Text
                    Цæгат Ирыстоны
Абайты Васойы номыл
гуманитарон æмæ социалон
иртасæнты институт
ИРОН
ÆВЗАДЖЫ
ОРФОГРАФИ
æмæ
ПУНКТУАЦИЙЫ
ÆГЪДÆУГТÆ
Дзæуджыхъæу
2004


81.2 Осст. 9 И-62 Бакуыстой сыл ЦИГСИИ-йы арæзт сæрмагонд къорды уæнгтæ: ГУЫРИАТЫ ТАМЕРЛАН — филологон зонæдты доктор, профессор ТАХЪАЗТЫ ХАРУМ — филологон зонæдты доктор, профессор ГÆБÆРАТЫ НИКЪАЛА — филологон зонæдты доктор, профсссор ДЗОДЗЫККАТЫ ЗÆИДÆ — филологон зонæдты доктор БОЦУАТЫ ЕВГЕН — ЦИГСИИ-йы хистæр зонадон кусæг МАЙРÆМЫХЪУАТЫ ФАТИМÆ — педагогон зонæдты кандидат КУЫДЗОЙТЫ АНЖЕЛÆ — филологон зонæдты кандидат, доцент Ирон æвзаджы орфографи æмæ пунктуацийы æгъ- И-62 дæуттæ (Бакуыстой сыл Гыриаты Т., Тахъазты X., Гæ- бæраты Н., Дзодзыккаты 3., Боцуаты Е., Майрæмыхъуа- ты Ф., Куыдзойты А.) — Дзæуджыхъæу: Ир, 2004 — 80 с. Орфографичсскис и пунктуационные правила осстинского языка ж, 4306010000 — 49 81. И М 131 (03) - 04 49 - 04 812 °СеТ"2 © Гуриев Т. А., Таказов X. А. и др., составлеш^е, 2004 ISBN 5-7534-0174-0 © Григорян В. С., оформление, 2004
РАЗНЫХАС Фыццаг ирон чиныг мыхуыры рацыд 1798 азы, æмæ уæдæй нырмæ ирон фыссынады æгъдæуттæ ивынц æвзагзонынады до- мæнтæм гæсгæ. Раздæр иронау дзырдтæ фыстой, куыд хъуыстысты, афтæ, æрхæцæн нысæнттæ та æвæрдтой уырыссаг пунктуацимæ гæсгæ. Ирон æвзаджы орфографион æмæ пунктуацион æгъ- дæуттæ кæй нæма уыд, уымæ гæсгæ уыцы мадзæлттæй пайда кодтой суанг XX æнусы 20-æм азты онг. Ирон культурæйы зындгонд архайджытæ Андрей Шегрен, Всеволод Миллер, Хетæгкаты Къоста æмæ иннæты фæрцы хи- цæн дзырдты растфыссынад кæд бæстондæр кодта, уæддæр дзы иудзинад нæма уыд. «Нæй нæм нырма нывыл бæрæггонд орфографи, кæй куыд фæнды, афтæ фыссы, æмæ алчидæр йæ- хи фыст растдæр хоны», — тыхсти, журнал «Æфсир»-ы фыц- цаг номыр уадзгæйæ (1910 аз), йæ редактор Коцойты Арсен. Фæстæдæр журналтæ «Хуры тын» (1912 аз) æмæ «Чырыстон цард»-ы (1915—1916 азтæ) фæзындысты Брытъиаты Елбыз- дыхъо æмæ Тыбылаты Саввæйы (Микъалайы) сæрмагонд амындтытæ хицæн дзырдты растфысссынады тыххæй. Ирон орфографи æмæ пунктуаци зонадон æгъдауæй ирта- сын райдыдтой æрмæст Октябры революцийы фæстæ. 1933 азы сæрмагонд къамис бацæттæ кодта растфыссынады æгъдæутты проект. Æвзаджы дæснытæ йæм бахастой ивддзи- нæдтæ, æмæ афтæмæй 1937 азы фидаргонд æрцыд. 1938—1943 азты ахуыргæндтæ дзæвгар фæбæлвырддæр кодтой ирон орфо- графи, фæлæ ма дзы уæддæр хъуагдзинæдтæ бирæ уыд. Уый хынцгæйæ 1951 азы арæзт æрцыд орфографион ног къамис. Уый цы растфыссынады æгъдæуттæ сарæзта, уыдон фидар- гонд æрцыдысты, æмæ сын сæ бындурыл Хъуылаты Гала ба- цæттæ кодта орфографион дзырдуат. Æгъдæуттæ æмæ дзырд- уат хицæн чиныгæй рацыдысты 1956 азы. Фæлæ растфыссынады 3
æгъдæутты æмæ дзырдуаты хъæндзинæдтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ хаст æрцыд уынаффæ орфографион ног къамис саразы- ны тыххæй. 1960 азы арæзт орфографион ног къамисы размæ æвæрд æрцыд бæрнон хæс — растфыссынады æгъдæуттæ фæхуыздæр кæнын. Уый 1982 азмæ бацæттæ кодта орфографийы æгъ- дæутты ног проект. Проект ныхасмæ рахастой газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Советон Ирыстон». Æрныхас ыл кодтой канд ахуыргæндтæ нæ, фæлæ, ирон æвзаджы хъысмæтыл йæ зæрдæ кæмæн рыст, уыдонæй бирæтæ. Дзæвгар ивддзинæдтæ йæм хаст æрцыд, афтæмæй йæ 1985 азы Цæгат Ирыстоны Ми- нистрты Совет сфидар кодта. Орфографийы ног æгъдæуттæм гæсгæ дзырдтæ фыццагау арæхдæр фыст цыдысты фонетикон принципмæ гæсгæ (æф- сымæр, коммæгæс, галвæндаг), иннæтæ морфологон (фыд- джын, лæгтæ) æмæ традицион (бадтæн, дзырдтон) принцип- тæм гæсгæ. Ног æгъдæуттæ уыдысты æххæстдæр (сæ нымæц 82-йæ схызт 119-ы онг), бирæ дзырдты растфыссынад фæхуымæтæгдæр. 2002-æм азы Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гума- нитарон æмæ социалон иртасæнты институты сарæзтой сæрма- гонд къорд æмæ йын баргонд æрцыд ирон æвзаджы растфыс- сынады æгъдæуттæ фæбæлвырддæр æмæ фенцондæр кæнын. Ацы къорды уæнгтæ (Гуыриаты Тамерлан — сæргълæууæг, Боцуаты Евген — секретарь, Тахъазты Харум, Гæбæраты Никъала, Дзодзыккаты Зæидæ, Куыдзойты Анжелæ æмæ Май- рæмыхъуаты Фатимæ) бацæттæ кодтой ирон орфографийы æгъдæутты ног редакци. Ирон пунктуацийы æгъдæуттæ фыццагдæр мыхуыргонд æр- цыдысты 1931 азы журнал «Фидиуæджы». Сарæзта сæ Тыбыл- ты Алыксандр. 1934 азы та уагъд æрцыдысты скъолатæн арæзт ахуыргæнæн чиныджы. Пунктуацийы æгъдæутты ног проект хицæн чиныгæй рацыд 1936 азы, фæлæ фидаргонд не ’рцыд. 1957 азы Багаты Никъала ныммыхуыр кодта ирон æвзаджы пунктуацийы æгъдæуттæ, фæлæ та уыдон дæр рацыдысты æнæбафидаргæнгæйæ. Ацы чиныджы мыхуыргонд ирон æвзаджы пунктуацийы æгъ- дæуттæ сарæзта Тахъазты Харум. Сфидар сæ кодтой ЦИЗИ-йы ахуыргæндты Совет æмæ ЦИПУ-йы ирон филологи æмæ иу- мæйаг æвзагзонынады кафедрæ. Арæзт сты, 50-æм азты ирон æвзагæн (1957) æмæ уырыссаг æвзагæн (1956) мыхуыры цы пунктуацион æгъдæуттæ рацыд, уыдоны бындурыл. 4
Пунктуацийы ног æгъдæуттæ домынц, ирон æмæ уырыссаг хъуыдыйæдты синтаксисон арæзт æмхуызон кæм у (вазыгджын хъуыдыйæдтæ, комкоммæ ныхас æ.а.д.), уым уырыссагимæ иухуызон æрхæцæн нысæнттæ æвæрын (уый зонадон æгъдауæй у раст, практикон æгъдауæй та æххуыс кæндзæн дыууæ ’вза- джы пунктуаци хуыздæр базонынæн). Ирон хъуыдыйæдты арæзты æндæрхуызонæй цы ис (миногмитæ семæ баст дзырд- тимæ, абарстыты хицæн хуызтæ, бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуы- дыйæдтæ сæ разæй æвæрд энклитикон номивджытæ æмæ хайыгтимæ æ.а.д.), уыдонæн та лæвæрд цæуынц сæхимæ гæс- гæ æндæрхуызон пунктуацион æгъдæуттæ. Ног растфыссынад фыццагæй у æххæстдæр æмæ дзы у æнцондæр пайдагæнæн. Орфографи æмæ пунктуацийы тыххæй фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ æрвитæн ис Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институтмæ (Дзæуджы- хъæу, Сабырдзинады проспект, 10). ИРОН АЛФАВИТ Аа Дждж Йй Пп Фф Шш Ææ Дздз Кк Пъпъ Хх Щщ Бб Ее Къкъ Рр Хъхъ Ьь Ыы Вв Ёё Лл Сс Цц Гг Жж Мм Тт Цъцъ Ъъ Ээ Гъгъ Зз Нн Тътъ Чч Юю Дд Ии Оо Уу Чъчъ Яя 5
I хай ОРФОГРАФИ I. ХЪÆЛÆСОНТЫ ÆМÆ ÆМХЪÆЛÆСОНТЫ РАСТФЫССЫНАД 1 §. Дзырдты райдайæны хъæлæсон у арæх фæхъуысы уы- йы хуызæн. Ахæм дзырдты растфыссынады тыххæй зæрдыл дарын хъæуы: 1. У дзырдты райдайæны фыссын хъæуы, æдзухдæр ыл цавд цы дзырдты фæхауы, уыдоны, стæй уыдонæй арæзт дзырдты: уд (уды), удайын, удæвдз, удæсын, узæлын, узын, улæфын, улупа, уромын, урс (урсы), ус (усы), утæппæт, у, ут. 2. Уы райдайæны фыссын хъæуы, уæлдæр ранымад дзырд- тæй фæстæмæ, ахæмты: уыгæрдæн, уызын, уылæн, уынаффæ, уынг, уырдыг, уый (фæлæ: ууыл), уыдон, уыцы, уынын, уыр- нын, уыдтæн, уыдзыстæм, уыдаин æ.æнд. 2 §. Хъæлæсон е дзырды райдайæны хъуысы йе-йы хуызæн, фæлæ дзы фыссын хъæуы е: егар, ефс, ехс, ердо, егъау, емылыкк. Фиппаинаг. Йе фыссын хъæуы æрмæст бæттæг йе-йы, номивджытæ йе, йемæ, йед æмæ фæсæвæрд йеддæмæ-йы. 3 §. Дзырд хъæлæсон о-йæ куы райдайы, уæд йæ разæй фæхъуысы у, фæлæ йæ фыссын нæ хъæуы: обау, ома, онг, омын æ.æнд. 4 §. Уæ дзырды райдайæны (хатгай йæ астæу дæр) ныхасы мидæг æлвæст æрцæуы æмæ ратты о, фæлæ йæ фыссын хъæуы уæ: уæрдон, уæрыкк, уæнг, дуæрттæ, нуæрттæ, нуæзт (нозт дæр), нуæрст (норст дæр) æ.æнд. 5 §. Æмхъæлæсонтæ г, гъ, к, къ, х, хъ-йы фæстæ уы-йы бæсты ранæй-рæтты фæдзурынц ы, фæлæ фыссын хъæуы уы: хуыр, куыдз, куырой, фæткъуы, гуыр, хъуызын æ. æнд. Фиппаинаг. Ис ахæм дзырдтæ дæр, ацы æмхъæлæсон- ты фæстæ ы фыссын кæм хъæуы: хыссæ, хынджылæг, хызын, гыцци, къыбар-къыбур, хырх, дзагъыр æ. æнд. 6 §. Æуæ дзырды астæу арæх æлвæст æрцæуы æмæ ратты о: нæуæг — ног, цæуæт — цот, рæуæг — рог, рæуæд — род. Номдартæ æмæ миногонтæн фыссæн ис дыууæ хуызы дæр, фæ- лæ фыццаг бынат дæттын хъæуы æлвæст хуызæн: ног — нæ- 6
уæг, рог — рæуæг, цот — цæуæт, род — рæуæд. Мивдисджы- ты æмæ фæрсдзырдты фыссын хъæуы æуæ: фæуæд, цæуæд, дæлæуæз. Фæлæ: цæуæм — цом, цомут. 7 §. 1. Номивджытæ мæ, дæ, йæ, нæ, уæ, сæ æмæ æппæрц- цæг хайыг нæ-йы фæстæ дзырд æ-йæ куы райдайы, уæд дыу- уæ æ-йы æлвæст æрцæуынц æмæ раттынц е. Уыцы е фыссын хъæуы фыццаг дзырды (ме, де, йе, не, уе, се), дыккаг дзыр- ды райдайæны та æвæрын хъæуы апостроф: ме ’мбал, де ’фсымæр, йе ’мгар, се ’ппæт, не ’хсæн, не ’мбæхсы, уе ’гас. Фиппаинаг. Номивджытæ мæ, дæ, йæ, нæ, уæ, сæ æмæ æппæрццæг хайыг нæ-йы фæстæ дзырд хъæлæсонæй куы нæ райдайы, афтæмæй ме, де, йе, не, уе, се-мæ куы раивынц, уæд дыккаг дзырды райдайæны апостроф æвæрын нæ хъæуы: ме уæнгтæ, де рагъ, йе скъола, не змис, уе ссад, не сфæрæзтам. 2. Номивджытæ мæ, дæ, йæ, нæ, уæ, сæ, æппæрццæг хайыг нæ-йы фæстæ дзырдтæ хъæлæсон а-йæ куы райдайынц, уæд хатгай дзургæйæ номивджытæй æмæ æппæрццæгæй хъæлæсон æ ахауы, фæлæ йæ хъæуы фыссын. Поэтикон уацмысты фыс- сæн ис дыууæ хуызы дæр: мæ амонд — м’ амонд, нæ адæм — н’ адæм, йæ авналæнтæ — й’ авналæнтæ. 3. Дзырдбасты фыццаг дзырд хъæлæсоныл куы фæвæййы, дыккаг та æ-йæ куы райдайы, уæд дыккаг дзырды райдайæнæй дзургæ-дзурын арæх ахауы æ, фæлæ йæ фыссæн ис дыууæ хуы- зы: æххæстæй (дыууæ æмбалы, уыцы æмгар) æмæ апостро- фæй нысангæнгæйæ (дыууæ ’мбалы, уыцы ’мгар). 4. Фыццаг дзырд хъæлæсоныл куы фæвæййы, дыккаг дзырд та разæвæрд æнæ кæнæ разæфтуан æнæ- (æ-)-йæ куы райдайы, уæд дыккаг дзырды райдайæнæй хъæлæсон æ нæ ахауы æмæ йæ хъæуы фыссын: Скъоладзаутæ æнæзивæгæй цæуынц скъоламæ. Ды æнæ мæн ма ацу. 5. Æрхæцæн нысанæй хицæнгонд дзырды хъæлæсонтæ кæ- рæдзиуыл куы æмбæлой, уæд сæ фыссын хъæуы æххæстæй, ома хъæлæсон мыр нæ цух кæнгæйæ: Мæ къухтæ дæм нæма бахæццæ сты, æндæр мын уыцы стыр хæрзиуæгæй нæ аир- вæздзынæ (Мамсыраты Д.). 8 §. 1. Дзырды райдайæны æмхъæлæсон мырты къорды æмæ дывæргонд æмхъæлæсонты разæй фыссын хъæуы хъæлæ- сон æ; æхсыр, æфсад, æвзаг, æййафын, æууæндын, æхсар. 2. Дзырды райдайæны з кæнæ с-йæ цы æмхъæлæсонты къорд- тæ райдайынц, уыдоны, стæй дывæргонд с-йы разæй фæхъуысы хъæлæсон ы кæнæ æ, фæлæ йæ фыссын нæ хъæуы: згæ, змис, знон, здæхын, змæлын, скъæт, стæг, счъил, ссад, ссæдз. 7
Фиппаинаг. Поэтикон уацмысы ритмы тыххæй уыцы дзырдты райдайæны хъæлæсон куы бахъæуа, уæд дзы фыссæн ис ы; кæнæ æ дæр: ызгæ, ызмис, ыскъæт, ыстур, æссын, ыс- сад, æссарып, ыссæдз. 9§. Хуымæтæг дзырдты æмхъæлæсонтæ куы фембæлынц, уæд дзургæйæ фæстаг æмхъæлæсон раззаджы арæх скæны зы- лангон кæнæ æзылангон (æнæххæст ассимиляци) кæнæ та бын- тондæр йæхи хуызæн (æххæст ассимиляци). Ахæм дзырдты æмхъæлæсонты растфыссынад сбæрæг кæнæн ис, дзырды фор- мæ аивгæйæ æмæ дызæрдыггаг æмхъæлæсоны фæстæ хъæлæ- сон сæвæргæйæ: хæцдзæн — хæцын, хъазт — хъазын, æмбæрз- та — æмбæрзын, мæнмæ — мæнæй. 10 §. 1. Æмхъæлæсонтæ дæргъвæтинæй куы фæхъуысынц, уæд сæ фыссын хъæуы дывæргондæй: æввонг, æгъгъæд, фæз- зæг, бæззын, хуыссын, къаннæг, тыххæй, æххæст. 2. Æвиппайдон æмхъæлæсонтæ б, п, г, к, д, т, дж, дз, ч, ц дзырды дæргъвæтинæй куы фембæлынц, уæд дзургæ-дзурын бæрæг нæ вæййы, зылангон æмхъæлæсон, дывæр кæны æви æзылангон. Уымæ гæсгæ зæрдыл дарын хъæуы: а) кæд дзырдæн йæ арæзтмæ гæсгæ сбæрæг кæнæн уа, ца- вæр æмхъæлæсон дывæр кæны, уый, уæд дывæрæй фыссын хъæуы уыцы æмхъæлæсон: ныббар (ны+бар, барын-æй), лæг- гаг (лæг+аг), курæггаг (курæг + аг), æфсæддон (æфсад + он), хъæддаг (хъæд+аг), куырæттаг (куырæт+аг), бæллиц- цаг (бæллиц+аг); æ) кæд дзырдæн йæ арæзтмæ гæсгæ сбæрæг кæнæн нæ уа, зылангон æви æзылангон æмхъæлæсон дывæр кæны, уый, уæд дывæрæй фыссын хъæуы æзылангон æмхъæлæсон (кк, пп, тт, цц, чч): аккаг, астæуккаг, æппарын, лæппу, цæттæ, дæт- тын, хæццæ, гыццыл, фыццаг, тыччы. 3. Дзырды кæрон дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ хатгай зын раиртасæн вæййынц хуымæтæг æмхъæлæсонтæй. Дзырды кæ- ройнаг æмхъæлæсон дывæрæй фыссын хъæуы, йæ фæстæ хъæ- лæсон сæвæргæйæ (зæгъæм, хауæны кæрон) дæргъвæтинæй куы хъуыса, уæд: зæхх — зæххы, зæххимæ, фæлæ: зæхмæ; цæхх — цæххимæ, фæлæ: цæхмæ, гæххæтт — гæххæттыл, фæлæ: гæххæтмæ. 11 §. Хуымæтæг дзырдты уидæгты æмхъæлæсонтæ с, ф æмæ х-йы фæстæ (кæнæ сæ разæй) арæх бæлвырд нæ фæхъу- ысы, зылангон æмхъæлæсон дзы ис æви æзылангон. Ахæм дзырдты с, ф, х-имæ фыссын хъæуы æзылангон æмхъæлæсон- тæ: стæг, æхтонг, æфцæг, æфтауц, уæхск, æфстау, кæс- тæр, хистæр, æфсургъ, æргъæфст. 8
Фæлæ: ахсджиаг, рæхджы, цæсгом, сгуы, сгарын, сгуы- хын, æхгæнын, цæхгæр, сгæллад, сысджы. II. НОМДАРТЫ, МИНОГОНТЫ, НЫМÆЦОНТЫ, НОМИВДЖЫТЫ ÆМÆ ФÆРСДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД 12 §. Номон æмæ гуырынон хауæнты й-йыл цы дзырдтæ фæвæййынц, уыдоны иртæстон æмæ цæдисон хауæнты й аха- уы æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: мой — мо-йæ, мо-имæ; сой — со-йæ, со-имæ; къай — къа-йæ, къа-имæ; хай — ха-йæ, ха-имæ; ай — а-имæ; кæй — кæ-имæ; уый — уы-имæ. 13 §. 1. Сæ кæрæтты л, р, м, н, й, у цы дзырдтæн вæййы, уыдоны бындуры бирæон нымæц аразгæйæ, тыхджын хъæлæ- сонтæ а, о лæмæгъ хъæлæсон æ-йæ ивд куы æрцæуынц, уæд: а) бирæон нымæцы фæсæфтуан -т фæдæргъвæтин вæййы æмæ йæ фыссын хъæуы дывæрæй: ном — нæмттæ, ком — кæмттæ, хæдзар — хæдзæрттæ, æмбал — æмбæлттæ, уы- дон — уыдæттæ, адон — адæттæ, хай — хæйттæ, иугай — иугæйттæ, аргъау — аргъæуттæ; æ) æмхъæлæсон н ахауы æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: дон — дæттæ, кæрон — кæрæттæ, рон — рæттæ. Фæлæ: æфсон — æфсæнттæ. 2. Дзырдæн иууон нымæцы йæ кæроны æмхъæлæсонты къорд кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсон куы вæййы, уæд бирæ- он нымæцы формæйы дзырды бындурæй фæсæфтуаны æхсæн арæх фæзыны хъæлæсон ы æмæ йæ хъæуы фыссын: чызг — чызджытæ, карк — кæрчытæ, цалх — цæлхытæ, сындз — сындзытæ, фæрв — фæрвытæ, тæрс — тæрсытæ, нæуу — нæууытæ. Фæлæ: кард — кæрдтæ, маргъ — мæргътæ, фынг — фынг- тæ, фарс — фæрстæ, фахс — фæхстæ æ.а.д. 3. Сæ кæроны ы цы дзырдтæн вæййы, уыдонæй бирæон ны- мæцы формæйы хъæлæсон ы арæх ахауы, фæсæфтуан — т-йы размæ фæзыны уы æмæ йæ хъæуы фыссын: нæмыг — нæм- гуытæ, хъæздыг — хъæздгуытæ, фæрдыг — фæрдгуытæ, уæйыг — уæйгуытæ, уидыг — уидгуытæ. Фæлæ: уырдыг — уырдыджытæ, мæлдзыг — мæлдзыджытæ. 14 §. Фæсæфтуантæ -аг, -ад, -он-ы разæй æмхъæлæсонтæ арæх фæдæргъвæтин вæййынц, æмæ сæ фыссын хъæуы дывæ- рæй: хох — хæххон, балц — бæлццон, лæг — лæггад, хъæу — хъæууон, уæй — уæййаг, знаг — знаггад, лыг — лыггаг. 9
15§. Сонорон æмхъæлæсонтæ л, р, м, н, у-йыл фæугæ дзырдтæм фæсæфтуан -аг кæнæ -ы æфтыд куы æрцæуы, уæд сонорон æмхъæлæсоны разæй арæх фæзыны й, æмæ йæ хъæ- уы фыссын: гал — гайлаг, дон — дойнаг, ком — коймаг, хæ- дзар — хæдзайраг, дон — дойны, æвгъау — æвгъайуаг, Црау — црайуаг. Ахæм дзырдты сонорон æмхъæлæсонты разæй хъæлæсон ы куы вæййы, уæд -ый арæх ратты и, æмæ йæ хъæуы фыссын: дзабыр — дзабираг, уыр — уираг, быдыр — быдираг, бын — бинаг, Сыбыр — сыбираг. 16§. Зылангон мыртæй райдайгæ фæсæфтуанты (-дзаг, - дзæг, -джын, -гай, -дæр) зылангонтæ арæх фæхъуысынц æзы- лангонты хуызæн, фæлæ фыссын хъæуы зылангонтæ: ивддзаг, скъуыддзаг, дæрддзæг, фыдджын, цытджын, цадæггай, кæд- дæр. 17§. Йæ кæроны дæргъвæтин æмхъæлæсон цы дзырдæн кæ- нæ дзырды хайæн вæййы, уымæ æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хай æфтыд куы æрцæуы, уæд дæргъвæтинæй нал фæхъуысы æмæ йæ дывæрæй фыссын нæ хъæуы: уæрыкк — уæрыкджын, уæрыкдон; сæныкк — сæныкджын, сæныкмæ; къуыпп — къуыпгомау, къуыпгонд; цæхх — цæхджын, цæхмæ; зæхх — зæхджын, зæхбын, зæхмæ, зæхбарæг; нæуу — нæумæ. 18 §. Иуæй-иу бындурты фæсæфтуантæ -аг æмæ -æг-ы ра- зæй фæзыны дæргъвæтин æзылангон æмхъæлæсонтæ к, ц, æмæ сæ фыссын хъæуы дывæргондæй: астæуккаг, хъæуккаг, дыккаг, дыццæг, æртыццæг, æппæрццæг, дæуццаг, æвæрццæг. 19 §. Хъæлæсон мыртыл, и-йæ фæстæмæ, цы дзырдтæ фæ- вæййынц, уыдонмæ фæсæфтуан -аг æфтыд куы æрцæуы, уæд дыууæ хъæлæсоны æхсæн арæх фæзыны й, æмæ йæ хъæуы фыссын: къабайаг, тæлыйаг, хъуыдыйаг, арфæйаг, къутуйаг, ердойаг, хъуыдыйад, дæсныйад. Хицæн дзырдты хъæлæсонтæ а, æ, ы, сæ фæстæ цы й фæ- зыны, уыимæ (ома ай, æй, ый) раттынц и æмæ сæ фыссын хъæуы, куыд хъуысынц, афтæ: Багатæ — Багиан, зæрдæ — зæрдиаг, фæстæ — фæстиат, фæстиау, уæлæ — уæлиау, дæлæ — дæлиау, гуырдзы — гуырдзиаг, иу+зæрдæ — иузæрди- он, дыууæ+сы — дыууæсион, тæхуды — тæхудиаг. 20 §. Барæн бæрцы фæсæфтуан -дæр миногонты æмæ фæрсдзырдты фыссын хъæуы æмхæстæй: даргъдæр, цыбыр- дæр, бæрзонддæр, ныллæгдæр, рæсугъддæр. 21 §. Миногонтæй æмæ фæрсдзырдтæй уæлахизон бæрц æмæ тыхджындæргонд формæ цы дзырдты фæрцы арæзт цæуы 10
(æппæты, æппæтæй, иууыл, æгæр, бынтон, иттæг, сæнт, тæк- кæ, тынг, фыд, фыр, хъæбæр æ. æнд.), уыдон фыссын хъæуы хицæнæй: æппæты (æппæтæй) рæсугъддæр; æгæр (бынтон, иууыл, иттæг, тынг, фыд, фыр; хъæбæр) хорз; сæнт урс, сатæг сау. 22 §. Вазыгджын миногонтæ, номдартæ æмæ фæрсдзырдтæ аразæг дзырдтæ фыссын хъæуы æмхæстæй: дыууадæстæнон, иугæндзон, иуцæстон, сауæрфыг, сауцæст, фыдзонд, фыд- хуыз, фыргуыст, фырдзырд, хæдзилгæ, хæрзхаст. 23 §. Миногонтæ уидаг дывæр кæныны æмæ фæсæфтуан -ид- ы фæрцы арæзт куы вæййынц, уæд сæ фыссын хъæуы дефи- симæ: сау-сауид, бур-бурид, сырх-сырхид, урс-урсид, цъæх- цъæхид. 24§. Нымæцонтæ дыууæ, æртæ, цыппар, сæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдонимæ арæх баиу вæййынц ахæм формæ- ты: ды-, æрты-, цыппæр-, æмæ сæ фыссын хъæуы, куыд хъуы- сынц, афтæ: дывазыг, дывзагон, дыкъахыг, æртывæрæй, æр- тыкъахыг, цыппæрвадыгæй, цыппæрдигъон. 25§. Вазыгджын нымæцонты хæйттæ фыссын хъæуы æм- хæстæй, уыимæ нымæцонты фыццаг хай фыст цæуы, куыд хъуысы, афтæ, дыккаг хайы та фыссын хъæуы -дæс, -сæдæ, - ссæдз: иуæндæс, дыууадæс, æртындæс, цыппæрдæс, фынд- дæс, æхсæрдæс, æвддæс, æстдæс, нудæс; æртæсæдæ, фондзсæдæ, астсæдæ, фондзыссæдз(ы), дыууæфондзыс- сæдз(ы), æртæфондзыссæдз(ы). 26 §. Амад нымæцонтæ аразæг дзырдтæ фыссын хъæуы хи- цæнтæй: дыууын иу, авд мины, фарастсæдæ æстай фондз, æртæсæдæ фынддæсæм, дыууæ фæндзæм хайы, сæдæ æвддæсгай, дæс æмæ æртиссæдзгай. 27 §. Нымæцон иу, йæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдони- мæ фыссын хъæуы хицæнæй: иу бон, иу хатт, иу ахæмы, иу. цалдæр, иу чидæр, иу цавæрдæр, иу озæвгар, иу чысыл, иу дзырдæй. Фæлæ: иу-дыууæ, иу-фондз, иу-ссæдз æ.а.д. 28 §. Цæсгомон номивджыты цыбыр формæтæ фыссын хъæ- уы иннæ дзырдтæй хицæнæй: Нæ йын загътон. Бадзырдтон æм. Райстон сæ. Æппæлын дзы. Федтон дæ. Барвыстон уæм. Не ’ппæт. Се ’гас. 29 §. Вазыгджын номивджытæ фыссын хъæуы æмхæстæй: мæхи, дæхи, йæхи, нæхи, сæхи, мæхæдæг, уæхæдæг, алчи, чифæнды, цыфæнды. 30 §. Амонæн номивæг а фыссын хъæуы хицæнæй: а лæп- пу, а хæдзар, а хъæу. 11
Фæлæ: номивæг а, йæ фæстæ цы дзырд лæууа, уыимæ фæрсдзырд куы раттынц, уæд æй фыссын хъæуы æмхæстæй: абон, ахсæв, асæрды, азымæджы, ауалдзæджы, афæззæджы, аизæр. Номивæг а æмхæстæй фыссын хъæуы ахæм номивджыты дæр: ацал-ауал, ауал. 31 §. Номивæг хи-йæн сæрмагонд æлвасон нысаниуæг куы вæййы, уæд æй фыссын хъæуы номдартæй хицæнæй: хи адæм, хи бæстæ, хи куыст. Фæлæ хи вазыгджын дзырды хай куы вæййы, уæд æй фыс- сын хъæуы иннæ хаимæ æмхæстæй: хихсæн, хисæрфæн, хи- найæн, хиппæлой, хиуарзон. 32§. Номивæг уый-ы цыбыр формæйы райдайæны фæзыны й æмæ йæ фыссын хъæуы, йæ разæй цы дзырд фæлæууы, уый хъæлæсон кæнæ æмхъæлæсон й-йыл куы фæвæййы, уæд: рад- та йын (фæлæ радтон ын), базыдтай йæ (фæлæ базыдтон æй). 33 §. Номивæг уыдон-ы цыбыр формæтæ хатгай фæдзурæм цæ, цын, цæм, цыл, фæлæ сæ фыссын та хъæуы сæ, сæм, сын, сыл: æркодта сæ; фæдзырдта сæм; баууæндыди сыл. 34§. Фарстон-ахастон номивджытæ чи, цы-йæ аразгæ æбæл- вырд, бæлвырд æмæ æппæрццæг номивджытæ исчи, исты, ал- чи, алцы, ничи, ницы, мачи, мацы, здæхгæ номивæг кæрæдзи гуырынон хауæны фыссын хъæуы: искæй, истæй, алкæй, ал- цæй, никæй, ницæй, макæй, мацæй, кæрæдзи. 35 §. Хайыг ис-ы фæрцы арæзт вазыгджын номивджыты æмæ фæрсдзырдты дыккаг хай фыссын хъæуы æнæ мырон ивддзинæдтæй: искæуыл, искуы, искæд, искуыд, искæцæй, исчердæм, исчердыгæй. 36§. Æппæрццæг номивджыты æмæ æппæрццæг фæрсдзырдты хайыгтæ ни æмæ ма фыссын хъæуы æмхæстæй: ничи, ницы, никæцы, ницал, ницавæр, никуы, никуыд, ни- кæм, ницæй, никæдæм, мачи, мацы, макæцы, макуы, макæд, макæцæй, макæдæм. 37 §. Разæфтуантæ æ-, æм-, раз-, дæл-, уæл-, бын-, фæс-ы фæстæ æзылангон æмхъæлæсонтæ арæх свæййынц зылангон æмæ сæ фыссын дæр хъæуы афтæ: æгад, æвадат, æмгусæг, развæндаг, уæлвæндаг, бындзæфхад, фæсвæд, фæсгуыст. 38 §. 1. Разæфтуан æнæ- хъæлæсон æ-йæ райдайгæ дзырд- тæм æфтыд куы æрцæуы, уæд дыууæ æ-йæ иу ахауы, æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: æнæвнæлд, æнæхгæд, æнæхсад, æнæнхъæ- лæджы, æнæргъæвд. 12
2.Разæфтуан æнæ- тыхджын хъæлæсон а-йæ райдайгæ дзырдтæм æфтыд куы æрцæуы, уæд а-йы разæй лæмæгъ хъæ- лæсон арæх ахауы æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: æнæ+ахуыр — æнахуыр, æнæ+ад — æнад, æнæ+амонд — æнамонд. 39§. Гуырынон хауæны æвæрд номдартæ æмæ номивджы- тæй фæсæфтуан -(у)он-ы фæрцы арæзт дзырдты фæсæфтуан арæх фæхъуысы: иууон нымæцы -он кæнæ -уон, бирæон ны- мæцы -уонтæ кæнæ -уæттæ, æмæ сæ фыссæн ис дыууæ хуызы дæр: мæнон (мæнуон), дæууон, дæхион (дæхиуон), Солтаны- уон, мæхион (мæхиуон), мæнуæттæ, Солтаныуæттæ, нæ- хи(у)онтæ — нæхиуæттæ. III. МИВДИСДЖЫТЫ РАСТФЫССЫНАД 40§. Мивдисджыты ивгъуыд афоны кæрæтты фыссын хъæ- уы т, кæд бæлвырд нæ фæхъуысы, уæддæр: цыд-тæн, хорд- тон, зарыд-тæн, æхсад-тон, нымад-тон, хорд-таин, æхсад- таин, нымад-таин. Фæлæ: цыдаин, зарыдаин, кафыдаин. 41§. Мивдисджыты ивгъуыд афоны бындур -вд кæнæ -гъ- йыл куы фæвæййы, уæд ивгъуыд афоны цæсгомон кæрæтты разæй д ахауы, æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: сыгътон, дыгътон, ивтон, хыгътон, сыгътаин, сыгътæн, дыгътаин, ивтаин. 42§. Мивдисджыты ивгъуыд афоны бындуры фæсæфтуантæ -т кæнæ -ст куы вæййы æмæ сæм ивгъуыд афоны цæсгомон кæ- рæттæ æфтыд куы æрцæуы (фыст-тон), уæд бындуры æмæ кæроны т-тæй иу ахауы, æмæ дзы фыссын хъæуы иу т: фыс- тон, марзтон, карстон, къахтон, тахтæн, фыстаин, хаста- ин, марзтаин, карстаин. 43§. Фæсæфтуан -д-йы фæрцы арæзт хицæн дзырдты бирæ- он нымæцы формæ -тæ-йы бæсты арæх фæхъуысы æмæ фыс- сын дæр хъæуы -тытæ: конд — кæндтытæ, сыгъд — сыгъдты- тæ, сагъд — сæгъдтытæ, тынд — тындтытæ, архайд — ар- хæйдтытæ, æвнæлд — æвнæлдтытæ. 44§. Вазыгджын мивдисджыты æмæ мивдисджыты вазыг- джын формæты ивгæ хай — æххуысгæнæг мивдисæг — фыссын хъæуы хицæнæй: хуым кæнын, æнхъæлмæ кæсын, цæугæ кæ- нын, кæрдгæ кæнын, фæгæпп ласын, сдзæбæх уæвын. 45§. Æххуысгæнæг мивдисæг уæвын-ы фæрцы арæзт вазыг- джын мивдисджытæ æргомон здæхæны ивгъуыд афоны иууон нымæцы 3-аг цæсгомы фыссæн ис æртæ хуызы: æрхæццæ — 13
æрхæццæ и — æрхæццæ ис; æризæр — æризæр и — æризæр ис; æрбабон — æрбабон и — æрбабон ис. 46§. Æххуысгæнæг мивдисæг уæвын мивдисджыты æнæ- цæсгомон формæты фыссын хъæуы æмхæстæй: дзырдæуы, дзырдæуыди, чындæуы, æхсадæуы. 47§. Мивдисджыты 3-аг цæсгомы æмæ æнæцæсгомон фор- мæтæн иууон нымæцы æргомон здæхæны ивгъуыд æмæ суинаг афонты фыссæн ис æртæ хуызы: цыд — цыди — цыдис; цæу- дзæн — цæудзæни — цæудзæнис; дзырдæуыд — дзырдæуыди — дзырдæуыдис. 48 §. Разæфтуантæ мивдисджытимæ фыссын хъæуы æм- хæстæй: ацæуын, æрцæуын, бацæуын, ныццæуын, фæцæуын, ссæуын. Фæлæ: разæфтуанæй мивдисæджы æхсæн исты дзырд куы вæййы, уæд сæ фыссын хъæуы хицæнтæй: рацæй йæм цыди, æрбацæй та-иу æм цыди. 49 §. 1. Разæфтуан ны- хъæлæсон а-йæ райдайгæ мивдис- джытæм æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуанæй дзырды æх- сæн фæзынынц дæргъвæтин й кæнæ дæргъвæтин ц, æмæ сæ хъæуы фыссын: арын — ныййарып, аразын — ныццаразын, амайын — ныццамайын. 2. Разæфтуан ны- у-йæ райдайгæ мивдисджытæм æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзыны æмхъæлæсон у, æмæ йæ хъæуы фыссын: улæфын — ныуулæ- фын, уромын — ныууромын, удайын — ныуудайын. 3. Разæфтуан ны- æмхъæлæсонтæй райдайгæ мивдисджы- тæм æфтыд куы æрцæуы, уæд дзырды райдайæн æмхъæлæсон- тæ фæдæргъвæтин вæййынц, æмæ сæ фыссын хъæуы дывæр- гондæй: худын — ныххудын, фыцын — ныффыцын, сæлын — ныссæлын, калын — ныккалын, уасын — ныууасын, уарын — ныууарын, дзурын — ныдздзурын, риуыгъын — нырриуыгъын, хъусын — иыхъхъусын, къахын — ныкъкъахын. 4. Разæфтуан ны- хъæлæсон и-йæ райдайгæ мивдисджытæм æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзы- ны й, æмæ йæ фыссын хъæуы æнæдывæргондæй: исын — ный- исын, ивазын — ныйивазын, ирвæзын — ныйирвæзын, ихсий- ын — ныйихсийын. 5. Мивдисæг æмхъæлæсонты къорд кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсонæй куы райдайы, уæд разæфтуан ны-йы фæстæ æмхъæлæсон дывæргонд нæ цæуы: здухын — ныздухын, змæн- тын — нызмæнтын, схойын — нысхойын, скъæрын — ныскъæ- рын, скъуыйын — ныскъуыйын, ссæндын — ныссæндын. 14
50 §. 1. Разæфтуан фæ- хъæлæсон æ-йæ райдайгæ дзырд- тæм æфтыд куы æрцæуы, уæд дыууæ хъæлæсоны æлвæст æрцæуынц, æмæ дзы фыссын хъæуы е: æвпалып — февналын, æмбарын — фембарын, æфснайын — фефснайын. 2. Разæфтуан фæ- æфтыд куы æрцæуы æмхъæлæсонты къордæй кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырд- тæм, йе та, кæддæр йæ райдайæны хъæлæсон мыр кæмæн уы- ди, ахæм дзырдтæм, уæд разæфтуаны æ арæх рахизы е-мæ, æмæ фыссын хъæуы фе-: фезмæлын, фездухын, фестъæл- фын, фескъуынын, фестын, фесхойын, фессивын, фессæн- дын, фехалын, фесафын, фегом кæнын, фехъусын, фегæрдын. 51 §. Разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба-, ны- хъæлæсон æ-йæ райдайгæ мивдисджытæм æфтыд куы æрцæуынц, уæд хъæлæ- сон æ ахауы, æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: æвналын — авналын, бавиалын, æрбавналын, равналын, нывналын; æмбарын — ам- барын, бамбарын; æвæрын — авæрын, æрбавæрын, равæрын, нывæрыи. 52§. 1. Разæфтуантæ æр-, с- æфтыд куы æрцæуынц æ-йæ райдайгæ мивдисджытæм, уæд æ-йы бæсты арæх фæхъуысы ы, фæлæ фыссын хъæуы æ: æрæвæрын, сæвæрын, æрæхгæнын, æрæххæссын, сæххæссын, æрæвгæнын, сæвгæныи. 2. Разæфтуантæ æр-, с- æмхъæлæсонты къордæй кæнæ дæргъвæтин с-йæ райдайгæ мивдисджытæм, стæй, кæддæр сæ райдайæны хъæлæсон кæмæн уыди, уыцы дзырдтæм æфтыд куы æрцæуынц, уæд разæфтуаны фæстæ фæзыны ы, æмæ йæ хъæуы фыссын: здæхын — æрыздæхын, сыздæхын; ссын — æрыссын; ссивын — æрыссивын; мысын — æрымысын; хъуы- сын — æрыхъуысын, сыхъуысын; хъусын — æрыхъусын. 53§. Вазыгджын мивдисджытæй арæзт номдартæ, миногон- тæ, миногмитæ æмæ фæрссагмитæ фыссын хъæуы æмхæстæй, кæд æххуысгæнæг мивдисæг æнæ разæфтуан уа, уæд, кæд ра- зæфтуанимæ уа, уæд та — хицæнтæй: хъыг дарын — хъыгда- рæг, хъыгдаргæйæ; хуым кæнын — хуымгæнæг, хуымгæн- гæйæ, хуым бакæнæг, хуым бакæнгæйæ; хъæр кæнын — хъæр- гæнæг, хъæргæнгæйæ, хъæр ныккæнгæйæ. 54§. Мивдисæджы уидаг хъæлæсон и-йыл куы фæвæййы, уæд, уыцы мивдисæгæй фæсæфтуантæ -æг, -аг, -æн-ы фæрцы миногонтæ æмæ миногмитæ аразгæйæ, уидагæй фæсæфтуаны æхсæн фæзыны й æмæ йæ хъæуы фыссын: рæдийын — рæди- йаг, рæдийæг; бийын — бийæг, бийæн. 55§. Мивдисæджы бындур дæргъвæтин æмхъæлæсоныл куы фæвæййы æмæ йæм æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хæйттæ 15
æфтыд куы æрцæуынц, уæд дæргъвæтин мыр фæцыбыр вæййы, æмæ йæ дывæргондæй фыссын нæ хъæуы: фыссын — фыст, фыстон, фысдзынæн, фыстæг, фысгæйæ; сæттын — сæтдзы- нæн, сæтгæйæ; лæууын — лæудзынæн, лæуд, лæугæйæ. 56§. Бæллиццаг здæхæны бирæон нымæцы мивдисджыты цæсгомон кæрæтты фыссын хъæуы кк: бадиккам, бадиккат, бадиккой; фыссиккам, фыссиккат, фыссиккой; бадтаиккам, бадтаиккат, бадтаиккой; фыстаиккам, фыстаиккат, фыс- таиккой; кæниккам — кодтаиккой. 57§. Мивдисæджы уидаг æмхъæлæсон у-йыл куы фæ- вæййы, уæд æргомон æмæ фæдзæхстон здæхæнты бирæон ны- мæцы 2-аг цæсгомы фыссын хъæуы иу у: стау-ын — стаут, фау-ын — фаут, хау-ын — хаут. 58§. Æмхъæлæсон й-йыл цы мивдисджыты бындуртæ фæвæй- йынц, уыдоны бæллиццаг здæхæны, стæй фæсæфтуан -инаг-ы разæй й фыссын нæ хъæуы: нымайын — нымаин, нымаис, нымаид, нымаиккам, нымаиккат, нымаиккой, нымаинаг; фиппайын — фиппаин, фиппаис, фиппаид, фиппаиккам, фип- паиккат, фиппаиккой, фиппаинаг. 59§. Дзырдтæ исын, ивазын, ивæзын-мæ разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба- æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуаны фæстæ хъæлæсон и свæййы й, æмæ йæ хъæуы фыссын: айсын, бай- сын, æрбайсын, айвазын, райвазын. 60§. Разæфтуантæ а-, ра-, ба-, æрба- æфтыд куы æрцæ- уынц, раздæр сæ райдайæны хъæлæсон мыр кæмæн уыди, ахæм мивдисджытæм, уæд разæфтуанæй дзырды æхсæн фæзы- ны й, æмæ йæ хъæуы фыссын: айхъусын, айхъуысын, райхъуы- сын; æрбаймысын, байгæрдын, айтауын, райхалын. IV. РАЗÆВÆРДТЫ, БÆТТÆГТЫ, ФÆСÆВÆРДТЫ, ХАЙЫГТЫ ÆМÆ ÆВАСТХЪÆРТЫ РАСТФЫССЫНАД 61 §. Разæвæрдтæ æд æмæ æнæ, сæ фæстæ цы дзырдтæ вæййы, уыдонимæ фыссын хъæуы хицæнтæй: Лæппу æнæ ху- дæй æрбацыди. Æнæ чиныгæй ахуыр кæнæн нæй. Сабитæ æд чингуытæ фæцæуынц скъоламæ. Фæлæ: æд æмæ æнæ, сæ фæстæ цы дзырдтæ лæууы, уыдо- нимæ миногонтæ куы аразой, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæс- тæй: æдгæрзтæ быцæу; æдсаргъ, æдидон бæх; æнæмаст адæймаг; æнæкæрон нымæц. 62 §. Фæсæвæрдтæ сæ разæй æвæрд дзырдты фæрссаг ха- уæнты куы домой, уæд сæ фыссын хъæуы хицæнтæй: хæдзары 16
’рдæм, хæдзары ’рдыгæй, уыдоны ’рдæм, бæласы цур, хъæуы фарсмæ, стъолы сæрмæ, адæмы астæу, хъæумæ хæстæг, хæдзармæ æввахс, хъæуæй уæлæмæ, махæй фæстæмæ, уый тыххæй, уымæ гæсгæ, уымæй фæстæмæ, уымæй размæ, амæй фæстæмæ, амæй размæ, уый размæ, ардыгæй фæстæ- мæ, уæдæй нырмæ, уæдæй фæстæмæ, уый бæрц, ай бæрц, дæу æрдыгæй, мæн æрдæм. Фæлæ: фæсæвæрдтæ сæ разæй æвæрд дзырдты фæрссаг ха- уæны куы нæ домой, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: бо- нæрдæм (бонырдæм дæр), цæгатæрдыгæй (цæгатырдыгæй дæр) фалæрдæм, фалæрдыгæй, кæцырдæм, кæцырдыгæй, дыу- уæрдæм, дыууæрдыгæй, иннæрдæм, алырдæм, галиуæрдыгæй (галиуырдыгæй дæр), иуæрдыгæй (иуырдыгæй дæр), иухуы- зон, махæрдыгон (махырдыгон дæр), куыдфæстæмæ. 63§. Хайыг гъе фыссын хъæуы хицæнæй: гъе уый, гъе аф- тæ, гъе уымæн, гъе уырдæм, гъе уый тыххæй, гъе ахæм, гъе ныр, гъе уæд. 64§. 1. Æппæрццæг хайыг нæ фыссын хъæуы хицæнæй: куы нæ ацæуон, цы нæ зонын, куы нæ уыди. Фæлæ: цæуыннæ (цæуыл+нæ-йæ), куыннæ (куыд+нæ-йæ). 2. Миногмитимæ æппæрццæг хайыг нæ фыссын хъæуы æм- хæстæй: нæдзурæг скодта йæхи, нæзонæджы къух нæ риссы. 65§. Хайыг уал фыссын хъæуы хицæнæй: сбад уал, зæгъ уал, исчи уал. Фæлæ: хайыг уал æппæрццæгтæ нæ æмæ ма-имæ, стæй æп- пæрццæг номивджытæ æмæ фæрсдзырдтимæ фыссын хъæуы æмхæстæй: мауал, нал, ничиуал, ницыуал, никæйуал, никуы- уал, никæдæмуал, никæмуал, мачиуал, мацыуал, макæдæмуал. 66§. Хайыгтæ хæд æмæ хæрз дзырд тæккæ-йы æмнысан куы вæййынц, уæд сæ сæ фæстæ цы дзырдтæ лæууы, уыдон фыссын хъæуы хицæнæй: йæ хæрз сыхаг у; бæласы хæд фар- смæ æрбадти. Фæлæ: хæд æмæ хæрз, сæ фæстæ цы дзырдтæ лæууы, уы- донимæ миногон кæнæ номдар куы аразой, уæд сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: хæрзарæхст, хæдæфсарм, хæдхæцæгад. 67 §. Та вæййы бæттæг дæр æмæ хайыг дæр. Фыссын æй хъæуы кæддæриддæр хицæнæй: Æз та дæм зындзынæн. Куы та йæм бацæуон, уæд та йын зæгъдзынæн. Ды та кæм уыд- тæ? 68 §. Ма вæййы æппæрццæг хайыг дæр, тыхджындæргæнæг хайыг дæр æмæ фæдзæхст лæмæгъдæргæнæг хайыг дæр. 1. Æппæрццæг хайыг ма, йæ фæстæ цы дзырдтæ лæууы, уыдонимæ фыссын хъæуы хицæнæй: ма ацу, ма йæм дзур,
ма ку, ма йыл хъæр кæн, ам ма лæуу, мæсты йæм ма кæн, ма йæм дзурон, ма дæм лæууон. Фиппаинаг . 1. Æппæрццæг хайыг ма æппæрццæг номив- джыты, фæрсдзырдты æмæ бæттæгты фыссын хъæуы æмхæс- тæй: магуса, мадзура, мамæла, мачи, макæдæм, мадæр-ма- дæр, нæма, нырма, мама. 2. Тыхджындæргæнæг хайыг ма фыссын хъæуы хицæнæй: Æз ма дæм бацæуинаг уыдтæн. Ды та ма йын арфæтæ код- тай. Фæлæ: нæма, нырма, мама. 3. Фæдзæхст лæмæгъдæргæнæг хайыг ма, йæ разæй цы дзырдтæ лæууы, уыдонимæ фыссын хъæуы дефисæй хицæн- гæнгæйæ: Æри-ма чиныг. Къус-ма рахæсс. Рауай-ма ардæм. Ам-ма лæуу. 69§. Бирæхаттон хайыг иу, йæ разæй цы дзырдтæ лæууы, уыдонимæ фыссын хъæуы дефисæй хицæнгæнгæйæ: Бадзырд- тон-иу æм. Рацу-бацу-иу кодтон. Æрбауади-иу мæм. 70§. Вазыгджын æвастхъæртæ фыссын хъæуы, кæрæдзийæ дефисæй хицæнгæнгæйæ: оххай-гъе, ай-гъай, гъæйдæ-гъа, гъæй-джиди. V. ВАЗЫГДЖЫН ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД 71§. Иуæй-иу вазыгджын дзырдты дыккаг хайы фыццаг æмхъæлæсонтæ свæййынц зылангон, æмæ сæ фыссын хъæуы, куыд хъуысынц, афтæ: галвæндаг, дурвæткъуы, галдзарм, сæгъдзарм, хуымгæрдæн. Фæлæ: хæрзконд, агхафæн, хæдтæхæг, дыууадæстæнон. 72§. Вазыгджын дзырдтæ аразæг бындуртæй фыццаг æм- хъæлæсоныл куы фæвæййы, дыккаг та куы райдайы æмхъæ- лæсонты къордæй кæнæ дæргъвæтин с-йæ, уæд дыууæ бын- дуры æхсæн фæзыны хъæлæсон ы, æмæ йæ хъæуы фыссын: хурыскæсæн, фæдысмудæг, фондзыссæдз(ы), фыдыссæн, æн- цонызмæнтæн. 73§. Сæ фыццаг хай дæргъвæтин æмхъæлæсоныл кæмæн фæвæййы, дыккаг хай та æмхъæлæсонæй кæмæн райдайы, ахæм вазыгджын дзырдты æмхъæлæсонтæ дæргъвæтин нал фæхъуысынц, æмæ сæ дывæргондæй фыссын нæ хъæуы: къæрцц+хъус — къæрцхъус, къæртт+кæнæг — къæртгæнæг, гæпп+кæнæн — гæпгæнæн, къуырцц+цæвæн — къуырцдзæвæн, зæхх+кусæг — зæхкусæг, хахх+кæнæг — хахгæнæг, цæхх+да- рæн — цæхдарæн. 18
74§. Дзырды бындур дывæр кæныны фæрцы цы вазыгджын дзырдтæ арæзт цæуынц, уыдон фыссын хъæуы дефисимæ: зы- лын-мылын, сæпп-сæпп, къæрцц-къæрцц, зыр-зыр, дыгъал- дыгъул, рацу-бацу, кæсгæ-кæсын, дон-дон, фæндаг-фæндаг, хæдзари-хæдзар, хъæуи-хъæу, фæрсæй-фæрстæм, сæрмæ- сæр, фæд-фæдыл, ракæ-бакæ. Фæлæ: ахæм дзырдтæм фæсæфтуантæ кæнæ æндæр бын- дуртæ æфтыд куы цæуа, уæд та сæ фыссын хъæуы æмхæстæй (æнæ дефисæй): хъысхъысаг, зырзыраг, цъырцъыраг, мырмы- раг, къæркъæраг, дыгъалдыгъулгæнаг, рауайбауайгæнæг, ра- цубацугæнæг, ракæбакæгæнæг. 75§. Вазыгджын дзырдтæ аразæг бындуртæй фыццаг хъæ- лæсоныл куы фæвæййы, дыккаг та лæмæгъ хъæлæсонæй куы райдайы, уæд дыккаджы райдайæны лæмæгъ хъæлæсон ахауы, æмæ йæ фыссын нæ хъæуы: дыууæхстон, æртæхстон, зæр- дæлхæнæн, зæрдæвæрæн, гæрзтæхсæн. 76§. Номон æмæ гуырынон хауæнты æвæрд номдар-бæрæг- гæнæнтæ бæрæггæнинаг дзырдтæй фыссын хъæуы хицæнæй: хур бон, фæткъуы бæлас, æвзист уидыг, цонджы хъул, къу- хы ных, сæры къуыдыр, сæры фахс, хуры тын, хæлуарæджы тын, цæсты рухс, Æрфæны фæд, Уæлладжыры ком, Куырт- таты ком, сыгъзæрин къухдарæн. Фиппаинаг. 1. Æмхæстæй фыссын хъæуы, сæ фыццаг хæйттæ фæрссаг хауæнты æвæрд кæмæн сты æмæ вазыгджын дзырдты хуызы чи ныффидар, ахæм терминтæ: дугъысыф, залмысыф, фарсылæвзаг æ. æнд. 2. Дзырды фыццаг хай хицæнæй зæгъæн кæмæн нæй, ахæм сæрмагонд нæмттæ фыссын хъæуы æмхæстæй: Дзæуджыхъæу, Дзуарыхъæу, Арвыком, Бæрзыхъæу. 77§. Мивдисджытæй фæсæфтуанты руаджы арæзт дзырдтæ æндæр ныхасы хæйттимæ куы баиу вæййынц, уæд иумæ рат- тынц вазыгджын дзырдтæ, æмæ сæ фыссын хъæуы æмхæстæй: нартхортонæг, сугсæттæг, донласт, лæгæвзæрст, фарсхæ- цæг, дымгæмæдарæн, хырхæйфадæн, джитъритоножытæ, картофкъахджытæ, хæрзгæнæг. Фæлæ: ахæм дзырдты фыццаг хæйттæн сæ разæй бæрæггæ- нæнтæ куы вæййы, уæд сæ фыссын хъæуы хицæнæй: бур нартхор тонджытæ, ног картоф къахджытæ. VI. ÆРБАЙСГÆ ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД 78§. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты растфыссынады тыххæй зæрдыл дарын хъæуы: 19
1) ирон æвзагмæ раджы цы дзырдтæ æрбафтыди æмæ фоне- тикон ивддзинæдтæ кæм æрцыд, уыдон фыссын хъæуы, куыд ныффидар сты, афтæ: асыкк, кънйаз, стъол, скъапп, пец, скъола, дохтыр, гилдз, зест, фанар, къабуска, кърандас, къантор, къамис, закъон, станцæ, булкъон, инæлар; 2) фæстæдæр æрбайсгæ дзырдтæ, уыдонимæ интернациона- лон дзырдтæ дæр, фыссын хъæуы, уырыссаг æвзаджы сæ куыд фыссынц, афтæ. Уыимæ, дзырдæн уырыссаг æвзаджы йæ кæ- роны куы уа æнæцавдон -а, уæд уый ирон æвзаджы ивд цæуы -æ-йæ; -ия кæм ис, уым ахауы я; -ие кæм ис, уым -е; дзырды кæрон -ея кæм уыд, уым та фыссын хъæуы -ей: партæ, кар- тæ, автономи, автобиографи, классификаци, конституци, расписани, бакалей, Корей. Фæлæ: Александрия, Византия, София, кукла, идейæ. 79§. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты интернациона- лон суффикстæ -ал, -ар, -ист æ. æнд. фыссын хъæуы æнæив- гæйæ: гуманитарон, пленарон, коллегиалон, материалон, формалон, националон (национ дæр), профессионалон, цент- ралон (центрон дæр), интернационалон. 80§. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты æмхъæлæсон мырты къордтæн сæ разæй дæр æмæ се ’хсæн дæр хъæлæсон фыссын нæ хъæуы: скъола, скъапп, кълас, стан, студент, ок- тябръ. 81§. Дамгъæтæ ё,э,ю,я,ж,ш, щ фыссын хъæуы æрмæст уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты: щёткæ, юрист, бюст, полярон, элемент, жюри, жанр, шахмæттæ, Щедрин. 82§. Æндæр адæмты минæвæртты нæмттæ, фыды нæмттæ æмæ мыггæгтæ фыссын хъæуы, уырыссаг æвзаджы куыд фыст цæуынц, афтæ: Александр Сергеевич (Сергейы фырт дæр) Пушкин, Алексей Максимович (Максимы фырт дæр,) Горъ- кий, Леонардо да Винчи, Бодуэн де Куртенэ, Кёр-оглы, Из- маил-бей, Аветик Саакович (Саакы фырт дæр) Исаакян, Расул Гамзатович (Гамзаты фырт дæр) Гамзатов, Мах- муд Эсамбаев, Илъя Григоръевич (Григорийы фырт дæр) Чавчавадзе, Кайсын Шуваевич (Шувайы фырт дæр) Кули- ев, Валентинæ Владимировнæ (Владимиры чызг дæр) Те- решкова. 83§. Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæн сæ кæрæтты æмхъæлæсон мырты къорд кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ куы вæййы, уæд бирæон нымæцы фæсæфтуан -т кæнæ æмхъæ- лæсонæй райдайгæ дзырды хай комкоммæ æфтыд æрцæуы дзырды бындурмæ: студент — студенттæ, оппонент — оппо- ненттæ, кадр — кадртæ, метр — метртæ, центр — центр- тæ, штамп — штамптæ, гунн — гуннтæ, Бонн — Боннмæ. 20
Фæлæ: темп — темпытæ, курс — курсытæ, лент — лен- тытæ. 84§. Дамгъæтæ хъæбæры нысан (ъ) æмæ фæлмæны нысан (ь) уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты фыссын хъæуы уы- рыссаг æвзаджы орфографион æгъдæуттæм гæсгæ: подъезд, субъект, объект, съезд, роль, Олъгæ. 85§. Дзырдæн йæ кæрон фæлмæны нысан (ь) куы вæййы, уæд æй фыссын хъæуы æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хæйтты размæ дæр: роль, рольмæ, рольтæ, рольты æ.а.д. Фæлæ: ролы, ролæн, ролæй. 86§. Интернационалон бындуртæй арæзт уырыссаг мивдис- джытæ ирон æвзагмæ ист цæуынц æмæ сæ фыссын хъæуы ва- зыгджын мивдисджыты хуызы (уыцы мивдисджытæй конд ном- дартæ æххуысгæнæг мивдисæг кæнын-имæ): регулировать — регулировкæ кæнын, агитировать — агитаци кæнын, редакти- ровать — редакци кæнын, монтажировать — монтаж кæнын. 87§. 1. Æрбайсгæ дзырдтæй ирон æвзаджы сæ кæроны хъæ- лæсон æ кæмæн вæййы, уыдонмæ фæсæфтуан -аг æфтаугæйæ, хъæлæсон æ-йы фæстæ фæзыны й æмæ йæ хъæуы фыссын: ев- ропæйаг, кубæйаг, польшæйаг. 2. Ирон æвзагмæ æрбайсгæ дзырдтæн сæ кæроны и кæмæн вæййы, уыдонæй фæсæфтуанты фæрцы ног дзырдтæ араз- гæйæ, хъæлæсон и фылдæр хатт баззайы æмæ йæ хъæуы фыс- сын: австралиаг, азиаг, болгариаг (болгайраг дæр), швециаг, испаниаг (испайнаг дæр), япониаг (япойнаг дæр), германиаг (гермайнаг дæр), географион, этнографион, полиграфион, биологион, антропологион, идеологион, терминологион, фи- лологион (филологон дæр), философион (философон дæр), демократион (демократон дæр). 3. Уырыссаг æвзаджы сæ кæрæтты -ея цы дзырдтæн вæййы, уыдоны фæсæфтуантæ -аг, -он æфтыд æрцæуынц -ей-мæ æмæ дзы фыссын дæр хъæуы -ей: галантерея — галантерейон, ба- калея — бакалейон. 88§. Æмхъæлæсонтæ г æмæ к-йыл цы сæрмагонд географи- он нæмттæ фæвæййынц, уыдоны гуырынон хауæны хъæлæсон ы-йы разæй ацы æмхъæлæсонтæ фыссæн ис дыууæ хуызы: Владивостокы — Владивосточы, Оренбургы — Оренбурджы, Петербургы — Петербурджы. VII. СТЫР ДАМГЪÆ 89§. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы хъуыдыйады фыццаг дзырд. 21
Фиппаинæгтæ : 1. Æмдзæвгæйы мидæг стыр дамгъæйæ фыссæн ис алы рæнхъы фыццаг дзырд дæр. 2. Комкоммæ ныхасы фæстæ авторы дзырдтæ фыссын хъæ- уы гыццыл дамгъæйæ: «Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы», — дзуры зæронд Хадзумар. (Хъуылаты С.) «Ацы зæххы гæбаз нын гутонæй куы бакæна сæ трактор, уæд уый чысыл æх- хуыс у?» — загъта Хæмæт æмæ акасти, зæххæй æнæкондæй цы лыггаг баззад, уымæ. (Гæдиаты Ц.) «Оу, уæлæ хур кæ- дæм ссыд! Цы карз фынæй аистæм!» — сдзырдта Аслæнбег. (Санаты У.) 3. Иу хъуыдыйады бирæстъæлфыгтæй хицæнгонд хъуыды- ты скъуыддзæгтæ куы æмбæла, уæд дзы стыр дамгъæйæ фыс- сын хъæуы æрмæст фыццаг дзырд, бирæстъæлфыгты фæстæ хъуыдыты скъуыддзæгтæ та фыссын хъæуы гыццыл дамгъæ- йæ: Йæхæдæг (Илас) загъта: «Дæ фырт Мысост... зæгъ ын, æмæ ныууадза афоныл... стæй тасы сахат, мыййаг...» (Гæ- диаты Ц.) 90§. Хъуыдыйады райдайæны сидæны кæнæ æвастхъæры фæстæ хъæры нысан куы вæййы, уæд йæ фæстæ æвæрд дзырд фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Гъæй-джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид Иу сау къæдзæхы сæрæй. (Къоста.) Фиппаинаг. Хъæры нысан хъуыдыйады астæу æваст- хъæры фæстæ æвæрд куы вæййы, уæд, йæ фæстæ цы дзырд лæууы, уый фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: Уый фæстæ — гъæйдæ-гъа! — райста дзырдарæхсгæ диссæгтæ дзурын. (Къо- ста.) 91§. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы дыстъæлфы фæстæ фыццаг дзырд: 1.Комкоммæ ныхасы райдайæны куы вæййы, уæд: «Куыд цæрут» -æй йæ куыддæр бафæрсай, афтæ дын уый ахæм цы- быр дзуапп ратдзæн: «Цæрæм, дæ рын бахæрон, фыдæбон цардыл нымайæм». (Хъуылаты С.) 2. Цитатæйы фыццаг дзырд сæрмагонд хъуыдыйады райда- йæн куы вæййы, уæд: Мæнæ куыд зæгъы уый тыххæй йæхæ- дæг: «Артист хъуамæ зона йæ хъуыдыты базыртыл неза- мантæм атæхын, кæм никуы уыд, ахæм бæсты февзæрын». (Бæциаты А.) Фиппаинаг. Цитатæ æвæрд куы ’рцæуы хъуыдыйады, куыд йæ хай, афтæ, уæд æй фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: «Æрмæст критик (Тыбылты А.) «стæм хатт æрцæуæг æбу- алгъ æмбисонд» кæй хоны, уый фыссæг нымадта, сылгоймаг «арæх цы миниуджытæ равдисы», ууыл. (Джусойты Н.) 22
92§. 1. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы адæймæгты мыггæг- тæ, фыды нæмттæ (дзырд «фырт»-æй фæстæмæ), нæмттæ, фæсномыгтæ: Дзанайты Уасилы фырт Иван (Нигер), Ко- цойты Арсен (Хабос), Тогызты Газакк, Дзынга, Цола. 2. Стыр дамгъæйæ фыст цæуынц, ирон адæм рагæй нырмæ кæмæй пайда кодтой, уыцы нывыл карст мыггагон нæмттæ: Мамион (Хъарадзау), Мыртазон (Барис), Фæрнион (Къос- та), Фидарон, Цæразон, Бутиан, Нанион, Тахъазон, Гуыри- он, Хетæджы-фырт, Абайы-фырт. 93§. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы Уæрæсейы Федера- цийы иууыл бæрзонддæр бынæтты нæмттæ æмæ кадджын нæмттæ: Уæрæсейы Федерацийы Президент, Цæгат Ирыс- тоны-Аланийы Президент, Цæгат Ирыстоны-Аланийы Хи- цауады Сæрдар, Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыр, Уæрæ- сейы Федерацийы Маршæл. Æндæр куысты бынæтты нæмттæ, титултæ фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: министр, сæрдар, президент, маргиæл, ахуырады сгуыхт архайæг. 94 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы фосыл, цæрæгойтыл æвæрд нæмттæ: Хъусой, Æрфæн, Бодз, Хъулон, Гино. 95 §. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы астрономион æмæ гео- графион объектты нæмттæ (паддзахæдты æмæ уыдоны админи- стративон-территориалон хæйтты нæмттæ), уынгты, агъуысты- ты æмæ æндæр ахæмты нæмттæ. Уыцы нæмттæ дыууæ кæнæ фылдæр дзырдæй арæзт куы вæййынц, уæд æххуысгæнæг дзырдтæ ком, горæт, денджыз, сакъадах, фæз, уынг æ. æнд. фыссын хъæуы гыццыл дамгъæйæ: Марс, Бонвæрнон, Æрфæ- ны фæд, Аво хойы, Фисынмæдзæуджытæ; Европæ, Африкæ, Кавказ, Ирыстон, Уæллаг Хъобан; Сау денджыз, Хъазыбе- джы хох, Майлийы цъити; горæт Дзæуджыхъæу, Револю- цийы фæз, Сабырдзинады проспект, Абайты Васойы уынг; цæугæдоп Терк, Джызæл, Къостайыхъæу. Фиппаинаг. 1. Дзырдтæ хур, зæхх, мæй астрономион нæмттæ куы вæййынц, уæд сæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: зилы Хуры алыварс. Космонавттæ сæхи цæттæ кæ- нынц Мæй басгарынмæ. 2. Республикæты, паддзахæдты æмæ æндæр бæстæты офици- алон нæмтты æппæт дзырдтæ дæр фыссын хъæуы стыр дамгъæ- йæ: Республикæ Цæгат Ирыстон—Алани, Республикæ Хуссар Ирыстон, Кæсæг-Балхъары Республикæ, Корейы Адæмон- Демократоп Республикæ, Уæрæсейы Федераци, Америкæйы Иугонд Штаттæ, Гуырдзыстон, Фæскавказ, Ирыстон. Ф и п п а и н а г . Дунейы фæрсты нæмттæ фыссын хъæуы гыц- цыл дамгъæйæ, фæлæ уыдон ист куы ’рцæуынц куыд террито- 23
риалон нæмттæ, афтæ, уæд сæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Ныгуылæны паддзахæдтæ; Цæгат æмæ Хуссары адæмы- хæттытæ; Цæгаты полюс. 96§. Историон цауты, дугты æмæ фæзындты сæрмагонд нæмттæ фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ. Уыдон дыууæ кæ- нæ фылдæр дзырдæй арæзт куы вæййынц, уæд дзы стыр дам- гъæйæ фыссын хъæуы фыццаг дзырд æмæ, дзырдбасты цы сæрмагонд дзырдтæ уа, уыдон: Октябры революци, Фыдыбæ- стæйы Стыр хæст, Римаг импери, Ренессанс. 97§. Стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы бæрæгбæтты æмæ зын- гæ цауты нæмтты фыццаг дзырдтæ: Фыццæгæм май, Дунейы сылгоймæгты бон, Ног аз, Уæлахизы бон. Фиппаинаг. Ирон адæмы динимæ баст бæрæгбæтты, зæдты, дауджыты æмæ дзуæртты нæмттæ дæр фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ: Стыр Хуыцау, Уастырджи, Джеоргуыба, Уацилла, Фæлвæра, Æфсати, Хетæджы къох, Хуыцауы дзу- ар, Мыкалгабыртæ. Фæлæ: цыппурс, бынаты ’хсæв, куадзæн, зæрдæвæрæн, кæхцгæнæн(тæ), джеоргуыбайы мæй. 98§. Орденты нæмттæ æххæстæй фысгæйæ, стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы æппæт дзырдтæ дæр, «орден» æмæ «къæп- хæн»-æй фæстæмæ: Ленины орден, Фæллойадон Сырх Тыры- сайы орден, Сырх Стъалыйы орден, Фыдыбæстæйы Хæсты I къæпхæны ороен, Намысы II къæпхæны орден. 99§. Дунеон æмæ уæлдæр паддзахадон кусæндæтты æмæ организациты нæмтты стыр дамгъæйæ фыссын хъæуы æппæт дзырдтæ дæр: Иугонд Нациты Организаци, Æдасдзинады Со- вет, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ, Уæрæсейы Федерацийы Сæйраг Тæрхондон, Федерацийы Совет, Рес- публикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламент. 100§. Министрадты æмæ уыдоны сæйраг уынаффæдæтты нæмтты, стæй иннæ центрон кусæндæтты æмæ организациты нæмтты (93§-ы нымад чи æрцыд, уыдонæй фæстæмæ) стыр дамгъæйæ фыст цæуы æрмæст номы фыццаг дзырд, стæй дзы цы сæрмагонд нæмттæ ис, уыдон: Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Мидхъуыддæгты министрад, Дзæуджыхъæуы зонадон (наукон) центр, Уæрæсейы Федерацийы Зонæдты (Наукæты) академи, Абайты Васойы номыл Цæгат Ирыс- тоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институт, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Кьостайы номыл паддзаха- дон университет, Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон те- атр, Спорты галуан, Культурæйы галуан, Культурæйы хæдзар. 24
VIII. ЦЫБЫРГОНД ДЗЫРДТЫ РАСТФЫССЫНАД 101§. 1. Иуæй-иу дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ цыбыргон- дæй фыссын хъæуы афтæ: æ.а.д. — æмæ афтæ дарддæр æ. æнд. ах. — æмæ æндæр ахæмтæ æ.æнд. — æмæ æндæртæ æ. — æнус ææ — æнустæ т. — том тт. — томтæ г. — горæт обл. — облæст ф. — фарс фф. — фæрстæ акад. — академик доц. — доцент проф. — профессор студ. — студент фак. — факультет Дзырдтæ цыбырæй фысгæйæ нæй цыбыр кæнæн хъæлæсон дамгъæйыл, дзырдæн йæ райдайæны куы нæ уа, уæд. Фыссын хъæуы: ад. хæдзарад, рай. тæрхондон. 2. Дзырды дывæргонд æмхъæлæсон куы уа, уæд æй цыбыр кæнын хъæуы раззаг æмхъæлæсоныл: уырыс. æвзаг (уырысс. нæ), грам. рæдыд (грамм. нæЛ Дзырды дыууæ кæнæ фылдæр æмхъæлæсоны куы уа, уæд æй цыбыр кæнын хъæуы фæстаг æмхъæлæсоны фæстæ: уæ- лæмх. хъуыдыйад (уæлæм. нæ), куыст. пълан (куыс. нæ). Ва- зыгджын дзырды дыууæ хайы куы цæуой цыбыргонд, уæд се ’хсæн æвæрын хъæуы дефис: æд.-бын.хауæн — æддагбынатон хауæн; хъ. -х. арæзтад — хъæууонхæдзарадон арæзтад. 102§. Аббревиатурæтæй иутæ кæсгæ сты хицæн дамгъæтæй (дамгъон аббревиатурæтæ) (РыЦыИ, УФы), иннæтæ та хуы- мæтæг дзырдты хуызæн мыртæм гæсгæ, уæнггай (мырон аб- бревиатурæтæ) (ЦИПУ, АИШ). Аббревиатурæтæй иутæ арæзт вæййынц ирон дзырдты фыццаг дамгъæтæй (УФ, РЦИ- А), иннæтæ та — уырыссаг дзырдты фыццаг дамгъæтæй æмæ цæттæ арæзтæй ист цæуынц уырыссаг æвзагæй (ЦУМ, ГУМ). Ирон дзырдтæй арæзт дамгъон аббревиатурæтæ фыссын хъæуы, æдзухдæр сæ ы-имæ кæй фæдзурæм, уымæ гæсгæ, хъæлæсоны фæстæ цы хауæнты кæрæттæ фыссæм, уыдонимæ: УФ-йы паддзахадон арæнтæ. 25
Мырон, стæй уырыссаг æвзагæй цæттæ арæзтæй ист аббре- виатурæтæ фыссын хъæуы, кæройнаг мыр кæнæ дамгъæ куыд дзырдæуы, уымæ гæсгæ, хъæлæсоныл, кæнæ æмхъæлæсоныл фæугæ дзырдты кæрæттимæ: ЦИПУ-йы студент, АИШ-ы, ВАК-ы, вузæй. IX. ДЗЫРД ИУ РÆНХЪÆЙ ИННÆМÆ ХÆССЫНЫ ÆГЪДÆУТТÆ 103§. Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хаст цæуынц уæнггай: хæ-дзар, дзо-ныгъ, кæр-до, кæл-мæр-зæн, цæ-хæ-ра-дон, фæй- нæг, дæн-даг, кæр-дæг, дыргъ-дон. 104§. Иууæнгон дзырдтæн нæй дихгæнæн иу рæнхъæй ин- нæмæ рахæссыны тыххæй: уæнг, ус, хъарм, цалх, лæг, суг, хъыг, рыг, фынг, сырд. 105§. Иудамгъон уæнгæн нæдæр рæнхъы кæрон уадзæн ис, нæдæр ын иннæ рæнхъмæ ахæссæн ис. Нæй ахæссæн: а-дæй- маг, а-хуыр, æ-гад, æ-над, у-ромын, у-зæлын, и-сын, фæ-у, ради-о. 106§. Иугай мыртæ цы дыгай нысæнттæй бæрæггонд цæ- уынц (дз, дж, гъ, къ, пъ, тъ, цъ, чъ, хъ), уыдонæн нæй кæ- рæдзийæ хицæн кæнæн, иу рæнхъæй иннæмæ хæсгæйæ. Хæс- сын хъæуы: хæ-дзар, сы-джыт, дза-гъыр, са-хъа-ри, гæр-къа, хæ-цъил, мæ-цъæл, са-гъæс, сы-чъи, цæх-джын, сы-къа. Нæй ахæссæн: хæд-зар, сыд-жыт, сах-ъари. 107§. Дзырды астæу дывæргонд æмхъæлæсон куы вæййы, уæд дзы иу уадзын хъæуы фыццаг рæнхъы, иннæ та хæссын хъæуы дыккаг рæнхъмæ: къæп-пæг, хæц-цæ, цæт-тæ, лæп-пу, уæрык-кæн, уæрыч-чытæ, уæй-йаг, нæу-уыл, дæт-тæ, хæ- дзæрт-тæ, цъæрт-тæ. 26
II хай ПУНКТУАЦИ I. СТЪÆЛФ 1 §. Стъæлф æвæрæм таурæгъон хъуыдыйады кæрон: Уалдзæг. Хур æрттивы. (Гæдиаты Ц.) Мæргътæ райхъал сты, æмæ сæ алфамбы- лай зард æмæ цъыбар-цъыбурæй байдзаг. (Коцойты А.) Йæхиуыл чи фæуæлахиз уа, уымæй хъæба- тырдæр нæй. (Æмбисонд) 2 §. Стъæлф æвæрæм, фæрссаг фарст кæм вæййы, ахæм домгæвазыгджын хъуыдыйады кæрон, сæйраг хъуыдыйад фарстон хъуыдыйад куы нæ вæййы, уæд: Радзур, куыд бафтыд уый бæрц сгуыхтдзипæдтæ дæ къухы. Зæгъут, цавæр æппæтадæмон бæрæгбонтæ зонут. 3 §. Стъæлф æвæрæм ранымады хæйтты кæрон, уыдон, даргъгонд куы вæййынц, стæй ма дзы æндæр æрхæцæн нысан куы вæййы, йе та сæрмагонд хъуыдыйæдтæй арæзт куы фæцæ- уынц, уæд: Куыд национ кулътурæйы ахсджиагдæр хай, афтæ ирон æвзаг бахъахъхъæнынмæ æмæ йæ дарддæры рæзтмæ æхсæна- ды æргом здахыны нысанты уынаффæ хæссын: 1. Снысан кæнын республикæйы бæрæгбон — Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. 2. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон бæрæггонд цæуæд, ирон поэзийы зынаргъдæр хæзна Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр» рухс куы федта (1899 азы май), уыцы бо- нимæ иумæ, 2003 азæй райдайгæйæ, 15 майы. 3. Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Президенты цур ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ йæ рæзты фæдыл къамис, 27
Республиксв Цæгат Ирыстоны-Аланийы Иумæйаг æмæ про- фессионалон ахуырады министрад, Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Культурæ æмæ аивады министрад, рес- публикæйы Фысджыты цæдис сæ куысты пълаиты нысан кæнæнт æрвылазон бæрæгбон — Ирон æвзаг æмæ литерату- рæйы бон. 4. Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Хицауад æр- кæсæд Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы Президенты цур ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ йæ рæзты фæдыл къа- мисы фæндæттæм æмæ сбæлвырд кæнæд финансон хæрдзты ратæдзæнтæ 2003 азы Ирон æвзаг æмæ литерату- рæйы бон арвитынæн, æрвылаз та республикон бюджеты уыцы нысантæн фæрæзтæ амонгæйæ. 5. Ацы Указ йæ тыхы цæуы къух дзы бавæрыны бонæй. (газет «Рæстдзинад») 4 §. Стъæлф æвæрæм, дарддæр исты лæмбынæг æрфыст кæй цæудзæн, уый нын цы хъуыдыйад фæамоны, уый кæрон: Хъуыддаг та афтæ рауад. Сабаты нæм сыхаг хъæуæй æрбацыдысты нæ ног хæстæджытæ. Семæ уыд уыдонæн се ’рвадæлты чызг, хæрзконд æмæ рæсугъд. Уазджытæн æгасцуай зæгъынмæ æрбамбырд сты сыхы фæсивæд дæр. 5 §. Стъæлф æвæрæм цыбыргонд дзырдты фæстæ: Л.Н. Толстой, Хетæгкаты Къ., Коц. А. (Ко- цойты А.), М.Д.(Мамсыраты Д.); æ. æнд., æ.а.д., æд.б. хауæн (æддагбынатон хауæн). Фиппаинаг, Стъæлф не ’вæрæм цыбыргонд вазыгджын дзырдты æмæ цыбыргонд метрикон барæнты: УФ, РЦИ-А, ЦИПУ; профком, колхоз, сов- хоз; м (метр), дм (дециметр), см (санти- метр), мм (миллиметр), км (километр), кг (килограмм), г (грамм), л (литр). II. ФАРСТЫ НЫСАН 6 §. Фарсты нысан æвæрæм фарстон хъуыдыйады кæрон: Ай та цы диссаг у? (Хетæгкаты Къ.) 28
Цы æрцыди, цæмæ пыхъхъуыста афтæ зæр- диагæй уалдзæджы къæсæрыл Тæнæг сых? (Æрнигон И.) Цыдысты бонтæ дæр æнкъардæй. Кæдæм? Цæмæн? (Хетæгкаты Къ.) Цы хур, цы къæвда уæ æрхаста, ацы бæстаг куы нæ стут, уæд? (Нарты кадджытæ) 7 §. Фарсты нысан æвæрæм, риторикон фарст цы хъуы- дыйады вæййы, уый кæрон: Адæмы ныхмæ цы уæйыг фæлæудзæн? Чи сыл фæуыдзæн уæлахиз æхсарæй? (Гæдиаты Ц.) Цавæр хистæры нæ бафæнддзæн, йæ кæс- тæр уымæй амондджындæр уа, уый? Фæлæ æдзух кæстæртæ амондджындæр кæм вæййынц? 8 §. Æмхуызон уæнгтæ цы фарстон хъуыдыйады æмбæла, уым фарсты нысан æвæрæн ис алы æмхуызон уæнджы фæстæ дæр, фарст нæ фæдихтæ кæнын куы фæнда, уæд: Цы æрбаластой колхозы кæртмæ? картоф? æви æндæр исты? Цавæр кърандас дæ хъæуы? сау? бур? сырх? цъæх? 9 §. Фарсты нысан æвæрæм, фæрссаг фарст цы домгæвазыг- джын хъуыдыйады уа, уый кæрон, сæйраг хъуыдыйад фарстон куы вæййы, уæд: Мæнæу кæрдын кæд райдайдзыстæм, уый нæ зоныс? Ме ’мбал дын нæ загъта, кусынмæ дæ кæ- дæм цæуын хъæуы, уый? 10 §. Фарсты нысан æвæрæм, фæрссаг фарст комкоммæ фарстæй хъæлæсы уагæй зын раиртасæн цы вазыгджын хъуы- дыйады вæййы, уый кæрон, сæйраг хъуыдыйад фарстон куы нæ уа, уæд дæр: 29
Бригадир дæ фæрсы, дæ куыст фæдæ? Иу хатт ма дæ фæрсын, дæ ном цы хуыйны? 11 §. Фарсты нысан æвæрæм бавæргæ фарстон хъуыдыйады кæрон, къæлæттæй кæнæ тиретæй хицæнгонд куы цæуа, уæд: Фарон (нал æй хъуыды кæныс?) дæттæ тынг раивылдысты. 12 §. Фарсты нысан къæлæтты мидæг æвæрæм, искæй кæ- нæ хи хъуыды фысгæйæ, гуырысхо кæм фæкæнæм, уыцы ран: Ме ’мбал мын дзырдта, иу бонмæ, дам, фо- сы уæзыл æфты килограмм (?) хохы сæрды- гон хизæнты. III. ХЪÆРЫ НЫСАН 13§. Хъæры нысан æвæрæм хъæрон хъуыдыйады кæрон: Æгас цæуæд 9-æм Май! Нæ Иры зæххыл хæст мауал уæд! Фиппаинæгтæ: Æдзухдæр хъæрон вæййынц æмæ хъæ- ры нысанæй фæвæййынц: 1. Хъæрон дзырдтæ цы, цæй, цас æ. æнд. кæм уа, ахæм сæрмагонд хъуыдыйæдтæ: Цы цæнгтæ мыл разад, цы хосдзау уыдтæн! (Хетæгкаты Къ.) Цæй зын дæ, цæ, кæвдæсарды ном! (Плиты Г.) Цас рæсугъд хъуыдытæ, цас рæсугъд фæнд- тæ сæвзæрын кæны зæрдæйы уалдзæг! (Цæгæраты М.) 2. Фæдзæхстон здæхæны руаджы нæ, фæлæ æндæр ма- дзæлттæй фæдзæхст кæм æвдисынц, ахæм фæдзæхстон хъуы- дыйæдтæ: Размæ, фæсивæд! Æгъгъæд! Тагъддæр мæ фæстæ! Иу сыбыртт дæр нал! Æцитт! Орч-орч-орч! 30
3. Разæнгардгæнæн хъуыдыйæдтæ цæхгæр домæн, карз фæдзæхст куы февдисынц, уæд: Зæгъ, цы дæ хъæуы мæнæй, зæгъ! (Хъуылаты С.) Кæм стут, лæппутæ, цæмæй ма тæрсут? Æрцæут, ысласæм æлдарæн йæ уд! (Нигер) Банцайут! Бæстæ хъæрæй уæ сæрыл куы систат! Иу чысыл байхъусут! 4. Таурæгъон æмæ фарстон хъуыдыйæдтæ, тыхджын æнкъа- рæнтимæ (дис, тас, маст æ.æнд.) загъд куы цæуой, уæд: Уый у! Йæ хъæбулы удхæссæджы базыдта! (Гаглойты В.) Уæ мæ зынаргъ æмбæлттæ! Уе ’ууæнк æп- пæт дунейы хæхтæй уæззаудæр æмæ фи- дардæр у! Махæн, фæллойгæнæг адæмы цотæн, нæ сагъæс, нæ тыхст, нæ цин иу- хуызон сты! (Санаты У.) Садул. Æмæ та хъуамæ ахæм куырæты Азауы размæ рацæуай изæры! (Плиты Г.) Дзамболат. Цытæ дзурыс, Астархан, дæ хорзæхæй! (Джимиты Г) 14§. Хъæры нысан æвæрæм хъуыдыйады райдайæны æвæрд сидæнты, хайыгты æмæ æвастхъæрты фæстæ (фæстæг- тæ хъуыдыйады астæу куы вæййынц, уæд дæр), хъæрон хъæ- лæсы уагæй сæ куы фæзæгъæм, уæд: Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй фæластон мæ сау зæрдæ дард... (Хетæгкаты Къ.) 31
О, о! — бирæгъ загъта. — Ма рох кæ дæ дзырд... (Хетæгкаты Къ.) Нæ, нæ! Нырма цæуынхъом дæн. (Бесаты Т.) Гъæй-джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид иу сау къæдзæхы сæрæй. (Хетæгкаты Къ.) Ау! Кæд дæхи у, уæд ма йæм цæмæ хъуы- зыс, — чи дæ нæ уадзы йæ райсын? (Хетæгкаты Къ.) Ды та, ау! хистæрмæ афтæ куыд бауæн- дыдтæ? 15§. Хъæры нысан къæлæтты æвæрæм, искæй хъуыдымæ хъус тынгдæр æрдарын кæм нæ фæхъæуы уым: «Уыцы расыггæнагмæ (!) æз никуы смой кæн- дзынæн», — загъта чызг. IV. КЪÆДЗЫГ 1. Къæдзыг сæрмагонд хъуыдыйæдтæй арæзт вазыгджын хъуыдыйады 16§. Къæдзыг æвæрæм, иу вазыгджын хъуыдыйады кæ- рæдзиуыл æнæ бæттæгæй баст цы сæрмагонд хъуыдыйæдтæ вæййынц, уыдоны æхсæн: Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд, нæ зонын мæ мады рæвдыд. (Хетæгкаты Къ.) Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд, искæ- мæ бахъарæд адæмы хъыг, дзыллæйы мас- тæй уæ исчи фæриссæд, иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!.. (Хетæгкаты Къ.) 32
17 §. Къæдзыг æвæрæм, иу вазыгджын хъуыдыйады иугæнæг бæттæгтæ æмæ, дæр, стæй, дæр — дæр, нæ — нæ, нæдæр — нæ- дæр, нал — нал, ма — ма, мауал — мауал æмæ æндæрты руаджы цы сæрмагонд хъуыдыйæдтæ баст цæуой, уыдоны æхсæн: Боныцъæхтæм ныхъхъус ис уарын, æмæ цъæх дарийау сæрттывта æнæмигъ арв. (Мамсыраты Д.) Нырма мæнмæ ахæм уайдзæф ничима æр- баппæрста æгас комбæсты, дæуæй дæр æй нæ райсдзынæн. (Джусойты Н.) Уазæг иу æхсæв уазæг у, стæй уый дæр фы- сым у. (Æмбисонд) Æлдар дæр бафынæй ис, фыййæуттæ дæр бафынæй сты. (Нарты кадджытæ) Нæ уаргæ кæны, нæ хур кæсы. 18 §. Къæдзыг æвæрæм, иу вазыгджын хъуыдыйады ных- мæвæрды бæттæгтæ фæлæ, та, афтæмæй, уæддæр, кæннод, æндæр(а), уыййеддæмæ æмæ æндæрты руаджы цы сæрмагонд хъуыдыйæдтæ баст цæуой, уыдоны æхсæн: Нарты Сослан Хызы фырт Челæхсæртæ- джы чызг Бедухайы куырдта, фæлæ йын æй йæ фыд нæ лæвæрдта. (Нарты кадджытæ) Уазæгæн йе ’рбацæуын йæхи бар у, йæ ацæ- уын та — фысымы бар. (Æмбисонд) Къæвда нæма банцади, афтæмæй хур ра- касти. Сармадзанты нæрын дардæй-дарддæр код- та Сæгойы хъæубæстæй, уæддæр ма хæстон 33
машинæтæ кæрæдзийы фæдыл тахтысты хъæуы уыпгты. (Цæгæраты М.) Цæй, фæцæуон æз, кæннод æрбабон уыдзæн. (Бесаты Т.) Сосланы цалх мæ хон, Балсæджы цалх мæ ма хон, æндæра мæ Сослан амардзæн. (Нарты кадджытæ) Цард Батыр йæ чызджы цинæй, уыййеддæ- мæ йыл ныттар ис æрвон хур. (Нигер) 19§. Къæдзыг æвæрæм, иу вазыгджын хъуыдыйады дих- гæнæг бæттæгтæ йе, кæнæ, æви, куы — куы, кæнæ — кæнæ, йе — йе, фæнды — фæнды æмæ æндæрты руаджы цы сæрма- гонд хъуыдыйæдтæ баст цæуой, уыдоны æхсæн: Мах зымæг нæ кæны æндæртау хъуынтъыз, йе уалдзæг нæ ивæм кæйдæртау нæ хуыз. (Нигер) Æз уæм цы лæппу радтон, уый рарвитут, кæд истæмæн бæззы, кæнæ нарт сæфынц. (Нарты кадджытæ) Æрра сси, æви йæ сайгæ фæчынди бабайы ацы бон? (Боциты Б.) Дарддæр афтæ цæрæн нал ис, кæннод адæй- маг йæхи æгады ранмæ æруадздзæн. (Мамсыраты Д.) Куы дард æлдаратæм лæбурын, куы та мæм хъæды смуды сырд... (Нигер) 34
Кæнæ æппынæдзух дæр уаргæ кæны, кæнæ иудадзыг хур кæсы. Фиппаинæгтæ. 1. Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйæдты сæрмагонд хъуыдыйæдтæ бæттæгтæ æмæ, æви, кæнæ-йæ баст куы вæййынц æмæ сын иумæйаг фæрссаг уæнг кæнæ иумæйаг уæлæмхæст хъуыдыйад куы вæййы, уæд сын се ’хсæн къæдзыг не ’вæрæм: Хъæдæй-иу алы бон дæр хъуызгæйæ рацыдысты уæрдæт- тæ кæгсæ-иу хъæдæрмæгæй дзагæй ныххал сты машинæтæ. Абон нæм уроктæ уыдзæни æви нæ экскурсимæ кæндзысты? Куыддæр мигъ йæхи систа зæххæй, афтæ стъалытæ ра- зындысты æмæ бæстæ ныйирд ис. 2. Дыууæ сæрмагонд фарстон хъуыдыйады бæттæг æмæ-йæ баст куы уой, уæд сын се ’хсæн къæдзыг не ’вæрæм: Де ’мбæлттæ чи сты æмæ сæ нæмттæ цы хуыйнынц? Куыстмæ кæд цæуæм æмæ нын хистæр чи уыдзæнис? 2. Къæдзыг сæйраг æмæ уæлæмхæст хъуыдыйæдты æхсæн, стæй уæлæмхæст хъуыдыйæдтæн сæхи æхсæн 20§. Домгæвазыгджын хъуыдыйады сæйраг æмæ уæлæм- хæст хъуыдыйæдты æхсæн æвæрæм къæдзыг, кæд уæлæмхæст хъуыдыйад сæйраг хъуыдыйады астæу уа, уæд та йæ дыууæр- дыгæй дæр хицæн кæнæм къæдзыгтæй: Арс мыдæй куы бафсæст, уæд ын маст ад скодта. (Æмбисонд) Адæм рæгъау мæнмæ уымæн радтой, æмæ сын æй æз дæу хуызæн хæтæнхуæгтæн байуарон? (Бритъиаты Е.) Амондджын уый вæййы, æнæниз æмæ æвæс- монæй чи фæцæры. (Æмбисонд) 35
Адæм æрæмбырд сты, æлдар сывæллæтты кæм банай кодта, уыцы фæзы. (Гæдиаты С.) Бæрæг уыд, рухс хъæуæй кæй цæуы, уый. (Мамсыраты Д.) 21 §. Уæлæмхæст хъуыдыйад куы фæлæууы сæйраг хъуы- дыйады фæстæ æмæ вазыгджын бæттæгтæ уымæн æмæ, уымæ гæсгæ æмæ, уый тыххæй æмæ-йæ куы райдайы, уæд къæдзыг æвæрæм бæттæгты разæй: Цардысты тынг мæгуыр, уый тыххæй æмæ сын нæ уыдис нæ хуымгæнды, нæ хосгæрс- ты зæхх. (Хетæгкаты Къ.) Дзерассæ Æхсары йæхи лæг фенхъæлдта, уымæн æмæ Æхсар æмæ Æхсæртæг æмхуы- зæттæ уыдысты. (Нарты кадджытæ) Фæлæ ацы вазыгджын бæттæгты хæйттæ: уымæн, уымæ гæсгæ, уый тыххæй-йыл логикон цавд куы фæхауы, сæйраг хъуыдыйады уæнгтæ куы свæййынц æмæ сæ фæстæ паузæ куы фæкæнæм, уæд къæдзыг æвæрæм æрмæст бæттæг æмæ- йы размæ: Мах ахуыр кæнæм уымæн, æмæ нæ фæнды нæ дуджы аккаг лæгтæ суæвын. Мах кусæм уый тыххæй (уымæ гæсгæ), æмæ æнæ кусгæйæ цард нæй. 22 §. Вазыгджын хъуыдыйады алыхуызон æмдомгæ æмæ къæпхæны уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ куы уа, уæд уыдон сæй- раг хъуыдыйадæй дæр æмæ кæрæдзийæ дæр хицæн кæнæм къæдзыгтæй: Хæмæт сагъæс кодта Тему æмæ Цæлыккыл, фæлæ, кæм уыдысты, уымæн, Иласæй цы базыдта, уыййеддæмæ никуыцæй ницы ха- бар хъуыста æмæ алы бон йæхи мæтæй хордта. (Боциты Б.) 36
Цорæйы цард ахæм зилдухæнты баппæрс- та, ахæм уавæрмæ йæ æртардта, æмæ, хъæддаг сырд цъысымы куы бахауа, уыйау кæны, фæндаг агуры арæдувынмæ, хъавы, хызау йæ уæнгтыл чи æртыхсти, уыцы тугмондаг сау хæлуарæджы тын атонынмæ, фæлæ йын ницы мадзал ары. (Хъодзаты Æ.) 23§. Иу сæйраг хъуыдыйадимæ баст æмхуызон æмдомгæ уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ кæрæдзиуыл бæттæгæй баст куы нæ уой, уæд се ’хсæн æвæрæм къæдзыг, бæттæг æмæ-йæ баст куы уой, уæд та — нæ: Æз зонын, куыд хъазы ныр уалдзыгон дымгæ, куыд зарынц ныр дæттæ нæ арф æрхыты. (Гæдиаты Ц.) Цæст цы уына, хъус цы хъуса, уыдон се 9ппæт дзуринаг не сты. (Æмбисонд) Урс хъазахъхъæгтæ кæй æрбацæуынц æмæ та хъæуы бирæ зиантæ кæй æрцæудзæн, уый æз бамбæрстон уазæджы ныхасæй. Быдираг дымгæтæ кæм хъазынц, фосы дзуг- тæ кæм ахæлиу сты æмæ трактортæ æф- сæндзых уæйгуытау кæм змæлынц, уырдæм мæ сайынц мæ хъуыдытæ. (Цырыхаты М.) Фиппаинæгтæ: 1. Домгæвазыгджын хъуыдыйады искæцы уæлæмхæст хъуыдыйад иуæй-иу хайыгтæ, бæттæгтæ æмæ цы- быр хуызы цæсгомон номивджытæй куы райдайы, уæд ахæм уæлæмхæст хъуыдыйад йæ размæ æвæрд бæттæгæй къæдзы- гæй нæ хицæн кæнæм: Иуанеимæ хицæуттæ лымæн уыдысты, уый тыххæй æмæ-иу искæй æхца æфстау куы бахъуыди гæртамы тыххæй, уæд ын уымæй исын кодтой. (Гæдиаты С.) 37
Æз иугай æмбырд кæнын, мæ зæрдæмæ чи цæуы, уыцы ныхæстæ, æмæ мын куы баби- рæ вæййынц, уæд сыл ныхас кæнын ме ’мбæлттимæ. (Боциты Б.) Куыдз кæртмæ æрбахызт, æмæ та йæ гæды куыддæр ауыдта, афтæ йæхи амбæхста. 2. Æрмæст иунæг бæттæгæй кæнæ бæттæг дзырдæй арæзт цы уæлæмхæст хъуыдыйад уа, уый сæйраг хъуыдыйадæй къæ- дзыгæй нæ хицæн кæнæм: — Цас? — Цæмæй йæ зонын цас? — Куыд? — Куыд уый фендзынæ. 3. Къæдзыг хъуыдыйады æмхуызон уæнгты æхсæн 24§. Къæдзыг æвæрæм, бæттæгтæй баст чи нæ вæййы, ахæм хъуыдыйады æмхуызон уæнгты æхсæн: Ногзад родтæ, уæрыччытæ, сæныччытæ хурмæ сæхи тавынц. (Епхиты Т.) Дзаг уыди хъæд алыхуызон диссаджы диди- нæгæй, хъæддаг дыргъæй, мæнæргъытæй, дзедыртæй, æрыскъæфтæй. (Фæрнион Къ.) Тар хъæдæй нæ зынынц арф, уынгæг кæмттæ. (Хетæгкаты Къ.) Адæм быдыры куыстмæ рацыдысты сылгой- магæй, нæлгоймагæй, стырæй, чысылæй. Фиппаинæгтæ. 1. Бæрæггæнæнтæ æмхуызон вæййынц, уыцы иу номдаримæ баст куы вæййынц æмæ йын йæ уыцы иу миниуæг (хуыз, ас, хъæд æ.а.д.) куы фæбæрæг кæнынц, уæд: Цъæх, бур, морæ сыфтæ бæлæстæй хаудысты фæззыгон зæхмæ. Чысыл, дынджыр, рæстæмбис харбызтæ лæууыдысты барæнты цур. Мурат у уæздан, хæрзæгъдау лæппу. 38
Бæрæггæнæнтæ æмхуызон нæ вæййынц æмæ къæдзыгæй хицæнгонд нæ фæцæуынц, раззаг бæрæггæнæн номдары хицæ- нæй нæ, фæлæ йемæ баст фæстаг бæрæггæнæнимæ иумæ куы фæбæрæг кæны, уæд. Арф къæдзæхбып мæсчъы иу лæг хуыртæ хæссы хæлд æнæбын тæсчъы... (Хетæгкаты Къ.) 2. Мивдисджытæ æмхуызон уæнгтæ нæ вæййынц æмæ къæ- дзыгæй хицæнгонд нæ фæцæуынц, иу формæйы æвæрд уæв- гæйæ, фæд-фæдыл куы фæлæууынц æмæ иумæйаг хъуыды куы февдисынц, уæд: Цæуон зæгъон ын. Цомут бакæсæм сæм. Сбад баулæф. 25 §. Къæдзыг æвæрæм, ныхмæвæрды бæттæгтæ фæлæ, та æ. æнд. цы æмхуызон уæнгтæ бæттой, уыдоны æхсæн: Амонд агургæ ма кæн, фæлæ йыл тох кæн. Ай-иу йæхи галæн ’взаргæ хос ракалдта, цæдисонæн та-иу хъæмпы мур адардта. (Хетæгкаты Къ.) 26 §. Къæдзыг æвæрæм фæлхатгæнгæ бæттæгтæ дæр — дæр, уæд — уæд, нæ — нæ, нæдæр — нæдæр, куы — куы æ. æнд. руаджы баст æмхуызон уæнгты æхсæн: Фенкъард сты Уырызмæг дæр, бинонтæ дæр. (Нарты кадджытæ) Сослан йæхæдæг уыцы уæрмы ныллæсы, æмæ йыл уæле пыхс уæд, дур уæд, хъæд уæд ныккалынц. (Нарты кадджытæ) Нæ фæци мæ мадæн нæ файнуст, нæ тиу. (Хетæгкаты Къ.) Нæ йын уыдис нæдæр фыд, нæдæр хо, нæ- дæр æфсымæр. (Аргъау) 39
Дыууæ зæронды бадыпц иумæ куы Симоны дуармæ, куы Тедойы дуармæ. (Коцойшы А.) Фиппаинæгтæ . 1. Фæлхатгæнгæ бæттæг дæр — дæр цы æмхуызон уæнгтæ фæбæтты, уыдон ма бæттæг æмæ-йæ дæр баст куы фæцæуынц, уæд се ’хсæн къæдзыг нал æвæрæм: Хистæрæн дæр æмæ кæстæрæн дæр салам дæттын зонын хъæуы. Æз дæр, ды дæр æмæ не ’мбал дæр хъуамæ афоныл уæм нæ куысты уæлхъус. 2. Дихон бæттæгтæ кæнæ, æви, йе, æмхуызон уæнгтæ бæт- гæйæ, хъуыдыйады иугай хæттыты куы æмбæлой, уæд æмхуы- зон уæнгтæ кæрæдзийæ къæдзыгæй нал хицæн кæнæм: Дзоныгъ кæнæ уæрдон кæд аэроплан схæсса Къамадмæ, уыййеддæмæ сын ссæуæн нæй. (Коцойты А.) Уазæг хохæй уыд æви быдырæй? Нæ уроктæ нæхимæ йе кæсæндоны бацæт- тæ кæндзыстæм. 27§. Къæдзыг æвæрæм æмкъай бæттæгтæ æмæ бæттæг дзырдтæ куыд — афтæ... дæр, нæ — фæлæ... дæр, кæд — уæддæр, куы нæ — уæддæр æ.æнд. руаджы баст æмхуызон уæнгты æхсæн: Гыццыл чызг æцæгæлон адæймагмæ дзурын нæ, фæлæ кæсын дæр нæ уæндыдис. Уый кæд худгæ кæны, уæддæр мæсты тынг кæны. Адæймагæн куыд йæ хорздзинæдтæ, афтæ йе увзæрдзинæдтæ дæр куысты бæрæг кæ- нынц. Абон куы нæ уа, уæддæр райсом сæмбæл- дзыстæм. Фиппаинаг. Бæттæг фæлæ æмхуызон уæнгтæн се ’хсæн нæ, фæлæ сæ фæстæ куы фæлæууы, уæд æй хицæн кæнæм къæдзыгæй: Æз ахуыр кæнын университеты, институ- ты нæ, фæлæ. 40
4. Къæдзыг фæлхатгæнгæ дзырдты æхсæн 28§. Уыцы иу дзырд фæд-фæдыл дыууæ кæнæ фылдæр хатты куы фембæлы æнæ бæттæгæй (дæргъвæтин архайд æв- дисыны нысаниуæгимæ, предметты бирæдзинад, миниуæджы тыхджындзинад амонынæн кæнæ разыдзинад, æнæразыдзи- над, курдиат æ.а.д. фæкарздæр кæныны тыххæй), уæд ахæм фæлхатгæнгæ дзырдты æхсæн æвæрæм къæдзыг: Цæуынц, цæуынц æмæ иу ранмæ бахæццæ сты. (Аргъау) Ленин фæсивæдæн фæдзæхста: ахуыр, ахуыр æмæ ахуыр. Рауайут, рауайут, лæппутæ. Нæй, нæй, ма тæрс, махмæ ды хъаны цард кæндзынæ. (Хетæгкаты Къ.) — Иу хатт ма дæ фæрсын: куысты уыдтæ: — О, о. Фиппаинæгтæ. 1. Къæдзыг æвæрæм, фæлхатгæнгæ дзырдæн æрмæст йæ иу хай куы фæлхат кæна (хуымæтæг мив- дисæгæн — йæ разæфтуан, вазыгджын мивдисæгæн — йе ’ххуыс- гæнæг хай æ.а.д.), уæд уый размæ дæр: Рауай, рацу, ра, мæ хур. (Æрнигон И.) Уый хъæр кæны, кæны, æз та мæхи ницы æмбарæг скодтон. Ма кæ, ма, мысты йас рæуæд афтæ уæззау нæу! (Хетæгкаты Къ.) — Цæмæн ацыдтæ знон дæ куыстæй? — Цæмæн, цæ... Нæхицæй мæм æрбадзырдтой... 2. Фæлхатгæнгæ дзырдтæй арæзт дзырдбаст иу хъуыды куы амона кæнæ æбæлвырддзинад, гуырысходзинад куы æвдиса æмæ дыккаг дзырды разæй æппæрццæгтæ нæ, ма куы уой, уæд ахæм дзырдты æхсæн къæдзыг не ’вæрæм: 41
Уыди нæ уыди, уæддæр ацыди. Фæнды дæ нæ фæнды, уæддæр кус... Дзур ма дзур, уæддæр дзы ницы рауайдзæн. 5. Къæдзыг абарстытимæ 29 §. Къæдзыгæй хицæн кæнæм, бæттæг куыд-æй цы абарс- тытæ райдайынц, уыдон: Куыд алы ран, афтæ махмæ дæр нæлгой- маджы дарæс æмæ сылгоймаджы дарæс алы- хуызон сты. Æз дын уыцы хабæрттæ, куыд мæхионæн, афтæ ракодтон. Куыд мæхи æфсымæр, афтæ уарзтон æз уыцы лæппуйы. Фиппаинаг. Хуызæнон хауæны æмæ фæсæвæрд хуы- зæн-ы руаджы цы абарстытæ фæаразæм, уыдон къæдзыгæй нæ хицæн кæнæм: Фашисттæ бал бирæгътау лæбурдтой. Уыцы хабæрттæ мæ фыды хуызæн ничи зоны. 6. Къæдзыг æмхасæнтимæ 30 §. Æмхасæн номивæджы куы æмбарын кæна, уæд æй хи- цæн кæнæм къæдзыгтæй: МаХ, мæгуыр кусæг адæм, нæ сахуыр стæм дæсны дзурыныл. (Мамсыраты Д.) Сымах, Ирыстоны фæсивæд, тырнут ахуы- ры бæрзæндтæм. 31 §. Æмхасæн иумæйаг номдар куы вæййы, уæд æй хицæн кæнæм къæдзыгтæй: Додекка, æфсæддон афицер, æмхуызондарæс- джын æфсадыл сахуыр. (Мамсыраты Д.) Мæй, стъалыты фыййау, сындæггай фæхъуы- зы хæхты цъуппытыл. 42
32 §. Æмхасæнтæ бæрæггæнинаг дзырдтимæ баст куы вæййынц бæттæгтæ ома, куыд, кæнæ, уæд-ы руаджы, уæд сæ хицæн кæнæм къæдзыгтæй: Хъæуы сæрдар, ома Æхсарбег, йæ раныхасы дзырдта æгъдæутты тыххæй. Хъæуы хистæртæй бирæтæ, куыд Зауыр- 6ег, Хæсанæ, Хъазыбег æмæ æндæртæ, фæ- сивæды аразынц раст фæндагыл. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ, кæнсе сæйрат æмæ зæгъинаг, хатгай хъуыдыйадæй цух- гонд æрцæуынц. Мит, уæд залты мит, бæстæ бамбæрзта. (Нигер) 33 §. Æмхасæн сæрмагонд ном куы вæййы (æмбарынгæнæн дзырдтимæ кæнæ æнæ уыдон) æмæ йæ размæ бæттæг ома куы вæййы сæвæрæн, уæд æй хицæн кæнæм къæдзыгтæй: Партизантæй иу, Хосдзау, хæстæг бацыд Аслæнбегмæ. (Санаты У.) Сандройы æмбæлттæй сæ иу, Хачатуров Арменак, тъæпæн æмæ нарст лæг, йæ ны- хæй йæ хид сæрфгæ, уынаффæ кодта... (Хъуылаты С.) Иры номдзыд хъæбул, нæхи Къоста, йæ уац- мысты тох кодта мæгуыр адæмы сæрыл. 34 §. Æмхасæн сæрмагонд ном куы вæййы (æнæ æмбарын- гæнæн дзырдтæй), уæд æй, бæлвырд кæныны интонациимæ зæгъæм æви нæ, уымæ гæсгæ фыссæн вæййы къæдзыгимæ дæр, стæй æнæ къæдзыгæй дæр: Фæлæ: Æрбацыди мæ хо, Зæлинæ. Æрбацыди мæ хо Зæлинæ. Фæлæ: Æфсæддон, Хъазыбег, йæ хæстæ хорз зыдта. Æфсæддон Хъазыбег йæ хæстæ хорз зыдта. Фиппаинаг. Æмхасæн ма фыссæм тиреимæ дæр, уый тыххæй кæс 56, 58§§. 43
7. Къæдзыг фæрссагмитæ æмæ фæрссагмион здæхтытимæ 35§. Фæрссагмитæ куыд æмбарынгæнæн дзырдтимæ, афтæ æнæ уыдонæй дæр, зæгъинагимæ æнгом баст куы нæ уой æмæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ фæрсдзырдмæ хæстæг куы нæ лæууой, уæд сæ хицæн кæнæм къæдзыгтæй: Æмбырды адæм, сæ къухтæ уæлæмæ бæр- зонд сисгæйæ, хъæлæс кодтой цæуылдæр. Знагæн сæрсæттæн цæфтæ кæнгæйæ, Сове- тон æфсад уæгъд кодта нæ бæстæ. Æз цыдтæн, фыр цинæй мæ фæллад дæр ни- цæмæ даргæйæ. Ныхасгæнгæйæ, Мæдинæт æмæ Зæлинæ ба- хæццæ сты сæ кусæн бынатмæ. Лæппу лæууыд йæ бынаты, æнæ дзургæйæ. Фæлæ: Æнæдзургæйæ ма лæуу. Хъазгæ æмæ худгæйæ цæры. Тасгæ-уасгæ рацæуы... Тæрсгæ-ризгæйæ дзуры. Æнæ дзургæйæ йæ бон иу сахат абадын нæу. Фиппаинаг. Хъуыдыйад цы дзырдтæй нæй райдайæн (иуæй-иу хайыгтæ, бæттæгтæ æмæ цыбыр хуызы цæсгомон но- мивджытæ), уыдоны размæ фæрссагмитæ æмæ фæрссагмион здæхтытæ къæдзыгæй нæ хицæн кæнæм: Йæ хорз зарджытæн, йæ хорз кадджытæн кæрон кæм уыди, æнæ фæхудгæ, æнæ фæ- кæугæ сæм чи лæууыди. (Хетæгкаты Къ.) Скъоламæ цæугæйæ-иу лæппу хæдзары дæ- гъæлтæ сæ сыхæгтæм балæвæрдта. Скъола- йæ æрбацæугæйæ та сæ-иу фæстæмæ райста. 44
8. Къæдзыг æндæр дзырдты хъуыды бæлвырддæргæнæг дзырдтимæ 36 §. Къæдзыгæй хицæн кæнæм, сæ разæй æвæрд дзырдты хъуыды цы дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ фæбæлвырддæр кæ- нынц, уыдон: Бынæй, комы, дон хъæргæнгæ уади йæ ай- нæг къæй былыл. (Хетæгкаты Къ.) Арагуийы доны фарс, иу къуыбырыл, цард Арагуийы æлдар. (Гæдиаты С.) Æхсæрдæсæм аз, хосгæрдæны, иу райдзаст райсом, хъæубæстæй чидæртæ уынынц, ра- цæуы Хъæвдын бæхуæрдоны. (Коцойты А.) Чызджы хъуыды атахт дард фæсхохмæ, фыййау Муратбегмæ. (Журнал «Фидиуæг») Знон, фыццæгæм сентябры, ралæууыд ног ахуыры аз. 37 §. Къæдзыгæй хицæн кæнæм, сæ разæй кæнæ сæ фæстæ æвæрд дзырдты хъуыды цы дзырдтæ фæбæлвырддæр кæнынц, уыдон, семæ куы фембæлынц дзырдтæ: зæгъæм, фæстæмæ, йеддæмæ, уæлдай, уæлдайдæр, дарддæр, ома, кæнæ (ома-йы нысаниуæджы), тынгдæр, суанг, номхуындæй, раст, растæн- дæр æ.а.д. Нæ фысджытæ, зæгъæм Хетæгкаты Къос- та, се сфæлдыстады парахатæй пайда кæ- нынц фолъклорæй. (Газет «Советон Ирыстон») Дзыллæйы иумæйаг мастæй цух ничи баз- зайы, иу стæмты йеддæмæ... (Джусойты Н.) 45
Иу сабат бон йое разæй акодта (Саулæг) йæ фос, дыууæ галы æмæ æртæ хъугæй фæстæмæ, æмæ сæ Оны балæууын кодта. (Джусойты Н.) Нæ уазæг уыд ацæргæ лæг, номхуындæй Хъа- зыбег. Адæм иууылдæр, суанг ма зæрæдтæ дæр, мæнæу кæрдынмæ рацыдысты. Атахт зæрватыкк, æмæ дын лæг хъыг кæ- нынтæ куы сисид, растæндæр, цыма йæ хъæ- бул, йæ ахсджиаг хъæбул, дард балцы ис, уый хуызæн. (Нигер) 9. Къæдзыгтæ бавæргæ дзырдтæ æмæ бавæргæ хъуыдыйæдтимæ 38§. Къæдзыгæй хицæн кæнæм бавæргæ дзырдтæ æмæ 6а- вæргæ хъуыдыйæдтæ: Æвæццæгæн, загъта: куыст — цардæн фæ- рæз. (Хетæгкаты Къ.) Фæндаг æм ис, бæлвырдæй, дыууæ раныл. (Хетæгкаты Къ.) Амыран, æзынма, æрмæст махмæ уыдзæнис рухс. (Хуыбецты Р.) Уæллæй, æз дзы ахæм адæймаг никуыма федтон... (Мамсыраты Д.) Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг кæуæгау фæкæса, мыййаг... (Хетæгкаты Къ.) 46
Мæнмæ гæсгæ, ам канд Калман нæу аххос- джын. (Журнал «Фидиуæг») Æз, даму ын мæ хæс раджы куы ахицæн код- тон, уæд ма мæ, зæгъы, цæй хæс агуры Джа- наспи. (Коцойты А.) Кæдæм тæхы, Хуыцауы тыххæй, дæлæ уы- цы чызг? (Епхиты Т.) Дæ нывонд фæуон, Фаризæт, мой цæмæн нæма кæныс? (Гæдиаты Ц.) Раст зæгъын хъæуы, ныр афон у Быдыгойæн быдырæй сыздæхынæн. (Цæгæраты М.) Къæдзыгæй хицæнгæнгæ бавæргæ дзырдтæ арæхдæр вæййынц ахæмтæ: æвæццæгæн, æнхъæлдæн, чи зоны, зæгъгæ, цæвиттон, цæвиттоны хъуыддагæй, мыййаг, æвæдза, иуæй, иннæмæй, аннæмæй, иннæрдыгæй, аннæрдыгæй, фыццаг, дыккаг, æртыккаг, фыццаджыдæр, дыккаджыдæр, мæгуыр, мæгуырæг, мæгуыртæг, бецау, афтæмæй, сæрæй, дæ (уæ) хорзæхæй, мæнмæ (дæумæ, уымæ, махмæ, сымахмæ, уыдон- мæ) гæсгæ, мæ амондæн, ме ’намондæн, хъыгагæн, табуафси, цыбыр дзырдæй, иу дзырдæй æ.а.д. Фиппаинæгтæ. 1. Ранымад дзырдтæй бирæтæ арæх хъуыдыйады мидæг вæййынц бавæргæ дзырдтæ нæ, фæлæ хъ- уыдыйады уæнгтæ (ома дзуапп фæдæттынц исты фарстæн) æмæ сæ уæд къæдзыгæй нæ хицæн кæнæм: Ахуырбег, иуæй, курдиатджын лæппу у, ин- нæмæй, йæхиуыл тынг кусы (иуæй, иннæ- мæй — бавæргæ дзырдтæ). Ахуырбег иуæй дæр хъаст кæны, иннæмæй дæр разы нæу (иуæй, иннæмæй — хъуыдыйа- ды уæнгтæ). 47
2. Бавæргæ дзырдтæ бæргæ, хъуамæ, фæлтау, æрмæст, цы- мæ, хъæлæкк æ.а.д. æнæ паузæйæ куы фæдзурæм, уæд сæ къæдзыгæй нæ хицæн кæнæм: Амар æй фæлтау фыр надæй, акъах ын йæ цæст, фесаф æй бынтон æгадæй, — бафсад æй æрмæст!... Йе стонгæн бæргæ ис цары иу нæртоны хос, фæлæ йæм фæндаг нæ ары, — аскъуыйа йæ бос! (Хетæгкаты Къ.) 3. Хъуыдыйад цы дзырдтæй нæй райдайæн (иуæй-иу хайыг- тæ, бæттæгтæ æмæ цыбыр хуызы цæсгомон номивджытæ), уы- донæй бавæргæ дзырдты æхсæн хъуыдыйæдты къæдзыг не ’вæрæм: Æвæццæгæн дæм нæ уæнды. Иуæрдыгæй адæмæй æфсæрмы кодта, ин- нæрдыгæй та йæ цæуын хъуыд. 10. Къæдзыгтæ сидæнтимæ 39§. Къæдзыгтæй хицæн кæнæм сидæнтæ семæ баст дзырдтимæ (сидæны фæстæ хъæры нысан æвæрыны тыххæй кæсут 14§): Мæ зынаргъ, æфсымæртæ, нæ тухийы ’фсондз йæхæдæг нæ асæтдзæн, асæттын æй хъæуы. (Санаты У.) Гиго, Пело, цæмæн рауагътат сывæллоны бæгъæввадæй, бæгъæмсарæй... ахонут æй ми- дæмæ, фæпърастуд уыдзæн. (Коцойты А.) Цы кæнынмæ хъавыс, Кочынайы-фырт? (Санаты У.) Гъе лæппу, рацу ардæм! (Коцойты А.) 48
Ма тæрс, гуыдынхъус, æз нал дæн мархохор дæуау! (Хетæгкаты Къ.) 11. Къæдзыгтæ æвастхъæртимæ 40§. Къæдзыгæй хицæн кæнæм, хъæрон хъæлæсы уагæй кæй нæ фæзæгъæм, ахæм æвастхъæртæ (æвастхъæрты фæстæ хъæры нысан æвæрыны тыххæй кæсут 14§): О, уый Гарсо куы дæ! (Гуыцмæзты М.) Оу, мæнæ цъысымы бахаудтæн! (Хацырты С.) Ау, ахæм хабар дæр æрцыд? (Черчесты Т.) Ай-ай-ай, хъыгаг хабар. (Хацырты С.) Мæн къуылых дзынга фæразы, гъери-гъа, дзæбæх! (Хетæгкаты Къ.) Уалдзæджы улæфт, мæ риумæ хъары, гъей, гъей! Бирæ фæцæрат, ме ’мгусæг чыртæ, гъей. (Нигер) Фиппаинаг. Æвастхъæртæй иртасын хъæуы се ’мхуы- зон тыхджындæргæнæн хайыгтæ. Нæ вæййынц æвастхъæртæ æмæ нæ хъæуы къæдзыгæй хи- цæн кæнын сидæн дзырдтæ, арфæтæ æмæ æлгъыстытæ, тых- джындæргæнæн хайыгтæ о, уæ, гъе, гъæй, гъей, гъæ æ.æнд: О цъиусур, ма мæм дзур! (Хетæгкаты Къ.) 4' 49
Уæ номдзыд Сатана, æз дæуæн фæдис хъæр- гæнсег куыннæ фæуыдзынæн! (Нарты кадджытæ) Гъе не ’фсин, махæн дæр нæ рагуалдзæг ахæм куы уыдаид, уæд афтæ мæгуыр уаиккам? (Гæдиаты Ц.) Гъей лæппу, — фергом лæг, — ам мæ кæй баййæфтай, уым дын мæ диссаг зæгъдзынæн... (Хетæгкаты Къ.) Гъæ гæды рувас, куыддæр ын хъуымацы кой скодтон, афтæ йæ зарын куыд фæуагъта! (Мамсыраты Д.) Уæ дæ бон мын бакалай ды! Иууыл дæхи фæнд кæныс. (Джиоты Д.) О байрай, Ирыстон! 12. Къæдзыгтæ разыдзинадыг æппæрццæг æмæ фарстон хайыгтимæ 41§. Къæдзыгæй хицæн кæнæм разыдзинады хайыгтæ (о, гъо, æууæ, ай-гъай), æппæрццæг хайыгтæ (нæ, нæгъ, нæй, нал) æмæ фарстон хайыгтæ (цы, и, нæ, гъы, æццæй), хъæрон хъæлæсы уагæй сæ куы нæ дзурæм, уæд: — Уазал дын у, æви цæмæн ризыс? — О, суазал дæн... (Боциты Б.) — Хъæбатыр Æхсарбег уыдис ныртæккæ дæ уæрмы? — Ай-гъай, хъæбатыр Æхсарбег. (Мамсыраты Д.) — Абон кинойы уыдтæ? — Æууæ, уыдтæн. 50
Нæ, уый ирон дзыллæ уæздандзинад нæ хо- нынц. (Плиты Г.) Нæгъ, нæгъ, нана, уый дæр мæ нæ хъæуы... (Адæмон зарæг) Нæй, нæма ис Быдыго зынæг. (Цæгæраты М.) — Нал цæуыс дæ куыстмæ? — Нал, æгъгъæд у абон. Цæмæн мæ хъуыд агъуд, ливорджын дæн, цы? (Хетæгкаты Къ.) Исчи йæ федта, цы, искуы хæцæнгæрзтæ даргæ ныры онг? (Хетæгкаты Къ.) Уæдæ йæ алы хъæуы дæр хъуамæ бакæсой, и? (Мамсыраты Д.) Цымæ цæуыл хъуыды кæныс, гъы? Æццæй, куыд уыди? (Епхиты Т.) V. Стъæлф къæдзыгимæ 42§. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады сæрмагонд хъуыдыйæдты æхсæн, уыдон даргъ- гонд куы вæййынц кæнæ дзы къæдзыгтæ куы фембæлы уæд: Мæ архайд, мæ тыхмæ лæг кодта хæлæг: æккойæ мæ ныхмæ кæм лæууыд хæрæг! (Хетæгкаты Къ.) Урс-урсид дзæгъгъатæй — бандæттæ, тæр- хæг; саджы урс сыкъатæй Всатийæн — сын- тæг. (Хетæгкаты Къ.) 51
Хосдзаутæм хъуыддаг фæзынди цæттæ хи- нау; нал ысты хорзау, сæхицæн тæрсынц. (Хетæгкаты Къ.) Иу ахæм хæсты, 1920 азы, меньшевиктимæ фæмард йæ иунæг æфсымæр; йæ бинонтæн уый тыххæй нæ бантыст фалæмæ алидзын, æмæ бирæ мæстытæ бавзæрстой меньше- виктæй. (Дзассохты В.) Ацыдтæн зад хуымтыл, хосгæрстмæ схæц- цæ дæн. Адæм кæм кусынц, кæм бадынц; чи фæци, чи та ма хордта йæ аходæн; фæр- ныджы зиууæттæ зарынц... (Хетæгкаты Къ.) 43§. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады мидæг сæрмагонд хъуыдыйæдты æхсæн, уыдон кæрæдзиуыл бæттæгтæ æмæ, фæлæ, уæддæр, та æмæ æндæр- тæй баст куы фæцæуынц, стæй тынг даргъгонд куы вæййынц æмæ дзы къæдзыгтæ куы фембæлы, уæд: Æз дæ уымæн схъомыл кодтон, æмæ мæ кæд фæдарис; ды та дæ цоты дæр мæ бар ныу- уагътай, æмæ дæм кæд хорз кæсы, уæд цæр, мæ хур, цæр... (Боциты Б.) Мæнмæ уыд æрмæстдæр цъæх ахорæн; фæ- лæ, уый ницæмæ даргæйæ, æз сфæнд кодтон цуан сныв кæнын. (Л. Толстой) Зæгъæн ис, алы изæр дæр уыдон цыдысты фæсгорæтмæ, Ореандæмæ кæнæ æхсæрдзæн- мæ; æмæ-иу сæ тезгъо фæрæстмæ ис, алы хатт дæр-иу бавзæрстой диссаджы аив æмæ егъау æнкъарæнтæ. (А. Чехов) 52
44 §. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм вазыгджын хъуыдыйа- ды æмхуызон æмдомгæ уæлæмхæст хъуыдыйæдты æхсæн, уы- дон тынг даргъгонд куы уой, кæрæдзиуыл бæттæгтæй баст куы нæ цæуой, уæлдайдæр ма сæ къæдзыгтæ куы уа, уæд. Кæд мæйдар уыд, уæддæр мæм афтæ каст, цыма хæххон æрттиваг рухс хъæндилтæ мæ разæй дзугтæй тахтысты æмæ мын цырæгътæ дардтой; цъæх бирæгътæ рындзтæй гуыбырбæрзæйæ кастысты, æмæ мын сæ зынг цæстытæ стъалыты рухс кодтой; мæ фарсмæ бур æрсыты къорд цы- дис æмæ лæпп-лæппæй кафыдысты; мæргъ- тæ сæ лæппынтимæ урс хæрис бæлæстыл цъыбар-цъыбурæй хъазыдысты; хъæд æм- тъæлланг кодта булæмæргъты зардæй; хæххон кæсæгтæ дурджын хуыдымтæй хъуына донбылтæм раленк кодтой балгай æмæ сæ чысыл хъоппæг цæстытæй мæнæр- дæм джихæй кастысты; мæ размæ бæрзонд къæдзæхтæй дидинæг згъæлд, мæ фæндаг гауызау æртывта. (Плиты Г.) 45 §. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм, нымайгæ кæй фæкæ- нæм, хъуыдыйады ахæм даргъгонд хæйтты фæстæ, уæлдайдæр ма сæ къæдзыгтæ куы уа, уæд: Партийы организацион арæзты, æппæт царды æмæ архайды разамонæг принцип у демократон централизм, уый амоны: а) партийы æппæт разамонæг оргæнтæ дæ- ле уæлæмæ æвзарын; б) партион оргæнты рæстæгæй-рæстæг- мæйы дзуатгытæ сæ партион организациты æмæ уæлдæрлæууæг оргæнты раз; в) фидар партион æгъдау æмæ, къаддæр хай фылдæр хаймæ куыд хъуса, афтæ; г) уæлдæрлæууæг оргæнты уынаффæтæ дæлдæрлæууæг оргæнтæн æнæмæнг æххæ- стгæнинаг куыд уой, афтæ. (газет «Рæстдзинад») 53
46 §. Стъæлф къæдзыгимæ æвæрæм тынг даргъгонд хъуы- дыйады æмхуызон уæнгты æхсæн, уæлдайдæр ма уыдонæй ис- кæцыйы къæдзыгтæ, куы уа уæд:. Цыдис (Бесо) æнцад паддзахы фæндагыл йæ кæрцы цыбыры мидæг, йæ пака худы; хъуы- ды кодта, куыд хорз уыдзæн, емсыкк куы суа, уæд. (Гæдиаты Ц.) VI. ДЫСТЪÆЛФ 47 §. Дыстъæлф æвæрæм æмхуызон уæнгты разæй, хъуы- дыйады кæрон кæнæ астæу куы æмбæлой, сæ размæ та иугæнæг дзырд куы уа хицæнæй кæнæ та ахæм дзырдтимæ: зæгъæм, куыд, номхуындæй, стæй. Уыцы хæстæ баххæст кæнынмæ мах хъæуы специалисттæ: агрономтæ, инженертæ, ахуыргæнджытæ, техниктæ, дохтыртæ æмæ æндæр ахæмтæ. (Епхиты Т.) Уæрдæтты æмæ адæмы фæстæ Къæхтысæ- ры къæдзтæ фæндагыл цыдысты фос: галтæ, хъуццытæ, фыстæ æмæ сæгътæ — кæрæ- дзийы схойгæ, рыджы тъыфылтæ сæ фæс- тæ уадзгæйæ. (Мамсыраты Д.) Кавказы цæры ахæм адæмыхæттытæ, куыд: гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ, азербайджай- нæгтæ, дагестайнæгтæ, цæцæйнæгтæ, мæхъхъæлæттæ, ирæттæ, кæсгæттæ æ.а.д. Ирон фысджытæй бирæтæ, зæгъæм: Плиты Грис, Дзадтйаты Тотырбег, Хъайтыхъты Геор, Хъазыбегты Хъазыбег æ.æнд. — Фы- дыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы тох кодтой цыфыддæр знагимæ Советон Æфса- ды рæнхъыты. 54
48 §. Дыстъæлф æвæрæм ранымады разæй, иугæнæг дзырд дзы куы нæ вæййы, фæлæ ранымады хæйттæн бæрæг нысæнт- тæ куы фæдæттæм, уæд дæр: Съезд: а) байхъусы æмæ сфидар кæны Центрон Ко- митеты Центрон Ревизион Къамисы æмæ иннæ центрон организациты дзуаппытæ; æ) ногæй æркæсы, аивы æмæ сфидар кæны партийы Программæ æмæ Устав; б) амоны партийы фæндаг мидбæстон æмæ æддагон политикæйы, æркæсы æмæ лыг кæ- ны партион æмæ паддзахадон царды ахсджиагдæр фæрстытæ; в) равзары Центрон Комитет æмæ Цент- рон Ревизион Къамис. (газет «Рæстдзинад») 49 §. Дыстъæлф æвæрæм ранымады разæй, иугæнæг дзырд дзы куы нæ вæййы, фæлæ уæддæр ранымад кæй уыдзæн, уый равдисын куы фæхъæуы æмæ ранымады разæй лæууæг дзырд хъ- æрдæрæй куы фæзæгъæм, йæ фæстæ та паузæ куы скæнæм, уæд: Хæдзары æфсин цæхæрадонæй æрбахаста: джитъритæ, хъæдындзтæ, уырыдзытæ æ. æнд. Æмбырды уыдысты: ахуыргæндтæ, сту- денттæ æмæ скъоладзаутæ. Фиппаинаг. Хъуыдыйады иугæнæг дзырд куы нæ вæййы, стæй ранымады размæ паузæ дæр куы нæ фæкæнæм, уæд ахæм хъуыдыйады дыстъæлф не ’вæрæм: Æмбырды уыдысты ахуыргæндтæ, сту- денттæ æмæ скъоладзаутæ. 50 §. Дыстъæлф æвæрæм ахæм хъуыдыйады кæрон, йæ фæстæ цы хъуыдыйад, кæнæ хъуыдыйæдтæ уа, уыдон йемæ æнæ бæттæгæй иугонд кæм цæуой æмæ йын: а) йæ хъуыды æххæстдæр, бæлвырддæр куы кæной, уæд (фылдæр хатт ахæм хъуыдыйæдтæм раттæн вæййы фæрстытæ цавæр? куыд? æмæ дзы сæвæрæн вæййы бæттæг ома): 55
Цуаноны сæры бацыд хинæйдзаг хъуыды: сфæнд кодта иу æхстæн раппарын дыууæ дзæбидыры дæр. (Хетæгкаты Къ.) Аннæйы æнцой нæ уагъта мæт: Къоста йæ куы фæрса, уæд ын цы дзуапп ратдзæн? (Дзадтиаты Т.) Иу миниуæг уыд Мысостмæ: мæгуыры сæ- рыл йæхи мæлæтмæ дæр раттаид. (Гæдиаты Ц.) Зурапп хъæлдзæггондæй бацамыдта къухæй хæдзары къулмæ: уым ауыгъд уыди дыууæ æмбисонды стыр сыкъайы. (Хетæгкаты Къ.) Хистæр кълæсты скъоладзаутæн сæ бакаст уыд æндæр: чызджытæн сæ дзыккутæ уы- дысты рæсугъд быд. (Епхиты Т.) æ) кæнæ йын йе ’фсон куы амоной, уæд (арæх ахæм хъуы- дыйæдтæм раттæн вæййы фæрстытæ цæмæн? цæуыннæ? æмæ дзы сæвæрæн вæййы бæттæг уымæн æмæ): Сценæйы фæзынди Руслан, уыди тарстхуыз æмæ æнкъард: æрбадæлдзæх йæ Людмилæ. (Дзадтиаты Т.) Æгæр уæздан арæзтытæ фæци Зæли, мæгуыр лæгыл афтæ нæ фидауы: мæгуыр хъуамæ уындæй дæр фыдынд уа. (Хъуылаты С.) Буц ахуыр ма скæн дæ байзæддаджы: азымы дæ дардзысты æрæджиау. (Æмбисонд) Æдылыйæн æмдзæгъд нæ хъæуы: доны хъæр- мæ дæр кафы. (Æмбисонд) 56
6) кæнæ дзы цы мивдисджытæ вæййы (зонын, æмбарын, уынын, хъусын, кæсын æ.æнд.ах.), уыдоны хъуыды куы райхалынц, куы раргом кæнынц, уæд (арæх ахæм хъуы- дыйæдтæм раттæн вæййы фарст цы? æмæ дзы сæвæрæн вæййы бæттæг кæй): Адæм рагæй дæр зонынц: амонд хъæздыгдзи- надæй нæу. Лæппу бамбæрстпа: цард адæймагæн йæхи- цæй аразгæ у. Фæкастп æмæ ауыдта: чызг æрлæууыди хъу- синæгтæ ныхасæн цæджындзы раз æмæ худы. (Дзадтиаты Т.) Бæлæсты бын куы барухс, уæд дзы раргом ис: бадынц уæлæсыхы лæгтæ бæлæсты бын. (Коцойты А.) Кæсынц æм: арæх фæбады айнæджы сæрмæ йæ фосы цур... (Хъуылаты С.) Мæн уырны: æрцæудзæн сæрибар цард æп- пæтт бæстæты фæллойгæнджытæн дæр. 51§. Дыстъæлф æвæрæм, комкоммæ ныхасы кæнæ цита- тæйы размæ цы хъуыдыйад фæлæууы, уый фæстæ: Нарт загътой: «Сырдонæн дурты бын дæр мæлæн нæй!» (Нарты кадджытæ) Халон халонмæ тæхы, Халон халонæн зæгъы: «Халон! Цæй-ма, ныр цы хæрæм? Си- хорæн амал цы скæнæм?» (Хетæгкаты Къ.) Иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ бахæлæг кодтой хъæуы устытæ: «Тæхуды, ахæм чызг йæ хæдзарæй кæмæн рацæуы, ахæм чындз йæ къæсæрæй кæмæн бахизы!» (Токаты А.) 57
Нарты кадджыты разныхасы фыст ис: «Ит- тæг аив æмæ хъæздыг у ирон адæмон сфæл- дыстад кадджытæ, зæрджытæ, аргъæут- тæ, æмбисæндтæй. Уыдон биноныг æвдисынц ирон адæмы хъуыдытæ æмæ ирон адæмы бæллицтæ». VII. ТИРЕ 52 §. Тире æвæрæм сæйрат æмæ зæгъинаджы æхсæн, вазыг- джын зæгъинагæн йæ иу хай (æххуысгæнæг мивдисæг уæвын-ы цæсгомон формæ) цухгонд куы æрцæуы, уæд уый бæсты: Зонд — хай, бæстæ — хай. (Æмбисонд) Мæ гутон, мæ галтæ — мæ фæндыр, мæ зонд. (Хетæгкаты Къ.) Зæрдæ цины бын — уæрыкк, хъыджы бын — дур. (Æмбисонд) Хорз фыййауæн — фос, бирæ фосæн — хос. (Хетæгкаты Къ.) Хæстæй æмæ фæдисæй лидзын — худинаг. (Æмбисонд) Дæс хатты дæс — сæдæ. Нæ хъахъхъæнæг — сымах. Уе ’дасдæр бынат — ам. Цæргæсы бæллын — уæлæрвты тæхын. (Æмбисонд) 53 §. Тире æвæрæм цухгонд зæгъинаджы бæсты: Бон боны фæдыл цыди, аз та — азы фæдыл. (Брытъиаты С.) 58
Горæт хъæуæн дæтты промышленнон то- вартæ, машинæтæ, хъæу та горæтæн — хъæууонхæдзарадон продукттæ. 54 §. Тире æвæрæм ранымады фæстæ иугæнæг дзырды разæй: Адæймагæй, фосæй, бæласæй, кæрдæгæй, æнæуый цæрæгойæ — иууылдæр базмæлы- дысты æмæ се уæнгтæ систой хуры зынг цæстмæ. (Епхиты Т.) Райсом рарвитут уæ бинойнæгты æмæ ай- сут ссад дæр, сæкæр дæр, макъаронтæ дæр — цыдæриддæр уæм цæуы, уый. (Мамсыраты Д.) Бомбæ, минæ, кард, танк, джебогъ, нæмыг — алцыдæр йæ куыст кодта уыцы ран. (Нигер) 55 §. Тире æвæрæм ранымады фæстæ, йæ разæй иугæнæг дзырд (кæнæ, зæгъæм, куыд, номхуындæй, ома) куы фæлæу- уы, йæ фæстæ та — хъуыдыйадæн йæ иннæ уæнгтæ, уæд. Адæм иууылдæр: фысымтæ дæр, уазджытæ дæр — хъазтмæ рацыдысты. Зджыды фæсивæдæй алчидæр: фæнды шах- тæйы кусæд, фæнды ахуыргæнæгæй, фæнды дуканигæсæй уæд — уæддæр зæрдиагæй ар- хайы æхсæнады царды. (Мæхæмæтты А.) Колхозонтæ се ’ппæт дæр, ома: фосы куыст- гæнджытæ, механизатортæ, дыргъы куыст- гæнджытæ — разы уыдысты сæ афæдзы фæллойæ. 56 §. Тире æвæрæм хъуыдыйады кæрон кæнæ йæ астæу æвæрд æмхасæны разæй, цы дзырд фæбæрæг кæны, уыимæ йын æмхуызон уæнгыл банымайынæй тас куы вæййы кæнæ ма 59
йæхи мидæг исты æрхæцæн нысан куы уа, уæд (ахæм æмхасæ- ны размæ сæвæрæн вæййы бæттæг ома): Знон федтон мæ хæлæртты хуыздæры — Мураты. Цуанон йемæ акодта хъæдмæ йæ цуанон куыдзы — йæ цыппæркъахыг æмбал Силæмы. (Коцойты А.) Зæхкусæг адæмы цард фæхуыздæрæн ис æр- мæст иу фæндаг — иумæйаг коллективон хæдзарады фæндаг, колхозы фæндаг. (Гæдиаты Ц.) Директоры кабинетæй рацыдысты Хъазы- бег — заводы хистæр бухгалтер, Мæирбег — директоры хæдивæг, Саниат — профкомы сæрдар. 57 §. Тире æвæрæм даргъгонд кæнæ æнæдаргъгонд инфини- тивы разæй, уый æмхасæны ролы куы уа æмæ, йæ разæй цы æмбарынгæнинаг дзырд лæууы, уый куы фæбæрæг кæны, уæд (ахæм инфинитивы размæ сæвæрæн вæййы бæттæг ома): Мæ фыд царды фæрæзыл нымайы æрмæст- дæр иунæг хъуыддаг — кусын. Скъоладзауты сæйрагдæр хæс у зындгонд — ахуыр кæнын. Лæппуйы сæрмæ æрцыд рæсугъд фæнд — ба- лæвар кæнын йæ мадæн бæрæгбонмæ йæхи конд ныв. 58 §. Тиретæ æвæрæм даргъгонд æмхасæнæн дыууæрдыгæй дæр, хъуыдыйады астæу куы лæууа æмæ бæрæггæнинаг дзыр- димæ æнгом баст куы нæ уа, уæд (æмхасæн къæдзыгтæй кæд хицæн кæнæм, уый тыххæй кæсут 30-34§§): Рæсугъд хъал чызг — Сайнæг-æлдары бындар Агуындæ-рæсугъд — æрхызтис айнæгæй, æрæмбырд кодта уадындзы сæстытæ æмæ сæ бахаста сæхимæ. (Нарты кадджытæ) 60
Саломи — идæдз ус — йæ дыууæ æнахъом чызгимæ уайтагъд ацæттæ кодта йæхи. (Коцойты А.) Садуллæйы æрвадæлтæ — фынддæс хæдза- ры — фæйнæ лæгæй уым уыдысты. (Гæдиаты Ц.) Бæрз бæлас — бæлæсты фидауц — уæд йæ цæссыгтæ æркалдта. (Гулуты А.) Магомед Хадичев — иу-дыууисæдзаздзыд, цыргъфындз, фыдцъылыз лæг — бадт фæцис Газевы фарсмæ æмæ алкæмæдæр ныхасæп- парæн кодта, дзурын никæй уагъта. (Цырыхаты М.) Буцæ — санибайаг лæппу, Арæны уарзон, патриархалон хъæуы идеалон минæвар — ба- хауд горæтмæ... (Джусойты Н.) 59 §. Тиретæй дыууæрдыгæй дæр хицæн кæнæм хъуыдыйа- ды æмхуызон уæнгтæ, хъуыдыйады астæу куы æмбæлой æмæ сæ разæй æвæрд дзырд куы æмбарын кæной, уæд: Ирыстоны хицæн рæтты — Дзинагъайы, Урсдоны, Къæхтысæры æ.æнд. — арæзт æр- цыди турбазæтæ. Цæгат Кавказы цæрæг адæмыхæттытæ — ирæттæ, балхъайрæгтæ, хъуымыхъхъæгтæ — сæ равзæрдмæ гæсгæ ибериаг-кавказаг адæм- ты къордмæ нæ хауынц. 60 §. Тиретæй дыууæрдыгæй дæр хицæн кæнæм бавæргæ хъуыдыйæдтæ æмæ бавæргæ дзырдтæ, хъуыдыйады астæу куы лæууой æмæ хъуыдыйадимæ сæ бастдзинад бынтон дард куы нæ уа, уæд (бавæргæ дзырдтæ æмæ бавæргæ хъуыдыйæдты къæдзыгтæ æмæ къæлæттæй кæд фæхицæн кæнæм, уый тых- хæй кæсут 38,72.§§). 61
Кæмдæр та халон — цыма дзы хъалон нæ фыййау дардта — цыхты къæртт ссардта. (Хетæгкаты Къ.) Чысыл ма йæ зонын мæ фыды... Хæмæт — йæ номæй йæ хонын — кæм кодта мæ мæт: (Хетæгкаты Къ.) Уæд дын — царциаты диссæгтæ! — хур бон арв хæхты сæрмæ куы ферттивид. 61§. Тире æвæрæм дыууæ зæгъинаджы æмæ дыууæ сæрма- гонд хъуыдыйады æхсæн, уыдонæй дыккаг, æнæнхъæлæджы чи вæййы кæнæ, фыццаджы ныхмæ чи фæцæуы, ахæм архайд куы февдисы, уæд: Æз хъæрмæ рауадтæн — æмæ сагъдауæй аз- задтæн. Уынгмæ ауади — æмæ фæстæмæ æрбаздæх- ти, стъолы фарсмæ абадти — æмæ уай- тагъд фестади. Уый чызг нæу — зæд у. Бæрзæндты тахти — ныллæг æрбадти. Æз нæ уыдтæн — гæды уыди. (Хъороты Д.) Дæ фыдæлтæ рухсаг — дæхæдæг мын бæзз. (Хетæгкаты Къ.) Уый арв нæ нæры — фæлдахы сырдты йæ хъыримагæй Гуыйман — чысыл лæг. (Нигер) Уазæг цæттæ — фысым æдзæттæ. (Æмбисонд) Фæлæ цыдысты мæйтæ мæйты фæстæ, азтæ азты фæстæ — Хъæвдынмæ маст исы- ны кой ницы уыди. (Коцойты А.) 62
Фиппаинаг. Архайды æнæнхъæлæджыдзинад тынгдæр равдисыны тыххæй тирейæ рахицæнгæнæн ис хъуыдыйады ис- кæцы хай: Гуыдырыл бирæ фæцархайдтон, фæлæ — дзæгъæлы. Карк иууылдæр бахордта — къахæй сæрмæ. Федтон дæ — нæ сыхæгтæм. 62 §. Тире æвæрæм æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады дыууæ сæрмагонд хъуыдыйады æхсæн, дыккаг хъуыдыйад фыццагæй хатдзæг куы кæна кæнæ йын йæ фæстиуæг куы æв- диса, уæд: Хъæвдын барæхуыста — хъама Батрадзы чъылдымæй акасти. (Коцойты А.) Уыцы ран Уырысби бакасти чызгмæ — чызг йæ цæстытæ зæххы ацавта... (Коцойты А.) Сырд ахæм рæсугъд уыд — куыннæ йын фæ- тæригъæд кодтаин? 63 §. Тире æвæрæм æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады дыууæ хайы æхсæн, йæ хъуыдымæ гæсгæ фыццаг уæлæмхæст хъуыдыйады хуызæн куы уа, дыккаг та — сæйраг: Нæ зоныс — ма æвнал. Хæрын уарзыс — кусын дæр уарз. Хæс дæхимæ райстай — сæххæст æй кæн. Дон кодтон — хуылыдз кодта, ссад кодтон — сур кодта. (Æмбисонд) 64 §. Тире æвæрæм (къæдзыджы фæстæ), даргъ вазыгджын хъуыдыйады хъуыды тынгдæр бахахх кæныны, фæтыхджын- дæр кæныны тыххæй дыккаг хатт цы дзырдæй фæпайда кæ- нæм, уый разæй. 63
Æз зонын, уыцы цины хабар нæм чи æрба- хаста, уый уыди мæ фыд, йе ’фсымæртæ цалдæрæй хæсты кæмæн уыдысты æмæ уæ- лахизы уац йæхицæн уæлдай æхсызгондæр кæмæн уыд, — мæ фыд, адæмы сæраппонд кæддæридæр йæ уд чи хъардта. Сæрдар бамбæрста, иууылдæр хъугдуцæ- гæй механизаторы онг, бригадиртæ дæр, къанторы кусджытæ дæр, кæркгæстæ дæр, хъахъхъæнджытæ дæр, уыдонæн се ’ппæтæн сæ бинонтæ дæр, — иууылдæр афæдзы кæ- рон кæй уыдзысты тынг разы, сæ афæдзы куыстмæ кæй райсдзысты фаг тыллæг. 65 §. Тире æвæрæм (къæдзыджы фæстæ) уæлæмхæст хъуы- дыйæдтæй сæйраг хъуыдыйады æхсæн, кæрæдзийæ сæ уæлдай тынгдæр рахицæн кæнын куы фæхъæуы, уæд. Раст у, нæу, — мах ницы хъуыддаг ис. Йæ фырты уынæг Хазби горæтмæ ацыди æви нæ, кæд æм нæма ацыди, уæд æм кæд цæудзæн, — уыдæттæн æз ницы зонын. Хорз бон уа, æвзæр бон уа, — мæ куыстмæ мын райсом æнæ цæугæ нæй. 66 §. Тире æвæрæм дыууæ дзырды æхсæн, уыцы дзырдтæ дæрддзæджы, афоны æмæ бæрцы райдайæн æмæ кæрон куы февдисынц: Поезд Дзæуджыхъæу–Мæскуы. Конференци уыдзæнис 15–17 октябры. Лæппу мæй бакусы 2–4 мин сомы. 67 §. Тире æвæрæм дыууæ кæнæ фылдæр дзырдты æхсæн, исты ахуырад, закъон кæнæ æхсæнадон организацийы ном куы февдисынц, уæд: Марксизм — ленинизм. Æхсæнад «Инди — Уæрæсе». Джоулы — Ленцы закъон. 64
VIII. БИРÆСТЪÆЛФЫГ 68 §. Бирæстъæлфыг æвæрæм хъуыдыйады кæрон, нæ ны- хас æххæстæй кæй нæ загътам, уый равдисыны тыххæй. Би- рæстъæлфыджы разæй фарсты æмæ хъæры нысæнттæ (интона- цимæ гæсгæ кæм фæхъæуынц, уым) нæ ахауынц: Халон баргъæвст сындзыл... Уад тымыгъ хæссы... Сау айнæджы рындзыл Нары хъæу хуыссы... (Хетæгкаты Къ.) Стонг æмæ фæлладыл тых хуыссæг кæм нæу... (Хетæгкаты Къ.) О мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон, ма ку!.. Фæуром дæхи... Фенæм уал... Фесæфæд сау лæппу цардбæллон, — чи мæ цы айса — йæхи!.. (Хетæгкаты Къ.) 69 §. Бирæстъæлфыг æвæрæм, нæ ныхас хицæн дзырдты фæстæ, суанг хицæн дзырдты дæр кæм фæкъуыхцытæ вæййы, уый равдисыны тыххæй: Естъа. Фæцис... Тембо... Мæлын... Куы ссæу- ой не ’мбæлттæ... æрцу-иу уæд мæ ингæн- мæ, æрцу... Ныхъхъæр-иу кæну æрцыдысты, зæгъгæ... Ныххой-иу мын мæ ингæн... Кæд, чи зоны... Мæлын... Хæрзбон... (Гæдиаты Ц.) Уый а... а... ардæм æ... æ... æрбацæуы. 70 §. Бирæстъæлфыг æвæрæм цитатæты, цы дзырдтæ дзы фæуадзæм, уыдоны бæсты: Цомахъ, йæ фыды сфæлдыстадон гуырæнты тыххæй фысгæйæ, амыдта: «...Гæдиаты Секъайы сфæлдыстадыл гуырдзиаг литера- турæйы тæваг фæзынди æппæтæй тынг- дæр». 5 * 65
Ирыстоны зындгонд ахуыргонд Абайты Ва- со йæ чиныг «Ирон æвзаг æмæ фолъклор»-ы зæгъы: «XVIII æнусы кæрон æмæ XIX æну- сы райдианы чи ссыд Ирыстонмæ, суанг уы- дон дæр бафиппайдтой, ирæттæ, кæд сын бирæ ис иумæйагæй сæ сыхаг кавказаг адæмтимæ... уæддæр цæхгæр хицæн кæнынц уыдонæй се ’взагæй». Хетæгкаты Къостайы салдат, йæ мадмæ дзургæйæ, зæгъы: «Морæ фæсмынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ нал ысрухс кодтай...» Фиппаинаг. Разæй æмæ фæсте дзырдтæ цы цитатæты фæцух кæнæм, уыдон хъуыдыйады хай куы свæййынц, уæд дзы бирæстъæлфыг не ’вæрæм: Цомахъ амыдта, зæгъгæ, «Гæдиаты Секъа- йы сфæлдыстадыл гуырдзиаг литерату- рæйы тæваг фæзынди æппæтæй тынгдæр». Къостайы салдат загъта, «морæ фæсмынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ нал ысрухс кодтай, мæ мад», зæгъгæ. IX. КЪÆЛÆТТÆ 71§. Бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ, хъуыдыйади- мæ синтаксисон æгъдауæй баст нæ уæвгæйæ, хъуыдымæ исты уæлæмхасæн фиппаинæгтæ куы фефтауынц, йе та йæ куы фех- хæст кæнынц, кæнæ хуыздæр куы фембарын кæнынц хъуы- дыйад æмткæй райсгæйæ кæнæ уымæн йæ искæцы хай, уæд сæ æвæрын хъæуы, къæлæтты (бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыды- йæдтæ къæдзыгтæ æмæ тиретæй кæд фæхицæн кæнæм, уый тыххæй кæсут 38,64§§). Фыццаг æфсæрмы кодта (Дебола) Додеккамæ хæстæг бацæуын дæр, фæлæ йыл уайтагъд фæцахуыр æмæ, куыстæй чысыл февдæлон ис, зæгъгæ (ахæм рæстæг та-иу хæрз стæм хатт фæзындис), уæд уæндонæй ныхас код- та йемæ. (Мамсыраты Д.) 66
Дæргъæвсы ком мын (цы йæ сусæг кæнон?) цыфæнды курортæй дæр зынаргъдæр æмæ адджындæр у. (Токаты А.) Автор æрæфтыдта æлдар Гарæваны кой. Гарæван — паддзахы хæлар, зæрæдты цæс- ты стыр лæгу æрхъуыдыджын (паддзахы мæлæтæй фервæзын кодта!), уæздан лæг (паддзахæй йæ хæрзиуæджы тыххæй лæвар нæ райста). (Джусойты Н.) 72 §. Бавæргæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ, синтаксисон æгъдауæй хъуыдыйадимæ баст уæвгæйæ, хъуыдыйадмæ хаст куы æрцæуынц, куыд исты уæлæмхасæн, фæрссаг фиппаинаг, афтæ, уæд сæ æвæрын хъæуы къæлæтты: Кæд та Васил у, зæгъгæ, æрбамæсты чызг, фæлæ фæстæмæ, уынджы ’рдæм куы фæ- каст, уæд йæ цæстытыл æууæндгæ дæр нæ бакодта: бæхыл (уымæй дæр Æрфæныл) сцæйуади Сослæнбег. (Мамсыраты Д.) Уыдон дæр (цыма йæ зыдтой, сæ ныййар- джытæ сæм æнхъæлмæ кæй кæсынц, уый) хъæлдзæгæй тындзыдтой уыцы сахат иумæ — сæ хæдзармæ. (Гæдиаты Ц.) Мæнæ Тедо æмæ Симон, дыууæ зæронд, æдых (уæнгæй дæр, удæй дæр, зæрдæйæ дæр) адæймаджы. (Джусойты Н.) 73 §. Къæлæтты æвæрæм хицæн сæрмагонд хъуыдыйæдтæ, исты уæлæмхасæн, фæрссаг фиппаинаджы хуызы лæвæрд куы вæййынц, уæд: Наиа мын рагæй дзуры, æз æмæ ды нæ цард куыд баиу кæнæм, афтæ. (Кæд уыцы 67
ныхасмæ æнхъæлмæ кастис Залхан, уæддæр йæ цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт.) (Мамсыраты Д.) Бирæгъ фæуадзыг, æрхаудис, фæлæ уай- тагъд базмæлыд. Куы та сыста, зæгъгæ, йын йæ фæстаг къæхтæм фæлæбурдтон æмæ йæ уæлдæфы зилын байдыдтон. (Да- нел ма хъуыды кæны, уыцы хабар фыццаг хатт хъæумæ куы сыхъуыстис, уæд Алте- джы стыр хъæбатырыл банымадтой, æмæ йæм писмо куыд ныффыста, уый). (Мамсыраты Д.) 74 §. Къæлæтты æвæрæм, искæцы адæймаджы раныхасмæ хъусджыты ахаст цы дзырдтæ æвдисынц (ремаркæтæ), уыдон: (Къухæмдзæгъд). (Разыйы хъæлæстæ). (Тыхджын къухæмдзæгъд. Иууылдæр фес- тынц). 75 §. Къæлæтты æвæрæм, искæй ныхасы искæцы дзырдтæм нæ ахаст (разыдзинад, гуырысхондзинад æ.а.д.) цы хъæры ны- санæй кæнæ фарсты нысанæй февдисæм, уыдон: Дохтыр загъта рынчынæн: «Дæс боны (?) фæстæ мæм æрбацæудзынæ». Къоста афтæ загъта: «Зондамонæгмæ (!) хъус...» 76 §. Къæлæтты æвæрæм, цитатæ кæцæй ист æрцæуы, уый цы дзырдтæ фæамонынц, уыдон цитатæйы хæд фæстæ: Цæйут, æфсымæртау Раттæм нæ къухтæ Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!.. (Хетæгкаты Къоста. Балцы зарæг). 68
Зонд, куыст, æгъдау — уыдон Секъа намайы адæймаджы цæсгомгæнæг миниуджытыл. (Журнал «Мах дуг», 1985 аз, 10-æм номыр, 80 ф.) 77§. Къæлæтты æвæрæм, драмон уацмысты цы ремаркæтæ вæййы, уыдон: Н а н а (Черменæн). Тагъд цæугæ нæхимæ!.. (Адæм анырх вæййынц). (Плиты Г.) Ч е р м е н (иунæгæй). Цæй зын дæ, цæ, кæв- дæсарды ном! (Плиты Г.) X. ДЫКЪÆДЗЫГТÆ 78§. Дзыкъæдзыгты исæм цитатæтæ, комкоммæ ныхас ног абзацæй куы нæ райдайынц, уæд, æмæ искæмæй ист хицæн дзырдтæ: Хетæгкаты Къоста фыста: «Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин, арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, — дунеты се ’ппæт мæ- химæ æрхонин, радзурин уыдонæн зæрдæйы маст». Æз æм хæстæг бацыдтæн, æфсæрмыгæнгæ йæ бафарстон: «Бахатыр кæн, Ирыстоны номдзыд поэт кæм цæры, уый нæ зоныс?». (Малиты В.) Автор сызмæста нывтæ: иуæй, Милусяйы кæсын кæны «стыр фæндагмæ», иннæмæй та, чиныгкæсæджы бадавта цавæрдæр цæ- хæрадонмæ (раздæр æппындæр йæ кой нæй уыцы цæхæрадонæн). (Епхиты Т.) Фæлæ: Хетæгкаты Къоста фыста: Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин, 69
Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, — Дунеты се ’ппæт мæхимæ æрхонин, Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст. Æз æм хæстæг бацыдтæн, æфсæрмыгæнгæ йæ бафарстон: — Бахатыр кæн, Ирыстоны номдзыд поэт кæм цæры, уый нæ зоныс? (Малиты В.) 79§. Дыкъæдзыгты æвæрæм бадзырдон сæрмагонд нæмттæ, ома газетты, журналты, чингуыты, литературон уацмысты, ор- ганизациты æ.æнд.ах.нæмттæ: Газет «Рæстдзинад». Журнал «Мах дуг». Боциты Бароны роман «Саст рæхыс». Фиппаинæгтæ . Дыкъæдзыгты не ’вæрæм: 1. Дзырд «номыл» цы сæрмагонд нæмтты уа, уыдон: Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музей. 2. Бадзырдон чи нæу, организациты ахæм сæрмагонд нæмт- тæ (æххæстæй дæр æмæ цыбыргондæй дæр); Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, ЦИПУ, Иу- гонд Нациты Организаци, ИНО. 3. Чингуыты нæмттæ, уыдон библиографион текстты, снос- кæты авторы мыггаджы фæстæ ист куы фæцæуынц, уæд: Хетæгкаты Къ. Ирон фæндыр: Зæрдæйы сагъæстæ, зæрджытæ, кадджытæ æмæ æм- бисæндтæ. Ир, 1984. — 176 ф. Гæдиаты Цомахъ. Уацмыстæ. Орджоникидзе, 1959, 400 ф. 4. Телеграфон агентæдты нæмттæ: Агентад Синъхуа, агентад Юнайтед Пресс. 5. Фосыл æвæрд нæмттæ: Æрфæн, Мила, Барбос. 6. Арæх кæмæй пайда кæнынц, зайæгойты æмæ фосы мыг- гæгты ахæм «хæдзарон» нæмттæ: симиренко фæткъуы, табырджан фыс. Фæлæ: кæрдо «февраль», мæнæу «краснодаркæ 622». 70
80 §. Дыкъæдзыгты исæм, хъус тынгдæр æрдарын кæнын нæ цы зæронд кæнæ бынтон ног дзырдтæм фæнда, йе та дæл- гоммæ хъуыдыимæ кæмæй пайда кæнæм, сæ нысаниуæгмæ кæ- нæ се ’рхастмæ гæсгæ истæмæй æнахуыр чи уа, ахæм дзырдтæ: Ахуыргæндтæ адæмæн æргом кæнынц дины «ахуырады» мæнгдзинаду Хуыцауы тыххæй, уды тыххæй, «мæрдты бæсты» царды тых- хæй, «зындоны арты» æмæ «дзæнæты цæхæ- радоны» тыххæй адæмы сауджынтæ цæмæй сайынц, уыдæттæ. (Журнал «Мах дуг») Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры. (Хетæгкаты Къ.) Фæрсыс ма мæ: «чи дæ?», уæд иунæг — мæ ном! (Хетæгкаты Къ.) Дыккаг ус æрхаста... æркодта мæн дæр... Мæ «чындз» мæ нæ уарзта, — фыдсыл уыд кæмдæр! (Хетæгкаты Къ.) XI. ДЕФИС 81§. Дефис фыссæм, иу уидаг фæлхат кæныны руаджы цы вазыгджын дзырдтæ арæзт вæййынц, уыдоны: фæндаг -фæндаг, бирæ-бирæ, кæддæр-уæддæр, тынг-тынг, къуыпп-къуыпп. 82§. Дефис фыссæм, дзырд фæлхатгæнгæйæ цы вазыгд- жын дзырдтæ арæзт вæййынц, уыдоны, дыккаг хай ивд цæуа, нæ цæуа, уæддæр: ракæ-бакæ, рацу-бацу, урс-урсид, цъæх- цъæхид, схиз-ныххиз, тасгæ-уасгæ, хъæуи-хъæу, фæд-фæдыл. 83§. Дефис фыссæм нæлгоймагæн йæ мыггаджы ном æмæ дзырд «фырты» æхсæн. Абайы-фырт, Балайы-фырт, Касайы-фырт, Гиойы- фырт, Атайы-фырт, Карсаны-фырт, Хъуылайы-фырт. 84§. Дефис фыссæм фарстон-бæттæн номивджытæ æмæ фæрсдзырдты æхсæн, уыдон куы февдисынц исты ныхмæ- вæрддзинад кæй ныхмæ фæцæуы, ахæм æбæрæг предметтæ кæнæ уавæртæ: 71
Чи-чи, фæлæ уый афтæ никуы бакæндзæн. Кæмæй-кæмæй, фæлæ дæуæй уый æнхъæл никуы уыдтæн. Кæм-кæм, фæлæ хæхты цъититæй фылдæр цы ис? 85 §. Дефис фыссæм бирæхаттон хайыг-иу æмæ фæдзæхст лæмæгъдæргæнæг хайыг-ма-йы размæ: рацу-иу, æрбакасти мæм-иу, зæгъ-ма мын, фæдзурут-ма йæм. 86 §. Дефис фыссæм вазыгджын æвастхъæрты аразæг хæйт- ты æхсæн: гъай-дæ-гъа, гъери-гъа, оххай-гъе, гъæй-джиди, гъе- мардзæ. 87 §. Дефис фыссæм дыкъæдзыгты ист сæрмагонд нæмтты кæрæтты размæ: газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг, завод «Электроцинк»-ы (фæлæ завод «Электроцинчы»), журнал «Мах дуг»-ы (фæлæ журнал «Мах дуджы»). 88 §. Дефис фыссæм, æмхасæн бæрæггæнинаг дзырды разæй куы фæлæууы, уæд уыдоны æхсæн: Мæскуы-дон, Волгæ-дон, сайнаг-æлдар, инженер-конструктор. 89 §. Дефис фыссæм æмсæр дыгай сæрмагонд нæмттæй арæзт номдарты: Цæгат Ирыстон-Алани, Абайты-Цхуырбаты Ксения, Нъю-Йорк, Орехово-Зуево. XII. ÆРХÆЦÆН НЫСÆНТТÆ КОМКОММÆ НЫХАСЫ ÆМÆ ЦИТАТÆТЫ 90 §. Комкоммæ ныхас ног абзацæй куы райдайы, уæд ын йæ разæй æвæрæм тире: Ахуыргæнæг загъта скъоладзаутæн: — Царды стырдæр нысан у адæмæн лæггад кæнын. 91 §. Комкоммæ ныхас ног абзацæй куы нæ райдайы, афтæ- мæй авторы дзырдты фæстæ куы вæййы, уæд авторы дзырдты фæстæ æвæрæм дыстъæлф, комкоммæ ныхас дыууæрдыгæй дæр исæм дыкъæдзыгты, йæ фæстæ та йын æвæрæм, цавæр хъуыдыйад уа, уымæ гæсгæ стъæлф кæнæ фарсты нысан, йе та хъæры нысан: Ахуыргæнæг загъта скъоладзаутæн: «Царды стырдæр нысан у адæмæн лæггад кæнын». Халон халонмæ тæхы, халон халонæн зæ- гъы: «Халон! Цæй-ма ныр цы хæрæм?» (Хетæгкаты Къ.) 72
Æвиппайды дуарæй æрбайхъуыст кæйдæр хъæр: «Цъиусуртæ! Сырх ракетæ! Алчи йæ машинæмæ!» (Баситы М.) 92 §. Комкоммæ ныхас авторы дзырдты разæй куы вæййы, уæд æй дыууæрдыгæй дæр исæм дыкъæдзыгты, йæ фæстæ та йын æвæрæм, цавæр хъуыдыйад уа, уымæ гæсгæ фарсты кæ- нæ хъæры нысан, бирæстъæлфыг йе къæдзыг (стъæлфы бæс- ты), стæй тире: «Цы кодтай, чи дæ бафхæрдта?» — фæрсы йæ Сатана. (Нарты кадджытæ) «Ды, Хъауырбег, партизаны ном фегад код- тай, æмæ дын абонæй фæстæмæ нæ рæнхъы- ты бынат нал ис! — карзæй загъта Мурат. (Санаты У.) «Æз суг æрбадавдзынæн, ды та...» — загъта лæппу, йæхæдæг йе ’мбалæн пецмæ ацамыдта. «Кусæг хъæудзæн мит мæрзынæн», — загъ- та Бесо иу хатт æмæ араст ис æфцæгмæ, куыстагур. (Гæдиаты Ц.) 93 §. Авторы ныхæстæ комкоммæ ныхасы астæу куы уой, уæд комкоммæ ныхас æгасæй дæр исæм дыкъæдзыгты; авторы дзырдты размæ æмæ фæстæ та, уыдон кæд хуымæ- тæг кæнæ вазыгджын хъуыдыйады астæу уой, уæд æвæрæм къæдзыг æмæ тире, кæд сæрмагонд хъуыдыйæдты астæу уой, уæд та сæ размæ æвæрæм, фыццаг хъуыдыйад цавæр уа, уымæ гæсгæ фарсты кæнæ хъæры нысан, йе та бирæстъæлфыг кæнæ къæдзыг, сæ фæстæ та — стъæлф æмæ тире: «Ма кæут, мæ хуртæ, — дзуры сæм сæ мад, — афыцой хъæдуртæ, абадут æнцад». (Хетæгкаты Къ.) «Доны был чи цæры, — зæгъы адæмон æмби- сонд, — йæ ивылын дæр ын уый зоны». 73
«Азизы нæ федтай? — базмæлыдысты зæ- ронд усы хус былтæ. — Хæстмæ куы ацыд, уæдæй нырмæ дзы ницы хабар ис...» (Чеджемты Г) «Бакæнут æй ахæстоны, ацы ’ррайы! — ныхъхъæр кодта Мато. — Стæй йын фенын кæндзыстæм, мах дуджы хицауимæ тох кæ- нын, дæ фыртимæ кусджыты змæнтын æмæ фабрикæ бауромын цы давы, уый». (Боциты Б.) «Хæрзæхсæв, хæрзæхсæв, уал у, — сдзырд- та быдырон дидинхг. — Мæ амонд мæнæн мæ дзыллæйы амондимæ æмхæст у, мæ хæлар». (Гæдиаты Ц.) 94 §. Авторы дзырдтæ комкоммæ ныхасы астæу куы вæййынц æмæ дзы, комкоммæ ныхасы фæстаг хаймæ ахæсгæ чи уа, ахæм мивдисæг куы вæййы, уæд авторы дзырдты фæстæ æвæрæм дыстъæлф: «Æгас цæут, хорз адæм, — загъта колхозы сæрдар æмæ, адæмыл йæ цæст ахæсгæйæ, бафарста: — Цæмæн уæм фæдзырдтон, уый зонут?» Фиппаинæгтæ. 1. Комкоммæ ныхасимæ ма дыккаг комкоммæ ныхас куы æмбæла, уæд уый дæр хицæнæй исæм дыкъæдзыгты: «Азизы нæ федтай? — йæ цæстытæ доны разылдта æнамонд мад. — Хæстмæ куы цыд, уæд мын афтæ дзырдта: «Нана, ма тыхс, ардæм мæ хъæуы уæлахизæй». (Чеджемты Г.) 2. Комкоммæ ныхасы æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрыны тыххæй ацы парагрæфты цы æгъдæуттæ амынд æрцыд, уыдон æмхуызон ахæсгæ сты цитатæтæм дæр. 95 §. Дыууæ адæймаджы ныхæстæ æнæ авторы дзырдтæй фыст куы цæуой уыцы иу рæнхъыл, уæд алы ныхас дæр исæм хицæнæй дыкъæдзыгты, се ’хсæн та сын æвæрæм тире: 74
«Æгас цæуай, цъæх бирæгъ!» — «Хорз цæ- рай, зыгъарæг!» — «Дысон-бонмæ кæм уыд- тæ?» — «Дæу агурæг фæзылдтæн». — «Æмæ мæнæй та цы кæныс?» — «Ныртæккæ дæ хæрдзынæн». — «О, бын бауай, цъæх 6и- рæгъ! Дæ фыды хæрд нæ зоныс?» — «Æрбай- сæфай, зыгъарæг. Мæ фыд та-иу куыд хорд- та?» — «Уый-иу зыгъарæг куы ссардта, иу æхстæн-иу уæлвæндаг, иннæ æхст та — дæлвæндаг, афтæмæй-иу куы срæгъæд, хордта-иу æй адджынæн». (Зыгъуытаты Б.) XIII. ÆРХÆЦÆН НЫСÆНТТЫ СÆМБÆЛД КÆРÆДЗИИМÆ 96§. Фарсты æмæ хъæры нысæнттæ, бирæстъæлфыг, стъæлф æмæ къæдзыг тиреимæ куы сæмбæлынц, уæд сын ти- ре æвæрæм сæ фæстæ: «Хорз лæг, фæлæуу-ма!.. Æз дæуæй зæгъын, дæуæй!..» — æвиппайды фехъуыст мæ фæс- тæ кæйдæр тызмæг, нæргæ хъæлæс. (Баситы М.) «Ауылты цæуæн нæй, уый нæ зоныс?» — мæстыхуызæй загъта уырыссагау лæг. (Баситы М.) «Уый æз нæ зыдтон, — загъта Барис æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Æмбал æмба- лимæ хъуамæ æнгомдæрæй цæра». Фиппаинаг. Тирейы хæд фæстæ пунктуацион æгъдæут- тæм гæсгæ къæдзыг æвæрын кæм хъæуа (зæгъæм, бавæргæ дзырдты размæ), уым дæр æй не ’вæрæм: Адæм, фос, сырдтæ — иу дзырдæй, æрдз иу- уылдæр райхъал ис тар æхсæвы фæстæ. 75
97 §. Сгъæлф, къæдзыг, сгъæлф къæдзыгимæ, дыстъæлф, тире куы сæмбæлынц, æхгæнгæ цы дыкъæдзыгтæй фæкæнæм, уыдонимæ, уæд сæ фыссæм дыкъæдзыгты фæстæ: Французаг ахуыргонд Дени Дидро афтæ загъта: «Тæккæ амондджындæр адæймаг уый у, фылдæр адæмæн амонд чи дæтты». «Фыдæлты намысы бæсты не ’хсæн хъуамæ ныффидар кæнæм ног рæстдзинад» — загъ- та иу хатт Хæмæт, æмæ ацы ныхæстæ Дæхцийы зæрдæмæ тынг фæцыдысты. (Гæдиаты Ц.) Ме ’мбал хистæр къласы ахуыр кодта æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнæй аивдæр ба- каст Къостайы «Додой»; уый хуыздæр ба- каст прозæ дæр. Киномæкæсджыты зæрдæмæ тынг фæцыди кинофилъм «Фатимæ»: бирæтæ йæм дыгай- æртыгай хæттытæ бакастысты. 98 §. Фарсты нысан, хъæры нысан æмæ бирæстъæлфыг, кæд дыкъæдзыгты æвæрд дзырдтæм ахæсгæ уой, уæд сæ æвæ- рæм дыкъæдзыгты разæй, кæд æнæхъæн хъуыдыйадмæ ахæс- гæ уой, уæд та сæ æвæрæм дыкъæдзыгты фæстæ: Къоста ныффыста автобиографион æмдзæв- гæ «Чи дæ?» Ды загътай: «Маст ын скæн!» (Коцойты А.) Лæппу дзуры: «Зæрватыччытæ æгæр ныл- лæджыты тæхынц, цыма уардзæни...» Фæлæ: Федтай спектаклъ «Чермен»? Бæрзонддæр сисæм, æмбæлттæ, «Интерна- ционал»! Залы нæрыдысты Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ æмдзæвгæтæ: «Салдат», «До- дой», «Æнæ хай»... 76
99 §. Хъуыдыйады кæрон дыкъæдзыгты размæ куы лæууой фарсты кæнæ хъæры нысан, йе бирæстъæлфыг, уæд ахæм æр- хæцæн нысæнттæ дыкъæдзыгты фæстæ нал æвæрæм (æндæр нысæнттæ дзы ис æвæрæн): Чи ныффыста æмдзæвгæ «Лæг æви ус?» Командæгæнæг бардзырд радта: «Размæ!» Фæлæ: Къоста ныффыста æмдзæвгæ «Лæг æви ус?». Чи радта бардзырд: «Размæ!»? 100 §. Комкоммæ ныхасы кæнæ цитатæты иу дыкъæдзыгты мидæг дыккаг дыкъæдзыгтæ куы æмбæлой, уæд сæ бæрæг кæ- нæм фæйнæ хуызы дыкъæдзыгтæй (« „ “ »): Лектор загъта: «Марксы наукон фæллæйт- тæн се ’ппæты гениалондæр у „Капитал“». 101 §. Фыццаг къæлæты разæй дæр æмæ дыккаг къæлæты разæй дæр не ’вæрæм къæдзыг, стъæлф къæдзыгимæ, дыстъæлф æмæ тире. Ацы æрхæцæн нысæнттæ æвæрæм фæстаг къæлæты фæстæ: Нæ ахуыргæндтæй бирæтæм уыцы хъуыды раст нæ кæсы (чи сты уыцы ахуыргæндтæ, уый Хæмæт йæхæдæг дæр нæ зыдта), фæ- лæ сын æз бамбарын кæндзынæн, раст кæй у, уый. (Мамсыраты Д.) Æз ме ’мбалæн афтæ загътон (уый уыди дыууæ азы размæ): «Адæймаг рæстдзина- дæй уæлдæр хъуамæ мацы æвæра». 102 §. Стъæлф, фарсты нысан, хъæры нысан æмæ бирæ- стъæлфыг, кæд къæлæтты нст дзырдтæм ахæсгæ уой, уæд æвæрæм фæстаг къæлæты размæ, кæд æппæт хъуыдыйадмæ ахæсгæ уой, уæд та — фæстаг къæлæтæн йæ фæстæ: Куырттаты бал раздæхт фæстæмæ... (Паддзах нын хæрзиуæгæн радта цыдæртæ, стæй нæ бæттæнмæ æртардта.) (Нигер) Иу бон хъæуы фæсивæд (ды семæ нæ уыдтæ?) 77
1-æм Майы бæрæгбоны æрæмбырд сты скъо- лайы кæрты. Хæхтæ (æнахуыр диссаг!) уыцы бон уары- ны фæстæ афтæ ирд æмæ рæсугъд уыдыс- ты, æмæ цæст сæ уындæй нал æфсæст. Адæм (нæлгоймагæй, стырæй, чысылæй...) рацыдысты быдыры куыстмæ. Фæлæ: Туристтæ схæццæ сты сæ базæмæ («Дзина- гъа»-мæ). Дæ ныййарджыты зæрдæхудт истæмæй исыс (мæ фарст дæм хъыг ма фæкæсæд)? 103§. Цитатæйы хæд фæстæ къæлæтты амынд куы фæцæ- уы, цитатæ кæцы авторæй æмæ цавæр уацмысæй ист æрцыдис, уый, уæд къæлæтты размæ æвæрæм фарсты нысан, хъæры ны- сан, бирæстъæлфыг (стъæлф не ’вæрæм; стъæлф дзы кæд æвæ- рæм, уый тыххæй кæсут 95§, фиппаинаг), къæлæтты фæстæ та — стъæлф: Дунетæй хуыздæр куы фестай, Гъе уæддæр дæхи уд ма стау! (Хетæгкаты Къоста. Булкъ æмæ мыд). Цъæлтæй, стæгсæстытæй ссардтой Бе- сойы дæр иу ран хохы дыдагъы... (Гæдиаты Цомахъ. Царды уæз). 104§. Искæй раныхасы фæстæ къæлæтты амынд куы фæ- цæуы хъусджыты ахаст дзурæджы ныхæстæм (ремаркæ), уæд къæлæтты размæ æвæрæм, хъуыдыйады кæрон цы æрхæцæн нысан æмбæла, уымæ гæсгæ фарсты нысан, хъæры нысан, би- рæстъæлфыг (стъæлф не ’вæрæм), къæлæтты фæстæ та æвæ- рæм стъæлф: Ууыл мын бар раттут мæ ныхас фæуынæн (Къухæмдзæгъд). Раст нæ зæгъын, æмбæлттæ? (Залæй хъуы- сынц разыйы хъæлæстæ). Æгас цæуæд 9-æм Май! (Тыхджын къухæм- дзæгъд). Фиппаинаг. Ремаркæтæ æмæ сноскæтæн сæхи хæд фæс- тæ дæр къæлæтты мидæг ис æвæрæн стъæлф, æрмæст уæд 78
къæлæтты размæ таурæгъон хъуыдыйады кæрон дæр æвæрæм стъæлф: Нæ райсомы цард уыдзæни ноджы фæрныг- дæр. (Къухæмдзæгъд.) Ма худ аууонмæ æвзæрыл, Хорзы-иу йæ цуры бафау. (Хетæгкаты Къоста. Булкъ æмæ мыд.) 105§. Иу къæлæтты мидæг дыккаг къæлæттæ куы сæмбæ- лой, уæд сæ бæрæг кæнæм фæйнæ хуызы къæлæттæй (тымбыл æмæ квадратон): Къоста йе ’мдзæвгæты сидтис сæрибары сæрыл тохмæ [«Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæрЫу — гъе-мардзæ, исчи! — бын- тон сæфт кæнæм...» («Додой»)]. 79
СÆРГÆНДТÆ Разныхас 3 I хай. Орфографи I. Хъæлæсонты æмæ æмхъæлæсонты растфыссынад 6 II. Номдарты, миногонты, нымæцонты, номивджыты æмæ фæрсдзырдты растфыссынад 9 III. Мивднсджыты растфыссынад 13 IV. Разæвæрдты, бæттæгты, фæсæвæрдты, хайыгты æмæ æвастхъæрты растфыссынад 16 V. Вазыгджын дзырдты растфыссынад 18 VI. Æрбайсгæ дзырдты растфыссынад 19 VII. Стыр дамгъæ 21 VIII. Цыбыргонд дзырдты растфыссынад 25 IX. Дзырд иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны æгъдæуттæ 26 II хай. Пунктуаци I. Стъæлф 27 II. Фарсты нысан 28 III. Хъæры нысан 30 IV. Къæдзыг 32 V. Стъæлф къæдзыгимæ 51 VI. Дыстъæлф 54 VII. Тирс 58 VIII. Бирæстъæлфын 65 IX. Къæлæттæ 66 X. Дыкъæдзыгтæ 69 XI. Дсфис 71 XII. Æрхæцæн нысæнттæ комкоммæ ныхасы æмæ цитатæты. . . 72 XIII. Æрхæцæн нысæнтты сæмбæлд кæрæдзиимæ 75 80