Text
                    ТОМАТЫ ЛАДЕ
БÆЛÆТТÆ
Радзырдтæ
ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР»
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1985


840сет С(Осет) Т64 Рецензент Чеджемты Æхсар Томаты Л. Т64 Бæлæттæ. Радзырдтæ.— Орджоникидзе: Ир, 1983.— 28ф. Томаев В. А. Голуби. 5к. Каждый человек должен стараться оставйть добрый след на зем- ле — таков лейтмотив книги. Это не менее остро, чем взрослые, ро« нимают дети. Они всегда чувствуют неискренностъ и черствость. 483—24 840сет -55—83 М131(03)—83 С(Осет) © Издательство «Ир», 1983
БÆЛÆТТÆ Рагæй фæнд кодтон мæ зæронд æрдхорд Темыры бабæрæг кæнын, фæлæ къухы не ’фтыд. Куы-иу хæдзары куыстытæ сæм- бырд сты, æмæ уыдоныл фæдæн, куы та æндæр исты хабæрт- тыл... Фæлладуадзæн бон. Бинонты æмбырдæй сæ хæдзары бай- йæфтои. Кæрты дуарыл куыддæр бахызтæн, афтæ Темыр спор- тивон цъæх дарæсы мæ размæ фæцис. Иæ иу къухы — къæдз бел, иннæйы — цъылын. — Оу-у, мæнæ ма нæм кæдæй-уæдæй Тембол фæзынд! — мæ къух мын уарзон æлхъывд æркæнгæйæ бацин кодта Темыр.— Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста? Лерæ! Æддæмæ-ма ра- кæс! — хъæр кæны йæ бинонтæм... Сенæйы гом дуарæй ракаст Лерæ. Мæн куы ауыдта, уæд йæ хъулон нывæфтыд куатæйæ йæ хуылыдз къухтæ сæрфгæ мæ размæ рауад: — Æгас нæм цæуай, Тембол, кæдæй-уæдæй ма нæм... Ми- дæмæ рахнз. — Уæ бон хорз уæд, мæ уарзон хæлæрттæ! Абон мæ сымах бабæрæг кæпынмæ дæр февдæлд,— йæ къух райстон Лерæйæн. — Сымах уал мидæгæй уе ’фснайыны куыстытæ кæнут, мах Темболимæ ам кæрты бауадзут,— загъта Темыр Лерæйæн, æмæ мын мæ цонгыл сарайырдæм рахæцыд. Хæрзмарзт, райдзаст сарайы ставд тæрс къодахыл нæхи æруагътам. Кæрты уæллаг кæрон сарайы ныхмæ мæ цæст æр- цахста сырх агуыридурæй ногамад рæсугъд чысыл хæдзар. Хæ- дзары сæрыл цалдæр урс бæлоны бады, æмæ сæ базыртæ æх- сæдынц. Мидæгæй(дæр хъуысы бæлæтты хъырру, уасын. Æз: фæрсæг каст бакодтон Темырмæ. — Хæдзар сын сарæзтон, æмæ йыл куыд цин кæнынц,— йæ- мидбыл бахудгæйæ загъта Темыр. — Дæ хорзæхæй, нæма сæ схъыг дæ? Æдзух дæм уыдонмæ зилын æмæ сæ фаджыс хафын та.куыд цæуы? - — Куыннæ стæй, схъыг сæ,— нæ рæзты æхсæнтæдон рацæй- 3
хæсгæйæ æрбадзырдта Лерæ.— Уæртæ та сын цы галуан са- рæзта, уый нæ уыныс? Нæхæдæг сывæллæттпмæ къуындæджы цæрæм, уый та йæ бæлæттæн ног агуыридурæй дыууæуæладзыг къазарма самадта,— йæ ведра æрæвæргæйæ дзырдта Лерæ.— Зæрондæй дæр ма бæлæттæй хъазы. Адæмæй йæм худинаг дæр нæ кæсы. Хæдзары мидæг чънзи кæнынæй дарддæр цы пайда сты, уымæн ницы æмбарын. Кæрты иогæхсад гæрстæ хус кæ- нынмæ ма сауындз — сæ къæхтæй сæ саубыны чъизи скæнынц, кæнæ кæрты хуртуан акалдтай, зæгъгæ,— уайтагъд ыл амбырд вæййынц æмæ йæ зæххы амæттаг бакæнынц. — Цæй, цæй, райдай та, райдай,— мпдбылхудгæйæ загъта Темыр.— Цы нæ бакæнынц, уый дæр сыл æрымысут... — Æрымысæм? Уæртæ мын цæхæрадоны мæ сæрдыгон бул- чъы хуымтæ бындзарæй ныддастой. Уыцы замманай сæнæфспры иог тауы æвзартæ тонынц æмæ сæ хæрынц... — Цæй, стынг æй кæн... Тембол хæрзаг ма зæгъа, мæ бæ- лæттæ сыдæй мæлынц æмæ дæ булчъы хуымтæхъуаг баййæф- той,— Лерæйæн загъта Темыр æ’мæ мын мæ цонгыл ахæцыд.— Цом-ма, фен, сæ ног хæдзары сын хæринаг æмæ нозт цас ис, уый. - Бæлæтты дыууæуæладзыгон цæрæнбынат мидæгæн рæсугъд чъырæй цагъд. Аив æмæ файдзаст арæзт.лАшу )&ыууæ мадæл бæлонæн дæр хицæн ахстон — фатер. Иу биноптæ иннæты нæ ^ъыгдарынц. Æнæбинонтæ æмæ кæстæр- бæлæттæи хицæн ба- дæнтæ дыккаг уæладзыджы. Пъолыл иу къуымы хæрæндæттæ, дон. Хæринагæн сын — æхсынæнтæ, лыстæггонд нартхоры гага- тимæ змæстæй. Хæрзæфснайд цæрæнбынат. — Куыд дæм кæсы мæ бæлæтты цард, нстæмæй стыхсой, мйййаг? — бафарста Темыр. — Æгæр буц сæ нæ дарыс, æгæр? Ныр сывæллон нал дæ жмæ ма дæм уыдонимæ архайын куыд цæуы? — йæ фарстамæ йын фарста радтон æз. — Нæ, никуы сæ сфæлмæцдзынæн. Æз бæлæттæ бирæ уар- зын. Чысыл сабийæ нырмæ сæ дарын. Æмæ, æвæццæгæн, ца- лынмæ цæрон, уæдмæ сæ дардзынæн,— иу ахстонæй дыууæ чы- сыл бæгънæг цъынд цънуы райсгæйæ дзырдта Темыр.— Адоп постхæсджыты мыггагæи сты. Бирæ хорз миниуджытæ сæм ис. Сæ райгуырæн бынат æмæ сæ пæрæн бæстæ тынг бирае уар- зынц. Сæ иуæй-иутæ тынг дард ранæй д^ер фæстæмæ здæхынц сæ райгуырæн бæстæмæ. Суанг ма мингай километртæ дæр фæ- тæхынп сæ хæдзар агурæг. »— Мæнæ ацы лæЬпынтæ та бельгийаг постхæсджыты мыг- гагæй сты,— сæ чысыл къæхтыл сын сæ къахдарæнтæ сгаргæйæ дарддæр дзырдта Темыр,— стыр зынтæй бафтыд адоны мыггаг 4
ссарын мæ къухы. Ныр мын бабирæ сты. Мæхимæ мын æндæр горæттæй курæг цæуынц. — Хорз, хорз, ноджыдæр ма сын иу-дыууæ хæдзары самай æмæ сæ фæфылдæр кæн,— æрбадзырдта нæм Лерæ.— Ныр та уал мидæмæ цомут æмæ исты хæринаг бахæрæм. Тембол нæм кæдæй-уæдæн æрбацыд æмæ йæ дæ бæлæтты хабæрттыл ма фæстиат кæн. Цомут, истæмæйты уæ хорз фенæм... Æфснны хæрзад хæринæгтæй нæхи хорз куы федтам, уæд мын Темыр мæнæ ахæм æцæг хабæрттæ радзырдта. Мæздæджы ма куы куыстон, уæд мæм уыдис бирæ бæлæт- тæ. Алыхуызон мыггаг: цъæхтæ, буртæ, саутæ, урсытæ, хъуын- джынкъæхтæ, чупджынтæ, саукъæдзилтæ... æмæ ма се ’ппæт чи хъуыды кæны... Тынг сыл сахуыр дæн, æмæ мæ ардæм. кусынмæ куы раив- той, уæд мæт æмæ катаны бацыдтæн. Уæдæ, зæгъын, ныр мæ бæлæттæн цы бачындæуа. Бирæ сæ куы уарзын, уæд сæ куыд иыууадзон?.. Бавдæлдтæн æмæ сæ иуæхсæв уæзласæн автомобилы æд цæрæн «хæдзар» нæхимæ сластон. Æхсæвыгон та уымæн, æма& бонæй æфсæрмы кодтон адæмæй. Уæдæ мæ, зæгъын, сыхæгтæ куы феной, уæд мыл худдзысты: «Æдбийонтæ, æдцот ас лæг, æмæ Мæздæгæй уæзласæн автомобилы дзаг бæл&ттæ сласта», Стæй мын мæ мад, мæ фыд дæр фаг фесты... Дзырдтой-иу: — Мах та дæм исты æнхъæлмæ кастыстæм... Адæмы цот æхцайы куыст кæнынц, рог машинæтæ æлхæнынц æмæ стыр хæдзæрттæ аразынц, махæн та бæлæттæй хъазы... Æ, уæууæй, уæууæй... Фондзыссæдз версты сæрты Мæздæгæй ардæм уæз- ласæн машинæйы гуыффæйы дзаг бæлæттæ слас... — Бæлæттæ! — хъуыр-хъуыр кодта мæ фыд.— Мах та-иу дыгай къуыритæ фæцыдыстæм галтыл мæнæу ласгæйæ... Худи- наг, стыр худннаг!.. Бæлæтты будкæ кæрты астæу æрæвæрдтам, æмæ йыи йæ дуар гуыдырæп сæхгæдтон. Фæлæ мын фыдбылызау сæ мидæ- мæтæхæн чысыл рудзынг гомæй ма баззайа... Дыккаг бон райсомæй раджы сæ бынатæй ратахтысты. Дис кæнынц: «Уæдæ ай ны ран стæм? Будкæ — нæхи, фæлæ кæрт мах нæу... Хæдзæрттæ æмæ æндæр бæстыхæйттæ кæйдæр, æбæ- рæг ран...» Бирæта; дзы нæ агъуысты сæрыл дæр нал æрбад- тысты. Сæхи фатау арвы цъæхмæ истой, æмæ ма-иу нæ сæрмæ дыууæ-æртæ зылды æркæнгæйæ афардæг сты сæ райгуырæн бæстæ агурæг. 5
Æз катай æмæ сагъæс куыд нæ кодтон, фæлæ сын Цы мæ <бон уыдис? Нæ хæдзары сæрыл ма дзы чи афæстиат, уыдон •фæстæмæ будкæмæ æрбасайыныл архайдтон, мæнæу æмæ сын нартхоры гагатæ дуарæй мидæмæ калдтон. Зæрдиагæй сæм сид- тæн, фæлæ... дзæгъæлы. Зулмæ ма мæм-иу æнкъардæй æркас- тысты, стæй-иу æвиппайды сæхц уæлдæфмæ фехстой. ’ Цы дзурон, сæ атахт мæнæн цас зын уыдис, ууыл? Уæхæдæг мæ æмбардзыстут... Мæ алыварсмæ-иу аивæй акастæн, уæдæ мæм кæд исчи кæсы... Мæ цæстытæ доны зылдысты. Бацыдтæн будкæмæ,— афтид. Иу бæлон дæр дзы нал баззад... Атахтысты. Æрмæст ма ахстæттæй иуы дыууæ бæгънæг цъынд лæппыны сæ мад агурæг сæ лæгуын бур къубæлттæ дыууæрдæм радав-бадав кодтой... Ныр цы бачындæуа? Гъа, мадæл бæлæттæ атахтысты, уый иу бæллæх. Уыдон йе исчи ахсдзæн, йе фæстæмæ сæ райгуырæн ’бæстæ Мæздæгмæ ныффардæг уыдзысты! Фæлæ адон- та? Бæр- гæ, чысыл ма хъомылдæр куы уаиккой, уæд сын исты амал чындæуид! Сæ мадау сын сæ чысыл хом дзыхты хæринаг тъыс- син... Цы бачындæуа? Рацыдтæн кæртмæ æмæ мæ цæст ахастон арвы цъæх тыгъ- дадыл. Фæлгæсын, уæдæ ма сæ мад кæд исчердыгæй фæзынид... Нæй. Бæлон зынæг нал уыд. Уыцы æнкъардæй ацыдтæн мæ куыстмæ. Æмбисбонмæ ба- фæрæзтон кусын, стæй сихор хæрын афон атындзыдтон нæхи- мæ. Бакастæн кæрты дуарæй æмæ... лæппын бæлæтты мад буд- кæмæ батæхæн чысыл рудзынгыл бады æмæ уасы. Тарст ракæс- бакæс акæны æмæ та бауасы... Æвæццæгæн сæм сæхи æвзагæй дзуры: «Ратæхут æмæ нæхимæ алидзæм. Ай мах кæрт нæу»: Мæнæн мæ иу къах — кæрты дуары мидæгæй, иннæ та — æдде, афтæмæй лæууын. Мæ бон фезмæлын дæр нал уыд: уæдæ бæ- лон куы фæтæрса, куы стæха... Катай кæны мад-бæлон. «Х&- дзар»-ы рудзынгæй мидæмæ бакæсы, æваст фæстæмæ фæзилы, рудзынджы тигътыл арауай-бауай кæны æмæ та бауасы. Цы бакæна, мæгуырæг? Иæ хъару æмæ йæ амал куы уаид, уæд сæ йæ хъæбысы фелвасид, сæ райгуырæн бæстæм сæ фæхæссид. Уæдæ ныр цы акæна? Атæхид, æмæ цы бауыдзысты йæ чысыл бæгънæг хъæбултæ? Уазал æмæ йын æххормагæй ныммæлдзыс- ты. Кæнæ сæ ахсæв нскæй зынгцæст æххормаг гæды ахæрдзæн... Уæдæ ма’ цы акæна? Æз исдуг фæныфсджындæр дæн. Мæхимидæг бацин кодтон, уæдæ кæд нал атæхид, зæгъгæ. Сабыргай хæдзармæ мæхи байс- тон, уæдæ йын исты дзулы муртæ раскъæфон... (Бæлон-мад раздæр< йæхæдæг бахæры, дон бапуазы/ стæй, йæ гуцъайы цы змæст алыхуызон хæринаг æрæмбырд кæны, уый йæ лæппынты 6
дзыхты омы. Афтæмæй сæ æфсады æмæ хъомыл кæны). Рамбырд кодтон дзулы муртæ, мæнæуы гагатæ æмæ фæстæ- мæ фæзылдтæн... Кæсын æмæ бæлон уым нал... Цыдæр æрба- ци... Атахт... Кæрты астæу ракæс-бакæс кæнын, сыхæгты хæдзæртты сæр- тæм фæлгæсын, фæлæ бæлон зынæг нал ис... Хæрдмæ скастæн,. æмæ нæ сæрмæ зилы. йæхи ныллæг æруадзы, хæдзары сæр абадынмæ бахъавы æмæ та спæр-пæр кæны, йæхи бæрзонд си- сы. Иу-цалдæр минуты ма нæ сæрмæ фæтахт, стæй тынг бæр- зонд йæхи систа æмæ арвы цъæхы нал зынд... Хæргæ дæр нæ бакодтон, афтæмæй фæстæмæ мæ куыстмæ- ацыдтæн. Куысты фæдæн кæронмæ. Фæлæ цæй куыстмæ райы зæрдæ?.. Мæ бæлоны бæгънæг сидзæр лæппынтæ мæ сæрæй нæ хицæн кæнынц. Фæскуыст атагъд кодтон хъæмæ.,. Æнхъæлцау каст бакод- тон будкæйы дуарæй, фæлæ кæм? Нæй. Лæппынтæ, æвæццæгæн,, суазал сты æмæ кæрæдзимæ сæхи æнгом нылхъывтой. Сæ чы- сыл хом бырынчъытæ кæрæдзийы дзыхтæм ивæзтой. Æххормаг сын уыд. Хъуыды кæнын... Уæдæ ма, зæгъын, æххæст талынгмæ бан- хъæлмæ кæсон, стæй кæд сæ мад нал фæзына, уæд сæ агъуыст- мæ бахæсдзынæн, исты хæринаг раттын сын бафæлвардзынæн, схъарм сæ кæндзынæн... Стыр фæлладхуызæй бацыдтæн хæдзармæ. Мæхæдæг дæр куыд нæ сæххормаг уыданн?.. Æрбадтæн фынджы уæлхъус, фæ- лæ хæрннаг хъуыры нæ цæуы... Æнæдзургæйæ бадын... Уæдмæ изæрдалынгтæ дæр байдыдта. Арф ныуулæфыдтæн, стæй сыс- тадтæн. Агъуысты къулыл зæгæлæй мæ зæронд уæлдзарм худ райстон æмæ бæлоны лæппынтæ хæссынмæ рацыдтæн. Будкæ- мæ бахызтæн æмæ.... бæлон-мад йæ лæппынтыл бады... Йæ фæллад базырты бын сæ æрбанорста æмæ мæм йæхи фæхъуын- джын кодта: «Ма мын сæм æвнал, мæхи сты!» Фæстæмæ буд- кæйæ мæ къахфындзтыл сабыргай хъуызгæ рацыдтæн. Будкæйы дуар гуыдырæй фпдар сæхгæдтон æмæ мæ риуыдзаг арф æх- сызгон улæфт ныккодтон... Бауадтæн агъуыстмæ... Æмæ кæд мæ хъæдуры стыр дурын къус ныууазал, уæддæр æй йæ бындзарæй æрцьтмдтон. * * * Нал атахти лæппынты мад-бæлон нæ хæдзарæй. Баззад нæ- химæ. Бон-изæрмæ кæрты къуымты уыгъта алыхуызон хæринаг йæ лæппынтæн, хъомыл сæ кодта. Уыдоныл фыдæбон æмæ сагъæс кæнгæйæ уал дзы йæ райгуырæн бæстæ æрбайрох. 7
Бонтæ кæрæдзн пвтой, рæстæг цыдис. Иу æвдæлон бон ру- ’дзынджы раз бадып æмæ ног газеттыл фæлгæсын. Фæззыгон уазал бон, уымæл. Рæстæг уыднс асæст, фæлæ уаргæ нæ кодта. Нæ карчы цъиутæй иу кæрты астæу лæууыд æмæ цыдæр тæ- ригъæддаг уаст кодта. Æвæццæгæн, мæгуырæг, нсты сахъат баййæфта æмæ йе ’мбал цънуты æмхуызон нæ сырæзт. Чысыл, лæмæгъ æмæ бæгънæгæй баззад. Фæззæджы уазал, хъуынтъыз бонтæ йæ æдзæллагæй æрæййæфтой, æмæ бынтон ныффыд- хъуынтæ, нындзыг. Мæллæг фæсус уаст ма кодта... Мæ газеттæ кæсын ныууагътон... Сæры алыхуызон хъуыды- тæ зилдух кодтой. Адæмæй дæр вæййы ахæм мæгуыртæ. О, о, мæгуыртæ! Кæнæ псты зондхъуагæй райгуырынц, кæнæ — рын- чынæй, сæ цæрæнбонтæ тухптæ æмæ хъизæмæрттæй фервитынц. Сæ бон се ’мгæртты ’хсæн хъæлдзæг æмæ зæрдæрухсæй аца> уын нæ бавæййы, ныззаууат вæнйынц. Зыр-зыр кæны, мæгуырæг, карчы цъиу. Уасы æмæ уасы ^нæрынцойæ. Иæ тæригъæддаг æнæрынцой уасынмæ мæ бæ- лæтты мад дæр будкæйы рудзынгæй рахызт æмæ йæм ’уырдыг- мæ тæригъæдгæнæджы каст æркодта. Исдуг æнцад абадт, сгæп рудзынджы тæрхæгыл скатай. Дыууæрдæм рацу-бацу кæны, бынмæ цъиуырдæм æркæсы æмæ та бауасы. Йæ каст иууыл карчы цъиумæ скодта. Бауасы æмæ, йæ лæппынты куыд фефсады, афтæ омæгау скæны. Æвæццæгæн, дзуры карчы цъиумæ: «Рауай æмæ дын .хæринаг бадарон!..» Фæлæ карчы цъиу бæлоны æвзаг не ’мбары. Уый, мæгуыр, стæхын дæр нæ фæразы, стæй йын йæ мад-карк афтæмæй нæ лæвæрдта хæринаг... Зæххыл уидзын ахуыр у... Не ’нцайы бæ- лон йæ уасынæй. Пæ уарзон фæлмæн домгæ сидтмæ йæхи лæп- пынтæ, сæ лæмæгъ базыртæ тилгæ, цъипп-цъипп кодтой. Уыдон .сæ мады æвзагæй æмбарынц, æмæ æнхъæл сты, кæд уыдонмæ •сиды сæ мад. Фæлвæрдтой рудзынгыл рабырынмæ дæр, фæлæ нæ уæндыдысты. Сæ базыртæ æххæст нæма разадысты, æмæ куы рахауой... Тæрсынц. Сæ мад сæм кæсгæ дæр нæ фæкодта, нæ сæм раздæхт... Уый уыдонмæ нæ спды... ’ Карчы цъиу æнцад лæууы, йæ бон цæуын дæр нæу. Йæ тæ- ригъæддаджы уасыпмæ адæймаджы зæрдæ дæр уынгæг кодта, йæ фыдхуыз цæстытæ, мæгуыр, бацъынд сты, æмæ куы размæ фæцуды, куы фæстæмæ. Иæ мæллæг къæхтыл ма дзсдзырой кодта. Цыма йæ уазал фæззыгон дымгæ хус бæласы сыфау змæлын кæны. |Ацы тæригъæддаг нывмæ кæсыныл фæдæн æз дæр. Мæ га- зеттæ дæр мæ ферох сты. Мæхи сабыргай кæртмæ рапстон æмæ хъахъхъæнын, уæдæ цымæ иæуыл ахицæн уыдзысты? 8
Куыдфæстæмæ бæлоы афтæ тынг архайдта карчы цъиумæ сидгæйæ, æмæ-иу йæ дзыхæй цыдæр донызмæст æркалд. Стæй бавдæлд æмæ зæхмæ æртахт. Иæхи карчы цъиумæ хæстæг баласта, бауасы йæм æмæ та сомæгау кæны. Бæлонмæ ахæм рæсгæг йæ лæппын æрбауайы æмæ йæ бырынкъ йæ мады дзыхы фæтъыссы... Мад-бæлон карчы цъиуæн дæр афтæ бака1- нын æнхъæл уыд, æвæццæгæн; уымæн æм уасы æмæ сиды. Фæ- лæ карчы цъиу не ’мбары, уый афтæ ахуыр нæу. Бæлон бынтон суыигæг. Цъиумæ хæстæг-хæстæг бацыд æмæ йын йæ бырынкъмæ йæ дзых бахæлиу кæнгæйæ сомдта цалдæр мæнæуы гагайы. Цънуæн пæ бон хæрын дæр нал уыдис. Йа> фæлурс мыиæг цæстьпæй æнкъард каст ракодта бæлонмæ æмæ цудтытæгæнгæ сарайырдæм араст. Бæлон псдуг нæ фæстæ кæсгæйæ баззад, аджих, стæй, йæ дзыхы ма цы хæрпнæгтæ аззад, уыдон аныхъуырдта, йæхи ба- 1'агъта æмæ будкæйы сæрмæ стахт... * * * Æнæдзургæйæ пудзæвгар рæстæг абадтыстæм, стæй Темыр Р.æ мидбылты фæлмæн уарзон худт бакодта æмæ йæ ныхæстыл бафтыдта: — Ныр бамбæрстай, Тембол, æз бæлæттæ цæмæн афтæ- би; рæуарзын, уый? Мæнæн мæ бæлæттимæ æнкъард нæ вæййы, мæхи сыл ирхæфсын... Уарзын сæ! АСЛАНЫ МАСТ Зæронд зæхбын хæдзары ныллæг тъахтнныл дæлгоммæ хуыссы æмæ хæкъуырццæй кæуы Аслан. Æз йæ фарсмæ æрбад- тæн æмæ йæ фæрсын: — Цы кодтай, чи дæ фæнадта? — Ни-и-н-чн!—дзуапп радта уый. — Ау, уæдæ цæуыл кæуыс? Дæхи ныццавтай æви æнгузæй рахаудтæ? — нал æй уадзын æз. Рабадыи æй кодюн æмæ йын мæъ къухмæрзæыæй йæ хуы- лыдз нæсгом асæрфтон. Уæд Аслан хъæрдæрæн ныккуыдта æмæ мыл йэехи æрбаппæрста. Афтæ кæугæйæ мын кæй ницы радзурдзæн, уый бамбæрстон æмæ йæ басябыр кæныныл архайып. Чысыл рæстæджы фæстæ куы æрсабыр, йе ’муд .куы ’рцыд, уæц мын радзырдта: 9
— Дæлæ Биботы æрдæгконд хæдзары цары зæрватыччытаег ахстон сарæзтой. Æз сæ мæхæдæг федтон. Уыдон радыгай кæ- цæйдæр цъыф фæхастой æмæ йæ Биботы агъуыстамайджыты хуызæн æддæгуæлæ рæсугъд фæцамадтой. Амад сын куы фæ- цис, уæд ын йæ мидæг фæлмæн лыстæн бакодтой æмæ дзы ра- уагътой цыппар бур хомдзых лæппыны. Уыдон ахæм дзæбæх. уыдысты, æмæ... Æз пионерты лагермæ куы нæма ацыдтæн, уæд сæм æдзухдæр бæрæггæнæг згъордтон. Сæ мад сын-иу йæ дзыхы хæринаг куы æрбахаста, уæд-иу сæхи æддæмæ ивæзтой æмæ сæ чысыл хохМ бур дзыхты дзаг хъæр кодтой: «Мæнæн ратт, мæ- нæн!» Ныр... знон лагерæй æрбаздæхтæн æмæ... .мадæлтæ дæр æмæ... лæп-п-п-ынтæ дæр...— нал фæцис йæ ныхас Аслан. Цыдæр стыр маст йæ чысыл хурхуадындзты атымбыл, æмæ* та хъæрæй ныккуыдта. Стыр дисы бацыдтæн æз. Афтæ лæмæгъ æмæ кæуынбылæй никуы федтон Асланы. Бæгъæввадæй-иу стыр уирагдурыл йæ къах куы скъуырдта, æмæ-иу йæ хистæр æнгуылдзы ных куы атахт, кæнæ-иу нæ сыхаг Чъырттымты бæрзонд сау тута бæла- сæй куы рахауд, уæддæр афтæ никуы куыдта... Иæ къухыл ын ахæцыдтæн æмæ Биботы æрдæгконд хæ- дзæрттæм ныццыдыстæм. Аслан бынæй баззад, фæлæ æз цармæ схызтæн... Уым цары цы ныв федтон, уымæ кæсгæйæ сывæллоны æвæлтæрд зæрдæ* нæ, фæлæ ас адæцмаджы фидар зæрдæ дæр нæ бауромдзæн йæхи... ...Цæвиттон, Бибойы æрдæгконд агъуысты цары зæрватыч- чытæ лæппынтæ куы рауагътой, уæд цары пъол æхгæд нæма уыд. Тыргъы царыл фæйнæг нæма схуыдтой, æмæ зæрватыччы- тæ гом цармæ тахтысты, сæ лæппынты хастой, хъомыл сæ код- той. Стæй иу æнамонд бон тыргъы царыл фæйнæг куы схостой æмæ цармæ хизæн чысыл рудзынгæн йæ дуар куы сарæзтой, уæд зæрватыччытæн царæй ратæхæн нал уыдис. Уым базза- дысты... ...Мадæл зæрватыччытæй иу, æвæццæгæн, лæппынты фыд, г.хстоиы раз рейкæйыл бадгæйæ амардис, мад та йæ лæппынтыл дæлгоммæ... . , Сæрды æнтæф бонты агуыридурты тæвдæй бахус сты. Æз исдуг æнæдзургæйæ алæууыдтæн, стæй мæ русыл судз- гæ æртæхтæ аивæй асæрфтон... I Аслан мæ, æвæццæгæн, цармæ схизæн рудзынджы зыхъхъы- рæй ауыдта... Куы æрхызтæн, уæд мæм цыдæр æнахуыр фæл- мæн цæстæнгасæй æрбакаст. Æз ын ныккастæн йæ уымæл цæс- тытæм æмæ сæ арфы кæмдæр бафиппайдтон, кæй йын фенцон- дæр... 10
СЫРХ ФÆТКЪУЫТÆ Дзæуджыхъæуьтхоры базары кæрты дæргъмæ-дзыгъуыр хар- ’бызтæй мæхи хорз куы ныддæнгæл кодтон, уæд фæстæмæ зæ- ронд фæндаджы сæрты ратахтæн нæхимæ. Аэродромы рæзты а.рбазылдтæн, æмæ ма мæ Æрхонмæ чысыл куы хъуыд, уæд ма: хъару асаст. Размæ мын ницыуал æнтыст. Мæ базыртыл мын цыма исчи уæззау дуртæ æрцауыгъта, уыйау мæ зæхх йæхимæ æлвæста. Тынг бафæлладтæн, мæ хид мæ хæдонæй æддæмæ ра- хъардта. Тыхархайд кæнгæйæ сфæлмæцыдтæн æмæ уыцы тыхст- хуызæй фехъал дæн. Мæ хуыссæгхъуаг цæстытæ аууæрстон .æмæ зивæггæнгæ ракастæн. Баба афтид мидæггаг хæдоны мæ разы лæууы æмæ мын мæ хъæццулы къабаз асхой-асхой кæны: — Уæлæмæ сыст æмæ цом,— бинонты куыд нæ райхъал кодтаид, афтæ сабырæй загъта æмæ йæхи æхсынмæ рацыд. Æз хæдзары къуымты аракæс-бакæс кодтон æмæ мæ цæс- тæнгас рудзынджы мынæг рухсыл афæстиат. Æвæццæгæн, бон цъæхтæ кодта. Уасджытæ уасыдысты. Нæ зæхбын стыр хæдза- ры алы къуымтæй хъуыст сым-сым æмæ адджын хуыррытт. Уыдонмæ хъусгæйæ мæ цæстыуæлтъыфæлттæ кæрæдзи куыд ацахстой, уын æмбаргæ дæр нæ бакодтон... — Уæлæмæ сыст, кæд цæуыс, уæд! — апхъуыстон та бабайы -сусæг, фæлæ домгæ ныхас. 1 Мæ сæры фæмидæг, знонизæр бабайæн куыд лæгъстæ код- тон, мæн дæр-ну райхъал кæн æмæ хъæдмæ нумæ цом, зæгъгæ, уый. Мæхи айвæзтытæ кодтон, хъарм хуыссæны ма цалдæр фæлдæхты акодтон мæ фæрстыл, стæй зивæггæнгæ æвæндон хызт ракодтон сынтæгæй. Мæ цæстытæ æрдæгцъынд, афтæмæй . расыг лæгау цудтытæгæнгæ скодтон мæ дарæс. Уæд ма сæрæндæр уыдис баба æмæ-иу хъæдмæ суг ласынмæ цæугæйæ мæн дæр йемæ акодта. Æмæ кæд уа-диссаг баххуыс- хъом нæма уыдтæн, уæддæр æм, æвæццæгæн, хорз касти мемæ уæвын. Æз мæхæдæг дæр тынг бирæ уарзтон хъæдмæ цæуын. Æрдзы рæсугъд сусæгдзинæдтимæ дæр уыцы бонты базонгæ дæн: æхсæрдзæнты урсфынк фыцæнтæ, сыгъдæг уазал æндон- хуыз суадæтты сыр-сыр, бæрзонд æмæ хæрзконд бæлæсты су- сæг сыбар-сыбур, тарст урсчъылдым сæгуыты рог гæпп, сау сынты домбай базырты сыф-сыф... Мæ зæрдæйæ никуы ферох уыдзысты уыцы рæстæджы фенд нывтæ, хабæрттæ æмæ цаутæ. Ваба-иу йæ цыргъ алмаси æндон фæрæтæй æрдæгхус сахъат бæлас куы калдта, уæд-иу йæ къупп-къупп дард кæдæмдæр азæлгæ ацыд, басабыр-иу цъус рæстæг, стæй та нæм-иу фæстæ- Ъ1æ æрбайхъуыст фаллаг комæй, цыма йæ исчн фæзмгæ кæны. Æз-иу барæй куы ныхъхъæр кодтон, уæд та-иу мæ хъæлæсы 11
зæлтæ æндæр дард къуылдымæй фæстæмæ æрбаздæхтысты. ...Уыцы бон суг ласынмæ Хъæргæнаджы комы уыдыстæм. Нæ уæрдоны дзаг сугтæ куы ракодтам, уæд кæсын, æмæ баба чысыл хъæддаг бæлæстимæ цыдæртæ архайы. Æз æм хæстæг бацыдтæн æмæ йæ бафарстон: — Баба, цы сын аразыс, цы? — Мæнæ хъæддаг дыргъ бæлæстыл хъæуккаг дыргъты мыггаг æфтауыи. — Æмæ сæ уæд цы рауайдзæн? Баба йæ мидбылты фæлмæн бахудт æмæ йæ архайд нæ уадз- гæйæ дзырдта: — Адон, лыстæг туаг цъæх фæткъуытæ кæуыл заны, ахæм хъæддаг дыргъ бæлæстæ сты. Мах сыл ныхасæм нæхимæ хъæук- каг ставд сырхварс фæткъуы бæлæсты мыггаг. Уыдон куы фæ- хæцой, æмæ сыл дыргътæ зайын куы райдайа, уæд уыдзысты ставд, сырхварс æмæ хæрзад. Æз йæ цурæй нал ацыдтæн. Диссагæн кастæн йæ архайдма-ч Баба чысыл иукъухын хырхæй хъæддаг фæткъуы бæлæсты къа- лиутæ лыг кодта, стæй сын сæ аззайæггаг зæнгтæ фаста æмæ сын сæ мидæг æндæр лыстæг тала-къалиутæ сагъта. Уыйфæс- тæ сæ йыдæр æлыгзмæст хыссæгондæй сæрста æмæ сæ хæцъи- лы гæбæзтæй биноныг баста, цыма цæф салдæттæ сты æмæ æнæбастæй сæ туг æддæмæ хъардзæн. Исдуг мæхимидæг хъуыдыты аныгъуылдтæн. Афтæ мæм каст, цыма баба дохтыр у æмæ цæф рынчынтæн сæ хъæдгæмт- тæ бæтты. Стæй та нал фæлæууыдтæн æмæ афарстон. — Æмæ сæ, баба, уыйфæстæ нæхимæ ахæсдзыстæм нæ цæ- лæрадоны садзынмæ? — Хæсгæ дæр дзы, чи зоны, акæндзыстæм, фæлæ сæ фыл- дæр ам баззайдзæн. Стæй... Цыдæр зæгъынмæ ма хъавыд, фæлæ йæ нал загъта. Æрмæст ма чысыл рæстæг ахъуыды кæныны фæстæ йæ ныхæстыл баф- тыдта: — Куы байрæзай, уæд сæ-ну бабæрæг кæн... Уæдæй нырмæ бирæ рæстæг азгъордта. Баба ныр базæронд, нæ хъару хъæдмæ цæуыны фаг нал у. Нæхимæ кæрты æнгуз бæласы бын бады æмæ йæ уарзон сабитæн фæдæгъдæй — топ- пытæ, хæрисы хуылыдз къалиутæй та уасæнтæ аразы, аргъæут- тæ сын кæны. Мæнæй дæр ферох сты уыцы рæстæджы хъæд- дзау бонтæ. Сабпбонты хабæрттæ æдзух адæймаджы зæрдыл нæ фæлæууынц, фæлæ хаттæй-хатт исты цау кæнæ ныв фенгæйæ зæрдыл æрбалæууын кæнынц ивгъуыд цардæй скъуыддзæгтæ. (...Тæккæ æрæджы та ме ’мбæлттимæ цуаны фæдьгл бафтыд- тæн Хъæргæнаджы коммæ мæ рагон зонгæ бынæттæм. Иу рæ- сугъд æрдузы нæ хъæддаг хуыты фæд ракодта дыргъ бæлæсты П
бынмæ. Кæсæм — æмæ нæхпмæ хъæуккаг ставд сырхварс фæт- къуытæ. Бæрзонд фæтæн бæлæсты къалиутæ æрзæбултæ сты сæ уæзæй. Бæласы бын рæгъæд хауæдздзаг фæткъуытæй къах бавæрæн нæй. Сæ тонынафон æрхæццæ, æмæ зæхмæ згъæлынц. Ме ’мбæлттæ сæ армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл хойынц, сæ дисæн кæрон нал ис. Фæткъуытæй ахæрынц æмæ та ныддис кæнынц. Мæнæн мæ зæрдыл æрбалæууыдысты бабайы кæддæры ны- хæстæ. Мæ цæстыты раз ногæй сыстадысты, чысыл хъæддаг бæлæстæ цæф салдæттау куыд лæууыдысты, сæ цæнгтæ — лыг, урс хæцънлы гæбæзтæй баст. Сæры магъзы кæрæдзи фæдыл аз- гъордтой мæ сабийы хъæддзаубонты цаутæ, æрдзы рæсугъд нывтæ, мæнæ ацы æмбпсонды рæсугъд æмæ зад фæткъуы бæ- лæсты хъысмæт. Цыдæр æхсызгондзннад мын ме уæнгтыл хæрд- мæ схæцыд. Мæ зæрдæйы цины уылæн алснк кодта. Зæххæй спстон иу стыр сырхварс рæгъæд фæткъуы æмæ дзы тынг ныр- рус кодтон. Уый уыдис нæхимæ хъæуккаг фæткъуыйау хæрзад, стæй цыма уымæй дæр хæрзаддæр æмæ адджындæр уыдис> афтæ мæм фæкаст. Хъæддаг хуыты фæд дыргъ бæлæсты бын сæмтъеры, æвæц- пæгæн, дысон ам хорз фæминас кодтой. Сæ фæды райдиан æмæ кæрон бæрæг нал уыд. Зæхх сызмæстой. Мах дæр ныууагътам нæ цуанкæныны хъуыддæгтæ æмæ æрбадтыстæм фæткъуы бæ- лæсты бын. Æз сын радзырдтон ацы дыргъбæлæсты райгуырды хабар. Уыдон рæгъæд хæрзад фæткъуытæ æхсызгонæн хордтой æмæ мæм зæрдиагæй хъуыстой. Сæ цæстæнгасæй бæрæг уыдис, алчидæр сæ йæхнмндæг бабайæн стыр арфæ кæны, уый. Нæхимæ цæуыныл куы систæм, уæд фæткъуыты дзæбæхтæй нæ хордзентæ байдзаг кодтам æмæ, кæд ницы сырд нæ къухы бафтыд, уæддæр хъæлдзæгæй нæ хæдзæрттæм рафардæг стæм. Фæткъуытæй дзаг хордзен бабайы раз æрæвæрдтон, мæхæдæг мæхи æхсыныл балæууыдтæн. Мæ уæлæдарæс ивгæйæ цæст дардтон бабамæ. Уып, сырды фыд æнхъæлæй, хордзены хъуыр райхæлдта. Ставд сырхварс фæткъуытæ куы ауыдта, уæд аджих æмæ мæнырдæм фæрсæг каст кæны. Æз бацыдтæн æмæ йæ фарсмæ æрбадтæн. Лæмбынæг ын радзырдтон мæ цуаны ха- бæрттæ. Куы фæдæн мæ ныхæстæ, уæд бабамæ бакастæн: уы- мæн йæ зæронд хурсыгъд æнцъылдтæ цæсгом барухс, йæ даргъ хæмпус урс боцъотæ йæ дæрзæг мæллæг къухтæй æрлæгъзытæ кодта æмæ йæ дзыппæй нхсыд хæрынкъа систа. Фæткъуытæй ну бастыгъта æмæ йæ сабыргай бахордта. Иæ цæстæнгас са- рæзта дард кæдæмдæр. Цыдæр арф хъуыдыты аныгъуылд, æмæ афтæ æнæдзургæйæ бадтыстæм фæрсæй-фæрстæм. Стæй æз нал фæлæууыдтæн æмæ йæ бафарстон: — Ныр, баба, Ирыстоны хъæдты æппæт цауд дыргьг бæлæс- 13
тыл дæр ахæм хорз хъæуккаг дыргътæ бафтау, уæд куыд уаид? Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ баба, цыма йын стыр æхсызгон- дзинад рачынд, кæнæ йе уæнгты æрыгон туджы уылæн ан- хъæвзта, уыйау базмæлыд. Йæ фæлладхуыз, фæлæ арф æмæ дардуынаг цæрдæг цæстытæй мæм уарзон каст æрбакодта: — Хорз уаид, хорз, мæ хур, бирæ цæр! Дæ хъуыды раст у. Мæ зæрдæмæ цæуынц дæ ныхæстæ. Алы адæймаг дæр хъуамæ исты сараза... йæ фæстæ исты хорздзинад ныууадза. АРСЫ ЛÆППЫН Æфсады службæ кæнгæйæ мах тайгайы хъæды æрцахстам чысыл арсы лæппын. Æрхастам æй немæ æмæ йын нæ къазар- майы раз хицæнæй цæрæнбынат сарæзтам. Хæринаг ын лæ- вæрдтам радыгай. Ном та йыл сæвæрдтам Мишкæ. Салдæттæ Мишкæйы бирæ уарзтой. Лæвæрдтой йын къа- феттæ, сæкæр æмæ æндæр адджинаг. Мишкæ та адджинаг тынг бирæ уарзта, æмæ йæ уымæ гæсгæ салдæттæ алыхуызон митæ кæныныл ахуыр кодтой. Чысыл сæкæры къæртты тыххæй-пу Мишкæ ссæдз метры йæ гуыбыны цъарыл фæбырыд. Дыууæ азы йыл куы рацыд, уæд ахæм ахуыр сси салдæттыл, æмæ йыл суанг полчъы хистæр къамандиртæ дæр дис кодтой. Мпшкæ æдзухдæр уыдн салдæт- тимæ. Салдæттæ райсомæй раджы физзарядкæ кæнынц, уæд Мишкæ дæр — семæ. Суанг ма-иу дыууæ путы гир дæр хæрдмæ иста йæ раззаг къæхты дзæмбытæй. Кæнæ салдæттæ хæрæндон- мæ ацыдысты, уæд уый — сæ разæй. Тынг уарзон кæп уыдис Мишкæ салдæттæн æмæ йын æдзух хæринаджы хорз æмæ адджинаг бирæ кæй лæвæрдтой, æвæццæ- гæн, уый тыххæй куы/Сфæстæмæ фыдуаг кæнын байдыдта. Гъе, Мншкæйы уыцы фыдуагдзинæдты тыххæй æз радзур- дзынæн иу-цалдæр цыбыр хабйры. МИШКÆ-ДОНЛАСÆГ Салдæттæ Мишкæйы сахуыр кодтой дон ласыныл. Цæугæ- доны былыл-пу боцкъайы дон ныккодтой, æмæ та-иу æй Миш- кæ дзоныгъы хæрæндонхмæ æрбаласта. ’Иу ахæм бон Мишкæ хæрæндонмæ боцкъайы дзаг дон æр- бацæйласта. Уыднс сихорафон. Æрдæгфæндагмæ куы æрбахæц- 14
цæ, уæд къазармайæ райхъуыст, сихоры хæрдмæ чи сидтис, ахæм дзæнгæрæджы хъæр. Мишкæ дзæнгæрæджы хъæр куыд- дæр айхъуыста, афтæ йæ дзоныгъ уым æрдæгфæндагыл фæуагъ- та æмæ чъыллиппытæгæнгæ хæрæндоны æрбамидæг. Мишкæйы æрбацыдмæ салдæттæй иутæ хæрын райдыдтой, кннæтæ та лæууыдысты. хæринаг цы чысыл рудзынгæй дæт- тынц, уый раз æмæ радыгай хæринаг нстой. Мишкæ дæр стъо- лæй къус райста æмæ салдæттимæ рæнхъы æрлæууыд. Цас алæууыдаид, чи зоны, фæлæ йæ рад æрæгмæ куы кодта, уæд ъал фæлæууыд йæ зæрдæ. Иæ комыдæттæ æруадысты æмæ, йæ разæй цы салдæттæ лæууыд, уыдон фæйнæрдæм ассыдтытæ кодта. Бацыд рудзынгмæ æмæ йæ къус пъовырмæ балæвæрдта. Салдæттæн уый сæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ Мишкæйыл а.-цæгхуызæй сбустæ кодтой, ома рад цæмæн халыс, зæгъгæ. Мишкæ сæм фæстæмæ ракаст æмæ сын цыма афтæ зæгъын- мæ хъавыд: «Мæн не ’вдæлы, мæ доны боцкъа æрдæгфæндагыл баззад»,— уый каст сæм ракодта. Райста къусы дзаг борщ æмæ рудзынгæй иуварс ацыд. Æрæвæрдта къус, хицæнæй йын цы стъол уыди, ууыл æмæ йæ цæстыфæныкъуылдмæ фæдæле код- та. Сыстад æмæ та бацыд рудзынджы размæ. Салдæттæ тынг хорз æмбæрстой Мишкæйы æмæ-иу æм мæс- ты дæр ничи кодта. Мишкæ хæрд куы фæцис, уæд йæ мукъутæ ныссæрфта, ацы- .дис æмæ йæ доны боцкъа æрбаласта. МИШКÆ-КЪÆРНЫХ Не ’фсæддон хайы раз уыдис дукани. Салдæттæ уым æлхæд- той алыхуызон адджинæгтæ: шоколадтæ, къафеттæ, сæкæр, пс- ченитæ. Салдæттæй иу дæр ахæм нæ уыд, Мишкæйы чи нæ рæв- дыдта. Сæ фæдыл-иу бацыд дуканимæ, æмæ йын алчидæр исты адджинаг лæвæрдта. Уæд иубон райсомæй раджы фæхабарчындæуыд, дуканн, дам, æхсæвы чидæр фæкъахта, зæгъгæ. Махæй къазармайы чн уыди — иууылдæр дуканимæ азгъордтам. Кæсæм æмæ рудзын- джы авг пырхытæ, æфсæйнаг рсшеткæ саст. Рудзынгæй æддæ- мæ цыдис давæджы фæд. Мах рацыдыстæм уыцы фæд-фæд æмæ нæ рахæццæ кодта... къазармайы цурмæ. Катайы бацыдыстæм, ау, салдæттæй исчи ахæм чъизи ми бакодтаид, зæгъгæ. Уалынмæ нæ дызæрдыггаг хъуыдытæй нæ сæры ницуал аз- зад. Фæд цыди Мишкæйы цæрæнбынатмæ. Бакодтам ын йæ дуар, дзурæм æм, фæлæ æддæмæ зынæг нæй. Бацыдыстæ’м мидæмæ. Кæсæм æмæ дын Мишкæ хуыссы, 15
тыхулæфт кæны, цыма дондыппырæй уæззау рынчын уыдис, < уыйау. Йæ фарсмæ пырхытаей лæууынц къафеттæ æмæ печени- ты къоппытæ, сæкæртæ... Цы йын загътаиккам, иæ цæстæнгасæй нæ бамбæрста. Мах рахастам адджинæгтæ, радтам сæ дуканигæсмæ, йæ рудзынг ык сарæзтам æмæ дзы цыппæркъахыг къæрныхы тыххæй хатыр ракуырдтам. Мишкæ йæ аххос æмæ йæ рæдыд æмбæрста. Уымæй фæстæ- мæ дуканнмæ никуыуал бацыдис. МИШКÆЙЫ ХЪАВЫДЫСТЫ АДАВЫНМÆ... Иурæстæг пæ сыхаг æфсæддон хайæ махмæ æрцыд цалдæр æфсæддоны уазæгуаты. Уыдис æниой бон. Салдæттæ сæ фæл- лад уагътой æмæ алыхуызон хъæзгытæй сæхи прхæфстой. Миш- кæ дæр хъазыд семæ. Уæд иуафон мах бафиппайдтам, нæ уазджытæй дыууæ сал- даты Мишкæимæ æгæр арæх кæй хъазынц æмæ йын алыхуызон адджинæгтæ кæй дæттынц. «Бæлвырд, цыдæр фæнд скодтой æмæ йæ сæхиуыл ахуыр кашынц»,— хъуыды кодтам мах æмæ сæм нæ цæст дарын байдыдтам. Бæлвырд куы бамбæрстам,. Мишкæйы адавынмæ хъавыпц, уый, уæд сфæнд кодтам ацы ха- бар нæ къамандирæн радзурын. Нæ къамандир нæм лæмбынæг байхъуыста, стæй йæ мнд- былты бахудт æмæ загъта: — Ацæут æмæ уæ фæллад уадзут, Мншкæйы ничи адав- дзæн. Мах нæ къамандиры хорз зыдтам. Уый ныхас куы зæгъа, уæд дæ зæрдæ дар, кæй йæ сæххæст кæндзæн, ууыл. Стæй нæ къамандир Мишкæйы тынг .кæй уарзта, уый дæр хорз зыдтам. Къамандпр изæры старшина æмæ фæскомцæдисонты секре- тармæ фæсидт æмæ сыч загъта: — Нæ сыхаг æфсæддон хайæ нæм цы уазджытæ ис, уыдон сфæнд кодтой Мишкæйы адавын. Уæ иу бавдæлæд, æмæ йæ уæ- лæ скæнæд кæрц зыгъуыммæ фæлдæхтæй. Салдæттæ Мишкæйы йæ бынаты куы бакæной, уæд сусæгæй уырдæм бацæуæд æмæ уым схуыссæд. Иннæ та Мишкæйы ракæнæд æмæ йæ искуы фæсвæд ран бабæттæд. Æхсæвы «давджытæ» куы бацæуой, уæд кæрц кæуыл уа, уый Мишкæйау гæппытæ кæнæд, цы дзы до- мой, уымæй сæ коммæ кæсæд. Бамбæрстат? — Бамбæрстам! — æмхуызонæй цыбыр дзуапп радтой дыу- уæйæ дæр.æмæ къамандиры кабинетæй рацыдысты. Скодта талынг æхсæв. Цæст ницы уыдта. Æмбнсæхсæвмæ 16
æввахс давджытæ хъуызгæ æрбацыдысты Мишкæйы бынатмæ. Æнæуынæрæй бакодтой дуар æмæ йæм дзурынц сусæгæй: — Мишкæ, рауай, гъа, мæнæ дын сæкæр! Мишкæ, гъа, мæ- нæ дын шоколад... «Мишкæ» йæ бынатæй фæгæпп кодта æмæ сыл цинтæ кæньк Шоколад кæнæ сæкæры къæртт ахæры æмæ та сæ алыварс сгæппытæ кæны. Уыдон «Мишкæйы» расайдтой, уæдæ цы уы- даид. Сæвæрдтой йæ дзоныгъы æмæ йæ аластой сæ æфсæддон хаймæ. Нæхи Мишкæ та уыцы рæстæг хуыссыд гауптвахты каме- рæйы, дежурнæйы дæлбазыр æдас æмæ æнæмæтæй. МИШКÆ-КÆСАГАХСÆГ Махæн нæ къамаидир кæсаг ахсын бирæ уарзта. Иу фæл- ладуадзæн бон дæр ахæм нæ уыд, æмæ уый йе ’мбæлттимæ кæсаг ахсынмæ кæнæ цуаны кæд нæ ацыданд. Ахæм рæстæг-иу Мишкæйы дæр кодтой семæ. Уый-иу доны был лæууыд æмæ касти, кæсаг куыд ахсынц, уымæ. Стæй-иу кæсагахсæн хыз до- нæй куы раластой, кæсæгты-иу хызæй цъыллинджытæгæнгæ куы систой, уæд Мишкæйæн лæвæрдтой хай. Мпшкæ та кæсаг оирæ уарзта. ^ Уыдис сабат. Нæ къамандир фæскуыст Мпшкæимæ ацыд æмæ хыз доны нывæрдта. Дыккаг бон райсомæй раджы къаман- дир къазармамæ æрбацыд æмæ загъта: — Цæуын кæсаг ахсынмæ æмæ уæ кæй фæнды, уыдоп мемæ цомут. Уæхи дæр аирхæфсдзыстут, стæй уæ фæллад дæр суадзг дзыстут. Мах ныццин кодтам æмæ уайтагъд рæвдз уыдыстæм. Сфæнд кодтам Мишкæны дæр пемæ акæнын, æмæ йæм 1салдæттæй чи- дæр азгъордта. Фæлæ Мишкæ йæ бынаты нæ разынд. Бирæ йæ фæцагуырдтам æмæ куы нæ уыднс, уæд æнæ Миш- кæйæ ацыдыстæм. Цыдыстæм æнæдзургæйæ, хъуыдытæ кодтам, уæдæ йæ кæд исчи давгæ акодта, кæнæ кæд истæуыл тæргай фæцис æмæ нын хъæдмæ йæ мад, йæ фыдмæ фæлыгъд, зæг’ъ- гæ. Афтæ хъуыдытæгæнгæ ныххæццæ стæм бынатмæ. Кæсæм æмæ нæ Мишкæ бады доны был, кæсæгтæй минас кæны. Мах куы ауыдта, уæд фæгæпп кодта, нæ размæ разгъордта æмæ ци- пы богътæ снста, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Мæнæ цас кæсæгтæ æрцахстон, уый-ма фенут!..» Мах æм хæстæг бацыдыс- тæм. Кæсагахсæн хыз лыстæг пырхытæй лæууыдис иуварс 2 Бæлæттæ 17
Мишкæйы раз — кæсæгты кæри, йæхæдæг та донластæй бады -æмæ кæсы махмæ. Цы ма загътаиккам? Кæсæгтæй сфыхтам, нæхи дæр хорз федтам æмæ Мишкæйы дæр... Гъе, ахæм бæл- лæхы мнтæ кодта Мишкæ. БÆХГÆС Уыдис фæсснхор. Скъолайы кæрты бæрзонд сусхъæд бæлæс- ты бын цъæх нæууыл бадтысты фæндзæмкъласонтæ æмæ хъæл- дзæг ныхас кодтой. Сæ уæлæ— иухуызон дарæс, сæ хъуыртыл сырх галстуччытæ баст. Дардмæ зындысты рæсугъд сырх ди- динджыты къутæрау. Уалдзæджы фæлмæн дымгæ рæвдауæгау змæлын кодта бæлæсты лыстæг къабузтæ. Æххæст чи иæма байрæзт, уыцы цъæх сыфтæртæ сæхимидæг сусу-бусу кодтой, цыма ногдзауты хъæлдзæг ныхасæн бакъуылымпыйæ тарсты- »сты. — Ахсæв æз Бабиимæ бæхгæс цæуын,— æппæлæгау хъуыс- тис Мураты ныхас. — Бæхгæс та ны диссаг у?!.— Муратмаб зулмæ бакæсгæйæ загъта Таме.— Уæлдайдæр æхсæвыгон, талынджы... Мæн баба йемæ хуым кæнынмæ куы акæндзæн, æмæ йын тракторы дон кæндзын’æн. — Ды тракторы хæтæлмæ æххæсгæ дæр не скæндзынæ,— йæ ныхас баппæрста Аслан. Иууылдæр хъæрæй ныххудтысты. — «Ха-ха-ха-ха!» — мæстыхуызæй сæ сфæзмыдта Таме.— Уæ дзыхтæ куы ныххæлиу кодтат! Æххормаг уын у? — Стæй йæ ныхмæдзурджытырдæм азылд æмæ йæ ныхæстыл бафтыд- та: —Хæтæл нæ, фæлæ радиатор! Уый фехъусгæйæ пионертæ фæсабыр сты æмæ Тамемæ хæ- лæггæнæджы каст бакодтой. Муратæн тынг хъыг фæцис, Таме йын йæ фæндон кæй рафаудта, уый, æмæ йæм ныхмæ фæлæу- уыд: — Дæумæ гæсгæ, тракторы дон ныккæнын диссаг у, фæлæ мæйрухс æхсæв байрагыл бадгæйæ бæхтæ хизын диссаг нæу? Таме уыцы ныхæсты ныхмæ цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæ- лæ йæ Мурат нæ бауагъта: — Баби бæхтæ хизгæйæ бирæ хатт сæмбæлы бирæгътыл дæр... Иухатт ын йæ байрæпæм дыууæ дынджыр цъæх бирæгъы æрбахъуызыдысты, фæлæ сæ Баби нæ бауагъта хæстæг... Дыу- уæхæтæлонæй сыл ралæууыд æмæ дзы иуы фæуæлгоммæ кодта, инйæ та лидзæг фæцис!.. Уыцы ныхæстæм лæппутæ хæстæгдæр бабадтысты Муратмæ 18
æмæ йæм лæмбынæг хъусын байдыдтой. Таме сæм цыма нæ- хъуыста, йæхи афтæ дардта, фæлæ бæрæг уыдис, уымæн дæр Мураты ныхæстæм йæ зæрдæ кæй ахсайдта, уый. — Баби мæн дæр сахуыр кодта топпæй æхсын,— дзырдта Мурат дарддæр.— Цалдæр хатты дзы æхсгæ дæр фæкодтон мæ- хи къухтæй... — Фехсын диссаг нæу, къуыргæ дзы кæд нæ акодтай, уæд,— æлхыскъгæнæгау та йæ ныхас баппæрста Таме. — Куы бахъæуа, уæд дзы къуыргæ дæр акæндзынæн,— сæ- рыстырæй загъта Мурат æмæ йе ’рттивгæ сау цæстытæй ком- коммæ бакаст Тамемæ. Раст уыцы рæстæг скъолайы къæсæрæй райхъуыст уынæр, иыхæстæ. Лæппутæ фестадысты æмæ иууылдæр скъолайы фæ- мидæг сты. Уыцы сахат райхæлд ныййарджыты æмбырд. Мурат базгъордта йæ мады размæ. Мæдинæт йæ лæппуйы йæ хъæбы- сы æрбакодта æмæ йын йæ хъусы загъта: — Иууылдæр дын тынг хорз бæрæггæнæнтæ сты, ахуыргæ- нæг дæ бирæ феппæлыдис. Æвæццæгæн дæ тагъд ногдзауты лагермæ дæр арвитдзысты. Мурат йæ мады хъæбысæй феуæгъд æмæ сæныккау цæрдæг гæппытæгæнгæ йе ’мбæлттæм базгъордта. * * * ...Изæр. Хурныгуылæнæй дымдта сабыр рог дымгæ. Фос сæ хизæнуæттæй цыдысты хъæумæ. Чысыл родтæ æмæ уæрыччы- ты уасын дардмæ хъуыст. Мæдинæт роды хъуырыл бæттæн бабаста æмæ йæ быруйы цæхгæрмæ михыл æрфидар кодта. Райста хъугдуцæн къæрта. Барысби йæхи цæттæ кодта бæхгæс цæуынмæ. Мурат та бадтис кæрты бæлæсты бын æмæ чиныджы каст. Мурат чиныджы фыстытæй ницы уыдта. Уымæн йæ хъуы- дытæ уыдысты йæ фыдимæ. Сусæгæй йæ цæст дардта, фыд йæ- хи куыд цæттæ кæны, уымæ. Барысби йæ дыууæхстон, йæ нымæт æмæ йæ хордзен бæстон сбаста æмæ сæ йе ’ккой скодта. Муратырдæм бакаст... Мураты къухты чиныджы сыфыл æрхауд ставд цæссыджы ’ртах. Барыс- би уый ауынгæйæ йе ’ргом Мæдинæтмæ аздæхта: — Рауадз лæппуйы дæр мемæ. Уадз æмæ фидар кæна! — Нæ йæ уадзын,— загъта мад.— Нырма сывæллон у. Стæй йæ ногдзауты лагермæ дæр цæттæ кæнын хъæуы. Муратæн уыцы ныхæстæм чиныг йæ къухтæй æрхауд æмæ- хуылыдз цæстытæй йæ фыдмæ æнахуыр каст бакодта. Барыс- бийæн йæ зæрдьтл æрбалæууыдысты йæ сывæллоны бонтæ: — Цæй, сыст æмæ цом",— йæ мидбылты бахудгæйæ загъта- 19
Муратæн æмæ аххосджын, фæлæ домæгау бакаст Мæдинæтмæ; — Ма йæ акæн,— мæстыхуызæй та загъта мад.— Куыддæр ыл исты æрцæуа, афтæ дын дæхи дæр нæ хæдзармæ нал æр- бауадздзынæн!.. Цалынмæ Мæдинат уыцы ныхæстæ кодта, уæдмæ Мурат, дыууæхстон йе ’ккой, афтæмæй йæ фыды фарсмæ фæцæйцыд. Мæдпнæт сæ фæдыл кæсгæйæ баззад æмæ ма фæдзæхста: — Бæхтæм æй хæстæг ма бауадз!.. * * $ Хъæугæрон мæнæуыссæн куыройы æдде, фæзы хызтыстьГ’ колхозы кусат бæхтæ. Колхозонтæй ма чидæртæ не ’рбаластой •сæ бæхтæ, æмæ уыдонмæ æнхъæлмæ кастысты Барысбн æмæ Мурат. Уыдис мæйрухс изæр. Мæй арвы астæуæй худт æмæ йæ фæлмæн тынтæ æрвыста зæхмæ. Мурат æхсызгонæй касти, ма- дæл бæхы алыварс чысыл зыгъар байраг чъыллпппæй куыд хъазыд, уымæ. Барысбп нæууыл йæ нымæт æрæвæрдта æмæ йыл æрбадт. Сдымдта тамако æмæ хъуыдыты ацыд... Иæ бн- нойнаг Мæдпнæтимæ арæх ныхас кодтой Мураты тыххæй. Ба- рысби-иу ахæм заман дзырдта: «Тагъд мын æххуысгæнæг уы- дзæн». Æмæ-пу уæд Мæдинæты рæсугъд цæсгом дæр барухс.л ...Мурат байраджы фæдыл æдзынæг бирæ фæкасти, стæй фæлварын байдыдта йæ æрцахсыныл. Дза^вгар фæратæх-батæх кодта байраджы фæдыл, стæй йын пузаман йæ къæдзилыл фæ- ’хæст æмæ йæ уæгъд нал уагъта. Байраг Мураты йæ фæдыл йæ мады цурмæ фæцæйскъæфта. Мадæл бæх уый куы ауыдта, уæд йæ сæр бæрзонд систа æмæ лæппумæ фæзылд... Раст уыцы рæстæг Барысби йæ бынатæй фæгæпп кодта æмæ схсимæ сæ разы февзæрд. Мурат йæ цæст дæр нæ фæныкъуылд- та, фидар хæныд байраджы къæдзплыл æмæ архайдта бæрзæй æрцахсыныл. Барысбийæн æхсызгон уыди уыцы нывмæ кæсын. Бæхы хæстæг нæ уагъта лæппумæ æмæ йæ мидбылты худтис. Фæлæ сын уый бпрæ нæ ахаста. Байраг куы сфæлмæцыд, уæд нычъчъыллипп кодта æмæ йæ мады бын смидæг. Мурат уæл- гоммæ ахауд, нæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Уæд Барысбн дæр хорзау нал (Ьæцис Базгъордта Муратмæ æмæ йæ йæ хъæ- бысы фелвæста. Мурат исдуг джихæй .алæууыд, аракæс-бакæс кодта, стæй æрæджпау нæ дзыхы дзаг ныххудт. Уæд фыртмæ таесгæйæ фыд дæр йæ худын нал баурæдта. Лфтæ зæрдиагæй худтысты æмæ зонгæ дæр пæ бакодтой, ацæргæ колхозон Гæс- тæн йæ бæхтæ куыд æрбакодта, уый. '•— АсЬтæ зæрдпаг худт цæуыл кæнут? — дисгæнæгау сæ ба- фарста Гæстæн. Барысбп йæ худын фæурæдта æмæ йæ цæссыг- тæ сæрфгæйæ загъта: 20
— Æгас цу, Гæстæи! Мæнæ лæппуйæн чысыл зыгъар бапраг лæгау фæци... Барысби æмæ Гæстæн доны был æрбадтысты. Тамако сдым- той æмæ ныхас кæнынц. Лæппу сабыргай бахъуызыд, рæгъауы кæрон цы ныллæг сау бæх хызтис, уымæ. Бæх æй ауыдта, йæ хъустæ базмæлын кодта, къæдзилæй цалдæр æвзысты фæкодта, фæлæ нæ алыгъд. Мурат йæ чысыл армытъæпæнæй бæхы бæр- зæй сæрфы æмæ йын лæгъстæ ныхас кæны: — Дыр-р-р, дыр-р-р! Ма ныццæв! — сабыргай йын йæ бæр- цытæ йæ къухы æнгуылдзтыл стыхта æмæ архайдта йе рагъмæ сбырыныл. Хайуан йæ къæдзил тылдта, йæ сæрæй æвзыста, цыма йæ бьтндзытæ хъыгдардтой, уыйау,— тæрсын кодта лæп- пуйы. Фæлæ Мурат ахæмæй ницы уыдта. Йæ галиу къахæй ныббыцæу ба^хы уæрагмæ æмæ рахиз къахæй амал кодта бæхы рагъмæ сбырыныл. Бæх пу уысм сабыр алæууыд, стæй араст. Мурат дæр ын йæ барц уæгъд нæ уадзы, афтæмæй рæгъауы бæхты æхсæнты разил-базил кодтой. Иу ран бæх къанауы куы ныууад, уæд ыл Мурат йæхн баппæрста, фæлæ æгæр гæпп фæ- цис æмæ хайуаны сæрты иннæ фарсмæ ахауд. Тынг бафæлла- дысты йæ цæнгтæ барцыл хæцынæй, фæлæ сæ уæддæр не суагъ- та. Раздæхта фæстæмæ бæхы уыцы къанаумæ æмæ та куыд- дæр фæуырдыг кодта, афтæ йыл йæхи ногæй баппæрста æмæ йыл абадт. Бæх фыццаг æвæндон уæззау сæпп акодта, стæй тагъдæй-тагъддæр згъорын байдыдта. Лæппу архайдта йæ раз- дахыныл, фæлæ йæ бæх хъæуырдæм хаста. Уæд, цæй, цы уа, уый уæд, зæгъгæ, бæхы йæхп бар ауагъта... Доны æдде куы фæцис, уæд ма йæ фыдмæ рахъæр кодта: — Ба-бп-и! Ма мæ-н-ну агур! Фæстæмæ тагъд æруайдзы- нæн!.. Барысби æмæ Гæстæн кæрæдзимæ бакастысты. Барысби ма Мураты фæдыл ныхъхъæр кæнынмæ хъавыд, раздæх фæстæмæ, æппары дæ, зæгъгæ, фæлæ байрæджы. Уæдмæ Мураты бæхы къæхты хъæр кæройнаг уынгæй æрбайхъуыст. Тынг фæтарстис Муратæн, фæлæ ма цы гæнæн уыдис? Пæ къух ауыгъта, æмæ цыма æнæмæт у, уыйау Гæстæнæн загъта: — Æниу уадз æмæ ахуыр кæна. Сывæллон афтæмæйты фп- дар кæны... Фæлæ Гæстæн йæ сыхаджы æнкъард цæсгоммæ куы бакаст, уæд цыдæр ахъуыды кодта æмæ загъта: — Цæй, æз цæуын æмæ йæм мæ цæст фæдардзынæн. Уый уалæ донласæг Дзыбылайы бæх у, сабыр. Хъуамæ йæ ма ап- пара. Нæ йæм кастæ, куыд фидар бады лæппу дæр... æцæг лæ- гау!.. Гæстæн ацыднс хъæумæ. Барысби баззадис доны был æмæ п
йæхимæ хæцыд: «Цæмæн æй ракодтон? Ныр ыл исты куы ’рцæ- уа, уæд... Æцæг мæ нал бауадздзысты нæхимæ...» * * * ...Мураты бæх бахаста колхозы правленийы кæртмæ. Кол- хозы быдырон куыстытæ сæ тæмæны куы вæййынц, уæд прав- ленийы кæрт суанг æнафонтæм афтид никуы вæййы. Ныр дæр та дзы чи афæстиат, ахæмтæ разынд. Мæйрухсмæ бирæтæ хорз нæ бафиппайдтой: бæхыл исчи бады æви йыл саргъ æвæрд ис. Муратыл æрæмбырд сты. Сæ иу мæстыхуызæй сдзырдта: — Фæллад бæхы цæмæн тухæнæй марыс? Кæм уыдтæ? Мурат фæтарстис æмæ ма афсон кодта: — Баби мæ хъуыддаджы фæдыл рарвыста, фæлæ иæ бæх ардæм æрбахаста. Æнæ дзыларæй мæ коммæ нæ кæсы... Иæхæдæг æхсызгонæн хъуыста, колхозонтæй чидæртæ куыд дис кодтой, уымæ: — Гъеуый дын æцæг лæггаг, гъе! — Диссаг у, чысыл уæвгæйæ куыд бауæндыдис бæхыл сба- дын? — Уымæй дæр — æнæ дзыларæй? — Æхсæвыгон?.. Мурат йæхицæй ныббузныг æмæ фæныфсджындæр: — Исчи-ма мын уисы къæдзил авæрæд, кæннод та мæ ис- куыдæм куы бахæсса... Уæд йæ алыварс лæуджытæй иу ас лæг ауад æмæ бæхдо- нæй дзылар рахаста. Бакодта йын æй йæ бæхыл æмæ нын загъта: — Райсом-иу дзылар фæстæмæ мæнмæ æрбахæсс! — Хорз! — фырцинæй ма фæхъæр кодта Мурат æмæ бæхьт йæ бæгъæввад къæхты зæвæттæй фесхуыста. Бæх уынгмæ куы рахызт æмæ лæппуйы коммæ дзæбæх кæсын куы байдыдта, уæд Мурат сфæнд кодта сæхимæ суайын. Цæхгæрмæ нарæг уынджы. фæзылд æмæ уайтагъд сæ кæрты дуар бахоста. Мæдинæт сыхы устытимæ изæры сатæджы сæ сыхæгты дуар- мæ бадтис, æмæ, уый нæм цавæр барæг-уазæг хойы, зæгъгæ, тагъд-тагъд æрбауад. Мураты куьт базыдта, уæд ма фырадæр- гæй йæ армытъæпæнтæ йæ рустыл авæрдта. — Баби мæ дыргътæм сæрвыста. Абон нæ немæ ахæссын ферох, æмæ...— йæ мидбылты худгæйæ сæфсон кодта лæппу. — Æмæ бæхыл та куыд сбадтæ? Искуы дæ куы аппара, уæ^ та? — тарст хъæлæсæй загъдæмхасæн фарст кодта мад. — Кæй? Мæн? — хъæбатырхуызæй бафарста Мурат æмæ- йæхæдæг йæхицæн дзуапп радта: — Никуы... 22
Цы гæнæн ма уыдис Мæдинæтæн? Иæ сæр мæстыйæ ныт- тылдта æмæ мидæмæ бацыд. Раст уыцы рæстæг бæхмæ дæрд- дзæфгомау æрлæууыдис дыууæ лæппуйы. Муратмæ æдзынæг кастысты. Мурат сæ уайтагъд базыдта, фæлæ сæ цыма нæ зо- ны, уыйау хъæрæй бафарста: — Чи стут сымах та? Цы уæ хъæуы? Лæппутæй иу иннæйы басхуыста æмæ йын йæ хъусы дзуры: — Мурат у, Мурат...— хæстæгдæр æрбацыдысты, бæхы ал- фамбылай æрзылдысты æмæ хæлæггæнгæ кастысты. — Таме, дæ лакъами дзых цы ныххæлиу кодтай? Уæд афтæ куы фæзæгъыс... ба-’хтæ хизын æмæ бæхыл бадын диссаг нæу?— йæ мидбылты бахудгæйæ йе ’мбалы алхыскъ кодта Мурат. — Æмæ нал зæгъдзынæн,— лæгъстæхуызæй загъта Таме.— Дæ фæсарц-ма мæ сæвæр... Уæдмæ Мæдинæт дзæкъулы дыргътæ рахаста æмæ сæ йæ лæппумæ слæвæрдта. Мурат йæ мадæй дыргъты дзæкъул райс- та æмæ Тамемæ дзуры: —* Нæ мæ ’вдæлы, Таме, æндæра дæ сæвæрин мæ фæсарц! Стæй- æнахуырæй куы ахауай, уымæй дæр дын тæрсын! , , Иæхæдæг бæхы йæ мидбынат цæхгæр фæзилын кодта æмæ уынджы’уырдыгмæ фæцагайдта. Мæдинæт ма йæ фæдыл тарст лъæлæсæй ахъæр кодта: — Сындæг, хæйрæджы мыггаг! Сындæг!.. Фæлæ Мурат ницыуал фехъуыста. Сосæ фæндаджы уираг- дуртыл йæ бæхы æндон цæфхæдтæ цæхæр акалдтой æмæ ууыл æхсæвы фæлмы аныгъуылд. * * * Колхозы кусæг бæхтæ иууылдæр уыдысты æмбырд. Æрмæст ма Барысби æнхъæлмæ каст Муратмæ. Йæхицæн иу ран бынат нал ардта. Скатай. Сæры алыхуызон хъуыдытæ сæмхæццæ сты. Хуы-иу рахъавыд бæхыл хъæумæ суайын, куы та-иу йæхицæн загъта,цæй, иучысыл ма йæм банхъæлмæ кæсон;.. Стæй йæ бæхтæ кæй бар ныууагътаид, уый дæр нæ уыд. Уыдонæн та æнæ гæсæй колхозы нартхоры хуымтæм бацæуынæй тæссаг уыдис. Уыцы мидхъуырдухæн куыд кодта, афтæ йæ хъустыл ауад бæхы къæхты хъæр. Фæндагмæ фæкаст æмæ федта, Мурат ныл- лæггомау сау бæхыл доны куыд æрбалæгæрста, уый. Иæ зæрдæ фырцинæй гсрысти Барысбийæн. Иæ цæсгом барухс. Æрдæбон- сарæй йæ сæры цы тæссаг хъуыдытæ зилдух кодтой^ уыдон æваст цыдæр æрбаисты æмæ цины гуылфæнтæн сæбынат рад- той. 23
Мурат хидæидзаг тæвд бæхыл фыды раз æрбалæууыд æмæ- пæм хъæлдзæгæй дзæкъул’æрлæвæрдта: — Баби, мæнæ дын мамæ-дыргътæ рарвыста... Иæ ныхас нæ фæцис<!лæппу:; фыд æй æд дыргътæ бæхаÆ раскъæфта æмæ йæ йæ хъæбысы ныттыхта... ...Фыд æмæ фырт сæ бæхты рæгъау æртымбыл кодтой æмæ- сæ хизæн бынæттæм аскъæрдтой. Æхсæв уыдис сабыр. Мурат йæ фыды фарсмæ цыдис æмæ æхсæр даргъ уисæй бæхтæм æв- зыста. Барысби йæ цæст дардта йæ фыртмæ æмæ хъуыды код- та: «Никуы мæ бауырныдтаид, ахæм* амондджын уыдзынæн^ уый. Иæ мад æй ныр афтæ мæ фарсмæ бæхыл цæугæ куы фе- нид,'уæд нал зæгъид «нырма сывæллон у». Уæдмæ рæгъау ныххæццæ хизæн бынатмæ. Бæхтæ сæхп ауагътой астæумæ цъæх кæрдæджы .Сæ хуыррытт æмæ кæрдæг рæдувыны уынæр æхсызгонæн уади рæгъаугæсты хъустыл. Фыд. æмæ фырт æрхызтысты сæ бæхтæй, рафтыдтой сын сæ дзылæрт- тæ æмæ сæ хизынмæ ауагътой. Барысби фæЛмæн кæрдæгыл æрытыдта нымæт æмæ йыл хор- дзены хæрннæгтæ райхæлдта. Мурат дæр æриста йæ дыргъты дзæкъул, æмæ æхсæвæр хæрыныл æрбадтысты. Мурат хæргæ- хæрын æхсызгоиæн дзырдта ^йæ хъæумæ балцы хабæрттæ. Ха- тыр дæр ракуырдта, правленийы кæрты æнæбары гæдыныхас* кæй загъта, уый тыххæй. Фыд æдзынæг хъуыста йæ фырты ны- хæстæм æмæ йæ зæронд нымæтхуды бынты каст дард кæдæм- дæр..Йæ хъуыдытæ йæ сæ базыртыл ахастой йæхи сабибонтæм,. Иæ цæстытыл ауадысты, мæнæ абон Муратау фыццаг къах- дзæфтæ бæхыл куы акодта, уыцы бонтæ... — Баби, бирæгътæ алы ’хсæв дæр фæлæбурынц байрæг- тæм? — йæ балцы хабæрттæ фæуæвгæйæ сонт фарст акодта лæппу. — Нæ, нæ фæлæбурынц,— дзуапп радта фыд æмæ зулмæ бакаст йæ фырты цæсгоммæ.— Искуы-иу хатт, æрмæст къæвда рæстæг... Бирæгъты коймæ Барысбийæн йæ зæрдæ фехсайдта æмæ- дыууæхстон райсгæйаз сыстад. — Баби, æз дæр дёмæ цæуын! — йæ бынатæй фæгæпп кодта Мурат дæр. — Нæ, ды ам бад. Бахæр, æмæ ма хæринæгтæй цы баззайа, уьгдон дæхицæн райсоммæ бафснай хордзены. Ма сфæнд кæн мæ фæдыл рацæуын! Барысби æрзылдис рæгъауыл æмæ байрагджын бæхтыл йæ- нæст ахаста. Фæйнæрдæм айхъуыста, аракæс-бакæс кодта, æмæ„ быдыр æнцад у, уый куы бамбæрста, уæд фæстæмæ сабыргай 24
.æрбаздæхт. Мурат хъуыдытæгæнгæ æнцад бадт. Бирæгътæ йæ сæрæй нæ хицæн кодтой æмæ та афарста йæ фыды: — Баби, æмæ бирæгътæ æрмæст б.айрæгтæм фæлæбурынц? — Мæнæ нымæгы дæхи батух ’ æмæ фынæй кæн,— дзуапп раттыны бæсты загъта фыд. — Мæнмæ фынæй кæнын иæ цæуы. Æз ардæм фынæй кæ- нынмæ пæ рацыдтæн. Стæй, миййаг, бирæгътæ куы лæбурой, уæд сæ ма фенон*, нæ? Æмæ мæ райсом Тамеитæ мæстæй ма’- рой: «Бæхгæс ацыд, æмæ кæмдæр пыхсы ныффынæй!» — Бирæгъты ныууадз, уыдон ахсæв нæ лæбурдзысты,— ’ .загъта фыд æмæ Мураты нымæты фæдджитæй æрæмбæрзта, стæй тызмæгхуызæй йæ ныхасыл бафтыдта:—Л^рхуысс æмæ ба- фынæй, кæн, дæ сæрæй аппар бирæгъты кой. — Хорз, уæдæ, хуыссын,— нымæтыл йæхи æруагъта фырт.— Æрмæст мæ-иу райхъал кæн, бирæгътæ куы лæбурой, уæд? — Хорз, хорз! — загъта фыд æмæ лæппуйы бæстон æрнорс* та нымæты. Лæппу уайтагъд афынæй. Барысби йæ фарсмæ æрбадт, та- ллако сдымдта. * * * ...Æмбисæхсæвæй сахат кæнæ дыууæ рауадаид. Иыгуылæпы- рдыгæй арвыл фæзындис сау мигътæ. Уыдон уæлдай бæрæг дардтой, арв-иу куы ферттывта, уæд. Æхсæвы сатæг сабыр дым- гæ фæтыхджындæр, кæрдæджы бæрзонд цъуппытæ зæхмæ та- сын кодта. Арв-иу куы ферттывта, уæд-иу бæхты рæгъау дзæ- бæх æрбазынд. Байрæгтæ сæ мадæлты раз хуыссыдысты фæл- мæп кæрдæгыл æмæ Муратау адджын фынæй кодтой. Барысбн бамбæрста, къæвда кæй кæндзæнис, уый æмæ хъус лæмбынæг- дæр дарын байдыдга рæгъаумæ. Сау мигътæ хæстæгæй-хæстæг- дæр кодтой. Дымгæ уазал уылæн æрбахаста æмæ тызмæг æх- ситт байдыдта. Бæрзонд цъæх кæрдæг бынтондæр æрхуыссыд, тынгæй-тынгдæр хъуыст йæ сыф-сыф. Барысби райхъал кодта Мураты æмæ йæ нымæты батыхта. Лæппу хуыссæгхъæлдзæгæй нæ бамбæрста, пы хабар у, уый, æмæ йæ цæстытæ аууæрдгæйæ джихауæй каст. Стæй æвиппайды афарста: — Баби, бирæгътæ лæбурынц? — Уæддæр та бирæгътæ! — тызмæг сдзырдта фыд æмæ йæ дыууæхстонимæ байрæгтæ бæрæггæцæг ацыд. Уьшы рæстæг æвиппайды арв тынг ферттывта, цыма æнæн- хъæлæджы талынг агъуысты стыр электрон цырагъ ссыгъдис. Арв ныггæрах кодта. Чысыл байрæгтæ фыртæссæй хæрдмæ фæ- хаудысты, фæгæппытæ ластой æмæ сæ мадæлты бынты абыры- дысты. Мурат дæр æнæнхъæлæджы гæрахæй фесхъиудта, фæлæ ?5
тæрсгæ нæ фæкодта. Йæ фыдæн зæгъын нал уæндыд бирæгъты тыххæй, фæлæ йæхинымæр хъуыды кодта: «Уæдæ ацы къæв- дайы хъуамæ бирæгътæ лæбурой...» Уæззау дондыппыр тызмæг мигътæ арв æрбамбæрзтой. Мæй сæ чъылдыммæ йæхи тагъд-тагъд амбæхста, цыма йæхицæн кыххуылыдзæй тарстис. Бынтондæр æрбаталынг. Цæст ницыуал уыдта. Барысби бæхты æхсæнæй дыууæ бæрзонд хæрзхаст бæхы æрбаласта, ба,кодта сыл дзылæрттæ æмæ дзы иуыл Мураты сæ- вæрдта, иннæуыл йæхæдæг сбадти. Стæй йæ бæх хæстæг баз- дæхта Муратмæ æмæ йын загъта: — Мацæмæй тæрс! Дæ зæвæттæй фидар хæц бæхы фæрс- тыл æмæ хъæддых бад!.. — Æз æппындæр ницæмæй тæрсын,— уæндонхуызæй загъта Мурат. Лæппуйы цинæн кæрон нал уыдис, æрбайрох дзы ис æппæт- дæр. Иæ чысыл армытъæпæнæй бæхы лæгъз хъарм бæрзæй æрсæрф-æрсæрф кодта. Ахæм стыр бæхыл бадгæ йæ куы фе- никкой Тамеитæ! Ай, æзæццæгæн, парторг Мурадийы бæх у. Колхозы бæхтæй уымæй бæрзонддæр, рæсугъддæр æмæ уайаг- дæр нæй. Хъæуы уынгты куы фæцæуы, уæд æм лæппутæ кæс- гæйæ баззайынц. Ахæм саргъыбæхыл сбадын — лæппуйы бæл- лиц. Ныр мæнæ Мураты бæллиц сæххæст! Иæ цæстытæ худынц, йæ зæрдæ цины пурти фестади, гæппытæ кæны йæ риуы. Но- джы йæ цыма бæх дæр æмбæрста, уыйау йæ цæстытæ æрдæг- цъынд бакодта æмæ æфсæстæй æнцад лæууыд йæхицæн. Иннæ бæхтæ дæр бафсæстысты æмæ алырдыгæй сæ сабыр хуыррытт хъуыстис. Ставд æртæхтæй райдыдта уарын. Тынгæй-тынгдæр æмæ арæхæй-арæхдæр æрттывта арв, æмæ та-иу уæд Мурат ауыдта, чысыл байрæгтæ сæ мадæлты бын куыд æмбæхсынц, уый. Уа- лынмæ ныккалдта тыгъдызæй. Быдыр иууылдæр змæлд æмæ уынæр сси. Сиу сты къæвдайы уæззау сæх-сæх, арвы тыхджын гæрæхтæ æмæ дымгæйы тызмæг къуыззитт... Бæстæ гуыр-гуыр кодта, цыма зæй рацыдис. Бæхтæ сæ сæртæ бæрзонд систой, сæ хъустæ ныццыргъ сты æмæ сæхи кæрæдзимæ æнгомдæр æлвæстой. Алырдыгæй тарсг хуыррытт сарæх. Мураты бæх’ дæр йæ сæр бæрзонд сисгæйæ тарст каст кæны фæйнæрдæм. Барысби хабар бамбæрста æмæ, цас амал уыдис, уыйбæрц хъæлдзæгдæр хуыз æвдисгæйæ Му- ратæн загъта: |— Миййаг, бирæгътæ куы фæзыной, уæд ма фæтæрс. Фи- дар бад дæ бæхьтл, æмæ-иу æй йæхи бар уадз. 26
Мурат бирæгъты коймæ йæ сæр уæртджын хæфсау нымæты бынæй радардта æмæ ныфсхастæй загъта: — Хорз, Баби, æз æппындæр нæ тæрсын! — Хъусыс, ма ахау бæхæй! Фидар бад! — æрбахъæр ма кодта фыд æмæ йæ дыууæхстон йæ къухтæм æрисгæйæ байраг- джын бæхтырдæм атындзыдта. Раст уыцы рæстæг бæхты уынæр тынгдæр ссыд. Рæгъау иу- уылдæр стыр уылæн фсстад. Цалдæр бæхы Мураты рæзты тарсг згъорд æрбакодтой æмæ хъæуырдæм ныййарц сты. Мураты бæх дæр сæ фæдыл цæхгæр фæзылд, фæлæ йæм лæппу фæцарæхст æмæ йын йæ идоны рохтæ æрбалвæста. Бæх йæ мидбынаты ска- тай æмæ тарст уаст ныккодта. Байрагджын бæхтæ дæр, йæ бай- раг кæмæн куыд хистæр æмæ цæрдæгдæр уыдис, афтæ хъæумæ лыгъдысты. Æнахъом байрæгткмæ ма дзы чи баззад, уыдон тарст хуыррытт кæнгæйæ фæйнæрдæм сырддзастæй кастысты. Мураты бæх уромын нал куымдта, йæ бынаты цъилау зыл- дис. Иæ раззаг рахиз къахæй зæхх хоста. Иуахæмы арвæрттыв- ды рухсмæ Барысби ауыдта æртæ цъæх мадæл бирæгъы. Уы- дон арф бæзджын кæрдæджы байрæгтæм сæ гуыбынтыл æрба- цæйбырыдысты... Фæд-фæдыл фæцыдис дыууæ гæрахы. Бирæгъ- тæй иу хуысгæйæ аззад, иннæ дыууæ чысыл æддæдæр алыгъ- дысты æмæ уым æрæмбæхстысты. Уалынмæ та арв ногæй ферт- тывта. Барысби ауыдта Мураты æмæ йыл мæсты хъæр фæ- тсодта: — Цæуылнæ ауадзыс бæхы йæхи бар?! Ауадз æй æмæ скъæргæ иннæ бæхты фæдыл хъæумæ!.. Лæппу йæ фыды мæсты тарст хъæр кæронмæ нал фехъуыс- та, феуæгъд кодта идоны рохтæ æмæ бæхы йæхи бар ауагъта. "Бæх сæрибар банкъаргæйæ цæхгæр фæзылд æмæ йæ мидбына- тæй йæхи хъæуырдæм фехста. Уый ауынгæйæ бирæгътæй иу йæ фæдыл ныййарц. Æрмæст нæдæр Мурат, нæдæр Барысби уый ’нæ бафиппайдтой талынджы. Иуцасдæр куы рауад Мурат, уæд та йæ хъустыл ауад гæ- рæхтæ. Фæстæмæ ракаст, фæлæ талынджы цы федтаид? Æр- мæст йæ цæст ацахста дыууæ сырх стъæлфæны. Гæдыйы цæс- тытæ талынджы куыд æрттнвой, афтæ зындысты. Мурат йæ фыдæй бирæ хатт фехъуыста, стæй сын скъолайы ахуыргæнат дæр дзырдта, бирæгъæн дæр талынджы йæ цæстытæ æрттивгæ кæй кæнынц, уый. Бамбæрста хабар. Йæ бæхы йæ зæвæттæй бахоста æмæ та фæстæмæ фæкаст. Иæ цæстытыл ауад, æви йæм кæсгæ афтæ фæкодта, фæлæ бирæгъы æрттитзаг зынг цæстытæ хæстæгæй- хæстæгдæр кодтой... Лæппу ныггуыбыр æмæ йæ бæхæн дзуры: «Рæвдздæр... Рæвдздæр... Æрбаййафы нæ...» Уæд бæх дæр, цы- *>г
ма Мураты ныхæстæ бамбæрста, уыйау йæхи айвæзта æмæ уа- дау атахти. Лæппуйы хъусты дымгæ æхситт кодта, йæ цæссыг калдис тымыгъы хостæй. Уайтагъд хъæумæ фæзилæн лæгъз фæндагмæ æрбахызтысты: ам бæхæн фенцондæр, йе згъорд фæ- рæвдздæр... Мурат.,та фæстæмæ акаст,— дыууæ зынджы стъæлфæны дард фæстё аззадысты. Лæппуйы чысы’л зæрдæ барухс. Фырци- нæй зонгæ дæр нæ бакодта, фæндаджы иу фæзилæны йæ ны- мæт куыд ахауд, уый. ...Барысби дыккаг ифтыгъдæй афæлдæхта дыккаг бирæгъы дæр: сырх зыгъар байрагыл йæхи баппарынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ багæрах кодта. Байрагджын бæхты йæ разæй рас- къæрдта æмæ ратындзыдта хъæумæ. Иæ зæрдæ æхсайдта Му- ратмæ. Уæдмæ бон æрбацъæх. Уарын банцад. Арв æрбасыгъдæг, аермæст ма хурыскæсæнырдыгæй ферттнв-ферттив кодта. Ба- рысби, быдырæй хъæумæ цы фæндаг.цæуы, уымæ куы æ’рба’- хызт, уæд ламибын цъыфыл бафиппайдта "бирæгъы стыр дзæм- быты фæд æмæ бæхы дæргъвæтин арф къахдзæфтæ. УайтагъД бамбæрста, æртыккаг бирæгъ цы фæцис, уый"... Тынг фæтарст Барысби: «Кæд лæппу искуы ахауд бæхæй, .кæнæ сæ.бирæгъ баййæфта?.. Нæ, æййафгæ сæ хъуамæ ма бакæна... Уый дæлæ быдыргæс Æндрусайы саргъыбæх у. Тынг уайаг у. Хъуамæ сæ ма баййафа!» Барысби бæхты разæй.йæхи фæкодта æмæ фæн- дагмæ æдзынæг кæсгæйæ фæд-фæд т.агъд .ацагайдта... Иучысыл куы рауад, уæд фæндаджы иу цæхгæр фæзилæны зæххыл ауыдта цыдæр сау æндæрг. Æвиппайды йæ бæх фæу.- рæдта. Æркаст æмæ... Мураты нымæт... Йæ зæрдæ йæхи къул- тыл бахоста æмæ æрбауынгæг. Бæхæй æрхызт, нымæт фелвæс- та, йæ алыварсмæ тарстхуызæй афæлгæсыд. Стæй йæ бæхыл иæхи баппæрста æмæ та фæцагайдта... Хъæугæрон, куырæйтты размæ ма йæ чысыл куы хъуыдис, уæд бирæгъы фæд фæнда- гæй æрбайсæфт. Дзæбæх ма зындис иунæг бæхы фæд хъæумæ бахизæны. ’ [ Барысби уыцы тарстхуызæй æрбамидæг колхозы бæхдæтты кæрты. Ам æрбаййæфта йæ бæхты рæгъау дæр. Мурат лæууыдис колхозы сæрдар Дзамболат æмæ æхсæвгæс Микъитты раз æмæ сын йæ хабæрттæ дзырдта. I
СÆРГÆНДТÆ БÆЛÆТТÆ 3 АСЛАНЫ МАСТ 9 СЫРХ ФÆТКЪУЫТÆ 11 АРСЫ ЛÆППЫН 14 БÆХГÆС 18 Для среднего и старшего школьного возраста ВЛАДИМИР АЛИХАНОВИЧ ТОМАЕВ Голуби Рассказы на осетинском языке Редактор К. X. X о д о в ХуДОЖНИК Т. Г. Т О р Ч II II 0 В Художественный редактор X. Т. Сабанов Техничеакий редактор А. В. Ядыкина Корректор И. X. Джанаева ИБ № 900 Сдано в набор 26.01.83. Подписано к печати 24.03.83. ЕИ 00648. Формат бумаги б0х841Дв. Бум. тип. № 1. Гарн. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. и. л. 1,63. Учетно- изд. листов 1,54. Тираж 2000- экз. Заказ № 112. Цена 5 коп. ^ Издательство «Ир» Государственного комитета Северо-Осетинской АССР по делам из- дательств, полиграфии и книжной торговлн, 362040, г. Орджоникидзе, ул. Димитро- ва, 2. Книжная типография Государствснного комитета Северо-Осетинской АССР по делам издательств, полиграфии ы книжной торговли, 362011, г. Орджоникидзв, ул. Тельмана, 16.