ, тынг, фыд, фыр, хъæбæр æ. æнд.), уыдоп фыссын хъæуы хицæнæй: æппæты (æппæтæй) рæсугъддæр; æгæр (бынтон, иууыл, иттæг, тынг, фыд, фыр, хъæбæр), хорз, сонт (сатæг), сау. 22 §. Вазыгджын мипогонтæ, помдартæ æмæ фæрсдзырдтæ аразæг дзырдтæ фыссын хъæуы иумæ: дыууадæстæнон, иугæн- дзон, иудзонгон, иуцæстон, сауæрфыг, сауцæст, фыдзонд, фыд- хуыз, фыргуыст, фырдзырд, хæдзилгæ, хæрзхаст. 23 §. Миногонтæ дывæр кæпыны æмæ фæсæфтуан -ид-ы руа- джы арæзт куы вæййынц, уæд дзы æвæрын хъæуы дефис: сау- сауид, бур-бурид, сырх-сырхид, урс-урсид, цъæх-цъæхид. 24 §. Ыымæцонтæ дыууæ, æртæ, цыппар, сæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдонимæ арæх баиу вæййынц ахæм формæты: ды-, æрты-, цыппæр-, æмæ сæ фыссын хъæуы, куыд хъуысынц, афтæ: дывазыг, дывзагон, дыкъахыг, цыппæрвадыгæй. 25 §. Нымæцонтæ фынддæс, æвддæс, æстдæс-ы фыссын хъæ- уы -дæс, кæд д æдзух бæлвырд нæ фæхъуысы, уæддæр. 26 §. Нымæцонтæ дæс, сæдæ æмæ ссæдз-æй арæзт вазыг- джын нымæцонтæ фыссын хъæуы æмхæстæй: иуæндæс, дыууа- дæс, æртындæс, æртæсæдæ, фондзсæдæ, астсæдæ, фондзыссæдзы, дыууæфондзыссæдзы, æртæфондзыссæдзы. 27 §. Амад нымæцонтæ аразæг дзырдтæ фыссын хъæуы хи- цæнтæй: дыууын иу, авд мины, фарастсæдæ æстай фондз, æртæ- сæдæ фынддæсæм, дыууæ фæндзæм хайы, сæдæ æвддæсгай, дæс æмæ æртиссæдзгай. 28 §. Нымæцон иу, йæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдони- мæ фыссын хъæуы хицæнæй:иу бон, иу хатт, иу ахæмы, иу цал- дæр, иу чидæр, иу цавæрдæр, иу дзæвгар, иу чысыл, иу дзырдæй. Фæлæ: иу-дыууæ, иу-фоидз, иу-ссæдз æ. а. д. 29 §. Цæсгомон номивджыты цыбыр формæтæ фыссын хъæ- уы иннæ дзырдтæй хицæнтæн: Нæ йын загътон. Радтон æм чи- ныг. Бадзырдтон æм. Райстон сæ. Æпрæлып дзы. Федтон дæ. Нæ сæ федтон. Барвыстон уæм. Раппæлыдтæн сæ. Не ’ппæт. Се ’гас. 30 §. Вазыгджын номивджытæ кæддæриддæр фыссын хъæуы æмхæстæй: мæхи, дæхи, йæхи, уæхи, нæхи, сæхи, мæхæдæг, уæ- хæдæг, алчи, чифæнды, цыфæнды. 11
31 §. Амонæн н’омивæг а фыссын хъæуы хицæнæй: а лæппу^ а хæдзар, а хъæу. Фæлæ номивæг а йæ фæстæ лæууæг дзырдимæ фæрсдзырд куы раттынц, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: абон, ахсæв, асæрды, азымæджы, ауалдзæджы, афæззæджы, аизæр. Номивæг а иумæ фыссын хъæуы ахæм номивджыты дæр: ацал-ауал, ауал. 32 §. Номивæг хи-йæн сæрмагонд æлвасон нысаниуæг куы вæййы, уæд æй фыссын хъæуы помдартæй хицæнæй: хи адæм, хи бæстæ, хи куыст. Фæлæ хи вазыгджын номдары хай куы вæййы, уæд фыст цæ- уы иннæ хаимæ æмхæстæй: хихсæи, хисæрфæн, хинайæн, хип- нæлой, хиуарзон. 33 §. 3-аг цæсгомы цыбыр хуызы номивæг иууон нымæцы куы фæлæууы, йæ кæроны æмхъæлæсон кæнæ æпæуæнгон у кæмæн ис, ахæм сæйраг дзырды фæстæ, уæд æй фыссыи хъæуы æнæ райдайæны й, ома æй, ын, ыл, æм, фæлæ куы лæууа, хъæ- лæсон кæнæ æнæуæнгон й-йыл чи фæвæййы, ахæм дзырды фæс- тæ, уæд та йæ фыссæм й-имæ, ома йæ, йын, йыл, йæм: Æз ын загътон. Æз ыл баууæндыдтæн. Фыййау æй федта. Мах æм уы- дыстæм. Фæлæ: Нана йæ райста. Чи йын загъта? Ды йыл бацин код- тай. Кæй йæм барвыстон? 34 §. Номивæг уыдон-ы цыбыр формæты сæ, сæм, сын, сыл, кæд хатгай фæдзурынц цæ, цын, цæм, цыл, уæддæр сæ фыссын хъæуы сæ, сын, сæм, сыл: Æркодта сæ. Фæдзырдта сæм. Бау- уæндыди сыл. 35 §. Фарстон-ахастон номивджытæ чи, цы-йæ аразгæ æбæл- вырд, бæлвырд æмæ æппæрццæг номивджытæ исчи, исты, алчи, алцы, ничи, ницы, мачи, мацы гуырынон хауæны фыссын хъæ- уы: искæй, истæй, алкæй, алцæй, никæй, ницæй, макæй, ма- цæй. 36 §. Æбæлвырд номивджытæ æмæ фæрсдзырдтæ саразыны тыххæй хайыг ис цы номивджытæ æмæ фæрсдзырдтæм бафта- уæм, уыдон фыссын хъæуы æнæивгæйæ: исчи, искæуыл, искæд^ искуы, искуыд, искæцæй, исчердæм, исчердыгæй. 37 §. Хайыгтæ ни æмæ ма æппæрццæг номивджыты æмæ æппæрццæг фæрсдзырдты фыссыи хъæуы æмхæстæй: ничи, ни- цы, никæцы, ницас, ницал, ницавæр, никуы, никуыд, никæд, ни- кæм, ницæй, никæдæм, мачи, мацы, макæцы, макуы, макуыд, макæд, макæцæй, макæдæм. • 38 §. Разæфтуантæ æм-, фæс-, дæл-, уæл-, раз- æмæ æндæр- тæ, сæ фæстæ цы дзырдтæ ис, уыдонпмæ фыссын хъæуы æм- хæстæй: æмхиц, æмдых, фæсдуар, фæсхох, фæсхæдзар, дæлбыл,. 12
уæлбыл, уæлхæдзар, уæлæмхасæн, раздзырд, разныхас, мид- хæст, мидбылты, мидбынат. Разæфтуантæ æ-, æм-, раз-, дæл-, уæл-, бын-, фæс-ы фæстæ дзырдты райдайæны æзылапгон æмхъæлæсонтæ арæх свæййынц зылангон æмæ сæ фыссын хъæуы, куыд сæ фæдзурæм, афтæ: æгад, æвадат, æмгусæг, развæндаг, уæлвæндаг, бындзæфхад, фæсвæд, фæсгуыст. 39 §. Разæфтуан æнæ- æфтыд куы æрцæуы, хъæлæсон æ-йæ чи райдайы, уыцы дзырдтæм, уæд дыууæ æ-йæ иу ахауы æмæ сæ фыссын хъæуы иу хъæлæсон æ-: æнæвнæлд, æнæхгæд, æиæх- сад, æнæнхъæлæджы, æнæргъæвд. Разæфтуан æнæ- æфтыд куы æрцæуы, тыхджын хъæлæсон а-йæ чи райдайы, ахæм дзырдта:м, уæд а-йы разæй лæмæгъ хъæлæсон ахауы æмæ йæ фыссын дæр нæ хъæуы: æнæ + ахуыр — æнахуыр, æнæ + ад — æнад, æнæ + амонд — æнамонд. 40 §. Номдарты æмæ номивджыты фæсæфтуан- (у)он фыс- сын хъæуы æмхæстæй: мæнон (мæнуон дæр), дæууон, дæхиуон, Солтаныуон, мæхион (мæхиуон дæр), мæнуæттæ, Солтаныуæттæ. 41 §. Номон æмæ гуырынон хауæнты сæ кæрæтты й цы но- мивджытæн вæййы, уыдон цæдисон хауæны фыссын хъæуы æнæ й: аимæ, уыимæ, кæимæ, алкæимæ, алцæимæ, искæимæ, истæи- мæ, кæимæдæр, цæимæдæр, никæимæ, ницæимæ, макæимæ, ма- цæимæ. ///. МИВДИСДЖЫТЫ РАСТФЫССЫНАД 42 §. Мивдисджыты ивгъуыд афоны кæрæтты æргомон здæ- хæны дæр æмæ бæллиццаг здæхæны дæр (фæстаджы æрмæст цæугæ мивдисджыты) фыссын хъæуы т, кæд дзы арæх д фæ- хъуысы, уæддæр: цыдтæн, хордтон, зарыдтæн, æхсадтон, нымад- тон, хордтаин, æхсадтаин, нымадтаин. Фæлæ: цыдаин, зарыдаин. 43 §. Мивдисджыты ивгъуыд афоны бындур вд кæнæ гъд- йыл куы фæвæййы, уæд ивгъуыд афопы цæсгомон кæрæтты ра- зæй д ахауы æмæ йæ нæ хъæуы фыссын: сыгътон, дыгътон, ив- тон, хыгътон, сыгътаин, сыгътæн, дыгътаин, ивтаин. 44 §. Мивдисджыты ивгъуыд афоны бындурты фæсæфтуан- тæ -т- кæнæ -ст- куы вæййы æмæ сæм ивгъуыд афоны цæсгомон кæрæттæ æфтыд куы æрцæуы, уæд бындуры æмæ кæроны т-тæй (фыст—тон) иу ахауы æмæ дзы фыссæм иу т: фыстон, марзтон, карстон, къахтон, тахтæн, фыстаин, хастаин, марзтаин, карстаин. 45 §. Фæсæфтуан -д-йы руаджы арæзт ивгъуыд афоны би- рæон нымæцы миногмиты -д-йæ бирæон нымæцы бæрæггæнæн 13
-т-йы æхсæн фæзыны ы, фæсæфтуан -д- та фæхъуысы дæргъвæ- тии æмæ йæ фыссын хъæуы -дд- нæ, фæлæ -дт-: конд —кæндты- тæ, сыгъд — сыгъдтытæ, сагъд — сæгъдтытæ, тынд — тындтытæ, архайд — архæйдтытæ, æнæвнæлд — æнæвнæлдтытæ. 46 §. Вазыгджын мивдисджытæ æмæ мивдисджыты вазыг- джын формæты ивгæ хай, ома æххуысгæнæг мивдисæг, фыссын хъæуы хицæнæй: хуым кæнын, хуым кодтам, хуым кæндзыстæм; æнхъæлмæ кастыстæм, цæугæ кæны, кусгæ кодта, кæрдгæ кæн- дзæн. Фиппаинаг: Æххуысгæнæг мивдисæг уæвын-ы фæрцы арæзт вазыгджын мивдисджыты æргомон здæхæны ивгъуыд афоны иууон нымæцы 3-аг цæсгомы ис фæцухгæнæн æххуысгæ- пæг мивдисæг: æрхæццæ и(с) — æрхæццæ, æризæр и(с) — æри- зæр, æрбабон и(с) — æрбабон. 47 §. Æххуысгæнæг мивдисæг уæвын мивдисджыты æнæцæс- гомон формæты фыссын хъæуы æмхæстæй: дзырдæуы, дзырдæ- уыдзæн. 48 §. Мивдисджыты æртыккаг цæсгомы æмæ æнæцæсгомон формæтæн иууон нымæцы æргомои здæхæны ивгъуыд æмæ суи- наг афонты фыссæн ис^æртæ хуызы — æппын æнæ кæронæй, кæ- рон-и кæнæ -ис -имæ: цыд—цыди—цыдис; цæудзæн—цæудзæ- ни — цæудзæнис; дзырдæуыд — дзырдæуыди — дзырдæуыдис. 49 §. Разæфтуантæ мивдисджыты фыссын хъæуы кæддæрид- дæр æмхæстæй: ацæуыи, æрцæуын, бацæуын, ныццæуын, фæ- цæйцæуын, ссæуын. Фиппаинаг: фæлæ разæфтуанæй мивдисæджы æхсæн ис- ты дзырд куы вæййы, уæд сæ фыссын хъæуы хицæнтæй: рацæй йæм цыди, фæцæй йæм цыди, æрбацæй та-иу æм цыди. 50 §. 1. Разæфтуан ны- æфтыд куы æрцæуы, хъæлæсон а-йæ цы мивдисджытæ райдайынц, уыдонмæ, уæд разæфтуанæй дзыр- ды æхсæн фæзыны дæргъвæтин й кæнæ дæргъвæтин ц æмæ сæ хъæуы фыссын: арын — ныййарын, аразын — ныццаразын, амайын — ныццамайын. 2. Разæфтуан ны- æфтыд куы æрцæуы, хъæлæсоп у-йæ цы мивдисджытæ райдайынц, уыдонмæ, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæп фæзыны æнæуæнгон у æмæ йæ хъæуы фыссын: улæ- фын — ныуулæфын, уромын — ныууромын, удайын — ныууда- йын. 3. Разæфтуан ны- æфтыд куы æрцæуы, æмхъæлæсоптæй кæ- нæ æнæуæнгон -у-йæ цы мивднсджытæ райдайынц, уыдонмæ, уæд дзырды райдайæны æмхъæлæсонтæ æмæ æиæуæнгон у фæ- Дæргъвæтин вæййынц æмæ сæ фыссын хъæуы дывæргондæй: худын — ныххудын, фыцын — ныффыцын, сæлын — ныссæлын, калын — ныккалын, уасын — ныууасын, уарын — ныууарын, 14
дзурын — ныдздзурын, риуыгъын — нырриуыгъын, хъусын — ныхъхъусын, къахын — ныкъкъахын. 4. Разæфтуан ны- æфтыд куы æрцæуы, хъæлæсон и-йæ цы мивдисджытæ райдайынц, уыдонмæ, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзыны й æмæ йæ хъæуы фыссын æнæдывæргондæй, исын — ныйисын, ивазын — ныйивазын, ирвæзын — ныйирвæ- зын, ныйивылын, ныйихсийын. 5. Разæфтуан ны- æфтыд куы æрцæуы æ-йæ райдайæг мив- дисджытæм, уæд æ ахауы æмæ йæ нæ фыссæм: æвгæнын — нывгæнын, æвдулын — нывдулын, æвнальш — нывналын. 6. Разæфтуан ны- æфтыд куы æрцæуы хъæлæсон а-йæ рай- дайгæ мивдисджытæм, уæд се ’хсæн фæзыны дæргъвæтин цц æмæ йæ фыссæм дывæрæй: аразын — ныццаразын, амайын — ныцца- майын. 7. Мивдисæг дыууæ æмхъæлæсоиæй куы райдайы æмæ уы- донæй фыццаг з кæнæ с куы вæййы, уæд æмхъæлæсон ны- йы фæстæ дывæргопд нæ цæуы: здухын — ныздухын, змæнтын — нызмæнтын, схойын — нысхойын, скъæрын — ныскъæрын, скъуынын — ныскъуынын. 51 §. 1. Разæфтуан фæ- æфтыд куы æрцæуы, хъæлæсои æ-йæ цы мивдисджытæ райдайынц, уыдонмæ, уæд дыууæ хъæлæсоны æлвæст æрцæуынц æмæ дзы фыссын хъæуы е: æвналын — фев- налын, æмбарын — фембарын, æфснайын — фефснайын. 2. Разæфтуан фæ- æфтыд куы æрцæуы, дæргъвæтип с-йæ кæнæ æмхъæлæсонты къордæй райдайгæ дзырдтæм, йе та, кæд- дæр йæ райдайæны хъæлæсон мыр кæмæп уыди, ахæм дзырд- тæм, уæд разæфтуаны æ рахизы е-мæ, æмæ йæ фыссын хъæуы фе-: фезмæлын, фездухын, фестъæлфын, фескъуынын, фестын, фесхойын, фессивын, фессæндын, фехалын, фехæлын, фесафын, фесæфын, фегом кæнын, фехъусын, фегæрдын. Фæлæ: фæмысын. 52 §. Разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба-, ны- æфтыд куы æрцæ- уынц хъæлæсон æ-йæ райдайгæ мивдисджытæм, уæд сæ хъæ- лæсон æ ахауы æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: æвналыи, азналын, бавналын, æрбавналын, равналын, нывналын; æмбарын, амба- рын, бамбарын; æвæрын, авæрын, æрбавæрын, равæрын, нывæ- рын. 53 §. 1. Разæфтуантæ æр-, с- æфтыд куы æрцæуыыц æ-йæ райдайгæ мивдисджытæм, уæд æ арæх фæхъуысы куыд ы, фæ- лæ йæ фыссын хъæуы æ: æвæрын, сæвæрып, æрæхгæнын, æрæх- хæссын, сæххæссын, æрæвгæнын, сæвгæнын. 2. Разæфтуантæ æр-, с- æфтыд куы æрцæуынц дæргъвæтин æмхъæлæсонтæй кæнæ æмхъæлæсонты къордтæй райдайгæ мив- дисджытæм, стæй, кæддæр сæ райдайæны хъæлæсон кæмæп уы- 15
ди, уыцы дзырдтæм (хъусын, хъуысын, мысын, халын, гæрдьщ), уæд разæфтуанты фæстæ фæзыны æмæ фыссын хъæуы Ы: ссын — æрыссын, ссивын — æрыссивын, ссæндын — æрыссæн- дын — сыссæндын, здæхын — æрыздæхын — сыздæхын, мы- сын — æрымысын; гæрдын — æрыгæрдын — сыгæрдын; хъу- сын — æрыхъусын, хъуысын — æрыхъуысын — сыхъуысын. 54 §. Вазыгджын мивдисджытæй аразгæ номдартæ, миногон- тæ, миногмитæ æмæ фæрссагмитæ фыссьгн хъæуы, кæд æххуыс- гæнæг мивдисæг æнæ разæфтуан уа, уæд æмхæстæй, кæд ра- зæфтуанимæ уа, уæд та — хицæнтæй: хъыгдарæг, хъыгдаргæйæ; хуымгæнæг, хуымгæнгæйæ; хъæргæнæг, хъæргæнгæйæ; хосгæнæг, хосгæнгæйæ; базаргæнæг, базаргæнгæйæ. Фæлæ: хуым бакæпæг, хуым бакæнгæйæ; базар бакæнæг, ба- зар бакæнгæйæ. 55 §. Мивдисæджы уидаг куы фæвæййы хъæлæсон и-йыл, уæд, уыцы мнвдисæгæй фæсæфтуантæ-æг, -аг, -æн-ы руаджы миногмитæ æмæ миногонтæ аразгæйæ, уидагæй фæсæфтуаны æхсæн фæхъуысы й æмæ йæ хъæуы фыссын: рæдийын — рæди- йаг — рæдийæг; бийын — бийæг — бийæн; æмбийын — æмби- йаг — æмбийæнтæ. 56 §. Мивдисæджы уидаг куы фæвæййы дæргъвæтин æмхъæ- лæсонтыл кæнæ æнæуæнгонтыл æмæ йæм куы бафтауæм, йæ райдайæны æмхъæлæсон кæмæн вæййы, ахæм дзырды хæйттæ, уæд дæргъвæтин мыр фæцыбыр вæййы æмæ йæ фыссын фæ- хъæуы æнæ дывæргондæй: фыссын — фыст — фыстон — фыс- дзынæн — фыстæг — фысгæйæ, хæссын — хаст — хастон — хæсгæйæ, риссын — рыстæн — рисдзæн — рисгæйæ, сæттын — сæтдзынæн — сæтгæйæ, лæууын — лæудзынæн — лæуд — лæу- гæйæ. 57 §. Бæллиццаг здæхæны бирæон нымæцы цæсгомон кæрæт- ты фыссын хъæуы кк: бадиккам — бадиккат — бадиккой, фыс- сиккам — фыссиккат — фыссиккой, бадтаиккам — бадтаиккат— бадтаиккой, фыстаиккам — фыстаиккат — фыстаиккой. 58 §. Мивдисæджы уидаг æнæуæнгон у-йыл куы фæвæййы, уæд æргомон æмæ фæдзæхстон здæхæнты бирæон нымæцы 2-аг цæсгомы кæрон у-йы размæ ахауы æмæ дзы фыссын хъæуы иу у: стау-ын — стаут, фау-ын — фаут, хау-ын — хаут. 59 §. Нырыккон афоны бындуры й-йыл цы мивдисджытæ фæвæййынц, уыдоны бæллиццаг здæхæны, стæй фæсæфтуан -инаг-ы разæй нæ хъæуы фыссын й: нымайын — нымаин — ны- маис — нымаид — нымаиккам — нымаиккат — нымаиккой — нымаинаг, фиппайын — фиппаин — фиппаис — фиппаид — фип- паиккам — фиппаиккат — фиппаиккой — фиппаинаг, сайын — саинаг. 16
60 §. Дзырдты исын, ивазын, ивæзын-ы разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба-йы фæстæ хъæлæсон и свæййы й æмæ йæ фыссын дæр хъæуы: айсын, байсын, æрбайсын, айвазын, райвæзын. 61 §. Разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба- æфтыд куы æрцæ- уынц, раздæр йæ райдайæны хъæлæсон мыр кæмæн уыди (хъу- сын, хъуысын, мысын, гæрдын, тауын æ. æнд.), уыдонмæ, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзыны й æмæ йæ хъæуы фыссын: айхъусын, айхъуысын, райхъуысын, æрбаймысын, байгæрдын, айтауын, айтауын, райхалын. IV. РАЗÆВÆРДТЫ, БÆТТÆГТЫ, ФÆСÆВÆРДТЫ, ХЛЙЫГТЫ ÆМÆ ÆВАСТХЪÆРТЫ РА С ТФЫССЫНАД 62 §. Разæвæрдтæ æд æмæ æнæ фыссын хъæуы, сæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдонæй хицæиæй: Лæппу æнæ худæй æр- бацыди. Æнæ чиныгæй ахуыргæнæн нæй. Сабитæ æд чингуытæ фæцæуынц скъоламæ. Фæлæ номдартæй разæвæрдтæ æд æмæ æнæ-йы руаджы ми- ногонтæ арæзт куы цæуа, уæд уыдон свæййынц разæфтуантæ æмæ сæ фыссын хъæуы, сæ фæстæ цы дзырдтæ уа, уыдонимæ æмхæстæй: æдгæрзтæ сыстад; æдсаргъ, æдидон бæх; æнæмаст адæймаг; æнæкæрон нымæц. 63 §. Фæсæвæрдтæ сæ разæй æвæрд дзырдты куы домой фæрссаг хауæнты, уæд сæ фыссын хъæуы хицæнтæй: хæдзары 7рдæм, хæдзары ’рдыгæй, уыдоны ’рдæм, бæласы цур, хъæуы фарсмæ, стъолы сæрмæ, адæмы астæу, хъæумæ хæстæг, хæдзар- мæ æввахс, хъæуæй уæлæмæ, махæй фæстæмæ, уый тыххæй, уы- мæ гæсгæ, уымæй фæстæмæ, уымæй размæ, амæй фæстæмæ, амæй размæ, уый размæ, ардыгæй фæстæмæ, уæдæй нырмæ, уæдæй фæстæмæ, уый бæрц, ай бæрц. Фæлæ фæсæвæрдтæ сæ разæй æвæрд дзырдты бæрæг хауæпы куы нæ фæдомынц æмæ уыдон номон хауæны формæйы куы фæлæууынц, уæд сæ рауайы фæрсдзырдтæ æмæ сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: бонæрдæм, (бонырдæм дæр), цæгатæрдыгæй, (цæгатырдыгæй дæр), фалæрдæм, фалæрдыгæй, кæцырдæм, кæ- цырдыгæй, дыууæрдæм, дыууæрдыгæй, иннæрдæм, алырдæм, галиуæрдыгæй, (галиуырдыгæй дæр), иуæрдыгæй (иуырдыгæй дæр), иухуызон, алыхуызон, махæрдыгон (махырдыгон дæр), куыдфæстæмæ. 64 §. Хайыг гъе фыссын хъæуы кæддæриддæр хицæнæй: гъе уый, гъе афтæ, гъе уымæн, гъе уырдæм, гъе уый тыххæй, гъе ахæм. 2 Заказ № 462 17
65 §. Æппæрьщæг хайыг нæ фыссын хъæуы хицæнæй: куы иæ ацæуон, цы нæ зонын, куыд нæ уыди. Фæлæ: цæуыннæ (цæуыл + нæ-йæ), куыннæ (куыд + нæ-йæ). Æрмæст мивдисджытæй арæзт миногмитимæ хайыг нæ фыс- сын хъæуы æмхæстæй: нæдзурæг скодта йæхи, нæзонæг йæхи акодта. 66 §. Хайыг уал фыссын хъæуы хицæнæй: сбад уал, зæгъ уал, исчи уал. Фæлæ хайыг уал æппæрццæгтæ нæ æмæ ма-имæ, стæй æп- пæрццæгоп номивджытæ æмæ фæрсдзырдтимæ фыссын хъæуы æмхæстæй: мауал, нал, ничиуал, ницыуал, кикæйуал, никуыуал, никæмуал, никæдæмуал, мачиуал, мацыуал, макæдæмуал. 67 §. Хайыгтæ хæд æмæ хæрз дзырд тæккæ-йы æмнысан куы вæййынц, уæд сæ фыссын хъæуы, сæ фа^стæ цы дзырд вæй- йы, уымæй хицæнæй: Йæ хæрз фарсмæ æрбалæууыди. Бæласы хæд фарсмæ æрбадти. Фæлæ хæд æмæ хæрз-имæ цы дзырдтæ вæййы, уыдон нумæ миногон кæнæ номдар куы аразой, уæд сæ фыссын хъæуы æм- хæстæй: хæдхæцæг, хæрзарæхст, хæдæфсарм. 68 §. Та вæййы бæттæг дæр æмæ хайыг дæр. Фыссын æй хъæуы кæддæриддæр хицæнæй: «Æз та дæм зындзынæн. Куы та йæм бацæуон, уæд та йын зæгъдзынæн. Ды та кæм уыдтæ? 69 §. Ма вæййы æппæрццæг хайыг, бирæхаттон хайыг æмæ фæдзæхст лæмæгъдæргæнæг хайьтг. 1. Æппæрццæг хайыг ма, æппæрццæг помивджытæ, фæрс- дзырдтæ æмæ бæттæгтæй фæстæмæ, фыссын хъæуы, сæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдонæй хицæнæй: ма ацу, ма йæм дзур, ма ку, ма йæм уас, ма йыл хъæр кæн, ам ма лæуу, мæсты йæм ма кæн, ма йæм дзурон, ма дæм лæууон. Фæлæ: мачи, макæдæм, мадæр — мадæр. Фиппаинаг: Æппæрццæг ма бадзырдон здæхæны мив- дисджытимæ хатгай раттынц номдартæ, æмæ сæ уæд фыссын хъæуы æмхæстæй: магуса, мадзура. 2. Бирæхаттон хайыг ма фыссын хъæуы хицæнæй: Æз ма дæм бацæуинаг уыдтæн. Ды та ма йын арфæтæ кодтай. Фæлæ: пæма, нырма, мама. 3. Фæдзæхст лæмæгъдæргæнæг хайыг -ма, пæ разæй цы дзырдтæ вæййы, уыдонимæ фыссын хъæуы дефисæй хицæнгæн- гæйæ: Æри-ма чиныг. Къус-ма рахæсс. Рауай-ма ардæм. Ам-ма лæуу. 70 §. Бирæхаттои хайыг -иу фыссыи хъæуы, йæ разæй цы дзырд вæййы, уымæй дефисæй хицæнгæнгæйæ: Бадзырдтон-иу æм. Рацу-бацу-иу кодтон. Æрбауади-иу мæм. 71 §. Вазыгджын æвастхъæрты хæйттæ фыссын хъæуы кæ- •18
рæдзийæ дефисæй хицæыгæнгæйæ: оххай-гъе, ай-гъай, гъæйдæ- гъа, гъæй-джиди. V. ВАЗЫГДЖЫН ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНЛД 72 §. Вазыгджын дзырдтæ фыссын хъæуы, куыд хъуысынц, афтæ, ома, цы хицæн дзырдтæй конд вæййынц, уыдонæп дык- каджы райдайæны æзылангон æмхъæлæсон зылапгон куы свæй- йы, уæд дзы фыссын’ хъæуы зылангон, æзылангонæй куы баз- зайы, уæд та дзы фыссын хъæуы æзылангон: галвæндаг, дур- вæткъуы, галдзарм, сæгъдзарм, хуымгæрдæн, хæрзконд, агха- фæн, хæдтæхæг, дыууадæстæнон. 73 §. Вазыгджын дзырдтæ аразæг бындуртæй фыццаг куы фæвæййы æмхъæлæсоныл кæнæ æпæуæнгоныл, дыккаг та куы райдайы æмхъæлæсонты къордæй кæнæ дæргъвæтин с-йæ, уæд дыууæ дзырды æхсæн фæхъуысы хъæлæсон ы æмæ йæ хъæуы фыссын: хурыскæсæн, фæдысмудæг, фондзыссæдзы, фыдыссæн. 74 §. Сæ фыццаг хай дæргъвæтин æмхъæлæсоиыл кæмæн фæвæййы, сæ дыккаг хай та æмхъæлæсонтæй кæмæн райдайы, ахæм вазыгджын дзырдты æмхъæлæсонтæ дæргъвæтин нал фæ- хъуысынц, æмæ сæ дывæргондæй фыссын нæ хъæуы: къæрцхъус,, къæртгæнæг, гæпгæнæн, къуырцдзæвæн, зæхкусæг, зæхбарæгу хахгæнæг, цæхдарæн. 75 §. Дзырды бындур дывæр кæпыны фæрцы цы вазыгджын дзырдтæ арæзт цæуынц, уыдон фыссын хъæуы дефисимæ: зы- лын-мылын, сæпп-сæпп, къæрцц-къæрцц, зыр-зыр, дыгъал-мы- гъул, ракæ-бакæ, рацу-бацу, кæсгæ-кæсын, дон-дон, фæндаг- фæндаг, хæдзари-хæдзар, хъæуи-хъæу, фæрсæй-фæрстæм, сæр- мæ-сæр, фæд-фæдыл. Фæлæ ахæм дзырдтæй арæзт куы цæуа æндæр дзырдтæ фæ- сæфтуантæ кæнæ сæм æндæр бындуртæ æфтауыны руаджы, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæстæй (ома æнæ дефисæй): хъысхъысаг, зырзыраг, цъырцъыраг, мырмыраг, къæркъæраг, дыгъалдыгъул- гæнаг, рауайбауайгæнæг, рацубацугæнæг, гуыргуыргæнæг. 76 §. Номдартæ миногон-бæрæггæнæнты нысаниуæджы куы вæййынц, уæд сæ фыссын хъæуы хицæнæй: хур бон, къæвда бон, фæткъуы бæлас, кæрдо бæлас, æвзист уидыг, сыгъзæрин къух- дарæн. 77 §. Вазыгджын дзырдтæ аразæг бындуртæй фыццаджы кæрон куы вæййы хъæлæсон (фæнды тыхджын, фæнды лæмæгъ), дыккаг та куы райдапы лæмæгъ хъæлæсонæй, уæд дыккаджы райдайæны лæмæгъ хъæлæсон ахауы æмæ иæ нæ хъæуы фыс- сын: дыууæхстон, æртæхстон, зæрдæлхæнæн, зæрдæвæрæн, гæрс- тæхсæн. 19
78 §. Гуырынон хауæны æвæрд номдар-бæрæггæнæнтæ бæ- рæггæнинаг дзырдтæй фыссын хъæуы хицæнæй: цонджы хъул, къухы ных, сæры къуыдыр, сæры фахс, хуры тын, хæлуарæджы тын, цæсты рухс, Æрфæны фæд, Уæлладжыры ком, Куырттаты ком. Фиппаинаг: 1. Æмхæстæй фыссын хъæуы, ныхасы вазыг- джын дзырдты хуызы чи ныффидар, ахæм терминтæ: дугъысыф, залмысыф. 2. Æмхæстæй фыссын хъæуы æрмæст ахæм сæрмагонд нæмт- тæ, кæцыты фыццаг хай нæ вæййы райсæн хицæнæй æнæхъæн дзырды бæсты: Дзæуджыхъæу, Арвыком, Дзуарыхъæу, Дæйы- хъæу, Уæллагхъæу. 79 §. Номдартимæ кæнæ æндæр ныхасы хæйттимæ куы баиу вæййынц мивдисджытæй фæсæфтуантæ -æг, -æн, -д, -т, -ст æмæ æндæрты руаджы арæзт дзырдтæ, уæд иумæ раттынц вазыг- джын дзырдтæ æмæ сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: нартхорто- нæг, сугсæттæг, донласт, лæгæвзæрст, фарсхæцæг, дымгæмæда- рæн, хырхæйфадæн, джитъритонджытæ, картофкъахджытæ. Фæлæ ахæм дзырдтæн сæ фыццаг хæйттæн бæрæггæйæн куы вæййы, уæд сæ фыссæм хицæнтæй: Заманхъулы нартхор тон- джытæ (ома Заманхъулæн йæхи нартхор чи тоны, уыдон). VI. ÆРБАЙСГÆ ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД 80 §. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæ, уыдонимæ ин- тернационалон дзырдтæ дæр фыссын хъæуы, уырыссаг æвзаджы сæ куыд фыссынц, афтæ. Уыимæ, дзырдæн уырыссаг æвзаджы йæ кæроны куы уа æпæцавдон а, уæд уый ирон æвзаджы ивд цæуы æ-йæ, ия дзы кæм уа, уым æппæрст цæуы я; ие кæм вæй- йы, уым ахауы е; дзырды кæрон ея кæм уа, уым та ироыау фыссын хъæуы ей. Фыссæм: партæ, картæ, автономи, автобио- графи, классификаци, конституци, расписани, бакалей, Корей. Фæлæ: Александрия, Византия, София, кукла, идейæ. 81 §. Уырыссаг æвзагæй иронмæ раджы цы дзырдтæ æрба- цыди æмæ сæ хуыз кæмæн аивта, уыдон фыссын хъæуы, куыд ныффидар сты, афтæ: асыкк, кънйаз, стъол, скъапп, пец» скъола, дохтыр, гилдз, зест, фанар, къабуска, кърандас, къантор, къа- мис, закъон, станцæ, булкъон, инæлар. 82 §. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты интернационалон суффикстæ -ал, -ар, -ист æ. æнд. фыссын хъæуы æиæ ивгæйæ: марксистон, коммунистон, гуманитарон, пленарон, коллегиалон, 20
материалон, формалон, националон (национ дæр), профессиона- лон (профессион дæр), централон (центрон дæр). 83 §. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты æмхъæлæсон мырты къордтæн сæ разæй дæр æмæ се ’хсæн дæр нæ хъæуы фыссын бавæргæ хъæлæсон: скъола, скъапп, кълас, стан, студент, октябрь. 84 §. Дамгъæтæ ё, э, ю, я, ж, ш, щ фыссын хъæуы, уырыссаг æвзагæй советон дуджы цы дзырдтæ æрбайстам, уыдоны, стæй уыдонæй арæзт дзырдты: ёлкæ, юрист, бюст, полярон, элемент, жюри, жаргон, жанр, шахмæттæ, Щедрин. 85 §. Уырыссаг адæмы æмæ уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ адæймæгты нæмттæ, фыды нæмттæ æмæ мыггæгтæ фыссын хъæ- уы, æмткæй райсгæйæ, уырыссаг æвзаджы куыд фыст цæуынц, афтæ: Александр Сергеевич (Сергейы фырт дæр) Пушкин,, Алексей Максимович (Максимы фырт дæр) Горький, Леонардо, да Винчи, Бодуэн де Куртенэ, Кёр-оглы, Измаил-бей, Аветик, Саакович (Саакы фырт дæр) Исаакян, Расул Гамзатович (Гам- заты фырт дæр) Гамзатов, Махмуд Эсамбаев, Илья Григорьевич (Григорийы фырт дæр) Чавчавадзе (Чъавчъавадзе дæр), Кай-- сын (Хъайсын дæр) Шуваевич (Шувайы фырт дæр) Кулиев.. 86 §. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæп сæ кæрæтты куы вæййы æмхъæлæсон мырты къорд, уæд бирæон нымæцы бæ- рæггæнæн -т комкоммæ æфтыд æрдæуы дзырды бындурмæ: сту- дент — студенттæ, оппонснт — оппоненттæ, коммунист — ком- мунисттæ, кадр — кадртæ, метр — метртæ, центр — центртæ, штамп — штамптæ. Фæлæ: темп — темпытæ, курс — курсытæ, лент — лентытæ. 87 §. Дамгъæтæ хъæбæры нысан (ъ) æмæ фæлмæны нысан (ь) фыссын хъæуы уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты, стæй уырыссаг æвзагæн йæхи орфографион æгъдæуттæм гæсгæ: съезд, субъект, объект, роль, Ольгæ. 88 '§. Дзырдæн йæ кæроны куы вæййы ь (фæлмæиы нысаы), уæд уыцы ь фыссып хъæуы иууон пымæцы дæр æмæ бпрæон нымæцы дæр: роль, рольмæ, рольтæ, рольты æ. а. д. Фæлæ: ролы, ролæн, ролæй. 89 §. Интернационалон бындуртæй арæзт уырыссаг мивдпс- джытæ ирон æвзагмæ ист цæуыпц æмæ сæ фыссып хъæуы ва- ЗЫГДЖЫН МИВДИСДЖЫТЫ ХуЫЗЬТ (уЫЦЫ МИВДИСДЖЫТæЙ КОПД НОМ’ дартæ æххуысгæнæг мивдисæг кæнын-имæ): регулировать — регулировкæ кæнын, агитировать — агитаци кæнын, реорганизо- вать — реорганизаци кæнын, редактировать — редакци кæнын, монтажировать — монтаж кæнын. 90 §. 1. Æрбайсгæ дзырдтæй ирон æвзаджы йæ кæроны хъæ- лæсон æ кæмæн вæййы, уыдонмæ фæсæфтуан -аг æфтаугæйæ, 21
хъæлæсон æ баззайы, йæ фæстæ фæзыны й æмæ йæ хъæуы фыс- сын: европæйаг, африкæйаг, кубæйаг, польшæйаг. 2. Сæ кæроны ирон æвзаджы и цы æрбайсгæ дзырдтæн вæй- йы, уыдонæй фæсæфтуаны фæрцы ног дзырдтæ аразг&йæ, хъæ- лæсон и фылдæр хатт баззайы æмæ йæ хъæуы фыссып: австра- лиаг, азиаг, болгариаг (болгайраг дæр), швециаг, испаниаг (ис- пайнаг дæр), япониаг (япойнаг дæр), германиаг (гермайнаг дæр), географион, этнографион, полиграфион, биологион, антро- пологион, идеологион, терминологион, революцион, коиститу- цион, филологион (филологон дæр), философион (философон дæр) демократион (демократон дæр). 3. Уырыссаг æвзаджы сæ кæрæтты ея цы дзырдтæн вæййы, уыдоны фæсæфтуантæ -аг, -он æфтыд æрцæуынц -ей-мæ æмæ л;зы фыссын дæр хъæуы ей: идея — идейон, галантерея — га- лантерейон, бакалея — бакалейон. 91 §. Æмхъæлæсонтæ г æмæ к- йæ цы сæрмагонд географион ((бæстæты, горæтты æ. а. д.) нæмттæ фæвæййынц, уыдоны ха- уæты кæрæтты хъæлæсон ы-йы разæй ацы æмхъæлæсонтæ фыссæн ис дыууæ хуызы: Владивостокы — Владивосточы, Орен- бургы — Оренбурджы, Петербургы — Петербурджы. VII. СТЫР ДАМГЪÆ 92 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы хъуыдыйады фыццаг дзырд. Фиппаинæгтæ: 1) Æмдзæвгæйы мидæг стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы алы рæнхъы фыццаг дзырд дæр, хъуыдыйады райдайæн уа, нæ уа, уæддæр. 2) Комкоммæ ныхасы фæстæ авторы дзырдтæ фыссын хъæ- уы гыццыл дамгъæйæ: «Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы»,— дзуры зæронд Хадзумар (Хъуылаты С). «Ацы зæххы гæбаз нын гутонæй куы бакæна сæ трактор, уæд уый чысыл æххуыс у?» — загъта Хæмæт æмæ акасти, зæххæй æнæкондæй цы лыггаг баз- зад, уымæ (Гæдиаты Ц.). «Оу, уæлæ хур кæдæм ссыд! Цы карз фынæй аистæм!» — сдзырдта Аслæнбег (Санаты У.). 3) Иу хъуыдыйады бирæстъæлфыгтæй хицæнгонд хъуыдыты 'Скъуыддзæгтæ куы æмбæла, уæд ахæм хъуыдыйады стыр дам- гъæйæ фыссын хъæуы æрмæст фыццаг дзырд, бирæстъæлфыгты фæстæ хъуыдыты скъуыддзæгтæ та фыссæм гыццыл дамгъæйæ: йæхæдæг (Илас) загъта: «Дæ фырт Мысост... зæгъ ын, æмæ ныууадза афоныл... стæй тасы сахат, мыййаг...» (Гæдиаты Ц.). 93 §. Хъуыдыйады райдайæны сидæны кæнæ æвастхъæры фæстæ хъæры нысан куы вæййы, уæд уый фæстæ æвæрд дзырд 22
фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Æфсымæртæ! Кæрдæг цас бæз- джындæр >уа, уыйас кæрдынæн æнцондæр у... (Санаты У.). Гъæй-джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид иу сау къæдзæхы сæрæй (Къоста). Фиппаинаг: Хъæры нысан хъуыдыйады астæу æваст- хъæры фæстæ æвæрд куы вæййы, уæд, йæ фæстæ цы дзырд вæй- йы, уый фыссын хъæуы чысыл дамгъæйæ: Алæууыд иу дзæвгар лæг дæр зæхмæ кæсгæ. Уый фæстæ — гъæйдæ-гъа! — райста дзырдарæхсгæ диссæгтæ дзурын (Къоста). 94 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы дыстъæлфы фæстæ фыццаг дзырд: 1. Комкоммæ ныхасы райдайæн куы вæййы, уæд: «Куыд цæ- рут»-æй йæ куыддæр бафæрсай, афтæ дын уый ахæм цыбыр дзуапп ратдзæн: «Цæрæм, дæ рын бахæрон, фыдæбон цардыл нымайæм» (Хъуылаты С). 2. Цитатæйæн исты тексты фыццаг дзырд сæрмагонд хъуы- дыйады райдайæн куы вæййы, уæд: Мæнæ куыд зæгъы уый тых- хæй йæхæдæг: «Артист хъуамæ зона йæ хъуыдыты базыртыл не- замантæм атæхын, кæм никуы уыд, ахæм бæсты февзæрын» (Бæциаты А.). Фиппаинаг: Цитатæ æвæрд куы æрцæуы хъуыдыйады мидæг, куыд йæ хай, афтæ, уæд æй фыссын хъæуы чысыл дам- гъæйæ: Æрмæст критик (Тыбылты А.) «стæм хатт æрцæуæг æбуалгъ æмбисонд» кæй хоны, уый фыссæг нымадта, сылгоймаг «арæх цы миниуджытæ равдисы», ууыл (Джусойты Н.). 95 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы адæймæгты мыггæгтæ, фыды нæмттæ (дзырд фырт-æй фæстæмæ), нæмттæ, фæсномыг- тæ: Дзанайты Уасилы фырт Иван (Нигер), Коцойты Арсен (Ха- бос), Тогызты Газакк, Дзынга, Цола. Стыр дамгъæтæй фыст цæуынц, ирон адæм рагæй нырмæ кæмæй пайда кодтой, уыцы нывыл карст мыггагон нæмттæ: Ма- мион (Хъарадзау), Тæрион (Тулабег), Мыртазон (Барис), Фæр- нион (Къоста), Фидарон, Цæразон, Бутиан, Цорион, Нанион, Тахъазон, Гуырион, Хуызмион. 96 §. Стыр дамгъæйæ фыссып хъæуы ССР Цæдисы иууыл бæрзонд бынæтты нæмттæ æмæ кадджын нæмттæ: Сæйраг Со- веты Президиумы Сæрдар, ССР Цæдисы Министрты Советы Сæрдар, Цæгат Ирыстоны Сæйраг Советы Президиумы Сæрдар, Цæгат Ирыстоны Министрты Советы Сæрдар, Советон Цæдисы Хъæбатыр, Советон Цæдисы Маршæл. Æнæуый куысты бынæтты нæмттæ, титултæ фыссын хъæуы чысыл дамгъæйæ: министр, сæрдар, президент, маршæл, ахуы- рады сгуыхт архайæг. 23
97 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы фосыл, цæрæгойтыл æвæрд ыæмттæ: Хъусой, Æрфæн, Бодз, Хъулон, Гино. 98 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы астрономион æмæ геог- рафион объектты нæмттæ (паддзахæдты æмæ уыдоны админист- ративон-территориалон хæйтты нæмттæ), уынгты, агъуыстыты æмæ æндæр ахæмты нæмттæ. Уыцы нæмттæ дыууæ кæнæ фыл- дæр дзырдтæй арæзт куы вæййынц, уæд стыр дамгъæйæ фыст цæуынц иууылдæр, æххуысгæнæг дзырдтæ ком, горæт, хъæу, денджыз, сакъадах, фæз, уынг, стъалыты дзыгуыр æмæ æндæр- тæй фæстæмæ: Марс, Бобырон (Бонвæрнон), Юпитер, Æрфæны фæд, Авд хойы, Фисынмæдзæуджытæ. Фиппаинаг: Дзырдтæ хур, мæй, зæхх, стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы, астрономион нæмттæ куы уой, уæд: Зæхх зилы Хуры алыварс. Советон космонавттæ сæхи цæттæ кæнынц Мæй басгарынмæ. Фæлæ: Абон хур нæ кæсы. Дысон мæй æрæгмæ скаст. Кол- хозы зæхх куыстгонд æрцыдис афоныл. Географион-административон-территориалон æ. æнд. ах. нæмттæ: Европæ, Африкæ, Америкæ, Кавказ, Ирыстон, Гуырдзы- стон, Уæллаг Хъобан, Дæллаг Хъобан, Стыр Дыгур (хъæу), Сырх Дыгур (хъæу), Цæгат Ирыстон, Советон Социалистон Республикæты Цæдис, Сау денджыз, Хъазыбеджы хох, Майли- йы цъити, горæт Орджоникидзе, горæт Алагир, Сырх фæз, Ре- волюцийы фæз, Сæрибары фæз. Советон республикæты æмæ иннæ бæстæты официалон нæмт- ты мидæг дзырд республикæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Уæрæсейы Советон Федеративон Социалистон Республикæ, Гуырдзыстоны Советон Социалцстон Республикæ, Цæгат Ирыс- тоны Автономон Советон Социалистон Республикæ, Болгарийы Адæмон Республикæ, Корейы Адæмон-Демократон Республикæ. Паддзахæдты æмæ уыдоньт хæйтты æнæофициалон нæмттæ, географион объектты нывæфтыд нæмттæ дæр фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Советон Цæдис, Советон Ирыстон, Советон Гуырдзыстон, Фæскавказ, Адæмон Болгари. Фиппаинаг: Дунейы фæрсты нæмттæ фыссып хъæуы чы- сыл дамгъæйæ, фæлæ уыдон ист куы æрцæуынц, куыд террито- риалон нæмттæ, афтæ, уæд сæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Ныгуылæны паддзахæдтæ; Цæгат æмæ Хуссары адæмыхæтты- тæ; ацыд Цæгатмæ. 99 §. Историон цауты, дугты æмæ фæзындты сæрмагонд нæмттæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ. Уыдон вазыгджып, ома дыууæ кæнæ фылдæр дзырдтæй конд куы вæййынц, уæд уыцы дз]ырдбæстытæй стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы фыццаг дзырд æмæ, сæ конды цы сæрмагонд дзырдтæ уа, уыдон: Октябрь, Ре- 24
нессанс, Реформаци, Октябры социалистон революци, Цытджын Октябры социалистон революци, Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Фиппаинæгтæ: 1) Дзырдтæ октябрь, ренессанс, рефор- маци æ. æнд. ах. вæййыиц канд сæрмагонд нæмттæ нæ, фæлæ иумæйаг нæмттæ дæр, æмæ сæ, куыд иумæйаг нæмттæ, афтæ фыссын фæхъæуы чысыл дамгъæйæ: 1917 азы октябры Уæрæсе- йы фæуæлахиз социалистон революци. 2) Историон цауты, дугты æ. æнд. ах. пæмттæй сæрмагонд чи нæ вæййы, уыдон фыссын хъæуы чьтсыл дамгъæйæ: палеолит, неолит, феодализм, антикон дуне, астæуккаг æнус. 100 §. Стыр дамгъæйæ фыст цæуыпц фыццаг дзырдтæ рево- люцион бæрæгбонты æмæ зыпгæ цауты нæхмтты: Фыццæгæм май, Дунейы сылгоймæгты бон, Ног бон, Фарæстæм январь. Ахæ’м вазыгджын нæмтты райдайæцы рæнхъон нымæцон ны- мæцæй фыст куы цæуа, уæд уый фæстæ æвæрд дзырд фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: 9 Январь, 1 Май, 8 Мартъи. Фиппаинаг: Дины бæрæгбонты æ. æнд. ах. нæмттæ, мæй- ты æмæ къуырийы бонты нæмттæ фыссын хъæуы чысыл дам- гъæйæ: дыппурс, куадзæн, майрæмы куадзæн, дауджытæ, январь, февраль, дыццæг, æртыццæг, хуыцаубон. 101 §. Орденты нæмттæ æххæстæй фысгæйæ, стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы дзырдтæ се ’ппæт дæр, æрмæст сæ дзырдтæ орден, къæпхæн фыссын хъæуы чысыл дамгъæйæ: Фæллойадон Сырх Тырысайы орден, Фыдыбæстæйы хæсты 1 къæпхæны ор- ден, Намысы II къæпхæны орден. 102 §. Советон Цæдисы уæлдæр партион, хицауадон, профцæ- дисон кусæндæтты æмæ организациты нæмтты стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы дзырдтæ иууылдæр, æххуысгæнæг дзырдтæй æмæ дзырд парти-йæ фæстæмæ: Советон Цæдисы Коммунистон пар- ти, Советон Цæдисы Коммунистон партийы Центрон Комитет, СЦКП-йы ЦК-йы Политбюро, Фæсивæды Æппæтцæдисон Лени- нон Коммунистон Цæдис, ССРЦ-йы (УСФСР-йы, УССР-йы) Саейраг Совет, Цæдисы Совет, Нациты Совет, ССРЦ-йы (УСФСР-йы, УССР-йы) Министрты Совет, Советон Цæдисы (ССРЦ-йы) Сæйраг Тæрхондон, Профессион Цæдисы Æппæт- цæдисон Центрон Совет, Советон Æфсад æмæ Хæстон-Денджы- зон Флот. Фиппаинаг: Стыр дамгъæйæ фыст цæуынц иуæй-иу ду- неон организациты нæмтты дзырдтæ, æххуьтсгæнæг дзырдтæй фæстæмæ (бæттæгтæ, фæсæвæрдтæ æ. а. д.): Сабырдзинады Æп- пæтдунеон Совет, Иугонд Нациты Организаци, Æдасдзинады Совет, Сырх Дзуар æмæ Сырх Æрдæгмæйы æхсæнад. 103 §. Министрадты æмæ уыдоны сæйраг уынаффæдæтты нæмтты, стæй иннæ центрон советон кусæндæтты æмæ организа- 25
циты нæмтты (96 §-ы нымад чи æрцыди, уыдонæй фæстæмæ) стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы фыццаг дзырд. Кæд æмæ уыцы нæмтты мидæг уа æндæр сæрмагонд нæмттæ кæнæ æндæр ку- сæндæтты æмæ организациты пæмттæ, уæд уыдон дæр фыссын хъæуы, сæхæдæг сæрмагондæй, ома хицæнæй, куыд фыст цæ- уынц, афтæ: ССР Цæдисы Наукæты (Зонæдты дæр) акаде- ми, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Цæгат Ирыстоны АССР-йы Рухсады министрад. Быпæттон ахадындзинад цы советон куыстуæттæн пс, уыдо- ны, хистæр скъолаты, культуроп кусæндæтты, промышленпон æмæ базарадон организациты æ. æнд. ах. æххæст офицналон нæмтты стыр дамгъæйæ фыссып хъæуы фыццаг дзырд æмæ сæ цы сæрмагонд нæмттæ вæййы, уыдон: Адæмон депутатты со- вет, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет, Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театр, Орджо- никидзейы завод «Электроконтактор». Фиппаинаг: Ацы параграфы амындмæ гæсгæ фыст цæ- уынц дунеон æмæ фæсарæйнаг паддзахæдты центрон, æхсæна- дон æмæ профцæдисон организациты æмæ паддзахадон кусæн- дæтты вазыгджын нæмттæ дæр: Профцæдисты æппæтдунеон фе- дераци, Индийы Адæмон палатæ. 104 §. Политикон партиты официалон нæмтты стыр дамгъæ- йæ фыссын хъæуы фыццаг дзырд: Польшæйы кусджыты иугонд парти, Австрийы коммунистон парти, Уæрæсейы кусджыты со- циал-демократон парти. 105 §. Дыкъæдзыгты æвæргæ хæрзиуджыты нæмттæ (орден- тæй фæстæмæ), литературон уацмысты, газетты, журналты, ку- сæндæтты æ. æнд. ах. нæмттæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ. Кæд æмæ уыцы нæмттæ уой вазыгджын, ома дыууæ кæнæ фыл- дæр дзырдтæй конд, уæд сæ стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы æрмæст фыццаг дзырд æмæ сæ цы сæрмагонд дзырдтæ уа, уы- дон: майдан «Фæллойадон сгуыхтдзинады тыххæй», газет «Рæст- дзинад», газет «Советон Ирыстои», журнал «Фидиуæг», журнал «Мах дуг», пьесæ «Æз нæ уыдтæн — гæды уыди», комеди «Нæ пъырыстыф сæрра», кафт «Нæртон симд». 106 §. Дыкъæдзыгты æвæрд бадзырдон нæмттæ, уацмысты нæмттæ, дзырдтæ, мыртæ (дамгъæтæ), хъуыдыйæдтæ æмæ æн- дæртæ фæрссаг хауæнты куы уой, уæд хауæнты кæ- рæттæ хъæуы дефисæй хицæн кæныи: Æз ныффыстон уацхъуыд газет «Рæстдзинад»-мæ. Скъоладзаутæ ныффыстой сочинени Гæдиаты Цомахъы уацау «Фыдæлты намыс»-мæ гæсгæ. Ныф- фыстон журнал «Мах дуг»-мæ. Кусын завод «Электроцинк»-ы. Хъазын «Спартак»-ы. Фиппаинаг: Фæлæ домдары кæройнаг æмхъæлæсон ивд 26
куы æрцæуы, уæд хауæны кæрон фыссæм дыкъæдзыгты мидæг: «Электроцинчы», «Мах дуджы», «Фидиуæджы», «Спартачы». 107 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы, кусæндæтты æмæ ор- ганизациты сæрмагонд пæмттæ цы цыбыргопд вазыгджын дзырдтæй амыпд фæцæуынц, уыдон: Цæгирфæлхасцæдис (Цæ- гат Ирыстоны фæлхасадон цæдис). ССР Цæдис кæнæ ССРЦ (Советон социалистон Республикæты Цæдис), ЦК (Центрон Комитет), СЦКП (Советон Цæдисы Коммунистон парти), СЦТА (Советон Цæдисы Телеграфон агентад). Фиппаинаг: Иумæйаг нæмттæ цы цыбыргонд вазыгджын дзырдтæ вæййынц, уыдоп фыссын хъæуы чысыл дамгъæйæ: рай- совет, райком, райæххæстком. VIII. ЦЫБЫРГОНД ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНЛД 108 §. Иуæй-иу дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ цыбыргондæй фыссын хъæуы афтæ: æ. а. д.— æмæ афтæ дард- г.— горæт, дæр, обл. — облæст, æ. æнд. ах.—æмæ æндæр ф.— фарс, ахæмтæ, фф.— фæрстæ, æ. æнд.— æмæ æндæртæ, акад.— академик, æ.— æнус, доц.— доцент, ææ.— æнустæ, проф.— профессор, т.— том, студ.— студент, тт.— томтæ, фак.— факультет. Дзырдтæ цыбыртæй фысгæйæ нæй цыбыргæнæн хъæлæсон дамгъæйыл, дзырдæн йæ райдайæны куы нæ уа, уæд. Фыссын хъæуы: ад. хæдзарад, ад. тæрхондон, сов. арæзтад. Дывæргонд æмхъæлæсон куы уа дзырды мидæг, уæд дзырд цыбыр кæнын хъæуы раззаг æмхъæлæсоныл: уырыс. æвзаг (уы- рысс. нæ), грам. рæдыд (грамм. нæ). Дыууæ кæнæ фылдæр æмхъæлæсоны куы уа дзырды мидæг, уæд дзырд цыбыр кæиын хъæуы фæстаг æмхъæлæсоны фæстæ: уæлæмх. хъуыдыйад (уæлæм. нæ), куыст. пълан (куыс. нæ). Вазыгджын дзырды дыууæ хайы куы цæуой цыбыргонд, уæд се ’хсæн æвæрын хъæуы дефис: æд.-бын. хауæн — æддагбынатон хауæн; хъ.-х. арæзтад — хъæууон-хæдзарадон арæзтад; ад.- хæдз. пълан—адæмонхæдзарадон пълан. 109 §. Аббревиатурæтæй иуты кæсæм хпцæп дамгъæгай (дамгъон аббревиатурæтæ) (Сы-Цы-Кы-Пы, А-сы-Сы-Ры), ин- нæты та, æнæуый дзырдтæ куыд фæкæсæм, афтæ мыртæм гæс- гæ, уæнггай (мырон аббревиатурæтæ) (АИШ, ЦИПУ). Аббре- 27
виатурæтæй иутæ арæзт вæййынц ирон дзырдты фыццаг дам- гъæтæй (УСФСР, ФÆЛКЦ), иннæтæ та — уырыссаг дзырдты фыццаг дамгъæтæй æмæ цæттæ арæзтæй ист æрцæуынц уырыс- саг æвзагæй (ДОСААФ, МВД). Ирон дзырдтæй арæзт дамгъон аббревиатурæтæ фыссын хъæуы, æдзухдæр сæ ы-имæ кæй фæдзурæм, уымæ гæсгæ, хъæ- лæсоны фæстæ цы хауæнты кæрæттæ фыссæм, уыдонимæ: ЦИАССР-йы Сæйраг Совет, УСФСР-йæн, ССРЦ-йы Наукæты (Зонæдты) Академи, СЦКП-йы ЦК-йы Пленум, ФÆЛКЦ-йæ, СЦКП-йы съезд, ССР Цæдис. Мырон, стæй уырыссаг æвзагæй цæттæ арæзтæй ист аббре- виатурæтæ та фыссæм, кæройнаг мыр кæнæ дамгъæ куыд дзу- рæм, уымæ гæсгæ кæнæ хъæлæсоныл, кæнæ æмхъæлæсоныл фæ- уæвæг дзырдты кæрæттимæ: ЦИПУ-йы студент, ЦИНИИ-ны наукон кусæг, МГУ-йæн, МВД-йæ, АИШ-ы, ВАК-ы, ЦУМ-æн, вузæй. IX. ДЗЫРД ИУ РÆНХЪÆЙ ИННÆМÆ ХÆССЫНЫ ÆГЪДÆУТТÆ 110 §. Дзырдтæ иу рæпхъæй иннæмæ хаст цæуынц уæнгтæй; хæ-дзар, дзо-ныгъ, кæр-до, кæл-мæр-зæн, цæ-хæ-ра-дон, фæй- нæг, дæн-даг, кæр-дæг, дыргъ-дон. 111 §. Иууæнгон дзырдтæн нæй дихгæнæн иу рæнхъæй иннæ- мæ хæссыны тыххæй: уæнг, ус, хъарм, цалх, лæг, суг, хъыг, рыг. фынг, сырд. 112 §. Иудамгъон уæнгæн нæдæр рæнхъы кæроны уадзæь ис, нæдæр ын иннæ рæнхъмæ ахæссæн ис. Нæй ахæссæн: а-дæй- маг, а-хуыр, æ-гад, æ-над, æ-вæд, у-ромын, у-зæлын, и-сын, фæ-у, ради-о. Фиппаинаг: Уæлдæрамынд дзырдтæ æмæ уыдоны хуы- зæтты хæйттæ дихгæнæн ис мæнæ ахæм хуызы дæр: ад-æй-маг, ах-уыр, æн-ад, æг-ад, уром-ын, уз-æл-ын, ис-ын. 113 §. Иугай мыртæ цы дыгай дамгъæтæй нысангонд цæуынц (дз, дж, гъ, къ, пъ, тъ, цъ, чъ, хъ), уыдонæн нæй кæрæдзийæ хицæнгæнæн, иу рæнхъæй иннæмæ хæсгæйæ. Хæссын хъæуы: хæ-дзар, сы-джыт, дза-гъыр, са-хъа-ри, гæр-къа, хæ-цъил, мæ- цъæл, са-гъæс, сы-чъи, цæх-джын, сы-къа. Нæй ахæссæн: хæд- зар, сыд-жыт, сах-ъари. 114 §. Дзырды астæу дывæргонд æмхъæлæсон кæнæ æнæ- уæнгон куы вæййы, уæд дзы иу уадзын хъæуы фыццаг рæнхъы, иннæ та хæссæм дыккаг рæнхъмæ: къæп-пæг, хæц-цæ, цæт-тæ, лæп-пу, лæп-пын, æп-парын, уæрык-кæн, уæрыч-чытæ, уæй-йаг, нæу-уыл, дæт-тæ, хæдзæрт-тæ, цъæрт-тæ. 28
I I - а г х а й ПУНКТУАЦИ /. СТЪÆЛФ 1 §. Стъæлф æвæрæм таурæгъон хъуыдыйады кæрон: Уалдзæг. Хур æрттивы. (Гæдиаты Ц.) Мæргътæ райхъал сты, æмæ сæ алфамблай зард æмæ цъыбар-цъыбурæй байдзаг. (Коцойты А.) Иæхиуыл чи фæуæлахиз уа, уымæй хъæбатырдæр нæй. (Æмбисонд) 2 §. Стъæлф æвæрæм, фæрссаг фарст кæм вæййы, ахæм дом- гæвазыгджын хъуыдыйады кæрон, сæйраг хъуыдыйад фарстон хъуыдыйад куы нæ вæййы, уæд: Радзур, куыд бафтыд уый бæрц сгуыхтдзинæдтæ дæ къухы. Зæгъут, цавæр æппæтадæмон бæрæгбонтæ зонут. 3 §. Стъæлф æвæрæм раиымады хæйтты кæрон, уыдон даргъ æмæ, æндæр æрхæцæн нысан кæм ис, ахæмтæ куы вæййынц, йе та сæрмагонд хъуыдыйæдтæй арæзт куы фæцæуыпц, уæд: Фидаргонд æрцыд СЦКП-йы 27 съезды ахæм боны фæтк: СЦКП-йы Центрон Комитеты дзуапп æмæ пар- тийы хæстæ. СЦКП-йы Программæйы ног редакцийы тыххæй. СЦКП-йы Уставы ивддзинæдты тыххæй. СЦКП-йы ЦК-йы Центрон Комитеты политикон док- яад Советон Цæдисы Коммуныстон партийы 27 съез- дæн — докладгæнæг СЦКП-йы ЦК-йы Генералон сек- ретарь æмб. Горбачев М. С. ... (газет «Рæстдзинад») 4 §. Стъæлф æвæрæм, дарддæр исты лæмбынæг æрфыст ка^й цæудзæн, уый нын цы хъуыдыйад фæамоны, уый кæрон: ?9
Хъуыддаг та афтæ рауад. Сабаты нæм сыхаг хъæуæй æрбацыдысты нæ ног хæстæджытæ. Семæ уыд уыдонæн се ’рвадæлты чызг, хæрзконд æмæ рæсугъд. Уазджытæн æгасцуай зæгъын- мæ æрбамбырд сты сыхы фæсивæд дæр (æ.а.д.). 5 §. Стъæлф æвæрæм цыбыргоыд дзырдты фæстæ: Л. Н. Толстой, Хетæгкаты Къ., Коц. А. (Коцой- ты А.), М. Д. (Мамсыраты Д.); æш æнд*, æ.а.д., æд.-б. хауæн (æддагбынатои хауæн). Фиппаинаг: Стъæлф не ’вæрæм цыбыргонд вазыгджын , дзырдты æмæ цыбыргонд метрикон барæпты: СЦКП, ССРЦ, ЦИАССР, хъæусовет, фæскомцæ- дис, совхоз; м (метр), дм (дециметр), см (сантиметр), мм (миллиметр), км (километр), кг (килограмм), г (грамм), л (литр). II. ФАРСТЫ НЫСАН 6 §. Фарсты нысан æвæрæм фарстон хъуыдыйады кæрон: Ай та цы диссаг у? (Хетæгкаты Къ.) Цы æрцыди, цæмæ ныхъхъуыста афтæ зæрдиагæй уалдзæджы къæсæрыл Тæнæг сых? (Æрнигон И.) Цыдысты бонтæ дæр æнкъардæй. Кæдæм? Цæмæн? (Хетæгкаты Къ.) Цы хур, цы къæвда уæ æрхаста, ацы бæстаг куы нæ стут, уæд? (Нарты кадджытæ) 7 §. Фарсты нысан æвæрæм, риторикон фарст цы хъуыдыйа- ды вæййы, уый кæрон: Адæмы ныхмæ цы уæйыг фæлæудзæн? Чи сыл фæ- уыдзæн уæлахиз æхсарæй? (Гæдиаты Ц.) Цавæр хистæры нæ бафæнддзæн, йæ кæстæр уы- мæй амондджындæр уа, уый? Фæлæ æдзух кæстæртæ амондджындæр кæм вæййынц?
8 §. Æмхуызон уæнгтæ цы фарстон хъуыдыйады æмбæла, уым фарсты нысан æвæрæн ис алы æмхуызон уæнджы фæстæ дæр, фарст нæ фæдихтæ кæнын куы фæнда, уæд: Цы æрбаластой колхозы кæртмæ? картоф? æви æн- дæр исты? Цавæр кърандас дæ хъæуы? сау? бур? сырх? цъæх? 9 §. Фарсты нысан æвæрæм, фæрссаг фарст цы домгæвазыг- джын хъуыдыйады уа, уый кæрон, сæйраг хъуыдыйад фарстон куы вæййы, уæд: Мæнæу кæрдын кæд райдайдзыстæм, уый нæ зо- ныс? Ме ’мбал дын нæ загъта, кусынмæ дæ кæдæм цæ- уын хъæуы, уый? 10 §. Фарсты нысан æвæрæм, фæрссаг фарст комкоммæ фарстæй хъæлæсы уагæй зын раиртасæн цы вазыгджын хъуы- дыйады вæййы, уый кæрон, сæйраг хъуыдыйад фарстон куы иæ уа, уæддæр: Бригадир дæ фæрсы, дæ куыст фæдæ? Иу хатт ма дæ фæрсын, дæ ном цы хуыйны? 11 §. Фарсты нысан æвæрæм бавæргæ фарстон хъуыдыйады кæрон, къæлæттæй кæнæ тиретæй хицæнгонд куы цæуа, уæд: Фарон (нал æй хъуыды кæныс?) дæттæ тынг раи- вылдысты. 12 §. Фарсты нысан къæлæтты мидæг æвæрæм, искæй кæнæ- хи хъуыды фысгæйæ, гуырысхо кæм фæкæнæм, уыцы ран: Ме ’мбал мын дзырдта, иу бонмæ, дам, фосы уæ« зыл æфты килограмм (?) хохы сæрдыгон хизæнты. III. ХЪÆРЫ НЫСАН 13 §. Хъæры нысан æвæрæм хъæрон хъуыдыйады кæрон: Æгас цæуæд Октябры бæрæгбон! Æппæт бæстæты пролетартæ, баиу ут! Фиппаинаг: Æдзухдæр хъæрон вæййынц æмæ хъæры нысанæй фæвæййынц: 31'
а) хъæрон дзырдтæ цы, цæй, цас æ. æнд. кæм уа, ахæм сæр- магонд хъуыдыйæдтæ: Цы цæнгтæ мыл разад, цы хосдзау уыдтæн! (Хетæгкаты Къ.) Цæй зын дæ, цæ, кæвдæсарды ном! (Плиты Г.) Цас рæсугъд хъуыдытæ, цас рæсугъд фæндтæ сæвзæрын кæны зæрдæйы уалдзæг! (Цæгæраты М.) æ) ахæм фæдзæхстон хъуыдыйæдтæ, кæцытæ фæдзæхст фев- дисынц фæдзæхстон здæхæны руаджы нæ, фæлæ æндæр ма- дзæлттæй: Размæ, фæсивæд! Æгъгъæд! Тагъддæр мæ фæстæ! Иу сыбыртт дæр нал! Æцитт! Орч-орч-орч! б) разæнгардгæнæн хъуыдыйæдтæ, цæхгæр домæн, карз фæ- дзæхст куы февдисынц, уæд: Зæгъ, цы дæ хъæуы мæнæй, зæгъ! (Хъуылаты С.) Кæм стут, лæппутæ, цæмæй ма тæрсут? Æрцæут, ысласæм æлдарæн йæ уд! (Нигер) Банцайут! Бæстæ хъæрæй уæ сæрыл куы систат! Иу чысыл байхъусут! в) таурæгъон æмæ фарстон хъуыдыйæдтæ, тыхджын æнкъа- рæнтимæ (дис, тас, маст æ. æнд.) загъд куы цæуой, уæд: Уый у! Йæ хъæбулы удхæссæджы базыдта! (Гаглойты В.) Уæ мæ зынаргъ æмбæлттæ! Уе ’ууæнк æппæт ду- нейы хæхтæй уæззаудæр æмæ фидардæр у! Махæн, 32
фæллойгæнæг адæмы цотæн, нæ сагъæс, нæ тыхст, нæ цин иухуызон сты! (Санаты У.) (Садул). Æмæ та хъуамæ ахæм куырæты Азауы размæ рацæуай изæры! (Плиты Г.) (Дзамболат). Цытæ дзурыс, Астархан, дæ хорзæ- хæй! (Джимиты Г.) 14 §. Хъæры нысан æвæрæм хъуыдыйады райдайæны æвæрд сидæнты, хайыгты æмæ æвастхъæрты фæстæ (фæстæгтæ хъуы- дыйады астæу куы вæййынц, уæд дæр), хъæрон хъæлæсы уагæй сæ куы фæзæгъæм, уæд: Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй фæлас- тон мæ сау зæрдæ дард... (Хетæгкаты Къ.) 0, о! — бирæгъ загъта.— Ма рох кæ дæ дзырд... (Хетæгкаты Къ.) Нæ, нæ! Нырма цæуынхъом дæн. (Бесаты Т.) Гъæй-джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид иу сау къæдзæхы сæрæй. (Хетæгкаты Къ.) Ау! Кæд дæхи у, уæд ма йæм цæмæ хъуызыс,— чи дæ нæ уадзы йæ райсын? (Хетæгкаты Къ.) Ды та, ау! хистæрмæ афтæ куыд бауæндыдтæ? 15 §. Хъæры нысаы къæлæтты мидæг æвæрæм, искæй хъуы- дымæ нæ хъус тынгдæр æрдарын кæнын кæм фæнда, уым: «Уыцы расыггæнагмæ (!) æз никуы смой кæндзы- нæн»,— загъта чызг. 3 Заказ № 462 33
IV. КЪÆДЗЫГ 1. Къæдзыг сæрмагонд хъуыдыйæдтп&й арæзпг вазыгджын хЪуыдыйады 16 §. Къæдзыг æвæрæм, иу вазыгджын хъуыдыйады мидæг кæрæдзиимæ æнæ бæттæгæй баст цы сæрмагонд хъуыдыйæдтæ вæййынц, уыдоны æхсæн: Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд, иæ зонын мæ ма- ды рæвдыд. (Хетæгкаты Къ.) Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд, искæмæ ба- хъарæд адæмы хъыг, дзыллæты мæстæй уæ исчи фæ- риссæд, иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!.. (Хетæгкаты Къ.) 17 §. Къæдзыг æвæрæм, иу вазыгджын хъуыдыйады мидæг кæрæдзиимæ иугæнæг бæттæгтæ æмæ, дæр, стæй, дæр — дæр, нæ — нæ, нæдæр — нæдæр, нал — нал, ма — ма, мауал—ма- уал æмæ æндæрты руаджы цы сæрмагонд хъуыдыйæдтæ баст цæуой, уыдоны æхсæн: Боныцъæхтæм ныхъхъус ис уарын, æмæ цъæх да- рийау сæрттывта æнæмыгъ арв. (Мамсыраты Д.) Нырма мæнмæ ахæм уайдзæф ничима æрбаппæрс- та æгас комбæсты, дæуæй дæр æй нæ райсдзынæн. (Джусойты Н.) Уазæг иу æхсæв уазæг у, стæй уый дæр фысым у. (Æмбисонд) Æлдар дæр бафыиæй ис, фыййæуттæ дæр бафы- нæй сты. (Нарты кадджытæ) Нæ уаргæ кæны, нæ хур кæсы. 18 §. Къæдзыг æвæрæм, иу вазыгджын хъуыдыйады мидæг кæрæдзиимæ иыхмæвæрды бæттæгтæ фæлæ, та, афтæмæй, уæд- дæр, кæннод, æндæр(а), уыййеддæмæ æмæ æндæрты руаджы цы сæрмагонд хъуыдыйæдтæ баст цæуой, уыдоны æхсæн: 34
Нарты Сослан Хызы фырт Челæхсæртæдоюы чызг Бедухайы куырдта, фæлæ йын æй йæ фыд нæ лæ- вæрдта. (Нарты кадджытæ) Уазæгæн йе ’рбацæуын йæхи бар у, йæ ацæуын та — фысымты бар. (Æмбисонд) Къæвда нæма банцади, афтæмæй хур ракасти. Сармадзанты нæрын дардæй-дарддæр кодта Сæ- гойы хъæубæстæй, уæддæр ма хæстон машинæтæ кæ- рæдзийы фæдыл тахтысты хъæуы уынгты. (Цæгæраты М.) Цæй, фæцæуон æз, кæннод æрбабон уыдзæн. (Бесаты Т.У Сосланы цалх мæ хон, Балсæджы цалх мæ ма хон,. æндæра мæ Сослан амардзæн. (Нарты кадджытæ^; Цард Батыр йæ чызджы цинæй, уыййеддæмæ йыл ныттар ис æрвон хур. (Нигер) 19 §. Къæдзыг æвæрæм, иу вазыгджын хъуыдыйады мидæг ’кæрæдзиимæ дихгæнæг бæттæгтæ йе, кæнæ, æви, куы—куы, кæ- нæ—-кæнæ, йе—йе, фæнды—фæнды æмæ æндæрты руаджы цы сæрмагонд хъуыдыйæдтæ баст цæуой, уыдоны æхсæн: Мах зымæг нæ кæны æндæртау хъуынтъыз, йе уал- дзæг нæ ивæм кæйдæртау нæ хуыз. (Нигер) Æз уæм цы лæппу радтон, уый рарвитут, кæд ис~ тæмæн бæззы, кæнæ нарт сæфынц. (Нарты кадджытæ) Æрра сси, æви йæ сайгæ фæчынди бабайы ацы бон? (Боциты Б.) Дарддæр афтæ цæрæн нал ис, кæннод адæймаг йæ~ хи æгады ранмæ æруадздзæн. (Мамсыраты Д.) 35
Куы дард æлдæрттæм лæбурын, куы та мæм хъæ- ды смуды сырд... (Нигер) Кæнæ æппынæдзух дæр уаргæ кæны, кæнæ иуда- дзыг хур кæсы. Фиппаинæгтæ: 1) Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты сæрмагонд хъуыдыйæдтæ бæттæгтæ æмæ, æви, кæнæ-йæ баст куы фæцæуынц æмæ сын иумæйаг фæрссаг уæнг кæнæ иумæйаг уæлæмхæст хъуыдыйад куы вæййы, уæд сын се ’хсæн къæдзыг не ’вæрæм: Хъæдæй-иу алы бон дæр хъуызгæйæ рацыдысты уæрдæттæ кæнæ-иу хъæдæрмæгæй дзагæй ныххал сты машинæтæ. Абон нæм уроктæ уыдзæни æви нæ экскурсимæ кæндзысты? Куыддæр мигъ йæхи систа зæххæй, афтæ стъалы- тæ разындысты æмæ бæстæ ныйирд ис. 2) Дыууæ сæрмагонд фарстон хъуыдыйады бæттæг æмæ-йæ 1баст куы уой, уæд сын се ’хсæн къæдзыг не ’вæрæм: Де ’мбæлттæ чи сты æмæ сæ нæмттæ цы хуый- нынц? Куыстмæ кæд цæуæм æмæ нын хистæр чи уыдзæ- нис? 2. Къæдзыг сæйраг æмæ уæлæмхæстп хъуыдыйæдты æхсæн, стæй уæлæмхæст хъуыдыйæдтæн сæхи æхсæн 20 §. Домгæвазыгджын хъуыдыйады мидæг сæйраг æмæ уæ- лæмхæст хъуьтдыйæдты æхсæн æвæрæм къæдзыг, кæд уæлæм- хæст хъуыдыйад сæйраг хъуыдыйады астæу уа, уæд та йæ дыу- уæрдыгæй дæр хицæн кæнæм къæдзыгтæй: Арс мыдæй куы бафсæст, уæд ын мастад скодта. (Æмбисонд) Адæм рæгъау мæнмæ уымæн радтой, æмæ сын æй æз дæу хуызæн хæтæнхуæгтæн байуарон? (Брытъиаты Е.) 36
Амондджын уый вæййы, æнæниз æмæ æвæсмонæй чи фæцæры. (Æмбисонд) Адæм æрæмбырд сты, æлдар сывæллæтты кæм ба- най кодта, уыцы фæзы. (Гæдиаты С.) Бæрæг уыд, рухс хъæуæй кæй цæуы, уый. (Мамсыраты Д.) 21 §. Уæлæмхæст хъуыдыйад куы вæййы сæйраг хъуыдыйа- ды фæстæ æмæ куы райдайы вазыгджын бæттæгтæ уымæн æмæ^ уымæ гæсгæ æмæ, уый тыххæй æмæ-йæ, уæд къæдзыг æвæрæм: бæттæгты разæй: Цардысты тынг мæгуыр, уый тыххæй æмæ сын нæ уыдис нæ хуымгæнды, нæ хосгæрсты зæхх. (Хетæгкаты Къ.). Дзерассæ Æхсары йæхи лæг фенхъæлдта, уымæн æмæ Æхсар æмæ Æхсæртæг æмхуызæттæ уыдысты, (Нарты кадджытæ) Фæлæ ацы вазыгджын бæттæгты хæйттæ уымæн, уымæ гæс- гæ, уый тыххæй сæхимæ куы райсынц логикон цавд, куы свæй- йынц сæйраг хъуыдыйады уæнгтæ æмæ сæ фæстæ паузæ куы фæкæнæм, уæд къæдзыг æвæрæм æрмæст бæттæг æмæ-йы раз- мæ: Мах ахуыр кæнæм уымæн, æмæ нæ фæнды нæ ду- джы аккаг лæгтæ суæвын. Мах кусæм уый тыххæй (уымæ гæсгæ), æмæ æнæ кусгæйæ цард нæй. 22 §. Вазыгджын хъуыдыйады алыхуызон æмдомгæ æмæ къæпхæны уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ куы æмбæла, уæд уыдон сæйраг хъуыдыйадæй дæр æмæ кæрæдзийæ дæр хицæн кæнæм къæдзыгтæй: Хæмæт сагъæс кодта Тему æмæ Цæлыккыл, фæлæ, кæм уыдысты, уымæн, Иласæй цы базыдта, уыййед- дæмæ ныкуыцæй ницы хабар хъуыста æмæ алы бон йæхи мæтæй хордта. (Боциты Б.) 37
Цорæйы цард ахæм зилдухæнты баппæрста, ахæм уавæрмæ йæ æртардта, æмæ, хъæддаг сырд цъысымы куы бахауа, уыйау катай кæны, фæндаг агуры арæду- вынмæ, хъавы, хызау йæ уæнгтыл чи æртыхсти, уы- цы тугмондаг сау хæлуарæджы тын атонынмæ, фæлæ йын ницы мадзал ары. (Хъодзаты Æ.) 23 §. Иу сæйраг хъуыдыйадимæ баст æмхуызон æмдомгæ уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ кæрæдзиимæ бæттæгæй баст куы нæ уой, уæд се ’хсæн æвæрæм къæдзыг, бæттæг æмæ-йæ баст куы уой, уæд та — нæ: Æз зонын, куыд хъазы иыр уалдзыгон дымгæ, куыд зарынц ныр дæттæ нæ арф æрхыты. (Гæдиаты Ц.) Цæст цы уына, хъус цы хъуса, уыдон се ’ппæт дзу- ринаг не сты. (Æмбисонд) Урс хъазахъхъæгтæ кæй æрбацæуынц æмæ та хъæ- уы бирæ зиантæ кæй æрцæудзæн, уый æз бамбæрстон уазæджы ныхасæй. Быдираг дымгæтæ кæм хъазынц, фосы дзугтæ кæм ахæлиу сты æмæ трактортæ æфсæндзых уæйгуытау кæм змæлынц, уырдæм мæ сайынц мæ хъуыдытæ. (Цырыхаты М.) Фиппаинæгтæ: 1) Домгæвазыгджын хъуыдыйады искæ- цы уæлæмхæст хъуыдыйад куы райдайы, хъуыдыйады райдайæ- ны чи нæ фембæлы, ахæм дзырдæй—иуæй-иу хайыгтæ, бæттæгтæ æмæ цыбыр хуызы цæсгомон номивджытæй,—уæд ахæм уæлæм- хæст хъуыдыйад йæ размæ æвæрд бæттæгæй къæдзыгæй нæ хи- цæн кæнæм: Иуанеимæ хицæуттæ лымæн уыдысты, уый тыххæй æмæ-иу искæй æхца æфстау куы бахъуыди гæртамы тыххæй, уæд ын уымæй исын кодтой. (Гæдиаты С.) Æз иугай æмбырд кæнын, мæ зæрдæмæ чи цæуы, уыцы ныхæстæ, æмæ мын куы бабирæ вæййынц, уæд сыл ныхас кæнын ме ’мбæлттимæ. (Боциты Б.) Л8
Куыдз кæртмæ æрбахызт, æмæ та йæ гæды куыд- дæр ауыдта, афтæ йæхи амбæхста. 2. Æрмæст иуиæг бæттæгæй кæнæ бæттæг дзырдæй арæзт цы уæлæмхæст хъуыдыйад уа, уый сæйраг хъуыдыйадæй къæдзы- гæй нæ хицæн кæнæм: — Цас? — Цæмæй йæ зонын цас? — Куыд? — Куыд уый фендзынæ. 3. Къæдзыг хъуыдыйады æмхуызон уæнгтпы æхсæн 24 §. Къæдзыг æвæрæм, бæттæгтæй баст чи нæ вæййы, ахæм хъуыдыйады æмхуызон уæнгты æхсæн: Ногзад *родтæ, уæрыччытæ, сæныччытæ хурмæ сæ- хи тавынц. (Епхиты Т.) Дзаг уыди хъæд алыхуызон диссаджы дидинæгæй, хъæддаг дыргъæй, мæнæргъытæй, дзедыртæй, æры- скъæфтæй. (Фæрнион Къ.) Тар хъæды нæ зынынц арф, уынгæг кæмттæ. (Хетæгкаты Къ.) Адæм быдыры куыстмæ рацыдысты сылгоймагæй, нæлгоймагæй, стырæй, чысылæй. Фиппаинæгтæ: 1) Бæрæггæнæнтæ æмхуызон вæййыпц, уыцы иу номдаримæ баст куы вæййынц æмæ йын уыцы иу ми- ниуæг (хуыз, ас, хъæд æ. а. д.) куы фæбæрæг кæнынц, уæд: Цъæх, бур, морæ сыфтæ бæлæстæй хаудысты фæз- зыгон зæхмæ. Чысыл, дынджыр, рæстæмбис харбызтæ лæууыдыс- ты барæнты цур. Мурат у уæздан, хæрзæгъдау лæппу. Бæрæггæнæнтæ æмхуызон нæ вæййынц æмæ къæдзыгæй хи- цæнгонд нæ фæцæуынц, раззаг бæрæггæнæн куы фæбæрæг кæ- ны номдары хицæнæй нæ, фæлæ йемæ баст фæстаг бæрæггæнæ- нимæ иумæ: 39
Арф къæдзæхбын мæсчъы иу лæг хуыртæ хæссы хæлд æнæбын тæсчъы... (Хетæгкаты Къ.) 2) Мивдисджытæ æмхуызон уæнгтæ нæ вæййынц æмæ къæ- дзыгæй хицæнгонд нæ фæцæуынц, иу формæйы æвæрд уæвгæйæ, фæд-фæдыл куы фæлæууынц æмæ иумæйаг хъуыды куы февди- сынц, уæд: Цæуон зæгъон ын. Цомут бакæсæм сæм. Сбад баулæф. 25 §. Къæдзыг æвæрæм, ныхмæвæрды бæттæгтæ фæлæ, та æ. æнд. цы æмхуызон уæнгтæ бæттой, уыдоны æхсæн: Амонд агургæ ма кæн, фæлæ йыл тох кæн. Ай-иу йæхи галæн ’взаргæ хос ракалдта, цæдисо- нæн та-иу хъæмпы мур авæрдта. (Хетæгкаты Къ.) 26 §. Къæдзыг æвæрæм фæлхатгæнгæ бæттæгтæ дæр—дæр, уæд—уæд, нæ—нæ, нæдæр—нæдæр, куы—куы æ. æнд. руаджы баст æмхуызон уæнгты æхсæн: Фенкъард сты Уырызмæг дæр, бинонтæ дæр. (Нарты кадджытæ) (Сослан) йæхæдæг уьщы уæрмы ныллæсы, æмæ йыл уæле пыхс уæд, дур уæд, хъæд уæд ныккалынц. (Нарты кадджытæ) Нæ фæци мæ мадæн нæ файнуст, нæ тиу. (Хетæгкаты Къ.) Нæ йын уыдис нæдæр фыд, нæдæр хо, нæдæр æф- сымæр. (Аргъау) Дыууæ зæронды бадыиц иумæ куы Симоны дуар- мæ, куы Тедойы дуармæ. (Коцойты А.) Фиппаинæгтæ: 1) Фæлхатгæнгæ бæттæг дæр—дæр цы æмхуызон уæнгтæ фæбæтты, уыдон ма бæттæг æмæ-йæ дæр баст куы фæцæуынц, уæд се ’хсæн къæдзыг нал æвæрæм: 40
Хистæрæн дæр æмæ кæстæрæн дæр салам дæттын зонын хъæуы. Æз дæр, ды дæр æмæ не ’мбал дæр хъуамæ афо- ныл уæм нæ куысты уæлхъус. 2) Дихон бæттæгтæ кæнæ, æви, йе, æмхуызон уæнгтæ бæтгæйæ, иугай хæттыты куы æмбæлой хъуыдыйады, уæд æмхуызон уæнг- тæ кæрæдзийæ къæдзыгæй нал хицæн кæнæм: Дзоныгъ кæнæ уæрдон кæд аэроплан схæсса Къа~ мадмæ, уыййеддæмæ сын ссæуæн нæй. (Коцойты А.) Уазæг хохæй уыд æви быдырæй? Нæ уроктæ нæхимæ йе кæсæндоны бацæттæ кæн- дзыстæм. 27 §. Къæдзыг æвæрæм æмкъай бæттæгтæ æмæ бæттæг дзырдтæ куыд—афтæ... дæр, нæ—фæлæ... дæр, кæд—уæддæр, куы нæ — уæддæр æмæ æндæрты руаджы баст æмхуызон уæнг- ты æхсæн: Гыццыл чызг æцæгæлон адæймагмæ дзурын нæ, фæлæ кæсын дæр нæ уæндыдис. Уый кæд худгæ кæны, уæддæр мæсты тынг кæны. Адæймагæн куыд йæ хорздзинæдтæ, афтæ йе ’взæр- дзинæдтæ дæр куысты бæрæг кæнынц. Абрн куы нæ уа, уæддæр райсом сæмбæлдзыстæм. Фиппаинаг: Бæттæг фæлæ æмхуызон уæнгтæн се ’хсæн нæ, фæлæ сæ фæстæ куы фæлæууы, уæд æй хицæн кæнæм къæ- дзыгæй: Æз ахуыр кæнын университеты, институты нæ, фæлæ. 4. Къæдзыг фæлхатпгæнгæ дзырдшы æхсæн 28 §. Уыцы иу дзырд фæд-фæдыл дыууæ кæнæ фылдæр хатты куы фембæлы æнæ бæттæгæй (дæргъвæтин архайд æвди- сыны нысаниуæгимæ, предметты бирæдзинад, миниуæджы тых- джындзинад амонынæн, кæнæ разыдзинад, æнæразыдзинад, курдиат æ. а. д. фæкарздæр кæныны тыххæй), уæд ахæм фæл- хатгæнгæ дзырдты æхсæн æвæрæм къæдзыг: Цæуынц, цæуынц æмæ иу ранмæ бахæццæ сты. (Аргъау) 41
Ленин фæсивæдæн фæдзæхста: ахуыр, ахуыр æмæ ахуыр. Рауайут, рауайут, лæппутæ. Нæй, нæй, ма тæрс, махмæ ды хъаны цард кæн- дзынæ. (Хетæгкаты Къ.) — Иу хатт ма дæ фæрсын: куысты уыдтæ? — 0, о. Фиппаинæгтæ: 1) Къæдзыг æвæрæм, фæлхатгæнгæ дзырдæн æрмæст йæ иу хай куы фæлхат кæна (хуымæтæг мив- дисæгæн — йæ разæфтуан, вазыгджын мивдисæгæн — йе ’ххуыс- гæнæг хай æ. а. д.), уæд уый размæ дæр: Рауай, рацу, ра, мæ хур. (Æрнигон И.) Уый хъæр кæны, кæны, æз та мæхи ницы æмба- рæг скодтон. Ма кæ, ма, мысты йас рæуæд афтæ уæззау нæу! (Хетæгкаты Къ.) — Цæмæн ацыдтæ знон дæ куыстæй? — Цæмæн, цæ... Нæхицæй мæм æрбадзырдтой... 2) Фæлхатгæнгæ дзырдтæй арæзт дзырдбаст иу хъуыды куы амона кæнæ æбæлвырддзинад, гуырысходзинад куы æвдиса æмæ дыккаг дзырды разæй æппæрццæгтæ нæ, ма куы уой, уæд ахæм дзырдты æхсæн къæдзыг не ’вæрæм: Уыди нæ уыди, уæддæр ацыди. Фæнды дæ нæ фæнды, уæддæр кус... Дзур ма дзур, уæддæр дзы ницы рауайдзæн. 5. Къæдзыг абæрстпышимæ 29 §. Къæдзыгæй хицæн кæнæм, бæттæг куыд-æй цы абæрс- тытæ райдайынц, уыдон: Куыд алы ран, афтæ махмæ дæр нæлгоймадоюы дарæс æмæ сылгоймаджы дарæс алыхуызон сты. Æз дын уыцы хабæрттæ, куыд мæхионæн, афтæ ракодтон. Уыцы лæппуйы æз уарзтон, куыд мæхи æфсымæры. 42
Фиппаинаг: Хуызæнон хауæны æмæ фæсæвæрд хуызæн ы руаджы цы абæрстытæ фæаразæм, уыдон къæдзыгæй нæ хи- цæн кæнæм: Фашисттæ бал бирæгътау лæбурдтой. Уыцы хабæрттæ мæ фыды хуызæн ничи зоны. 6. Къæдзыг æмхасæншимæ 30 §. Æмхасæн номивæджы куы æмбарын кæна, уæд æй хи-- цæн кæнæм къæдзыгтæй: Мах, мæгуыр кусæг адæм, нæ сахуыр стæм дæсны дзурыныл. (Мамсыраты Д.) Сымах, советон фæсивæд, тырнут ахуыры бæрзæнд- тæм. 31 §. Æмхасæн иумæйаг номдар куы вæййы, уæд æй хицæн. кæнæм къæдзыгтæй: Додекка, æфсæддон афицер, æмхуызондарæсджын æфсадыл сахуыр. (Мамсыраты Д.) Мæй, стъалыты фыййау, сындæггай фæхъуызьь хæхты цъуппытыл. 32 §. Æмхасæнтæ бæрæггæнинаг дзырдтимæ баст куы вæй- йынц бæттæгтæ ома, куыд, кæнæ, уæд-ы руаджы, уæд сæ хицаея кæнæм къæдзыгтæй: Хъæуы сæрдар, ома Æхсарбег, йæ раныхасы дзырдта æгъдæутты тыххæй. Хъæуы хистæртæй бирæтæ, куыд Зауырбег, Хæса- нæ, Хъазыбег æмæ æндæртæ, фæсивæды аразынц раст фæндагыл. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ, кæнæ сæйрат æмæ зæгъинаг, хатгай хъуыдыйадæй цухгонд æрцæуынц. Мит, уæд залты мит, бæстæ бамбæрзта. (Нигер) 33 §. Æмхасæн сæрмагонд ном куы вæййы (æмбарынгæнæн дзырдтимæ кæнæ æнæ уыдон) æмæ йæ размæ куы вæййы сæвæ- рæн бæттæг ома, уæд æй хицæн кæнæм къæдзыгтæй: 43,
Партизантæй иу, Хосдзау, хæстæг бацыд Аслæн- бегмæ. (Санаты У.) Сандыройы æмбæлттæй сæ иу, Хачатуров Арменак, тъæпæн æмæ нæрст лæг, йæ ныхæй йæ хид сæрфгæ, уынаффæ кодта... (Хъуылаты С.) Иры номдзыд хъæбул, нæхи Къоста, йæ уацмысты тох кодта мæгуыр адæмы сæрыл. 34 §. Æмхасæн сæрмагонд ном куы вæййы (æнæ æмбарын- 'Хæнæн дзырдтæй), уæд æй, бæлвырд кæныны интонациимæ зæгъæм æви нæ, уымæ гæсгæ фыссæн вæййы къæдзыгимæ дæр, <стæй æнæ къæдзыгæй дæр: Æрбацыди мæ хо, Зæлинæ. Фæлæ: Æрбацыди мæ хо Зæлинæ. Æфсæддон, Хъазыбег, йæ хæстæ хорз зыдта. Фæлæ: Æфсæддон Хъазыбег йæ хæстæ хорз зыдта. Фиппаинаг: Æмхасæн ма фыссæм тиреимæ дæр, уый тыххæй кæс 56, 58 §§. 7. Къæдзыг фæрссагмитæ æмæ фæрссагмион здæхтытимæ 35 §. Фæрссагмитæ куыд æмбарынгæнæн дзырдтимæ, афтæ æнæ уыдонæй дæр, зæгъинагимæ æнгом баст куы нæ уой æмæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ фæрсдзырдмæ хæстæг куы нæ лæууой, уæд сæ хицæн кæнæм къæдзыгтæй: Æмбырды адæм, сæ къухтæ уæлæмæ бæрзонд сис- гæйæ, хъæлæс кодтой цæуылдæр. Знагæн сæрсæттæн цæфтæ кæнгæйæ, Советон Æф- сад уæгъд кодта нæ бæстæ. Æз цыдтæн, фыр цинæй мæ фæллад дæр ницæмæ даргæйæ. Амырхан, хъазгæйæ, уæззау штангæ йæ риумæ сис- та, стæй йæ уæд йæ сæрмæ сысхуыста. Ныхасгæнгæйæ, Мæдинæт æмæ Зæлинæ бахæццæ сты сæ кусæн бынатмæ. Лæппу лæууыд йæ бынаты, æнæ дзургæйæ. 44
Фæлæ: Æнæдзургæйæ ма лæуу. Хъазгæ æмæ худгæйæ цæры. Тасгæ-уасгæ рацæуы... (Адæмон зарæг) Тæрсгæ-ризгæйæ дзуры. Æнæ дзургæйæ йæ бон иу сахат абадын нæу. Фиппаинаг: Хъуыдыйад цы дзырдтæй нæй райдайæн (иуæй-иу хайыгтæ, бæттæгтæ æмæ цыбыр хуызы цæсгомон но- мивджытæ), уыдоны размæ фæрссагмитæ æмæ фæрссагмион здæхтытæ къæдзыгæй нæ хицæн кæнæм: Иæ хорз зарджытæ, йæ хорз кадджытæн кæрон кæм уыди, æнæ фæхудгæ, æнæ фæкæугæ сæм чи лæу- уыди. (Хетæгкаты Къ.) Скъоламæ цæугæйæ-щ лæппу хæдзары дæгъæлтæ сæ сыхæгтæм балæвæрдташ Скъолайæ æрбацæугæйæ та сæ-иу фæстæмæ райста. 8. Къæдзыг æндæр дзырдгпы хъуыды бæлвырддæргæнæг дзырдтимæ 36 §. Къæдзыгæй хицæн кæнæм, сæ разæй æвæрд дзырдты хъуыды цы дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ фæбæлвырддæр кæ- нынц, уыдоны: Бынæй, комы, дон, хъæргæнгæ, уади йæ айнæг къæй былыл. (Хетæгкаты Къ.) Арагуийы доны фарс, иу къуыбырыл, цард Ара- гуийы æлдар. (Гæдиаты С.) Æхсæрдæсæм аз, хосгæрдæны, иу райдзаст райсом, хъæубæстæй чидæртæ уынынц, рацæуы Хъæвдын бæх- уæрдоны. (Коцойты А.) Чызджы хъуыды атахт дард фæсхохмæ, фыййау Муратбегмæ. (Журнал «Фидиуæг») Знон, фыццæгæм сентябры, ралæууыд ног ахуыры аз. 45
37 §. Къæдзыгæй хицæн ктн/гм, сæ разæй кæнæ сæ фæстæ .æвæрд дзырдты хъуыды цы дзырдтæ фæбæлвырддæр кæныпц, уыдоны, семæ куы фембæлынц ахæм дзырдтæ: зæгъæм, фæстæ- мæ, йеддæмæ, уæлдай, уæлдайдæр, дарддæр, ома, кæнæ (ома- йы нысаниуæджы), тынгдæр, суанг, номхуындæй, раст, растæн- дæр æ. а. д. Нæ фысджытæ, зæгъæм Хетæгкаты Къоста, се сфæлдыстады парахатæй пайда кæнынц фольклорæй. Æз мæ лæдоюы къухы хур никуы федтон, мастæй дарддæр. (Газет «Советон Ирыстон») Хуымгæнæны райдайæн бонмæ æнхъæлмæ касты- сты колхозонтæ, уæлдайдæр колхозон фæсивæд. (Гæдиаты Ц.) Дæле, Терчы дæллаг фарс, Маты хохрæбынты, адаргъ мæхъхъæлон хъæу Длинная долина, ома Даргъ дæлвæз. (Гæдиаты Ц.) Дзыллæйы иумæйаг мастæй цух ничи баззайы, иу стæмты йеддæмæ... (Джусойты Н.) Иу сабат бон йæ разæй акодта (Саулæг) йæ фос, дыууæ галы æмæ æртæ хъугæй фæстæмæ, æмæ сæ Оны балæууын кодта. (Джусойты Н.) Нæ уазæг уыд ацæргæ лæг, номхуындæй Хъазыбег. Адæм иууылдæр, суанг ма зæрæдтæ дæр, мæнæу кæрдынмæ рацыдысты. Атахт зæрватыкк, æмæ дын лæг хъыг кæнынтæ куы сисид, растæндæр, цыма йæ хъæбул, йæ ахсджиаг хъæбул, дард балцы ис, уый хуызæн. (Нигер) 9. Къæдзыгтæ бавæргæ дзырдтæ æмæ бавæргæ хъуыдыйæдтимæ 38 §. Къæдзыгæй хицæн кæнæм бавæргæ дзырдтæ æмæ ба- вæргæ хъуыдыйæдтæ: 46
Æвæццæгæн, загъта: куыст — цардæн фæрæз. (Хетæгкаты Къ.) Фæндаг æм ис, бæлвырдæй, дыууæ раныл. (Хетæгкаты Къ.) Амыран, æзынма, æрмæст махмæ уыдзæнис рухс. (Хуыбецты Р.) Уæллæй, æз дзы ахæм адæймаг никуыма федтон... (Мамсыраты Д.) Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг кæуæгау фæ- кæса, мыййаг... (Хетæгкаты Къ.) Мæнмæ гæсгæ, ам канд Калман нæу аххосджын. (Журнал «Фидиуæг») Æз, дам, ын мæ хæс раджы куы ахицæн кодтон, уæд ма мæ, зæгъы, цæй хæс агуры Джанаспи. (Коцойтьл А.) Кæдæм тæхы, хуыцауы тыххæй, дæлæ уыцы чызг? (Епхиты Т.) Дæ нывонд фæуон, Фаризæт, мой цæмæн нæма кæ- ныс? (Гæдиаты Ц.) Раст зæгъын хъæуы, ныр афон у Быдыгойæн бы- дырæй сыздæхынæн. (Цæгæраты М.) Къæдзыгæй хицæнгæнгæ бавæргæ дзырдтæ арæхдæр вæййынц ахæмтæ: æвæццæгæн, æнхъæлдæн, æнæмæнг, чи зоны, зæгъгæ, цæвиттон, цæвиттоны хъуыддагæй, мыййаг, æвæдза, иуæй, иннæ- мæй, аннæмæй, иннæрдыгæй, аннæрдыгæй, фыццаг, дыккаг, æр- тыккаг, фыццаджыдæр, дыккаджыдæр, мæгуыр, мæгуырæг, мæ- гуыртæг, бецау, афтæмæй, сæрæй, дæ (уæ) ,хорзæхæй, мæнмæ (дæумæ, уымæ, махмæ, сымахмæ, уыдонмæ) гæсгæ, мæ амон- дæн, ме ’намондæн, хъыгагæн, табуафси, цыбыр дзырдæй, иу дзырдæй æ. а. д. Фиппаинæгтæ: 1) Ранымад дзырдтæй бирæтæ арæх хъуыдыйады мидæг вæййынц бавæргæ дзырдтæ нæ, фæлæ хъуы- 47
дыйады уæнгтæ (ома дзуапп фæдæттынц исты фарстæн) æмæ сæ уæд къæдзыгæй нæ хицæн кæнæм: Ахуырбег, иуæй, курдиатджын лæппу у, иннæмæй, йæхиуыл тынг кусы (иуæй, иннæмæй—бавæргæ двырд* тæ). Ахуырбег иуæй хъаст кæны, иннæмæй разы нæу (иуæй, иннæмæй—хъуыдыйады уæнгтæ). 2) Бавæргæ дзырдтæ бæргæ, хъуамæ, фæлтау, æрмæст, цы- мæ, хъæлæкк æ. а. д. æнæ паузæйæ куы фæдзурæм, уæд сæ къæ- дзыгæй нæ хицæн кæнæм: Амар æй фæлтау фыр надæй, акъах ын йæ цæст, фесаф æй бынтон æгадæй—бафсад æй æрмæст1. Ие стонгæн бæргæ ис цары иу нæртоны хос, фæлæ йæм фæндаг нæ ары,—аскъуыйа йæ бос1 (Хетæгкаты Къ.) 3) Хъуыдыйад цы дзырдтæй нæй райдайæн (иуæй-иу хайыг- тæ, бæттæгтæ æмæ цыбыр хуызы цæсгомон номивджытæ), уыдо- нæй бавæргæ дзырдты æмæ хъуыдыйæдты æхсæн къæдзыг не ’вæрæм: Æвæццæгæн дæм нæ уæнды. Иуырдыгæй-иу адæмæй æфсæрмы кодта, иннæрды- гæй та йæ цæуын хъуыд. 10. Къæдзыгшæ сидæнгпимæ 39 §. Къæдзыгтæй хицæн кæнæм сидæнтæ семæ баст дзырд- тимæ (сидæны фæстæ хъæры нысан æвæрыны тыххæй кæсут 14 §): Мæ зынаргъ æфсымæртæ, нæ тухийы ’фсондз йæ- хæдæг нæ асæтдзæн, асæттын æй хъæуы. (Санаты У.) Гиго, Пело, цæмæн рауагътат сывæллоны бæгъæв- вадæй, бæгъæмсарæй.., ахонут æй мидæмæ, фæпърас- туд уыдзæн. (Коцойты А.) Цы кæнынмæ хъавыс, Кочынайы-фырт? (Санаты У.) Гъе лæппу, рацу ардæм! (Коцойты А.) 48
Ма тæрс, гуыдынхъус, æз нал дæн мархохор дæуау/ (Хетæгкаты Кь.) 11. Къæдзыгшæ æвастхъæрши мæ 40 §. Къæдзыгтæй хицæн кæнæм, хъæрон хъæлæсы уагæй кæй нæ фæзæгъæм, ахæм æвастхъæртæ (æвастхъæрты фæстæ хъæры нысан æвæрыны тыххæй кæсут 14 §): 0, уый Гарсо куы дæ! (Гуыцмæзты М.) Оу, мæнæ цъысымы бахаудтæн! (Хацырты С.) Ау, ахæм хабар дæр æрцыд? (Черчесты Т.) Ай-ай-ай, хъыгаг хабар. (Хацырты С.) Мæн къуылых дзынга фæразы, гъери-гъа, дзæбæх! (Хетæгкаты Къ.) Уалдзæджы улæфт мæ риумæ хъары, гъей, гъей! Бирæ фæцæрат, ме ’мгусæг чыртæ, гъей. (Нигер) Фиппаинаг: Æвастхъæртæй иртасын хъæуы се ’мхуызон тыхджындæргæнæн хайыгтæ. Нæ вæййынц æвастхъæртæ æмæ сæ нæ хъæуы къæдзыгæй хицæн кæнын сидæн дзырдтæ, арфæтæ æмæ æлгъыстытæ тых- джындæргæнæн хайыгтæ о, уæ, гъе, гъæй, гъей, гъæ æ. æнд.: О цъиусур, ма мæм дзур! (Хетæгкаты Къ.) Уæ номдзыд Сатана, æз дæуæн фæдис хъæргæнæг куыннæ фæуыдзынæн! (Нарты кадджытæ) Гъе не ’фсин, махæн дæр нæ рагуалдзæг ахæм куы уыдаид, уæд афтæ мæгуыр уаиккам?.. (Гæдиаты Ц.) 4 Закаэ № 462 49
Гъей лæппу,— фераом лæг,— ам мæ кæй баййæф- тай, уым дын мæ диссаг зæгъдзынæн... (Хетæгкаты Къ.) Гъæ гæды рувас, куыддæр ын хъуымацы кой скод- тон, афтæ йæ зарын куыд фæуагъта! (Мамсыраты Д.) Уæ дæ бон мын бакалай ды! Иууыл дæхи фæнд кæныс. (Джиоты Д.) 0 байрай, Ирыстон! 12. Кьæдзыгтæ разыдзинады, æппæр^цæг æмæ фарстон хайыгтимæ 41 §. Къæдзыгæй хицæн кæнæм разыдзинады хайыгтæ (о, гъо, æууæ, ай-гъай), æппæрццæг хайыгтæ (нæ, нæгъ, нæй, нал) æмæ фарстон хайыгтæ (цы, и, нæ, гъы, æццæй), кæд сæ хъæрон хъæлæсы уагæй нæ зæгъæм, уæд: — Уазал дын у, æви цæмæн ризыс? — 0, суазал дæн... (Боциты Б.) — Хъæбатыр Æхсарбег уыдис ныртæккæ дæ уæр- мы? — Ай-гъай, хъæбатыр Æхсарбег. (Мамсыраты Д.) — Абон кинойы уыдтæ? — Æууæ, уыдтæн. Нæ, уый ирон дзыллæ уæздандзинад нæ хонынц. (Плиты Г.) Нæгъ, нæгъ, нана, уый дæр мæ нæ хъæуы... (Адæмон зарæг) Нæй, нæма ис Быдыго зынæг. (Цæгæраты М.) — Нал цæуыс дæ куыстмæ? — Нал, æгъгъæд у абон. Цæмæн мæ хъуыд агъуд, ливорджын дæн, цы? (Хетæгкаты Къ.) 50.
Исчи йæ федта, цы, искуы хæцæнгæрзтæ даргæ ныры онг? (Хетæгкаты К/ь.) Уæдæ йæ алы хъæуы дæр хъуамæ бакæсой, и? (Мамсыраты Д.) Уæдæ ды дæр колхозы кусыс, нæ? (Мамсыраты Д.) Цымæ цæуыл хъуыды кæныс, гъы? Æццæй, куыд уыди? (Епхиты Т.) V. СТЪÆЛФ КЪÆДЗЫГИМÆ 42 §. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады мидæг сæрмагонд хъуыдыйæдты æхсæн, уыдон тынг даргъгонд куы вæййынц кæнæ дзы куы фембæлы къæ- дзыгтæ: Мæ архайд, мæ тыхмæ лæг кодта хæлæг; æккойæ мæ ныхмæ кæм лæууыд хæрæг! (Хетæгкаты Къ.) Урс-урсид дзæгъгъатæй — бандæттæ, тæрхæг; са- джы урс сыкъатæй Фсатийæн — сынтæг. (Хетæгкаты Къ.) Хосдзаутæм хъуыддаг фæзынди цæттæ хинау; нал ысты хорзау, сæхицæн тæрсынц. (Хетæгкаты Къ.) Иу ахæм хæсты, 1920 азы, меньшевиктимæ фæ- мард йæ иунæг æфсымæр; йæ биионтæн уый тыххæй нæ бантыст фалæмæ алидзын, æмæ бирæ мæстытæ бавзæрстой меньшевиктæй. (Дзассохты В.) Ацыдтæн зад хуымтыл, хосгæрстмæ схæццæ дæн. Адæм кæм кусынц, кæм бадынц; чи фæци, чи та ма хордта йæ аходæн; фæрныджы зиууæттæ зарынц... (Хетæгкаты Къ.) 43 §. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм бабæтгæвазыгджын хъуыдыиады мидæг сæрмагонд хъуыдыйæдты æхсæн, уыдон 51
баст куы фæцæуынц кæрæдзиимæ бæттæгтæ æмæ, фæлæ, уæд- дæр, та æмæ æндæртæй, стæй тынг даргъгонд куы вæййынц æмæ дзы къæдзыгтæ куы фембæлы, уæд: Æз дæ уымæн схъомыл кодтон, æмæ мæ кæд фæ- дарис; ды та дæ цоты дæр мæ бар ныууагътай, æмæ дæм кæд хорз кæсы, уæд цæр, мæ хур, цæр... (Боциты Б.) Мæнмæ уыд æрмæстдæр цъæх ахорæн; фæлæ, уый ницæмæ даргæйæ, æз сфæнд кодтон цуан сныв кæнын. (Л. Толстон) Зæгъæн ис, алы изæр дæр уыдон цыдысты фæсго- рæтмæ, Ореандæмæ кæнæ æхсæрдзæнмæ; æмæ-иу сæ тезгъо фæрæстмæ ис, алы хатт дæр-иу бавзæрстой диссаджы аив æмæ егъау æнкъарæнтæ. (А. Чехов) 44 §. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм вазыгджын хъуыдыйа- ды мидæг æмхуызон æмдомгæ уæлæмхæст хъуыдыйæдты æхсæн, уыдон тынг даргъгонд куы уой, кæрæдзиимæ бæттæгтæй баст куы нæ цæуой, уæлдайдæр ма сæ мидæг къæдзыгтæ куы уа, уæд. Кæд уыд мæйдар, уæддæр мæм афтæ каст, цыма хæххон æрттиваг рухс хъæндилтæ мæ разæй дзугтæй тахтысты æмæ мын цырæгътæ дардтой; цъæх бирæгъ- тæ рындзтæй гуыбырбæрзæйæ кастысты, æмæ мын сæ зынг цæстытæ стъалыты рухс кодтой; мæ фарсмæ бур æрсыты къорд цыдис æмæ лæпп-лæппæй кафыдысты; мæргътæ сæ лæппынтимæ урс хæрис бæлæ- стыл цъыбар-цъыбурæй хъазыдысты; хъæд æм- тъæлланг кодта булæмæргъты зардæй; хæххон кæсæг- тæ дурджын хуыдымтæй хъуына донбылтæм раленк кодтой балгай æмæ сæ чысыл хъоппæг цæстытæй мæ- нырдæм джихæй кастысты; мæ размæ бæрзонд къæ- дзæхтæй дидинæг згъæлд, мæ фæндаг гауызау æрт- тывта. (Плиты Г.) 45 §. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм, нымайгæ кæй фæкæ- нæм, хъуыдыйады ахæм даргъгонд хæйтты фæстæ, уæлдайдзд ма сæ мидæг къæдзыгтæ куы уа, уæд: 52
Партийы организацион арæзты, æппæт царды æмæ архайды разамонæг принцип у демократон центра- лизм, уый амоны: а) партийы æппæт разамонæг оргæнтæ дæле уæ- лæмæ æвзарын; б) партион оргæнты рæстæгæй-рæстæгмæйы дзуап- пытæ сæ партион организациты æмæ уæлдæрлæууæг оргæнты раз; в) фидар партион æгъдау æмæ, къаддæр хай фыл- дæр хаймæ куыд хъуса, афтæ; г) уæлдæрлæууæг оргæнты уынаффæтæ дæлдæр- лæууæг оргæнтæн æнæмæнг æххæст кæнинаг куыд уой, афтæ. (Советон Цæдисы Коммунистон партийы Устав) 46 §. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм тынг даргъгонд хъуы- дыйады æмхуызон уæнгты æхсæн, уæлдайдæр ма уыдонæй ис- кæцыйы куы уа къæдзыгтæ: Цыдис (Бесо) æнцад паддзахы фæндагыл йæ кæр- цы цыбыры мидæг, йæ пака худы; хъуыды кодта, куыд хорз уыдзæн, емсыкк куы суа, уæд. (Гæдиаты Ц.) VI ДЫСТЪÆЛФ 47 §. Дыстъæлф æвæрæм æмхуызон уæнгты разæй, хъуыды- йады кæрон кæнæ астæу куы æмбæлой, сæ размæ та куы уа цу- гæнæг дзырд иунæгæй кæнæ ахæм дзырдтимæ: зæгъæм, куыд, номхуындæй, стæй. Уыцы хæстæ баххæст кæнынмæ мах хъæуы спе- циалисттæ: агрономтæ, инженертæ, ахуыргæндоюытæ, техниктæ, дохтыртæ æмæ æндæр ахæмтæ. (Епхиты Т.) Уæрдæтты æмæ адæмы фæстæ Къæхтысæры къæдз- тæ фæндагыл цыдысты фос: галтæ, хъуццытæ, фыстæ æмæ сæгътæ — кæрæдзийы схойгæ, рыджы тъыфыл- тæ сæ фæстæ уадзгæйæ. (Мамсыраты Д.) Кавказы цæры ахæм æфсымæрон адæмы хæттытæ, куыд: гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ, азербайджанæгтæ, 53
дагъистайнæгтæ, цæцæйнæгтæ, мæхъæлæттæ, ирæттæ, кæсгæттæ æ.а.д. Ирон фысдоюытæй бирæтæ, зæгъæм: Плиты Грис, Дзадтиаты Тотырбег, Хъайтыхъты Геор, Хъазыбегты Хъазыбег æ. æнд.— Фыдыбæсты Стыр хæсты рæстæ- джы тох кодтой цыфыддæр знагимæ Советон Æфсады рæнхъыты. 48 §. Дыстъæлф æвæрæм ранымады разæй, иугæнæг дзырд дзы куы нæ вæййы, фæлæ ранымады хæйттæн бæрæг номыртæ куы фæдæттæм, уæд дæр: Съезд: а) байхъусы æмæ сфидар кæньС-Центрон Комите- ты, Центрон Ревизион Къамисы æмæ иннæ центрон организациты дзуаппытæ; æ) ногæй æркæсы, аивы æмæ сфидар кæны парти- йы Программæ æмæ Устав; б) амоны партийы фæндаг мидбæстон æмæ æдда- гон политикæйы, æркæсы æмæ лыг кæны партион æмæ паддзахадон царды, коммунистон арæзтады ахсджи- агдæр фарстатæ; в) равзары Цеитрон Комитет æмæ Центрон Реви- зион Къамис. (Советон Цæдисы Коммунистон партийы Устав) 49 §. Дыстъæлф æвæрæм ранымады разæй, иугæнæг дзырд дзы куы нæ вæййы, фæлæ уæддæр ранымад кæй уыдзæн, уый равдисын куы фæхъæуы æмæ ранымады разæй лæууæг дзырд хъæрдæрæй куы фæзæгъæм, йæ фæстæ та паузæ куы скæнæм, уæд: Хæдзары æфсин цæхæрадонæй æрбахаста: джитъ- ритæ, хъæдындзтæ, уырыдзытæ æ. æндш Æмбырды уыдысты: парткомы секретарь, хъæусо- веты æмæ колхозы сæрдартæ, колхозонтæ, районæй æрвыст лæг æ. æнд. Фиппаинаг: Хъуыдыйады иугæнæг дзырд куы нæ вæййы, стæй ранымады размæ паузæ дæр куы нæ фæкæнæм, уæд ахæм хъуыдыйады дыстъæлф не ’вæрæм: 54
Æмбырды уыдысты парткомы секретарь, хъæусо- веты æмæ колхозы сæрдартæ, колхозонтæ, районæй æрвыст лæг æ. æнд. 50 §. Дыстъæлф æвæрæм ахæм хъуыдыйады кæрон, йæ фæс- тæ цы хъуыдыйад кæнæ хъуыдыйæдтæ уа, уыдон йемæ æнæ бæттæгæй иугонд куы цæуой æмæ йын: а) йæ хъуыды æххæстдæр, бæлвырддæр куы кæной, уæд (фылдæр хатт ахæм хъуыдыйæдтæм раттæн вæййы фæрстытæ цавæр? куыд? æмæ дзы сæвæрæн вæййы бæттæг ома): Цуаноны сæры бацыд хынæйдзаг хъуыды: сфæнд кодта иу æхстæн раппарын дыууæ дзæбидыры дæр. (Хетæгкаты Къ.) Аннæйы æнцой нæ уагъта мæт: Къоста йæ куы фæрса, уæд ын цы дзуапп ратдзæн? (Дзадтиаты Т.) Иу миниуæг уыд Мысостмæ: мæгуыры сæрыл йæхи мæлæтмæ дæр раттаид. (Гæдиаты Ц.) Зурапп хъæлдзæггондæй бацамыдта къухæй хæ- дзары къулмæ: уым ауыгъд уыди дыууæ æмбисонды стыр сыкъайы. (Хетæгкаты Къ.) Хистæр кълæсты скъоладзаутæн сæ бакаст уыд æндæр: чызджытæн сæ дзыккутæ уыдысты рæсугъд быд. (Епхиты Т.) æ) кæнæ йын йе ’фсон куы амоной, уæд (фылдæр хатт ахæм хъуыдыйæдтæм раттæн вæййы фæрстытæ цæмæн? цæуыннæ? æмæ дзы сæвæрæн вæййы бæттæг уымæн æмæ): Сценæйы фæзынди Руслан, уыди тарстхуыз æмæ æнкъард: æрбадæлдзæх йæ Людмилæ. (Дзадтиаты Т.) Æгæр уæздан арæзтытæ фæци Зæли, мæгуыр лæ- гыл афтæ нæ фидауы: мæгуыр хъуамæ уындæй дæр фыдуынд уа. (Хъуылаты С.) 55
Буц ахуыр ма скæн дæ байзæддаджы: азымы дæ дардзысты æрæджиау. (Æмбисонд) Æдылыйæн æмдзæгъд нæ хъæуы: доны хъæрмæ дæр кафы. (Æмбисонд) б) кæнæ дзы цы мивдисджытæ вæййы (зонын, æмбарын, уы- иын, хъусын, кæсын æ. æнд. ах.), уыдоны хъуыды куы райха- лынц, куы раргом кæнынц, уæд (фылдæр хатт ахæм хъуыды- йæдтæм раттæн вæййы фарст цы? æмæ дзы сæвæрæн вæййы «бæттæг кæй): Адæм рагæй дæр зонынц: амонд хъæздыгдзинадæй нæу. Лæппу бамбæрста: цард адæймагæн йæхицæй араз- гæ у. Фæкаст æмæ ауыдта: чызг æрлæууыди хъусинæг- тæ ныхасæн цæджындзы раз æмæ худы. (Дзадтиаты Т.) Бæлæсты бын куы барухс, уæд дзы раргом ис: ба- дынц уæлæсыхы лæгтæ бæлæсты бын. (Коцойты А.) Кæсынц æм: арæх фæбады айнæдоюы сæрмæ йæ фосы цур... (Хъуылаты С.) Мæн уырны: æрцæудзæн сæрибар цард æппæт бæстæты фæллойгæнджытæн дæр. 51 §. Дыстъæлф æвæрæм, комкоммæ ныхасы кæнæ цитатæ- йы размæ цы хъуыдыйад фæлæууы, уый фæстæ: Нарт загътой: «Сырдонæн дурты бын дæр мæлæн нæй!» (Нарты кадджытæ) Халон халонмæ тæхы, халон халонæн зæгъы: «Ха- лон! Цæй-ма, ныр цы хæрæм? Сихорæн амал цы скæ- нæм?» (Хетæгкаты Къ.) 56
Иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ бахæлæг кодтой хъæуы устытæ: «Тæхуды, ахæм чызг йæ хæдзарæй кæмæн рацæуы, ахæм чындз йæ къæсæрæй кæмæн бахизы!» (Токаты А.) «Нарты кадджытæ»-йы разныхасы фыст ис: «Ит- тæг аив æмæ хъæздыг у ирон адæмон сфæлдыстад кадджытæ, зарджытæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæй. Уы- дон биноныг æвдисынц ирон адæмы хъуыдытæ æмæ ирон адæмы бæллицтæ». VII ТИРЕ 52 §. Тире æвæрæм сæйрат æмæ зæгъинаджы æхсæн, вазыг- джын зæгъинагæй цухгонд куы æрцæуы бæттæг (æххуысгæнæг мивдисæг уæвын-ы цæсгомон формæ), уæд уый бæсты: Зонд — хай, бæстæ — хай. (Æмбисонд) Мæ гутон, мæ галтæ — мæ фæндыр, мæ зонд. (Хетæгкаты Къ.) Зæрдæ цины бын — уæрыкк, хъыджы бын — дур. (Æмбисонд) Хорз фыййауæн — фос; бирæ фосæн — хос. (Хетæгкаты Къ.) Хæстæй æмæ фæдисæй лидзын — худинаг. (Æмбисонд) Дæс хатты дæс — сæдæ. Нæ хъахъхъæнæг — сымах. Уе ’дасдæр бынат — ам. Цæргæсы бæллын — уæлæрвты тæхын. (Æмбисонд) 53 §. Тирс æвæрæм цухгонд зæгъинаджы бæсты: Бон боны фæдыл цыди, æз та — азы фæдыл. (Брытъиаты С.) т
Горæт хъæуæн дæтты промышленнон товартæ, ма- шинæтæ, хъæу та горæтæн — хъæууонхæдзарадон продукттæ. 54 §. Тире æвæрæм ранымады фæстæ иугæнæг дзырды ра- зæй: Адæймагæй, фосæй, бæласæй, кæрдæгæй, æнæуый цæрæгойæ — иууылдæр базмæлыдысты æмæ се уæнг- тæ систой хуры зынг цæстмæ. (Епхиты Т.) Райсом рарвитут уæ бинойнæгты æмæ айсут ссад дæр, сæкæр дæр, макаронтæ дæр — цыдæриддæр уæм цæуы, уый. (Мамсыраты Д.) Бомбæ, минæ, кард, танк, джебогъ, нæмыг — ал- цыдæр йæ куыст кодта уыцы ран. (Нигер) 55 §. Тире æвæрæм ранымады фæстæ, ранымадæн йæ разæй куы фæлæууы иугæнæг дзырд кæнæ зæгъæм, куыд, номхуындæй, ома, йæ фæстæ та — хъуыдыйадæн йæ иннæ уæнгтæ. Адæм иууылдæр: фысымтæ дæр, уазджытæ дæр — хъазтмæ рацыдысты. Здоюыды фæсивæдæй алчидæр: фæиды шахтæйы кусæд, фæнды ахуыргæиæгæй, фæнды дуканигæсæй уæд — уæддæр зæрдиагæй архайы æхсæнады царды. (Мæхæмæтты А.) Колхозонтæ се ’ппæт дæр, ома: фосы куыстгæн- джытæ, механизатортæ, дыргъы куыстгæндоюытæ — разы уыдысты сæ афæдзы фæллойæ. 56 §. Тире æвæрæм хъуыдыйады кæроп кæнæ йæ астæу æвæрд æмхасæны разæй, цы дзырд фæбæрæг кæны, уыимæ йын æмхуызон уæнгыл банымайынæй тас куы вæййы кæнæ ма йæхи мидæг исты æрхæцæн нысан куы уа, уæд (ахæм æмхасæ- ны размæ сæвæрæн вæййы бæттæг ома): Знон федтон мæ хæлæртты хуыздæры — Мураты. Цуанон йемæ акодта хъæдмæ йæ цуанои куыдзы— йæ цыппæркъахыг æмбал Силæмы. 58
Рацæуынц иннæ колхозонтæ дæр — нæлгоймæгтæ, зæрæдтæ, фæсивæд. (Коцойты А.) Зæхкусæг адæмы цард фæхуыздæрæн ис æрмæст иу фæндаг — иумæйаг коллективоы хæдзарады фæн- даг, колхозы фæндаг. (Гæдиаты Ц.) Директоры кабинетæй рацыдысты Хъазыбег — за- воды хистæр бухгалтер, Мæирбег — директоры хæди- вæг, Саниат — парткомы секретарь. 57 §. Тире æвæрæм даргъгонд кæнæ æнæдаргъгонд инфини- тивы разæй, уый æмхасæны ролы куы уа æмæ йæ разæй лæууæг æмбарынгæнинаг дзырд куы бæрæг кæна, уæд (ахæм инфи- нитивы размæ сæвæрæн вæййы бæттæг ома): Мæ фыд царды фæрæзыл нымадта æрмæстдæр иунæг хъуыддаг — кусын. Скъоладзауты сæйрагдæр хæс у зындгонд — ахуыр кæнын. Лæппуйы сæрмæ æрцыди рæсугъд фæнд — балæ- вар кæнын йæ мадæн бæрæгбонмæ йæхи конд ныв. Коммунистон парти, Советон хицауад æмæ нæ адæм иууылдæр стыр хъомыладон хæстæ æвæрынц не скъолайы раз—скъоладзау фæсивæды зæрдæйы ком- мунизм аразыны зондахаст фидар кæнынш (Журыал «Мах дуг») 58 §. Тиретæ æвæрæм даргъгонд æмхасæнæн йæ дыууæрды- гæй дæр, хъуыдыйады астæу куы лæууа æмæ бæрæггæнинаг дзырдимæ æнгом баст куы нæ уа, уæд (æмхасæн къæдзыгтæй кæд хицæн кæнæм, уый тыххæй кæсут 30—34 §): Рæсугъд хъал чызг — Сайнæг-æлдары бындар Агуындæ-рæсугъд — æрхызтис айнæгæй, æрæмбырд кодта уадындзы сæстытæ æмæ сæ бахаста сæхимæ. (Нарты кадджытæ) Саломи — идæдз ус — йæ дыууæ æнахъом чызги- мæ уайтагъд ацæттæ кодта йæхи. (Коцойты А.) 59
Садуллæйы æрвадæлтæ — фынддæс хæдзары — фæйнæ лæгæй уым уыдысты. (Гæдиаты Ц.) Бæрз бæлас — бæлæсты фыдауц — уæд йæ цæссыг- тæ æркалдта. (Гулуты А.) Магомед Хадичев — иу-дыууиссæдзаздзыд} цыргъ- фындз, фыдцъылыз лæг — бадт фæцис Газевы фарс- мæ æмæ алкæмæ дæр ныхасæппарæн кодта, дзурын никæй уагъта. (Цырыхаты М.) Буцæ — санибайаг лæппу, Арсены уарзон, патриар- халон хъæуы идеалон минæвар — бахауд горæтмæ... (Джусойты Н.) 59 §. Тиретæй хицæн кæнæм дыууæрдыгæй дæр хъуыдыйады ^къорд æмхуызон уæнджы, хъуыдыйады астæу куы æмбæлой .æмæ сæ разæй æвæрд дзырд куы æмбарын кæной, уæд: Ирыстоны хицæн рæтты — Дзинагъайы, Урсдоны, Къæхтысæры æ. æнд.— арæзт æрцыди турбазæтæ. Цæгат Кавказы цæрæг адæмы хæттытæ — ирæттæ, балхъайрæгтæ, хъуымыхъæгтæ — сæ равзæрдмæ гæс- гæ иберийаг-кавказаг адæмты къордмæ нæ хауынц. 60 §. Тиретæй дыууæрдыгæй дæр хицæн кæнæм бавæргæ хъуыдыйæдтæ æмæ бавæргæ дзырдтæ, хъуыдыйады астæу куы лæууой æмæ хъуыдыйадимæ сæ бастдзинад бынтон дард куы нæ уа, уæд (бавæргæ дзырдтæ æмæ бавæргæ хъуыдыйæдты къæ- дзыгтæ æмæ къæлæттæй кæд фæхицæн кæнæм, уый тыххæй кæ- сут38,72 §§). Кæмдæр та халон — цыма дзы хъалон нæ фыййау дардта — цыхты къæртт ссардта. (Хетæгкаты Къ.) Чысыл ма йæ зонын мæ фыдьи.. Хæмæт — йæ но- мæй йæ хонын — кæм кодта мæ мæт: (Хетæгкаты Къ.) Уæд дын — царциаты диссæгтæ! — Хур бон арв хæхты сæрмæ куы ферттивид. '60
61 §. Тире æвæрæм дыууæ зæгъинаджы æмæ дыууæ сæрма- гонд хъуыдыйады æхсæн, уыдонæй дыккаг куы февдисы, æнæп- хъæлæджы чи вæййы кæнæ, фыццаджы ныхмæ чн фæцæуы, ахæм архайд: Æз хъæрмæ рауадтæн — æмæ сагъдауæй аззадтæн. Уынгмæ ауади — æмæ фæстæмæ æрбаздæхти, уроктыл абадти — æмæ уайтагъд фестади. Уый чызг нæу — зæд у. Бæрзæндты тахти — ныллæг æрбадти. Æз нæ уыдтæн — гæды уыди. (Хъороты Д.) Дæ фыдæлтæ рухсаг — дæхæдæг мын бæзз. (Хетæгкаты Къ.) Уый арв нæ нæры — фæлдахы сырдты йæ хъыри- магæй Гуыйман — чысыл лæг. (Нигер) Уазæг цæттæ — фысым æдзæттæ. (Æмбисонд) Фæлæ цыдысты мæйтæ мæйты фæстæ, азтæ азты фæстæ — Хъæвдынмæ маст исыны кой ницы уыди. (Коцойты А.) Фиппаинаг: Архайды æнæнхъæлæджыдзинад тынгдæр равдисыны тыххæй тирейæ рахицæнгæнæн ис хъуыдыйадæн йæ кæцыфæнды хай дæр: Дæ куыст-ма кæронмæ фæу æмæ-~ Джызæлы га- уарда. Гуыдырыл бирæ фæцархайдтон, фæ^æ — дзæгъæ- лы. Карк иууылдæр бахордта — къахæй сæрмæ. Федтон дæ — нæ сыхæгтæм. 62 §. Тире æвæрæм æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады ми- дæг дыууæ сæрмагонд хъуыдыйады æхсæн, дыккаг хъуыдыйад фыццагæй куы кæна хатдзæг кæнæ йын куы æвдиса йæ фæсти- уæг: Хъæвдын барæхуыста — хъама Батырадзы чъыл- дымæй акасти. (Коцойты А.) 61
Уыцы ран Уырысби бакасти чызгмæ — чызг йæ цæстытæ зæххы ацавта... (Коцойты А.) Сырд ахæм рæсугъд уыд — куыннæ йын фæтæри- гъæд кодтаин? 63 §. Тире æвæрæм æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады ми- дæг дыууæ хъуыдыйады æхсæн, хъуыдымæ гæсгæ фыццаг хъуы- дыйад уæлæмхæсты хуызæн куы уа, дыккаг та — сæйраг хъуы- дыйады хуызæн: Нæ зоныс — ма æвнал. Хæрын уарзыс — кусын дæр уарз. Хæс дæхимæ райстай — сæххæст æй кæи. Дон кодтон — хуылыдз кодта, ссад кодтон — сур кодта. (Æмбисонд) 64 §. Тире æвæрæм (къæдзыджы фæстæ), даргъ вазыгджын хъуыдыйады мидæг хъуыды тыпгдæр бахахх кæныны, фæтых- джындæр кæныны тыххæй дыккаг хатт цы дзырдæй фæпайда кæнæм, уый разæй. Æз зонын, уыцы цины хабар нæм чи æрбахаста, уый уыди мæ фыд, йе ’фсымæртæ цалдæрæй хæсты кæмæн уыдысты æмæ уæлахизы уац йæхицæн уæлдай æхсызгондæр кæмæн уыд,— мæ фыд, адæмы сæрап- понд кæддæриддæр йæ уд чи хъардта. Сæрдар бамбæрста, иууылдæр хъугдуцæгæй меха- низаторы онг, бригадиртæ зæгъ, къанторы кусджытæ зæгъ, кæркгæстæ дæр, хъахъхъæнджытæ дæр, уыдо- нæн се ’ппæтæн сæ бинонтæ дæр,— иууылдæр афæдзы кæрон кæй уыдзысты тынг разы, сæ афæдзы куыстмæ кæй райсдзысты фаг тыллæг. 65 §. Тире æвæрæм (къæдзыджы фæстæ) уæлæмхæст хъуы- дыйæдтæй сæйраг хъуыдыйады æхсæн, кæрæдзийæ сæ уæлдай тынгдæр рахицæн кæнын куы фæхъæуы, уæд. Раст у, нæу,— мах æм ницы хъуыддаг ис. Иæ фырты уынæг Хазби горæтмæ ацыди æви нæ, кæд æм нæма ацыди, уæд æм кæд цæудзæн,— уыдæт- тæн æз ницы зонын. Хорз бон уа, æвзæр бон уа,— мæ куыстмæ мын райсом æнæ цæугæ нæй. 62
66 §. Тире æвæрæм дыууæ дзырды æхсæн, уыцы дзырдтæ куы февдисынц дæрддзæджы, афоны æмæ бæрцы райдиан æмæ кæрон: Позд Орджоникидзе — Мæскуы. Конференци уыдзæнис 15—17 октябры. Лæппу мæй бакусы 10—15 туманы. 67 §. Тире æвæрæм дыууæ кæнæ фылдæр дзырдты æхсæн, исты ахуырад, закъон кæнæ æхсæнадон организацийы ном куы февдисынц, уæд: Марксизм-ленинизм. Æхсæнад «Инди — ССРЦ». Джоулы — Ленцы закъон. VIII. БИРÆСТЪÆЛФЫГ 68 §. Бирæстъæлфыг æвæрæм хъуыдыйады кæрон, нæ ныхас æххæстæй кæй нæ загътам, уый равдисыиы тыххæй. Бирæстъæл- фыджы разæй фарсты æмæ хъæры нысантæ (интонацимæ гæс- гæ кæм фæхъæуынц, уым) нæ ахауынц: Халон баргъæвст сындзыл... Уад тымыгъ хæссы... Сау айнæджы рындзыл Нары хъæу хуыссы... (Хетæгкаты Къ.) Стонг æмæ фæлладыл тых хуыссæг кæм нæу?.. (Хетæгкаты Къ.) 0 мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон, ма ку!.. Фæуром дæхи... Фенæм уал... Фесæфæд сау лæппу цардбæллон,— чи мæ цы айса — йæхи!.. (Хетæгкаты Къ.) 69 §. Бирæстъæлфыг æвæрæм, нæ ныхас хицæн дзырдты фæстæ, суанг хицæн дзырдты мидæг дæр кæм фæкъуыхцьпæ кæны, уый равдисыны тыххæй: Естъа. Фæцис... Тембо... Мæлын... Куы ссæуой не ’мбæлттæ... æрцу-иу уæд мæ ингæнмæ, æрцу... Ныхъ- хъæр-иу кæн, æрцыдысты, зæгъгæ... Ныххой-иу мын мæ ингæн... Кæд, чи зоны... Мæлын... Хæрзбон... (Гæдиаты Ц.) 63
Уый а... а... ардæм æ... æ... æрбацæуы. 70 §. Бирæстъæлфыг æвæрæм цитатæты, цы дзырдтæ дзы фæуадзæм, уыдоны бæсты: Цомахъ, йæ фыды сфæлдыстадон гуырæнты тых- хæй фысгæйæ, амыдта: «...Гæдиаты Секъайы сфæлды- стадыл гуырдзиаг литературæйы тæваг фæзынди æп- пæтæй тынгдæр». Ирыстоны зындгонд ахуыргонд Абайты Васо йæ чиныг «Ирон æвзаг æмæ фольклор»-ы зæгъы: «XVIII- æм æнусы кæрон æмæ Х1Х-æм æнусы райдианы чи ссыд Ирыстонмæ, суанг уыдон дæр бафиппайдтой, ирæттæ, кæд сын бирæ ис иумæйагæй сæ сыхаг кав- казаг адæмтимæ..., уæддæр цæхгæр хицæн кæнынц уыдонæй се ’взагæй». Хетæгкаты Къостайы салдат, йæ мадмæ дзургæйæ, зæгъы: «Морæ фæсмынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ нал ысрухс кодтай...» Фиппаинаг: Разæй æмæ фæсте дзырдтæ цы цитатæты фæцух кæнæм, уыдон хъуыдыйады хай куы свæпйынц, уæд дзы бирæстъæлфыг не ’вæрæм: Цомахь аммдта, зæгъгæ, «Гæдиаты Секъайы сфæл- дыстадыл гуырдзиаг литературæйы тæваг фæзынди æппæтæй тынгдæр». Къостайы салдат загъта, «морæ фæсмынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ нал ысрухс кодтай, мæ мад», зæгъгæ. IX. КЪÆЛÆТТÆ 71 §. Къæлæтты исæм ахæм бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуьь дыйæдтæ, кæцытæ, хъуыдыйадимæ синтаксисон æгъдауæй баст нæ уæвгæйæ, фефтауынц хъуыдымæ исты уæлæмхасæн фиппаи- нæгтæ, йе та феххæст кæнынц, хуыздæр фембарын кæнынц хъуыдыйад æмткæй райсгæйæ кæнæ уымæн йæ пскæцы хай (ба- вæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ къæдзыгтæ æмæ тиретæй кæд фæхицæн кæнæм, уый тыххæй кæсут 38, 64 §§). Фыццаг æфсæрмы кодта (Дебола) Додеккамæ хæстæг бацæуын дæр, фæлæ йыл уайтагъд фæцахуыр æмæ, куыстæй чысыл февдæлон ис, зæгъгæ (ахæм рæстæг та-иу хæрз стæм хатт фæзындис), уæд уæндо- нæй ныхас кодта йемæ. (Мамсыраты Д ) 64
Дæрггæфсы ком мын (цы йæ сусæг кæнон?) цы- срæнды курортæй дæр зынаргъдæр æмæ адджындæр у. (Токаты А.) Автор æрæфтыдта æлдар Гарсеваны кой. Гарсе- ван — паддзахы хæлар, зæрæдты цæсты стыр лæг, æр- хъуыдыджын (паддзахы мæлæтæй фервæзын кодта!), уæздан лæг (паддзахæй йæ хæрзиуæджы тыххæй лæ- вар нæ райста). (Джусойты Н.) 72 §, Къæлæтты исæм ахæм бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыды- йæдтæ, кæцытæ, кæд синтаксисон æгъдауæй баст вæййынц хъуыдыйадимæ, уæддæр хъуыдыйадмæ хаст æрцæуынц, куыд исты уæлæмхасæн, фæрссаг фпппаинаг, афтæ: Кæд та Васил у, зæгъгæ, æрбамæсты чызг, фæлæ фæстæмæ, уынджы ’рдæм куы фæкаст, уæд йæ цæсты- тыл æууæндгæ дæр нæ бакодта: бæхыл (уымæй дæр Æрфæныл) сцæйуади Сослæнбег. (Мамсыраты Д.) Уыдон дæр (цыма йæ зыдтой, сæ ныййардоюытæ сæм æнхъæлмæ кæй кæсынц, уый) хъæлдзæгæй тын- дзыдтой уыцы сахат иумæ — сæ хæдзармæ. (Гæдиаты Ц.) Мæнæ Тедо æмæ Симон, дыууæ зæронд, æдых (уæнгæй дæр, удæй дæр, зæрдæйæ дæр) адæймаджы. (Джусойты Н.) 73 §. Къæлæтты исæм хицæн сæрмагонд хъуыдыйæдтæ, исты уæлæмхасæн, фæрссаг фиппаинаджы хуызы лæвæрд куы фæ- цæуынц, уæд: Нана мын рагæй дзуры, æз æмæ ды нæ цард куыд баиу кæнæм, афтæ. (Кæд уыцы ныхасмæ æнхъæлмæ кастис Залхан, уæддæр йæ цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт). (Мамсыраты Д.) Бирæгъ фæуадзыг, æрхаудис, фæлæ уайтагъд баз- мæлыд. Куы та сыста, зæгъгæ, йын йæ фæстаг къæх- тæм фæлæбурдтон æмæ йæ уæлдæфы зилын байдыд- тон. (Данел ма хъуыды кæны, уыцы хабар фыццаг хатт хъæумæ куы сыхъуыстис, уæд Алтеджы стыр 5 Заказ № 462 65
хъæбатырыл банымадтой, æмæ йæм писмо куыд ныф- фыста, уый). (Мамсыраты Д.) 74 §. Къæлæтты исæм, искæцы адæймаджы раныхасмæ хъус- джыты ахаст цы дзырдтæ æвдисынц (ремаркæтæ), уыдон: (Къухæмдзæгъд). (Разыйы хъæлæстæ). (Тыхджын къухæмдзæгъд. Иууылдæр фестынц). 75 §. Къæлæтты исæм, искæп ныхасы мидæг искæцы дзырд- тæм нæ ахаст (разыдзинад, гуырысходзинад æ. а. д.) цы хъæрьг нысанæй кæнæ фарсты нысанæй февдисæм, уыдон: Дохтыр загъта рынчынæн: «Дæс боны (?) фæстæг мæм æрбацæудзынæ». Къоста афтæ загъта: «Зондамонæгмæ (!) хъус»... 76 §. Къæлæтты исæм, цитатæ кæцæй ист æрцæуы, уый цы дзырдтæ фæамонынц цитатæйы хæд фæстæ, уыдон: Цæйут, æфсымæртау Раттæм нæ къухтæ Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!.. (Хетæгкаты Къоста. Балцы зарæг). Зонд, куыст, æгъдау — уыдон Секъа нымайы адæй- маджы цæсгомгæнæг миниуджытыл (Журнал «Мах дуг», 1985 аз, 10-æм номыр, 80 ф.). 77 §. Къæлæтты исæм, драмон уацмысты цы ремаркæтæ вæййы, уыдон: Нана (Черменæн). Тагъд цæугæ нæхимæ!.. (Адæм апырх вæййынц). (Плиты Г.) Чермен (иунæгæй). Цæй зын дæ, цæ, кæвдæсарды ном! (Плиты Г.) X. ДЫКЪÆДЗЫГТÆ 78 §. Дыкъæдзыгты исæм цитатæтæ, комкоммæ ныхас, ног абзацæй куы нæ рандайынц, уæд æмæ искæмæй ист хицæн дзырдтæ: Хетæгкаты Къоста фыста: «Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин, арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры 66
хъаст,— дунеты се ’ппæт мæхимæ æрхонин, радзурин сын уæд мæ зæрдæйы маст». Æз æм хæстæг бацыдтæн, æфсæрмыгæнгæ йæ ба- фарстон: «Бахатыр кæн, Ирыстоны номдзыд поэт кæм цæры, уый нæ зоиыс?» (Малиты В.) Автор сызмæста нывтæ: иуæй, Милуслйы кæсын кæны «стыр фæндагмæ», иннæмæй та, чиныгкæсæджы бадавта цавæрдæр цæхæрадонмæ (раздæр æппындæр йæ кой нæй уыцы цæхæрадонæн). (Епхиты Т.) Фæлæ: Хетæгкаты Къоста фыста: Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин, Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъаст,— Дунеты се ’ппæт мæхимæ æрхонин, Радзурин сын уæд мæ зæрдæйы маст. Æз æм хæстæг бацыдтæн, æфсæрмыгæнгæ йæ ба- фарстон: — Бахатыр кæн, Ирыстоны номдзыд поэт кæм цæ- ры, уый нæ зоныс? (Малиты В.) 79 §. Дыкъæдзыгты исæм бадзырдон сæрмагонд иæмттæ, ома газетты, журналты, чингуыты, литературон уацмысты, орга- низациты æ. æнд. ах. нæмттæ: Газет «Рæстдзинад». Жирнал «Мах дуг». Боциты Бароны роман «Саст рæхыс». Фиппаинæгтæ: Дыкъæдзыгты нæ исæм: 1) Дзырд «номыл» цы сæрмагонд нæмтты уа, уыдон: Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музей. 2) Бадзырдон чи нæ у, организациты ахæм сæрмагонд нæмт- тæ (æххæстæй дæр æмæ цыбыргондæй дæр): Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, ЦИПУ, СЦТА, ГЭС. 3) Чингуыты нæмттæ, уыдон библиографион текстты æмæ бынмæ æрхæсгæ амындтыты (сноскæты) мидæг авторы мыгга- джы фæстæ ист куы фæцæуынц, уæд: Хетæгкаты Къ. Ирон фæндыр: Зæрдæйы сагъæстæ, 67
зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ. Орджони- кидзе: Ир, 1984.— 176 ф. Гæдиаты Цомахъ. Уацмыстæ. Орджоникидзе, 1959, 400 ф. 4) Телеграфон агентадты нæмттæ: Агентад Синьхуа, агентад Юнайтед Пресс. 5) Машинæты маркæты нæмттæ: волгæ, жигули, москвич, камаз. 6) Фосыл æвæрд нæмттæ: Æрфæн, Мила, Барбос. 7) Арæх кæмæй пайда кæнынц, зайæгойты æмæ фосы мыг- гæгты ахæм «хæдзарон» нæмттæ: дугъысыф, симиренко фæткъуы, табырджан фыс. Фæлæ: кæрдо «февраль», мæнæу «краснодаркæ 622». 80 §. Дыкъæдзыгты исæм, хъус тыпгдæр æрдарын кæнын нæ цы зæронд кæнæ бынтон ног дзырдтæм фæнда, йе та дæлгоммæ хъуыдыимæ кæмæй пайда кæнæм, сæ нысаниуæгмæ кæнæ се ’рхастмæ гæсгæ истæмæй æнахуыр чи уа, ахæм дзырдтæ: Коммунисттæ адæмæн æргом кæнынц дины «ахуы- рады» мæнгдзинад, хуыцауы тыххæй, уды тыххæй, «мæрдты бæсты» царды тыххæй, «зынджы арты» æмæ «дзæнæты цæхæрадоны» тыххæй адæмы сауджынтæ цæмæй сайынц, уыдæттæ. (Журнал «Мах дуг») Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры. (Хетæгкаты Къ.) Фæрсыс ма мæ: «ни дæ?», уæд иунæг — мæ ном! (Хетæгкаты Къ.) Дыккаг ус æрхаста... Æркодта мæн дæр... Мæ «нындз» мæ нæ уарзта,— фыдсыл уыд кæмдæр! (Хетæгкаты Къ.) 68
XI. ÆРХÆЦÆН НЫСÆНТТÆ КОМКОММÆ НЫХАСЫ ÆМÆ ЦИТАТÆТЫ 81 §. Комкоммæ ныхас ног абзацæй куы райдайы, уæд ын йæ разæй æвæрæм тире: Ахуыргæнæг загъта скъоладзаутæн: — Царды стырдæр нысан у адæмæн лæггад кæ- нын. 82 §. Комкоммæ ныхас ног абзацæй куы пæ райдайы, афтæ- мæй авторы дзырдты фæстæ куы вæййы, уæд авторы дзырдты фæстæ æвæрæм дыстъæлф, комкоммæ ныхас та дыууæрдыгæй дæр исæм дыкъæдзыгты, йæ фæстæ та йын æвæрæм, цавæр хъуыдыйад уа, уымæ гæсгæ стъæлф кæнæ фарсты нысан, йе та хъæры нысан: Ахуыргæнæг загъта скъоладзаутæн: «Царды стыр- дæр нысан у адæмæн лæггад кæнын». Халон халонмæ тæхы, халон халонæн зæгъы: «Халон! Цæй-ма ныр цы хæрæм?» (Хетæгкаты Къ.) Æвиппайды дуарæй æрбайхъуыст кæйдæр хъæр: «Цъиусуртæ! Сырх ракетæ! Алчи йæ машинæмæ!» (Баситы М.) 83 §. Комкоммæ ныхас авторы дзырдты разæй куы вæййы, уæд æй .дыууæрдыгæй дæр исæм дыкъæдзыгты, йæ фæстæ та йын æвæрæм, цавæр хъуыдыйад уа, уымæ гæсгæ фарсты кæнæ хъæры нысан, бирæстъæлфыг, пе къæдзыг (стъæлфы бæсты), стæй тире: «Цы кодтай, чи дæ бафхæрдта?» — фæрсы йæ Са- тана. (Нарты кадджытæ) «Ды, Хъауырбег, партизаны ном фегад кодтай, æмæ дын абонæй фæстæмæ нæ рæнхъыты бынат нал ис! — карзæй загъта Мурат. (Санаты У.) «Æз суг æрбадавдзынæн, ды та...» — загъта лæппу, йæхæдæг йе ’мбалæн пецмæ ацамыдта. «Кусæг хъæудзæн мит мæрзынæн»,— загъта Бесо иу хатт æмæ араст ис æфцæгмæ, куыстагур. (Гæдиаты Ц.) 69
84 §. Авторы ныхæстæ комкоммæ ныхасы астæу куы уой, уæд комкоммæ ныхас æгасæй дæр исæм дыкъæдзыгты; авторы дзырдты размæ æмæ фæстæ та уыдон кæд хуымæтæг кæнæ вазыгджын хъуыдыйады астæу уой, уæд æвæрæм къæдзыг æмæ тире, кæд сæрмагонд хъуыдыйæдты астæу уой, уæд та сæ размæ æвæрæм, фыццаг хъуыдыйад цавæр уа, уымæ гæсгæ фарс- ты кæнæ хъæры нысан, йе та бирæстъæлфыг кæнæ къæдзыг, сæ фæстæ та — стъæлф æмæ тире: «Тог,— фæдзырдта Чермен,— азил уæртæ нæ дзы- вырмæ, рæвдз куыд хуым кæна, афтæ». (Санаты У.) «Ма кæут, мæ хуртæ,— дзуры сæм сæ мад,— афы- цой хъæдуртæ, абадут æнцад». (Хетæгкаты Къ.) «Доны был чи цæры,— зæгъы адæмон æмбисонд,— йæ ивылын дæр ын уый зоны». «Азизы нæ федтай? — базмæлыдысты зæронд усы хус былтæ.— Хæстмæ куы ацыд, уæдæй нырмæ дзы ницы хабар ис...» (Чеджемты Г.) «Бакæнут æй ахæстоны, ацы ’ррайы! — ныхъхъæр кодта Мато.— Стæй йын фенын кæндзыстæм, мах ду- джы хицауимæ тох кæнын, дæ фыртимæ кусджыты змæнтын æмæ фабрикæ бауромын цы давы, уый». (Боциты Б.) «Хæрзæхсæв, хæрзæхсæв уал у,— сдзырдта быды- рон дидинæг.— Мæ амонд мæнæн мæ дзыллæйы амон- димæ æмхæст у, мæ хæлар». (Гæдиаты Ц,) 85 §. Авторы дзырдтæ комкоммæ ныхасы астæу куы вæййынц æмæ дзы, комкоммæ ныхасы фæстаг хаймæ ахæсгæ чи уа, ахæм мивдисæг куы вæййы, уæд авторы дзырдты фæстæ æвæрæм дыс- тъæлф: «Æгас цæут, хорз адæм,— загъта колхозы сæрдар, æмæ, адæмыл йæ цæст ахæсгæйæ, бафарста:— Цæмæн уæм фæдзырдтон, уый зонут?» Фиппаинæгтæ: 1) Комкоммæ ныхасимæ ма дыккаг ком- коммæ ныхас куы æмбæла, уæд уый дæр исæм хицæнæй дыкъæ- дзыгты: 70
«Азизы нæ федтай? — йæ цæстытæ доны разылдта æнамонд мад.— Хæстмæ куы цыд, уæд мын афтæ дзырдта: «Нана, ма тыхс, ардæм мæ хъæуы уæлахи- зæй». (Чеджемты Г.) 2) Комкоммæ ныхасы æрхæцæп нысæнттæ раст æвæрыиы тыххæй ацы парагрæфты цы æгъдæуттæ амынд æрцыд, уыдон æмхуызон ахæсгæ сты цитатæтæм дæр. 86 §. Дыууæ адæймаджы ныхæстæ æнæ авторы дзырдтæй фыст куы цæуой уыцы иу рæнхъыл, уæд алы ныхас дæр псæм хицæнæй дыкъæдзыгты, се ’хсæн та сын æвæрæм тире: «Æгас цæуай, цъæх бирæгъ!» — «Хорз цæрай, зыгъарæг!» — «Дысон-бонмæ кæм уыдтæ?» — «Дæу агурæг фæзылдтæн».— «Æмæ мæнæй та цы кæныс?»— «Ныртæккæ дæ хæрдзынæн».— «0, быи бауай, цъæх бирæгъ! Дæ фыды хæрд нæ зоныс?» — «Æрбайсæфай, зыгъарæг. Мæ фыд та-иу куыд хордта?» — «Уый-иу зыгъарæг куы ссардта, иу æхстæн-иу уæлвæндаг, ин- нæ æхст та дæлвæндаг, афтæмæй-иу куы срæгъæд, хордта-иу æй адджынæн». (Зыгъуытаты Б.) XII. ÆРХÆЦÆН НЫСÆНТТЫ СÆМБÆЛД КÆРÆДЗИИМÆ 87 §. Фарсты æмæ хъæры нысæнттæ, бирæстъæлфыг, стъæлф’ æмæ къæдзыг тиреимæ куы сæмбæлынц, уæд сын тире æвæрæм сæ фæстæ: «Хорз лæг, фæлæуу-ма!.. Æз дæуæй зæгъын, дæ- уæй!..» — æвиппайды фехъуыст мæ фæстæ кæйдæр тызмæг, нæргæ хъæлæс. (Баситы М.) «Ауылты цæуæн нæй, уый нæ зоныс?» — мæстыхуы- зæй загъта уырыссагау лæг. (Баситы М.) «Уый æз нæ зыдтон,— загъта Барис æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Æмбал æмбалимæ хъуамæ æн- гомдæрæй цæра». Фиппаинаг: Тирейы хæд фæстæ пунктуацион æгъдæут- тæм гæсгæ къæдзыг æвæрын кæм хъæуа, (зæгъæм, бавæргæ Дзырдты размæ), уым дæр æй ые ’вæрæм: 71
Адæм, фос, сырдтæ—иу дзырдæй, æрдз иууылдæр райхъал ис тар æхсæвы фæстæ. 88 §. Стъæлф, къæдзыг, стъæлф къæдзыгимæ, дыстъæлф, ти- ре куы сæмбæлынц, æхгæнгæ цы дыкъæдзыгтæй фæкæнæм, уы- донимæ, уæд сæ фыссæм дыкъæдзыгты фæстæ: Францусаг ахуыргонд Дени Дидро афтæ загъта: «Тæккæ амондджындæр адæймаг уый у, фылдæр адæ- мæн амонд чи дæтты». «Фыдæлты намысы бæсты не ’хсæн хъуамæ ныф- фидар кæнæм ног рæстдзинад» — загъта иу хатт Хæ- мæт, æмæ ацы ныхæстæ Дæхцийы зæрдæмæ тынг фæцыдысты. (Гæдиаты Ц ) Ме ’мбал хистæр къласы ахуыр кодта æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнæй аивдæр бакаст Къостайы «Додой»; уый хуыздæр бакаст прозæ дæр. Киномæкæсджыты зæрдæмæ тынг фæцыди кино- фильм «Фатимæ»: бирæтæ йæм дыгай-æртыгай хæт- тытæ бацыдысты. 89 §. Фарсты нысан, хъæры нысан æмæ бирæстъæлфыг, кæд дыкъæдзыгты æвæрд дзырдтæм ахæсгæ уой, уæд сæ æвæрæм, цы дыкъæдзыгтæй фехгæнæм, уыдоны разæй, кæд æнæхъæн хъуыдыйадмæ ахæсгæ уой, уæд та сæ æвæрæм дыкъæдзыгты фæстæ: Къоста йæхиуыл ныффыста автобиографион æм- дзæвгæ «Чи дæ?» Ды загътай: «Маст ын скæн!» (Коцойты А.) Лæппу дзуры: «Зæрватыччытæ æгæр ныллæджы-- ты тæхынц, цыма уардзæни...» Фæлæ: Федтай спектакль «Чермен»? Бæрзонддæр сисæм, æмбæлттæ, «Интернационал»! Залы нæрыдысты Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ æмдзæвгæтæ «Салдат», «Додой», «Æнæ хай»... 90 §. Хъуыдыйады кæрон дыкъæдзыгты размæ куы лæууой фарсты нысан кæнæ хъæры нысан, йе бирæстъæлфыг, уæд ахæм æрхæцæп пысæнттæ дыкъæдзыгты фæстæ нал æвæрæм (æндæр нысæнттæ дзы ис æвæрæн): 72
Чи ныффыста æмдзæвгæ «Лæг æви ус?» 0 дун-дунетæ! Бæрзонддæр сисут революцион ло- зунг «Æппæт бæстæты пролетартæ, баиу ут!» Фæлæ: Къоста ныффыста æмдзæвгæ «Лæг æви ус?» Чи фæсидт фыццаджыдæр фæллойгæнæг адæммæ: «Æппæт бæстæты пролетартæ, баиу ут!» 91 §. Комкоммæ ныхасы кæнæ цитатæты иу дыкъæдзыгты мидæг дыккаг дыкъæдзыгтæ куы æмбæлой, уæд сæ бæрæг кæ- нæм фæйнæ хуызы дыкъæдзыгтæй (« „ " »): Лектор загъта: «Марксы наукон фæллæйттæн се ’ппæты гениалондæр у „Капитал"». 92 §. Фыццаг къæлæты разæй дæр æмæ дыккаг къæлæты ра- зæй дæр не ’вæрæм къæдзыг, стъæлф къæдзыгимæ, дыстъæлф æмæ тире. Ацы æрхæцæн нысæнттæ æвæрæм фæстаг къæлæты фæстæ: Нæ ахуыргæндтæй бирæмæ уыцы хъуыды раст нæ кæсы (чи сты уыцы ахуыргæндтæ, уый Хæмæт йæхæ- дæг дæр нæ зыдта), фæлæ сын æз бамбарын кæндзы- нæн, раст кæй у, уый. (Мамсыраты Д.) Æз ме ’мбалæн афтæ загътон (уый уыди дыууæ азы размæ): «Адæймаг рæстдзинадæй уæлдæр хъуа- мæ мацы æвæра». 93 §. Стъæлф, фарсты нысан, хъæры нысаи æмæ бирæстъæл- фыг, кæд къæлæтты ист дзырдтæм ахæсгæ уой, уæд æвæрæм фæстаг къæлæты размæ, кæд æппæт хъуыдыпадмæ ахæсгæ уой, уæд та — фæстаг къæлæтæн йæ фæстæ: Куырттаты бал раздæхт фæстæмæ... (Паддзах ык хæрзиуæгæн радта цыдæртæ, стæй нæ бæттæнмæ æр- тардта.) (Нигер) Иу бон хъæуы фæсивæд (ды семæ нæ уыдтæ?) 1-æм Майы бæрæгбоны æрæмбырд сты скъолайы кæрты. Хæхтæ (æнахуыр диссаг!) уыцы бон уарыны фæс- тæ афтæ ирд æмæ рæсугъд уыдысты, æмæ цæст сæ уындæй нал æфсæст. Адæм (нæлгоймагæй, сылгоймагæй, стырæй, чысы- лæй...) рацыдысты быдыры куыстмæ. 7а
Фæлæ: Туристтæ схæццæ сты сæ базæмæ («Дзинагъа»- мæ). Дæ ныййардоюыты зæрдæхудт истæмæй исыс (мæ фарст дæм хъыг ма фæкæсæд)? 94 §. Цитатæйы хæд фæстæ къæлæтты амыпд куы фæцæуы, цитатæ кæцы авторæй æмæ цавæр уацмысæй ист æрцыдис, уый, уæд къæлæтты размæ æвæрæм фарсты нысан, хъæры нысап, би- рæстъæлфыг (стъæлф не ’вæрæм; стъæлф дзы кæд æвæрæм, уый тыххæй кæсут 95 §, фиппаинаг), къæлæтты фæстæ та — стъæлф: Дуиетæй хуыздæр куы фестай, Гъе уæддæр дæхи уд ма стау (Хетæгкаты Къоста. Булкъ æмæ мыд). Цъæлтæй, стæгсæстытæй ссардтой Бесойы дæр иу ран хохы дыдагъы... (Гæдиаты Цомахъ. Царды уæз). 95 §. Искæй раныхасы фæстæ къæлæтты амынд куы фæцæ- уы хъусджыты ахаст дзурæджы ныхæстæм (ремаркæ), уæд къæ- лæтты размæ æвæрæм, хъуыдыйады кæрон цы æрхæцæн нысан æмбæла, уымæ гæсгæ фарсты нысан, хъæры нысан, бирæстъæл- фыг (стъæлф не ’вæрæм), къæлæтты фæстæ та æвæрæм стъæлф: Ууыл мын бар раттут мæ ныхас фæуынæн (Къу- хæмдзæгъд). Раст нæ зæгъын, æмбæлттæ? (Залæй хъуысынц разыйы хъæлæстæ). Æгас цæуæд Цытджын Октябры революцийы бæ- рæгбон! (Тыхдоюын къухæмдзæгъд). Фиппаинаг: Ремаркæтæ æмæ бынмæ æрхæсгæ амындты- тæн сæхи хæд фæстæ дæр къæлæтты мидæг ис æвæрæн стъæлф. Æрмæст уæд къæлæтты размæ таурæгъоп хъуыдыйады кæрон дæр æвæрæм стъæлф: Нæ райсомы цард уыдзæни нодоюы фæрныгдæр. (Къухæмдзæгъд.) Ма худ аууонмæ æвзæрыл, Хорзы-иу йæ цуры бафау. (Хетæгкаты Къоста. Булкъ æмæ мыд.) 96 §.*Иу къæлæтты мидæг дыккаг къæлæттæ куы сæмбæлой, уæд сæ бæрæг кæпæм фæйнæ хуызы къæлæттæй (тымбыл æмæ квадратон): Къоста йе ’мдзæвгæты сидтис сæрибары сæрыл тохмæ \«Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, — гъе-мардзæ, исчи/ — бынтон сæфт кæнæм...» («До- дой»)]. 74
СÆРГÆНДТÆ Разныхас 3 I - а г х а й Орфографи I. Хъæлæсонты æмæ æмхъæлæсонты растфыссынад 1 §. У æмæ уы дзырдты райдайæны 5 2 §. Е дзырдты райдайæны 3 §. 0 дзырдты райдайæны 4 §. Уæ дзырдты райдайæны __ 5 §. Уы æмхъæлæсонтæ г, гъ, к, къ, х, хъ-йы (æмæ даргъвæтин гг, гъгъ, кк, къкъ, хх, хъхъ-йы) фæстæ 6 §. Æуæ æмæ о дзырдты астæу 7 §. Дзырды кæрон æмæ дзырды райдайæны лæууæг хъæлæсонты фембæлд кæрæдзиимæ 7 8 §. Æмхъæлæсон мырты къордтæ æмæ дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ дзырдты райдайæны — 9 §. Ассимиляцигонд æмхъæлæсонтæ хуымæтæг дзырдты ... $ 10 §. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ дзырдты астæу æмæ кæрон . . — 11 §. Æмхъæлæсонтæ хуымæтæг дзырдты с, ф æмæ х-йы фæстæ . д II. Номдарты, миногонты, нымæцонты номивджыты æмæ фæрсдзырдты растфыссынад 12 §. Номон хауæны й-йыл цы дзырдтæ фæвæййы, уыдон иртæстон æмæ цæдисон хауæнты 9 13 §. Номдартæ бирæон нымæцы — 14 §. Фæсæфтуанты разæй дæргъвæтингонд æмхъæлæсонтæ . . . Ю 15 §. Л, р, м, н-йыл цы дзырдтæ фæвæййы, уыдон фæсæфтуанты ра- зæй фæзынгæ й-имæ — 16 §. Зылангон мыртæй райдайгæ фæсæфтуантæ — 17 §. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ æмхъæлæсонтæй райдайгæ дзырды хæйтты разæй — 18 §. Фæсæфтуантæ -аг æмæ -æг-ы разæй фæзынгæ дæргъвæтин кк, цц. — 19 §. Фæсæфтуан -аг-ы размæ фæзынгæ й æмæ уыимæ баст мырты ивддзинæдтæ — 20 §. Барæн бæрцы фæсæфтуан -дæр миногонтæ æмæ фæрсдзырдты. ц
21 §. Миногонты æмæ фæрсдзырдты уæлахизон бæрц æмæ тыхджьш- 11 дæргонд формæ 22 §. Вазыгджын миногонтæ, помдартæ æмæ фæрсдзырдтæ аразæг — дзырдтæ — 23 § Дывæр кæныны æмæ фæсæфтуан ид-ы руаджы арæзт миногошæ — 24 §. Нымæцонтæ дыууæ, æртæ, цыппар вазыгджын дзырдты . . — 25 §. Нымæцонтæ фынддæс, æвддæс, æстдæс . ... . . . — 26 §. Дæс, сæдæ, ссæдз-æй арæзт вазыгджын нымæцонтæ ... — 27 §. Амад нымæцонтæ аразæг дзырдтæ — 28 §. Нымæцон иу, йæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдонимæ . . — 29 §. Цæсгомон номивджыты цыбыр формæтæ æндæр дзырдтимæ . — 30 §. Вазыгджын номивджытæ 12 31 §. Номпвæг а æндæр дзырдтимæ — 32 §. Номивæг хи æндæр дзырдтимæ 33 §. Номивæг йæ, йæ кæроны æмхъæлæсон кæнæ хъæлæсон кæмæн _ уа, ахæм дзырдтимæ бастæй — 34 §. Номивæг уыдон-ы цыбыр формæтæ сæ, сæм, сын, сыл 35 §. Чи, цы -йæ аразгæ номивджытæ исчи, исты æ. æнд. гуырынон __ хауæны 36 §. Ханыг ис-ы руаджы арæзт æбæлвырд номивджытæ æмæ фæрс- дзырдтæ _. 37 §. Хайыгтæ ни æмæ ма æппæрицæг номизджытæ æмæ фæрсдзырдты 38 §. Разæфтуантæ æм-, фæс-, дæл-, уæл-, раз- æ. æнд. сæ фæстæлæу- уæг дзырдтнмæ 13 39 §. Разæфтуан æнæ- хъæлæсон æ кæнæ а-йæ райдангæ дзырдты . __ 40 §. Фæсæфтуан -(у)он номдартæ æмæ номивджыты 41 §. Номон æмæ гуырынон хауæнты сæ кæрæтты й цы номнвджытæн вæййы, уыдон цæдисон хауæны ~~ III. Мивдисджыты растфыссынад 42 §. Мивдисджыты ивгъуыд афоны кæрæттæ æргомон æмæ бæллиццаг здæхæнты 43 §. Вд æмæ гъд-йыл фæуæвæг мивдисæджы ивгъуыд афоны бындур- тæ цæсгомон кæрæтты разæй ~~ 44 §. Т æмæ ст-йыл фæуæвæг мивдисæджы ивгъуыд афоны бындуртæ цæсгомон кæрæтты разæй — 45 §. 'Фæсæфтуан -д-йы руаджы арæзт ивгъуыд афоны миногмитæ бирæон нымæцы — 46 §. Вазыгджын мивдисджытæ æмæ мивдисджыты вазыгджын фор- мæты æххуысгæнæг мивдисæгæй арæзт хай 14 47 §. Æххуысгæнæг мивдисæг уæвын мивдисджыты æнæцæсгомон формæты 48 §. Мивдпсæджы æртыккаг цæсгомы æмæ æнæцæсгомон формæйы кæрон нууон нымæцы æргомон здæхæны ивгъуьтд æмæ суинаг афонты — 49 §. Разæфтуантæ мивдисджыты —■ 76
50 §. Разæфтуан ны- хъæлæсонтæй æмæ æмхъæлæсонтæй райдайгæ мивдисджытимæ 14 51 §. Разæфтуан фæ- хъæлæсон æ-йæ, дæргъвæтин сс-йæ æмæ æмхъæ- лæсонты къордтæй райдайгæ мивдисджытимæ кæнæ, кæддæр йæ райдайæны хъæлæсон мыр кæмæн уыди, ахæм дзырдтимæ . . 15 52 §. Разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба-, ны- хъæлæсон æ-йæ райдайгæ мивдисджытимæ . — 53 §. Разæфтуантæ æр- æмæ с- æ-йæ, дæргъвæтин æмхæлæсонтæй æмæ æмхъæлæсонты къордтæй райдайгæ мивдисджытимæ кæнæ, кæд- дæр йæ райдайæны хъæлæсон мыр кæмæн уыди, ахæм дзырдты — 54 §. Вазыгджын мивдисджытæй аразгæ номдартæ, миногонтæ, миног- митæ æмæ фæрссагмитæ 16 55 §. Иæ уидаг и-йыл кæмæн фæвæййы, уыцы мивдисджытæй суффикс- тæ -æг, -аг, -æн-ы руаджы арæзт миногмитæ æмæ. миногонтæ . — 56 §. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ мивдисджыты ундæгты æмхъæлæ- сонæй райдайгæ дзырды хæйтты разæй 57 §. Бæллиццаг здæхæны бирæон нымæцы цæсгомон кæрæттæ . . _ 58 §. Æнæуæнгон у мивдисæджы уидаджы æргомон æмæ фæдзæхстон здæхæны кæрон -ут-ы размæ _ 59 §. Й-йыл фæуæвæг мивдисджыты нырыккон афоны бындуртæ бæл- лиццаг здæхæны æмæ фæсæфтуан -инаг-ы размæ .... 60 §. Дзырдтæ исын, ивазын, ивæзын разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба- имæ . 17 '61 §. Разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба-, кæддæр йæ райдайæны хъæлæ- сон мыр кæмæн уыди, уыцы мивдисджытнмæ _ IV. Разæвæрдты, бæттæгты, фæсæвæрдты, хайыгты æмæ æвастхъæрты растфыссынад 62 §. Разæвæрдтæ æд æмæ æнæ сæ фæстæ æвæрд дзырдтнмæ . . 17 63 §. Фæсæвæрдтæ сæ разæй æвæрд дзырдтимæ ..... — 64 §. Хапыг гъе йæ фæстæ æвæрд дзырдтимæ — 65 §. Æппæрццæг хайыг нæ мивднсджытимæ æмæ миногонтимæ . . 18 66 §. Хайыг уал йæ разæй æвæрд дзырдтимæ _ 67 §. Хайыгтæ хæд æмæ хæрз сæ фæстæ æвæрд дзырдтимæ __ 68 §. Та куыд бæттæг æмæ куыд хайыг _ 69 §. Хайыг ма йæ фæстæ æмæ йæ разæй æвæрд дзырдтимæ . . 70 §. Бирæхаттон хайыг -иу __ 71 §. Вазыгджын æвастхъæртæ . . • _ V. Вазыгджын дзырдты растфыссынад 72 §. Вазыгджын дзырды æмхъæлæсонæй райдайгæ дыккаг хайы раз- заг æмхъæлæсон 19 73 §. Хъæлæсон ы-йы фæзынд вазыгджын дзырд аразæг хæйтты æхсæп 74 §. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ вазыгджын дзырды астæу æмхъæ- лæсонæй райдайгæ дыккаг хайы размæ
75 §. Дзырды бындур дывæр кæныны руаджы арæзт вазыгджын дзырдтæ 19 76 §. Номдартæ миногон-бæрæггæнæны нысаниуæджы .... — 77 §. Хъæлæсонты сæмбæлд вазыгджын дзырдтæ аразæг хæйтты кæ- рон æмæ разæй — 78 §. Гуырынон хауæны æвæрд номдар-бæрæггæнæнтæ бæрæггæнинаг дзырдтимæ 20 79 §. Мивдисджытæй арæзт дзырдтæ сæ размæ æвæрд номдарты æмæ æндæр ныхасьт хæйттимæ — VI. Æрбайсгæ дзырдты растфыссынад 80 §. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты бындуртæ æмæ кæрæттæ. 20 81 §. Раджы æрбайсгæ уырыссаг дзырдтæ — 82 §. Æрбайсгæ дзырдтæ интернационалон фæсæфтуантæ -ал, -ар, -ист æ. æндæртимæ _ 83 §. Æрбайсгæ дзырдтæ æмхъæлæсон мырты къордтимæ 21 84 §. Дамгъæтæ ё, э, ю, я, ж, ш, щ æрбайсгæ дзырдты ... 85 §. Уырыссаг адæмы æмæ уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ адæймæгты нæмттæ, фыды нæмттæ, мыггæгтæ 86 §. Æмхъæлæсон мырты къордтыл фæуæвæг æрбайсгæ дзырдтæ би- рæон нымæцы 87 §. Дамгъæтæ хъæбæры нысан (ъ) æмæ фæлмæны нысан (ь) æр- байсгæ дзырдты 88 §. Фæлмæны нысан (ь) æрбайсгæ дзырдты кæроны иууон нымæцы дæр æмæ бирæон нымæцы дæр 89 §. Интернанионалон бындуртæй арæзт уырыссаг мивдисджытæ ирон æвзаджы _ 90 §. Сæ кæрæтты хъæлæсонтæ цы æрбайсгæ дзырдтæн вæййы, уыдо- нæй фæсæфтуанты руаджы ног арæзт дзырдтæ .... 91 §. Æмхъæлæсонтæ г æмæ к-йæ цы сæрмагонд географион нæмттæ фæвæййынц, уыдон хауæны кæрон ыйы размæ • • • • 22 VII. Стыр дамгъæ 92 §. Стыр дамгъæ хъуыдыйады фыццаг дзырды 22 93 §. Стыр дамгъæ, хъуыдыйады райдайæны хъæры нысанимæ цы сн- дæн кæнæ æвастхъæр æмбæла, уыдоны фæстæ æвæрд дзырды. 94 §. Стыр дамгъæ дыстъæлфы фæстæ комкоммæ ныхасы æмæ цита- тæйы фыццаг дзырды 23 95 §. Адæймæгты мыггæгтæ, фыды нæмттæ, нæмттæ æмæ фæсномыггæ. 96 §. ССР Цæдисы иууыл бæрзонд бынæтты нæмттæ æмæ кадджын нæмттæ 97 §.' Фосыл, цæрæгойтыл æвæрд нæмттæ 24 78
$8 §. Астрономион æмæ географион объектты нæмттæ, уынгты, агъуыс- тыты æ. æнд. ах. нæмттæ 24 дд §. Историон цауты, дугты æмæ фæзындты сæрмагонд нæмттæ . — 100 §. Революцион бæрæгбонты æмæ зынгæ цауты нæмттæ ... 25 101 §. Орденты нæмттæ — 102 §. Советон Цæдисы уæлдæр партион, хицауадон, профцæдисон кусæндæтты æмæ организациты нæмттæ — 103 §. Министрадты, уыдоны сæйраг уынаффæдæтты, централон сове- тон кусæндæтты æмæ организациты нæмттæ — 104 §. Политикон партиты официалон нæмттæ 26 105 §. Дыкъæдзыгты æвæрд хæрзиуджыты нæмттæ, литературон уац- мысты, газетты, журналты, кусæндæтты æ. æнд. ах. нæмттæ . — 106 §. Дефис дыкъæдзыгты æвæрд бадзырдон нæмтты, дзырдты æ. æнд. хауæны кæроны размæ — 107 §. Кусæндæтты æмæ организациты цыбыргонд вазыгджын сæрма- гонд нæмттæ, 27 VIII. Цыбыргонд дзырдты растфыссынад 108 §. Иуæй-иу дзырдтæ æмæ дзырдбæстыты цыбыргæндтæ . . ^7 109 §. Дамгъон æмæ мырон аббревиатурæтæ IX. Дзырд иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны æгъдæуттæ 110 §. Дыууæ кæнæ фылдæруæнгон дзырдтæ 28 Ш §. Иууæнгон дзырдтæ _ 112 §. Дзырдтæ иудамгъон уæнгтимæ 113 §. Дзырдтæ дыгай дамгъæтæй нысангонд мыртимæ .... 114 §. Дзырдтæ дæргъвæтин æмхъæлæсонтимæ __ 11 -аг х ай Пунктуаци I. Стъæлф 1 §. Хъуыдыйады кæрон 29 2 §. Фæрссаг фарст кæм вæййы, ахæм домгæвазыгджын хъуыдыйады кæрон 3 §. Ранымады хæйтты кæрон 4 §. Лæмбынæг æрфысты разæй 5 §. Цыбыргонд дзырдты фæстæ 30 Н. Фарсты нысан 6 §. Фарстон хъуыдыйады кæрон — 7 §. Риторикон фарсты кæрон — 8 §. Хицæн æмхуызон уæнгты фæстæ 31 9 §. Сæйраг хъуыдыйад фарстон кæм вæййы, ахæм домгæвазыгджын хъуыдыйады кæрон —
10 §. Фæрссаг фарст комкоммæ фарстæй зын раиртасæн кæм вæййы, ахæм домгæвазыгджын хъуыдыйады кæрон 31 11 §. Бавæргæ хъуыдыйады кæрон — 12 §. Искæй дзырдтæм гуырысходзинад равдпсыны тыххæй (къæлæтты) -— III. Хъæры нысан 13 §. Хъæрон хъуыдыйады кæрон — 14 §. Сидæнты, хайыгты æмæ æвастхъæрты фæстæ 3$ 15 §. Искæй дзырдтæм хъус тынгдæр æрдарын кæныны тыххæй (къæлæтты) — IV. Къæдзыг 1. Къæдзыг сæрмагонд хъуыдыйæдтæй арæзт вазыгджын хъуыдыйады 34 16 §. Æнæ бæттæгæй баст хъуыдыйæдты æхсæн — 17 §. Иугæнæг бæттæгтæй баст хъуыдыйæдты æхсæн .... — 18 §. Ныхмæвæрды бæттæгтæй баст хъуыдыйæдты æхсæн ... — 19 §. Дихгæнæг бæттæгтæй баст хъуыдыйæдты æхсæн .... 35 2. Къæдзыг сæйраг æмæ уæлæмхæст хъуыдыйæдты æхсæн, стæй уæ- лæмхæст хъуыдыйæдтæн сæхи æхсæн 36 20 §. Сæйраг æмæ уæлæмхæст хъуыдыйæдты æхсæн .... — 21 §. Бæттæгтæ уымæн æмæ, уымæ гæсгæ æмæ, уый тыххæй æмæ-йæ баст сæйраг æмæ уæлæмхæст хъуыдыйæдты æхсæн ... 37 22 §. Алыхуызон æмдомгæ æмæ къæпхæны уæлæмхæст хъуыдыйæдты æхсæн . — 23 §. Æмхуызон æмдомгæ уæлæмхæст хъуыдыйæдты æхсæн . . 38 3. Къæдзыг хъуыдыйады æмхуызон уæнгты æхсæн .... 39 24 §. Æнæ бæттæгæй баст æмхуызон уæнгты æхсæн .... 25 § Ныхмæвæрды бæттæгтæй баст æмхуызон уæнгты æхсæн . . 40 26 §. Фæлхатгæнгæ бæттæгтæй баст æмхуызон уæнгты æхсæн . . 27 §. Æмкъай бæттæгтæ æмæ бæттæг дзырдтæй баст æмхуызон уæнгты æхсæн 41 4. 28 §. Къæдзыг фæлхатгæнгæ дзырдты æхсæн ... 5. 29 *§. Къæдзыг абæрстытимæ 42 6. Къæдзыг æмхасæнтимæ 43 30 §. Номивæджы æмбарынгæнæг æмхасæнтимæ 31 §. Иумæйаг номдартæй конд æмхасæнтимæ _ 32 §. Бæттæгтæ ома, куыд, кæнæ, уæд-æй баст æмхасæнтнмæ . 33 §. Сæрмагонд номæй конд æмхасæнтнмæ 34 §. Бæлвырд кæныны интонацннмæ загъд æмхасæнтнмæ ... 44 7. 35 §. Къæдзыг фæрссагмитæ æмæ фæрссагмион здæхтытимæ . 8. Къæдзыг æндæр дзырдты хъуыды бæлвырддæргæнæг дзырдтимæ . 45 Зё §. Сæ разæй æвæрд дзырдты хъуыды бæлвырдгæнæг дзырдтпмæ. __ 37 §. Бæлвырддæргæнæг дзырдтæ зæгъæм, фæстæмæ, йеддæмæ, уæлдай æмæ æндæр ахæмтимæ 46 80
9. 38 §. Къæдзыгтæ бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтимæ . . 46 10. 39 §. Къæдзыгтæ сидæнтимæ 48 \\. 40 §. Къæдзыгтæ æвастхъæртимæ 49 12. 41 § Къæдзыгтæ разыдзинады, æппæрццæг æмæ фарстон хайыгтимæ 50 V. Стъæлф къæдзыгимæ 42 §. Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады сæрмагонд хъуыдыйæдты æхсæн 51 43 §. Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады мидæг бæттæгтæй баст хъуыды- йæдты æхсæн — 44 §. Домгæвазыгджын хъуыдыйады мндæг æмхуызон æмдомгæ уæ- лæмхæст хъуыдыйæдты æхсæн 52 45 §. Хъуыдыйады хæйтты ранымады (рубрикæты) фæстæ ... — 46 §. Хъуыдыйады даргъгонд уæнгты æхсæн 53 VI. Дыстъæлф 47 §. Ранымады разæй иугæнæг дзырды фæстæ 53- 48 §. Хъуыдыйады нумерацигонд хæйтты ранымады разæй ... 54 49 §. Ранымады разæй ранымад æвдисæг паузæйы фæстæ ... — 50 §. Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады хуымæтæг хъуыдыйæдты æхсæн 55 51 §. Комкоммæ ныхасы æмæ цитатæйы разæй 56 VII. Тире 52 §. Цухгонд бæттæны бæсты 57 53 §. Цухгонд зæгъинаджы бæсты — 54 §. Ранымады фæстæ иугæнæг дзырды разæй 58 55 §. Ранымады фæстæ, ранымадæн йæ разæй куы фæлæууы иугæнæг дзырд кæнæ зæгъæм, куыд æ. æнд. ах — 56 §. Æмхасæны разæй — 57 §. Æмхасæны ролы уæвæг инфинитивы разæй .... 59 58 §. Даргъгонд æмхасæнимæ — 59 §. Къорд æмхуызон уæнгимæ 60 60 §. Бавæргæ хъуыдыйæдтæ æмæ бавæргæ дзырдтимæ ... — 61 §. Дыууæ зæгъинаджы æмæ дыууæ сæрмагонд хъуыдыйады æхсæн 61 62 §. Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады, дыккаг хъуыдыйад фыцца- гæн йæ фæстиуæг кæй у, уый æвдисынæн — 63 §. Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады, фьтццаг хъуыдыйад дыкка- гæн уæлæмхæст хъуыдыйады хуызы кæй у, уый æвдисынæн . 62 64 §. Хъуыды тынгдæр бахахх кæныны тыххæй дыккаг хатт цы дзырдæй спайда кæнæм, уый разæй (къæдзыджы фæстæ) . — 65 §. Уæлæмхæст хъуыдыйæдтæй сæйраг хъуыдыйады æхсæн сæ кæ- рæдзийæ сæ тынгдæр рахицæн кæнынæн (къæдзыджы фæстæ). — 66 §. Дæрддзæджы, афоны æмæ бæрцы райдайæн æмæ кæрон æвдисæг дыууæ дзырды æхсæн 63
-67 §. Ахуырад, закъон æмæ æхсæнадон организацийы ном æвдисæг дыууæ кæнæ фылдæр дзырдты æхсæн 63 VIII. Бирæстъæлфыг 68 §. Хъуыдыйады кæрон, ныхас æххæстæй загъд кæй не ’рцыд, уый æвдисынæн 63 69 §. Хъуыдыйады мидæг хицæн дзырдты фæстæ кæнæ хицæн дзырдты мидæг ныхасы къуыхцы æвдисынæн — 70 §. Цитатæйы цухгонд дзырдты бæсты 64 IX. Къæлæттæ 71 §. Хъуыдыйадимæ синтаксисон æгъдауæй баст чи нæу, ахæм бавæр- гæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтимæ 64 72 §. Хъуыдыйадимæ синтаксисон æгъдауæй баст чи у, ахæм бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтимæ 65 73 §. Хицæн сæрмагонд хъуыдыйæдтимæ 74 §. Искæй раныхасмæ хъусджыты ахаст æвдисæг дзырдтимæ . . 66 75 §. Цмтатæйы хицæн дзырдты фæстæ фарсты æмæ хъæры нысанимæ 76 §. Цитатæ кæцæй ист фæцæуы, уый æвдисæг дзырдтимæ _ '77 §. Драмон уацмысты ремаркæтимæ _ X. Дыкъæдзыгтæ 78 §. Цитатæтæ æмæ комкоммæ ныхасимæ 56 79 §. Газетты, журналты æмæ æндæр ахæм бадзырдон нæмттимæ . 57 80 §. Хъус нæ тынгдæр цы зæронд, йе бынтон ног, кæнæ дæлгоммæ нысаниуæгимæ ист æ. æнд. ах. дзырдтæм æрдарын кæнын фæнда, уыдонимæ 58 XI. Æрхæцæн нысæнттæ комкоммæ ныхасы æмæ цитатæты 81 §. Тире ног абзацæй райдайгæ комкоммæ ныхасы разæй • • • 60 82 §. Дыстъæлф æмæ къæдзыгтæ авторы дзырдты фæстæ лæууæг ком- коммæ ныхасимæ 83 §. Дыкъæдзыгтæ æмæ тире авторы дзырдты разæй лæууæг ком- коммæ ныхаснмæ 84 §. Æрхæцæн нысæнттæ, авторы дзырдтæ йæ астæу кæмæн вæййынц, ахæм комкоммæ ныхасимæ . уд ^ 85 §. Дыстъæлф комкоммæ ныхасы астæу лæууæг авторы дзырдты фæстæ __ 86 §. Тире æмæ дыкъæдзыгтæ фæд-фæдыл фыст диалоджы __ XII. Æрхæцæн нысæнтты сæмбæлд кæрæдзиимæ 87 §. Фарсты æмæ хъæры нысæнттæ, бирæстъæлфыг, стъæлф æмæ къæдзыг тиреимæ 71 88 §. Стъæлф, къæдзыг, стъæлф къæдзыгимæ, дыстъæлф æмæ тире, æх- гæнгæ цы дыкъæдзыгтæй фæкæнæм, уыдонимæ .... 72 82
89 §, Фарсты нысан, хъæры нысан æмæ бирæстъæлфыг дыкъæдзыгтимæ 72 90 §. Æмхуызон æрхæцæн нысæнтты сæмбæлд дыкъæдзыгты разæй æмæ сæ фæстæ «..«*.•««•• — 91 §. Иу дыкъæдзыгты мидæг дыккаг дыкъæдзыгтæ .... 73 92 §. Къæдзыг, стъæлф къæдзыгимæ, дыстъæлф æмæ тире къæлæттимæ — 93 §. Стъæлф, фарсты нысан, хъæры нысан æмæ бирæстъæлфыг къæ- лæттимæ . — 94 §. Æрхæцæн нысæнттæ къæлæтты ист бынмæ æрхæсгæ амындтыти- мæ æмæ сæ разæй æвæрд хъуыдыйæдты фæстæ .... 74 95 §. Æрхæцæн нысæнттæ къæлæтты ист ремаркæтимæ æмæ сæ разæй æвæрд хъуыдыйæдты фæстæ — 96 §. Иу къæлæтты мидæг дыккаг къæлæттæ —
Правила осетинской орфографии и пунктуации Редактор И. Р. Цомартов Художественный редактор У. К. Кануков Технический редактор 3. С. Мисикова Корректоры И. X. Джанаева, М. Г. Гадзалова ИБ № 1463 Сдано в набор 14.11;.86. Подписано к печати 05.01.87. Формат бумаги 60х84!/16. Бум. тип. 2. Гарн. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п. л. 4,88. Усл. кр-отт. 5,05. Учетно-изд, листов 4,02. Тираж 5000 экэ. Заказ № 462. Цена 25 коп. Издательство «Ир> Государственного комитета Северо-Осетинской АССР по делам издательств, полиграфии и книжной торговли, 362040, г. Орджоники- дзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Государственного комитета Северо-Осетинской АССР по делам издательств, полиграфии и книжной торговли, 362011, г. Орджоникид- зе, ул. Тельмана, 16. «4