Text
                    Фл УЫРÆ
ÆЗÆМÆ ДЫ
Æмдзæвгæтæ
Дзæуджыхьæу 2011


84(2Рос-Осет) Д-27 Д-27 Дауырæ Æз æмæ ды [Текст]: æмдзæвгæтæ. - Дзæуджыхъæу: ИПО СОИГСИ, 2011 - 112 ф. Даура Я и ты. Редактор-Музафер ДЗАСОХОВ Новые стихи, а также ранее опубликованные, вошли в настоящий сборник. Игры, притчи, басни, скороговорки, загадки, а также ценнейший материал для изучения осетинской грамматики, обрадуют не только преподавателей осетинского языка, но и родителей, и самих детей, для которых предназначена книга. В оформлении обложки использованы иллюстрации Л. Ереминой. 84(2Рос-Осет) ©Даура, 2011 ©ИПОСОИГСИ,2011
ÆЗ ÆМÆ ДЫ Ды - мæ ныфс дæ, Ды - мæ хур, Ды нæ фидæнæн Бындур! Æз дæ хорз нанатæй иу, Дзаг дæ циндзинадæй - Риу! Цом, уæдæ, Мæ къона, мемæ Аргъау, таурæгъты Дунемæ! ИУÆЙ ФОНДЗМÆ УАЛ НЫМАЙÆМ И у Иу у хур! Иу у мæй! Бафтауæн сæм иу дæр нæй! Иу - мæхæдæг. Иу - мæ мад. Иуæй райдайы нымад! Д ы у у æ Хъустæ, рустæ, былтæ - къæйттæ. Къухтæ, къæхтæ дæр - дыгæйттæ. Æ р т æ Æз, Фари æмæ Фырдæ Иумæ мах ыстæ^ æртæ.
Ц ы п п а р Иу, дыууæ, æртæ, цыппар Цæй, уæдæ, хæлттæ æппар: Ис цыппар къахы нæ галæн. Ис цыппар къулы хæдзарæн. У цыппаркъуымон нæ цар. Гъе ныр радгæс у дæ бар. Иу, дыууæ, æртæ, цыппар, - Цæй-ма, не’ ппæты ыссар. Ф о н д з Фондз - мæ азтæ, Фондз - нæ базтæ, Фондз - нæ хъулон-мулон хъазтæ. Фондз лæппыны гæдыйæн, - Фондзæй сын чыргъæд бийæм. НЫМАЙÆМ ДÆСМÆ - Иу, дыууæ, æртæ, цыппар, Иу, дыууæ, æртæ, цыппар! - Пурти махмæ дæр æппар! - Фондз, æхсæз, авд, аст, Фондз, æхсæз, авд, аст. Сцырын пуртийæ нæ хъазт. - Фараст, дæс, фараст, дæс, Тынг хорз бамбæрстон нæ хæс, Иумæ сахуыр кодтам «дæс». 4 *=*
ИУГАЙ ДАМГЪÆТÆ УАЛ ЗОНÆМ А Арсы къахы суади сындз, Чи йын æй ысласта? Бындз. * * * Арс - тæппуд, фæтарст хæппæй, Алыгъд лæгæтмæ сæппæй. * * * Б Байраг нал ары йæ мады, - Бæхыл иу пæлæзджын бады. * * * Г Галæн ис æрдхорд, æмбал, Гæды дæр у галæй хъал. * * * Гæды къуыбылойæ хъазы, Тæбын дзæмбыйæ ивазы. * * * П Пылæн даргъ у ныр йæ был, - Иу хатт арсимæ фæхыл. * * * Ф Фæндыр зары, тæнтæ тоны,- Фæсивæды хъазтмæ хоны. * * * У Уызынæн йæ син - йæ хызын, Уырыдзытæм сахуыр хъуызын. » 5 *=*
АЭРОБИКÆ Иу, дыууæ, æртæ, цыппар, - Рæвдздæр у, дæ бынат ар! Къæхтæ - иумæ, Къухтæ - ’ндæгъд. Цæй-ма, фæндыр Рæвдз æрцæгъд! Гæпп - фæстæмæ, Гæпп - фæрсмæ. Гæпп-гæпп-гæпп Кæныс мæнмæ! Къæхтæ радгай размæ ’ппар! Иу, дыууæ, æртæ, цыппар. Къухтæ - синтыл, - Кæн гуыбыр. Сæмраст кæн гъе ныр дæ гуыр! Айтындз уарийау дæ цæнгтæ, Сцырен кæн бынтон дæ зæнгтæ! Къухтæ «ардæм, ардæм» тил, - Кафгæ д’ алыварс æрзил. Гæпп - фæстæмæ! Гæпп - фæрсмæ! Гæпп-гæпп-гæпп Кæныс мæнмæ! Рæвдздæр, фæндыр! Рæвдздæр цæгъд! Хистæр! Ногдзаутæн - æмдзæгъд!
АФТÆ У ÆВИ НÆУ? - Ис нæ бур хъугæн къæлæу. Афтæ нæу? - Афтæ нæу. - Бирæгътимæ хъазы цæу. Афтæ нæу? - Афтæ нæу. - Пылæн, дам, йæ хуыз сырх у. Афтæ у? - Афтæ нæу. - Судзины бырынкъ цыргъ у. Афтæ у ? - Афтæ у. - Гæды хизынмæ цæуы. Афтæ у? - Афтæ нæу. - Кзегаг. ^ам. хъæрæй кæуы. Л±тзеу? - Афтæ нæу. - Теуайы рагъ, дам, лæгъз у. Афтæ у? - Афтæ нæу. - Фаст хъæдæн йæ ном фæхс у Афтæ у? - Афтæ у. - Хъæды цæрæг фос - сырд у. Афтæ у? - Афтæ у. - Цæфхæдтæгæнæг куырд у. Афтæ у? - Афтæ у. - Ногдзау коммæгæс гуырд у. Афтæ у?
- Афтæ у. - Уый нæ бæстæйæн фырт у. Афтæ у? - Афтæ у! ФИДÆНЫ СКЪОЛАДЗАУ Мады зæрдæ фыртæй райы: Авды онг Бæппу нымайы! Банымадта арвыл мигътæ, Мæсыджы дуртæн - сæ тигътæ. Зоны нымæцтæ фыссын, Нал ын у сæ кæсын зын! НАНАЙЫ КЪОНА - Д’ азтæ, мæ хур, ныр æртæ сты, Марадз, рамæрз уат мæ бæсты.- Мад йæ чызгмæ худгæ каст: Цъылын чызджы æмдæргъ раст!
СУДЗИНЫ ХÆЛÆРТТÆ Сынк, сынк, сынк, Сынк, сынк, сынк, Æнгуылдзтæн Сæ кафт ыстынг: Сынк - фæсасынк, Сынк - гæпсынк, Здыхтсынк, дзуарсынк, Сынк, сынк, сынк. Сынк - уæлæфтау, Сынк - кæрцсынк, Ставд рæхсад сынк, Сынк, сынк, сынк. Сынк - нывæфтыд, Сынк - цæстсынк, Сынк, сынк, сынк, Сынк, сынк, сынк. Ныр цæттæ у Чындз «УЫЛЫНГ*. Бацин ыл кæндзæн нæ уынг. ПÆРРÆСТ Бады бæласыл дæс цъиуы, Хъуамæ дзы фæхæст уон иуыл. Кæс: фæхъуызын сæм: - Пæррæст, - Нал сæ ауыдта мæ цæст.
МÆДИ Дагу-дынагу, Нæ хъаз хæцаг у. Дагу-дынагу Мæди фæзмаг у. Дагу-дынагу, Нæ куыдз хъыхъхъаг у. Дагу-дынагу, Мæди кæуаг у. Фæстæмæ дзуры, Хатыр нæ куры. Æхсыр нæ комы. Инджын æрдомы. Дынагу-дагу, - Инджын нæм дзаг у. Дынагу-дагу, - Нана нæмаг у! ХЪАЗТÆ, ХЪАЗТÆ, ХЪÆУМÆ! Не ’ппæт дæр ыстæм мах хъазтæ,- Удæгас фæлмæн пух базтæ! БАЗАРД: Га-га-га! Пæр-пæр-пæр! Хъуысы дардмæ дæр нæ хъæр. & 10 ~*
Райхъал кодтам хъæу нæ хъæрæй, Цадмæ ныр тæхæм пæр-пæрæй. БАЗАРД. Зонæм ленк кæнын, тæхын, Нæу нын, нæ, цæуын дæр зын. БАЗАРД. Доны мах ыстæм бæлæгътæ, Не ссонæнтæ сты нæ къæхтæ. БАЗАРД. Малы дæр хæринаг арæм,- Мах нæхи нæхæдæг дарæм. БАЗАРД. Тынг хъæбатыр ыстæм рагæй, Зонут, мах хæцæм дæндагæй. БАЗАРД. Фосимæ цæрæм хæларæй, Асурæм сæ хатгай барæй. БАЗАРД. Рæстæг дзæгъæлы нæ сафæм, Гогызтимæ, цæй, æркафæм. ПАЗАРД. ГИДА Гида мын мæ хъусы дзуры: - Бауадз мæ хуыссын дæ цуры. Аныхтон ын æз йæ хъуыр: - Гида, ды кæныс хуыр-хуыр. ~* 11 &
СÆРÆНГУЫРД Магуса мæ, Нана, ма хон: Кæрт ныммарзтон, Дон ысхастон, Бæхтыл сахсæнтæ ныббастон. 'Фсæст у гогыз, 'Фсæст у хъаз, - Цас бакуыстон, Нана, цас! - Цас бакуыстай, мæ хур, цас! Цу, ныр де ’мбæлттимæ хъаз! КÆД АЛАН НÆ ХАТЫ ХУЫЗ? Балхæдтой Аланæн мелтæ,- Сныв кодта фæрæттæ, белтæ, Стæй æхсырф æмæ дзæбуг, Ноджы хъулон-мулон хъуг. Сырх мелæй ыскодта дур, Фæныкхуыз мелæй та - хур. Сахуырста æрвхуызæй балтæ, Кæрдæгхуызæй - хъазтæ, галтæ ... ... Кæд Алан нæ хаты хуыз?.. Марадз, акæн ын æххуыс! *=* 12 ~*
АЛДЫМБЫД Фæцæуынц кафгæ Фæйнæрдæм цæнгтæ, - Чызг дæс æнгуылдзæй Ивазы цæгтæ. Цæсты ныкъуылдмæ Хал халы ивы, Зæрин хæрдгæбыд Бæрз кард ыссивы. Æмбал нæ уыдзæн Йæ алдымбыдæн, Ысрæсугъд кæндзæн Йæ цухъхъа фыдæн! ныв Лæппу сныв кодта бæлас, Сауыгъта йыл неси, нас, Джитъритæ, æнгуз, хъæдур, Кæрдо, фæткъуы дарынц бур. Хъæлæрдзыты баст æлхынцъы. Лæппу сныв кодта æхсынцъы. Ушъылы, мæнæргъы, цым - Бацахстой сæрмагонд къуым. Тыртытæй ыскодта хал. Харбызыл нынныхæст бал. Хъæдындз ивазы йæ цъæх сæр, Цупæлттæй æрзæбул æхсæр. ~ 13 —
Цъуппыл сауыгъта уырыдзы, Хъахъхъæнæг ыскодта куыдзы. Сбыдта дидинджытæй кау! Чи æрхæсдзæн нывмæ фау? ХУРЫ ФЫРТ Хуры фырт æрбахъуызыд Рудзынгæй мæ къулмæ. Уæртæ мæм æрбацæуы Симгæ-симгæ зулмæ. Хъæццулы бын бамбæхстæн, - Сбырыди мæ базмæ, Хуры лæппу февзæрдис Мæнæ ныр мæ размæ. Къахы мын мæ цæстытæ, Байста мын мæ хуыссæн, Раджы, дам, цæуыннæ стыс Хурты Хуры хуызæн. Омæ, зæгъын, адджын фын Асурын нæ комы. Васхуыста мæ хуры тын, Райхъал, дам, у. Домы. Акодтон мæ дзаумæттæ - Аходæн цæттæ у. Хъал кæнынмæ иннæты Хуры фырт фæцæуы. & 14 &
«ФОНДЗ» НÆ РАЙСТАЙ? - Æз тæрсын æрмæстдæр хъазæй, - Скъуымбыл мæ кæны йæ разæй! - Æз тæрсын æрмæст тæрхъусæй, - Февзыста мæм уый йæ хъусæй. - Æз мæ Дадайæ тæрсын, - Уайтагъд райдайы фæрсын: «Фондз» нæ райстай! - сисы загъд, - Радзур æрмæг ногæй тагъд!» ФУТБОЛÆЙ ХЪАЗДЖЫТÆ Гыдцыл Гида сбырыд цармæ, Бафтыд мыстыты хæдзармæ, Сусæгæй сæм къуымæй каст, Мад-мыст лæппынтæн фæтарст. Гида бабырыд йæ фазыл, Схуыссыд мыстытæн сæ базыл. Аивæзта размæ сæр, Дардмæ ауыдта æхсæр ... Рабырыд сындæггай базæй, Айста æхсæры йæ разæй. Хъазы ныр æхсæвæй-бонæй Мыстытимæ уым футболæй!.. ^=* 15 *=*
ХЪАЗÆГОЙ, УАСÆГОЙ ÆМÆ МЫРХÆГОЙ Хъухъыри-хъу - Хъазæгой. Уасаг хъо-хъо - Уасæгой. Уасыд, уасы, уасдзæни, Махимæ дæр хъаздзæни ... Хъусаг хъусой - Хъусæгой. Мус хъахъхъæнæг - Мусæгой. Хъахъхъæнинаг хъахъхъæндзæн. Сусæг комдзаг н’ акæндзæн. Хъырнаг Гида - Хъырнæгой. Мырхи, Мырхой, Мырхæгой. Давта, давы, давдзæни Æмæ йе ’ууæнк сафдзæни. Уасаг хъотхъо - Уасæгой, Хъусаг хъусой - Хъусæгой, Гæдыимæ нæ хъазынц, - Сусæгхорты нæ уарзынц! МАДЫ ЗАРÆГ Раджы ахицæн кæркуасæн, Зæгъ «хæрзрайсом!», цæй, дæ базæн. Хурзæрины был ысзынд, Хæхты бæрзонддæр ысзынг. Цъиуты зарын дардмæ хъуысы, Атъысс рахиз цонг дæ дысы. Æрдзы уынæр у цырен. Ракæс! Ног боны рухс фен. *=* 16 —
о<^|4^ Уæлдæф бал бæлæсты узы. Атъысс де ’ннæ цонг дæр дысы. Вон дæумæ тындзы æдзух, Райс-иу ын лæгау йæ къух. ДАДА У Дада зæронд, гуыбыр, Фондзыссæдз ыл цæуы ныр. Фау æм чи ’рхæсдзæн цæрдæгæй? Арæхсы нырма цæвæгæй!.. Хъуысы сабийы зард дардæй, Уый дæр хос кæрды ... хæсгардæй! ЛÆГГАГ Ласы хос хæрæгуæрдонæй, Халсарты æфсады донæй, У йæ хуыздæр хæлар бæх, Иумæ фидауынц дзæбæх. Хойы цурк дынджыр дзæбугæй, Байдзаг и кæрт фастаг сугæй, Ахæмтæй фæзæгъынц: «Лæг! Лæг йæ хъуыддæгтæй - бæрæг!» ~ 17
ФÆЗМГÆЙÆ Пыхсмæ гæсгæ Сбыдтам кау. Хъазмæ гæсгæ Скодтам нау. Цъиумæ гæсгæ Лæг йæхæдæг Скодта диссаджы ХÆДТÆХÆГ! АВДÆНЫ ЗАРÆГ Авдæн - Хуры хæдзар, Хуры, Мад йæ чысыл хурмæ дзуры: - Райхъал у, мæ уарзон хъæбул. Пух къух авдæнæй æрзæбул, Фехс дæ уæрджытæн сæ баз, Азгъор, тæрхъустимæ хъаз. Мæргъты лæппынтимæ дзур, Дардмæ цъиусуры фæсур. Зын - йæ райдайæн фæндагæн, Хæц йæ саджил сытыл сагæн. Авдæн - Хуры хæдзар, Хуры, - Мад йæ буц хъæбулæн дзуры. *=* 1Н
о* ТÆРГАЙГÆНАГ Фæтæргай та, Ныддымста рустæ, Кæны та фыды мадыл бустæ. Нæ та хæры, Нæ цымы цай. Хæрзад Тæргайгæнаджы хай! ДЗАБЫРТÆ Æдзух дæ фæхъавæм Мах уымæй фæрсынмæ: Цæмæн зивæг кæныс Нæ рыгтæ сæрфынмæ? Цæмæн нæ ныууадзыс Мæйгæйттæ цъыфæй? Цæмæн хицæн кæныс Мах - къæйтты - тыххæй? Мах - иу цæды галтæ, Нæ фыдæбон - иумæ. Ысхондзыстæм та дæ Æнцонæй Хъæриумæ. Æрмæст ныл, дæ хорзæхæй, Ма уадз æфхæрд: Цæхс-иу нæ, æмæ-иу нæ Сæрдæнæй сæрд! Æ=? /^ Æ9
ЦЪЫНДАТÆ Цæмæн та нæ баппæрстай Чъизийæ къуыммæ? Нæ иуæй цæстæппæрст, Нæ иннæ - зыгъуыммæ. Зон, иу бон дæ райсдзæнис Цъылын йæ маст: Æрцæудзыстæм чъизийæ, Бырæттæм марзт! УИСОЙ Цъылын уисойы нæ уарзта, Алы хатт æм фаутæ хаста: «У зылын-мылын дæ баст, У хылы-мылы дæ марзт». Уисой цъылынмæ фæмæсты: «Рамæрз уæдæ кæрт мæ бæсты!» *=* 20 «=>
цъылын Уисой дын дæн, æви? Кæрт мæ куыд мæрзыс? Баихсийынæй Мæ хихтæн нæ тæрсыс? Чи ма ныммæрдзæнис Тыргъ æмæ уат? Чи ма кæндзæнис Сыгъдæгæн сæрфат? ЗОН ÆЙ, БОНÆЙ-БОНМÆ РÆЗЫС! Бæх уыдис гыццылæй байраг. Дынджыр гал - чысыл род, гайлаг. Хъуг дæр род уыдис кæддæр, Уыд æнæсыкъа йæ сæр. Дзæргъ дæр уыд кæддæр хъыбыл. Уыд уæд дæр сырхбын йæ был. Хæрæг та уыдис къæлæу. Уыд гыццыл сæныкк нæ цæу. Гъа-ма, мæ хур, уæдæ, зæгъ, Сæгъ куыд хуынд гыццылæй, сæгъ? Фыс уæрыкк уыд, уый дæр зон!.. Ды нæ фидæн дæ, мæ бон! У «лæппу» дæ ном гыццылæй, Кадджын лæг уыдзынæ стырæй! æ=* 21 *=*
ТÆРХЪУС Лæппу сныв кодта тæрхъус. Тæрхъусæн нæ уыдис хъус. Хъус та хъусынæн хъæуы. Тæрхъус бады ’мæ кæуы: «Иу хъус йеддæмæ мын нæй, Уæд цæй тæрхъус и мæнæй!?.. Цæй-ма, сныв кæнут тæрхъустæ, ’Рмæст-иу уæнт дыгай сæ хъустæ. МЫСТ - АРТИСТ - Разгъор ардæм, разгъор тагъд: Иу мыст зыхъхъыры ныссагъд! - Æмæ, цымæ, ам цы куыста? - Гæдытæн концерт æвдыста! МЫРХОЙ Чи уæ уыдис? Чи уыдис? - Райста зæронд Нана уис Æмæ куыдзы тынг фæнадта. Стæй йæ куыдздонæй фæтардта... *=* 22 *=*
Усы къæхтæм хи нылвасы, Къæдзил тилгæ сабыр уасы Гæды. - Мукъутыл - æхсыр! Рабæрæг ис давæг ныр! БÆХ ФÆТАРСТ Лæппу фынæй куыдзмæ - хæпп! Куыдз, дын, хæрæджы хъус - къæпп! Хæрæг бæхы ныхæн - тъæпп! Тарст бæх сисы сæрты - гæпп! Уынгæй райхъуысти йæ сæпп! ХИНÆЙДЗАГ РУВАС Рувас бирæгъы фæрсы: - Радзур-ма, цы кæныс, цы? - Риссы ахсæн. Риссы сæр. Риссы фарсы дæр цыдæр. Ных ысзынг ис. Хъуыр - фæсус. Риссы ноджыдæр мæ хъус. - Дæндаг риссы? -Дæндаг- нæ. - Слас æй æмæ цом цæлмæ! <=- 23 ^
БРЫС Баййаф-ма мæ, Дада, цæй, Æз - гæпп-гæппæй, Ды - сæппæй. Ацыргъ кæнæм Михтæ, цæй, Æз - фæрæтæй, Ды - хырхæй. Ласæм хъæдæй Сугтæ, цæй, Æз - уæрдонæй, Ды - сыфцæй. Тулæм къуыбырæй Къуыбæрттæ. Згъорæм цъæх нæууыл Тъæбæрттæй. Фехста ныр Дада йæ лæдзæг, - Сæвзонг ис бынтон, Ысхъæлдзæг. Фырты фырты Æмрæнхъ уайы, - Ерысы фæсте Нæ зайы! *=* 24 *=*
ÆЗ ЦЫ УАРЗЫН? Уарзын Зæхх, уарзын Хур, Хуызты хуыздæр уарзын - бур. Уарзын бæлæстæй бæрзонд. Æрдзы хордзинæдтæй - зонд. Уарзын Хур, уарзын Зæхх, Цæрæгойтæй уарзын бæх. Хæринæгтæй та - хæрзад. Дымгæтæй нæ уарзын уад. Уарзын Хур, уарзын Зæхх, Уарзын райсомы æртæх. Æрдзы дарæстæй - кæрдæг, Уарзын сабитæй - цæрдæг. КУЫДЗЫЛ БАМБÆРЗТА ЙÆ КÆРЦ Саби ризы. Зæрдæ тоны. Мад йæ фырты низ нæ зоны: Ниуы уынджы гыццыл куыдз, Къахæй - сæрмæ у хуылыдз. Талынг. Уазал. Уый цæй тъæпп у? Тыргъæй агæпп кодта лæппу, Куыдзыл бамбæрзта йæ кæрц, Нал ис ныр йæ цинæн бæрц. *=* 25 *=*
КУАДЗÆН Хъулон къаба дын Чырысти æрхаста, Ахуырст æйчытæн Сæ ныхтæ ныссаста ... Райгас Чырысти, Йæ хорзæх нæ уæд! Уадзæд нæ цардыл Дзæбæхæй йæ фæд! САБИ, МÆ ЧЫСЫЛ ХУР!.. Саби, мæ гыццыл хур, Хистæрты уарз! Боцъоджын Дадаты Лæдзджытæй хъаз. Схиз-иу сæ хъæбыстæм, Балæггад зон. Афæрс-иу дадаты: «Н’аназис дон?» Хистæртæй таурæгътæ, Аргъау фæлгъау. Ма ацу хъазынмæ Иу бон фæлтау. — 26 —
НОГДЗАУТЫ НОГ ЦАУТÆ Хур нæ цинтæй Атылд зæххыл, - Тынтæ минтæй Хъазынц хæхтыл. - Æз Гагарины фæзмын, - Арвы тыгъдадмæ тæхын. - Хæхтæ сгардзынæн уырзæй, - Згъæртæй рацæудзæни зæй. - Гонты ’вгæндзынæн мæнæу, - Хоры куыст æнцон куыст нæу. - Сараздзынæн нау-хæдтæхæг, Васгардзынæн мæй мæхæдæг. - Ме ’ппæт тыхтæ хъардзынæн, Ног хостæ ыссардзынæн. - Низтæ сурдзынæн сæрæн! Нæй æнæ дохтыр цæрæн. - Зæрæдты кæндзынæн ног, - Суыдзысты мæнау уæнгрог. Хур нæ цинтæй Атылд зæххыл, - Тынтæ минтæй Хъазынц хæхтыл. Мин фæндырæй Иумæ зарæм, Хорз ахуырæй Амонд арæм! « 27 *==*
УАРЗЫН КАС Аходæныл уарзын кас. Сихорыл фæцымын бас. 'Хсæвæрæн та уарзын нас. Кастæ цалдæр хуызы сты: Касагæн бæззы сысджы. У нæхи нартхор лæхурæг. Кастæн се ’ппæты æмбулæг. Касæн тынг хорз у мæнæу, - Ахсæны зынтайæн нæу. Уарз пырындз, хъæбæрхор кас, Снард уай, уымæй дын нæу тас. Касты хуыздæр у еууы. Царв, нæлхæ дæр ыл хъæуы. Морæ сауфагæ хуыздæр, Алы афон дæр æй хæр! Хистæртæ! Сымахмæ дзурæм! Не ’ппæт дæр æмдзыхæй курæм: Кас нын арæхдæр фыцут! Сир, дзыкка дæр нын кæнут! ÆНАХУЫР УАЗÆГ Хъаздонмæ фæхъуызы «уазæг». Хъал у цокораджын уасæг! Бадзырдта «Хъухъыри» хъазмæ, Уый дæр рауади йæ размæ: - Хъа-хъа, хъи-хъи, хъо-хъо-хъо! ~ 2Ж ~
- Хъухъырыхъи, хъи-хъи-хъо! - Систой кæрт сæ сæрыл иумæ, Рувас не ’рбауæндыд цъиумæ! ЦЫППÆРКЪАХЫГ Бæх нæ дæн. Нæ дæн хæрæг дæр. Ус мыл бады. Бады лæг дæр. Дæн цыппæркъахыг Æз дæр. Саби! Бадгæйæ-ма хæр! Схъæр кæнон Дæуæн æргом: Бандон у Мæнæн мæ ном! КЪÆЛÆУ ÆМÆ БАЙРАГ Къæлæу байрагимæ хъазы, Хъусмæ даргъ къубал ивазы, Байраг бакæны мыр-мыр, Былтæ, дæндæгтæ - зыхъхъыр. Хæрæгмæ ныууасыд бæх: «Худынц сабитæ дзæбæх!» æ=7 29 *=*
СÆГЪ Сæгъ та бæлæстæ æхсыны, Фæлæ йæ Нана нæ уыны. Чызг æм бадзырдта хъæрæй: «Ам дæуæй ызнагдæр нæй! Дуртæ баууилай ды, дуртæ! Зæнгтæн сзындзысты сæ буртæ! Чи нын ратдзæн фæззæг дыргъ?!» Калы сæгъыл чызг йæ пырх!.. ФЫДУАГ - Чидæр бабырыд мæ цармы, Фестад дурæхсæн мæ армы, Батылдта йæ къæхтæ уæрцц. Сыхæгты рудзынгæн - къæрцц... Чидæр бабырыд мæ цармы, Нал мæ фæнды бадын хъармы, Дзоныгъ къуыбыртыл ныббындз, Зæххыл ахафтон мæ фындз. - Фыдуаг бабырыд дæ цармы, Бадтаис мæ фарсмæ хъармы, Къона дын нæ кæны ад! - Лæппумæ хæцыди мад. 30 *=*
У А Д ÆМÆ Н Ы В Цъæх мигъ урс мигъы ныббырста, Арвыл дамгъæтæ ныффыста, Рауад пакъуытæй нывтæ, Ис сын хъустæ ’мæ дзыхтæ: Базæнгæс мигъ фестад хъаз, Адаргъ къубал, гуыр фæфаз, Къах - фæстæмæ, размæ - базыр, Калм фæхилы ныр йæ фазыл! Рауад дугъон бæхтæ фысæй, Уад ныссæрфта ныв йæ дысæй! ÆГОММÆГÆС Хъыбыл нал хъусы йæ мадмæ, Сфыдуаг ис фырхъалæй. Алидзы æвастæй цадмæ, Нал фæкомы малæй. Фосы иумæйаг бæлæгъы Цъыф къæхтæ нытътъыссы. Фесты мæргътæ дæр бæллæхы, Кæркдоны ныххуыссы. Рæуæды хъуырмæ лæбуры, Уасы хъулон гоцо. Кæрты къуымты сæгъы суры, - Ахсы йын йæ боцъо. *=* 31 а
Дзæргъ, мæгуыр, кæуы хъыллистæй, Фырты фæдыл зилы. Барæхойы йæ йæ хъистæй, Къæдзил дæр ыстилы. Нæй, нæ хъусы хъыбыл мадмæ. Кафы та фырхъалæй. Алыгъдис та уæртæ цадмæ, Нал та хизы малæй. Мæй йæ цалхыдзаг ысзынди, Тынтæ тауы хъæдыл. Налат бирæгъ рагæй зылди Хъыбылæн йæ фæдыл ... ЛÆДЖЫ БЫНДЗÆФХАД Мæн Дада лæджы бындзæфхад хоны, Иунæг куыст æнæ мæнæй нæ зоны. Кау бийгæйæ йæм фæдæттын уистæ, Хъæллæгътæй фæбæттын æз куыристæ. Суг лыггæнгæ ласын хырх мæхимæ, Ерыс кæнын тынг зын у мæнимæ. Похци ласгæ сæрбосыл фæхæцын. Æз æрмæст æгуыст рæстæг фæлмæцын. Мæн Дада лæджы бындзæфхад хоны, Ныр лæг кæй дæн, уый Дада дæр зоны. ~ 32 —
СЫНÆР Хъуг хуыссы æмæ цæгъды сынæр. Уазæг чызг кæны дзыхыдзаг хъæр: «Бахордта уæ дынджыр бур хъуг дур! Нал ныууагъта дойнаг дурæй мур!» Мады мад йæ гыццыл хурмæ худы: Ам куы цæрис мемæ ды, тæхуды, Фосы ахаст зонис уæд бæлвырд. Радав, марадз, доны къæрта цырд. Къус дæр рахæсс! Раттон дын æхсыр! Марадз, рауадз гоцойы гъе ныр! Годо махæн у, мæ хур, нæ дарæг... Хъуысы дардмæ цыхцырджыты зарæг!.. Алцы зонгæ, амондджынæй цæр! Базон: цавæр фос цæгъдынц сынæр? СУДЗАГ Амыдта йæ фыртæн мад: - Æвзаг, мæ хур, зоны ад. - Лæппу исдугмæ ныджджих, Дзулæн расаста йæ тигъ, Комдзаг адджынæн æууилы, Комдзаг комыкъулты зилы. Къæбæрыл кæны сæкæр: - Амæн у йæ ад æндæр! - Тулы цæххы дæр йæ дзул, - Фырцæхджынæй дзых фæзул. 33 —
Къулыл - сырх цывзыты хал, Лæппу нал ауæрды, нал. Адæй алцыдæр æвзары, Сырх цывзы йæ дзыхы ’ппары, Æмæ йæ кæны къæмс-къæмс, - Асырх! Къухтæ тилы: кæс! Сирвæзт ма йæ дзыхæй дзырд: «Дон мын авæр, Нана, цырд!» - Оххай-гъе, зæгъ-ма, цы кодтай? Равдис-ма дæ дзых! Цы хордтай? - Басыгъд ме ’взаг! Басыгъд ком ... Сырхæй ... ферох мæ йæ ном! Бамбæрста ныр хъуыддаг мад: - Сырхæн судзаг у йæ ад!.. АРФÆ Лæппу бафарста Бабайы: - Хъæды цавæр бæлас зайы? - Хъæды зайы сусхъæд, бæрз, Фатхъæд, уисхъæд æмæ кæрз, Акъаци, тæрс æмæ наз, Донхæрис, нæзы ’мæ заз, Дурвæткъуы, кæрдо, æнгуз, Басгар æхсæрджын æрдуз... Дзæлв, тыфхъæд æмæ тæгæр, Тулдз, нæзыйы бæрц мын цæр! *=* 34 *=*
КЪАМИСÆГ - Сыст, мæ къона! Сыст, мæ хур! Фестадтæ бынтондæр дур!.. Нал дæм хъары, нал ныхас. Цас дзурын дæм хъæуы, цас?.. Ма бад гом рудзынджы цур. Дымгæ дæ цæвы, мæ хур! Нал зоныс, куыд рыст дæ хъус? - Фырты фыртмæ дзуры ус. - Барæй бадын, Нана, ам, - Сисон дымгæйæн йæ къам! Дис мæм кæсы, Нана, дис, Уæд йæ лæдзæг та кæм ис? Гъе йын къах нæй, гъе та къух, Уæд цæмæй цæвы æдзух? Райхъуыст гом рудзынджы тъæпп, Стæй та къамисæны къæпп. Худтис фыды мад хъæрæй: - Федтай? Уый цæвы сæрæй!.. *=* 35 *=*
ЗОНДДЖЫН МЫН ДÆ! - Цымæ мит цæмæн у, мæ хур, урс? - Бафарста йæ фырты фырты ус. - Цъæх куы уа, уæд æй хæрдзæни бæх. Зымæджы ысбæгънæг уыдзæн зæхх. Бур куы уа, уæд нал зындзæнис хур, Давдзысты сыгъзæринæнхъæл дур. Сау куы уа - ныттар уыдзæнис бæстæ, Сауæй хъуамæ разыной нæ фæзтæ?! Урс митæй та урс къоритæ скодтон. Урс митыл та къахдзоныгътыл згъордтон. - Зондджын мын дæ, - бацин кодта ус. Лæппу худгæ аныхта йæ хъус. ХУЫЙÆГ Тынг хæлар дæн судзинимæ æз: Барæтыдтон хæрæгæн пæлæз, Зыгъар сæгъæн бахуыдтон хæдон, Бабастон ыл хъулон-мулон рон. Къуырттон каркыл ног чындзау - сæрбæттæн, Фысы хъуырыл - тинтычъи хъуырбæттæн. Хъугыл разгом тынг фидауы, тынг, У рæсугъд хæрдгæхуыдæй йæ сынк. Байраг мæм йæ даргъ къубал ивазы, Стымбыл гæды ме ’ндæхтæн сæ разы. Уыдоны дæр дарæстæ хъæуы. Куыдз дæрддзæф, тæргайхуызæй, лæууы. *=* 36 *=*
АФТÆ, ГЪЕ! Цастæ чысыл ма дæ, цастæ?! Зон æй, атæхдзысты азтæ. Тагъд уыдзынæ ды ыстыр, Архай хорз уæвыныл ныр. Ма кæн де скъолайæ цухтæ, Афоныл-иу цæхс дæ къухтæ, Хъус дæ хистæртæм бæстон, Уарз сæ, аргъ кæнын сын зон. Царды бирæ ис фæндæгтæ, - Ахуыр кæн кæйдæр æвзæгтæ. Дун-дунейы дуæрттæ - гом, У сæ басгарын дæ бон. Хъуамæ уай фæзминаг уагæй, Ма фæуы хъæстаг сыхагæй. Иугæр дæм куы уа æгъдау,- Ничи дæм æрхæсдзæн фау! Хъуамæ дæ, мæ чысыл къона, Сомбон Ир йæ хъæбул хона. Тынг хорз саби дæ ныр дæр, Кафгæ, заргæйæ мын цæр! МÆ ФÆДЗÆХСТ Дзур, мæ къона, дзур, иронау. Азтæ атæхдзысты бонау. Зон, лæг уыдзынæ кæддæр, Бахъæудзæн дæ йеуæд сæр: *=- 37 <=-
Вазон кафын æмæ зарын, Зон дæ адæмы æмбарын, Ма у не ’гъдæуттæн ызнаг! Уарз нæ мадæлон æвзаг. КЪУХТÆ Амыдта йæ фыртæн мад: - Къухтæ нын кæнынц лæггад. Хъуамæ сын сæ хæйттæ зонай! Хъуамæ сæ сæ нæмттæй хонай! Хистæр Æнгуылдзты хистæр æрцардис хæдбарæй, Иунæгæй. Иннæтæ иумæ - цыппарæй. Хистæр - цыппарæмдых. Асæй - цыбыр. Кусаг у. Уымæн у афтæ гуыбыр. Амонæн Амонæн амоны алцы æмрастæй, Æнгуылдзтæ сфæлмæцыдысты йæ хъастæй, Кусын, дам, иннæ бинонтæй фылдæр. Амонæн! Раст амонгæйæ нын цæр! Астæуккаг Æртыккаг, астæуккаг - даргъ æмæ хъал, Хистæр æнгуылдзтæн фысгæйæ - æмбал. Æппæт æнгуылдзты йæхимæ æлвасы, Иунæгæй кусынмæ й’ астæу нæ тасы. — ЗН —
Æнæном А бæстыл алкæмæн, алцæмæн - ном, Стурвосы рахонынц ноджыдæр хъом. Ме ’фсымæртæн дæр дыгай нæмттæ ис! Арæх фæкæнын мæхинымæр дис: «Гъа-ма, кæд уыдтæн, кæд, царды æгæнон? Нæмтты дзæбæхтæй цæмæн дæн... æнæном?» Кæстæр Дæн мæ хистæр æфсымæртæй Алкæимæ ’мсæр, Фæлæ къуыттыты æвзаджы Амонын «æвзæр». Армытъæпæн Къухæн йæ хъæбысы - Армытъæпæн. Хорзы рæвдаугæ Æрсæрфы фæлмæн. Æнгуылдзтæн уым вæййы Арæх сæ кафт. Æвзæртæн тынг риссы Армæн йæ хафт. Армыдзыхъхъ Армæн йæ фыстытæ Раиртас ды. Армæн йæ тъæпæны Акæн хъыдзы. &=& зр &=&
Ныхтæ Фондз æнгуылдзæн - фондз ныхы! Чидæр мын мæ сæр ныхы! Къухтæ-хæлæрттæ Архайынæн къухтæ сты, Ма сыл бацауæрд куысты. Рахиз галиуы æмбары, Йе ’нарæхст дæр ын ныббары. Уæвгæ галиуæг дæр ис, Ма йыл бакæн макуы дис. Къухты кой кæнын æз барæй: Иудадзыг цæрынц хæларæй. Никуы рауад се ’хсæн хыл. Куыст цы ис, мæ хур, зæххыл, Уыдон се ’ппæт дæр кæнынц, Фарн сæ фæллойæ хæссынц. Арм Зымæг - уазал. Къухтæ - хъарм. Къухы ном кæддæр уыд арм. Къухты «цæстытæ» Къухтæн сæ «цæстытæ» Уырзтæ ысты. Хъахъхъæн сæ, ауæрд сыл Алы куысты. ^ 40 *=*
Уырзтæ Хынцфарст лæппу кодта дис: «Къухтæн дæр цæстытæ ис?» Иу куырм лæг - цæстæй нæуынæг Уырзтæй чиныг каст лæмбынæг. Уырзтæ, дам, дæрзæг æмбарынц, Талынджы дæр дамгъæ арынц. Саджил дыууæ æнгуылдзы Аххосджын лæг тæрхондоны Рахиз къух куы сдара Æмæ даргъ дыууæ æнгуылдзы Саджилæй куы дара, Зонут уæд: рæстдзинад курдзæн, «Ваууæндут! Нæ сайын!» - дзурдзæн. Тымбыл къух Чидæр дæм ыстымбыл кодта Фондз æнгуылдзы иумæ, Зон æй: хъавдзæнис æнæмæнг Сæрмæ, кæнæ риумæ. РАХИЗ ÆМÆ ГАЛИУ Къухты нæмттæ хъуамæ зонай, Иу дзы «рахиз» хъуамæ хонай, «Галиу» - иннæмæн йæ ном, Иумæ баст ысты æнгом. «=? ^/ ^=&
Иумæ куыстытыл тыхсынц, Иумæ дзаумæттæ æхсынц, Иумæ сын сæ дон лæмарынц, Хорз кæрæдзийы æмбарынц. Тинтычъи къуымбил æлвисынц, Сылыйæ гуымбыл дæр сисынц, Иумæ нын кæнынц мыхуыр, Иумæ нын цæгъдынц фæндыр. Иумæ нын ныссæттынц суг, Стæй ма уæд æрдуцынц хъуг, Фæлæ ахæм куыст дæр ис Кæцыйы кæнынц æмбис: Нуазæн райсы рахиз къух - Уый дæ зæрдыл дар æдзух. Рахиз къух дæтты салам, Ма фæрæди макуы ам! Рахиз дамгъæтæ фыссы, Галиу гæххæттыл хуыссы, - Фау æрхæссæн дæр æм нæй - Уый лæмæгъдæр у æрдзæй. Галиу къух, мæ чысыл хур, Никуы фехсдзæн дардмæ дур. Кардмæ бавналын нæ уæнды, Бамбæхсын дæр æй фæфæнды. Ма йæ рахон, ма тæппуд, - Ратдзæн рахизæн йæ уд. Къухтæ сты æнгом хæлæрттæ, Сты цæрæнбонты æмбæлттæ. *=* 42 *=*
РÆСТÆДЖЫ АРГЪ Рæстæг у нæ царды барæн. Аргъ кæнын ын зон. Сæфт рæстæгæн нæй ыссарæн, - Нал уыдзæн «ызнон». Уæнгмардæй æмæ хæрззынæй Архайы æвзæр... Радав рæстæджы дæ фынæй, Кæн дæ куыст рæвдздæр. Рæстæгсафæг у фыдгæнæг, Ис ын, ис тæрхон: У йæ цæргæйæ æбæрæг, Фесæфы йæ ном. БАФÆРС ... Бафæрс-ма мæ, дзуапп дæттын - мæ бар, Исты фарст æфсонæн дæр ыссар: «Чи ныууагъта Иры зæххыл фæд? Чи кæм ис нæ хуыздæртæй ныгæд?» Вафæрс-ма мæ: «Чи уыдысты Нартæ?» Зилахар - сæ хъæзтыты фæз уартæ... Кæд Сослан, Батырадз у дæ ном, Уæд сæ кадæн хуыйныс афтæ, зон. Бафæрс мæ нæ Иры райдзаст кæмттæй, Бафæрс мæ нæ фысджытæн сæ нæмттæй, Бакæс сын сæ уацмыстæ ды дæр, Уыдонау дæ номы кадæн цæр. ^^ 43 ^=*
Бафæрсын дæ сæрмæ хæсс, мæ хур. Адæмæн дæ зонындзинад дзур. Зонд - нæ хæзна! Зонд æмæ æвзаг! Зивæг у нæ иумæйаг ызнаг! НÆ РАУАД КЪАМ - Фосæй, маргъæй - се ’ппæт ам! Цæй-ма сисон уын уæ къам! - Гогыз рауад кафгæйæ, Базыр зæххыл хафгæйæ. Комкоммæ ныккасти бæх: - Къамы уайын æз дзæбæх! Ралæууыди карк æд цъиутæ: Буртæ, саутæ сты сæ иутæ. Кæрты астæу куыдз ныддæргъ, Балæууыд йæ фарсмæ дзæргъ. Фысы хъусы дзуры сæгъ: - Цу-ма хæрæгæн дæр зæгъ! Уый адыл дын бæх фæмæсты: - Слæууæд цъæх хæрæг мæ бæсты! Сызмæст кæрт. Нæ рауад къам. Хæрæг ц’ аххосджын у ам? & 44 *=*
дис Хæкъуырццæгау мыл бафты дис: Куыд цъиры зæххæй дон хæрис? Куыд тæхы ’нæ базыртæй мигъ? Куыд кæны хидтæ доныл их?.. Кæдæм тагъд кæны ’рвылбон хур? Къæртгай куыд ныддихтæ къæйдур?.. Мæ фыд мын сивазы мæ хъус, Рæвдауы мын мæ мад мæ рус: «Ыстыр дæ, уаг дæ дзыхæн зон, Гæркъæраг фестадтæ бынтон!» - Мæ азым иу хъуыддаджы ис: Хæкъуырццæгау мыл бафты дис! НАНАЙЫ КЪУХТÆ Æрæмпъыхта та Нæ хъуг æхсыр, Нанайæн дæр та Ис фаг куыст ныр. Къæртайы дзаг та Цыхцырæй дуцдзæн, Йæ цæстыты та Цырæгътæ ссудздзæн. Нанайы къухтæ Зæронд нæ кæнынц. Куы гонæй тæскъмæ Нартхор æвгæнынц, æ» 45 *=*
Куы аджы ахсынц Дынджыр урс гуымбыл, Куы та ысцæгъдынц Нæлхæйы тымбыл. АХÆМ ДЗЫРДТÆЙ РÆЗЫ ЗАРÆГ ... Вадзырдта Ваба Бæппумæ - Сыхаг фондзаздзыд лæппумæ: - Разгъор та-ма, ме ’рдхорд, цырд, Ар та, цæй, мæ дзырдмæ дзырд. Дзырдтæ хъуамæ уой æмдæргъ. Иу сæ азæлд, иу - сæ цæф! - Ахæм дзырдтæ, Баба, хæрх! Ма тæрс! Сарæхсдзæн Алæф! - Лæг, цæрæг æмæ бæрæг. - Сæг, хæрæг æмæ тæрæг! - Уис, хæрис æмæ цæдис. - Хъис, къæрис æмæ фæдис! - Дон, æндон æмæ хæдон. - Рон, фæдон æмæ фæндон! - Гуыр, дзыгъуыр æмæ гуыбыр. - Хъуыр, дзыгуыр æмæ къуыбыр! - Мæт, мæлæт æмæ сæлæт. - Цъæт, æлæт æмæ къæлæт! 46 *=*
Раппæлыд Баба Бæппуйæ - Фондзаздзыд къобор лæппуйæ: - Ахæм дзырдтæй рæзы зарæг! Зон: поэт та у сæ арæг! ДЗУР, МÆ ХУР, ДЗУР! Фæдзæлмæ хардзау Æркасти йæ уавæр, Бадзырдта судзинмæ: - Цавæр дæ, цавæр? Иунæг хатт-ма мын Ныхсыны бар ратт, Алкæд мæ бæсты Цæмæн дæттыс дзуапп? ...Судзин фæтæргай ис, Амбæхсти дысы. Фæдзæлы «фуйы бæрц» Ныхкъуырд ныббырсы, Архайы аныхсын Тухи, тыхтæй, Судзин æм дзуры: - Тыхджын дæ дзыхæй! - Хъус-ма! Дæуау мын Æххуысгæнæг нæй! Æнгуырстан - де ’мцæдис - Бамбæхст мæнæй. Иунæг ысхуыстæн Ныххуынкъ кæнин дур! Судзин æм бахудтис: - Дзур, мæ хур, дзур! Æ^ ^7 ^*
НЫВГÆНÆГ - Бафæраз-ма, Нана, цъус, Тагъд тæхдзынæ цъиуау! - Фырты фыртмæ бакаст ус. Лæппу сцырен цъилау. Цæнгтæ сивазы бæрзонд, Базыртау сæ стилы. «Кæд цыдæр кодта йæ зонд?!» Ус йæ фæдыл зилы. - Ма тæрс, Нана! Скодтон ныв. Мæнæ ис - мæ къухы! Райдыдта мæ ныв дыв-дыв! - Сисмæ хи ныздухы. - Ма кæн! Асæтдзæн дæ къах, Райсон дæ æз сисæй. - Иумæ тæхæм, Нана, мах! Амæлдзынæ дисæй! Мæнæ уый, Нана, ды дæ! Хъугимæ фæтæхыс! - Ныр цытæ скодтай, цытæ? Хъуджы къахыл - рæхыс... - Мæнæ фыстæ дæр тæхынц, Базыртæ сыл разад! Гал дæр семæ фестад бындз! Хъæу сæ фæстæ аззад! Мæнæ уый, Нана, æз дæн, - Хæрæгыл æз бадын! - Раздах-ма фæстæмæ мæн! Басудздзæн мæ задын!.. *=* 4Н *=*
ТÆРККЪÆВДА, РУВАС ÆМÆ АРС Залмысыфы къусчы Вамбырди дон, Рувас æй бакаддта Арсыл уæндон. Тъæпкъах дын рамæсты: Схуылыдз йæ хъус. Галиу хъус. Иннæ буар Иууылдæр - хус. Рувасы асырдта, Дзæмбы тылдта, Æрсыты ’взагыл Цыдæртæ дзырдта... Тæрккъæвда рахæцыд Рувасы фарс: Иунæг сæххæттæй Ныххуылыдз и арс! ИЗÆРМИЛТЫ Æз мæ сахар изæрмилты уарзын, Хæхтыл уарзын фæстаг зæрин тын. Уарзын хуримæ ’мбæхстытæй хъазын, Зæххы тæрттæм йæ сусæг хъуызын. Уарзын худгæ куыствæллад цæсгæмттæ, Уарзын сабиты ’нæмæт кæл-кæл, Уарзын фæлмæй æмбæрзт нарæг кæмттæ, Уарзын Терчы æнæнцой хæл-хæл. æ=^ 49 &=&
УÆЗЛАСÆН ÆМÆ «ДЖИП» Дынджыр уæзласæн Ныккомкоммæ «Джип»-мæ, Хъуамæ, дам, абырсон дæу. Се ’хсæн фæмидæг дæн «Джип»-æн йæ бипмæ, Кæлмæрзæн фехстон: «Æрлæуу!» Уæзласæнтæрæг дын Худы кæл-кæлæй: «Ма тæрс, нæ мадыхай, ма! Гъе ныр куыд систай Дæ кæлмæрзæн сæрæй? Сохъыр мæ хоныс? Къуырма?!» - Омæ куынæуал уыд Уе ’хсæн сардзин дæр! Ахæм æмбисонд ма уа?! - Бамбар, нæ мадыхай, Бамбар мæ хин дæр: Уадз, æмæ сабыр цæуа! НЫСТУАН Дарыс бирæ хæс æмбойны Хурæй - бафид ын йæ хъарм! Дон дын басаста дæ дойны, Дæттыл хъуамæ дарай д ’арм. Искæй лæггад фид дывæрæй. ’Фтау дæ фыды номыл ном. Ма фæу хъæстаг æвзæрæй: Фехъусдзæн æй уе ’ппæт ком. & 50 *=*
Сабийау дæм худы уарди, Уарз æппæт дидинты ды. Арфæйаг цæсгæмтты цард и. Акæн ууыл дæр хъуыды!.. БЫНДЗСУРÆН Кæрты дын бур гал Йæ къæдзил тылдта, Дынджыр сау дзынгаты Рагъæй сырдта. Гида йæ ауыдта, Кодта йыл дис: - Ахæм бындзсурæн Мæ мадæн дæр ис. Фестад къуыбылой’ Иæ къахæй хъуырмæ. Диссаг: нæ зыдта Йæ къæдзил нырмæ. Схъал ис. Ысхъæлдзæг, Ыссардта æмбал, - Къæдзилæй хъазынтæй Нал æфсæст, нал... Гæккуыри дурыл Æрфынæй ис хурмæ. Гида, дын, бахъуызыд Хъавгæ йæ цурмæ. *=*' 51 «^
Цъæх-цъæхид къæдзилыл Авæрдта дзæмбы, Гæккуыри фехъал и Æмæ дын зæмбы. Ауыдта Гидайы, Алыгъд, фæтарст. Дурыл фæуагъта Йæ къæдзил æваст. Гида æрæнкъард Æруагъта йæ фындз: - Атыдтон къæдзил! Цæмæй сурдзæн бындз?! ЛÆППУ ÆМÆ МЫДЫБЫНДЗЫТÆ Мæрайы бындзытæ Скодтой чыргъæд, Мыды адджын тæфæй Вайдзаг ис хъæд. Иу лæппу дын дзы Куы атъыссид уис, Ацы дынджыр хуынчъы Та, дам, цы ис?.. Бындзытæ лæппуйы Фаттæй фæнадтой, Къокъосатимæ йæ Хъæдæй фæтардтой. ^ 52 —
Мыдыбындзытæй Хъæддæгтæ дæр ис, Макуы сын атъысс, Сæ мæрайы уис! хыл Зары хъаз дыгъал-мыгъулæй, Суры гогызы йæ цурæй: - Гогыз кафын нæ зоны, Хъазты хъазтмæ нæ хоны. Гогыз базыр зæххыл хафы. Хъазты цæстмæ «Зилгæ» кафы. - Гогыз кафын нæ зоны, Хъазты хъазтмæ нæ хоны. Гогыз куры, куры хъазæй: - Рахиз кафынмæ мæ разæй! - Гогыз кафын нæ зоны! Хъазты хъазтмæ нæ хоны! Гогыз хъазтимæ фæхыл, Кафы, нал хæцы зæххыл! ТÆХÆГ - Ехх, Нана! Куыд хорз у, куыд, тæхын! Гъе ныр мын куыд фескъуыдтай мæ фын? Арвы тыгъды цæргæстимæ тахтæн, Стъалытæ æмбырд кодтон сымахтæн. Нал мæм зындис дидинджын сæрвæт, - Радзырдта йæ адджын фын Сæрмæт. *=* 53 *=*
- Рæзгæ кæныс! Уымæн у дæ тахт! Байрæджы дын ыскъоламæ! Тагъд! Ды, мæ къона, хорз тæхæг уыдзынæ! Хæдтæхæгыл мæймæ дæр тæхдзынæ! ÆНÆЗИВÆГ КÆСТÆРТÆ Сæнк, гæнгæлы, стæй кæрогæй Йедзаг ысты кæмттæ, Цом æрхæссæм та дзы ногæй Сыхæгтæн æргъæмттæ. Уадз æмæ та раздарæнты Ахæссой сæ хæйттæ. Ракæной та рагзаманты Сонты бонты кæйттæ. чи зоны... Чи зоны, ’мæ раст у, Чи зоны, ’мæ нæу, Сысджыйы нæмгуыты Рахуыдта мæнæу! Чи зоны, ’мæ раст у, Чи зоны, ’мæ нæу, Ацамыдта фырмæ, Уый, дам, у нæ цæу! Чи зоны, ’мæ раст у, Чи зоны, ’мæ нæу, Нал базондзæн райсом Чи зоны, ’мæ дæу! & 54 *=*
ÆЗ НÆ УЫДТÆН, ГÆДЫ УЫД! Зæронд Нана мæстæй фыхт: - Чи мын бахордта мæ цыхт? - Æз нæ уыдтæн, гæды уыд. ’Фсæстæй къонайыл хуыссыд. - Гæды ралыг кодта кардæй?.. - Кардæй, кардæй, не стыр кардæй. Бахъæр кодта лæппу дардæй. - Рахатти кæуылдæр й’ арв - Скъахта Алардыйы царв. - Æз нæ уыдтæн, гæды уыд. - ’Фсæстæй къонайыл хуыссыд. Раст æй ыстуанæй къахта. Тынг хæрзад у, зæгъгæ, загъта. - Фесæфтис мæ æвзист сом. Чи йæ бамбæхста ызнон? - Гæды ... Гæды цалхæй хъазыд... Къуыбырæй йын æрхмæ атылд! Гæды лæппумæ ныккаст. - Лæппу асырх и æваст. МÆЛДЗЫДЖЫТЫ МА МАР! Мæлдзыг нал ары йæ фырты, Агуры йæ фæзты, хуырты, Рахил-бахил систа, - Никуы ис Мæлдзиста. 55 *=*
Удаистæй сбырыд сæнкыл, Акодта йæ фæндаг лæнкыл. Цъаймæ дæр ныззæбул, - Уым дæр нæй йæ хъæбул. Ратоны йæ зæрдæ мæтæй: «Чи зоны, ’мæ йыл зæвæтæй Дынджыр гал ныллæууыд. Чи зоны, ’мæ цæу уыд? Чи зоны, йæ дон фæласта, Йе йæ уаддымгæ фæхаста, М’ ахсджиаг, Мæлдзиста...» Мад кæуынтæ систа... ...Абон дæр къæвдайæ, хурæй Пырхытæ гуппары цурæй Мад-мæлдзыг нæ комы... Фырт кæм ис - нæ зоны. ФÆРСТЫТÆ Базон-ма, цы у быдзæу? Цавæр фысы хонæм цæу? Цавæр холлаг у фæлхор? Алтъами дыргъ у, ’ви хор? Мит кæд уары æмæ кæм? Цавæр гагадыргъ хæрæм? Цавæр адаг хуыйны хуыскъ? Бындз цæмæй кæны æлхыскъ? Цавæр бæхы хонæм ефс? Зæгъ, цæмæй фæбийынц ехс? Цавæр дурæй судзынц чъыр? *=* 56 *=*
Чи зоны, цы хуыдтой тыр? Зæгъ, цы ранæй гуыры дон? Стæй кæй фæхонынц фæдон? Чи зæгъдзæнис, уæдæ циу Иумæйаг хъазуатон зиу? ДУГЪÆТТÆ Дугъы уайын хуримæ, Æз - мæ бæхыл, Уый та - зæххыл. Не ’хсæн донхæристы рæгъ. Зад уыгæрдæн дары цъæх. Судзгæ къори зæххыл тулы, Уисын барæг дæр æй суры: - Гъей, мæ сагсур дугъон бæх, Хурæй тагъддæр размæ тæх! Бæлæстæ мæ фæстæ зайынц, Ерысхыгъд бæстон нымайынц. Хур хæрæгсастæй фæтарст, Фæсхох амбæхстис æваст ... ХЪУЫЛÆДЖЫ ЗАРД Хъуылæгæн дæр Йæхи ’взагыл Йæхи зард ис, Йæхи цагъд: - *=* 57 *=?
Тъыллупп-мыллупп, Цыллахъ-мыллахъ, Сындæг-мындæг, - Бынтон тагъд. Цыллахъ- мыллухъ, Тъыллупп-мыллупп, Цæгъдгæ мисын Цæттæ у, - Гуымбылы йас Нæлхæ-къори Дыууæ къухы Нæ цæуы. Цæгъдæджы кафт - Æркув-æркув, Нæлхæйы ’взæрд - Къуыбарæй. Бæрдын, мæгуыр, Ныггуымс кæны Хъуылæджы бын Тæссарæй. БИРÆ ЦÆР! Цъиуы цъиусур Цъуйыл - цъипп: - Цъипп, цъипп, цъипп, Цъипп, цъипп, цъипп. Лæппу цъиусурыл - æхситт: Къуысс-къуыззитт, *= 58 <=
Къуысс-къуыззитт. Цъиусур цъуйæ Пæр-пæррæст, - Пæр-пæррæст, Нал æй ахсы Пыхсы цæст, Пыхсы цæст. Цъиу - цъыбар-цъыбур, Пæр-пæр, Пæр, пæр, пæр. - Цырддзаст лæппу, Бирæ цæр, бирæ цæр! цымыдис - Хуры баталынг Цæй аххос у, цæ? - Афарста мады Цымыдис Быцæ. - Оххай, нæ зонын. Æнæнтыст мын у. Бафæрс дзы, марадз, Дæ Дадайы, цу. Фыды раз лæппу Лæгъстæхуыз лæууы: - Боны ’мбис хурдзæст Куыд ныгуылы, куы? - Хъус-ма, нæ уыныс? - Фынæй кæнын æз... Уыцы хъуыддæгтæй Дæ Нанайы фæрс. *=* 59 *=*
ФАРСТ ÆМÆ ДЗУАПП Чи цæмæй фидауы? Ронæй - гуыр. Сытæй - фыр. Хох - йæ асæй. Уынг - бæласæй. Чи ды уарзы? Цай - сæкæр. ’Фсад - ыстæр. Саби - мад. Хорз лæг - кад. Чи цæмæй хъæрзы? Цæвæг - дурæй. Кæсаг - сурæй. Суг - фæрæтæй. Зæрдæ - мæтæй. Чи цæмæй тæрсы? Хурæй - мæй. Зæхх - зынгæй. Саби - надæй. Лæг - æгадæй. ~ 60 ~
Чи дæмæй хъал у? Уарын - мигътæй, Кау - йæ михтæй. Денджыз - науæй, Быдыр - тауæй. Кæм ды фидауы? Фурды астæу - сакъадах, Касы къусыл - царвы къах. Уызын фидауы уырыл. Хорз худ - хорз лæджы сæрыл. Чи ды дæтты? Мæйрухс - ирд мæй. Цъити - митзæй. Уарын - донвæд. Тала - ног хъæд. Чи дæмæй сæрыстыр у? Арс - йæ кæрцæй. Фурд - йæ бæрцæй. Стай - йæ тыхæй. ’Взæр - йæ дзыхæй. — 61 —
БАЗОН-БАЗОН Чи у царддæттæг нæ зæххæн? -Хур. Ис чысыл æрвад къæдзæхæн? -Дур. Фурды кæсæгтæн сæ марæн? -Сур. У уæзы чысылдæр барæн - Мур. Чи у адæмæн сæ дарæг? - Зæхх. Чи дугъ кæны? Бæх, йе барæг? - Бæх. Уæдæ циу йæ хос æдзæххæн? - Цæхх. Уалдзæг цавæр хуыз ис зæххæн? - Цъæх. Райсом изæрыл цы бæтты? - Бон. Зæгъ, дæ дойны дын цы сæтты? -Дон. Тынг садджын кæны бæгæны -Зад. Хорз лæгимæ ’мдзу цы кæны? -Кад. Зæххы зондджындæр цæрæгой? - Лæг. Циу рæхысы хай - æмцæгой? - Цæг. Зад кæрдæгыл сæрд фæхизынц? -Фос. *=* 62 *=*
Сагой, халамæрзæн ссивынц -Хос. Хорз лæгæн цытæн æвæрынц - Цырт. Сонт æмæ фыдуаджы ’фхæрынц: - «Сырд». Ногдзау иу хатт дæр нæ сайы ДЗЫРД, - Уарзон бæстæйæн дзы уайы ФЫРТ! НАС ЦÆМÆЙ ДЫМСЫ? Фаджыс-хъацæн Модæ нæу. Нал ыл æрвæссы нæ хъæу! Хъылма хостæй Басыгъд зæхх, - Мары адæмы сæ цæхх. «Нас цæмæй дымсы» - Фæрсут? - Урс хъацæнтæ йыл кæнут. Ноджы буртæ, Ноджы сырх. Хъуамæ уа цъæххосæй пырх. Пут - сульфаттæ, Пут - нитрат, - Æрдзæн нал зонут сæрфат ... Настæ - галтæ! Настæ - зад! Марг - сæ бакаст! Марг - сæ ад! « 63 *=*
БÆГЪНÆГ ХÆРИС Ивгъуыд аз сабитæ талатæ сагътой, Хæрисы зæнгыл нысæнттæ ныууагътой: Иу ын йæ цъарыл ыскъахта цæсгом, Слыг кодта уадздзæгтæй йе ’мбалы ном. Иннæ йæ тыхтæ æвзæрста бæстон: Бабаста хæрисыл арф тæлмæй рон. Бахус ис бæлас - бæгънæгæй лæууы, Уидæгтæй зæхмæ йæ цæссыг цæуы. Фарон йæ аууонæй ивылди сатæг, Цинад æмбæрста йæ быны æрбадæг. Рог дымгæ хъазыд йæ цъæх бæндæнтæй ... Ацы сæрд хæрисыл иу сыф дæр нæй. ХЪÆБАТЫР МИЛА Аскъæфта хъæрццыгъа дзибаты мады, Сидзæр цъиуты раз ныр къæбыла бады. Ниуы сæ цъипп-цъипмæ, калы цæссыг. Куыдзæн дæр хъуыддаг куыд нæ у, куы хъыг?! Азгъордта кæртæй рæйгæйæ æваст. Куыйтæ - йæ фæдыл! У арвмæ сæ каст! Бафæллад хъæрццыгъа карчы уæзæй, - Искуы йын фæзы æнæрбадгæ нæй!.. æ=? 64 æ^
АХУЫРГÆНÆГ - Сбадут! Мауал кæнут хъæр, - Ахуыргæнæг дæн æз дæр! Тынг зын мын у уемæ кусын, - Иуы дæр нæ фæнды хъусын. Каркыл сæр æппындæр нæй, Иудадзыг кæны фынæй. Гæды комивазгæ уасы, Гуыбын бандонмæ нылвасы. Хæрæг не ’мбары ныхас, У йын оцанийæ тас. Хъыбыл дæр нæ кæсы коммæ, - Схуыссыд бандоныл уæлгоммæ. Гогыз хъазимæ ысхыл, - Кафы. Нал хæцы зæххыл! Куыдз цыдæр ыстæг æхсыны, Ахуыргæнæджы нæ уыны. Гал мæм бауасыдис, гал: «Нал мæ фæнды кусын, нал! Ардæм ахуырмæ цæудзынæн! Нæй бынат? Уырдыг лæудзынæн!» Бæх æмбаргæдæр у, бæх: Бады уый æнцад, дзæбæх. Хъазтæ райдыдтой пæр-пæр, - Дардмæ айхъуыстис сæ хъæр. 65 —
- Сабыр! Райдыдтам нæ куыст! Фæйнæгыл ис дамгъæ фыст! Амонын уын абон «А», Хъуамæ у’ алчи «А» зæгъа! Хæрæг азарыд: «И-а-а!» - Фаг рæсугъд нæ рауад «А». Бур хъуг бауасыди: «Му-у-у!» «А» дамгъæ дзы бадом, цу! Рæуæд зноны гуырд у, зноны, - Дзурын уый нырма нæ зоны. Дзæргъимæ фæкодтон тох, - «А»-йы бæсты загъта «хъох!» Уасæг уасыд: «Хъу-хъри-хъо-о-о!» Раст цыма дзы домдтон «О»! Гæды азарыдис: «Мяу-у-у!» «А» зæгъын нæ зоны, ау?! Карк мын «Хъа-хъа-хъа-хъа» загъта, - Хъарм айк бандоныл фæуагъта! Сæныкк æмæ уæрыкк: «Бе-е-е!» Цъæх сæгъ: «Уый дын зарæг, гъе!» Куыдз рæйы хъæрæй: «Æу, æу!» Æз фæрсын, мæ хæлар, дæу: «А» зæгъын æнцондæр нæу?! Ды тæрхонгæнæг ныллæуу! *=* 66 *=*
ЦИРКМÆ КОМКОММÆ НÆ ФÆНДАГ Лæппу бакодта хæлæг: «Цирчы иу хъилхъус хæрæг Фысты багалæджы ласта, Куыдзы та æккойæ хаста! Сахуыр кæндзынæн нæ хъуджы, Гæды, бæхы, фосы дзуджы Кафын, худын æмæ зарын, Къоритæ хæрдмæ æппарын». Скодта лæппу кæрц зыгъуыммæ, Фыстæм бабырыдис къуыммæ. Кафы. Райдыдта гæпп-гæпп. Фыр фæмæсты. Ныхæн - тъæпп! Лæппу бакаст къуырттон хъазмæ, Сыстад. Бацыдис йæ размæ, Уый йæм комкоммæ ныккаст, Сцагъта базыртæ æваст. Гогыз дæр фæтарсти: кафы, Пака базыр зæххыл хафы. Мæн цæмæн хъæуы дæ кафт, Зæгъгæ, маргъы синтæн - хафт! - Циркмæ иумæ цæуæм мах! Гъа-ма, авæр мæм дæ къах! - Хæрæг худгæйæ - хæйрæг, ’Нæмæнг дзы фæтæрсид лæг. Гида пецы сæр хуыссы, Фыны мыстытæм хъуызы, «• 67 *=*
Дзæмбыйæ кæны хыртт-хыртт, Февнæлдта йæм лæппу цырд: - Хъуамæ сахуыр кæнон дæу: Раззаг къæхтыл-ма ыслæуу! - Афтæ дзы фæтарсти гæды, Цыма сырдты ’хсæн уыд хъæды! - О, нæ рæсугъд сираг бæх! Цæй-ма, ахудæм дзæбæх! Фосæй нæй дæуæй хæрзконддæр, Зонæм дын дæ тых, дæ зонд дæр!.. Бæхмæ бахъардта мæ дзырд! Батылдта йæ къæдзил цырд, Баивæзта мæм йæ хъуыр Æмæ райдыдта мыр-мыр. Диссаг! Худын зоны бæх! Алкæмæн дæр-иу æй зæгъ: Циркмæ комкоммæ нæ фæндаг! Иннæ фос - бынтон нæуæндаг! УАСÆДЖЫ САГЪÆС Бауасыд Дадамæ Уасæг: - Хицау! Уæд мæ сæр дæ уазæг! Хъуамæ дын мæ маст зæгъон: Нал у кæрчытæй мæ бон! Зымæг - уазал, æхсæв - даргъ, Рувас бирæ уарзы маргъ... Хъæдæй сусæгæй æрхъуызы, Кæркдоны дуармæ æрхуыссы. *=* 68 ~*
Æз æваст хъæрæй ныууасын, Давæджы хæстæг нæ уадзын. Мила рувасы фæсуры, Бур карк мæм мæстыйæ дзуры: «Уасæг! Сыскъуыйа дæ хъæстæ! Систай та дæ сæрыл бæстæ!» Ноджы дæм хæссын мæ хъаст, Бамбар мын мæ ныхас раст: Уасæгæн нæ кæнут аргъ, Чи у рæстæгæвдис маргъ?! Рахуыдтат мæ куыст кæркуасæн. Карк нæ дæн, Дада! Дæн Уасæг! СЫРДДОНЫ Чи нæ вæййы а сырддоны, Уый мæ хæлæртты нæ зоны. Баххæст та кодтон мæ хæс: Суадтæн та сæм абон æз: «Курын: аных мын мæ фарс».- Загъта арс. «Рауай, акæнæм та реуа», - Загъта теуа. «Боны рухс мæнæн у хъыг». - Загъта уыг. «Кæс, æххæссы дæм мæ был». - Загъта пыл. «Цæй, ды мæм ныккастæ, зæгъ?» - Загъта сæгъ. «Нал нæм цæуыс арæх, нал», - ~ 69 —
Загъта гал. «Рауай-ма мæнмæ æд хызын», - Загъта уызын. «Ай дæр ам бынтон æрцæрæг», - Загъта хъоппæгцæст цъæх хæрæг. «Мах дæуимæ стæм æнгæс», - Загъта гуыбырфындз цæргæс. Хъулонбазырджын мæлхъ - маргъ Айтыгъта йæ къæдзил даргъ. Худтис маймули хъæрæй, Стæй мын акуывта сæрæй. «Цæй, цы пыр-пыр кæныс ныр?!» Загъта здыхтсыкъаджын фыр. Зæхх æрхоста къахæй саг: «Ма у, ма, ме ’рдхорд, тæрсаг». Арæхдæр кæй уынынц сырдтæ, Уыдонæн кæнынц сæ дзырдтæ. ИУМÆЙАГ ДЫРГЪДОН Хъæд у йе ’мыдзаг бæласæй, Не сты иу: хуызæй уа, асæй. Ис дзы бирæ гагадыргъ, Сты цъæх-буртæ æмæ сырх. Дзедыр, сау нæмыг, мæнæргъы Агур пыхсæй æмбæрзт æрхы. Басгар хуссар къутæртæ, ’Хсæрæй байдзаг кæн тæрттæ. &=? УО <с=^
Бур-бурид рæгъæд æхсынцъы Зайы къуылдымты ’мæ рындзты. Хистæрты бæстон æрфæрс - Бафсаддзæн дæ донæй бæрз. Цъуйы сырх, йе сау цупæлттæ Рзæбултæ сты хæлттæ-хæлттæ, Лыстæг сырх туаг тырты Зайы доны был хуырты. Фæткъуы, кæрдо уидз кæритæй, ’Рæмбæрзы сæ зымæг митæй. Кæркмисындзæг гуппæрттæй ’Рттивы хуссар дурцæндтæй. Уазалæй мырткæ нæ тæрсы, Цъиутæй миты бын æмбæхсы. Сæнк, гæнгæлы, стæй кæрог Алы аз дæр зайынц ног. Сырх æмæ та сау хъæлæрдзы Хъуссæгджын ыскодтой æрдзы. Зокъойæ æмыдзаг - хъæд, Пыхсытыл сæм акæн фæд. Уагъылыйы сындзæй ма тæрс, Цайцымынæн дзы æрбахæсс. Скъуда, давон хъæды - хæрх, Миты бын сæ ’мбæхсы æрх. Сырх æрыскъæф дзыхы тайы, Уый та цъæх æрдузты зайы... Хъæд у иумæйаг дыргъдон. Саби! Хъахъхъæнын æй зон! — 71 —
ДИССÆГТЫЛ ДИСГÆНÆГ Аргъæутты диссæгтыл Нал кæнæм дис, - Алы хæдзары ныр Арвайдæн ис. Зæххы кæрæттæм нæ «’Фсæн бæх» хæссы, Багалæг тулæг Уæлæрвтæй кæсы. Дардæй нæм телтæ Æрхæссынц хабар, Йемæ æвæллайгæ Каф æмæ зар! Мæймæ ысфардæг ис Космосон нау!.. Иуæй у иннæ Æмбисонддæр цау. Диссæгты диссагдæр Æрдзæн йæ конд: Чи йын амоны Æрвылсахат зонд? Диссæгтыл дисгæнæг, Цæр æмæ цæр! Диссаг нæ уынæг, Дæ ном у «æвзæр». <=* 72 *=*
ТАГЪДДЗУРИНÆГТÆ Урс пакъуы чысыл бæлæгътæ Симынц цады рæгътæ-рæгътæ. * * * Чызджы дзыкку - зулфаст. Лæппуйы сæр - булкъдаст. * * * Далыс дарыс - хæрх къуымбил! Кафаг лæппу, цъилау зил! * * * Халон хаста халмæ хал, Ахстон сарæзта - ысхъал. * * * Вотас бæлас ныссагъта, - Йæ фæд зæххыл ныууагъта. * * * Вæх æрхоста къахæй зæхх: Рахæссут мын ардæм цæхх! * * * Рувас хъæдгæронæй каст, Арсæн кодта куыдзæй хъаст. « 73 *~
- Скæн-ма мын, Нана, хъæбын, У мын чъири хæрын зын. * * * Мæлдзгуытæ хæссынц дзæкъултæ, Сты тымбылтæ æмæ зултæ. * * * Уырыл фæбыры тыппыр бур уыры, Къæппæг нæ уыны, йæхи йыл къуыры. * * * Ис нæм иу сыкъаджын фыр, Хъулон - къæхтæ, хъулон - гуыр. * * * Хæлуарæг æрцахста мыст, Скодта йыл тынæй фæлыст. * * * Скодта кæрцыл кæрц хъæдындз, Судзы цæстытæ ’мæ фындз. * * * Сау мигъ у къæвдайы мигъ, Сайы уарын, сайы их. «, 74 ~
* * * Дзуринаг дзургæйæ Дзураг у дзурæг. Куринаг кургæйæ Кураг у курæг. * * * Цъæх-цъæхид цъырцъыраг Цъыхырыты цъуппыл Цъиуау цъыллинг-мыллинг кодта. * * * Арынг - уылынг. Уазæгæн - фынг. Сивыр - цыбыр, Дзыхыл - гуыдыр. * * * Цъула-цъула, гуцъула, Фыдуаг лæппу Дуртула Къæрттæй не ’ппары цъула, - Æнæхъæн хъæу æрхъула... Гуцъу-Гуцъу, Гуцъула, Лæппу нал у Дуртула Æнæхъæн хъæу æй уарзынц, - Сабитæ йемæ хъазынц. * * * Куыд нæ басийы Æвæдза, цъити: Сæрдæй, зымæгæй Йæ сæрыл мит и. ^ 75 «
* * * Нæ хæххон хъæуы Ныссагътон неси. Æрзад. Ыстымбыл - Цæттæ мын не сси. * * * Скастис хохы цъуппæй хур, Хæхтæ, рæгътæ дарынц бур! * * * Теуа, хиуа æмæ саг Донæй банызтой сæ фаг: Теуа - цуайнаг, саг - æрдæг, Хиуа асдæрдта кæрдæг. * * * Хорзæн йæ хорздзинад Къæхты бын ис, Зæхмæ ныггуыбыр кæн, Æмæ йæ сис! * * * - Чъиу мын! Чъиу мын! Чъиу мын! Чъиу! Зары кауы михæй цъиу. Гал æм батылдта йæ сæр: - Чъиу мæм нæй! Цæгъдын сынæр. <=- 76 <=*
*** Бал - ныммæра, Мал - ныппæра. Бахуыскъ бал. Бахус мал. *** Донæн цыхцырæг - йæ тæдзæн, - Зонынц æртæхтæ сæ куыст... Зыхъхъыр мыстытæн сæ сæдзæн, - Мах гæды нæ ахсы мыст: Бафсæст фыдызгъæл, æхсырæй, Зары мыстытæн хуыр-хуырæй! * * * Радавта чидæр кæмæйдæр цыдæр, Ауæй йæ кодта кæмæндæр кæддæр. Давд давинагæй кæд нал ис фæд дæр, Рабæрæг давæг фæстагмæ уæддæр! *** Цы лæг, цы адæм Æндæр кæмæндæр Кæна хъадаман, Гъе, уый йæхæдæг Æфхæрд, ыссæстæй Цæрдзæн йæ заман! *** Лæгæн йæ номыл дарынц арм: Æгъдау, цæсгом æмæ æфсарм! *=* 77 *=*
*** Цыхцырæг, зар æмæ зар! Уар, уарын! Уар æмæ уар! Бæлæсты, хæдзæртты най! Донвæдтыл денджызмæ уай! *** Бамбæхст дзынга цъынайы, Хæфсы лæппын - хъуынайы: Тыртыраг ныббырыд цады, Донæй быдыртæ æфсады. Рацъупп кодта лæппу былтæ, - Бахъардтой йæм мады хылтæ, Хъавы курынмæ хатыр: Ныфс фæцыдæр, дзых - æмыр! *** Дзæбугæй бахостон Къулы зæгæлтæ, Расхъиудтой сæрстæй Къæрттытæ, тæгæлтæ, Сызмæстон ногæй Ызмис æмæ чъыр, Байсæрстон фыййагæй Къулы зыхъхъыр! *=* 78 <=-
*** Бафхæринаджы æфхæрут, æфхæрут. Раппæлинагæй ыстæм хатт æппæлут. Ферох уæ, хистæртæ, цас уарзтат, цас, мах кары сабыр, рæвдауæн ныхас! *** Хиуарзон, дам, дæ! Зæгъ-ма мын уæддæр, Чи уарзы искæй Йæхицæй фылдæр?! *** Æвзæр у, куы нæ кæна Исчи дæ мæт, Æвзæрдæр, куы нæ кæнай Искæйы мæт! *** Бирæгъы фæсырдтой куыйтæ, - Базыдтой йын Йе ’взæр митæ. *** Бацымдта нæ куыдз хъæрмхуыпп, Нал дзы райхъуыст иунæг сыпп: Хъæрмхуыппыл уыдис уырыдзы, Амардтой нитраттæ куыдзы. æ* 79 *=*
*** Зæгъ-ма, Дада, Куынæ уыдис гуыдыр æмæ дæгъæл, Куыд уагътой уæд сæ цæрæнтæ дзæгъæл Нæ фыдæлтæ? Æви нæ уыдис рагзаманты давæг? Кæйдæр мулкмæ, кæйдæр исбонмæ хъавæг? Аныхта Дада йæ сæр: «Ау, гуыдыр нæ уыд кæддæр?!» *** Судзинæй хуыйынц хуыинаг, Цъылынæй мæрзынц мæрзинаг, Ахсынц æнгуырæй кæсаг, Хъримагæй фæмарынц саг. *** Æхс хæрды размæ дæ къухтæ, Ма кæн ыскъолайæ цухтæ. Кус, ызмæл. Дæ тых æхсид, Хистæртæн сæ хæрзтæ фид! *** Рæвдз, мæ къонатæ, мæ хуртæ! Рæвдз, мæ коммæгæс хъæбултæ! Згъорут! Арвайдæн уæм дзуры, Дзуццæг абадут йæ цуры! Зивæг, хуыссæджы фæсурут, Йемæ, цæй, иронау дзурут! *** Арвыл фегуырд бæх æд барæг, Хъæдтæ, быдыртæн сæ дарæг, <=* 80 <=
Кæс, нычъчъыллипп кодта бæх, Барæг бапырх кодта зæхх, Хæдзæртты сæртæ ныхсадта, Уынгтæ, бæлæстæ цынадта, Кæрдæг ноджыдæр фæцъæх, Баззад барæг, алыгъд бæх. Чи уыд уазæг, цæй-ма, зæгъ?! - Барæг - къæвда, мигъ та - бæх. * * * Æмбалы уарз, фæлæ дæ ма уæд рох: Æууæнкæй цæуынц хъуыддæгтæ хъæстагмæ!.. Мыггагмæ ма кæн де знагимæ тох, - Æрдхорд дын уыдзæн, чи зоны, фæстагмæ. * * * Баххæст кодта хæдтулгæ йæ хæстæ: Бапырх кодта уынгтæ æмæ фæзтæ. Бафсæста та дидинджыты донæй!.. ’Хсæвæй - кусгæ, улæфгæ та - бонæй! Гида «бе» зæгъын нæ зоны. Уæрыччы дæр миау хоны. *** Гæдыла бахъуызыд Кæркдонмæ хъавгæ, Мила йæ рацахста Уасæджы давгæ! <=* Н1 *=*
*** Мыстытæ лыстытæй Скодтой хæдзар, Къултæ - æхсныфтæй, Æндзарæнтæй - цар. *** Уырытæ уынджы ыссардтой уырыдзы, Лæппу сыл сардыдта урс къобор куыдзы. Асырдта уырыты хъыхъхъаг куыдз уыры, Иу хъулон уыры фæмидæг ис хуыры. *** Дæхи «ирон хорз лæппу» хон! Кæд дæ ирон, уæд де ’взаг зон! *** Фидинаг фидджытæ фидынхъом не сты; Карз æфхæрд баййæфтой, иваргонд фесты. *** Фыййауы бæллиц - бирæ фос! У дзуджы бирæ - царды хос. *** Къуырттон карк - къуыртт-къуыртт, Дзаг уæрдон - гуыртт-гуыртт. *** Фæрæт къодахæн - фæртт-фæртт, Мæргътæ уазалæй гæртт-гæртт. *** Буар ихæнæй - зыр-зыр, Бæхы зарæг у мыр-мыр. *=* 82 ~*
*** Цъиутæ - цъиу-цъиу, Бирæгъ - ниу-ниу. *** Физонæг кæны цъыс-цъыс, Хъæзæй быд сынтæг - хъыс-хъыс. * * * Зайы йе ’рныдзæвд тæлмæй, Вæх цæмæй тæрсы, цæмæй? Фехс дæ ехс, фехс дæ ехс, Уарздзысты дæ байраг, ефс! *** Дзæргъæн ис дзæвгар хъыбылтæ, Сырх сæ фындзтæ, сырх - сæ былтæ, Урс хъыбылтæн дзидзи дары, Хъулон хъыбылты нæ ары. *** Фехста малмæ лæппу дур, Кæсаг фыртæссæй фæсур. Хæфс йæ лæппынæн фæтарст, Систа цады был цъæхахст. Лæппу донмæ дуртæ калы, Донуæлцъар тæлытæ дары, Зиллакк зиллаччы бырсы, Мал цæджджинагау фыцы. *** *=> хз <=>
БАЗОН-БАЗОНТÆ Хæхтæй у Хъаспийы фурдмæ йæ цыд. Сатæг цæугæдон! Куыд рæсугьд у, куыд! Сбаста Кавказы адæмты æнгом, - Базон нæ уарзон цæугæдоны ном. (Терк) *** Асинмæ гæсгæ - йæ арæзт, У тыхджын æмæ хæрзарæхст. Фындзыл баст æфсæн уæрдæх, Зилы алырдæм уæрæх. Афтæ зондджын у, мæ хуртæ, - Сдæтты амайджытæм дуртæ Дардмæ «гогыз-фындз» ивазы, Къултæ сисын дæр фæразы. Аразы та нын хæдзар, У йæ базонын дæ бар. (Уæзисæн кран) *** Айнæгæй йæхи æппары, Хаугæйæ зæлангæй зары, Хæхтыл азæлы йæ хъæр, Æртæхтæ кæнынц пæр-пæр. (Æхсæрдзæн) *=* 84 ^
*** Быдыры хызти дæс галы. Иу дзы федта й’ аууон малы. Сызнæт. Иннæ дзы фæтарст, Хъæумæ алыгъдысты ’васт. Иннæтæ нæ тæрсынц малтæй. Цал ма баззад хизгæ галтæй? (Аст) *** Рафæлдæхтис хъазтыл кау: Иу хъаз урс уыд, иннæ - сау, Иу хъаз - хъулон, иу - дзыгъуыр, Æвзистхуызтæ - фондз - дзыгуыр. Систой дынджыр кау сæ сæртыл, Малмæ йæ ныххастой кæртыл. Кауæй рауадис бæлæгъ... Доны цал хъазы ис, зæгъ? (Фараст) *** Фондз мæйы сæххæст ис Хъилхъус къæлæуыл, Фондз азы - хæрæгыл, Авд азы - цæуыл. Фондз хатты хистæр у Хæрæгæй бæх. Гъе ныр, мæ къона, Ды бæхы кар зæгъ! (25 азы) *=* Н5 *=*
*** Дзæвгар ис Нанамæ Дыгоппон кæрчытæ. Ныр дæр та хъуыдаттæй Æфтауынц æйчытæ. Æппæлынц сæхицæй Æвддæсæй сæ царæй!.. Нæхъусæг ыскодта Нана йæхи барæй. Æфтуанæй байдзаг и Зæронд кæвдæс! Æмдзыхæй дзы зарынц Уым кæрчытæй дæс! Зæгъ: цалæй æфтауынц Нанайы кæрчытæ? Стæй цал лæгмæ хауы Æртыгай æйчытæ? (27æмæ 9) *** У сæры хуызæн тымбыл, Ис ын адæймагау хъуыр. Худтæ, дам, йæхиуыл бары, Афтæмæй дзы иу нæ дары. Базон-ма йæ, базон ныр. Уый у... (худтындзæн къуыдыр!) ~* 86 —
*** Чидæр сарæзта цыдæр: Амад къултæ, амад сæр. Дымгæ йыл нæ уадзы рыг. Хæлы хи дурæй... (мæсыг.) *** Хæрæджы лæппын - къæлæу. Нæл сæгъæн - йæ ном у ... (чæу) *** Раздæр сыфтæртæй нæ зынд, - Уыд цъæх-цъæхидæй фыдынд, Ныр кæрдæгхуыз нал у, нал, Ныр ыссырх, ысцæттæ ... (бал) *** Арвыл бирæ, бирæ мигътæ, Ивынц згъоргæйæ сæ тигътæ. Уыдон цас тæхынц ныллæгдæр, Уыйас ... у хæстæгдæр... (уарын) *** Урс дур сау фæйнæгыл кафы, - Дамгъæтæй ныхæстæ уафы... (мел) *** Нæй йын буар, нæй йын уд, Ис ыл дарæс, ис ыл худ. « Н7 ~*
Айтыгъта йæ цæнгтæ даргъ - Хуыммæ не ’рбауæнддзæн маргь. (Быдыргъ) *** Рацыд æхсæвæй æмбис - Систой уасджытæ фæдис. (Фыццаг кæркуасæн) Систой уасджытæ фæдис: «Вонмæ ма хæрзчысыл ис!» (Дыккаг кæркуасæн) *** У йæ цæрæнбынат хъæд. Къæдзилæй æмбæрзы фæд. Кæркдонмæ нæ уæнды куыдзæй, - Уарынмæ лæууы хуылыдзæй. (Рувас) *** Къуымы ног чындзау лæууы, Уат мæрзынæн уый хъæуы. Ма дзы ныммæрз макуы уынг, Уайтагъд баихсидзæн тынг. (Цъыяын) *** Бацис афæдзмæ зæронд, - Афтæ у йæ æрдзы конд. Махмæ та æрцæудзæн ногæй Хъæлдзæгæй æмæ уæнгрогæй. (Ногаз) *=* 88 <=*
*** Йæ цыд - гæпп-гæпп, Йæ дзых - къæппæг. Йæ хæдзар - доны, Зарын дæр зоны. (Хæфс) *** Нæй йын базыр, Нæй йын къах. Згъоры. Размæ ссоны мах. Ауæрд ыл. Нæ кæны фаг, - Никуы ис зæххыл уæййаг. (Рæстæг) *** Уыцы аз фæхонæм даргъ, - Иу уæлдай бон у йæ уаргъ! (29-æм февраль) *** Бæлас бырынкъæй рæхойы, Раст цыма зæгæлтæ хойы. Сау - йæхæдæг, сырх - йæ худ, Сасчытæ - йæ дзæцц, йæ уд! (Хъæдхой) * * * Ис дыууæ стыр хъусы сæрæн, Джунгли, Африкæ - йæ цæрæн, Сырддоны йын фенæн ис: Даргъ фындзыл фæкæнæм дис! (Пыл) *=* Н9 <=*
*** У хъæугæ дзаума хæдзары, Уый дзæгъæл æвнæлд нæ бары, Уый цыргъæй хуыссы æдзух, - Ма дзы алыг кæн дæ къух! (Кард) *** Сагой багыццыл бынтон, - Дзыхмæ бахæссын æй зон, Науæд былы дæр фæсæдздзæн, - Комдзæгтæ бæстон нæ дæтдзæн. (Вилкæ) *** Вилкæ, уидыг æмæ кард - Иумæ, иумæ у сæ цард! Иумæ сæ фынгыл æвæрæм, Ис сын иумæйаг æмдзæрæн. (Аагьз) * * * Фæдзæлы йæ фæдыл ласы, Хъуымац хъуымацыл ныхасы. (Судзин) *** Кафы, уаты къуымты сиры, Гауызтæн сæ рыгтæ цъиры. (Рыгæмбырдгæнæн) *** Бæсты хабæрттæ дын дзуры, - Не ’рбадцзæн фынгыл дæ цуры. (Радио) *=* 90 *=*
*** Хурзæринырдæм кæсы Æмæ йемæ зилы. Зети адæмæн дæтты, Фос та змых æууилы. (Æхсынæн) *** Нæй йын мад, Нæй йын фыд. Гыццыл чызгæй У рæвдыд. (Къæцæлын чындз) *** Нæй дзы иунæг сынк дæр хуыд, У гæрзы уадздзæгтæй быд, Райс æй къухмæ, ’взид дзы, ’взид: Калмау дын кæндзæн къуыззитт. (Ехс) *** Иунæг къахыл кафы, кафы, Рæстæг дзæгъæлы нæ сафы, Зилы. Сцырен ис бынтон, Скодта тæбынæй хæдон. Фехста фырзыдæй йæ сæр: «Æз æнæ уæдæртт - хуыздæр!» Æндах фадхъулы онг тухы, Пух къуымбил лыстæг ыздухы. (Æлхуый) *=* <л &
*** Куы фæкæлы, куы фæчиуы, Куы хъæддаг сырдау нынниуы, Уынгтæ, быдыртæ мæрзы, Рыгтæ фæсвæдтæм хæссы. (Дымгæ) *** Урс гагатæн нæй кæрон дæр, - Афтæмæй нæ цæрынц бон дæр. (Их) * * * Ферттывта! Кæны гуыр-гуыр, Сæх-сæх фемæхсдзæни ныр!.. (Арвæрттывд, æрвнæрд æжæ уарын) *** У дæ хъуыдцæгтæн æвдисæн Де ’мбал,- нæй йын зæххæй сисæн. (Аууон) *** Сарæзта хæдзар тынæй, Къуымы ныр кæны фынæй. Тынтæ йын æрцахсынц хæлц, - Бындзытæн нæ вæййы бæрц! (Хæлуарæг) « 92 «
*** Мæрайæ сæ дыв-дыв цыд, - Мидæгæй ыскодтой мыд. Макуы сæм бадар дæ къух, - Фаттимæ ысты æдзух. (Хъæддаг мыдыбындзытæ) *** Чи дзы раст у, чи - зылын, Къухæн нæу сæ фыссын зын. Иугæйттæй ысты лæмæгъ. Дзырд цæмæй арæзт у, зæгъ! (Дамгъæтæй ) *** У йæ бацæуæн хæдзарæн, Кæртæн, уатæн æмæ царæн, Куы æхгæд вæййы, куы - гом. Базон-ма йын ды йæ ном! (Дуар) *** Арæхсгæ йæ сæвæр хъен, - Бакæс æм - дæхи дзы фен, Ма дзы ракæн макуы хъаст, - Уый æвдисы алцы раст. (Айдæн) *** Хабæрттæ фыстæй æрхæссы, - Къухмæрайсæг æй фæкæсы, Иу бонмæ цы ’рцыд бæстыл - Бакæс гæххæтты фæрстыл. (Газет) & <>3 «
Хъæдæй та хæлцагур рараст, У куыдзы хуызæн йæ бакаст, - Хъæумæ сарæзта йæ ных, Акъæмсæввонг у йæ дзых! (Бирæгъ) *** Йе рагъ у къуыбырджын, даргъ, Ахæсдзæн цыфæнды уаргъ, Цу-ма, бацу-ма йæм, цу, - Бакæндзæн дыл дардæй ту! (Теуа) * * * Маргджын æвзаг, маргджын - дзых. Ис йæ буары йæ тых. И’ амæттаджы тынг нылхъивы,- Алы аз йæ дарæс ивы. (Калм) *** Быдыры лæууы æфсирæй, Ма йæ ’ркæрд хуылыдз, лæхъирæй. Куыройы æрцæуы ссад, Скæны дзы хæмпус дзул мад. (Мæнæу) Æндæртæ йыл бадынц - Йæхæдæг нæ бады, Куы уазæджы вæййы, Куы мæн, куы - мæ мады. Къæхтæ йын цыппар ис, æ=? 94 ^*
Фæлæ сыл нæ цæуы, Хæргæйæ, фысгæйæ Æнæмæнг фæхъæуы. (Бандон) *** Хъуыдаттæй фæзарынц, Сæ лæвæрттæ хъарынц Цыппарæй нæ царæй, Нæ мусæй - дæсæй. (14 карчы) *** Нана цыппар хуры ыссыгъта. Сæ иуыл сæвæрдта æхсыр, Йæ фарсмæ сир цæттæ у ныр. Сæ иннæуыл æхсиды аг, - У сойджын карчы басæй дзаг. Нæ цыппæрæм хур тебæ тавы, Нанатыхсы: «Æгæр æндавы!» Цæттæ у сойыфых! Фæбур! - Нана фæкъаддæр кодта «хур». Фæскуыст æрхуыссын кодта хурты: «Цæуон, фæхынцон ныр мæ хурты!» Уæдмæ æцæг хур дæр ыскаст, Нана йæ ссыгъта цыма раст! (Газы пец) *** Ис ын бирæгъау дæндæгтæ, Уадзы фасгæйæ фæндæгтæ, Тонынæй дзы ма кæн хъаст, Пыхцылты кæны æмраст. (Сæрвасæн) *=* 95 *=*
*** Сысы - арвы тыгъдмае стæхы, Миты хуызы зæхмæ здæхы, Хуры хъарм тынтæм æртайы, Фурды кæсæгты цынайы, Уайы. Рауайы дзы - цы? Зон æй! Уæларты фыцы! (Дон) *** Ацы дамгъæ, зон, у «ы». Курын дæ, Ныффысс-ма «ды», Ноджы «дымгæ», Ноджы «дыргъ», Ноджы «цыргъ» æмæ «быдыргъ», Зоныс гыццыл «ы» фыссын? Хорз! Фæлæ дæ æз фæрсын: Базон-ма, цæринаг тыр, Цавæр дзырдты «ы» у Стыр? (Ницавæр) ~ 96 —
*** Лæппу сныв кодта цæсгом: Иу цæст - цъынд, Иннæ - гом. Рустæ - сырх. Роцъо - цыргъ. Дзых - гыццыл. Сæр - пыхцыл. Цæстытæн ыскодта хаутæ. Æрфгуытæ - къæлæт, сæнтсаутæ. Ныв сæры хуызæн хъæлæкк у... Зæгъ, цы ферох кодта лæппу? (Фындз æмæ хгьустæ) *** Дамгъæтыл Абе фæлгæсы, Фау дзы иумæ дæр нæ хæссы. Алкæмæн сæ ис бынат, Зоны алы дамгъæ рад. Хызт у сон æмæ рынæй! Иунæг дæр дзы нæу фынæй. Вахъуыд хъуыдыйады дзырд, - Сты сæ куыстмæ уыдон цырд. Базон-ма, уæдæ, ды ныр: Дамгъæ хъусæм æви мыр? (Мыр хъусæм, дамгъæ фыссæм) *** Нæй йын бауромæн, нæй, Згъоры ивгъуыдмæ фæрнæй. « <>7 &
Бонты, мæйты, азты скъæфы, Фæлæ дзæгъæлы нæ сæфы. Иемæ ды кæныс ыстыр, Вазон-ма йæ ды гъеныр! (Рæстæг) *** Уирагæн йæ бæх уыд сираг, Фистæгæй цыдис мысыйраг. Уираг - дзуттаг. О, фæлæ кæцæй у, кæ мысыйраг? (Египетæй) *** Уымæй зондджындæр сырд нæй, - Зымæджы кæны фынæй, Уалдзæджы вæййы лæмæгъ. Цавæр сырд у, уый-ма зæгъ?! (Арс) *** Ахъуыды-ма кæн дзæбæх: Нæл род - гайлаг, О, фæлæ цы суыдзæн байраг? (Бæх) *** Чи уарзы адджинаг Арсæй, гæдыйæ? Гуыркъотæ чи хæры Бирæгъæй, хуыйæ? *=* 98 ~*
Дидинтæй чи сдары Митæй йæ сæр? Чи сæтты дæндæгтæй Хъæбæр æхсæр? (Арс, хуы, маяусæг, æхсæрæг) Балымæн ысты Къуырисæр, дыццæг, Райстой сæ къухтæм Хæларады цæг. Бафæзмыдтой сæ Æртыццæг, цыппæрæм, Сарæзтой иумæ Сæхицæн æмдзæрæн. Майрæмбон равзæрста Сабат æмбалæн. Сзындис йæ кæрон Къуырибонты халæн. Иу бон ма баззад Æнæкъай, æгуыстæй. Базон: нæ фæллад Кæд фæуадзæм куыстæй? (Хуыцаубоны) *** У сырсыргæнаг, хæрзад, - Задæй йæ фыхта мæ мад, Уый фæстæ æрцыдис дыгъд, - Тæскъæй сивырмæ æрлыгъд, 99 —
Бафтыдта ма йæм «цыдæр», Зон: йæ карзæй зилдзæн сæр! Рафыхта йæ ногæй мад, Тынг хæрзад уыдзæн йæ ад. Бантыдта йæ ныр цырвæй, - Ахæм нозт дунейы нæй. «Цыдæр» - хорз хъæуы æмном. Базон æлутоны ном! (Хуымæллæг, бæгæны) *** Æфсин карчы уæнгтæ уары, Хæйтты дзæбæхтæ æвзары, Уазæгæн сæ скодта фынг. Гæды тынг цыбæл у, тынг!.. Фыдæн радта сынæг, синтæ Ацы бæркадкъух æфсинтæ! Чындзæн - цъæхбыл, чызгæн - базыр. Нал хуыссы ныр гæды фазыл... Хæрæфыртæн радта хъуыр, - Гæды бакодта хъуыр-хъуыр... Лæппу нард ысгуыйæ хъазы, Гæды тасаг хъуыр ивазы. Куыдзы сбуц кодта фæстагæй, - Чи ма баззадис хъæстагæй? Рауай, радтон дын игæр! - Гæды сивæзта йæ сæр... Цалы бабуц кодта уарæг? Цавæр хæйттæ хордта уазæг? (Асты. Дыууæ мæкъуыстæджы, иу сгуы æмæ иу базыр) <=* 100 *=*
*** Ис мæм алыхуыз чъырдуртæ, Сныв сæ кодтон иугай хуртæ. Сырхæй сарæзтон хæдзар, У рæсугъд, зынгхуыз йæ цар. Бур дурæй ыскодтон мæй. Цъæхæй - денджыз. Сау мæм нæй. Æрвхуызæй ныззылдтон мал, Тарбæрæзехуызæй - гал. Морæ зиллакк мын фæзул, Тынг аив у ныр нæ къул! Цал хуызы ысты мæ дуртæ? Вазон: цал ыскодтон хуртæ? (Авд) Ис сын иумæйаг бындур, (аз) Базон-ма сæ ды, мæ хур: Иу дзы урс у, Иннæ - цъæх, Иннæ - хъулон, Иннæ - бур. (Зымæг, уалдзæг, сæрд, фæззæг) *** Чи йын бафиддзæн йæ хæрзтæ, - Ахсадта та нын нæ гæрзтæ. (Гæрзтæхсæн) *=* 101 *=*
*** Размæ-фæстæмæ быры, Фындзæй æнцъылдтæ къуыры, Царды тынг хъæугæ у, тынг, Ма йыл æууæнд - у сырхзынг. Кусгæ уый кæны фæлмæныл, Сæвæр æй фæскуыст æфсæныл. (Иту) *** У йæ кæрц фæлмæн, хæмпус, Даргъ - йæ рихи, даргъ - йæ хъус. (Тæрхъус) *** Дзурын уарзы, Хъусын - нæ! (Радио) * * * Къæдз - йæ къæбут, Цыргъ - йæ ком, Базон-ма, куыд у йæ ном? (Цъалды) * * * Хъулон хъуг урс родæн Урс цыдæр дардта, Вазон-ма йæ, уæдæ, Гоцо цы дадта? (Æхсыр) *** <=» 102 *=*
Лæсгæрыздухæн æрхаста фыд, - Ныффидар кæнын къам къулмæ хъуыд. (Лæсгæр - винт) *** Рæтауинаг фæрæтауы рæтауæг, Зæгъ-ма, уæдæ, цы ми кæны рæвдауæг? (Рæвдауы) *** Сабат, хуыцаубон, Æртыццæг, цыппæрæм Сарæзтой иумæ сæхицæн æмдзæрæн, Иннæ æртæ боныл систой сæ къух! Базон-ма, къуыри цы бонтæй фæцух? (Къуырисæр, дыццæг, майрæмбон) *** Иу хъæдындзæй сæвзæрд цалдæр, Фондз - æмхæстæй, фондз та фалдæр. (Дæс) *** - Арвыл хърихъуппыты хал, - Цал у, зæгъ, сæ нымæц, цал? - Сты æртæйыл уæрстæй дæс, У сæ раст æмбис - фынддæс. - Тынг хорз. Вазыдтай. Æртын. *=* 103 *=*
Ногæй та дæ æз фæрсын: Фаззæттæ фæцæуынц къæйттæй, Фондз рæнхъы ысты дыгæйттæй, Фондзмæ нымадæй - дыууæ. Цал кæсынц, зæгъ-ма, дæумæ? - Фондз фаззоны. - Загътай раст. ТЗæрын дын Æртæ хъуаг аст. ^ 104 <=*
УЫЙ КÆД ВÆЙЙЫ? Ног та сулæфыдис зæхх, Кæрдæг быдыры фæцъæх, Нал аззадис ихтæ малы, Кæрдо урс дидинæг калы. (Уалдзæджы) Хъулон-мулон дарынц фæзтæ, - Байдзаг дидинæгæй бæстæ, Тайы цъити, стæвд ис бон, Ничиуал дары, хæдон. (Сæрды) Зæххыл бур-бурид пæлæз Адардта сызгъæрин фæз. Мæргътæн нал хъуысы сæ зард, Атахтысты махæй дард. (Фæззæджы) Урс-урсид адарынц фæзтæ, - Сурс вæййынц хъæды бæлæстæ, Васийынц уадултæ, фындз. Уазалæй сырдтæ тыхсынц!.. (Зымæджы) *=* 105 *=>
НАНАЙЫ БИНОНТÆ Нанайæн йæ диссаджы фырттæ сты аст, Йæ чындзытæ улæфтбон саразынц хъазт. Кæрæдзийы ивгæ фæцæгъдынц фæндырæй, Æгас сых фæкафынц чысылæй, ыстырæй. Йæ фыццаг чындз - дохтыр. Чызджытæ йын - аст. Нана дзы нæ кæны сæ иуæй дæр хъаст. Йæ дыккаг - æгас хъæуæн хицау - сæрдар, Нанайæн ныййардта лæппутæ цыппар. Йæ иннæ æртæ чындзæн фаззæттæ ис Æртæ хатты æхсæз! Чызджытæ - æмбис. Йæ æхсæзæм чындзæн - лæппутæ - æртæ, Сæ фыдау къæбæлдзыг сæ чысыл сæртæ. Йæ æвдæм чындзæн дæр ис сауцæст чызг - иу, Нана йæ фæсномыгæй рахуыдта «Цъиу». Йæ кæстæр ног чындзыл ныр рацыдис мæй, Нырма йын, мæ хуртæ, сывæллæттæ нæй. Нанайы хæдзары ныр авдæнтæ - аст, Сæ иуы йæ аст фырты уыдысты баст! Нанайы бинонтæ-иу бауæнт сæдæ! Æрнымайæм уал сæ мах иумæ, уæдæ! (51) *=* юб *=*
СÆРГÆНДТÆ ÆЗÆМÆДЫ 3 ИУÆЙ ФОНДЗМÆ УАЛ НЫМАЙÆМ 3 НЫМАЙÆМДÆСМÆ 4 ИУГАЙДАМГЪÆТÆУАЛЗОНÆМ 5 АЭРОБИКÆ 6 АФТÆ У ÆВИ НÆУ? 7 ФИДÆНЫ СКЪОЛАДЗАУ 8 НАНАЙЫКЪОНА 8 СУДЗИНЫ ХÆЛÆРТТÆ 9 ПÆРРÆСТ 9 МÆДИ 10 ХЪАЗТÆ, ХЪАЗТÆ, ХЪÆУМÆ! 10 ГИДА 11 СÆРÆНГУЫРД 12 КÆДАЛАН НÆХАТЫХУЫЗ? 12 АЛДЫМБЫД 13 НЫВ 13 ХУРЫФЫРТ 14 «ФОНДЗ» НÆ РАЙСТАЙ? 15 ФУТБОЛÆЙ ХЪАЗДЖЫТÆ 15 ХЪАЗÆГОЙ, УАСÆГОЙ ÆМÆ МЫРХÆГОЙ 16 МАДЫЗАРÆГ 16 ДАДА 17 *=* 107 <==»
ЛÆГГАГ 17 ФÆЗМГÆЙÆ 18 АВДÆНЫЗАРÆГ 18 ТÆРГАЙГÆНАГ 19 ДЗАБЫРТÆ 19 ЦЪЫНДАТÆ 20 УИСОЙ 20 ЦЪЫЛЫН 21 ЗОН ÆЙ, БОНÆЙ-БОНМÆ РÆЗЫС! 21 ТÆРХЪУС 22 МЫСТ-АРТИСТ 22 МЫРХОЙ 22 БÆХФÆТАРСТ 23 ХИНÆЙДЗАГ РУВАС 23 ЕРЫС 24 ÆЗЦЫУАРЗЫН? 25 КУЫДЗЫЛ БАМБÆРЗТА ЙÆ КÆРЦ 25 КУАДЗÆН 26 САБИ, МÆЧЫСЫЛХУР! 26 НОГДЗАУТЫ НОГ ЦАУТÆ 27 УАРЗЫНКАС 28 ÆНАХУЫРУАЗÆГ 28 ЦЫППÆРКЪАХЫГ 29 КЪÆЛÆУ ÆМÆ БАЙРАГ 29 СÆГЪ 30 ФЫДУАГ 30 <=- 108 ^
У АД ÆМÆ Н Ы В 31 ÆГОММÆГÆС 31 ЛÆДЖЫ БЫНДЗÆФХАД 32 СЫНÆР 33 СУДЗАГ 33 АРФÆ 34 КЪАМИСÆГ 35 ЗОНДДЖЫН МЫН ДÆ! 36 ХУЫЙÆГ 36 АФТÆ, ГЪЕ! 37 МÆФÆДЗÆХСТ 37 КЪУХТÆ 38 ХИСТÆР 38 АМОНÆН 38 АСТÆУККАГ 38 ÆНÆНОМ 39 КÆСТÆР 39 АРМЫТЪÆПÆН 39 АРМЫДЗЫХЪХЪ 39 НЫХТÆ 40 КЪУХТÆ-ХÆЛÆРТТÆ 40 -АРМ 40 КЪУХТЫ «ЦÆСТЫТÆ» 40 УЫРЗТÆ 41 САДЖИЛДЫУУÆÆНГУЫЛДЗЫ 41 ТЫМБЫЛКЪУХ 41
РАХИЗ ÆМÆ ГАЛИУ 41 РÆСТÆДЖЫАРГЪ 43 БАФÆРС 43 НÆРАУАДКЪАМ 44 ДИС 45 НАНАЙЫКЪУХТÆ 45 АХÆМ ДЗЫРДТÆЙ РÆЗЫ ЗАРÆГ 46 ДЗУР, МÆ ХУР, ДЗУР! 47 НЫВГÆНÆГ 48 ТÆРККЪÆВДА, РУВАС ÆМÆ АРС 49 ИЗÆРМИЛТЫ 49 УÆЗЛАСÆН ÆМÆ «ДЖИП» 50 НЫСТУАН 50 БЫНДЗСУРÆН 51 ЛÆППУ ÆМÆ МЫДЫБЫНДЗЫТÆ 52 ХЫЛ 53 ТÆХÆГ 53 ÆНÆЗИВÆГ КÆСТÆРТÆ 54 ЧИЗОНЫ 54 ÆЗ НÆ УЫДТÆН, ГÆДЫ УЫД! 55 МÆЛДЗЫДЖЫТЫ МА МАР! 55 ФÆРСТЫТÆ 56 ДУГЪÆТТÆ 57 ХЪУЫЛÆДЖЫ ЗАРД 57 БИРÆЦÆР! 58 ЦЫМЫДИС 59 « 1Ю <=*
ФАРСТÆМÆДЗУАПП 60 Чи цæмæй фидауы? 60 Чи цыуарзы? 60 Чи цæмæй хъæрзы? 60 Чи цæмæй тæрсы? 60 Чи цæмæй хъалу? 61 Кæм цы фидауы? 61 Чи цы дæтты? 61 Чи цæмæй сæрыстыру? 61 БАЗОН-БАЗОН 62 НАСЦÆМÆЙДЫМСЫ? 63 БÆГЪНÆГХÆРИС 64 ХЪÆБАТЫРМИЛА 64 АХУЫРГÆНÆГ 65 ЦИРКМÆ КОМКОММÆ НÆ ФÆНДАГ 67 УАСÆДЖЫ САГЪÆС 68 СЫРДДОНЫ 69 ИУМÆЙАГДЫРГЪДОН 70 ДИССÆГТЫЛ ДИСГÆНÆГ 72 ТАГЪДДЗУРИНÆГТÆ 73 БАЗОН-БАЗОНТÆ 84 УЫЙКÆДВÆЙЙЫ? 105 НАНАЙЫ БИНОНТÆ 106 ~ /// ~
Литературно-художественное издание Даурова Зоя Николаевна (Даура) Я и ТЫ Редактор М. Дзасохов Оформление обложки Е. Макарова Компьютерная верстка Е. Гаглоева Подписано в печать 04.10.2011. Формат 60*84 7|6. Усл. печ. лист6,51. Гарнитура «Вооктап» Бумага офсетная. Печать цифровая. Тираж 200 экз. Отпечатано ИП Цопановой А.Ю. 362000, г. Владикавказ, пер. Павловский, 3 Тел.: 49-31-77; 8-901-497-31-77