Text
                    ДАУЫРÆ
Дзæуджыхъæу 2015


ББК 84(2Рос=Сев) Д21 Д21Дауырæ. Уды рыст: [Текст] / Дауырæ. - Дзæуджыхъæу: ИП Цопа- новой А.Ю., 2015 - 223 ф. Даура. Боль души «Боль души» — так назвала свою новую книгу Даура. Страдания сирот войны, любовь к родителям, героизм по- коления отца, пропавшего на войне без вести, — все это боль души автора. Книга рассчитана на широкого читателя. ББК 84(2Рос=Сев) ©Даура, 2015
Уды рыст ■3* Ма мыл фæхудут, кардзыдæй мæ ныййарджыты кæй мысын, уый тыххæй. Дыууæ азы дæргъы цæссыгтимæ фæфыстон мæ уды рыст, ме ’дзард мад æмæ фыды хабæрттæ, мæ мæгуыр бинонты цард. Æрæмысыдтæн мæ уарзон æмхъæуккæгты сурæттæ... Ме ’намонд мады æнаххосæй кæй æфхæрдтон, мæ уыцы рæдыды тыххæй стыр аргъ бафыстон царды. Бирæ цæуылдæрты фæсмон кæнын абон дæр. Дауырæ 3
Уды рыст Арын дзы, мæнау фыд мысгæйæ чи фæцард, уыцы хæсты сидзæрты ном Абон у 29 январь, хуыцаубон, 2012 аз. Хуыцау зæгъæд, æмæ, мæ зæрды цы ис, уый мæ къухы бафтæд! Тыхы ихсыд æмæ мæ зонды къуымых ма бахъуыгдарæнт! Кардзыд адæймагæн фæндтæ кæнын йæ бон цас вæййы, фæлæ мæ тынг фæнды, бирæ азты дæргъы цы уæззау уаргъ фæхастон, цæрæнбонты мæ зæрдæйы цы стыр маст байдзаг, уыдон фæрогдæр кæнын æмæ мæ фæстаг фæндагыл æнцонæй ацæуын... Æз, Сланты Зоя Никъалайы чызг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сидзæртæй иу, 1935 азы июны 20 боны гуырд, мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ агуырдтон, мæ фыд æбæрæгæй цы ран фесæфт, уый. Цал æмæ цал хатты ныффыстон бæрнон бынæттæм! Цал æмæ цал хатты фæзылдтæн иумæйаг ингæнтыл канд нæхи бæстæйы нæ, фæлæ суанг фæсарæнты дæр. Ирон мыггæгтыл- иу куы сæмбæлдтæн, уæд-иу сæ рафыстон æмæ- иу сæ ам, Ирыстоны, уыцы мыггæгтæй искæмæн фехъусын кодтон, уым æмæ уым, ахæм æмæ ахæм ирон лæг иумæйаг ингæны ис, зæгъгæ. Цалдæр хатты мæм зынгхуыстты хиуæттæ цæугæ дæр æрбакодтой, æмæ-иу сын бæстон бацамыдтон бынæттæ. Европæйы бæстæтæй Германы, Венгрийы, 5
^^^,, Дауырае Польшæйы, Болгарийы, Югославийы, Румыны, Чехо- словакийы туристон балцыты уæвгæйæ, архайдтон, суанг концлагерты дæр, мæ фыд Сланты Никъала æмæ йæ кæстæр æфсымæр Георгийы ссарыныл, фæлæ никуы æмæ ницы! Куывтон Хуыцаумæ, куырдтон дзы, цæмæй уыцы æбæрæгдзинад мемæ ингæнмæ ма ахæссон. Æмæ мæ куывд фехъуыст не Сфæлдисæгмæ! 2011 азы августы мæйы, бынтон æнæнхъæлæджы базыдтон, мæ фыд кæй фæмард мартъийы мæйы 1943 азы Краснодары крайы Славинскы районы хутор Ново-Троицкы æмæ уым æфсымæрон ингæны ныгæд кæй ис. Æз дард рæтты кæй агуырдтон, уыцы зæххы гæбаз Ирыстонмæ бынтон хæстæг у, уый та чи зыдта!? Цæвиттон, Калоты Хазбийы чызг Бэллæ (мæ фыдыхо Марусяйы чызджы чызг) кусы Мæскуыйы, Центрон телеуынынады, инженерæй. Уый дæр куыд нæ хъуыста хиуæттæй нæ хабæрттæ?! «Поиск» чи хуийны, уыцы хайадмæ арæх цыдис æмæ агуырдта йæ мадымады æфсымæрты. Куыд рабæрæг, афтæмæй раст фыст нæ уыдысты нæ хъæу æмæ нæ районы нæмттæ: Гизельдонский районы бæсты фыст уыдис «Кизилтанский район», Хъобаны, нæ хъæуы номы бæсты та фыст уыдис «Ку- бань». Уымæ гæсгæ, никуы сæмбæлд нæ фыды сæф- ты хабар нæ хъæуыл. Уæвгæ, кæддæр мæ мад райста ахæм гæххæтт: «Ваш муж Сланов Николай Григорье- вич - 1909 г.р., в бою за Социалистическую Родину, верный воинской присяге, проявив геройство и му- жество, пропал без вести в феврале 1943 г.». Фæлæ 6
Уды рыст ■3* кæм, уый бæрæг нæ уыд. Цас фыдæбон фæкодта нæ рынчын мад, йæ уарзон мойы удисæн бынат ссары- ныл, фæлæ никуы æмæ ницы. Абоны хуызæн хъуыды кæнын, иу уазал зы- мæгон æхсæв нæ цырагъы фæтæген фæцис, æмæ талынгæй тæрсгæйæ иууылдæр иумæ, иу сынтæджы хуыссыдыстæм: æз, мæ дыууæ кæстæр хойы æмæ нæ мад. Æмбисæхсæв фехъал дæн нæ мады фæдисы хъæрмæ: «Райхъал ут æмæ уæ зæрдыл бадарут: город Малду, район Снабиди!» Нал бафынæй стæм цыппарæй дæр. Уыцы дыууæ дзырды кæрæдзийы дзыхтæй истам. Куы ’рбабон и, уæд нæ мад гæххæттыл ныффыста кърандасæй «Малду» æмæ «Снабиди». Зæххы къорийы картæйыл агурын райдыдта уыцы дыууæ дзырды, фæлæ ахæм район æмæ ахæм горæт никуы ссардта. Мах куы рахъомыл стæм, кæсын æмæ фыссын куы райдыдтам, уæд-иу мах дæр агуырдтам Малду æмæ Снабиди, фæлæ сæ кæцæй ссардтаиккам, кæд æмæ уыдон уыдысты нæ рыстзæрдæ мады фыны сæнттæ. Æз уый куы зыдтаин, æмæ мын мæ фыды мæлæнбынат уыйас зæрдæниз æмæ зындзинад æрхæсдзæн, уæд æй агургæ дæр нæ кодтаин. Æртæ мæйы дæргъы алы бон дæр телефонæй дзырдтон Краснодар æмæ Краснодары краймæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй кæддæр Славинский район, Ново-Троиц- кий хутор чи уыдис, уымæн йæ кой дæр нал ис. Рауадис дзы горæт Славинск. Иумæйаг ингæнтæ кæм уыдысты, уым æфсæйнаг фæндаг арæзт æрцыд, - зынгхуыстты сджытæ та æндæр рæтты ныгæд æрцы- дысты. 7
^С*,, Дауырае - Ницы хуызы ис ссарæн, дæ фыд ныртæккæ кæм ныгæд ис, уый. Кæд дæ фæнды, уæд æрцу æмæ город Славинскы кæрон дæ зоныгыл æрлæуу! - зæгъта мын фæстагмæ, чи мæ сфæлмæцыд, уыцы инæлар. Мæ туджы æлхъывд афтæ схызтис, æмæ мæ сæры зылдæй мæ развæндаг дæр нал уыдтон. Краснодармæ цы фынджыдзаг сцæттæ кодтон, уый мæ кæстæр хо Езæ æмæ мæ фыдыхойы чызг Зояимæ Хъобанмæ арвыстон, уадз æмæ зæгъын, мæ фыд кæм цардис, ус кæдæм æрхаста, хæстмæ йæ цы хæдзарæй акодтой, уым ын сыхæгтæ йæ ном ссарой. Уæвгæ ма, уæды сыхæгтæй æгас чи у? Фæлæ йæ хо Мисурæт - 85-аздзыд, цæры уым, Хъобаны, нæ фыдæлты хæдзары. Фæкуыдта, дам, хæларгæнгæйæ, фæдзырдта, йе ’фсымæрты куыдæй хъуыды кæны, уыдæттæ. Кæд, цы мын æмбæлдис, уыдон се’ппæт дæр скодтон, уæддæр мын æнцойдзинад не ’рхастой. Базмæлыдысты мæ уды рохтæ, мæ туджы цæуæнтæ# æмæ мæ бон нал у æнцад-æнцойæ цæрын. Мæ цард, мæ хъуыдытæ иууылдæр баст æрцыдысты мæ фыд æмæ йæ мæлæтимæ. 33-аздзыд лæппулæг, æртæ сывæллоны фыд, бинонты уарзон бындар,- куыд æй фæндыдаид йæ уарзон бинонты, йæ чысыл сывæллæтты фенын, йæ цардæмбал, йæ ныййарæг мады йæ хъæбысы æрбакæнын! Фыдбоны хæст æлгъыст фæуæд! Краснодарæй ардæм машинæйы 6-7 сахаты цыд йедтæмæ нæу, фæлæ кæм уыдис гæнæнтæ!? Кæд мыл æхсæз азы йедтæмæ нæ цыд Фыды- бæстæйы Стыр хæсты райдианы, уæддæр мæ 8
Удь! рыст Ща* фыды хорз хъуыды кæнын. Мæнмæ гæсгæ, æз нæ бинонтæй се ’ппæтæй дæр мæ фыды фылдæр уарзтон. Уарзгæ йæ цас кодтон, тæригъæд дæр ын уыйас кæнын, æмæ мæ зæрдæ байдзаг алыхуызон хъуыдытæй. Æз тынг æууæндын, уд кæй нæ мæлы, ууыл, æмæ æдзухдæр мæ фыдимæ мæ мидхъуыдыйы ныхæстæ кæнын. Æмæ кæд дунейы иунæг адæймагæн дæр мæ хъуыдытæ, мæ цард нæ раргом кæнин, уæддæр, мæ фыдæй цы басусæг кæнон, ахæм хъуыддаг нæй. Уымæ гæсгæ сфæнд кодтон, уаргъ кæй хонын, царды уыцы цаутæ дзæнæтмæ, мæ фыдмæ ныффыссын. Уæдæ, афтæ! Æз райдыдтон мæ дæргъвæтин царды цаутæ мæ зынаргъ, мæ уарзон, мæ сызгъæрин фыдмæ фыссын. # * * Нæ хохаг хъæу Хъобаны цæрджытæй урс æфсады инæлар Алыккаты Ибрхины цъæх- сæр хæдзармæ чи нæ хæлæг кодта, ахæм нæ уыд. Æмæ йын кæд йæхи революци фæсырдта, уæддæр йæ байзæддæгтæ - йæ фырттæ Чермен æмæ Баботти (Валодя) йæхæдзары иу хайы цæргæйæ баззадысты. Нæ сыхы устытæ, кæддæр Ибрхин цы дыууæ нæ- зы бæласы ныссагъта йæ дыууæ фырты райгуыр- ды фæдыл æмæ арвы цъупмæ чи фæцыди, уыдо- ны бын бадын уарзтой сатæджы. Уыцы сæрдыгон бон дæр та Абайты Гыгы, Хæдзарæгаты Сæниат, Татраты Фаризæт æмæ Ибрхины номылус Сидо (Чер- 9
^^Э^ Дауырæ мен æмæ Баботтийы мад) бадтысты, къуыбырыл цы даргъ хъæдын бандон уыдис, ууыл, æмæ фæл- гæсыдысты хъæуыл дæр æмæ, хохаг доны фаллаг фарс цы бæзджын хъæд уыдис, ууыл дæр. Æлутоны уæлдæфæй улæфгæйæ, сабыргай цыдæртæ дзырд- той. Хатгай-иу сыл худæг дæр бахæцыд. Мах, сывæллæттæ: Татраты дыууæ лæппуйы Му- сик æмæ Мишæ, Чермены лæппу æмæ чызг - Роман æмæ Азæ, æз æмæ мæ цыппараздзыд хо Езæ, Сæ- ниаты фондзаздзыд фырт Ладемыр устытæй дæрд- дзæфгомау хъазыдыстæм. Дуртæ æхстам, сосавæн- дагæй къуыбырмæ нарæг къахвæндаджы астæу цы стыр къæдзæхдур уыдис, уымæ. Йæ цъуппыл-иу ын дур сæвæрдтам. Уыцы дур-иу чи акъуырдта, уымæн- иу нымдзæгъд кодтам, «мæ богал», зæгъгæ. - Уартæ сосайыл дыууæ чидæры æрбацæуы! - Сæ иу Надя у, фæлæ иннæ, цымæ, чи у? - Мæнмæ гæсгæ, Дзеранты Сæду у! - Сæдуйæн къуыри размæ чызг куы райгуырд, уæд дын афтæ тагъд цæуы! - Сонычкæ у! Къомайты Сонычкæ! - хъуысыдысты нæм устыты ныхæстæ. Дыууæ сылгоймаджы кьуыбыры бынмæ куы æрхæццæ сты, уæд Надя - Чермены бинойнаг, хæрды æнæрлæугæйæ йæ цыд дарддæр кодта, Сонычкæ та къуыбыры бынты сæхи сыхмæ фæраст. Надя къуыбырæн йæ астæумæ куы схæццæ, уæд устытæм схъæр кодта: - Хæст райдыдта! Гитлер нæм Германæй æрба- лæбурдта! ю
Уды рыст ...^ Устытæй чи йæ зæрдæйыл фæхæцыдис, чи тарст хъæр ныккодта, чи та йæ уæрджытæ æр- хоста. Мах, сывæллæттæ, нæ хъазт фауагътам æмæ устытæм хæстæгдæр базгъордтам. Мæ цæст ан- дæгъдис, Надяйы къухы цы быд хызын уыдис, ууыл, æмæ дзы ауыдтон сау æмæ урс æндахы къæ- бæлтæ. Хъуыддæгтæн бæстон ницы бамбæрстон, афтæмæй нæхимæ азгъордтон æмæ мæ мадмæ «хæрзæггурæггаг» фæдæн: «Мама, цæугæ æмæ дæуæн дæр Гитлер сау æмæ урс æндахы къæбæлтæ ратта! Хæст райдыдта, æмæ Гитлер Надяйæн горо- доччы æндæхтæ ратта». Мæ мад, авдæны хъæдыл æрæнцой кæнгæйæ, йæ дыууæкъуыридзыд чызг Эллæйæн дзидзи дардта. Мæ ныхæстæ куы айхъуыста, уæд фæгæпп кодта æмæ мæ, мæ уæхсчытæм фæлæбургæйæ, ныууыгъта. - Цы загътай? Чи дын загъта? Мæнæ-ма сывæл- лонмæ фæкæс! - йæхæдæг азгъордта Алыккаты къуыбырмæ. Сывæллон йæ дзыхыдзаг куыдта, фæлæ йæм æз кæсгæ дæр нæ фæкодтон. Цæлгæнæны смидæг дæн æмæ дынджыр сæкæры къæртт къæпп- къæппгæнгæйæ азгъордтон къуыбырмæ. Устытæм куы фæцæйхæццæ кодтон, уæд ауыдтон, мæ мад йæ дзыхыдзаг куыд куыдта, уый. Раст цыма йæ фидæны бæллæхтæ уыцы уысм бамбæрста, уыйау куы йæ сæрмæ лæбурдта, куы йæ зæрдæмæ, афтæмæй азгъордта йæ ноггуырд сывæллонмæ. Изæры мæ фыд, иннæ бонты хуызæн, иунæгæй не ’рбацыд нæхимæ, фæлæ цалдæр лæгимæ. Кæртæй 11
Л&. Дауырæ куы ’рбазындысты, уæд æз азгъордтон æмæ мæ фыдыл мæхи андзæрстон: - Мама æмæ Нана абондæргъы кæугæ кæнынц! Мæ фыд мæ йæ хъæбысы фелвæста æмæ мæ йæ риумæ афтæ нылвæста, æмæ мæм улæфт нал уыдис. Мæ рустæн мын батæ кæнын райдыдта, мæн йæ рихиты хилтæ хъыдзы кодтой, æмæ-иу мæ сæр иннæрдæм азылдтон. Даргъ ирон фынджы уæлхъус рабадтысты лæгтæ æмæ цæуылдæр дзырдтой. Хæрд æмæ сæ нозты мæт нæ уыдис, уый бæрæг уыд. Сæ ныхæсты арæх уыдис дзырд «æфсад». Куы сыстадысты æмæ Нанайæн хæрзизæр куы загътой, уæд мæ кæстæр хо Езæ нæ фыды зæнгтыл атыхст æмæ йæ фæрсы: «Папа, райсом нын ссадмæ цæуыс?» Дыккаг бон, тохы зарæгимæ бæхуæрдоны бар- хийæ хæстмæ чи цыд, уыдоны æхсæн уыдысты мæ фыд, йæ ’рдхæрдтæ Тедтойты Дзамболат, Коцты Димитър, мæ фыды æмхæрæфырт Джыгкайты Хъасполат (Хъайтыхъо) æмæ нæ хъæуккæгтæй цал- дæр лæджы. Изæры уыцы бæхуæрдоны мæ фыд æмæ Дзамболат фæстæмæ куы æрбаздæхтысты, уæд сыл сыхæгтæ амбырд сты. - Куы, дам, бахъæуат, уæд уæм фæдзурдзыстæм! - худгæйæ загъта Дзамболат. Уæд мæ фыд Джызæлдоны районы ахуырады хайады сæргълæууæгæй куыста. Чи зоны, æцæ- гæйдæр, уым хъæугæдæр уыдис. Фæлæ уыцы аз, ноябры мæйы, мæ фыды дæр æмæ Дзамболаты дæр хæстмæ акодтой. 12
Уды рыст * # # Мæ зынаргъ, мæ уарзон, мæ мæгуыр фыд... Ныр дын райдыдтон не ’нæдæу царды цаутæ дзурын. Кæд дзæнæты уæвджытæн зæрдæтæ ис, уæд дæуæн дæр дæ зæрдæ байдзаг уыдзæн мæт æмæ рыстæй. Фæлæ дын æз канд нæ зындзинæдтæ нæ дзурдзынæн, æз-иу дæ худын дæр фæкæндзынæн нæ иуæй-иу хъуыддæгтыл. Æз дын радзурдзынæн нæ уарзон хъæу Хъобаны царды хабæрттæ дæр, дæ бирæ æрдхæрдты кой дæр дын ракæндзынæн... Хæстмæ æцæг цыд цы бон кодтай, уый дæр мæ зæрдыл хорз бадардтон: сымах, бирæ лæгтæ, фынгтæй куы сыстадыстут, уæд æз цинæй мардтæн, хæдзары фæмидæг дæн æмæ сбырыдтæн нæ даргъ стъолмæ. Балæууыдтæн хæрыныл. Уыцы хæбиз- джынты æмæ бæзджын хъайлайы ад цæрæнбонты дæр нæ ферох кодтон. Уалынмæ мæм Мисурæт, дæ хо - уый мæнæй авд азы хистæр уыд - базгъордта, Ина (афтæ дæ хуыдта), дам, дæм дзуры. Мæн тынг нæ фæндыдис фынг ныууадзын, фæлæ мын Мисурæт мæ цонгыл фæхæцыд æмæ мæ йæ фæдыл раскъæфта къуыбырмæ. Ды мæ размæ сызгъордтай, Татратæй мах æхсæн цы фæндаг уыдис, уырдæм, æмæ мæ дæ хъæбысы ныккодтай. Бæрæг уыдис, тагъд кæныс, æмæ дæм де ’мбæлттæ æнхъæлмæ кæсынц, уый. Мæ рустæн мын цалдæр зæрдийаг байы куы акодтай, уæд æз мæ сæр иннæрдæм азылдтон, дæ хихтæ та мæ уайынц, зæгъгæ. Азгъордтай сывæллонау, къуыбырæй ма нæм иу каст фæкодтай æмæ, «Тохы зарæг» чи кодта, дæ уыцы æмбæлттимæ баиу дæ. 13
,4^,, Дауырæ Цалынмæ комы хъæлæсы нæ аныгъуылдыстут, уæдмæ нæ бинонтæ, сæ цæссыгтæ сæрфгæйæ, сæ къухтæ, фæндараст ут, зæгъгæ, тылдтой, стæй уæд Нана æмæ Мама æд сывæллон нæхимæ ацыдысты, Мисурæт кæугæйæ къуыбырыл баззад, мах - сывæллæттæ та хъазынмæ ацыдыстæм. Де ’фсымæр Георгий æмæ йæ фырт Гæмæт цалдæр æхсæвы сæхимæ нæ ацыдысты. Нана-иу куы скуыдта, уæд-иу ын Георгий ныфсытæ авæрдта: - Ма тыхс, Нана, хæст тагъд фæуыдзæн! Ахситт кæндзысты Гитлерыл æмæ йæ нæ бæстæйæ феддæ кæндзысты! Ды зоныс, Советон Цæдис куыд тыхджын у, уый?! Мæйы фæстæ Георгийы дæр акодтой хæстмæ. Абон дæр мæ цæстытыл уайы, йæ ахуыргæнинæгтæ йыл куыд æрæмбырд сты æмæ йын куыд хъæбыстæ кодтой, уый. Плион Секуыгъа, Георгийы цардæмбал, кæд йæхи зæрдæ тонгæ кодта, уæддæр Нанайæн ныфсытæ æвæрдта: - Ма сын тæрс, Нана. Ныр уым дыууæйæ иумæ уыдзысты æмæ сæ кæрæдзийы хъахъхъæндзысты. Секуыгъайы ныхæстæм гæсгæ мæнмæ афтæ каст, æмæ, хæстмæ чи ацыд, уыдон иууылдæр иу ран уыдзысты æмæ афтæмæй асурдзысты Гитлеры. Куыд хъуыды кæнын, афтæмæй, хæстмæ куы ацыдтæ, уыцы зымæг æнцонæй арвыстам. Ды нын цы сугтæ æмæ мæкъуылтæ ныууагътай, уыдон нын фаг уыдысты зымæг арвитынæн. Фæлæ уалдзæг куы ралæууыд, уæд хæсты бæллæхтæ райдыдтой. Нæ хъæуы хæстхъом лæгты иууылдæр хæстмæ акодтой. Цы кардзыд лæгтæ ма дзы баззад - Абайты Гаги 14
Уды рыст 6)^ æмæ Никъа, Плиты Дианоз, Татраты Бæза æмæ ма ноджы чидæртæ, уыдон хъæуыл зылдысты æмæ цæрджытæн акъоппытæ къахын кодтой. Куыд дзырдтой, афтæмæй Гитлер йæ рохтæ Кавказмæ тыдта, æмæ тынг тас уыдис, мах хохаг хъæумæ дæр куы ’рбалæбура, уымæй. Мах дæр скъахтам, дон цы æрхæй хастам, уым лæгæт, æмæ-иу немыцаг хæдтæхджытæ нæ сæрты æртыгæйттæй, æхсæзгæйттæй гуыв-гуывгæнгæ Джы- зæлдоны электростанцæйыл бомбæтæ æппарынмæ куы ’рбатахтысты, уæд-иу æгас бинонтæй уырдæм алыгъдыстæм. Иухатт та уыдис «воздушная тревога» æмæ нæ бинонтæ удаистæй згъордтой лæгæтмæ. Нæ мад йæ иу къухæй мæныл хæцыд, иннæмæй Езæйыл, Нана нæ фыдыхо Марусяйы чызджыты систа йæ хъæбысмæ, афтæмæй Эллæ авдæны баззад. Иу- цыппар сахаты фарастмæйдзыд сывæллон кæрты астæу зыбыты иунæгæй хæдтæхджыты гуыв-гуывмæ йæ дзыхыдзаг куыдта, фæлæ лæгæтæй рацæуæн нæ уыд. Нæ мад-иу бæргæ рагæпп кодта, фæлæ, иннæ акъоппыты чи бадтис, уыдон-иу ыл схъæр кодтой, дæу тыххæй мах дæр бабын уыдзыстæм, немыцæгтæ дæу куы феной, уæд махыл дæр бомбæтæ æркалдзысты, зæгъгæ. Куы-иу атахтысты немыцаг хæдтæхджытæ, уæд- иу адæм акъоппытæй рацыдысты, æмæ-иу къорд- тæй-къордтæй сæ хæдзæрттæм цыдысты. Уыцы бон Нанайы хъарджытæн кæрон нал уыдис. Авдæныл ныддæлгом æмæ фæлмæст сывæллоныл куыдта, дæу та ма Хуыцау цæмæн радта, - ам дæ хæйрæджытæн 15
;^)#, Дауырæ хъазынæн куы ныууагътам, уæд ма дæуæй æцæг адæймаг рауайдзæн, зæгъгæ. Немыц Кавказмæ куыд хæстæг кодтой, афтæ быдыры хъæутæй адæм хæхтæм лыгъдысты. Мах кæртмæ Ногирæй, нæ мыггагæй - Слантæй, æрба- лыгъди 26 хæдзары бинонтæ. Уыдонимæ уыдысты дæ фыды æфсымæры фырт Габрелы бинонтæ дæр. Йæ хистæр фырт Мураткæ хæсты уыдис, фæлæ иннæтæ: Солтан - уæд ыл 14 азы цыдис, Зелим, Рая, Виктор сæ мад Лизаимæ - æрбынат кодтой, нæхи бинонтæ кæм уыдысты, уыцы агъуысты. Иннæ лигъдæттæ бацахстой, хицæнæй нын цы стыр хæдзар уыдис - цæлгæнæн, уый. Се ссады голджытæ, сæ хæринæгтæ, сæ хъæугæ дзаумæттæй байдзаг канд нæ хæдзар нæ, фæлæ скъæт дæр æмæ ма суанг кæрт дæр. Афтæ-иу уыдис, æмæ-иу устытæ фæхыл сты, æмæ-иу уæд нæ фыдымад устытæн уайдзæфтæ кодта: «Сымах Сланты уæздан мыггагмæ цы Хуыцау æрхуыдта, уымæн та цы зæгъон!» Æмæ кæд устытæ кæрæдзиимæ нæ фидыдтой уыцы тыхст рæстæг, уæддæр мах, сывæллæттæ, афтæ балымæн стæм, æмæ-иу бирæ азты фæстæ дæр кæрæдзийыл ныццин кодтам. Канд Ногирæй нæм нæ уыдис лигъдæттæ. Къо- дахджынæй нæм æрбалыгъдысты Гуыриаты би- нонтæ. Сæ мад Вера уыдис Нанайы хорз хотæй иу. Йæ дыууæ хистæр фырты хæсты уыдысты (уыдон дæр нæ сыздæхтысты), фæлæ йæ иннæ цот - Райкæ, уæд ыл 15 азы цыдис, Таймураз æмæ Геор - уыдон куыд уæздан æмæ аив уыдысты! Уыцы дыууæ рæзгæ лæппуйы руаджы мах суг æмæ хос хъуаг дæр никуы 16
Уды рыст уыдыстæм. Суанг ма иннæ хæдзары куыстытæ дæр кодтой, куыроймæ цæуынæй, кæрт мæрзынæй, дон хæссынæй - утæппæт уазджытæн къæртаты хастой дон Татраты æрхæй, - цы куыст нæ кодтой Гуыриаты хæрзæгъдау лæппутæ, ахæм нæ уыд. Иухатт мæ Вера йæ хъæбысы æрбакодта æмæ мын афтæ: - Ды мæнмæ хæсты размæ куы ныццыдаис Къодахджынмæ, уæд дæ æз урс пух дзулæй хастаин! Ахæм диссаг мæм фæкастис, афтæ хъæздыг, зæгъын, цардысты, æмæ урс пух дзул хордтой. Хæсты рæстæджы адæм тынг смæгуыр сты. Дзул нæ, фæлæ нартхоры кæрдзын дæр нал уыдис, æмæ хуыскъæл æмæ кæрдæджытæй ирвæзтыстæм. Абон дæр ма кæрдæджыты нæмттæ хъуыды кæнын: цъиудзæхæра, пысырайы мад, лебæда, хæфсы къæхтæ - уыдон тонынмæ-иу нæ акодта Нана æмæ-иу нын хъæрхуыпп дæр сфыхта, кæрдæгджынтæ дæр-иу нын скодта. Хæсты размæ цы цæхæркалгæ электрон рухсытæ уыди, уыдонæн сæ кой дæр нал уыдис Хъобаны. Станцæ æхгæд æрцыд. Куыд дзырдтой, афтæмæй йæ хъуамæ срæмыгътаиккой, немыц нæ хъæумæ куы ’рбацыдаиккой, уæд. Æхсæвыгæтты адæм архайдтой мыдадзын цырæгътæй æмæ, туджы аргъ чи уыдис, уыцы фæтæгенæй. Хæсты размæ мыды- чыргъæдтæ кæй дардтам, уымæ гæсгæ Нанамæ безтæ баззад, æмæ-иу йæхæдæг лыстæг мыдадзын цырæгътæ скодта. Нæ сыхы устытæ æдзухдæр æхсæ- выгæтты бадынмæ махмæ цыдысты, - сымахмæ, дам, рухс ис. Райдыдтой-иу таурæгътæ, аргъæуттæ кæнын, æмæ-иу сæм мах - сывæллæттæ дæр куыд 17
^ч^Э§| Дауырæ нæ хъуыстам. Æз уый фæстæ тынг арфæйаг уыдтæн, уæлдайдæр Алыккаты Чермены ус Надяйæн, Кокиа- нæн, бирæ диссаджы аргъæуттæ кæй кодта, уый тыххæй. Уый мын бауарзын кодта адæмон сфæл- дыстад дæр æмæ ирон æвзаг дæр, рухс дзæнæты бадæд. Нæ мадимæ тынг хæларæй цардис. Иуæй, æмном уыдысты, иннæмæй - æмчындзытæ. Дыу- уæ Надяйы сæ хуыдтой сыхбæстæ. Суанг-иу фæсæм- бисæхсæвтæм фæбадтысты, стæй-иу иууылдæр иумæ ацыдысты: Гыгы йæ чызг Замирæтимæ, Сæниат йæ чызджытæ Дзибæ æмæ Катя, йæ фырт Ладемыримæ, Сидо - Надя, Роман æмæ Азæимæ. Татраты Фаризæт дæр нæм-иу æрбацыдис, фæлæ уый арæх нæ уагътой Леза æмæ Бæза махмæ. Уым æндæр ахæстытæ уыдис не ’хсæн. Цæрæнбонты сæм афтæ кастис, æмæ Газаччы Сыбырмæ кæй ахастой, уым ды дæр аххосджын уыдтæ. Цалынмæ Газакк хæсты фæстæ, 1948 азы, Сыбырæй ссыдис æмæ сын уый бамбарын кодта хъуыддæгтæ, уæдмæ нæм Бæза æмæ Леза (Газаччы мад æмæ фыд) знаджы цæстæй кастысты. * # *■ æ уарзон, мæ зынаргъ фыд! Æвæдза, цы æвирхъау рæстæджытæ уыдис! Адæм кæрæ- дзимæ топпыкæсæнæй кастысты. Æмæ хæст куы райдыдта, адæмæн кæрæдзийæ сæ маст исын сæ бон куы бацис, уæд архайдтой, революцийы ныхмæ чи уыдис, æмæ революцийы фарс чи хæцыдис, уыдон кæрæдзийы туг цъирыныл. Æз мæхæдæг зонын нæ хъæуы ахæм хабар: дыууæ лæджы иумæ м 18
Уды рыст ацыдысты хæстмæ æмæ сæ къухы хæцæнгарз куы бафтыд, уæд дзы иу иннæйы фехста, дæ фыд мын мæ фыды æрцахсын кодта, зæгъгæ. Хуыцауы фæрцы аирвæзт лæг, фæлæ йæ чи фехста, уый йæхæдæг хæсты фæмард. Æвæццæгæн, Хуыцау нæ бары, нæ, фыддзинад, мæ зынаргъ фыд! Махмæ хæрам чи уыдис æмæ, дæумæ мæсты уæвгæйæ, махæй, дæ бинонтæй, йæ маст чи иста, уыдон дæр бирæ уыдысты. Иутæ нæ сауджыны цот хуыдтой, иннæтæ та коммунистты къæбылатæ. Æргом дæр-иу нын уайдзæф кодтой. Иухатт нæхимæ кæугæйæ ’рбацыдтæн, скъолайы мын иу мæ карæн чызг бафидис кодта, сауджыны чызг, зæгъгæ. Нана мæ басабыр кодта, цæуыл, дам, мæсты кæныс, сауджын, дам, Хуыцауы минæвар у, уый ныры адæм нæ зонынц, фæлæ йæ кæддæр базондзысты. Уый фæстæ æз Нанайæ базыдтон, дæ фыд Гиго, мæ фыдыфыд, Калачы дины скъола каст кæй фæцис æмæ революцийы агъоммæ Гуры диакъонæй кæй куыста. Аргъуантæ куы ныддæрæн кодтой æмæ дины кусджыты куы фæсырдтой, уæд Дада Салыгæрдæны иу афæдз сахуыр кодта фосы дохтыры дæсныйадыл æмæ нæхи хъæуы куыста. Уæд, дам, колхозмæ лыстæг фос тынг бирæ уыдис, æмæ-иу сæ зымæджы Хъызлармæ аскъæрд- той. Ацыдис-иу Дада дæр фосимæ - уым дæр дохтыр куыд нæ хъуыдис?! 1940 азы дæр та фос аскъæрдтой Хъызлармæ. Фæлæ стыр бæллæх æрцыд: фосыл фадниз бахæцыдис. Креалинæй сæрдын хъуыди алы фысы сæфджытæ дæр. Фос бирæ уыдысты, дохтыр та - иу. Уаргæ бонты æмæ æхсæвты дæр 19
Л&.. Дауырæ Дада йæ куыст нæ уагъта. Суазал æмæ æррынчын. Бæргæ, сымахмæ, йæ дыууæ фыртмæ йын афоныл куы фехъусын кодтаиккой, уæд ын, чи зоны, исты хос уыдаид, фæлæ æнæхъæн мæй рынчын лæг артау сыгъдис. Фиййæуттæй, дам, иутæ кæддæры кулаччыты фырттæ уыдысты# иннæтæ та дины ныхмæ хæцыдысты. - Дины кусæг у, æмæ йын Хуыцау тæрхон кæндзæнис! - загъта, дам, фиййæуттæй иу. Мæ зынаргъ фыд! Æвæццæгæн, ын Хуыцау нæ ныббарста Дадайы тæригъæд, æмæ кардзыдæй тар- хъæды йæхи бæласыл сауыгъта... Ды æмæ Георгий Дадайы тыхст рынчынæй куы сластат, уый дæр ма хъуыды кæнын. Мах - сывæллæтты - йæм бакодтой, æмæ йæ мидæггаг хæдоны æгънæджытæм йæ зыр-зыргæнгæ къухæй куыд лæбурдта, уый мæ никуы ферох. Æвæццæгæн, йæ риу сыгъдис, æмæ сæ уæгъд кæнынмæ хъавыд. Куы амардис, æмæ нæм адæм куы æрæмбырд сты, уæд æз цин кодтон, бирæ адæм нæм кæй уыдис, ууыл. Ныллæг бандон мæ дыууæ къухæй хостон, æмæ мын устытæй чидæр афтæ: - Ницыма ’мбарыс, уый йеддæмæ дæхи кæуынæй амарис, ахæм Дада кæмæн нал ис! Æмæ цы хъуамæ æмбæрстаин, кæд æмæ мыл фондз азы йедтæмæ нæ цыдис. Ныры сывæллæттæ цыппараздзыдæй дæр компьютер зонынц æмæ интернеты смидæг вæййынц, фæлæ æз, цæмæндæр, тынг æрæгмæ æмбарын райдыдтон цард. Дадайы даргъ чырын галуæрдоны куы сæвæрд- той æмæ йæ уæлмæрдтæм куы фæцæйластой, уæд 20
Уды рыст ^^1 мах, сывæллæттæ, йæ фæдыл тахтыстæм, фæлæ нæ чидæр раздæхта. Мæ зынаргъ фыд, уæлмæрдты къуыбыры бынмæ цы суадон ис, ды Дадайæн кæй ныххæлар кодтай, уымæй æз бирæ хæттыты банызтон, Дадайæн дæр, æмæ дæуæн дæр рухсаг зæгъгæйæ. Цалдæр хатты дзы æз æфсæйнаг кърушкæ дæр ныууагътон, уæдæ дзы уадз æмæ адæм нуазой, зæгъгæ. Уый диссаг нæу! Суадон дæр æмæ йæ фарсмæ цы дурвæткъуы ис, уый дæр абоны онг нæ бахуыскъ сты, афтæмæй адæмæй цалдæр фæлтæры сæ цард фесты!.. # # # Кæд адæм кæрæдзимæ знæт уыдысты, уæддæр хæсты быдырæй нæ хъæумæ сау гæххæттытæ цæуын куы райдыдтой, уæд-иу æгас хъæу фæфæдис æмæ-иу зианджыны кæртмæ кæугæйæ уадысты. Кæддæр Нанайæн Мæскуыйæ цы сау кæшæмир кæлмæрзæн сластой, уый-иу йæ сæрыл æркодта æмæ иунæг зианмæ дæр æнæ цæугæ нæ лæууыд. Æппæты разæй нæ хъæуæй хæсты быдыры чи фæмард, уый уыдис Цъыккаты Тотыр æмæ Дудуйы фырт Костя. Уый фæстæ ахæм къуыри нæ уыд, æмæ Нана мардмæ ма ацæуа. Нæ хæдзар-иу æнæ Нана хасты хуызæн уыдис. Къуыбырыл-иу æм æнхъæлмæ кастыстæм, æмæ-иу нын афтæ загъта: «Æмæ æз куы амæлон, уæд уæ хæдзармæ нал бацæудзыстут?» Æз дын, мæ зынаргъ, дæ уæздан, дæ диссаджы мады кой бирæ рæтты ракæндзынæн дарддæр дæр, ныр та 21
^х^Э,, : Дауырæ дын зæгъын уый# æмæ мах, Нанайы цоты цот, нæхи мадæлты уыйас нæ уарзтам, Нанайы цас уарзтам. Уый диссаджы адæймаг уыдис. Кусаг, домаг, уæздан, йæ бирæ хоты æмæ ’фсымæрты хуызæн хæрззонд æмæ бирæ зонаг раст адæймаг. Æз абон дæр Томайтаг лæджы кæм фенын, уым æй мæ хъæбысы ныккæнын æмæ йын æнæмæнг Нанайы кой ракæнын... Мæ зынаргъ, мæ уарзон фыд! Хæстмæ куы ацыдтæ, уæд нæм мæйы фæстæ Плиты Газийы чызг Радимхан æртæтигъон фыстæг æрбалæвæрдта, уым ды фыстай, æнæхъæн мæй кæй уыдтæ Прохладнийы æмæ уæ уым афицерты скъолайы кæй ахуыр кодтой. Ноджы ма фыстай, цалдæр боны фæстæ уæ хæстмæ кæй ластдзысты Беслæныл. Нæ мад сфæнд кодта дæуæн дæ сывæллæтты фенын кæнын æмæ нæ æртæйæ дæр аласта Беслæныхъæумæ Смайлиаты Темболаты хæдзармæ. Темболат уы- дис нæ мады æфсымæры ус Секерханы фыд. Секер- хан дæр махимæ Беслæнмæ ацыдис. Æмæ, æцæ- гæйдæр, сæмбæлдыстæм демæ. Бирæйæ уæ æрба- ластой поезды цурмæ æмæ ды, де ’фсæддон дарæсы æрбазгъордтай нæ цурмæ. Куы мæнæн хъæбыс кодтай, куы Езæйæн, куы та гыццыл Эллæйы рустæн батæ кодтай. Фæлæ ды ахæм уæздан разындтæ æмæ нæ мадæн, дæ уарзон бинойнагæн йæ къух дæр нæ райстай, афтæмæй бахызтæ товарласæн вагонмæ. Поезд куы ацыдис, уæддæр ма мах бирæ фæкастыстæм йæ фæстæ. Нæ мад, æвæццæгæн, æмбæрста, фæстаг хатт дæ уыны, уый, æмæ, йæ цæссыгтæ рустыл уадысты, афтæмæй йæ сывæллоны ратил-батил кодта... 22
Уды рыст Щб*% Кæд мын 1942 азы скъоламæ бацæуын афон уыдис, уæддæр мæ Нана нæ ауагъта: «Мæнæ дæ фыд куы ссæуа хæстæй, уæд дæ йæхæдæг бакæндзæн скъоламæ!» Цæмæй æнхъæл уыдис Нана, æз де ссыдмæ скъоламæ куы нæ бацыдаин, уæд иунæг кълас дæр нæ фæуыдаин! 1943 азы бацыдтæн фыццаг къласмæ. Ахуыр- гæнæг мын уыдис, дæу æмæ Мамаимæ чи куыста, уыцы Мамайты Мæздахæ. Кæд Езæйæн афон нæма уыдис, уæддæр мемæ скъоламæ ацыд æмæ мæ тухæнæй мардта. Куы-иу æй дон хъуыдис, куы- иу æм хæрын цыд, æмæ-иу Мæздахæ уайдзæфтæ кодта, фæлæ кæм каст коммæ Езæ!? Кæд æнæхъæн аз фæцыд мемæ скъоламæ, уæддæр кæсын æмæ фыссын нæ базыдта, æмæ-иу ыл æз дис кодтон. Уæд ма нæ мад дæр скъолайы куыста ахуыргæнæгæй, æмæ уый дæр хъыгдардта Езæ. Афицер куы сдæ, уæдæй фæстæмæ дæ сывæл- лæттæн, махæн, фыстой пособитæ. Фæлæ 1943 азы цæмæндæр нал райста нæ мад æхца. Куы бафарста, цы хабар у, цæуыннæ нын дæттут æхца, зæгъгæ, уæд ын загътой: «Хицауадмæ бацу æмæ уыдоны бафæрс!» Уæд нæ мад бацыдис, Совмины хицауы хæдивæ- гæй чи куыста, уымæ. Разындис, кæддæр, дæ размæ, нæ мады чи куырдта, уый (йæ ном æмæ йын йæ мыггаг нæ фыссын, ды йæ тынг хорз зоныс). Хуыцау йæ зонæг, цы ныхас цæм рауад Ленинграды тыххæй - уым зыдтой кæрæдзийы: нæ мад рабфачы ахуыр кодта, уый та - институты. Канд нæ пособитæ нын нæ райдыдтой фидын, фæлæ ма æрцыд, не ’ппæт цард нын чи сызмæста, ахæм цау. Цæвиттон, уыцы лæг нæ 23
^а. Дауырге мадæн йæ зæрдæйы дуæрттæ байгом кодта. Раног ис йæ уарзт нæ мадмæ, æмæ ууыл дæр базыртæ базад... # # # æ мæгуыр фыд! Ныр та дын дæ афтид ингæны кой ракæндзынæн. Дæ хæствæллад уæнгтæ иумæйаг ингæнты раппар-баппар кæнинаг сысты. Тæхуыды, æмæ дын нæхи хъæуы, дæ мады фæндонмæ гæсгæ цы афтид ингæн ис, уым ныгæд куы ’рцыдаиккой де сджытæ! Кæддæр дын дæ хæрзконд, бæрзонд, рæсугъд фыды# зараг, кафаг, хъисфæндырыл цæгъдаг Дадайы цы къуыбырыл баныгæдтой (Дада, дам, уым æртыккаг уыдис), уым ныр æрмæст мах бинонтæй авд ис: Дада, Тамерлан - дæ фарастмæйдзыд фырт, Нана, Секъуыгъа, Гæмæт, Алик æмæ Алан - Гæмæты диссаджы фырттæ. Дæу афтид ингæн æстæм у нæ уæлмæрды. Нæ уæлмæрд уымæн зæгъын, æмæ кæддæр мæхæдæг дæр уым уыдзынæн. Тæрсгæ дæр дзы нæ кæнын, тагъд дæр æм нæ кæнын, уымæн æмæ мын ам, ацы царды бирæ кæнинæгтæ ис!.. Канд дæу æмæ дæ фыды фæлтæр нæ, фæлæ мæн æмæ мæнæй кæстæртæй дæр бирæтæ æрбынæттон сты нæ уæлмæрды. Æз тынг арæх ацæуын сæрдыгон даргъ бонты уырдæм. Фæзилын сыхæгтыл, зонгæтыл, æрæмысын, кæй дзы куыдæй хъуыды кæнын, уыдæттæ. Бирæ, бирæ фæбадын дæу æмæ Нанайы ингæнты цур, кæугæ дæр фæкæнын, суанг ма æмдзæвгæтæ дæр ныффыссын уæ цуры бадгæйæ. 24 м
Уды рыст Зк. Мæ хотæ Езæ æмæ Эллæйæн цы цыбыр æмдзæвгæ ныффыстон, уый дæр уым райгуырд: Фыд нын уыдис, æмæ фæмард и хæсты, Ныууагъта нын йæ сыгъдæг ном йæ бæсты. Фыд нын уыдис, ныр дæр нын у æгас, 0, цас намыс ис фыды фарны, цас! Нæ кадимæ нæ фыды ном цæрдзæн,- Нæ худинаджы уый ном дæр мæлдзæн!.. Цæвиттон, 1979 азы декабры 29 бон, Ног азы къæсæрыл, æз Нанайæн Хъобанмæ таксийы балас- тон ссады голлаг, ситроты асыкк æмæ сæкæр 15 килæйы. Къуыбыр афтæ бырынцъаг уыдис, фæн- дагыл уыййас мит æруарыд, æмæ шофыр нæ ба- куымдта машинæ хæрды стæрын. Æз стыхстæн æмæ шофырæн загътон, æз, зæгъын, дзоныгъ æрласон æмæ хæссинæгтæ иумæ сласæм. Зыдтон æй, Нана иунæгæй цæры, æмæ йын æххуысгæнæг нæй, уый. Кæрты дуарæй хъæр кæнын райдыдтон: «Нана! Нана! Кæм дæ?» Куынæ зындис, уæд ын тæрсгæ дæр фæкодтон. Бацыдтæн хæдзармæ, æмæ мæм Нана кæсгæ дæр нæ ракодта, афтæмæй мæ бафарста: - Кæцы дæ, кæ? - Æз, Нана, æз! Зоя, дæхи Зоя! - бацыдтæн æз фæстæрдыгæй Нанамæ æмæ йын йæ мæллæг, ихсыд уæнгтæ мæ хъæбысы æрбакодтон. Фæлæ уый змæлгæ дæр нæ фæкодта йæ бынатæй. Йæ тымбыл къухтæ пецы тигътыл хоста æмæ мæм сæ гуыпп- 25
^®,, Дауырæ гуыпп хъуыстис. Иннæ хæттыты-иу куы бацыдтæн нæхимæ, уæд-иу Нана суанг кæртмæ рацыдис æмæ-иу мæ йæ хъæбысы ныккодта. Уайтагъд-иу балæууыд дзыкка кæнынмæ, уымæн æмæ зыдта, æз йæ дзыккайы йас ницы уарзын, уый. Бамбæрстон, Нана цыдæр кæй кæны, уый, æмæ йæ тарстхуызæй афарстон: - Исты дæ риссы, Нана? Исчи дæ бафхæрдта? - Ницы мæ риссы! Ничи мæ бафхæрдта, фæлæ ды ацы æвзæр бон цæмæн æрбацыдтæ? - Æз дын, Нана, ссад æмæ ситротæ ’рбаластон. Ситро куы уарзыс! Таксийы æрбацыдтæн, фæлæ къуыбырыл ссæуын йæ бон нæ бацис. Нæ зонын, куыд сæ сласон... - Уадз сæ уым, æрхы. Уæртæ сыхæгты лæппутæ куы ’рбацæуой, уæд сæ уыдон сласдзысты. - Нæ, Нана, æз афтæмæй нæ ацæудзынæн! Зæгъ мын, цы кæныс, уый. - Цы кæнын, уый радзурынæн рæстæг хъæуы, ды та тагъд кæныс, æмæ ацу дæ фæндагыл. Бафыстон шофырæн æхца. Радтон æм нæ теле- фоны номыртæ æмæ йын ныллæгъстæ кодтон, бадзур, зæгъын, мæ моймæ æмæ йæ тæрсын ма фæкæн, фæлæ йын зæгъ, æз ахсæв Хъобаны баз- задтæн, уый. Дæ фарн бирæ, мæ уарзон фыд, фæлæ махон Нанайы йæхи мады хуызæн уарзта. Дæ мæ- гуыр сидзæр чызджытæн дын цы лæггæдтæ фæкодта, уый тыххæй дын фæстæдæр радзурдзынæн. Уæдмæ сыхæгты лæппутæ ’рбацыдысты. Сластой нын нæ хæссинæгтæ. Æз хъæуы баззайдзынæн, уый Нана куы базыдта, уæд фæхъæлдзæгдæр и. 26
Уаы рыст ...®кс Балæуыдис, æмæ та мын цыхты дзыкка скодта. Бахæрын мын кодта, йæхæдæг йæ дзыхмæ иунæг комдзаг дæр нæ систа, афтæмæй, стæй уæд пецы цур сбадтыстæм, æмæ мын райдыдта дзурын: - Къуырийы размæ, дæлæ хæдзары цы сынтæг ис, уым боныгон мæхи æруагътон. Фынæй дæр нæ уыдтæн, хъал дæр нæ, афтæмæй кæсын, æмæ уартæ кæрты дуарæй дæ фыд Никъала йæ фазыл æрбабырыд йæ хæстон дарæсы. Куы мæм æрба- хæстæг, уæд нартхоры нæмгуытæ зæххæй æрбам- бырд кодта æмæ сæ йæ дзыхы бакалдта. Æз акастæн, æмæ ма йæ фæстæ дæр цалдæр æфсæд- доны мæнырдæм бырынц. Никъала дæлæ уырдæм, къуыммæ ’рбабырыд, æмæ пасилкæйы асыччы йæ уæнгтæ æрызгъæлдысты æмæ сæ йæхæдæг йæ шинелæй æрæмбæрзта. Уыйадыл æз мæ æрдæг- фынæйæ фæхъал дæн. Нанайы фынæй кæд мæ буар дыз-дыз кодта, уæддæр ын ныфсытæ æвæрынмæ хъавыдтæн: - Омæ, Нана, адæймаг фыны цы нæ фены! Уый тыххæй дæхи цæуыл хæрыс? - Æз мæхи ууыл хæрын, æмæ йæ фæстæ ахæм адæймаг нæ баззадис, æмæ йын йæ хъуыддæгтæ чи бакæна. Искæйы хæдзæрттæй хъуыддæгтæ гæнæн нæй! - Æмæ цы кæнын хъæуы, цы, Нана?! - Туг суадзын хъæуы йæ номыл, дарæс ын бал- хæнын хъæуы, уалæ йын нæ уæлмæрды йæ зæххы хай радих кæнын хъæуы! Нанайы фæндтæй мæ зæрдæ афтæ ныггуыпп- гуыпп кодта, æмæ мæм улæфт нал уыдис. 27
^®,, Дауырæ - Фелгъæд дæн, Нана, дæ сойджын дзыккайæ! - фæгæпп кодтон æмæ дон анызтон. Æмбæрстон æй, Нанайы фæндтæн æнæ кæнгæ нæй, æмæ йын загътон: - Нана! Ды цыдæриддæр зæгъай, уый сæххæст кæндзыстæм. Ног азы къæсæрыл стæм, æмæ афæ- дзы фыццаг бонтæ хистæй куыд райдайæм, адæмæй худинагу. Схуыссыдыстæм, кæддæр, гыццылæй-иу куыд уыдис, афтæ - Нанаимæ дæлфæдтæ-уæлфæдтæ. Кæрæдзийы къæхтæн хъæбыстæ кодтам, фæлæ нæ иу дæр фынæй нæ кодта. Нана, æвæццæгæн, фыр- цинæй, йæ фæндтæ йын æххæстгæнæг кæй фæзынд, ууыл, æз та - фырмæтæй, куынæ сарæхсон утæппæт хъуыддæгтæ скæнынмæ, ууыл. Алы рæстæг дæр цыбырарм уыдтæн, кæд фæстауæрц кæнын зыдтон, уæддæр. Хист скæнынæн та цыдæртæ хъуыдис. Бонырдæм Нанайæн бамбарын кодтон, куыстмæ мæ цæуын хъæуы, уый, æмæ æхсæв бонмæ цы бирæ мит ныууарыд, ууыл бырдтытæ гæнгæ фыццаг автобусы размæ ныццыдтæн. Нана мæ суанг къуы- быры уонг ныккодта, цалынмæ ацыдтæн, уæдмæ мæ йæ цæст нæ иста. Бахызтæн автобусы фæстаг бадæнмæ, æмæ мæ куыд ничи уына, афтæ рудзын- джы ’рдæм азылдтæн, æмæ мыл кæуын бахæцыд. Тæригъæд кодтон Нанайæн. Уал æмæ уал азы йæ фыртты мæлæтыл чи не ’ууæндыдис, æмæ йæ фыны фæстæ йæ уарзон фырт нал ис, уый кæй бауырныдта, уыцы кардзыд усæн йæхи бон ницыуал уыдис, æмæ йæ къухы хъæбæртæ пецы тигътыл хойгæйæ мæ бацыдмæ йæхи мæтæй æмæ мастæй мардта. 28
Уды рыст ^У Тæригъæд кодтон дæуæн дæр. Афтæ мæм кастис, æмæ дæ уд дзæнæтæй æртахт æмæ бамбарын кодта дæ зæронд мадæн, нæ уæлмæрды дæ бынат кæй хъæуы, уый. Горæты нæ фатеры дуарæй куы бахызтæн мæ рæсыд цæсгомимæ, уæд, рухс дзæнæты бада, Харитон нал хъæцыдис хабæрттæ базонынмæ. Радзырдтон ын Нанайы фын. Уый уыцы бон йæ хъуыддæгтæ иууылдæр аивта æмæ фæссихор Хъобанмæ баласта, цыдæриддæр дæуæн дарæсæй хъуыдис, уыдон, костюмæй зæгъай, къахыдарæсæй, худæй, суанг блокнот æмæ ручкæйы онг. Нана, дам, дарæсæн фæхъæбыстæ кодта, йæ уырзтæй сæ фæрасæрф-басæрф кодта. Фæарфæтæ кодта Харитонæн. 11 январы дæуæн скодтам хист. Æрæмбырд нæм сты хъæубæстæ, æндæр рæттæй æрбацыдысты нæ хæстæджытæ. Фæкуыдтам дыл, цыма знон амардтæ æмæ дæ абон ныгæнæм, афтæ. Дæ хо Мисурæт дын сынтæг сцæттæ кодта, дæ дарæс дын уым равæрдта, дæ къам дын стыр систам æмæ йæ дæ базыл сæвæрдтам. Цалдæр боны зыбыты æххормаг чи уыдис, уыцы Нана касы мисын æмæ ирон бæгæныйæ нал æфсæстис, кæдæй уæдæй, дам, мæ гуыбын бафсæстон. Ахастам дын цырт нæ уæлмæрдтæм, æмæ дын лæгтæ дæ зæххы хай радих кодтой, ныххæлар дын æй кодтой. Цыртыл дæ ном æмæ дæ мыггаг ныффыстой, æрмæст ыл ферох кодтой «Афтид ингæн» ныффыссын. Æрæджы Плиты Соскъойы фырт, нæ хъæуккаг, мæхицæй чысыл кæстæр чи у, уый мæ бафарста: «Афтæ, дам, куы дзырдтой, Никъала, 29
^^®,, Дауырæ дæ фыд, хæсты фæмард, æмæ, дам, уæ уæлмæрдты ныгæд куы ис». Æмæ зæгъын, ды кæд хъобайнаг дæ, уæд дæ хъæуæй чи кæм фæмард æмæ чи кæм ныгæд ис, уый цæуыннæ зоныс? Æви, зæгъын, дæ зонд фæцыд?! Нана ма уыцы хисты фæстæ дæс азы фæцардис. Амардис 94-аздзыдæй 1987 азы майы 11 боны. Бæргæ та йæ фервæзын кодтаин кæддæртау, фæлæ афойнагыл нæ базыдтон, йæ рæуджытæ суазал сты æмæ артау сыгъдис, уый. 5 майы сисрæбын хурмæ æрбадтис, æмæ йæ разæй хур тавта, фæсте та дурты уазал йе уæнгты бацыд. Фондз бонмæ фæцис, дохтырты бон дæр ын ницыуал бацис... Фервæзын та йæ кодтаин, уый тыххæй загътон, æмæ уымæй 4-5 азы размæ Нана йæ хъæдындзтæ хурмæ рахаста, уæдæ, бахус уой, æмæ сæ зымæгмæ «дзыккутæ» сбийон, зæгъгæ. Куы бахус сты, уæд сæ æвзарын райдыдта æмæ сæ рыгæй улæфыдис. Уайтагъд, дам, йæ тъæнгтæ срыстысты æмæ йæ тæвд схыстис. Мæнмæ фæхабар кодта Мисурæты чызг Зоя. Баххуырстон такси, баз æмæ дзы хъæццул сæвæрдтон æмæ Зояйы Нанамæ арвыстон. Æрласта йæ æмæ комкоммæ инфекцион рынчындонмæ ныц- цыдыстæм. Дохтыр куы федта рынчын зæронд усы, уæд мæ бафарста: - Чи дын у ацы ус? - Мæ мад! - загътон æз æнæгуырысхойæ. - Æмæ дæ дæс æмæ æртиссæдзаздзыдæй ныййардта? - Уый уæлдай нæу! Дохтыр, дæ хорзæхæй, 30
Уды рыст тагъддæр нæ сæвæрут рынчындоны æмæ мын мæ мады аирвæзын кæнут. Баззадыстæм æхсæвы æз дæр æмæ Мисурæт дæр Нанайы цур, уымæн æмæ тынг тыхст уыдис. Йæ былтæ йын лимонæй сæрстам, йæ хъуыры йын уидыгæй дон уагътам. Дыууæ боны фæстæ йæ цæс- тæй ракаст æмæ нæм сдзырдта: «Æххормаг мын у!» Дохтыр загъта, бас, дам, ын радтут цалдæр хуыппы, æндæр ын хæрæн нæ уыдис. Ауадтæн, æмæ йын рестораны карчы бас алхæдтон. Раст цыма цай цымдта, афтæ дзы анызта. Дыккаг бон йæхæдæг сыстад - мах æхсæвы уым нал ныууагътой. - Ацы ницæййæгтæ мын мæ карк адавтой! - рахъаст мын кодта, куы йæм ныххæццæ дæн, уæд. - Цавæр карк, Нана? - Знон мын кæй æрхастай, уый. - Æз дын знон æрмæстдæр бас æрхастон, карк дзы нæ уыдис. - Уый та куыд? Куыд мæ фæхудинаг кодтай ацы адæмы æхсæн? - Омæ, дын, Нана, хæрæн нæма ис! - Æмæ æз мæхи кой кæнын? Ацы адæмы æхсæн æз карк куы æрæвæрдтаин, уæд худинаг фæуыдаин? Æртыккаг бон та йæм куы ныццыдтæн сихорыл, уæд мын Нана рахъаст кодта: - Адон бынтон æнæуæздан адæм сты. Кас сфыхтой, иннæтæн байуæрстой, мæнæн нæ радтой! - Омæ дын æрмæстдæр бас цымæн ис! Хæрæн дын нæма ис. - Æмæ басæй мæ тъæнгтæ ’хсын? Хæринæгтæ чи уæрста, уыцы чызгæн загътон: «Мæнæн та кас?» 31
^а.. Дауырæ - Дæуæн, бабушкæ, уый фæстæ сфыддзыстæм! - загъта мын чызг мæстæймарæгау, фæлæ нырмæ дæр мæ кас не сцæттæ! Алас мæ нæхимæ, адон мæ ам сыдæй ныммардзысты! Афтæ, нæ уæздан, нæ гуыххæл Нана дизенти- риимæ йæхи рафыссын кодта рычындонæй æмæ нæхимæ, Хъобаны, цалдæр бонмæ сдзæбæх. Уымæй дыууæ азы фæстæдæр та Нана æррынчын - нал æм цыдис хæрын. Нæхимæ куы бацыдтæн, бирæ цыдæртæ йын бахастон, афтæмæй, уæд йæ бон дзурын нæ, фæлæ кæсын дæр нал уыдис. - Ауадзут мæ мæ фæндагыл. Бирæ фæцардтæн. Нал мæ фæнды цæрын. Мæнæ сымах, кæстæртæ, дзæбæх ут, уыйедтæмæ мæнæн афон у, - тыххæйты загъта Нана. - Æмæ дын цы ’фсон ис мæлынæн? Азтæ цы давынц? Ды рæстзæрдæ æмæ кусгæйæ фæцардтæ. Давгæ, маргæ нæ кодтай. Хуыцауы раз дæ уд сыгъдæг у! Хæрын дæм уый тыххæй нæ цæуы, æмæ, дæ зæрдæ цы агуры, ууыл нæма сæмбæлдтæ. Ракæс- ма, æз дын мæнæ цас цыдæртæ ’рбаластон! Нана йæ цæстытæ байгом кодта, фæлæ мын мæ адджинæгтæм кæсгæ дæр нæ фæкодта. Æз ауадтæн æмæ, цы автобусы бацыдтæн Хъобанмæ, уым фæстæмæ горæтмæ рацыдтæн - комкоммæ базармæ. Цыдæриддæр дзы уæй кодтой, уыдонæй фæйнæ гыццылы æлхæнын райдыдтон: цæхджынтæ, кæсаг, дыргътæ, иу дзырдæй, бирæ цыдæртæ. Абадтæн та фæстæмæ Хъобаны автобусы æмæ та Нанайы раз фестадтæн. 32
Уды рыст ^^1 - Нана! Кæс-ма! Цас алыхуызон хæринæгтæ ис дæ разы! Ау, æппындæр дзы дæ зæрдæ ницы агуры? - Ныр, цымæ, дæхи цы тухæнæй марыс? Ауадз мæ мæ фæндагыл æмæ сымах дæр фервæзат. - Нæ, Нана, нæ! Хъæугæ нæ кæныс! Æнæ дæу мах дон фæласдзæн! Хъæугæ нæ кæныс! - йæ былтæм ын хастон хæринæгтæ. Цæхджын давоны хал йæ фындзы бынмæ куы бахастон, уæд йæ дзых бахæлиу кодта æмæ давоны хал йе ’нæдæндаг мылытæй аууылдта. Аныхъуырдта йæ тыххæйты, æмæ та йын æз дыккаг хал дæр йæ дзыхы фæмидæг кодтон. Æз уæдæй фæстæмæ давонæн арфæйаг дæн - Нанайы нын мæрдтæй раздæхта. Цы хæринæгтæ йын бахастон, уыдон дæр сындæггай хæрын райдыдта æмæ йæ къахыл слæууыд. # # # æ зынаргъ, мæ уарзон фыд! Цард, æвæдза, куыд цыбыр у! Ды ныры онг куы фæцардаис, уæд дыл цæуид 103 азы (1909 азы гуырд уыдтæ). Уыцы кармæ стæм адæймаг цæры! Ды дæр, чи зоны, нæ фæцардаис абонмæ. Фæлæ мæнмæ диссаг кæсы: цы хуызæн уыдаис, цымæ, зæрондæй? Мæнæн мæ цæстытыл æдзухдæр æрыгонæй уайыс. Уæвгæ, мæм æрыгон нæ кастæ, хæстмæ куы цыдтæ, уæд. Афтæ мæм кастис, æмæ ды дæ тыхджын, зондджын, фидар æмæ домбай адæймаг. Дæ бон у алы хъуыддаг дæр саразын. Цымæ куыд рауадаид нæ цард, уыцы фыдбоны хæст куынæ уыдаид, уæд? Цал ма мын уыдаид 33 м 3 Заказ № 51
чЬ@ Дауырæ æфсымæртæ æмæ хотæ? Нæ мад куыд дзырдта, афтæмæй уын лæппумæ бæлгæйæ чызг куы райгуырд, уæд, дам, ды тынг æнкъард уыдтæ. Лæппу дæ хъуыдис, æмæ дын Хуыцау лæппу радта 1939 азы. Фæлæ 9 мæйы фæстæ Тамерлан амардис менингитæй. Пункци, дам, ын куы скодтой, уæд йæхи нал æрæмбæрста. Æз ма хорз хъуыды кæнын, Алæгаты Венерæ нæм суанг сосавæндагæй хъарæггæнгæ куыд ссыдис, уый дæр. Уæд ма Дада дæр æгас уыдис, æмæ, дам, йæ сæр къултыл фæхоста, хæдзархæлд фестæм, зæгъгæ. Цæмæй зыдта, мæгуыр, хæдзархæлд уый фæстæ бирæ цæмæйдæрты фæуыдзыстæм, уый. Тамерланы фæстæ та дын æртыккаг чызг куы райгуырд, уæд Нана мæ мадмæ дзургæ дæр нал кодта, сылвæд нæ фæкодта Торчынон, зæгъгæ. Хæстмæ куы цыдтæ, уæд авдæны цурмæ бацыдтæ æмæ загътай: «Надя, ацы сывæллонæн йæ цæстытæ æгæр сау сты. Кæд, мыййаг, нæуыны!» Фыдбоны хæст сызмæста адæмы фæндтæ! Цымæ куыд рауадаид адæмы цард, канд нæ хъæуы нæ, фæлæ æгас Цæдисы дæр, Гитлер нæм куынæ ’рбабырстаид, уæд? Хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй хæсты размæ азты цард хуыздæрæй хуыздæр кодта. Нæ паддзахад сындæггай хъæздыг кæнын райдыдта. Чи зоны, цалдæр азы фæстæ иннæ бæстæтæй хуыздæр цардаиккам, уымæн æмæ адæм тынг цардбæллон æмæ куыстуарзаг уыдысты. Фæлæ дæу фæлтæрыл дæр æмæ мæн фæлтæрыл дæр фыдбоны рæстæджытæ скодта. 34
Уды рыст Зсе. Æз арæх хъуыды кодтон уыдæттыл, æмæ фысгæ дæр бирæ цыдæртæ ныккодтон: Рæстæг! Æрдомон дæхъуамæ мæхæстæ: Дзур-ма, кæм ысты мæ бирæ тугхъæстæ?! Кар æмæ зонды бæрзæндæй фæрсын: Чи мын ысныв кодта царды хъæрзын?! Кæцы Хуыцаууыд мæ ныхмæ фыдызнæт? Афтæ æнамонд цæмæн у мæ хъысмæт?! Цал мын уыдаид æфсымæртæ, цал?! Уаин сæ абон сæрыстырæй хъал. Хъуамæ сынуаид ныр бирæ фæдонтæ, Уаиккой абон сæ цæуæт хæстхъомтæ. ... Цалдæр фæлтæрыл у цардæн йæ хид,- Тугæйдзаг æнус! Мæ тæригъæд фид! Кæй зæгъын æй хъæуы, æз канд мæхи номæй нæ уайдзæф кæнын рæстæгæн æмæ хъысмæтæн, фæлæ ме ’мсидзæрты, ме ’мдугонты номæй. Сæ царды хабæрттæ бæстон кæмæн зонын, уыдоны номæй. Æмæ цынæ зындзинæдтæ бавзæрстам! Бæгънæг, æххормаг, рахау-бахау цард, зымæджы уазал. Нана-иу, мæгуыр, афтæ загъта, ныры фæлтæр, дам, уазалдзыд æмæ сыд сты! Ныр, мæ зынаргъ фыд, хæстæй бирæ азты фæстæ, хæстонтæй ма гæзæмæ чидæртæ куы баззад, уæд сын сæ хъæбатырдзинадмæ паддзах йæ хъус æрдардта. Уый мæнæн тынг æхсызгон у. Хæсты цæхæры чи сыгъдис, æрдæгарыдтытæй, цæфтæй чи сыздæхтис, уыдон уый аккаг сты, æмæ сын абон хæдзæрттæ дæр дæттой, сæ пенситæ дæр бæрзонд 35
^ч^®,, Дауырæ уой. Фæлæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард чи радта æмæ йæ бинонтæ кæмæн схæтæнхуаг сты, уыдоны кой уæвгæ дæр никуы ис. Стæмты тыххæй цыдæртæ афыссынц, ахæм æмæ ахæм хæсты быдыры хъæбатырдзинад равдыста æмæ йæ цард радта Райгуырæн бæсты сæраппонд, зæгъгæ. Æмæ кæй æмæ цæмæн хъæуынц уыцы былдауæн ныхæстæ? Цы пайда сты зынгхуысты байзæддагæн дæр æмæ рæзгæ фæлтæры хъомыладæн дæр? Адæймаг Райгуырæн бæстæйæн йæ цард куы радта, уæд хъуамæ Райгуырæн бæстæ йæхимæ райса хæс хъæбатырæй амæлæгæн йæ цотмæ, йæ ныййарджытæм, йæ бинонтæм кæсын. Æз уыцы хæстæ мæхимæ райстон, æмæ дын дæ чызджыты - Езæ æмæ Эллæйы æмæ дæ ныййарæг мады дæр никуы ницы хъуаг ныууагътон æмæ ме стырдæр сгуыхтдзинадыл дæр æмæ мæ царды нысаныл дæр уый нымайын. Ды куы зонис, мæ зынаргъ, куыд зын уыдис уыдонæн сæ хъуыддæгтæ кæнын, куыстытæ агурын, фатертæ райсын, сæ царды хъуыддæгтæ сын кæнын... Кæддæр мæ Езæйæн справкæ хъуыдис, æмæ Горæтгæрон районы военкоматмæ бацыдтæн, мæ хойæн, зæгъын, мæ гæххæтт хъæуы, йæ фыд хæсты кæй фæмард, уый тыххæй. Хицау дын мыл куы схъæр кæнид: - Сколько вы будете спекулировать тем, что отец на фронте погиб? Æз справкæмæ дæр нал фæлæууыдтæн, мæ кæуын мæ хъуыры абадт æмæ рацыдтæн. Æмæ цал æмæ цал хатты уыдис афтæ, æмæ-иу, хъуыддаг кæмæй аразгæ уыдис, уыдон-иу загътой: «Ныр 36
Уды рыст о}^ уæхæдæг стыртæ стут æмæ уæ фыды номæй мауал пайда кæнут!» Нæ уыдис, нæ, мæ фыд, зынгхуыстты бинонтæм бæстон цæстдард. Кæддæр Гæздæнты авд æфсы- мæры мады телеуынынадмæ æрбахуыдтой, æмæ йын редактор афтæ зæгъы: - Афтæ зæгъ: æз мæ авд фырты цард балæвар кодтон Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынæн. Æс- тæм фырт мын куы уыдаид, уæддæр æй нæ бавгъау кодтаин Райгуырæн бæсты сæраппонд. Ус æм байхъуыста, комкоммæ йæм ныккаст æмæ йæ цæссыгтæ фемæхстысты. Иунæг ныхас дæр йæ дзыхæй не схаудта равдысты райдианæй йæ кæронмæ. Йæ бæсты уыцы ныхæстæ йæ номæй загъта редактор йæхæдæг. Æз мæхинымæр хъуыды кодтон, цымæ, зæгъын, уыцы рыстзæрдæ мад куыд ныббарста уæды хицауадæн, йæ авд фыртæй йын иу- нæджы дæр йæ цуры чи нæ ныууагъта, уыдонæн?! Зынгхуыстты мадæлты зæрдæрыст куыд нæ уыдтам мах, ме ’мхуызон сидзæртæ?! Уымæй ма æбуалгъдæр цы уа, дæ уарзон фыртты дын хæсты быдырмæ акæнæнт, æмæ сæм ды, æхсæвæй-бонæй, Хуыцаумæ кувгæйæ, æнхъæлмæ кæс. Куыд хъуамæ сиса йæ дзыхмæ мад адджын комдзаг, кæд æмæ зоны, йæ фырт кæмдæр быдыры æххормаг æмæ уазалæй мæлы знаджы нæмгуыты бын?! Нæ! Никæцы аивадон уацмысы æвдыст æрцыд хæсты фесæфæг зынгхуыстты мады сурæт. Кæд Ирыстоны алы хъæуы дæр ис ахæм мадæн цыртдзæвæн, уæддæр æххæстæй не ’рцыд æвдыст мады зындзинад йæ хъæбулы сæфтыл. 37
^^^,, Дауырæ Мæ зынаргъ фыд! Ды хæстмæ куы цыдтæ, уæд æртæмæйдзыдæй кæй ныууагътай, уыцы Эллæ фыды ад нæ базыдта. Мах-иу дæ Езæимæ куы мысыдыстæм, науæд-иу нæ исчи куы бафхæрдта, уæд-иу дæумæ куы куыдтам, «папа», зæгъгæ, уæд-иу Эллæ фарста, папа та цы у, зæгъгæ. Уый фæстæ куы рахъомыл æмæ зарджытæ фыссын куы райдыдта, сæ ныхæстæ дæр йæхи, афтæмæй, уæд, Нанайы зæрдæрыст æм- баргæйæ, ныффыста, Ирыстоны хъуыстгонд цы зарæг сси, уый. Зарыдысты йæ зындгонд зарæггæнджытæ Билаонты Долорес æмæ Медойты Светланæ хæсты алы юбилеймæ. Ирыстоны ахæм адæймаг не ссар- дзынæ, йæ ныхæстæ йын чи нæ зоны: Хæст куы фæцис, уæд, цымæ, кæм ыстут? Уал азы æнхъæлмæуæм кæсын. Сау сыджыт у, чи зоны, уæ хъæццул, Фæлæ уæ куыд тынг фæндыд цæрын. Базард: Мадæлты фæдзæхст: Макуыуал уæд хæст! Уадз æмæ æрыгон фæлтæр Мæ базонахæсты цæхæр,- Уый басыгъта мæхъæбулты кæмдæр, Уый басыгъта мæ хъæбулты кæмдæр. Миты астæу малусæг ысзындис, Хуры тынтæм ивазы йæхи, Урсриу цæргæс арвы тыгъдмæ стахтис, Уæдæ уæд мæ хъæбул та кæм ис?! 38
Уды рыст ^ ?^1 Базард: Адæмæн æгъатыр хæст цы ’рхаста, Мадæлты цæмæн бахъуыд кæуын? Сидзæртæ цæмæн баззад нæзæххыл, Хорз куыуаид сабырæй цæрын! Базард: Мадæлты фæдзæхст: Макуыуал уæд хæст! Уадз æмæ æрыгон фæлтæр Мæ базона хæсты цæхæр, Уый басыгъта мæхъæбулты кæмдæр, Уый басыгъта мæхъæбулты кæмдæр. Æз телеуынынады 23 азы фæкуыстон. Цал æмæ цал хатты скодтон равдыстытæ хæсты тематикæ- йыл! Æдзухдæр-иу зæлыдис ацы зарæг, æвдисгæ та-иу ракодтон Нанайы къам, уымæн æмæ зарæг Нанайыл уыдис. Ихсыд зæронд ус къухаууонæй куыд æнхъæлмæ кæсы йæ фырттæм, уый алкæйы зæрдæ дæр риссын кодта. Хиуæттæ-иу мæм æрбадзырдтой, Нанайы къам федтам æмæ та йын йæ фырттыл фæкуыдтам, зæгъгæ. •& •& # Ногирæй нæм хæсты рæстæджы цы 26 хæ- дзары бинонтæ цардис, уыдоны æхсæн иунæг нæлгоймаг дæр нæ уыд - сæ лæгтæ хæсты уыдысты, уæдæ сæ цотæй хæстхъом чи уыдис, уыдон дæр хæстмæ ацыдысты. Уæд ахæм бардзырд уыдис: «Все для фронта!» Хæдзæрттыл зылдысты, хæстæй уæгъдгонд чи уыдис, ахæм зæронд лæгтæ, 39
^^®,,, Дауырæ æмæ цыдæриддæр адæммæ уыдис, уыдон хæстæн æмбырд кодтой. Ногираг устытæ æхсæвæй-бонæй къуымбилты куыст кодтой - быдтой цъындатæ, хъарм дзаумæттæ, голджыты Ногирæй цы къуымбилтæ ’рбаластой, уыдонæй, æмæ сæ хæстмæ æрвыстой. Афтæ сæм кастис, æмæ уыцы хъарм дзаумæттæ æнæмæнг сæ хæстонтæм бахæццæ уыдзысты. Афтæ дæр-иу уыдис, æмæ-иу махæн, фыссын чи зыдта, уыдонæн ныффыссын кодтой: «Для Соскъо!», «Для Габрела!» Хорз ма хъуыды кæнын, уыцы лæгтæ хæдзæрт- тыл куыд зылдысты æмæ адæмæн куыд дзырдтой, хæхбæстæй быдырмæ алидзын кæй хъæуы, уый. Уым, дам, уын уыдзæнис цæттæ хæдзæрттæ. Æз цы хъуамæ бамбæрстаин бæлвырд хъуыддæгтæн, фæлæ сæ мæ мад бæстон æрфарста, æмæ изæры горæтмæ ацыд, афæрсон, дам, хиуæтты. Дыккаг бон куы ’рбаздæхт, уæд Нанаимæ цæуылдæр тыхныхас кодтой. «Æз мæ сывæллæтты никæдæм уадзын! Кæд лидзыс, уæд дæхæдæг алидз!» - дзырдта Нана. - Уым хæдзæрттæ уарджытæй иу Ислам у - мæ хистæр хойы лæг, æмæ мын хорз хæдзар радтын кæндзæн. - Гъемæ дæ хорз тæригъæддаг хæдзары дæ- хæдæг цæр, кæимæ дæ фæнды, уыдонимæ. Сы- вæллæтты ам уадз, истæмæйты ирвæздзыстæм. Цалдæр боны фæстæ нæ мад йæхи йæ куыстæй систа æмæ ацыдис кæдæмдæр. Уый фæстæ куыд рабæрæг, афтæмæй хохæгтæн хæдзæрттæ лæвæрд- той, мæхъæлы кæцæй фæсырдтой, уыцы хъæу- ты. Радтой нæ мадæн дæр, мæгуыр чи цардис, 40
Уды рыст ^кв. ахæм мæхъæлæтты хæдзар. Кæд бæлиццаг нæ уыд, уæддæр дзы уыдис тынг стыр цæхæрадон, цалдæр зæронд бæласы. Иу изæр нæ мад бацыдис Хъобанмæ уæзласæн машинæйы æмæ байдзаг кодта машинæ дзаумайæ, мах та æртæйæ дзаумæтты астæу сбадын кодта æмæ нæ Карцамæ (афтæ схуыдтой хъæуы ном, хохы карцайæгтæ дзы тынг бирæйæ кæй æрцардысты, уый тыххæй) æрласта. Хæдзары уыдис дыууæ гыццыл уаты, се ’хсæн - тыргъ. Афтæ ныллæг уыдысты уæттæ, æмæ нæ бæрзонд шифанер иуы дæр нæ бацыд. Тыргъы дзыхъхъ скъахын кодта нæ мад, æмæ шифанер æмбисæй дæлæмæ дзыхъхъы ауагътой. Цалдæр къуыримæ бамбыд уымæлы, æмæ къуылых лæджы хуызæн йæ иу фарсыл æрхуыссыд. Иу бон куы уыдис, уæд нæ мад цармæ схыстис, æмæ дзы цыдæриддæр уыдис - бызгъуырæй, хъа- зæнæй, уыдон кæугæйæ æппарын райдыдта. Куы кæугæ кодта, куы кувгæ: «Хуыцæутты Хуыцау! Ныббар мын, мах ацы тæригъæддаг хъуыддæгты аххосджын не стæм!» Хæдзары, царæй нæ мад цы бырæттæ ракалд- та, уый йеддæмæ дзы дзаумæттæ нæ уыдис. Æвæц- цæгæн сæ мах размæ кæдæмдæр аластой. Карцайы мах бынтон æнæхион нæ уыдыстæм - абон дæр Тарскæйы уынг чи хуыйны, уым иу дзæбæх, фидар хæдзары æрцардысты Гуыбиаты Исламы бинонтæ. Исламы бинойнаг - Тамарæ - Торчынон, уыдис мæ мады хистæр хо. Куыд рабæрæг, афтæмæй мах Хъобанæй Карцамæ ралидзæм, уый Тамарæйы фæнд уыдис. Куырыхон сылгоймаг зыдта, нæ мад æнæныфс æмæ лæмæгъ адæймаг у, уый. Уæдæ йæм 41
^^Э^ Дауырæ сывæллæтты хъомыл кæнынмæ мах дæр фæкæсæм, зæгъгæ, сразы кодта мæ мады Карцамæ ралидзыныл. Рухс дзæнæты бада Тама, мах æй афтæ хуыдтам, уый цæй диссаджы хорз хо уыдис нæ мадæн. Мах уыдоны къæбæртæй цардыстæм фылдæр. Нæ мад-иу куы куыста, куы нæ. Кæм уыдис уæды рæстæджы куысты бынæттæ?! Æмæ та-иу нын Тама конд хæринаг æрæрвыста куы йæ иу чызгимæ, куы йæ иннæимæ. Гуыбиатæм мын æмхæрæфырттæ бирæ уыдис: Мошкæ (Мишæ), Тамæт, Риммæ, Зоя, Эльмæ æмæ Ленæ. Ныр æртæйæ нал сты - Мошкæ, Тамæт æмæ Зоя, рухс дзæнæты бадæнт. Иннæтæ иууылдæр уым, Карцайы цæрынц. Ис сын бирæ аив æмæ хорз цот, уæвгæ ныр сæ цот дæр цотджынтæ сты. Ислам уыдис Ирыстоны хъуыстгонд лæгтæй иу. Цорæты Мылыхо æмæ Ислам сæ рæстæджы тынг зындгонд уыдысты. Абон Фарныхъæу чи хуийны, уымæн, дам, номæвæрæг Гуыбиаты Ислам уыдис. Цæвиттон, хохæгтæ Санибагомæй, Куырттаты комæй, Дæргъæвсгомæй уыцы хъæуы куы æрцардысты, уæд сæ хъæуæн ном æвзæрстой. Кæй афтæ фæндыд, æмæ хъæуы ном схоной «Куырттат», кæй «Саниба». Уæд, дам, Ислам афтæ: - Фарн ма схонæм нæ хъæу, Фарн. Фарны хъæу уыдзæнис, æмæ нæм фарн дæр уыдзæнис! Сразы сты цæрджытæ, æмæ абоны онг Фарны- хъæуы фæрнджын адæм цæры! Арф уидæгтæ ауагъта фарн сæ хъæуы. Ис сæм бирæ хорз æгъдæуттæ æмæ фæрнджын адæмтæ. Мамсыратæ, Гуыбиатæ, Æлбегатæ, Дауыратæ, Дзуццатæ, Хуыгистатæ, Дзампатæ æмæ бирæ æндæр мыггæгтæ, кæддæр алы 42
Уды рыст Зе. кæмттæй чи ралыгъд, уыдон хæларæй, кæрæдзийæн лæггад кæнгæйæ цæрынц, кæддæр Гуыбиаты Ислам «Фарн» кæй схуыдта, уыцы фæрнджын хъæуы. Ислам æмæ йæ бинонтæн æз тынг арфæйаг дæн. Фæлæ дын æз, мæ зынаргъ фыд, Исламæй рахъаст кæнон. Мæ гыццыл зæрдæйы дзы дыууæ хатты маст бацыд. Карцайы куы æрцардыстæм, æмæ фыццаг хатт Гуыбиатæм куы бацыдыстæм, куы сын федтон сæ бæстон цæрæнтæ, уæд æз, 9-аздзыд чызг, Ислам- мæ бауырдыг дæн, æмæ махæн ахæм хорз хæдзар цæуылнæ радтай, зæгъгæ. - Кæс-ма ацы къуыдайрагмæ! Хорз хæдзар æй æрхъуыдис! Æмæ мын нæ загътаиккой, дæхионæн хорз бынат радтай, зæгъгæ?! Къуыдайраг мæ кæй схуыдта, уый мын фæхъыг и. Уæвгæ, мын кæддæр нæ мад загъта, куы йæ куырдтай, уæд дыл Ислам «къуыдайрагæй» фау æвæрдта, уый. Уæд, дам, Мсо - мæ мады æфсымæр, загъта: - Замманайы сæрæн æмæ ахуыргонд лæппу! Хорз мыггаг, хорз бинонтæ йын. Стæй Слантæ къуыдайрæгтæ кæцæй сты? Сæ фыдæлтæ уæртæ Куырттаты комы Æрхонæй куы сты! Уыйадыл, дам, Ислам састы бынаты баззадис. Дыккаг хатт дæр Исламмæ «къуыдайраджы» тых- хæй фæхæрам дæн: уæддæр та Гуыбиатæм уыдыс- тæм. Æхсæвы тынг дымгæ кодта, æмæ цыппарæй, кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдыстæм, афтæмæй, æмбисæхсæв Гуыбиатæм ссыдыстæм. Сæ кулдуар нын куыд байгом кодтаиккой, уый дæр нæ зыдтой, дымгæйæ йын тарстысты. Райсомы нæ Тама нæхимæ 43
^^®,, Дауырæ нæ ауагъта, дымгæ, дам, нæма банцад, зæгъгæ. Æз сын сæ тыргъ марзтон иу дынджыр, мæхийас цъылынæй, афтæмæй Ислам йæ уатæй рацыд. - Кæс-ма ацы къуыдайрагмæ, куыд дзæбæх арæхсы! Уый фæстæ æз Исламы бирæ азты нал федтон. 1953 азы Хъобаны скъолайы 10-æм къласы ахуыр кодтон, афтæ нæм хъæргæнæг бацыд Хъобанмæ, Исламы, дам, бæхыл бадгæйæ машинæ скъуырдта. Карцайы уыцы рæстæг тынг алыхуызон адæм цардис. Нæ тæккæ фарсмæ цардысты Созитæ - уыдонæн дæр сæ фыд хæсты уыдис. Сæ мад Ксеня - Хъороты Федыры хо, кæддæр Хъобаны дзулуæйгæнæгæй куыста æмæ дæу хорз зыдта. Йæ цот мах карæнтæ уыдысты - Русланимæ иумæ 2-аг къласмæ цыдыстæм, Гуля æмæ Зарæ - уыдон Русланы кæстæр хотæ уыдысты, уый фæстæ азты- иу сæ кæуыл сæмбæлдтæн, ууыл-иу ныццин кодтон. Хорз зонын Русланы аив бинойнаджы дæр - Кучиты Томæйы. Мæскуыйы ахуыргæнгæйæ зонгæ уыдыстæм. Иннæрдыгæй нæ фарсмæ цардысты Гæджынатæ - уыдон дæр мах хуызæн мæгуыр уыдысты. Сæ фыд уыдонæн дæр хæсты уыдис. Бирæ сывæллæттæ уыдысты, æз дзы кæй хъуыды кæнын, уыдон: Серафин, Венерæ, Сæлæдин, æмæ ма уый фæстæ дæр цыппар. Сæ мад Леза уыдис Гæздæнты авд æфсымæры хо. Æдзухдæр мысыдис йæ диссаджы æфсымæрты æмæ йæ кæддæры цард. Уалдзæджы кæроджытæ куы фæзындысты, уæд мах, сывæллæттæ, иууылдæр ацыдыстæм уæл- мæрдты къуыбырмæ кæроджытæ тонынмæ. Æхсæвы 44
Уды рыст -&*. Лезайы гыццыл лæппу кæроджытæй бахордта æмæ йын, æвæццæгæн, йæ афтид ахсæн басыгътой. Амардис райсоммæ. Уæд хæстæгмæ фыццаг хатт федтон мард æмæ дзы тынг фæтарстæн. Нæ иннæ сыхæгтæй бахъуыды кодтон уæздан Есиаты. Сæ чызджытæ Фатимæ æмæ Бэллæ мемæ ахуыр кодтой. Бирæ азты фæстæ дæр ма-иу кæрæдзийыл ныццин кодтам, суанг Мæсгуыйы ахуыр кæнгæйæ дæр. Датитæ, Цуцитæ, Сæлбитæ, Хуытъитæ, Хестантæ - æмæ кæцæй не ’рымбырд сты ирон адæм мæхъæлы цæрæнбынæттæм, суанг Лабæйæ дæр. Фæлæ иунæг адæймаг дæр ахæм нæ уыд, æмæ зæрдиагæй чи бауарзтаид йæ ног цæрæнбынат. Цалдæр азы фæстæ бирæтæ сæ раздæры хъæутæм лидзын райдыдтой. Уыдонимæ уыдис нæ мад дæр. Æмæ кæд ныр йæ ходыгъд Маруся, дæ хо, дæр уым, Карцайы æрбынат кодта, уæддæр нæ мад йæ хæдзар грекъаг дзулгæнæг Александридийæн ауæй кодта дыууæ ссады голлагыл, æмæ фæстæмæ Хъобанмæ балыгъдис, йæ къухтæ йæ дæлармы, афтæмæй. Нана йын бауайдзæф кодта: - Нæ дын загътон, тулаг дурыл хъуына нæ хæцы! Карцайы цардæй æз бирæ цыдæртæ бахъуыды кодтон: æмгуыройыл-иу нартхор æрæссадтам æмæ- иу кас сфыхтам. Æз уыцы касæн йæ хафæнтæ уарз- тон, æмæ аг ныххафон, зæгъгæ-иу, кас иннæ агмæ равгæдтон. Сугхъуаг-иу куы уыдыстæм, уæд-иу бæлас афæл- дæхтам, æмæ-иу уымæй арт кодтам. Дон хастам тынг дардæй - цæугæдонæй. Есиатæй дыууæ хойы, се ’фсымæр Исай, уыдон нæ бакомкоммæ цардысты. 45
ч^ Дауырæ Дæу хорз зыдтой - ды хохаг хъæутæн ахуырады хайады хицауæй куы куыстай, уæд хотæй кæцыдæр скъолайы куыста ахуыргæнæгæй. Æдзухдæр-иу мын дзырдтой, дæ фыды æнгæс дæ, зæгъгæ. Уыдонмæ уæхсджи курæг тынг арæх цыдыстæм, дон дыууæ ведрайæ афтæмæй æнцондæр хæссæн уыдис, никуы бахъуыр-хъуыр кодтой, æнæзивæг-иу авæрдтой уæхсджи. Уый дæр ма хъуыды кæнын, æмæ нæм Нана Хъобанæй арæх цыдис. Хъæддаг кæрдойы хустæ, хъæдур, нартхор дзæрнайæн æмæ йæм-иу цы уыдис, уыдон-иу нын æрхаста, мæгуыр. Иухатт нæм Нана зыбыты афтидæй æрбацыдис. - Горæтæн йæ иу кæронæй иннæмæ дынджыр хъæдын чумæдан ме ’ккойы фæхастон. Тынг бафæл- ладтæн æмæ, Карцамæ машинæ кæцæй цæуы, уым мæ чумæдан æрæвæрдтон. Мæ фыдбылыз йæ хай, иу лæппу мын къухæй цыдæртæ амыдта, æмæ уы- йырдæм куыд кастæн, афтæ мын чидæр мæ чумæдан адавта. Йæ тæккæ дзаг уыдис хæринæгтæй - насæй, фæткъуыйы хусæй, хъæдурæй, марг сын фестой. - Æвæццæгæн, Нана, уыдон махæй æххормагдæр сты. Уадз æмæ сæ хæрой, - загъта нæ мад. - Æмæ дæуæн цы у! Гал амæла - дзидза, уæрдон асæтта - суг, - сбустæ кодта Нана, æвæццæгæн ын хъыг уыдис, йæ зыныл ын нæ мад кæй нæ фæрыст, уый. Æз Нанайæн ныллæгъстæ кодтон, демæ мæ акæн Хъобанмæ, мæ зæрдæмæ нæ цæуы Карца, зæгъгæ. Æмæ кæд мæ мады нæ фæндыдис, уæддæр лидзæгау акодтон Нанаимæ Хъобанмæ. Нал акуымдтон Карцамæ. 46
Уды рыст -^кь Уый диссаг нæу, мæ уарзон фыд?! Æз, цоты хис- тæр, истæмæй нæ мадæн баххуыс кæныны бæсты мæхи мæт кодтон æмæ мæ мады дæр æмæ мæ хоты дæр ныууагътон кæйдæр æцæгæлон хъæуы. Мæхæ- дæг цинæй мардтæн, Хъобаны кæй цæрын, ууыл. Карцайæ ма уый дæр бахъуыды кодтон: хæст куы фæцис, уæд æфсæддонтæ танктыл заргæ цыдысты. Адæм цин кодтой. Æз нæ мадмæ хæрзæггурæггаг фæдæн: «Мама, хæст фæцис». Уый нæ уыцы дынджыр цæхæрадон белæй къахта. Белы хъæдыл æрæнцой кодта æмæ ныккуыдта: - Махæн нæ хæст раджы фæцис, дæуæн дæ фыд хæстæй не ссæудзæн, миййаг! Скуыдтон æз дæр, æмæ мæ нæ мад сабыртæ гæнгæ хæдзармæ ракодта. 0, уый дæр ма дын радзурон: кæддæр махæн цы зæххы хай уыдис Карцайы, уым грекъаг дзулгæнæг æртæ хæдзары сарæзта йæ фырттæн, æмæ сæ иуы цæры Гуыбиаты Исламы хорз чызджытæй иу - Ленæ, уымæн æмæ Ленæ грекъаджы фырттæй иумæ смой кодта. Нæ мад рынчын куы уыдис, уæд ын Ленæ тынг балæггад кодта, мæхицæй фылдæр. Куы амардис нæ мад, уæд нын æй йæ хотæ æмæ йе ’фсымæр Мсо Хъобанмæ аласын нæ бауагътой. Цардæй, дам, дзы ницы федта, æмæ йæ баныгæдтам Карцайы уæлмæрды. Ислам дæр уым ныгæд уыдис. Уый фæстæ дзы ныгæд æрцыдысты Мошкæ æмæ Тамарæ дæр. Уыдонæй чысыл дарддæр та ныгæд ис дæ кæстæр хо Маруся, кæддæр Карцамæ цардагур чи ралыгъд йæ дыууæ гыццыл чызджы Эммæ æмæ Зифæимæ, йæ лæг Алеккайы амæлæты фæстæ, 47
>ч(3 Дауырæ уый. Ныр, мæ зынаргъ фыд, уыдонæй дарддæр, ног уæлмæрды фæдфæдыл ныгæд æрцыдысты Мару- сяйы чызг Эммæ æмæ Исламы чызг Зоя - мæнæй афæдз хистæр чи уыдис, уый. Мæ зынаргъ фыд! Цымæ мæныл Зоя-ном дæу фæндæй æвæрд æрцыд, æви нæ мады фæндæй? Ау, мæ мад йæ хистæр хойы зондмæ афтæ тынг хъуыста, æмæ уый йæ чызджы «Зоя» куы схуыдта, уæд мæн дæр уымæ гæсгæ схуыдтой Зоя? Æви уыцы ном дæхи æвзæрст уыдис? Дæ иннæ цоты нæмттæ дæр мæм диссаг кæсынц: Езæ - немыцаг ном, Эллæ - грекъаг, Тамерлан - монголты къуылых ханы ном! Мæ ном грекъагау «цард» у, æмæ ма уый фæуæд, фæлæ иннæтæ та? Нæ иуыл ирон ном куыннæ сæвæрдтай? Уæвгæ, дæ фыд йæ цæуæтыл зæдты нæмттæ сæвæрдта - Николай, Георгий, Мария (Маруся), æмæ уый тыххæй амондджындæр рауадыстут?! * * * Ныр та дын, мæ зынаргъ фыд, зын дын цы уыдзæн, ахæм хабæрттæ радзурдзынæн. Дæуыл нудæс азы куы цыдис, дæ кæстæр æфсымæр Георгийыл та æвддæс азы, уæ хо Марусяйыл та цыппæрдæс азы, уæд ма уын цы хо райгуырдис - Мисурæт, уый куы рахъомыл, уæд уыдис рæсугъд æмæ хъæлдзæг. Тынг хорз цагъта фæндырæй. Ахуыры ’рдæм нæ уыд æмæ 8-æм къласы фæстæ скъоламæ нал бацыд. Джызæлдоны станцæйы каф- джыты æмæ зарджыты ансамбль куы сарæзтой, уæд сын Мисурæт фæндырдзæгъдæг уыдис. Уым дæр 48
Уды рыст *§кс кæйдæрты зæрдæмæ цыдис, фæлæ йыл йæ цæст æрæвæрдта Абайты Гагийы ус Сона. Сона уыдис Тырсыгомы ирон хъæутæй иу - джимарайаг. Йæ фыд Боцуаты Тотырбег, дам, уыдис хъæздыг. Уыдис æм бирæ фос, фылдæр фысвос. Уыдонмæ хæст нæ бахæццæ, æмæ мах хуызæн не смæгуыр сты. Тотырбегæн уыдис цыппар рæсугъд чызджы: Сона, Фена, Мисурæт æмæ Загъуы, стæй лæппу - Саукуыдз. Йæ чызджытæ уæд Загъуыйæ фæстæмæ моймæдзыд уыдысты: Сона - Абайтæм, Фена - Дзæуджыхъæуы Лацойтæм, Мисурæт- Ногиры Плитæм. Сона сфæнд кодта йæ иунæг æфсымæрæн дæ хо Мисурæты ракурын кæнын æмæ йæ фæнд йæ къухы бафтыд. Боцуаты Саукуыдз нæм сиахсдзыд куы æркодта, уæд не ’ппæты зæрдæмæ дæр фæцыдис, Мисурæтæй фæстæмæ. Уый фæстæ куыд рабæрæг, афтæмæй Мисурæт нæхи хъæуы кæйдæр уарзта æмæ йæ чындзы куы хастой, уæддæр ма ’нхъæлмæ кастис, кæд мæ уыцы чидæр аскъæфид, зæгъгæ. Фæнды мæ, мæ зынаргъ, дæуæн радзурын, тырсыйаг хъал фæсивæд нæ мæгуыр цæрæнтæ куы федтой, уæд цы æнæввæрсон ракæс-бакæс кодтой, уый. Дæуæн Калинин хæрзиуæг «Знак почета» (медаль), куы лæвæрдта 1939 азы, уæд дын цы патефон æмæ самовар радта, уыдон къамоты сæр лæууыдысты, æмæ нæ бафарста чындзхæсджытæй иу: - Ацы мæгуыр хæдзары ахæм дыууæ дзаумайы кæцæй ис?! Чындзхæсджытæ уыдысты бирæ, сæ лæппутыл бухархудтæ, галифе хæлæфтæ, сæ чызджытыл пæрпæргæнаг дари къабатæ. Æхсæвы сæ кæм 49 4 Заказ № 51
,4^,, Дауырае схуыссын кодтаиккам, уый дæр нæм нæ уыдис. Райсомы чызджытæ иту æрдомдтой æмæ сæ дарæс ноджы рæсугъддæртæй раивтой. Хъæубæстæ дис кодтой, ацы зæдтæ нæм кæцæй æртахтысты, зæгъгæ. Ахастой сæ чындзы æмбисбон. Мисурæт раз- гæмтты афтæ рæсугъд фидыдта, æмæ диссаг. Фæлæ йæхи кæуынæй мардта, нæ йæ фæндыдис чындзы цæуын. Цалдæр мæйы фæстæ Мисурæт æрцыд нæхимæ æнхъæлцауæй æмæ загъта: - Нал ацæудзынæн æз Тырсымæ. Мæ тæригъæд уæ уæд! Тыххæй мæ радтат! - Нæ, мæ хур! Смой кодтай, уæд цыфæнды уавæртæн дæр фæраз! Ацу, æмæ дæ цы кадимæ арвыстам, уыцы кадимæ рацу, кæд цæуыс, уæд. Æз къулбадæг митæ нæ уарзын. Хæдзары лæг нæй, зæгъгæ, нæ хынджылæг кæнынмæ хъавыс?! Арвыста Нана Мисурæты фæстæмæ Тырсымæ. фæлæ ныл æрцыдис, æз дын, «зын уыдзæн» кæмæй загътон, ахæм хъуыддаг. Уæдæ бынтон æнæхион ма уон Тырсыйы, зæгъгæ, йемæ асайдта дæсаздзыд Езæйы. Нæ мад ма сæ фæстæ бæргæ фæтахт, куы базыдта хабар, уæд, фæлæ машинæйы нал баййæфта. Мисурæтæн Тырсыйы лæппу райгуырд - Валик, æмæ Саукуыдз æмæ Мисурæт сывæллонимæ фæззæджы рацыдысты Хъобанмæ. Ныууагътой Езæйы уым Тотырбег æмæ йæ номылус - Пæчоимæ, машинæйы, дам, бынат нæ уыд. Куыд дзырдтой, афтæмæй Тотырбег тынг тызмæг лæг уыдис. Мæ хомæ «дзæгъæл къæбыла» йедтæмæ ницæмæй дзырдта. Зымæг райдыдта. Тырсымæ фæндæгтæ 50
Уды рыст æхгæд æрцыдысты, æмæ уым Езæ æрдæгæрра дыууæ зæрондимæ баззадис. Нæ мад йæхи мардта, Мисурæтмæ мæсты кодта, фæлæ цы йæ бон уыдис. Дыууæ хатты Къобы онг бацыд, уæдæ исты хуызы мæ сывæллоны раласон, зæгъгæ, фæлæ кæмттæ æхгæд уыдысты зæйтæ æмæ митæй. Уалдзæджы, растдæр зæгъгæйæ та сæрды райдианы, нæ мад æрласта Езæйы. Сырды хуызæн сси чызг, алцæмæй дæр тæрсгæ кодта. Стъолы бын-иу бабырыд æмæ- иу хъæр кодта, уæйгуытæ ’рбацæуынц æмæ нæ хæрдзысты, зæгъгæ. Йæ цæстæнгас æмæ йæ митæ уыдысты сонт. Нана йæ уæрджытæ фæхоста, бабын кодтой замманайы цырд сывæллоны, зæгъгæ. «Рахиз къухæй-иу мæ рацахста æмæ мыл-иу галиуæй лæдзæгæй ралæууыд, фылдæр мæ сæрыл. Пæчо-иу мæ фарс куы рахæцыд, уæд-иу уый дæр лæдзæгæй фæнадта. Хæринаг дæттын дæр мын нæ уагъта. «Дзæгъæл къæбыла» мæ хуыдта», - йæ чысыл зæрдæйы рыстытæ нын дзырдта Езæ. Езæ хъуамæ лæппу уыдаид, йæ фезмæлдтытæ иууылдæр лæппуйы хуызæн уыдысты. Æз ма хорз хъуыды кæнын, Езæ къахыл куы ауадис, уæд-иу ды дæ хæдзары дзабыртæй иу дард фехстай, æмæ-иу æй Езæ, кæм къахæй, кæм йæ фазыл, дæумæ бахаста. Ды-иу цин кодтай, Езæ тынг сæрæн уыдзæнис, зæгъгæ. Уæдæ Дадаимæ куыд кафыдис, уый та бынтон диссаг уыд. Нана-иу сын фæндырæй цагъта, æмæ-иу дынджыр хæрзконд, хæрзуынд, бæрзонд лæг балæууыд сывæллонимæ кафыныл, йæ хæрз- конд уæнгтæ-иу бæрзонд систа, афтæмæй. Чызг-иу йæ гыццыл къæхтæй афтæ арæхстджын сирдта, æмæ 51
ч^)„ Дауырæ диссаг. Нæ бинонтæ иууылдæр аивадмæ здæхт уы- дысты, фæлæ Езæйы хуызæн рæсугъд махæй иу дæр нæ кафы абоны онг дæр. Раст цыма йæ къæхтæн дæр хъустæ ис, афтæ зоны йæ уæнгтæ фæндыры зæлтæм исын. Цыбыр дзырдæй, тарст сырды хуызæн сси чызг Тырсыйы фæстæ. Скъоламæ дæр нал куымдта. Хуыцаумæ бирæ хæрзтæ ис! Архайы адæмæн æххуыс кæныныл: уыцы аз дæр та иннæ азты хуызæн нæ хохаг хъæумæ æрбацыдысты цигантæ. Сæ халагъудтæ та æрцарæзтой, колхозы разамынд кæм бадтысты, уый бынмæ - доныбыл. Сæ лæгтæ арæзтой, хъæууон хæдзарады цы дзаумæттæ хъæуы, уыдон - белтæ, рувæнтæ, рæхыстæ. Сæ сылгоймæгтæ та хъæуыл зылдысты - къамæй фарстой - адæймаджы «хъысмæт» дзырдтой. Уыцы бон иу æрыгон рæсугъд, бæрзонд сылгоймаг æрбахоста мах дуар дæр - уæд цардыстæм, нæ мад хъахъхъæнджыты хæдзары (Дом охраны) цы чысыл уат райста, уæдæ мæ сывæллæттæн скъоламæ æнцондæр цæуæн уа, зæгъгæ, уым. Цигайнаджы æрбахызт æмæ Езæйы фæтарст баиу сты. Цигайнаг ахæм диссаджы адæймаг разынд, æмæ нал ацыдис, цалынмæ мæ хо æрсабыр ис, уæдмæ,- батыхстис ныл, цыма йæхи мадызæнæг уыдыстæм, афтæ. - Райсом уæм æрбацæудзынæн æмæ уын зæгъдзынæн, уыцы тарст кæм дзæбæх кæнынц, уый. Нæ мæгуыр мадæн цигайнаджы ныхæстæ куы загътон, уæд иннæрдæм азылд æмæ йæ сæр ныллæг æруагъта. Æрбацыдис дыккаг бон цигайнаг. Æрбахаста нын адрес æмæ загъта: 52
Уды рыст Ь}^ - Адам цы нæ низ дзæбæх кæны, ахæм нæй: суанг йæ зонд кæмæн фæтæрсы, хæйрæджытæ кæй асайынц, уыдонæн дæр хос кæны. Æрмæст рынчынæн йæ хуызист хæссын хъæуы уырдæм. Тæригъæд у ацы гыццыл чызг! Ма фæзивæг кæнут. Нæ та баууæндыд нæ мад цигайнаджы ныхæстыл. Æмæ уæд æз сфæнд кодтон Адаммæ ацæуынæн æндæр фæрæз ссарын. Мæ зынаргъ фыд! Ды куыд хъуамæ нæ хъуыды кæнай, кæддæр колхозы фосимæ Дадаимæ цы хорз фиййæуттæ цыдис Хъызлармæ, уыдонæй иу - Дзæрæхы. Цæмæй фæтарст, Хуыцау йæ зонæг - скъæтæй хæдзармæ, бинонты æхсæнмæ нал куымдта, тарстис боны рухсæй дæр. Æз, æстæм къласы ахуыргæнинаг, ссардтон Дзæрæхы аив æмæ уæздан бинойнаджы æмæ йын радзырдтон цигайнаджы ныхæстæ: - Кæсæджы ис иу хъæу - Баксан, уым цæры иу лæг - Адам. Уый у адæмы дзæбæхгæнæг. Æрмæст рынчынæн хъæуы ахæссын йæ къам! - Авд хохы сæрты дæр ахиздзынæн! Нæ бирæ сывæллæтты дæр æххормагæй ныууаддзынæн, фæлæ куыд, куыд? - Æз фæндаггаг Нанайæ райсдзынæн. Грознамæ картоф ластой устытæ æмæ Нанайæн дæр дыууæ голладжы ауэей кодтой. Цæй æмæ æз æмæ ды ацæуæм Кæсæгмæ. - Æмæ нын фæндæгтæ та чи бацамондзæн? Ды нырма сывæллон дæ, æз та нæхи горæты базарæй дарддæр никуыма уыдтæн. - Æмæ Сидо Ростовмæ йæ дыууæ гыццыл 53
ч^ Дауырæ *' -^ Ц» ===== === = лæппуимæ куы ацыд кæддæр, иунæг ныхас дæр уырысагау куынæ зыдтой, афтæмæй, «Ростов, генерал» дзургæйæ. - Мæ уд дæ фæхъхъау фæуа, куыд ныфсхаст дæ, куыд, бынтондæр дæ фыды хуызæн. Мæнæн, мæ зынаргъ фыд, уыцы ныхæстæ тынг æхсызгон уыдысты. Æз дæ фарнæй бирæ азты фæцардтæн. Цалынмæ, дæу чи зыдта, уыдон æгас уыдысты æмæ бынæтты куыстой, уæдмæ нын нæ хъуыддæгтæ æнцонæй кодтой, уæвгæ се ’хсæн ахæмтæ дæр уыдис, æмæ нæ мадæй дæ мæстытæ чи иста... Адамы кæртмæ куы бахызтыстæм, уæд дзы федтам даргъ рæгъ. Бамбæрстам, мах кæройнæгтæ уыдзыстæм, уый. Хурныгуылдмæ ма чысыл куы уыдис, уæд нæ цыды сæр бамбарын кодтам æмæ Адаммæ къамтæ равдыстам. Уыцы рæсугъд, бæрзонд, астæуккаг кары лæг зæрдиагæй байхъуыста нæ дыууæйы ныхæстæм дæр. - Къуырийы фæстæ мæм æртæлитыруат балон- тимæ æрцæудзыстут, æмæ уæд уæ къамтæ дæр ахæсдзыстут. - Мах куыд зынтæй æрхæццæ стæм дæумæ, ды уый куы зонис, уæд нын нæ хъуыддаг ныр саразис! - загътон æз Адамæн лæгъстæгæнæгау. - Нæ, мæ гыццыл хур, ныр хъуыддаг саразын мæ бон нæу! - загъта мын тæригъæд кæнгæйæ Адам, æмæ куы ’рталынг и, уæд рараст стæм Баксанæй усимæ. Уыцы фæндагыл æз усы зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдтæн, æмæ загъта: 54
Уды рыст - Мæ лæппутæй дæу аккаг чи разына, уымæн дæ æнæмæнг ракурдзынæн! Къуырийы фæстæ нæ мад мæн нал ауагъта Баксанмæ, фæлæ йæхæдæг усимæ ацыдис Адаммæ. Хуыцау нын хорз ракодта, æмæ Адамæй цы кæрдæджыты дон сласта нæ мад, уый Езæйæн æвдадзы хос фæцис - сдзæбæх. Нæ сыхæгты усы цыд дæр дзæгъæлы нæ рауад - йæ сæрыхицау сдзæбæх æмæ ма бирæ азтæ фæцард уый фæстæ. Ныр æз Кæсæджы фæндæгтыл цæугæйæ, «Бак- сан» фыст кæм фенын, уым сыстын æмæ Адамæн «рухс дзæнæты бад» фæзæгъын. Цымæ цавæр сусæг- дзинад ахаста Адам йемæ? Куыд зыдта дзæбæх кæ- нын, зæххы къорийыл хос цы низтæн нæй, уыдоны? Райдыдта Езæ скъоламæ цæуын, фæлæ, иуæй, йæхи æмгæрттæй бирæ фæстæдæр баззад, иннæмæй та, цы бирæ зындзинæдтæ федта, уыдоны фæстæ ахуыр йæ сæрмæ нæ цыд, æмæ æвдæм къласы фæстæ скъола ныууагъта... Афтæ гъе, мæ уарзон фыд! Дæ чызджыты сæрæндæр, дæ хойы аххосæй, ахуыргонддзинад нæ райста. Фæлæ уæддæр царды йæ бынат ссардта, - æдзухдæр йæхи дарынхъом уыд. * *■ * Кæддæр, ГОЭЛРО-йы пъланмæ гæсгæ нæ чысыл хъæу Хъобаны электрон станцæ куы сарæзтой, уæд Джызæлдоны районы центр нæ хъæуы уыдис. Хохаг хъæутæ дæр, æмæ быдыры хъæутæй дæр 55
ч^ Дауырæ бирæтæ махмæ хаудтой. Станцæ чи арæзта, уыдонæй бирæты зæрдæмæ нæ хъæу афтæ фæцыдис, æмæ мах æхсæн цæргæйæ баззадысты. Уыдоны æхсæн алы адæмы хæттытæ дæр уыдис. Æз дæсæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд-иу скъолайы кæрт æмбæз- бæз кодта сабитæ æмæ фæсивæдæй. Абон, мæ зынаргъ фыд, нæ диссаджы рæсугъд хъæуы - дзæнæты бынаты - цалдæр хæдзары йедтæмæ нал ис. Скъолайы та ис æртæ скъоладзауы! Фыццæгæм къласы ахуыр кæны ИУНÆГлæппу! Иунæг! Бабын сты хæххон хъæутæ! Цæрæг дзы нал ис! Цæрæг та дзы уый тыххæй нал ис, æмæ сын куысты бынæттæ æмæ цæрыны фадæттæ нал ис. Фæсивæд иууылдæр горæттæм фæлыгъдысты, кæмдæрты кусынц. Уæвгæ, æгуыстæй, хистæрты пенсимæ чи æнхъæлмæ кæсы æмæ царды фæрæзтæ агургæйæ фыдракæндтæм цæттæ чи у, ахæмтæ дæр ис. Искуы, мæ фыд, дæ рæстæджы уый фехъуыстай, æмæ хъæуккаг хъæуккаджы стурвос адавта æмæ сæ ауæй кодта?! Мæ рæстæджы-иу искæйы фос хизæнтæй куынæ ’рцыд, уæд-иу æй хъæуы фæсивæд иууылдæр иумæ агуырдтой, æмæ-иу сын фосы хицау диссаджы арфæтæ фæкодта. Дæу фæлтæры рæстæджы адæммæ æгъдау уыдис. Суанг ма мах фæлтæр дæр сымах фарнæй хайджын уыдысты. Ныр хистæр, кæстæр бæрæг нал ис. Цалдæр азы размæ, Хъобанмæ цы автобус цæуы, уым сбадтæн æмæ уæлмæрдтæм цыдтæн. Автобус адæмæй йедзаг уыдис. Иу кардзыд лæг ма Джызæлы немæ сбадт, фæлæ йын бынат нæ уыдис. Æз иу лæппулæгæн афтæ бакодтон: 56
Уды рыст &с - Сыст-ма, æмæ ацы зæронд лæг сбада. - Æмæ мæ хæдзары базæронд! - фæхъæр мыл кс^та (йæ ном æмæ йын йæ мыггаг барæй нæ фыссын). Æз æм афтæ фæхæрам дæн, æмæ куы амардис, уæд æм мардмæ дæр нæ бацыдтæн, кæд йæ хо мемæ ахуыр кодта æмæ сын сæ бинонтæн тынг аргъ кодтон, уæддæр. Аивтой рæстæджытæ, фæлæ дзы, æгъдау æмæ ирон æвзагæн пайда чи у, ахæм хъæугæ хъуыддæгтæ не ссардзынæ. Кæддæр хъобайнаг дыргътæ, хъобайнаг картоф æмбисонд уыдысты. Дæу рæстæджы æмæ мæн рæстæджы адæм пайда кодтой канд сæ цæхæрадæтты фæллойæ нæ, фæлæ хъæды хъæздыгдзинæдтæй дæр. Ныр ахæм рæстæг æрцыд, æмæ нæ хъæуы дыргъцæхæрадæттæ нæ, фæлæ хъæдындзы хуым дæр ничиуал садзы. Бауырнæд дæ, бауырнæд, мæ зынаргъ, цæрджытæй бирæтæ горæтмæ хъонтхора æмæ цæхæрайы сыфтæ, æндæр кæрдæджытæ æлхæнынмæ рацæуынц. Мах белæй цы стыр хуымтæ къахтам, уыдон хæмпæлгæрдæг систы. Мах афæдзæй афæдзмæ цы бæркадæй цардыстæм нæхи цæхæрадонæй, уый уæлдæф афардæг кодта. Хъобан Хъобан нал у! Кæддæр сыгъдæг ирон æвзагыл цы хъæуккæгтæ дзырдтой, уыдон ныр дылгуым-мылгуым ныхæстæ кæнынц. Брытъиаты Елбыздыхъо куы райгас уаид, уæд «Уæрæседзауы бæсты» «Ирыстондзау» ныффыссид! Куыд зын мын у, мæ зынаргъ, ирон рæсугъд, зыланггæнаг æвзагыл ирон лæг йæ къух кæй исы æмæ йыл кæй нал æрвæсы, уый. Иууылдæр уырыссагау дзурæг систæм! Хистæртæй бирæтæ 57
чЬ@ Дауырæ уырыссаг æвзаг бæстон зонгæ дæр нæ кæнынц, афтæмæй сæхи уырыссагау дзурæг скæнынц: «Ти на кого топнул нога! На своего родного мама»! - дзырдта мæ цуры иу зындгонд æфсæддон лæджы ус йæ фыртмæ. Иу бæллæх та ма нæм уый ис, æмæ мивдисæг иронау нал дзурæм, фæлæ æрдæг уырыссагау: «Опаздывать кæнын»! «Влюбиться скодта»! «Обижаться ма кæн»!.. Цымæ æнусы фæстæ зæххыл Цы ’взæгтыл зæлдзæнис ныхас? Тыхсын нæ æвирхъау бæллæхыл, - Ирон æвзагæн тынг у тас! Кæй фырты фырты фырт ыссардзæн Иронау йе ’взыгъд фыды ном? Кæй хæццæ фæдон нæ ныззардзæн Къостайы зарджытæ бæстон?! * * *■ Ныр та дын мæхи койтæ ракæнон, мæ зынаргъ фыд. 1953 азы Хъобаны астæуккаг скъола каст куы фæдæн, уæд мæ гæххæттытæ балæвæрдтон Цæгат Ирыстоны педагогон институты физикон æмæ математикон факультетмæ. Афтæ мæм кастис, æмæ математикæ тынг хорз зонын. Уæвгæ, афтæ канд мæнмæ нæ кастис - нæ ахуыргæнджытæ дæр афтæ хъуыды кодтой, æмæ мын уыдон бауынаффæ кодтой математикæйы ахуыргæнæг суæвын. Экзаментæ мæ дæттын хъуыдис уырыссаг æвзаг, 58
Уды рыст ■Зкь алгебрæ, геометри æмæ физикæйæ. Фыццаг æртæ фæлварæнæй райстон хорз бæрæггæнæнтæ, фæлæ физикæ раттын мæ бон нæ бацис - дыууæйы нысан райстон. Уæд институты ректор уыдис Цыбырты Христофор. Сфæнд кодтон уымæ бацæуын æмæ йын мæ уавæр радзурын. Фæндыд мæ, цæмæй мын ногæй бар радтой фæлварæн раттынæн. Дуар куы бахостон, уæд мын мидæмæ ничи загъта. Ногæй та бахостон æмæ фехъуыстон: «Кто там? Войдите!» - Æмбæлы уæм? - бадзырдтон æз ректормæ. - Что вы хотите? - кæсгæ дæр мæм нæ ракодта, афтæмæй йе скъаппы цыдæртæ куыста ректор. Мæнмæ тынг хъыг каст йæ чъылдымимæ ныхас кæнын æмæ ницы дзырдтон. Уый мыл уыциу тъæл- ланг ныккодта: «Я же вам сказал, говорите! Что вы хотите!». Æз бамбæрстон, уыцы тызмæг лæг мын мæ хъуыддаг нæ сараздзæн, уый. Лидзæгау ракодтон хицауы кусæн уатæй æмæ уыцы бон мæ гæххæттытæ райстон. Ацыдтæн нæхимæ Хъобанмæ. Нæ мад куы базыдта хъуыддаг, уæд ныккатай кодта: «Уæдæ ныр æнæхъæн аз куыд баддзынæ?! Нæ дын загътон, æз цы техникум фæдæн, уырдæм бацу» (педТехникум). - Ма тыхс! Исты куыст ссардзынæн æмæ-иу афæдз бакусдзынæн! - аххосджынхуызæй загъ- тон æз. Мæхицæн дæр мæ зæрдæ тонгæ кодта. Иуæй, мæм худинаг кастис хъæубæстæй, мæ ахуыр- гæнджытæй, ме ’мкъласонтæй - уыдонæй чидæртæ бацыдысты кæмдæрты ахуырмæ. Иннæмæй та, цæмæй цæрдзыстæм, ууыл дæр тыхстæн. Ныл- 59
,^®## Дауырæ лæгъстæ кодтон Мисурæтæн, цом-ма, зæгъын, мемæ хохы Джимарамæ, кæд, зæгъын, хæхтæ сгарджыты партийы (ГРП-йы) исты куыст ссарин. Ацыдыстæм Къæхтысæры фæзилæнтыл фис- тæгæй æмæ сихормæ бахæццæ стæм Джима- рамæ. Хохкъахджытæ нæ куы федтой, уæд нæм ныхасæппарæнтæ кæнын райдыдтой. - Хицау кæм бады, уый-ма нын бацамонут! - Хъæуыхицау уæ хъæуы, æви хæхтыбардуаг? - худын райдыдтой лæппутæ. Сæ иу уæздан разынд æмæ нæ цыдæр хæдзармæ бахуыдта. - Мидæмæ! Мæнæ нæм цы рæсугъд чызджытæ ’рбацыдис! Рахизут мидæмæ! Радзырдтон уыцы дзæбæх, уæздан хицауæн мæ бæллæхтæ: нæ, зæгъын, бахаудтæн институтмæ. Цæрын нæ хъæуы, кусын мæ хъæуы... - Æмæ кæд федтай, æмæ хъуыддæгтæ æвип- пайды рæзой? Иу аз нæ бахаудтай, уый тыххæй дæхи цæуыл хæрыс? Бацæттæ кæн дæхи æмæ иннæ аз бахаудзынæ! Ам дæу хуызæн æрыгон æмæ рæсугъд чызгæй лæппутæ хынджылæг кæнын куы райдайой, уымæй нæ тæрсыс? - Мæнæй ничи ахынджылæг кæндзæнис! Æз хъазинаг нæ дæн! Кæд уæм куыст ис, уæд мын баххуыс кæн, æмæ мæ бинонты цард фæрог кæнон! Мæ фыд хæстæй нал ссыд, мæ мад рынчын у. Мæ хотæ мæхицæй кæстæртæ - цæрын нæ хъæуы истæ- мæйты. Мисурæтæн мæ ныхæстæм йæ зæрдæ суынгæг æмæ йæ сым-сым ссыдис. 60
Уды рыст Ща* Лæг сыстад, æрбацыд мæм хæстæг, ме уæхскыл мын йæ къух æрæвæрдта æмæ загъта: - Ам иунæг сылгоймаг кусæг дæр нæй! Суанг ма нæ хæринаггæнджытæ дæр нæлгоймæгтæ сты! Кæд дæ^бафæнда, уæд дын æз иннæ аз Хæххон- Металлургон институтмæ бацæуынæн баххуыс кæн- дзынæн! Уым бирæ факультеттæ ис, дæ хуызæн дзæбæх чызджытæ дæр дзы ис! Рафæндараст нæ кодта хицау суанг фæндаджы былмæ. Лæппутæй чидæртæ нæ фæстæ цыдæртæ дзырдтой: «Уæ адрес ма нын уæддæр ныууадзут»! - дзы бæстон фехъуыстон. Хицау сыл куы схъæр кодта, уæд сыпп дæр нал скодтой. Уыцы аз уæддæр мæхицæн куыст ссардтон: иу горæтаг лæг нæ хъæумæ ’рбацыд хъæуккаг æмæ хъæддаг дыргътæ æлхæнынмæ консервгæнæн заводæн. Æз уыдтæн, адæм сæ дыргътæ кæмæ лæвæрдтой, уыцы бæрнон кусæг. Абон дæр мæм диссаг фæкæсы, куыд бауæндыдтæн адæмы бæрны бацæуын?! Уæд та уыцы лæг - Асеты Таймураз - ахæм разындис, æмæ дыргътæ аласта, фæлæ адæмæн æхца нæ ратта. Фæлæ нæ! Таймураз æцæг лæг разынд, адæмы зæрдæхудты нæ бацыд. Мæнæн дæр мызд бафыста. Хæринæгтæ куы балхæдтон мæй - дыууæ мæйваг, уæд ма мæхицæн къабайаджы фаг дæр сфæстауæрц кодтон. Балхæдтон цыдæр дари, цъæхбын хъуымац нæхи дуканийы æмæ дзы мæхицæн фыццаг хатт къаба бахуыдтон, æнæ нывтæй, къухæй. Тынг аив рауадис. Нана мæ раппæлыд. Уыцы зымæг æз бакастæн бирæ ирон, уырыссаг 61
^^®#| Дауырæ æмæ фæсарæйнаг фысджыты чингуытæ. Афтæ ба- уарзтон кæсын, æмæ æхсæвæй-бонæй мæ чиныг мæ къухæй нæ хауд. - Ныхъхъуытты сæ уадз! Бакуырм кæндзынæ дæ цæстытæ! - Нана-иу загъд кодта. - Нæ, Нана! Ницы уыдзæн мæ цæстытæн! Æз цас диссæгтæ базыдтон, уыдон дын дæс азмæ дæр дзырд нæфæуыдзынæн... Балæвæрдтон мæ гæххæттытæ, нæ мад мын кæдæм загъта, уырдæм, педтехникуммæ. Уæд уым директорæй куыста Арцутанты Николай Акимы фырт. Куы йын загътон нæ мады ном, уæд бахудтис æмæ мын афтæ: - Кæд ды дæр Торчынты Надеждæйы хуызæн хорз ахуыр кæндзынæ, уæд дæ исын! 1954 азы бацыдтæн, райдиан кълæстæн ахуыр- гæнджытæ цы хайады цæттæ кодтой, уырдæм. Радтой мын æмдзæрæны бынат, фæлæ мæ Мсо - мæ мады æфсымæр æмæ йæ ус Фатимæ æмдзæрæнмæ нæ ауагътой. Рухс дзæнæты бадой дыууæйæ дæр, уыдон цæй диссаджы адæймæгтæ уыдысты! Цас хъару хъуыдис хи сывæллæтты дарынæн дæр æмæ сидзæртæн æххуыс кæнынæн дæр! Смайлиаты Секерхан куы амардис - Мсойы фыццаг ус, уæд Мсо ракуырдта Шанаты Дæхцы- хъойы чызг Фатимæйы. Шанатæ хъуыстгонд æмæ уæздан мыггаг сты, фæлæ Фатимæ бынтон диссаджы адæймаг разындис. Йæ фыццаг мой - Мамсыр Цæлыккаты - хæсты фæмард. Баззадис ын фырт Зауыр. Мсойы дыууæ сидзæрмæ - Эммæ (12 азы) æмæ Аликмæ бафтыдис Фатимæйы сидзæр фырт 62
Уды рыст ■Зкь Зауыр, æмæ суанг хиуæттæй дæр ферох и, Зауыр нæ мады æфсымæры фырт нæу, уый. Йæхæдæг дæр нæ бирæ уарзта, рухс дзæнæты бада. Баззадтæн æз, хъæуккаг, мæгуыр чызг, цæргæйæ Торчынтæм. Уæд Кировы уынджы цардысты, дыккæгæм хæдзары, дыккаг уæладзыджы. Æмæ кæд сæ цæрæнтæ къуындæг уыдысты, уæддæр иунæг хионыл дæр дуар никуы рахгæдтой. Фатимæ дæндæгты дохтыр уыдис, техникы куыст дæр кодта - æдзухдæр архайдта сызгъæринимæ, Мсо та куыста «Артель инвалидов»-ы хицауæй. Хæстæй цæфæй ссыдис, йæ рахиз цонг къæдзæй баззад. Уый фæстæ, мæ кары куы бацыдтæн, уæд-иу хъуыды кодтон: куыд тынг уарзта рæсугъд Фатимæ мæ мады æфсымæр Мсойы, куыд лæггад кодта йæхиуæттæн дæр æмæ Торчынты мыггагæн дæр! Уæлдайдæр та сидзæртæн - махæн, Сафарбегæн - Мсойы хистæр æфсымæр Васяйы фыртæн, Мсойы кæстæр æфсымæр Керымы чызг Риммæйæн, Керым дæр хæстæй не ссыдис. Рухс дзæнæты бадæнт Сафарбег æмæ Риммæ дæр, уыдон дæр нал сты!.. # * # Ныр та дын, мæ зынаргъ, радзурдзынæн, Фатимæ мæнæн цы хорздзинад ракодта, уый тыххæй. Тæригъæд мын куыд нæ кодтаид, мæ уæлæ цы скодтаин, уый нæ уыд. Хæдзары куыстытæм се ’ппæтмæ дæр кæцæй арæхстаин. Алцы дæр мын амыдта уыцы дæсны æфсин æмæ диссаджы зонды хицау. Æмæ йын æз цæрæнбонты арфæйаг уыдтæн 63
,^®„ Дауырæ канд йæ амындтыты тыххæй нæ, фæлæ мын царды фæндаг ссарынæн кæй баххуыс кодта, уый тыххæй дæр. Цæвиттон, афæдзы æрдæг педтехникумы куы сахуыр кодтон, уæд нæм иу зымæгон бон Ирон театрæй æрбацыдысты, ирон чызг, дам, нæ хъæуы, Мæскуымæ, дам, æй артисты дæсныйадыл ахуыр кæнынмæ хъуамæ арвитæм. Æнæхъæн техникумы чызджытæй мæн æмæ ма ноджы иу чызджы равзæрстой æмæ нын загътой: сахуыр кæнут «Халон æмæ рувас», фæйнæ иу зарæджы æмæ къуырийы фæстæ Ирон театрмæ ’рбацæут. Æз Фатимæйæн уыцы хабар куы радзырдтон, уæд ын афтæ æхсызгон уыдис, цыма йын йæхи æрвитынц Мæскуымæ. Цал æмæ цал хатты мын радзурын кодта «Халон æмæ рувас», æмæ та-иу цыдæр хъæнтæ ссардта мæ касты. Ирон зарджытæй равзæрстон «Додой», Къостайы ныхæстæ, адæмон мелоди. Иу дзырдæй, æппæты фыццаг режиссер мын уыдис Фатимæ. Къуырийы фæстæ мемæ Ирон театрмæ ацыдис. Кæсын, æмæ йыл иу бæрнон лæг ныццин кодта. - Тетя Фатимæ! Чи уыдис, чи уыцы дзæбæх лæг? - Цæлыккаты Мæирбег! Театры бындурæвæр- джытæй иу - тынг хорз режиссер æмæ актер. Хуыцау йæ зонæг, цы авд чызгмæ байхъуыстой къамисы уæнгтæ, уыдонæй мæн Мæирбеджы фæндонмæ гæсгæ равзæрстой, æви æцæгæй дæр сæ зæрдæмæ фæцыдтæн?! Куы бакастæн «Халон æмæ рувас», «Додой» куы азарыдтæн, уæд ма мæ тынг дардмæ ныхъхъæр 64
Уды рыст ^^> кæнын кодтой, фæндырæй мæ ацæгъдын кодтой (цастæ арæхстæн!), иу Кæимæдæр мæ ракафын кодтой, стæй нын сахаты æрдæджы фæстæ фехъусын кодтой, æз къуырийы фæстæ Мæскуымæ, ирон студимæ ахуыр кæнынмæ кæй цæуын, уый. Нал уыдис кæрон Фатимæйы цинæн! Дæуæй, дам, дзы рæсугъддæр æмæ аивдæр чызг нæ уыд! Фæлæ мæнæн мæ зæрдæ йæхи къултыл хоста. Куыд хъуамæ ацыдаин Мæскуымæ? Чи мын хъуамæ æххуыс кодтаид? Мæ уæлæ дæр ницы уыдис. Мæ мад - рынчын, мæ хотæ - æдзæллæгтæ. Мæ мады хо Лизæ мын палто балхæдта, Мсо мын хъарм худ бахуыйын кодта, Фатимæ мын йæ дзаумæттæй цыдæртæ балæвар кодта, Мисурæт мын йæ сырх тæбын костюм радта, мæ мæгуыр мад хæрз чысыл фыстæг ныффыста нæхи хъæуккаг лæппу - Дауыраты Харитонмæ - уый дæр уыцы студийы ахуыр кодта: «Мæ чызг стыр горæты никуы уыдис, æмæ, дæ хорзæхæй, дæ цæст æм фæдар!», æмæ араст дæн Мæскуымæ, Щукины номыл уæлдæр театралон училищæйы ирон студимæ ахуыр кæнынмæ. Хъуыддаг уый мидæг уыдис, æмæ ирон театр Мæскуымæ цы студи арвыста - æхсæз чызджы æмæ æртындæс лæппуйы, уыдонæй иу - Цæлойты рæсугъд чызг Зарæ - мой скодта æмæ ацыдис Чехословакимæ. Йæ бынатмæ та мæн арвыстой, дыккаг курсы дыккаг семестрмæ. Тынг зын мын уыдис ахуыр кæнын. Раттын хъуыдис, уыдон мæн размæ цы предметтæ ахуыр кодтой, уыдонæй фæлварæнтæ - дипломмæ, дам, бацæудзысты. Афæдз æмæ æрдæг актеры 65 5 Заказ № 51
,4^),, , Дауырае дæсныйадыл чи ахуыр кодта, уыдон сæхицæй цæттæ артисттæ арæзтой, æмæ мын мæ фисынты кастысты. Истæмæ-иу куынæ арæхстæн, уæд-иу мын загътой: ницы дæ рауайдзæн, нæ сарæхсдзынæ! Афтæмæй ныхкъуырдæй-ныхкъуырддæр кодтон, æмæ мæ зæр- дæ артисты куыстмæ нал радис. Фæлæ мæм фæзын- дис иу бæллиц - хъуамæ суон режиссер. Мæскуыйы театртæм махæн, ирон студийæн, лæвар цæуыны бар уыдис. Алы изæр дæр уыдыстæм театрты æмæ-иу мæхинымæр хъуыды кодтон, цымæ ацы спектакль æз куыд сæвæрдтаин, зæгъгæ. Цыппæрæм курсмæ куы бахызтыстæм, уæд нæм уæды культурæйы министр Битеты Степан Никъалайы фырт ныццыд, фæндыдис æй нæ арæхстдзинадмæ бакæсын. Æз фадат ссардтон йемæ аныхас кæнынмæ: - Кæд гæнæн ис, уæд ма мæ режиссерты хайадмæ раивын кæн! - Уый хуымæтæг хъуыддаг нæу! Ам уал дæ ахуыр фæу! Уый фæстæ ныхас кæндзыстæм. Раст мын цыма мæ хъуыддаг сарæзта, афтæ мæм фæкастис. Степаны ныхæстæ мын ныфс радтой. Райдыдтон кæсын зындгонд режиссерты чингуытæ. Æмæ кæд актеры дæсныйадыл дæр куыстон, уæддæр ме сфæлдыстадон фидæны фæндаг уыдтон æрмæстдæр режиссерæй. Уый фæстæ, мæ зынаргъ фыд, мæ бæллиц сæххæст!.. 66
Уды рыст # # ^’ Мæ зынаргъ, мæ уарзон фыд. Ногæй та дын дæ мад Томианы койтæ ракæнон. Уæд ыл, æвæццæгæн, иу-85 азы цыдаид. Цасдæр рæстæг Хъобаны, нæ хæдзары, иунæгæй цардис. Махæй алчи царды фæндæгтыл афтыд, фæлæ йæ тынг арæх бæрæг кодтам. Иу сæрдыгон бон та йæм бацыдтæм мæ хуынтимæ æз дæр. Цалынмæ мидæгæй, хæдзары, уырыссаг борщ цæттæ кодтон - Нана йæ тынг уарзта, уæдмæ нын нæ дуар чидæр æрбахоста. Нана йæм ракаст æмæ дуар йæ фæдыл бахгæдта. Рудзынгæй мæм хорз зындысты нæ сыхаг - Татраты Бæза æмæ Нана. Бæза цыдæртæ дзырдта, æмæ дын дæ мад ног чындзы лæуд куы ’ркæнид. Фæцæймардтæн фырцымыдисæй æмæ дуар базыхъ- хъыр кодтон: - Æбегоны амадыл иу аз ацыд. Афон у цад саазынæн! Ды дæ иунæг, æз дæ, Уæикæ! Цæй æмæ аæн сисæм, аæн! Бæза «р» æмæ «л» нæ дзырдта. Йæ ныхас зын æмбарæн уыдис, фæлæ йæ мах гыццылæй фæстæмæ хорз æмбæрстам. (Æлбегоны амардыл иу аз рацыд. Афон у цард саразынæн. Ды дæр иунæг, æз дæр, Уæликæ! Цæй æмæ арæн сисæм, арæн!) Уæд Бæзайыл 90 азы цыдаид. Мæнæ диссаг! - ахъуыды кодтон аз. Нæлгоймаг цæрæнбонты усгур 67
Л&. Дауырæ лæппу у! Уæвгæ, сылгоймаг дæр кæцыфæнды кары дæрсылгоймагу... - Цы дзурыс цы? Нæ дæ ’мбарын? - фæрæвдз ис Нана. - Ауæдз сисæм, ауæдз, Уæикæ. - А-а-а! Нæ бæстыхæйттæ дæ бахъуыдысты, зы- дыка?! Цæрæнбонты ауæдз махырдæм истай! Дыу- уæ сардзины бæрц дæхирдыгæй фæкодтай. Уæртæ уыцы бæлæстæ кæддæр Мæгæмæт ныссагъта! Ды сæ дæхи бакодтай. Æз фæтарстæн, куы фæхыл уой, уымæй æмæ кæртмæ рахызтæн: - Æгас нæм цу, Бæза! Мидæмæ нæм рацу! Сæ ныхас сын фехъуыстон, æвæццæгæн, уымæй фæтарст æмæ мын цæугæ-цæуын загъта: - Фан уæм бацæуæд! Уæикæ мæ хоз суазæг кодта. - Нана! Чындзы лæуд кæнгæйæ цы дзæбæх фидыдтай! - худтæн æз. - Мæ фыдбылыз йæ хай! Ауæдз, дам, сисæм! - Бауырнæд дæ, Нана, ды тынг амондджын дæ. Æрыгæтты курæг нæй, ды та зæрондæй дæр лæппуты зæрдæмæ цæуыс. Цом, нæ борщ цæттæ у... Нана борщæй зæрдиаг хуыппытæ куы кодта, уæд æз æрхъуыды кодтон, Турчы мын Хоситы Бурхан (ирон фыссæг) цы таурæгъ радзырдта, уый, æмæ худын райдыдтон. - Нана! Иу туркаг лæг, дам, йæ зæронд мады тæсчъы сбадын кодта, йе ’ккой йæ скодта æмæ йæ хъæуы уынгты рахæсс-бахæсс кæны. Уæд, дам, сыл молло сæмбæлд: 68
Уды рыст - Цы сæккой кодтай дæ мады? - Йæ хæрзтæ йын фидын. Мæ зæрдæ йын хорздзинад зæгъы! - загъта лæг. - Кæд ын дæ зæрдæ хорздзинад зæгъы, уæд æй моймæ ратт, моймæ! - Моймæ?! Фондзыссæдзаздзыды - моймæ? Зæронд ус йæ ихсыд, зæронд къух тæскъæй æривæзта æмæ дзы фырты сæр æркъуырдта: - Банцай! Моллойæ мын зонджындæр нæ дæ, мыййаг. Мæ уарзон, мæ мæгуыр фыд! Æз дæу бæсты дæр фæллæггад кодтон дæ дзæбæх мадæн!.. # # # Зæрондæй алчидæр фæлмæцы. Нана 94 азы фæцардис. Арæх-иу загъта: «Нал мæ фæнды цæрын. Сымах, æрыгæттæ, дзæбæх ут. Мæнæн афон у!..» - Мах æнæ дæу дон фæласдзæн, Нана, дон. Дæхиуыл нæ афтæ сахуыр кодтай, æмæ æнæ дæу хасты хуызæн стæм. Иуахæмы та Хъобаны балæууыдтæн, Нанайы абæрæг кæнон, зæгъгæ. Кæрты дуарæй та хъæргæнгæ бацыдтæн: - Нана, мæхи Нана! Кæм дæ? Цинтæ, хъæбысты фæстæ та Нана мæнæн дзыкка кæныныл балæууыд. Уалынмæ Мисурæт - дæ кæс- тæр хо, кæцæйдæр æрбацыдис. Ацинтæ мыл кодта, стæй загъта: 69
ч%@ Дауырæ - Нанайæ дын рахъаст кæнон: афтæ мын загъта, бакуырм, дам,у. -Æццæй, Нана? - Бафæрс-ма йæ, цæй тыххæй йын загътон афтæ. Мисурæт йæ дзыхыдзаг ныххудт: - Хъазгæйæ йын загътон, тæхуды, дæу мауал уын, зæгъгæ... - Æз дæр дын хъазгæйæ загътон: бакуырм у, æмæ мæ нал уындзынæ. Иннæ хæттыты-иу Нанайы дзыккайæ æфсæдгæ дæр нæ кодтон. Ныр мæ хъуыры иунæг комдзаг дæр нал цыд. Æмбæрстон, Мисурæт Нанайæ фæлмæцы, уый. Мæ цæссыгтæ ныхъуыргæйæ рацыдтæн Хъобанæй. Дыккаг бон таксийы ацыдтæн Нанамæ, иуцасдæр рæстæгмæ йæ нæхимæ раласон, зæгъгæ. - Æмæ æз мæ хæдзар ацы ницæййæгты бар уадзын?! Ныххæлæттаг æй кæндзысты. * # # æ зынаргъ фыд! Мæ зæрдыл æрлæууыд: дæ мад - мæ фыдымад Томианыл дæс æмæ цыппарыссæдз азы куы сæххæст, уæд æй буцæн хъæуæй горæтмæ куыд раластон, уый. - Нана! Искуы парад федтай? - Уый та цы у? - афарста мæ цымыдисæй. Фыццæгæм майы бæрæгбонмæ йæ проспектмæ акодтон. Уынгтæ машинæтæй сæхгæдтой, кæсджыты нæ уагътой бульвармæ. Æз милицæйы кусджытæй иумæ хæстæг бацыдтæн æмæ йын загътон: - Мæ фыдымад дæс æмæ цыппарыссæдз азы м 70
Уды рыст ^к фæцард æмæ парад никуы федта. Тæригъæддзинад дæхимæ ма райс! Бауадз нæ æмæ уартæ уыцы даргъ бандæттæй иуыл æрбадæм. Уыныс, йæ къухы бынæй цы ихсыд ус кæсы, уый? - ацамыдтон ын, адæмы ’хсæн фæдзæгъæлæй чи тарстис æмæ мæн агургæйæ сонт ракæс-бакæс чи кодта, уыцы усмæ. Милиционер хæрзтæй разындис. Бауагъта нæ. Рабадтысгæм, цыма парадисджытæ мах уыдыстæм, афтæ. Цасдæры фæстæ æфсæддонтæ, фæллойгæн- джытæ, æхсæнады кусджытæ, скъоладзаутæ - чи бæ- хыл, чи машинæйы, чи фистæгæй, чи кафгæ-заргæ Сæрибары фæзмæ цæуын куы райдыдтой, уæд Нанайы афарстон: - Уыныс сæ, Нана?! Гъеныр парад цы у, уый зондзынæ! - Парад-барад! - цымыдисæй кастис Нана. - Фыдбон сыл макуы ныккæна! Ныр утæппæт адæм ахсæв кæм схуысдзысты? - Алчи йæ хуыссæны, Нана! - Æмæ хæргæ та цы бакæндзысты, хæргæ? - Хæргæ дæр алчи йæ хæдзары. - Æмæ кæй ласынц, уыцы хæринæпгæ, уыцы дзаумæттæ та цы фæкæндзысты? - Равдисдзысты сæ æмæ та сæ фæстæмæ заводтæм, фабриктæм, куыстуæттæм баласдзысты. - Æмæ хъæугæ та цæмæн кæны ацы барад? - Цæмæй хицауад зоной, фæллойгæнæг адæм сæ цардæй разы кæй сты æмæ зæрдигæй кæй кусынц, уый!.. - Æндæр разы ма фенæнт, кæннæуæд! - бустæ- хуызæй загъта Нана. 71
^^Э^ Дауырæ Æз мæ былтыл мæ амонæн æнгуылдз авæрдтон, ома, хъæрæй ма дзур ахæм ныхæстæ. Цалынмæ Нанаимæ ныхæстæ кодтам, уæдмæ проспекты иннæрдыгæй колоннæтæ фæстæмæ æрыздæхтысты Сæрибары фæзæй, æмæ уынг æмыз- мæлд сси. Нанайæн йæ сæр, æвæццæгæн, зилын райдыдта. - Цæугæ кæнынц, фæлæ размæ цæуынц æви фæстæмæ? - афарста мæ йæ цæстытæ сæрфгæйæ... Уыйфæстæ ма Нана цыппар азы фæцард, æмæ-иу мын æдзухдæр уыцыиу ныхас кодта: «Куыд фæразут горæты утæппæт адæмы ’хсæн цæрын?..» * # # æ фæрнджын фыд... Æз æмæ ды канд фыд æмæ чызг не стæм, фæлæ стæм хорз æрдхæрдтæ, хорз æмбæлттæ дæр. Æз# дæуæн хъыг цы уа, науæд дæ кад цæмæй фæдæлæмæ уа, ахæм хъуыддаг никуы бакодтон. Куыд тынг хъæугæ уыдтæ æдзухдæр, фæлæ æппæты хъæугæдæр та уыдтæ иу ахсджиаг хъуыд- даджы. Мæскуыйы Щукины номыл училищæйы 5-æм курсмæ куы схызтæн, уæд сæрды улæфты рæстæг нæхимæ, Ирыстонмæ ссыдтæн ме ’мкурсонтимæ. Мæ мады æфсымæр Торчынты Мсо поездмæ нæ размæ рацыдис, йæхи чызг Эммæ дæр мемæ ахуыр кодта. - Цом уал нæхимæ, райсом дæ мæ шофыримæ м 72
Уды рыст &с арвитдзынæн Хъобанмæ, - зæрдиагæй мын загъта Мсо. Дуарæй куы бахызтыстæм Торчынтæм, уæд ныл Фатимæ дæр æмæ йæ фырт Цæлыккаты Зауыр дæр бацин кодтой. Уалынмæ иннæ уатæй рахызтысты дыууæ лæппуйы, сæ иу афицеры дарæсы. - Адон бакуйаг Цæлыккатæй сты, Зауыры фыды æфсымæры лæппутæ, - загъта Фатимæ. Зауыры хи æфсымæры хуызæн кæй уарзтам, уый тыххæй лæппуты нæ хъæбысы акодтам æз дæр æмæ Эммæ дæр. - Базонгæ ут! Уый Мсосты чызг Эммæ у, иннæ та Зоя - Мсосты хойы чызг. - Додик Цæлыккаты! - загъта, хуры фырты хуызæн чи фидыдта йе ’фсæддон дарæсы, уый. Афтæ аив мæм фæкаст, æмæ иннæ лæппу йæ ном куы загъта, уæд æй хъусгæ дæр нæ фæкодтон. Æрмæст дарддæр цы ныхæстæ загъта, уыдон мæ зæрдæмæ тынгфæцыдысты. - Фатимæ! Æмæ кæд уæхицæн ахæм рæсугъд хæрæфырт ис, уæд ма Ирыстоныл чызгагур цы зилæм? Сæрмагондæй мах тыххæй цы фынг сарæзта Фатимæ, уый уæлхъус бадгæйæ Додик æдзухдæр мæнмæ кастис, æмæ æз, æвæццæгæн, ныссырх дæн. Ма мыл фæхуд, мæ зынаргъ фыд, мæ сусæгдзинæдтæ дын кæй дзурын, уый тыххæй, ацы ныхæстæ æз дун-дунетыл иунæгæн дæр нæ зæгъин, фæлæ мæн фæнды, ды мын мæ царды цаутæ куы зонис æмæ мын уыдон зонгæйæ бæстон аргъ куы кæнис, уый. Изæры мын Додик загъта: 73
^^®,, Дауырæ - Зоя, не сразы уыдзынæ мемæ Терчы былмæ ацæуыныл? - Уый мæнæй аразгæ нæу! Тетя Фатимæйы ба- фæрсын хъæуы. Уыцы рæстæг Торчынтæ Теркмæ хæрз хæстæг цардысты - Кировы уынджы, хиды цур. Æмæ хæрз цыбыр рæстæгмæ, кæрæдзимæ дæрддзæф лæу- гæйæ, хидæй бынмæ кастыстæм Терчы уылæнтæм. Исдугмæ ницы дзырдта Додик, стæй мæ бафарста: - Зоя! Нæ дæ фæнды мемæ Германмæ ацæуын? Æви дын Мæскуыйы уарзон ис? Мæ зæрдæ афтæ сгуып-гуыпп кодта, æмæ электрон рухсы цæджындзыл куынæ фæхæцыдаин, уæд мæ бынаты æрхаудаин. - Куы ницы дзурыс? Ис дын уарзон? -Нæй! - Уæдæ дын æз цы ныхæстæ кæнын, ахæмтæ дæр дын ничи никуы ракодта? - Ничи. Никуы - ничи, - загътон æз, Додикмæ комкоммæ кæсгæйæ. Уæд мæныл цыдис 22 азы. Уыцы æхсæв уыдис мæ царды фыццаг æгъуыссæг æхсæв. Æртæуатон фатеры кæройнаг уаты уазджытæ хуыссыдысты, астæуккаджы фысымтæ, æз æмæ Эммæ та рæбинаг гыццыл уаты. Мæ сæры зонды зил- дух кодтой Додиккы ныхæстæ: «Къуырийы фæстæ мæ цæуын хъæуы Берлинмæ. Æртæ боны дæргъы мын цалдæр чызджы фенын кодтой, фæлæ дзы иу дæр мæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Æвæццæгæн, Зоя, мæ амонд ды дæ!.. Разы дæ, æнæ чындзæхсæвæй, тагъд-тагъд, раздæр Бакумæ, стæй та Берлинмæ ацæуыныл?» 74
Уды рыст ^^^ Куыд тынг мæ фæндыдис, мæ уарзон фыд, ды мын æгас куы уыдаис æмæ мæ уыцы аргъæутты бæстæйы рæсугъд лæппуйæн дæхæдæг куы радтаис. Мæ мад æртæ азы рынчын уыдис, фылдæр - хуысгæрынчын, мæ фыдымад - ацæргæ, хæдзар - мæгуыр, æдзæллаг. Æдзухдæр ууыл мæт кодтон, искуы æз дæр æмæ мæ хотæ дæр куы рахъомыл уæм, чындздзонтæ куы суæм, уæд нæ чи æмæ цæмæй арвитдзæн. Додиккы фæнд мын уый тыххæй æхсызгон уыдис. Мæхинымæр цин кодтон, афицер мын, зæгъын, мæ мæгуыр бинонтæн æххуыс кæндзæн, æмæ сындæггай мæ хотæ сæ къахтыл слæудзысты, мæ рынчын мад дæр кæд сдзæбæх уаид.. Мæ ахуыр ныууадзын мæм диссаг нæ кастис. Æз актрисæ суæвынмæ никуы бæллыдтæн. Мæ зæр- ды уыдис режиссер суæвын. Уымæ гæсгæ мæ фæнд- ты, цыппар азы цы ахуырдоны фæдæн, диплом рай- сынмæ ма мæ иунæг аз кæм хъуыдис, ууыл мæ къух истон. Сæххæст кодта Мсо йæ дзырд - дыккаг бон мæ машинæйы нæхимæ, Хъобанмæ, арвыста. Хæр- зæггурæггаг фæдæн мæ бинонтæм, мæ рынчын мадмæ, мой, зæгъын, кæнын (хатыр, мæ зынаргъ!), Мæскуымæ, зæгъын, нал цæуын, Берлинмæ цæуын, афицер мæ куры. Мæ хотæ Езæ æмæ Эллæ цинæй мардысты. Мæ мад скуыдта, æмæ æз бамбæрстон, - уый чызгæрвысты хæрдзтыл тыхстис. - Мама, ма ку, ма тыхс! Чызгæрвыст дзы нæ уыдзæн. Райсом Додик æмæ йе ’фсымæр æрба- цæудзысты. Æз семæ машинæйы сбаддзынæн, æмæ 75
^^^,, Дауырæ мæ афæндараст кæндзыстут. Нана! Ды куы ницы дзурыс? - загътон тарстхуызæй. Нæ хæдзары, мæ уарзон фыд, дæу фæстæ уынаффæгæнæг Нана уыдис. Уый хъуыды уыдис ахсджиаг. - Нана дарæг дæ мауал уæд, куынæ срог уай! Уыцы Мæскуы дын де ’гъдау дæр фехæлдта, дæ уаг дæр. Суырыссаг дæ бынтон! - фæуайдзæфтæ мын кодта Нана. Дæ ном дæр æрхъуыды кодта: - Дæ хорз фыд ам куы уаид, (никуы баууæндыд Нана, ды нал дæ, ууыл), уæд дын уый фенын кæнид, хъæубæсты ’хсæн нæ кæй худинаг кæныс, уый тыххæй. - Хъæуæй йæ ничи базондзæн! Тагъд хъуыддаг у!.. Цыбыр дзырдæй, сразы кодтон Нанайы дæр, мæ рынчын мады дæр мæ фæндыл... Айхъуыст уайтагъд хабар сыхыл, хъæуыл - адæм нæм арфæтæ кæнынмæ цыдысты. Уый уыдис майрæмбон. Сабаты сихорыл фæзындысты усгуртæ. Семæ уыдис Зауыр дæр - Фатимæйы фырт. Нана сын нартхоры ссадæй чъиритæ кæныныл балæууыд. Æз тынг тарстæн, Додик нæ мæгуырдзинадæй куы фæтæрса æмæ мæ куынæуал ракура, уымæй. Мæ рынчын мады йæм æвдисгæ дæр нæ ракодтон. Мæ хотæ йын йæ къухтыл ныххæцыдысты, æмæ-иу куы сæ иуы æрбахъæбыс кодта, куы сæ иннæйы. - Цæй, куыд? Нæ æрдз дæ зæрдæмæ цæуы? - афарстон æз Додиккы. - Æмбисонды ран! Дæу хуызæн чызг æрмæстдæр ахæм æрдзы хъæбысы схъомыл уыдаид! - загъта Додик. Нана йæ цæрвджын чъиритæ фынгыл куы 76
Уды рыст (э^^ æрæвæрдта, лæппутæ цæлгæнæнмæ куы бахыз- тысты, уæд æз, мæ мад цы уаты хуыссыд, уым мæ хъæдын чемоданы æмбырд кодтон, Берлины мæ чи бахъуыдаид, уыцы дзаумæттæ. - Мама! Истыхуызы ма дуары зыхъхъырæй бакæс! Фен, куыд дзæбæх лæппу у! Уыцы уысм удаистæй мæ уæлхъус алæууыд нæ сыхæгты чызг: - Дæлæ дæм къуыбырыл Дауыраты Харитон дзуры. Тынг мæсты у цæуылдæр! Дауыратæ, мæ зынаргъ фыд, нæ хъæумæ хæсты рæстæг æрбалыгъдысты. Уыдонæн дæр сæ фыд хæсты уыдис. Сæ мад йæ цæгатмæ - Дзампатæм - хæстæгдæр уон, зæгъгæ, йе ’хсæз сывæллонимæ Хъобанмæ ’рбалыгъд, æмæ хæсты фæстæ сæ фыд Дзуццаты Тамæты цур хæдзар сарæзта. Хорз, фæрныг бинонтæ уыдысты. Сæ хистæр лæппу Харитон мемæ Мæскуыйы ахуыр кодта. Хи æфсымæры цæстæй мæм кастис. Сдзырд мæм никæйы уагъта. - Æгас нæм цу, Харитон! Цы зæд, цы Хуыцау дæ æрхаста? - Мæнæ дæуæн уæларвæй усгур цы Хуыцау æрæппæрста, уый мæ æрхаста! - мæсТыйæ загъта Харитон. - Сымахмæ дæр фехъуыст хабар!? Ам къуыбырыл цы лæууæм? Цом, æз дæ базонгæ кæнон... - Кæимæ? Дæ усгуримæ! Цу-ма æмæ йæ ардæм ракæн, æз æй къуыбырæй атулон. - Цыдæр тызмæг ныхас кæныс? Чи дын радта бар... - Æмæ дæуæн чи радта бар мæ сыгъдæг уарзон- 77
ч^Э„ Дауырæ дзинадæй хъазынæн? Æз дæу уым, Мæскуыйы, адæ- мæй дæр хъахъхъæдтон, мæхицæй дæр. Уæдæ, зæ- гъын, ахуыр фæуыдзыстæм, иумæ кусдзыстæм, нæ цард сараздзыстæм... Æмæ ныр ды мойгæнынвæнд скодтай? - Æмæ мын уæд цæуыннæ искуы исты загътай? - Æмæ дын цы хъуамæ загътаин?! Цу-ма, бадзур ардæм усгурмæ! - фæкомкоммæ, тарстхуызæй нæ цуры чи лæууыд, уыцы сыхаг чызгмæ. Чызг азгъордта хæдзармæ. - Харитон! Дæ Хуыцауы хатырæй, ма мын фехал мæ амонд. Æз дын тынг арфæйаг дæн, уым, Мæскуыйы, мæм æфсымæры цæстæй кæй кастæ, уый тыххæй. Фæлæ мæнæн гомгуыбын æмæ æххормагæй цæрын мæ бон нал у, нал мæ фæнды Мæскуымæ. Уыцы рæстæг лæппутæ къуыбырмæ ’рхæццæ сты. Додик йæ къух бадаргъ кодта Харитонмæ, фæлæ йын æй уый асхуыста. Йæ цонгыл ахæцыд Харитон Додиккæн, æмæ сын æз сæ ныхас куыд нæ хъусон, афтæ дæрддзæф ацыдысты иууылдæр. Цасдæры фæстæ мæм Додик дардæй сдзырдта: - Афтæ нæ загътай, никуы мын ничи ис, зæгъгæ? - Загътон! Ничи мын у Харитон дæр. Нал мæм фæкастысты усгуртæ фæстæмæ дæр. Ацыдысты къуыбыры бынмæ сæ машинæмæ. Хари- тон та сæхирдæм ацыд тагъд-тагъд. Баззадысты Нанайы цæрвджын уæлибæхтæ æнæхæрдæй, кæд сæ Нана æмæ Додиккы æфсымæр Хуыцаумæ зæр- диагæй скуывтой, уæддæр. 78
Уды рыст Щл* * * * Æртæ боны дæргъы хæргæ дæр нæ бакодтон, дзыхæй дæр никæмæ дзырдтон. Афтæ мæм кастис, цыма мын чидæр мæ сызгъæрины кæритæ байста. Ме сæфт федтон Харитонæй. Мæхимæ мæсты кодтон, цæуыннæ сарæхстæн Додиккæн рæстдзинад бæстон бамбарын кæнынмæ: цыппар азы дæргъы иумæ ахуыр кæнгæйæ мæ зæрдæ никуы сгуып-гуыпп кодта Харитоны уындæй... Уыцы хъуыдытæ кæнгæйæ бадтæн нæ дыргъ- доны, сатæджы. Къуыбырæй æртæ лæджы сцæй- цæугæ куы ауыдтон, уæд фæгæпп кодтон. Лæгтæй мæм иу мæ номæй сдзырдта мæнырдæм цæугæйæ, иннæтæ къуыбырыл лæууыдысты. Æз базыдтон мæ кæддæры ахуыргæнæг Абайты Хæмæтхъаны. - Зоя! Бæгъæввадæй куы бадыс! Ауай дæ къæхтæ цæхс, дзабыртæ скæн æмæ уæхимæ зæгъ, уазджытæ уæм, зæгъ, фæцæуы. - Цавæр уазджытæ? - Дауыратæй! Хатджытæ. Мæ уарзон, мæ зынаргъ фыд! Ды куы зонис, æз цы уавæры уыдтæн, уый! Нана цæлгæнæны хъуылæг цагъта. Æмбæрстон, уый мæнмæ не ’вдæлы æмæ, мæ рынчын мад цы уаты хуыссыд, уым смидæг дæн æмæ кæугæйæ загътон: «Кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын рæхуыст!» Мама фæтарст æмæ, мæгуыр, йæ хуыссæны тыххæйты рабадт: - Цы хабар у? Цæуыл кæуыс? 79
^^®,, Дауырæ - Дауыраты Харитонæй дæм салæмттæ. Дæлæ къуыбырæй йæ минæвæрттæ ссæуынц! - Уый та куыд?! Мæнæ мын цы æхсызгон хабар фехъусын кодтай! Харитон Ирыстоны хуыздæр лæппутæй иу у! Ма ку, мæ къона! Хуыцау дын хорз амонд дæтты, ды та кæугæ кæныс! - Адон мын иууылдæр дæу аххостæ сты! Ды йæм ныффыстай Мæскуымæ: «Мæ чызгмæ мын дæ цæст фæдар, стыр горæты никуы уыдис!» Фæдардта мæм йæ цæст - мæ амонд мын фæсырдта. - Æмæ ма дæ Харитонæй хуыздæр амонд цы хъæуы? - Уарзондзинад дæр ма дзы вæййы, уарзон- дзинад. - Бауарздзынæ йæ, йемæ куы ацæрай, уæд. Нæ куыдз Дыбуц уазджыты афтæ скъуымбил кодта, æмæ Нана йæ хъуылæгцагъд фæуагъта. Æз дæр ме ’нæхсад къæхтæ мæ дзабырты атъыстон æмæ куыдзы иргъæвынмæ азгъордтон. Цалынмæ йæ йæ хъуырæй йæ бæттæнмæ ластон, уæдмæ мын лæгтæ ме змæлдмæ кастысты. - Ацы чызг сæ хистæр чызг у? - бафарста Харитоны фыд Хæмæтхъаны. - 0, сæ хистæр чызг, Зоя. - Уазджытæ нæ уадзыс, Уæликæ, уазджытæ? - Уазæг - Хуыцауы уазæг! Мидæмæ! - байгом кодта Нана цæлгæнæны дуар, æмæ нæ хъæуы хуыздæр лæгтæ: Дауыраты Мырзабег, йæ кæстæр æфсымæр Хадзырæт æмæ Хæмæтхъан бахызтысты нæ ныллæгцар цæлгæнæнмæ. 80
Уды рыст ^^ ~2^ Мæ уарзон фыд! Æз дын, «æппæты хъæугæдæр уыдтæ иу хъуыддаджы» уый тыххæй загътон, æмæ тарстæн, куынæ сарæхса Нана уыцы хорз лæгтимæ лæгæй-лæгмæ дзурынмæ. Æмæ цæмæй тарстæн, уый мыл æрцыд: райдианы æфсоны ныхæстæ куы акодтой (æз сæм тыргъæй хъуыстон), уæд сæ Нана афарста: - Уæ хорзæхæй, лæгæвзæрстæй нæм цы хъуыд- даджы тыххæй æрбацыдыстут? Æвæццæгæн Нанайы сонт фарст Хæмæтхъаны зæрдæмæ нæ фæцыд. - Уæликæ, тагъд дон фурды не ’ййафы. Хъуыд- дæгтæ сындæггай сæхи амондзысты. Мырзабег æмæ Хадзырæт! Сымах куы зониккат, ацы хæдзарæй хæстмæ цы хуызæн дыууæ лæппуйы ацыд, уый! Никъала мæнæй хистæр уыдис, фæлæ Георгиимæ æмгæрттæ уыдыстæм. Æртæйæ дæр пединституты иу рæстæг ахуыр кодтам. Уый фæстæ ам, нæхимæ, цы скъолатæ уыдис, уыдонæй иуæн Никъала уыдис директор, иннæмæн та - Георгий. Адоны хæдзары фондз ахуыргæнæджы уыдис. - Уæликæ дæр ахуыргæнæг уыдис? - худгæйæ бафарста, уымæй размæ йæ дзыхæй ныхас кæмæн нæ хауд, уыцы Хадзырæт. - Цы уыдис, уый уыдис! Абон цы ис, ууыл дзурын хъæуы, - загъта Мырзабег. - Уæ хорзæхæй, нæ цæхх, нæ кæрдзынæй нын саходут, фæйнæ арахъы дæр бануазут. Уæдмæ кæд чызджытæ дæр зыниккой. Мыхы нын цы картоф сагъд ис, уымæ губакк кæнынмæ ацыдысты. Карк 81
%ч@ Дауырæ дæр уын аргæвддзыстæм, уæлибæхтæ дæр уын скæндзыстæм, - дзырдта Нана, раст цыма уазджытæн алидзынæй тарстис, афтæ. Тæбæгътæ æмæ арахънуазæн агуывзæтæ стъо- лыл куыд æвæрдта, уый мæнмæ хъуысыд, æмæ йæм мæсты кодтон, зараг цъиу, зæгъын, фестад мæ мадзура фыдымад. - Бузныг, бузныг, Уæликæ, ацы кæрдзынæй дын сомы кæнæм, мах хæрынмæ æмæ нуазынмæ не ’рбацыдыстæм. Хъуыддаджы тыххæй уæм æрба- цыдыстæм. Хæмæтхъан! Дæ хорзæхæй, зæгъ нæ цыды сæр! - Уæликæ! Бадгæ-ма ’ркæ, бадгæ. Ды хистæр дæ! Аив нæу уырдыглæууын. - Уый та куыд! Сымах хуызæн лæгты цур æз хъуамæ бадгæ скæнон?! - Дауыратæ, Уæликæ, кадджын æмæ фæрнджын мыггаг сты. Сæ рацæуон уæлæ Ламардонæй у! Уым дзы чи цæры, горæты, Фарныхъæуы æмæ æндæр рæтты - се ’ппæт дæр сты домбай. Дауыратæм ра- хъомыл хорз лæппу, сымахмæ та - хорз чызг. Мах фæнды, уыдон сæ цард куы баиу кæниккой, уый! - Æмæ цы кæны! Ратдзыстæм уын æй! - Уæдæ уæд мах Хуыцаумæ скувæм! «Мæнæ цы диссаг ис! Мæнæ сæ бахатын дæр куыд нæ бауагъта! Мæнæ куыд æнæхицау дæн, папа! Папа! Папа!» - разылд мæ сæр. Фæлæбурдтон ма чыргъæдтæм, фæлæ мыл уыдон дæр рафæлдæхтысты. Мæхи куы æрæмбæрстон, уæд бадтæн табуреткæйыл, мæ разы лæууыдысты уазджытæ æмæ Нана йæ доны крушкæимæ. 82
Уды рыст &с - Фыды мур ыл куынæ ис, фыды мур. Дон, хорæй нæ цæры?! - батыхстис мыл Мырзабег. - Омæ мах суртæгæнаг цæмæн хъæуы? - йæ къухтæ стылдта Хадзырæт. - Цас диссаг уæм кæсы! Æххормаг студент- кæйæн йæ сæр разылд æмæ йæ зæрдæ бахъарм! - æрбахъæбыс мæ кодта Хæмæтхъан æмæ мæ афарста: - Зоя, куыд дæ? - Дзæбæх! —<ш©>— 83
^..., Дауырæ # # # Цæмæндæр мæм рагæй дæр диссаг кастис, къæйттæ кæрæдзийы куыд равзарынц, уый. Мæ зонгæтæй, ме ’мкусджытæй-иу бирæты бафарстон, дæ мад æмæ дæ фыд куыд базонгæ сты, зæгъгæ. Æз æрыхъуыстон, ды хъуамæ ракуырдтаис нæ хъæуы хуыздæр æмæ рæсугъддæр чызджы - Дзуццаты Разиаты, фæлæ дын æй курын нæ бауагътой - сæ хъæстæйы, дам, чехоткæджынтæ уыдис. Рухс дзæнæты бада уыцы уæздан, хæрзконд Разиат. Дуканигæсæй фæкуыста цæрæнбонты. Æнæ- мæнг-иу нæ цæмæйдæрты арæвдыдта. Мæ уарзон фыд! Æз дæуæн дæр æмæ ме ’намонд мадæн дæр тынг арфæйаг дæн, æз дæр æмæ мæ хотæ дæр хæрзконд, хæрзуынд, æнæсахъат кæй стæм, уый тыххæй. Уæлдай арфæйаг та уын уымæн дæн, æмæ не ’ртæйы риуы дæр ис адæмуарзаг зæрдæтæ. Мæ зынаргъ, мæ уарзон фыд! Æз Сланты Зами- рæт æмæ мæ мады ныхæстæм гæсгæ ныффыстон уæ фыццаг фембæлды хабæрттæ. Кæм уыдис уæд Джызæлмæ дæр æмæ иннæ хъæутæм дæр рог машинæтæ?! Цæуджытæ-иу абад- тысты цыфæнды уæзласæн, кæнæ гом машинæйы, фылдæр та фистæгæй цыдысты суанг дард хъæутæм дæр. 1934 азы æмбисонды тæвд сæрд скодта Ирыс- тоны. Афтæ кæмæй фæзæгъынц, хурæфсæстæй дур 84
Уды рыст скъуыдтæ кодта, ахæм сæрд. Æмæ кæд сæрдæн æр- мæст йæ фыццаг мæй фæцис, уæддæр адæм хурæй дæр, æмæ хъармæй дæр бафсæстысты. Зæу-зæу кодтой дыргътæ дон æмæ хурæфсæст бæлæстыл, цъиутæ сæ минмыр хъæлæстæй зарыдысты... Дзæуджыхъæуы хурныгуылæн кæрон хæххон хъæутæм æмæ уыдонмæ фæндагыл цы стыр хъæутæ æрбæстон, уырдæм чи цыдис, уыдоны æхсæн бæрæг дардтой дыууæ хæрзаив, рæсугъд чызджы. Сæ фарсмæ цы чумæдантæ уыд, уыдонæй бæрæг уыд, дард ранæй кæй цæуынц, уый. Машинæмæ ’нхъæл- мæ кæсджытæ сæм цымыдис каст кодтой, æмæ уый чызджыты хъыгдардта. Уалынмæ чызджыты иумæ йæ хъæбысы æрбакæнгæйæ иу лæппулæг ныццин кодта: - Мæнæ ма кæй уынын! Æз та ма уæм вагзалмæ фæтахтæн! Хуыцауы тыххæй, цæй тагъд рацыдыстут уырдыгæй? - Уый тагъд у? Сахаты æрдæджы бæрц фæлæу- уыдыстæм, кæд нæ размæ исчи рацыд, зæгъгæ, - уайдзæфгæнæгау бакодта Замирæт, йæ æмхæ- рæфырт Барисы йæ хъæбысæй нæ уæгъд кæнгæйæ. - Куыд сты хиуæттæ, хъæубæстæ? - афарста Надя, комкоммæ Барисы цæстытæм кæсгæйæ., - Хъæубæстæ дзæбæх, Хуыцауы фæрцы! Цалынмæ Барис дард бæлцæттыл цинтæ кодта, уæдмæ адæм ныггуылф кодтой, сæ цуры цы стыр гом машинæ баурæдта, уый гуыффæмæ. Чи йæ афтид тæскъ æппæрста машинæмæ, чи йæ хæссинæгтæ. Уæд дын машинæйы гуыффæйы фæйнæфарс цы хъæдын бандæттæ уыдис, уыдонæй иуыл бадæг лæппулæг рахъæр кодта чызджытæм: 85
^&.= Дауырæ - Схизут-ма сымах дæр, чызджытæ! Мæнæ ам уæгъд бынæттæ ис. - Сбадæм æцæг дæр, - бакастысты кæрæдзимæ чызджытæ. - Файтон нын, мыййаг, не ’рбадæтдзæн исчи! Чызджытæ февнæлдтой сæ чумæдантæм. Уæд- мæ, уæле чи рахъæр кодта, уыцы хæрзконд сæрæн лæппу сын æххуысгæнæг фæци, æмæ цæсты фæны- къуылдмæ чызгæй, чемоданæй машинæйы гуыф- фæйы смидæг сты, кæд бортытæ тынг уæллиоз уы- дысты æмæ зын хизæн уыдис машинæмæ, уæддæр. Куы æрбæстон сты, æмæ машинæ хæхты ’рдæм йæ ных куы сарæзта, уæд, сæрæн лæппуйы фарсмæ цы ус бадт, уый чызджытæн афтæ: - Уый уæм фæндыр дæр куы ис! Ацæгъдут-ма дзы! Кæд фæндыр Надяйы уыдис, уæддæр цæмæндæр Барис Замирæтмæ æрхатыд, ацæгъд, науæд нæ нæ хохаг сыхæгтæ сæ машинæйæ рахизын кæндзысты, зæгъгæ. - Ацæгъдут-ма, ацы диссаджы сæрдыгон бон нын бахъуыды кæнын кæнут,- загъта та кардзыд хохаг ус, æмæ уæд Надя йæхимæ уæлдай хатт нал бацагуырдта хатын, райста йæ къухмæ, фæндагмæ сæрмагонд агъуд цы фæндырæн бахуыдта, уый, æмæ райдыдта «Ханты цагъд» кæнын. Фæндаггæдтæ цымыдисæй кастысты фæндыр- дзæгъдæгмæ. Куыд тынг рæсугъд уыдис йæхæдæг дæр æмæ йæ аив фæндырдзагъд дæр! Куыд хорз ыл фидыдта йæ дзыккуты фаст! Бæрæг уыдис, сæрыхилтæ тынг даргъ кæй сты, уый. Цæсгом хуры тынтæм цæхæртæ калдта. Цæстыты хъазыдис цин 86
Уды рыст ^^1 - иуæй, ам, Ирыстоны цы фондз азы нæ уыд, æмæ дзы ныр цы ивддзинæттæ фендзæн, уыдоныл цин гæнгæйæ, иннæмæй та хиуæттæ дзæбæх, æнæниз сты, уый фехъусгæйæ. Йæ цæстытыл уадис, цас цинтæ æмæ хъæбыстæ йын фæкæндзысты йе ’фсымæртæ æмæ хотæ, йæ мад, йæ фыд, йæ фæрныг хæстæджытæ, уый дæр, æмæ къухы æнгуылдзтæ срог сты фæндыры цъæттыл. «Ханты цагъд»-ы фæстæ рахызтис «Рог кафт»-ы цагъдмæ, æмæ уæд машинæйы гуыффæйы бадджытæй алчи дæр цæттæ уыдис йæ къах-къухтæ æрсадзынмæ. Надя фæндыр йæ уæрджытыл æрæвæрдта æмæ æрыхъуыста адæ- мы къухæмдзæгъдмæ. Йæ уæздан рæсугъд цæс- тытæ адæмыл куы ахаста аивæй, уæд фемдзаст ис, машинæмæ сæ чысыл раздæр чи схизын кодта, уыцы сæрæн лæппуимæ, æмæ сæ цæстæнгас кæрæдзийæ атонын нал куымдта. Куыд диссаг у, æвæдза! Куыд æмæ дæм кæм æнхъæлмæ кæсы дæ амонд, уый куыд базонгæ у? Цас æм æнхъæлмæ кæсын хъæуы? Кæцы фæндæг- тыл, кæцы цæуæнты цæуын хъæуы адæймаджы, цæмæй йæ амондимæ сæмбæла?! Кæдмæ ’нхъæлмæ кæсын хъæуы, цæмæй зæр- дæйы æнахуыр цавд банкъарай, уымæ? Æмæ цымæ кæцы зæдтæ рарвыстой абон Никъалайы йæ амонды фæндагыл? Æмæ ацы дыууæ хæрзаив, рæсугъд чызджы æндæр машинæйы куы сбадтаиккой, уæд та кæм агуырдтаид Никъала йæ амонд? - Уæ хорзæхæй, мæ къонатæ, чи стут æмæ кæцæй цæут? - бафарста та, æппæты разæй хъæдын бандоныл чи бадтис, уыцы цымыдис ус. 87
Л&. Дауырæ - Ацы чызджытæй иу Сланты чызг у, иннæ та Торчынты. Ахуыр кæнынц Ленинграды. Замирæт ахуыр фæцис, æмæ ам нæхимæ кусдзæн скъолайы, Надяйы та ма иу аз ахуыр кæнын хъæуы, - чызджыты хабæрттæ иууылдæр радзырдта Барис. Никъалайæн йæ зæрдæ рацæйтыдта, иуæй, Сланты чызг, йæ зæрдæмæ чи фæцыд, уый куы уа, уымæй тæрсгæйæ, иннæмæй та фырцымыдисæй. Ау, уый йе ’рвадæлты иууылдæр куы зоны, уæд дзы, цымæ, ацы чызг кæй у? Æвиппайды йæм йæхи бацамонын раст нæ фæкаст, æмæ та ам дæр цымыдис ус фæразæй: - Ау, æмæ сæ кæд исчи Слантæй у, уæд мæнæ Гигойы фырт Никъалайы нæ зоны? Замирæт йæ бынатæй фестад æмæ машинæйы змæлдæй фæцудыдта. Надя йын йæ цонг ацахста, æрбад, зæгъгæ. Никъала куы бамбæрста, йæ зæрдæмæ чи фæцыд, уый йæ ’рвад нæу, уæд фырцинæй йæ бынатæй фæгæпп кодта, сывæллонау йæ къухтæ кæрæдзиуыл ацагъта æмæ Замирæтмæ йæхи баивæзта. - Æмæ ды Гæхæрманæн йæ кæцы чызг дæ? - Астæуккаг. Нæ хистæр хо æртæ азы размæ амардис. Кæстæр дæр Ленинграды ахуыр кæны раб- факы. Уый дæр ахуыргæнæг уыдзæн. Цас бауайын хъуыдис Дзæуджыхъæуæй Джы- зæлмæ, кæд машинæтæ ныры хуызæн тагъд нæ цыдысты, уæддæр. Хъæуы бынмæ куы бахæццæ машинæ, æмæ чызджытæ хизыныл куы ныллæу- уыдысты, уæд ма Никъала йе ’рвад чызгæн иу хъæбыс акодта, сæ дзаумæттæ сын Барисмæ æрлæ- 88
Уды рыст ^ь вæрдта æмæ сæ фæстæ кæсгæ баззад машинæйы гуыффæйæ. - Мæнæ-ма дæ бынаты æрбад, хауыс æмæ æмби- сонд кæныс дæ тæккæ амонд агургæйæ, - загъта та цымыдис ус, Никъалайæн йæ хæдоны кæрон æривазгæйæ. Цал æмæ цал хатты цыдис Никъала ацы кæмтты машинæйы дæр æмæ фистæгæй дæр, йæ куысты фæдыл, науæд гал кæнæ бæхуæрдонæй истытæ ласгæйæ, фæлæ йæм абоны хуызæн рæсугъд никуы фæкастысты. Машинæйы йæ фарсмæ цы бирæ адæм бадтис, уыдоны уынгæ дæр нæ кодта æмæ хъусгæ дæр. Йæ цæстытыл уадис, зæды хуызæн æм чи фæкастис, уыцы аив фæндырдзæгъдæг. Куыд хорз ыл фидауы йе ’рвхуыз даргъ къаба æмæ йæ зынгхуыз даргъ хъуырбæттæн. Куыд аив сты, йæ даргъ къабайы бынæй цы хæрзконд къæхтæ зындысты, уыдон дæр. Куыд рæсугъд у йæ цæсгом! Йæ тасаг æнгуылдзтæ цы аив сты! - хъуыдытæ кодта, фыццаг хатт йæ зæрдæйы уарзондзинады арт кæмæн ссыгъд, уыцы усгур лæппу, æмæ нырма ныр бамбæрста, ныронг-иу ын цы чызджыты амыдтой, уыдонæй кæй никуы никæй ракуырдта, уымæн йе ’фсон цæй мидæг уыдис, уый: уæд йæ риуы ахæм тыхджын арт никуы ссыгъдис, кæд-иу чызджытæй исчи йæ зæрдæмæ фæцыд, уæддæр. Ныр цыма ног райгуырд æмæ царды цинтæ иууылдæр йæхи сты, афтæ йæм касти. «Мæнæ цы хуырым дæн! Цæуыннæ рахызтæн чызджытимæ? Цæуыннæ загътон ме ’рвадæн, сы- махмæ цæуын, бæстондæр уæ базонон, зæгъгæ», - йæхимæ мæсты кодта Никъала. 89
^^Э§| Дауырæ - Ис, Нана, ис чындзаг! - кæрты дуарæй хъæр- гæнгæ бацыд йæ мадмæ. Йæ хæрзконд мады йæ хъæбысы фелвæста æмæ йæ цъиллау ныззылдта. - Пуй, мæ фыдбылыз дæ хай! Æрæвæр мæ зæххыл! - йæ фырты хъуырыл дыууæ къухæй ныд- дæвдæг уæвгæйæ хъæр кодта Томиан. - Ис чындзаг, Нана! - цыма æндæр дзырдтæ дзурын нал зыдта, уыйау та загъта Никъала. - Истæмæн мын куы бæззис, уæд дæ кæстæр цотджын нæ уаид, ницæййаг! - бауайдзæф кодта Томиан йæ фыртæн, куыддæр йæ къахфындзтæ зæххыл андзæвдысты, афтæ. - Чи у нæ чындзаг, зæгъ- ма йæ? - Зæд, Нана, зæд! - ныхъхъæр кодта Никъала, фæлæ уæдмæ сæ хъæлдзæг ныхасмæ хæдзары дуарæй Гиго рахыстис, æмæ уымæй æфсæрмы кæнгæйæ Никъала пыхс йæ сæрыл ахаста, афардæг ис къуыбыры ’рдæм. Дыууæ боны фæстæ, йæ зæрдæйы рыстæй йæ бон куынæуал уыдис æмæ йæхицæн бæстон хатдзæг куы скодта, æнæ уыцы чызг цæрын йæ бон нæ бауыдзæн, зæгъгæ, уæд велосипедыл араст сыхаг быдираг хъæумæ. Рог дымгæ йын хъазыд йæ зæлдаг урс хæдонæй, йæ къæбæлдзыг сæрыхъуынтæй æмдымбыл къепкæйы бын чи нæ бацыд, уыдон дымгæ фæйлыдта, афтæмæй маргъау тахстис йæ амондимæ фембæлдмæ æмбисонды æрдзы хъæ- бысы... ...Фæлладуадзæн бонмæ фæхъавынц рагæй дæр нæ хистæртæ чындзæхсæвтæ æмæ куывдтæ 90
Уды рыст Яы кæнынмæ. Уыцы бон Сланты фæрныг хæдзары уыдис куывд, сæ чызг стыр горæты ахуыргæнæджы диплом кæй райста æмæ сæрæгасæй сæ хæдзарыл кæй сæмбæлд, уый фæдыл. Сыхæгтæ, хиуæттæ æмбырд кодтой сæ хуынтимæ Сланты хæдзармæ. Рагæй дæр æрвад æрвад у ирон адæммæ. Хистæртæ хæдзары номæй кæрæдзийы куыд нæ фæзонынц. Куы байхъуыстис Гæхæрманмæ, сæ куывдмæ Гигойы ахуыргонд фырт дæр фæзынд, уый, уæд рарвыста сæрмагонд хонæг, ардæм-ма йæ ракæнут æмæ йæ хиуæттимæ базонгæ кæнон, зæгъгæ. - Мах иу артæй уæрст стæм, кæд алы рæтты ныппырх стæм, уæддæр. Мæ фыды фыд æмæ Гигойы фыды фыд дыууæ ’фсымæры уыдысты. Æрмæст мах нæ фыдæлты цæрæнбынат Урстуалтæй раздæр ралыгъдыстæм. Мæнæ нæ ныры цæрæнбынæттæ куы арæзтам, уæд Гиго махæй фылдæр фыдæбон фæкодта хуыр æмæ змис ласгæйæ, уæдæ ацы уæрæх саратæ бетонбынтæ скæнæм, зæгъгæ. Уæд сымах чысыл лæппутæ уыдыстут!.. Рæстæг дугъон бæх у, ралæгтæ стут ныр, ахуыргæнджытæ сыстут! - нуазæн йæ къухы, афтæмæй дзырдта Замирæты фыд, Никъалайы уæхскыл йæ иу цонг æртындзгæйæ. Никъала хъуыста Гæхæрманы ныхæстæм, фæлæ- иу хатгай йæхинымæр ахъуыды кодта, цымæ фæн- дырдзæгъдæг дæр ам ис, зæгъгæ. Хъазты хъæр куы райхъуыст, æмæ фæсивæд симд куы рауагътой, уæддæр Никъалайы цæст не ’рхæцыд дыууæ ’мбалыл. Йæхинымæр дис кодта, уæдæ куывд кæмæн кæнынц, уыцы Замирæт ам куыд нæ хъуамæ 91
ч^ Дауырæ уа, зæгъгæ. Уалынмæ кæрты дуарæй æрбазындис цалдæр æмкар, æмхуызон рæсугъд чызджы. се ’хсæн Никъала уайтагъд Надя æмæ Замирæты базыдта, кæд сæ дарæс уæды хуызæн нал уыдис, уæддæр. Адæймаджы зæрдæ фырцинæй дæр тоны, уый Никъала хъуыста, фæлæ зæрдæ йæхи къултыл хойын зоны, уый йын зындгонд нæ уыд: фæтарстис, ам, ацы бирæ адæмы æхсæн куы фæуадзыг уа, уымæй, афтæ ахгæдтой йæ улæфæнтæ, æмæ зæрдæ куы кафгæ кодта, куы æрлæуу-æрлæуу. Абон Надя уæлдай рæсугъддæр уыдис, уымæн æмæ чызджыты æхсæн даргъ аив къаба уый йедтæмæ никæуыл уыдис. Раст цыма паддзахы чызг йæ фæсдзæуинтимæ ’рбацыд, афтæ фæкаст Никъаламæ. Йæ фезмæлд, йæ кæстытæ, йæ къахайст абон бынтон уæздан уыдысты. - Ныр цымæ мæхицæн митæй мæсгуытæ цы аразын? Кæцырдыгæй дæн æз ацы зæды аккаг? - хинымæры хъуыды кодта лæппу æмæ йæхи иннæ лæппу-фæсивæды æхсæн æмбæхста. Фæлæ йæ Замирæт ауыдта лæппуты æхсæнмæ дæр æмæ уайтагъд йæ уæлхъус алæууыд: - Мæнæ ма ме ’рвады федтон! Æндæрæбон дын дæ ном дæр нæ базыдтон, æмæ дæ Бабайæн куыд бацамыдтаин, уый нæ зыдтон. Æрмæст ын загътон, нæхи Гигойæн, зæгъын, тынг рæсугъд фырт ис!.. - Æмæ де ’мбал дæр афтæ хъуыды кæны, æмæ æз рæсугъд лæппу дæн? - худгæйæ æрбахъæбыс кодта Никъала Замирæты. - Ме ’мбалæн йæхи уарзон дæр рæсугъд у! - хъазгæмхасæн загъта Замирæт. 92
Уды рыст ~..<2кс Арвы цæфау фæцис Никъала Замирæты ныхæс- тæй. Ау, афтæ дæр вæййы, æмæ ды кæйдæр бауарз, дæхи удæй фылдæр, æмæ уый та æндæр кæмæндæр уæд нывондгонд. Куыд æгъатыр у хъысмæт! Ком- коммæ цæуыннæ нысан кæны къæйтты кæрæ- дзийæн? Куыд хъуамæ ныххуыссын кæна ныр Никъала, йæ зæрдæйы цы арт ссыгъдис, уый? Цавæр фæрæзтæй? Куыд хъуамæ цæра цæрæнбонты иннæ чызджыты ацы зæдимæ баргæйæ?.. Йæ уæлхъус Барис куы балæууыд, дæ бон хорз, нæ уазæг, зæгъгæ, уæд йæ хъуыдыты хал фескъуыд, æмæ сæрымагъзы февзæрд иу хъуыды: кæд, мыййаг, ацы сахъгуырд у «йæхи уарзон»? Уазал ист ракодта Барисы къух æмæ йæ хъасты зылдæй рахуыдта: - Æз дæу айфыццаг ахуыргæнджыты съезды федтон Дзæуджыхъæуы, фæлæ дын дæ мыггаг нæ базыдтон. Мæнæн мæ ном Никъала хуыйны, Слантæй дæн. - Æз дæ тынг хорз зонын. Джызæлдоны районы ахуырады хайады сæрдар нæ дæ? Уым съезды куы дзырдтай, уæд дæ базыдтон. Æз дæр ахуыргæнæг дæн, фæлæ ам, нæхи районы нæ кусын. Æз Уæлла- джыры комы кусын, Зджыды скъолайы директорæй. Æз Замирæтæн йе ’мхæрæфырт дæн, Саламтæй. Æнæмæнг ай уыдзæн «йæхи уарзон», ныхас дæр дзы нæй! Замирæтимæ дæр, Надяйы кæй уарзы, уый тыххæй лымæндæр у! - раст ын цыма исты фыд ракодта, афтæ тызмæгæй рахæцыдис Никъала Барисы цонгыл æмæ йæ фæстæмæ хъазты зылдмæ бахуыдта. Сланты стыр быдираг кæрты хъазты зылд йæхи 93
ч^ Дауырæ афтæ уæрæх айста, æмæ кафджытæ парахатæй зылдтытæ кодтой. Ирон хъазты куыд вæййы, афтæ рæнхъ лæууыдысты лæппу-фæсивæд дæр, æмæ чызг-фæсивæд дæр. Гом кæртыдуарæй, зад дыргъ- бæлæсты æхсæн цы дымгæ хъазыд, уый æхсызгон уддзæф хаста адæмæн, чызджыты сæрдыгон къабаты дыстæ æмæ фæдджитæй хъазгæйæ, æмæ уый базыртæ сагъта чызджытæн сæ уарзæттыл. Ахаста Никъала йæ цæстæнгас хъазты чызджы- тыл, æмæ Надямæ куы бахæццæ, уæд бамбæрста, уый æндæр кæмæдæр кæй кæсы, уый. Аивæй агурын райдыдта, кæмæ у йæ каст, уый. Кæддæр- кæддæр чызг Замирæты ’рдæм разылд, æмæ йын Замирæт йæ хъусы цыдæр куы бадзырдта, уæд Надя цæстæнгасæй лæппуты ’хсæн агурын райдыдта кæйдæр æмæ, мæнæ диссаг! Æрлæууыдис Никъалайыл æмæ йын, мидбылты бахудгæйæ, йæ сæрæй акуывта. Нал баурæдта йæхи Никъала дæр, æмæ чызг æмæ лæппу адæмы сæрты кæрæдзимæ худтысты, кæм сты æмæ сæм исчи кæсы, æви нæ кæсы, ууыл нæ хъуыдыгæнгæйæ. «Ехх, тæхуды, æмæ ацы бирæ адæмы дымгæ куы фæхæссид искуыдæм, æмæ мах дыууæйæ куы аззаиккам ам!» - хъуыды кодта Никъала. Уæдмæ чъегъре Надяйы раз æрхахх кодта йæ лæдзæгæй, æмæ Никъала сцымыдис, цымæ, кæимæ кафдзæн, зæгъгæ. Кæд Барис хъасты лæппутæй дæрддзæфгомау лæууыд, уæддæр æй чъегъре йæ цонгæй æрбахуыдта, æмæ «Ханты цагъд»-мæ, къухтæ фæйнæрдæм базыртау аивазгæйæ, лæппу бакафыд Надяйы размæ. Надя чызджыты æхсæнæй рахызт, 94
Уды рыст §6^ фæлæ æвиппайды нæ райдыдта кафын, раст цыма Барисæн бар лæвæрдта йæ гуырыконд æмæ йæ аив уæнгтæ адæммæ равдисынмæ, афтæ. Никъала Надяйæн йæ фыццаг рахызтæй дæр бамбæрста, кафынмæ дæр тынг кæй арæхсы ацы аив чызг, уый, фæлæ уæддæр цæмæндæр тарстис, исты фæзылды куы фæрæдийа, æмæ йæм æдзынæг, æнæулæфгæйæ касти. 0, куыд аив, куыд рæсугъд у алы хъуыддаджы дæр Надя! Цымæ чи у йæ уарзон, уыцы амондджын лæппу? Ау, уæлладжыраг ахуыргæнæг? Æвæццæгæн, уый у, æндæр чъегъре комкоммæ уымæ цæмæн бацыд? Тымбыл кафт куы стынг, æмæ Надя лыстæг сирдæй хъазты зылд куы айста, уæд иу рæстæг Никъалаимæ фемдзаст сты, æмæ та кæрæдзимæ мидбылты бахудтысты. Уыцы бахудт Никъалайæн цыдæр ныфсы хос фæцис, æмæ йæ армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл зæрдиагдæрæй æрхоста... ... - Замирæт, æз ардæм цæугæйæ нæхимæ ницы загътон. Нæ зыдтон куывды хабар дæр, æмæ мæ фæстæмæ цæуын хъæуы. Уæртæ мæм мæ дыууæцалхон дæр æнхъæлмæ кæсы, - ацамыдта, абондæргъы сыхы сывæллæттæ мондагæн цы вело- сипедыл ратæх-батæх кодтой, уымæ. - Кæд гæнæн ис, уæд-ма мын де ’мбал чызджы иунæг ныхасмæ ардæм ракæн! - кæртæй дарддæр, къанауы цы чысыл дон цыдис, уый цур бæласы бын лæугæйæ, загъта Никъала. * - Надя дæ зæрдæмæ фæцыд? Нæ дын загътон, уарзон ын ис, зæгъгæ! Уæдмæ Надя Барисы цонгыл хæцгæ йæхæдæг 95
^^и, Дауырæ кæрты дуарæй рахызт, æвæццæгæн, Замирæты агуырдта. - Уыныс, кæмдæр, æвæццæгæн, Хуыцау ис! Йæхæдæг дæм рацыд фæндараст зæгъынмæ! «Йæхæдæг мæм рацыд, фæлæ иунæгæй нæ!» - ахъуыды кодта Никъала. - Кæм стут, кæм, æз та сымах агурын?! - Надя худгæйæ феуæгъд кодта Барисы цонг. Замирæт æмæ Никъалайы ’рдæм згъорæгау æрбакодта. - Мæнæ стæм! Мæнæ ме ’рвад цæугæ кæны, æмæ уый фæстæ рауадтæн, - загъта Замирæт. - Æмæ ахсæв ам цæуыннæ лæууыс? Фæкаф- дзыстæм, фæзардзыстæм. Куывд ныр куы райдыдта! Хæстæджытæ, хиуæттæ ныр куы æмбырд кæнынц. - загъта Надя лæгъстæгæнæгау, æмæ та уарзты тынтæ æрцахстой чызг æмæ лæппуйы, кæрæдзимæ кæсгæйæ та баззадысты... Барис Надямæ ницы бар дардта. «Уарзон ын ис», зæгъгæ, кæмæй загъта Замирæт, уый уыдис, Ирыстоны разамынды бæстон бынат кæмæ æрхауд цалдæр азы фæстæ, уыцы ирон хорз лæг. 1934 азы, фæззæджы, Хъобаны цæрджытæ дис- саджы чындзæхсæв скодтой Сланты Никъала æмæ Торчынты Надяйæн. -<2Ш>— 96
Уды рыст ■3* & # # æ уарзон фыд! Мæн тынг фæнды, ды куы зонис мæ ахаст рæстæджы цаутæм дæр æмæ цардмæ дæр. Ссæдзæм æнусы цы фыдракæндтæ æрцыд, уыдонæн сæ тæккæ æвирхъаудæртæ уыдысты 1937 азы бæллæхтæ æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Цæвæгæй кæрдæгау ныккарстой нацийы хуыздæрты! Цастæ фæзонынц адæм кæрæдзийы стыр горæт- ты, фæлæ мах чысыл хъæуæй, адæм кæрæдзиуыл æнгом баст кæм уыдысты, уырдыгæй æнаххосæй кæй бабын кодтой, уыдоны нæмттæ мæ зæрдæйæ никуы схицæн сты. Баиу сты хъæуы дыууæ фæлтæры сидзæртæ: иутæ, 1937 азы сæ фыдæлты кæмæн фесæфтой, уыдон, иннæтæ та мах - хæсты сидзæртæ. Æмæ кæд мах зыдтам, нæ фыдтæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ тохы зарæг кæнгæйæ ацыдысты, уый, уæд иннæтæ, мæгуыр сæ бон, цæрæнбонты уыцы иу фарст: «Мæ фыды мын цæй тыххæй фесæфтой?» - сæ зæрдæты фæхастой. Уæдæ цæй тыххæй ахстой 1937 азы фæлтæрты хуыздæрты? Уыцы фарстæн, мæ зынаргъ, абоны онг бæ/1вырд дзуапп ничима радта. Кæд бынты тыххæй, уæд цавæр хъæздыг адæм зыдтай ды нæ хъæуы? Цы сæм уыди м 97
Л&.. Дауырæ æмæ сæ цæй тыххæй мардтой? Цæмæн сæ хастой Сыбыры бинаг къæймæ? Цæмæй сæ тарстысты? Цы сæ бон уыдис паддзахады ныхмæ саразын? Нæ хъæуæй уыцы азты кæй фесæфтой, уыдон фылдæр Уæллаг Хъобаны цæрджытæ уыдысты. Кулак дæр фылдæр уыдоны кодтой: кæй йæ уæздан туджы тыххæй, кæй йæ цардхъомдзинады тыххæй. «Æмæ цы хуызæн фæсивæды фесæфтой!» - хъуыстам-иу нæ хистæртæй. Мæн тынг фæнды уыцы æнамонд уæздæтты дæуæн дæ зæрдыл æрлæууын кæнын. Бекмырзаты Алидзайы кæстæр фырт Хъайтыхъо (Гайтыкк), йæ фæндзæм сывæллон гуыбыны кæмæн баззад æмæ «цæй тыххæй? цæй тыххæй?» кæнгæйæ, машинæйы кæй баппæрстой, уый. Алидзайы дыккаг фырт Аслæнджери. Йæ биной- наг Дзæнæкка, мæгуыр, сау даргæйæ бацыдис мæрдтæм. Алидзайы æртыккаг фырт Габойæн баззадис иунæг чызг Риммæ. Афтæмæй Алидзайæн йе ’ртæ фырты дæр фесæфтой - дыууæйы дзы Сыбырмæ ахастой, Гайтыккы та, дам, ам амардтой. Уæдæ Дзуццаты Аслæмырзæйы фырт Аслæныхъо, цардмæ бæлгæйæ Фæтæнсыхы дынджыр хæдзар чи сарæзта, уыцы сæрæн Аслæныхъо. Цæруаты Темболы фырт Асæхмæт (Къæбыл). Хуыдиаты Зино. Бибуаты Дзаналдæйы фырт Дзамболат... Кæй ранымадтон, уыдон, дам, Гайтыккæй фæстæ- мæ, иууылдæр кардзыд уыдысты: машинæмæ схизын, дæр, дам, сæ бон нæ уыд. Хуыцау йæ зонæг, цæмæй 98
Уды рыст Щл* фæтарстис Советон хицауад нæ хъæуы кадджын æмæ дзырддзæугæ зæронд лæгтæй?! Уæдæ Хъантемыраты Дженайы фырт Амырхан (Абыртт). Томайты Бæбойы фырт Деппæ. Хъаныхъуаты Хасæхъойы фырт Гатæгъæз. Хуыдиаты Хъасполаты фырт Саханджери, - Гырым, Ларисæ, Серго æмæ Тамарæйы фыд. Дзуццаты Гыццылы фырт Бибола. Дзуццаты Аслæмырзæйы фырт Гадзыбе. Татраты Елмырзайы фырт Газакк... Газакк дæс азæй фылдæр фæци Сыбыры. Уый дæр-иу афтæ загъта: «Хуыцауардыстæн, абон дæр æй нæ зонын, цæй тыххæй бадтæн, уый!» Хъаныхъуаты Агойы фыртУæсмæн (Дзиба). Бæгъиаты Христофор (Года), - Валодя, Райкæ, Азæ æмæ Ирæйы фыд... Райкæ куыд дзуры, афтæ- мæй абон дæр, Годайы цæмæн æрцахстой, уый нæма рабæрæг, кæд уыцы хъуыддаг базоныныл цæрæнбонты архайынц, уæддæр. «Мах дыууæ хатты басыгъдыстæм арты!» - афтæ фæдзуры Райкæ. Æмæ уый раст у: Годайы зыныл нæ фесты Бæгъиаты бæллæхтæ. Сæ ныфсы бындар Валодя æфсады служ- бæ кæнгæйæ фæдæлдон, æмæ йын йæ мæрдон хуыз дæр нал федтой нæ хъæубæстæ. Апаты Годийы фырт Техъо... Уый дæр, дам, кардзыд уыдис, æстай азы, дам, ыл цыдис. Татраты Иваны фырт Аксо. Татраты Иналдыхъойы фырт Налыхъ... Уый æр- цахст та бынтон диссаг уыдис. Сæ бынтæ сын куы байстой кулак скæныны фæстæ, уæд, дам, Налыхъ йе 99
^а. Дауырæ ’мгæртты æхсæн йæ сæрæй йæ худ фелвæста æмæ йæ зæххыл ныццавта, ацы худ ма мæм ис, æмæ мын æххæст уый дæр куы байстаиккой, зæгъгæ. Уый адыл лæг Сыбыры бамидæг. Фæлæ хæст куы райдыдта, уæд Налыхъы хæсты æппæты тæссагдæр ранмæ арвыстой, раззаг рæнхъытæ кæй хуыдтой, уырдаем. Налыхъ-иу йæхæдæг афтæ дзырдта: «Хуыцау дын мæлæт куынæ дæтта, куы дæ хъахъхъæна, уæд дын, æз цы хъизæмæрттæ бæвзæрстон, уыдоны бон дæр ницы у!» Кæй кой дын ракодтон, нæ уыцы æмхъæуккæттæ се ’ппæт дæр рухсаг уæнт. Тымыгъджын азтæ æмæ хæсты бæллæхтæ куынæ уыдаиккой, уæд нæ хъæу ног фæлтæртæй байдзаг уыдаид, æмæ, чи зоны, абон æдзæрæг нæ уаид!.. # * * Окуыд æрæгмæ бамбары адæймаг йæ хæстæ ^йæ ныййарджыты, йæ хъæубæсты раз! Афтæ йæм фæкæсы, æмæ цард уый райгуырдæй райдайы, æмæ æрмæстдæр уый хъуамæ цæра! Афтæмæй та алы адæймаг дæр у царды рæхысæн йæ иу цæг. Рæ- хыс та у даргь: чи йын зоны йæ райдиан, чи йын уы- ны йæ кæрон?! Адæймаг иунæг кæрдæджы хал у зад уыгæрдæны. Адæймаг у тæркъæвдайы иунæг æртах. Адæймаг у хæмпуссæр бæласы сыфтæртæй иу... Иунæг адæймаг дæр а дунемæ æнæ нысанæй æрвыст нæу. Нæ хъæуы куырыхон лæгтæй иуы - Бекмырзаты Темболаты загъдау, бинонтæй иу куы фæбæзза, уæддæр - хорз. Æз та афтæ зæгъын: «Мыг- 100
Уды рыст уЭУ^ гаджы, хъæубæсты иунæг хорз лæг куы уа, уæддæр, хорз». Кад æмæ ном скæны йæхи мыггагæн дæр æмæ йæ хъæубæстæн дæр. Хъобаны цæрæг мыг- гæгтæн æнусты дæргъы кад æмæ ном чи скодта, уы- цы сæрæнгуырдтæ бирæ сты. Махæй, Хъобаны цæр- джытæй, рох никуы уыдис, тугæй æхсад зæххыл цæрæм, уый. Рох никуы уыдысты Шанаты Уарийы ныхæстæ: «Хъобан уыцы Хъобан у, цагъайраг йе ’фхæрæгмæ æхсаргард кæм сласта, Хъобан уыцы Хъобан у, лæг æфхæрд кæм нæ барста, Хъобан уы- цы Хъобан у, лæг йæ сæрмæ æгаддзинад кæм нæ хаста...» Æз ма Уарийы ныхæстæм æфтауын: Хъобан у, йæ цард Райгуырæн бæстæйы сæраппонд чи радта, уыцы хъæбатырты, Фыдыбæстæйы хæсты хъæбатырты Хъобан! Фыдæй фыртмæ фæлтæртæ кæрæдзимæ лæ- вæрдтой, хистæртæ сын цы хорз æгъдæуттæ ныу- уагътой, уыдон. Цæсты гагуыйау сæ бахъахъхъæдтам мах дæр æмæ сæ цæстуарзонæй кæстæртæн амонæм. Уæздандзинад, куыстуарзондзинад, хистæрæн аргъ, лæггад æмæ кад кæнын, циндзинад æмæ зианы æгъдау дæттын, иумæ, æгас сыхæй, æгас хъæуæй рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын, фæсивæды разæн- гард кæнын ахуырмæ, куыстмæ, суанг ма къай равза- рын æмæ цард саразынмæ дæр - ууыл архайдтой хъæубæстæ. Уый æдде ма бирæ хорз æгъдæуттæ æрæййæфта мах фæлтæр нæ хъæуы. Фæлæ, Хуы- цауæй разы, иу хъуыддаг баззад æнусты тары. Ды дæхæдæг хорз зоныс, революцийы фæстæ, суанг 101
^^Э,, Дауырæ хæсты азты онг хъæуы цæрджыты ахаст кæрæдзимæ знæт кæй уыдис, уый. Зæгъæм, 1930 - 1937 азты æбуалгъ хабæрттæ: кулак кæнын æмæ Сыбырмæ хæссын, науæд æнæ тæрхонæй æнаххос адæймаджы фесафын... Уыцы хабæрттæ адæм не’мбæрстой. Афтæ сæм кастис, æмæ уыдон бынæттон хицауады фæндтæ сты, æмæ аххосджын кодтой Джызæлдоны районы æмæ райæххæсткомы уæды разамынды. Уыдонæй та бирæтæ уыдысты нæхи хъæуккæгтæ, уымæн æмæ уыцы азты Хъобан уыдис районы центр. Хæст куы райдыдта, уæд, хæстмæ кæмæ сид- тысты, уыдоны бинонтæ дæр районы разамындмæ мæсты кодтой, суанг дæумæ дæр, махоны номхыгъды цæмæн бакодта, зæгъгæ. Фæлæ, æвæццæгæн, раст у ирон æмбисонд: «Цин æмæ зын адæмы кæрæдзиуыл бæттынц». Хæсты быдырæй бæлццæтты сау гæх- хæттытæ, сау халæттау, тæхын куы райдыдтой, уæд нæ хъæуккæгтæй ферох сты сæ раздæры быцæутæ æмæ кæугæ, хъарæггæнгæ цыдысты зианджынтæм. Хæстæй-иу искуы-иу цæфæй, уæнгхъуагæй куы ссы- дис, уæд ын-иу иумæйаг тыхтæй куывд скодтой, æмæ-иу ын уайтагъд ус ракуырдтой. Æвæццæгæн, хъæуы кардзыд адæм ног фæлтæрыл тыхстысты. Гъе, афтæ нæ чысыл хъæуы цæрджытæ æмбисонды хæлардзинад равдыстой!.. * # # Ныр, азты сæрты кæсгæйæ, мæхæдæг кардзыд куы сдæн, уæд мæм хæстонты мадæлты æмæ 102
Уды рыст Эе. сæ идæдзты тæригъæд тынгдæр хъары, уымæн æмæ сын сæ зындзинад зæрдæйæ æмæ зондæй æмба- рын. Бирæ азты дæргъы телеуынынады режиссерæй кусгæйæ æз арæх цæттæ кодтон Фыдыбæстæйы хæсты хъæбатырты, сæ мадæлтæ, сæ идæдзты, сæ цоты тыххæй равдыстытæ. Уымæй ма æбуалгъдæр цы уа: фуфугæнгæйæ цы хъæбулы схастай, йæ райгуырдæй фæстæмæ дын дун-дунетæм æппæты зынаргъдæр, æппæты уарзондæр чи у, уый дын хæсты цæхæрмæ бап- пæрстæуæд бомбæты, нæмгуыты, танчыты бынмæ! Хуыцау ахæм бæллæхæй бахъахъхъæнæд не ’ппæты дæр. Цавæр фидар зæрдæ хъуамæ уыдаид ный- йарæгæн, цæмæй йæ фæлмæн базыл йæ сæр æрæ- вæрдтаид, йæ хъарм хъæццулæй йæхи æрæмбæрс- таид, йæ уарзон хъæбул акъоппы, кæнæ миты сæр æгас у, æви нæ, уый нæ зонгæйæ? Цавæр тых хъуыдис ныййарæджы хъарм къæбæр дзыхмæ сисынæн, йæ уарзон хъæбул кæмдæр æххормаг у, ууыл хъуыды кæнгæйæ?.. Æвирхъау бæллæхты бахаудысты ссæдзæм æнусы цæрджытæ суанг йæ райдианæй йæ кæронмæ! Æгæр диссæгтæн бафæрæзтой царддæттæг сылгоймæгтæ дæр! Иу хатт ма йæ зæгъын: нæ рæстæджы аивадон уацмыстæй иуы дæр уæды рæстæджы ныййарджыты трагикон хъысмæт, сылгоймаджы сурæт бæстон æвдыст нæма ’рцыд. Афтæмæй æрмæстдæр аивадон уацмысты баззайы царды рæстдзинад. Историктæ
ч^Ф Дауырæ æнусты фæстæ ахæм царды цауты сæхи пайдайæн раивынц. Нæ хъæуæй иу, дыууæ кæнæ йе ’ртæ фырты хæсты быдырмæ чи арвыста, ахæмтæ бирæ уыдысты. Уыдис нæм, цыппар, фондз бæлццоны цы хæдзæрттæй ацыд, ахæмтæ дæр. Рухс дзæнæты бадой нæ хъæуы уæздан ныййарджытæ, уал ранмæ кæй зæрдæ ’хсайдта æмæ ’нхъæлмæ кæсгæйæ йæ царды бонтæ чи арвыста!.. Абон дæр ма хæстонты мадæлтæ цæстытыл уайынц, къухаууонæй комы хъæлæсмæ кæсгæйæ. - Кæд мæ исты æмбæхсыс?! - гуырысхо кæнгæйæ-иу кæрæдзимæ тарст каст кодтой ныхас кæнгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Нанайы ингæны цур арæх фæкæуын, фæлæ мæ цал æмæ цал хатты фæндыдис искуыдæм, тархъæдмæ ацæуын - æппындæр адæм кæм нæ уа, ахæм ранмæ, æмæ хъæрæй, дзыхыдзагæй фæкæуын, нæ хъæуы хæстонты мадæлты нæмттæ дзургæйæ. Чи зоны, уæд, мæ зæрдæйы гыццылæй фæстæмæ кæй фæхастон, уыцы тыппыртæ ссæуиккой æмæ мæ уаргъ фæрогдæр уаид. Хуыздæр ран нæ уыдысты хæстонты æрыгон бинойнæгтæ дæр. Чи дзы ног чындз уыдис, кæмæн дыууæ, æртæ, кæнæ фылдæр зæнæджы, афтæмæй ма æнхъæлцау - уæды рæстæджы адæм бирæ цотмæ бæллыдысты. Уарзон адæймагæй цот ныккæнын, кæрæдзийы æмбаргæйæ сæ хъомыл кæнын - уымæй амонд- джындæр хъуыддаг цы ис?! 104
Уды рыст -^кь Уæдæ дыууæ уарзон адæймаджы, кæрæдзиуыл æфсæн рæхыстæй баст чи у, царды рæхысы цæгтæ иумæ чи бийы, уыдон кæрæдзийæ ратонын - уымæй æнамонддæр хъуыддаг а дунейыл нæй. Æмæ уыцы бæллæх, уыцы фыдракæнд æрцыдис мах рæсугъд, æрыгон мадæлтыл. Се ’фсинтæй æмæ-иу сæ кардзыд хицæуттæй фыдохы хабар æмбæхстой æмæ-иу сæ чысыл сабиты авдæны зарджыты бæсты’ хъарджытимæ узтой. Цал æмæ цал уыдысты уыцы рæсугъд, æрыгон чындзытæ! Цал æмæ цалæй ныттыхтой сæ ’рыгон сæртæ сæ цæуæты раст фæндагыл сæвæрыны сæраппонд! Ферох сæ ис, сæхæдæг дæр цæрынæн райгуырдысты, уый. Сæ уарзон мойтæм ма хæсты фæстæ бирæ азты æнхъæлмæ кастысты. Абон, канд нæ хъæуы нæ, фæлæ æгас Ирыстоны дæр уыдонæй, стæмтæй фæстæмæ, æгас ничиуал у. Рухс дзæнæты бадæнт! Цæрæнбонты æнæкуырдæй цы хорз чызджытæ баззад нæ хъæуы, уыдонæй иу уыдис Плиты Дунетхан, уæздан, аив ирон чызг. Сæмбæлгæйæ-иу мын æдзухдæр афтæ дзырдта: - Раст дын цыма дæ хорз фыд æмæ мадыл сæмбæлдтæн, афтæ æхсызгон мын у дæ фенд!.. Иуахæмы городокæй æрцæйцыдтæн æмæ та Дунетханыл сæмбæлдтæн. Хохаг доныбыл бад- тыстæм бурдари дидинджыты гауызыл, афтæмæй бирæ фæныхæстæ кодтам. Уæдмæ Дунетхан кардзыд уыдис, æвæццæгæн ыл иу æхсай азы цыдаид. - Дунетхан! Чи нæ мын схъæр кæна, æппын дæ 105
^^Э,, Дауырæ зæрдæмæ нæ хъæуы лæппутæй никуы ничи цыдис? - бафарстон æй æз. Дунетхан мæм комкоммæ ’рбакаст, стæй йæ уæздан, рæсугьд цæстытæ æруагъта, доны уылæн- тæм йæ каст сарæзта æмæ сындæггай райдыдта дзурын йæ рагуалдзæджы хабæрттæ: - Хатыр мын бакæн. Ды мæнæй бирæ кæстæр дæ... Мах фæлтæрæн сæ хъысмæт амондджын нæ разынд... Нæхи хъæуæй нæ зонын... Уæртæ станцæ куы арæзтой, уæд уым иу фалæрдыгон лæппу уыдис, йæ мыггаг дæ ницæмæн хъæуы, æмæ уый куы сыздæхтаид хæстæй, уæд, бæргæ... -Æмæ цæрæнбонты уый тыххæй не смой кодтай? - Æмæ ды уый тыххæй хоныс? - Æмæ фидыд уыдыстут? - Фидыд нæ уыдыстæм, фæлæ мын иу хатт симгæйæ загъта, фæззæгмæ, дам, дæхи цæттæ кæн... Диссаг куыд нæ у, æвæдза: иунæг ныфсы ныхасæн йæ цард снывонд кодта Дунетхан! Мæнмæ афтæ кастис, æмæ йын йæ зæрдæйы риссаг бынат фæцагайдтон, уымæн æмæ иуцасдæр уый дæр ницыуал дзырдта æмæ æз дæр. «Хæрзбон» ын куы загътон, уæддæр ма доны уылæнтæм кастис, йæ цæссыгтæ мæнæй æмбæхсгæйæ... %г %г # æ уарзон фыд! Ды, ахуыргонд уæвгæйæ, бæстон зыдтай нæхи æвзаг дæр æмæ уырыссаг æвзаг дæр. Фыстай æмдзæвгæтæ, тæлмац кодтай зарджытæ. м 106
Уды рыст Эе. Фæткъуы, кæрдо Дидинæг куы калдтой, Мигъ сындæггай Донысæрты цыд... Рацыд былмæ Иунæгæй Катюшæ, Кастис доны уылæнтæм бынмæ. Ацы рæнхъытæ сты, ды ирон æвзагмæ цы зындгонд зарæг раивтай - «Катюшæ», уымæй. Дæ ахуыргæнинæгтæй иу уыдис, уый фæстæ зындгонд нывгæнæг чи сси, уыцы Умар, Хъаныхъуаты Умар. Сæмбæлгæйæ мын æдзухдæр дзырдта, мæныл цы æмдзæвгæ ныффыстай, уый: Зоя - ангел, Зоя - свет, Зоя - розовый букет... Ирон æвзаг, ирон æгъдау, ирон уаг мæнæн дæр, дæуау, зынаргъ сты. Æвæццæгæн, Ирыстоны хъæутæй дыккаг ахæм нæй, ирон æвзаджы хъæздыгдзинæдтæй Хъобаны хуызæн кæм пайда кодтой. Хъæуы цæрджытæ, мах цы рæстæджы кой кæнæм, уыцы азты дзырдтой æрмæстдæр иронау. Скъолайы дæр уырыссаг æв- заджы уроктæй фæстæмæ æппæт предметтæ иронау ахуыр кодтам. Суанг ма Джызæлдоны ГЭС аразынмæ цы адæмыхæттытæ æрцыд нæ хъæумæ, уыдонæй дæр бирæтæ ирон æвзаг базыдтой. Махæн та уыдоны фæрцы уырыссаг æвзаг сахуыр кæнын æнцондæр уыдис. 107
ч&Ф Дауырæ ^Да^|Ц ========= ■ = Нæ хъæуы цæрджытæ зыдтой алы архайды, алы дзаумайы, æрдзы алы лæвары нæмттæ иронау. Абоны ирæттæй та бирæтæ, «хъонтхора» æмæ «уырыдзы» цы нысан кæнынц, уый зонгæ дæр нал кæнынц. Равдисут-ма бирæтæм кæрог, хуыскъæл, давон, гæнгæлы, цъиудзæхæра, пысырайымад, дзындзалæг, дугъысыф, гæдидымæг, хæмыцырихи, куыдзвæдæг, дзала, кæддæра уын иронау сæ нæмттæ зæгъик- кой?! Уæвгæ сæ уырыссагау дæр нæ зæгъдзысты. Уæдæ мæргъты нæмттæ дæр нал дзурæм иронау. Се ’ппæты дæр цæргæстæ, зæрватыччытæ æмæ халæттæ хонæм, афтæмæй та сæ алкæмæн дæр ном ис: уари, хъæрццыгъа, цъиусур, хиуа, бурдым, сауцъиу, хъæдхой, гæркъæраг, зым, уыг, дзывылдар æмæ афтæ дарддæр. Æвзаг æгас æвзагыл уæд нымад у, æмæ алы дзаумайæн, алы архайдæн, алцæмæн дæр ном куы уа, æмæ уыцы нæмттæй адæм куы пайда кæной се ’рвылбоны царды. Хистæртæ зыдтой бирæ таурæгътæ, кадджытæ, адæмон зарджытæ, рагон кæфтытæ æмæ цæгъдтытæ. Куывдты, чындзæхсæвты архайдтой кæстæртæн сæ амоныныл. Уæдæ-иу даргъ зымæгон æхсæвты сыхæгтæ арæх æмбæлдысты куы иуы хадзары, куы иннæйы æмæ-иу аргъæуттæ фæкодтой. Мах, Хъобаны раздæры фæлтæртæ, ирон æвзаджы фурды нæхи найгæйæ рæзыдыстæм. Рæвдаугæ дæр нæ æмбисæндтæй кодтой, æфхæргæ дæр, разæнгард дæр, суанг ма æлгъитгæ дæр. «Мæ гыццыл къона, мæ хæдзардарæг, мæ рахиз 108
Уды рыст цæст, мæ зæрдæдарæн, мæ хæдзары цæджындз, мæ ныфсы мæсыг, мæ бинонты хуыздæр, мæ зæрдæйы рухс», - афтæ нæм-иу дзырдтой нæ хистæртæ. Алы чысыл балæггады тыххæй дæр зыдтой зæрдиагæй раарфæ кæнын кæстæртæн: «Стыр чызг ау!» «Дæ мад æмæ дæ фыды фæндиаг байрæз!» «Д’амонд бирæ!» «Дæ мыггаджы аккаг лæг дæ рауа- йæд!» Лæппу-иу усгуры кары куы бацыд, чызг - чындздзон чызджы кары, уæд сын æппæты хуыздæр арфæ уыдис: «Хорз амонд - дæ хай!» Уыцы арфæ базыртæ сагъта фæсивæдыл. Уымæй- иу райдыдтой чызг-фæсивæд æмæ лæппу-фæсивæды ахастдзинæдтæ кæрæдзимæ. Хистæртæн-иу дон куы лæвæрдтам, уæд-иу нын афтæ арфæ кодтой: «Донарæхæн дæ цард». Уыцы заман дон æрхытæй хастам къæртаты. Кæм уыдис ныры хуызæн арæх дон?! Æрмæстдæр бирæ азты фæстæ бамбæрстам уыцы арфæйы мидис. Уайдзæфы ныхæстæ дæр бирæ уыдысты: къул- бадæг, æнæуаг, æнæфсарм, æдзæсгом, дзæгъæлдзых, къæбæда, æгоммæгæс, æнæсæр, æгуыдзæг, магуса... Арæх-иу сæ фæхъæбæрдæр кодтой: «Куыдзы хъæвдын! Хуыйы хъыбыл! Хæрæджы къæлæу!» Иухатт уыцы уайдзæфтæ фыд йæ фыртæн ра- кодта. Уæд æм лæппу фæрæвдз æмæ йын афтæ: - Баба! Уартæ дæм сыхæгтæ хъусгæ куы кæнынц, уæд дæхи хæрæг куыд рахуыдтай? - Æмæ кæд рахуыдтон мæхи афтæ? - сыхæгты ’рдæм акæсгæйæ афарста фыд. 109
^^§|, Дауырæ - Омæ кæд æз хæрæджы къæлæу дæн, уæд хæрæг та чи у? - худгæйæ бафарста лæппу. - Уæллæй, амæй цыдæр рауайдзæн! - йæ къæбут аныхгæйæ загъта фыд. Уæдæ æмбисæндтæй куыд пайда кодтой нæ хъæуы цæрджытæ, уый та бынтон диссаг уыди! Дзырдтой сæ ныфс æвæрынæн, уайдзæф кæнынæн, зонд амонынæн, фидисæн, æфхæрынæн, худынæн æмæ афтæ дарддæр. Адæмон сфæлдыстад диссаг у, æвæдза! Иуæй, æвзаджы хъæздыгдзинад æвдисы, иннæмæй та - адæмы царды уавæртæ, рæстæджы улæфт. Уæдæ, фæндзай азы размæ дæр ма ирон адæм ирон æвзаджы хъæздыгдзинæдтæй бæстон кæм пайда кодтой æмæ бирæтæ уырыссагау кæм нæ зыдтой, уыцы Ирыстоны адæм, суанг хъæуты кардзыд адæм дæр дзурын байдыдтой «арвистон» æвзагыл. Ныртæккæ æппæт ирон адæм дæр иу низæй рынчын сты: нал æрвæссынц сæ мадæлон æвзагыл. Нал сæ хъæуы, нæ фыдæлтæ æнусты дæргъы цæсты гагуыйау кæй бахъахъхъæдтой, уыцы æмбисонды рæсугъд, хъæздыг ирон æвзаг. Афтæмæй та не ’взаг зæххы къорийы æвзæгты æхсæн у сæ рагондæртæй, сæ кадджындæртæй. Суанг æй фæсарæнты наукон кусджытæй бирæтæ ахуыр кæнынц, зонынц æй, скифаг-сæрмæтаг-алайнаг æвзаг ирæтты фæрцы абонмæ кæй æрхæццæ, уымæн кæнынц стур аргь. Мах, 20-æм æнусы кæрон æмæ 21-æм æнусы райдианы цæрæг ирон адæм, не ’ппæт дæр стæм æвдисæн не ’взаджы æбуалгъ уавæрæн: сæфы ирон 110
Уды рыст æвзаг. Нал дзурынц ирон адæм иронау хæдзары дæр æмæ куыстуæтты дæр. Уырыссаг æвзаг бæстон кæй базыдтам, уый нын, иуæй, амонд æрхаста, иннæмæй та нæ нацийы кæны æнæфидæн. Амонд уымæй, æмæ нын байгом кодта дуæрттæ дунейон классикон литературæ æмæ аивадмæ. Сбаста нæ æппæт зæххы къорийы цæрджытимæ. Схызтыстæм ахуырады бæрзæндтæм уырыссаг æвзаг æмæ уырыссаг адæмы фæрцы. Æнамонддзинад та уый у, æмæ нæ мадæлфн æвзаг «тыхст рынчын» у! Мах та не ’ппæт дæр стæм рынчынгæстæ. Бадæм рынчыны цур æмæ йын уырыссагау æнæмæтæй ныфсытæ æвæрæм: ма тæрс, адзæбæх уыдзынæ, фервæздзынæ... Фервæзынæн та исты стыр мадзал хъæуы. —<©$€)>— 111
>^@<>т = Дауырæ •Х’ # # æ уарзон фыд! Цæмæндæр афтæ рауад, æмæ мæ хъуыдытæ æдзухдæр демæ баст сты. Дзурын дæр мæ никæимæ фæнды, хъусын дæр мæ никæмæ фæнды. Баууæнд мыл, мæ фыны дæр дæ фенын. Æз дæм фæдзурын, фæцин дыл кæнын, фæлæ мæм ды никуы ницы сдзурыс. Уый диссаг нæу? 80-аздзыд адæймаг йæ ныййарджыты мысæд!? Уæвгæ дын æз ахæм диссаг радзурон. Шаулохты Афаназ æмæ Джелыты Уасилы хо Тимкæйæн иунæг фырт рантыст - Шамил. Йæхицæй аивдæр æмæ уæздандæр лæппу нæ уыд. Уымæн дæр йæ фыд хæсты фæмард. Куы рахъомыл, уæд Дзампаты Бордзийы рæсугъд чызджытæй кæстæры ракуырдта. Рацыд сын цот. Шамил ласта нæ горæты разамонджытæй иуы. Хъысмæт æгъатыр у, - Шамил æвиппайды амард. Фæфæдис сты хъобайнæгтæ дæр, æгас горæт дæр: бавæрдтой йæ кадимæ. Æз мæхинымæры Тимкæйæн тарстæн, мыййаг, куынæ бафæраза ахæм æбуалгъ зындзинадæн, зæгъгæ. Дыууисæдзæм боны дæр та сæм ныццыдыстæм Бордзийы хæрæфырт Зыгъуытаты Раяимæ. Тимкæ йæ кæуынæй не ’нцадис. Рая, нæ республикæйы хуыздæр дохтыртæй иу, Тимкæйæн лæгъстæ кодта: - Дæ туджы æлхъывд сбæрзонд уыдзæн! Мауал ку! Нал раздахдзынæ дæ фырты! - Æмæ исты ууыл кæуын? Æз мæ мад æмæ мæ фыды мысын. м 112
Рыст „^ Уæд Тимкæйыл цыдис 89 азы. Æз дæр Тимкæйау, зæрондæй мысын сымах, мæ ныййарджыты, нæ хорз хистæрты, нæ хорз хъæуккæгты. Цы диссаджы хистæртæ нын уыдис, æвæдза! Цин æмæ зын куыд иу кодтой хъæуккæгты! Кæд мыл азтæй бирæ нæ цыдис, уæддæр æз рагæй архайдтон нæ хъæуккæгтæй алкæйы хъысмæт дæр базоныныл. Æз дын, мæ зынаргъ, дæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн, дæуæй чысыл хистæр, чысыл кæстæр чи уыдис, нæ хъæуæй Фыдыбæстæйы СК>|р хæстмæ чи ацыд, чи дзы фæмард, чи дзы сыздæхт, уыдоны рухс нæмттæ. Абайты Василий Гиойы фырт Абайты Виктор Тимофейы фырт Апаты Сослан Мæхæмæты фырт Апаты Ноги Хъауырбеджы фырт Апаты Костя Бебойы фырт Апаты Уырыспи Бебойы фырт Апаты Барис Техъойы фырт Апаты Баппи Техъойы фырт Апаты Петя Темболы фырт Апаты Саламджери Темболы фырт Багаты Гоцъиа (Гæмæты фыд) Бекмырзаты Алыксандр (Дзаххот) Асланджерийы фырт Бекмырзаты Солтанбег Созаны фырт Бекмырзаты Хаджысмел Азæмæты (Зæмæты) фырт Бæгъиаты Муссæ Гаврилы фырт Бæгъиаты Ладемыр Местъоры фырт фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард 113
*&.. Бæгъиаты Гергий Местъоры фырт Бæгъиаты Махар Иуанейы фырт Биджелты Гæмыце Бабоцы фырт Бибуаты Миша Гаппойы фырт Бытъаты Барис Гадзымуры фырт Бытъаты Бахтынджери Гадзымуры фырт Гуыбиаты Ноги (Дибæханы сæрыхицау) Джелыты Мухтар Теккойы фырт Джелыты Мæцыхъо (Верайы сæрыхицау) Джелыты Дзибуска Димитъры фырт Дзампаты Хасанбег Хасæхъойы фырт Дзампаты Додæбе Асæгойы фырт Дзеранты Дзатте Хъæвдыны фырт Дзуццаты Гæбыло Гадзейы фырт Дзуццаты Бабола Сæлæмы фырт Дзуццаты Ноги Хъамболаты фырт Дзуццаты Тотырбег Дзибайы фырт Дзуццаты Тасолтан Инусы фырт Дзуццаты Будта Инусы фырт Дзуццаты Тимоша Инусы фырт Дзуццаты Петя Инусы фырт 1 Къомайты Мысост (Мдзо) Малхазы фырт Мæхъиты Давид (Жениччы фыд) Плиты Асæхмæт Тедойы фырт Плиты Тебо Алыксийы фырт (Бибиччы фыд) Плиты Шамил Дианозы фырт 1 Плиты Гадзыбе Тедойы фырт Саппиаты Артъем | (Сакинæты сæрыхицау) фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард 1 фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард 114
Уды рыст &с Сланты Никъала Гигойы фырт Сланты Георгий Гигойы фырт Татраты Чермен Елбыздыхъойы фырт Хæдзарæгаты Джена Хасæхъойы фырт Хæдзарæгаты Пурти Хасæхъойы фырт Хæдзарæгаты Тох Хъæвдыны фырт Хуыдиаты Коко Никъалайы фырт Хуыдиаты Цыппу Дзæрæхмæты фырт Хуыдиаты Дзабег Хазбийы фырт Хъаныхъуаты Насарбег Хъазджерийы фырт Хъаныхъуаты Уырыспи (Уыппи) Гæбисы фырт Хъаныхъуаты СолтанбегДзиуы фырт Хъаныхъуаты Тотрадз Хадзымуссæйы фырт Хъаныхъуаты Хъæрæби Бобойы фырт Хъаныхъуаты Гриша Бобойы фырт Хъаныхъуаты Михал Бобойы фырт Хъаныхъуаты Газатте Сафары (Дзибайы) фырт Хъаныхъуаты Гаппола Хъамболаты фырт Хъаныхъуаты Угъалыхъ Темийы фырт Хъантемыраты Саханджери (Дзыбыртт) Хадæхцыхъойы фырт Хъантемыраты Ладемыр Гыцылыгойы фырт Цæбиты Куыдзæг (Будзиччы фыд) Цæруаты Налыхъ Къуыдыры фырт Цæруаты Ладе Темыры фырт фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фÆмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард фæмард 115
Л&. Дауырæ Цъыккаты Костя Тотыры фырт Цъыккаты Уырыц Тотыры фырт Шаулохты Самсон (Дзоццæйы фыд) Шаулохты Афаназ (Шамилы фыд) (Хъобаны фæ- сивæдæй æп- пæты фыццаг фæмард) фæмард фæмард фæмард Абайты Хæмæтхъан Никъайы фырт Абайты Бесæгъуыр (Атти) Мæхæмæты (Гагийы) фырт Алыккаты Чермен Ибырыхины фырт Алыккаты Валодя (Баботти) Ибырыхины фырт Апаты Дзикко Гуыргъохъойы фырт Апаты Хазби Мæхæмæты фырт Апаты Тасолтан Хъауырбеджы фырт Апаты Хуысинæ Созырыхъойы фырт Апаты Дрис Техъойы фырт Апаты Созырыхъо Самыры фырт Æлбегаты Бебо Цыппуйы фырт Бæгъиаты Иосеб Местъоры фырт Бæгъиаты Никъала Гаврилы фырт БæгъиатыХъауырбег Басылы фырт Бæгъиаты Костя Басылы фырт Бæгъиаты Замирæт Местъоры чызг Бæгъиаты Гызыл Гаврилы фырт 1 Бæгъиаты Гурджен Андройы фырт Бæгъиаты Хамырзæ Андройы фырт | Бæгъиаты Бецъа Петры фырт сыздæх цæфæй сыздæхт цæфæй сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт цæфæй сыздæхт сыздæхт сыздæхт 116
Уды рыст Бæгъиаты Мастъер Джигойы фырт Бæгъиаты Зелимхан Джигойы фырт Бибилты Иван (Русланы фыд) Биджелты Гзо Аслæмбеджы (Дзыццылы) фырт Биджелты Солæман Дзыццылы фырт Бытъаты Цепкæ Бурцъиуы фырт Дауыраты Мырзабег Гæлæуы фырт Джелыты Федыр Теккойы фырт Джелыты Дзабо Федыры фырт Джелыты Муради Димитъры фырт Дзампаты Бордзи Хасæхъойы фырт Дзампаты Муради Асæгойы фырт Дзампаты Дрис Асæгойы фырт Дзуццаты Æхсарбег Джетæгъæзы фырт Дзуццаты Биби Бекæйы фырт Дзуццаты Акка Гадзейы фырт Дзуццаты Æндырбег Гадзейы фырт Дзуццаты Сослан Муссæйы фырт Дзуццаты Митя Бечыры фырт Дзуццаты Костя (Дзибыл) Сосейы фырт Дзуццаты Муради Аслæныхъойы фырт Дзуццаты Харитон Дзибайы фырт Дзуццаты Илукка Инусы фырт Къомайты Ханджери Малхазы фырт Къомайты Барис Тедойы фырт Къомайты Алихан Иласы фырт Къомайты Лади Тедойы фырт сыздæхт рынчынæй сыздæхт 1 сыздæхт сыздæхт сыздæхт æнæ къухæй сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сы^дæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт цæфæй сыздæхт сыздæхт сыздæхт рынчынæй сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт рынчынæй, уыд концлагеры 117
^^®,, Дауырæ Къомайты Гекка Малхазы фырт Плиты Темырболат Хыбойы фырт Плиты Хæмæтхъан Тедойы фырт Плиты Додтан Кикилы фырт Плиты Михакъо Закайы фырт Плиты Соскъо Зурапы фырт Плиты Газан Къостайы фырт Плиты Гамыдзæ Къостайы фырт Плиты Дзантемыр (Дæкки) Ягоры фырт Плиты Елберд Цуцайы фырт Саппиаты Хадзыбечыр (Нинæйы æфсымæр) Татраты Налыхъ Иналдыхъойы фырт Тиникашвили Алыксандр Матвейы фырт 1 Томайты Кима Василы фырт Томайты Феня Василы чызг Томайты Хадзымуссæ (Æдзыла) Уасойы фырт 1 Томайты Булæ Уасойы фырт Фидараты Георгий (Полийы сæрыхицау) Хæдзарæгаты Еге Хасæхъойы фырт 1 Хæдзарæгаты Бæби Хъæвдыны фырт 1 Хуыдиаты Никъала Дæхцийы фырт Хуыдиаты Темырсолтан 1 Дæхцийы фырт сыздæхт сыздæхт рынчынæй сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт цæфæй сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт цæфæй (знаджы нæмыг йæ амæлæты бонмæйæтæны фæхаста) сыздæхт сыздæхт 1 сыздæхт сыздæхт рынчынæй сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт 118
Уды рыст ...^ Хуыдиаты Солтанбег Дзæрæхмæты фырт Хуыдиаты Уырызмæг (Узик) Абраны фырт Хуыдиаты Мурат Дзинойы фырт Хуыдиаты Ахте Таймуразы фырт Хуыдиаты Хаджумар Ванойы фырт Хъаныхъуаты Валодя Дыдтойы фырт Хъаныхъуаты Албин Дыдтойы фырт Хъаныхъуаты Харитон Гуыбайы фырт Хъаныхъуаты Барис Гæбисы фырт Хъаныхъуаты Уæлгæ Гæвдойы чызг Хъаныхъуаты Будта Гæвдойы фырт Хъаныхъуаты Кæсæби Бобойы фырт Хъаныхъуаты Агыса Цыцылойы фырт Хъаныхъуаты Хадзымуссæ Исламы фырт Хъаныхъуаты Костя (Ципæ) Исламы фырт Хъантемыраты Хадзымырзæ Хадæхцыхъойы фырт Хъантемыраты Бекырбег (Бæппу) Абырты фырт Цæруаты Джерихан Къуыдыры фырт Цæруаты Бабола Къуыдыры фырт Цæруаты Хадзыбатыр (Бæппу) Цæрайы фырт Цæруаты Хъæвдын Къæбылы фырт Цæруаты Мухар Къæбылы фырт сыздæхт сыздæхт 1 цæфæй сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт цæфæй сыздæхт цæфæй сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт цæфæй сыздæхт сыздæхт сыздæхт цæфæй сыздæхт цæфæй сыздæхт рынчынæй сыздæхт сыздæхт сыздæхт сыздæхт цæфæй сыздæхт цæфæй 119
^^Еи, Дауырæ Мæ зынаргъ фыд! Бахаудтат, ды дæр, æмæ де ’фсымæр Георгий дæр зынгхуыстты номхыгъдмæ. Мах чысыл хъæуæй хæстмæ чи ацыд, 163 адæй- маджы, уыдон сæхæдæг «æфсад» уыдысты. Рухс дзæнæты бадæнт, Райгуырæн бæстæ хъахъхъæн- гæйæ чи фæмард, уыцы 72 зынгхуысты. Цæфæй, рынчынæй чи сыздæхт, уыдонæй дæр абон ничиуал ис. Æлгъыст фæуа, æрра Гитлер, цас адæмы бабын кодта!.. —<©$©>- 120
Уды рыст Æкс # # # Аивадон уацмыстæ фыссын куы райдыдтон, уæд æдзухдæр мæ хъайтартæ уыдысты нæ хъæуккæгтæ, нæхиуæттæ. Æз нæхи хъæуы зыдтон бирæ æгъдауджын, æфсармджын, æцæг ирон адæм. Мæхицæй дын раппæлон, мæ зынаргъ, мах нæ хъæуы хуыздæр лæппутæй иуимæ - Бекмырзаты Чермены фырт Мырзабегимæ - ныффыстам стыр чиныг бирæ хуызистытимæ, йæ ном «Хъобан». Æртæ азы бахардз кодтам бирæзонаг Мырзабегимæ Хъобаны культурæ, йæ истори, йæ цæрджыты уидæгтæ сбæлвырд кæныныл. Уыцы чиныджы сымах, хæсты хъæбатырты тыххæй дæр бæстон фыст ис. Æз уарзын æрмæстдæр рæстдзинад фыссын. Нæхи бинонты тыххæй дæр бирæ уацмыстæ ныффыстон, æрмæст-иу нæмтæ аивтон. Ды æртæмæйдзыдæй авдæны цы сабийы ныууагътай - Эллæйы - уымæй замманайы хорз чызг рауад. Мæ радзырд «Хуындзау» æз Эллæйыл ныффыстон, иунæг мæнг ныхас дæр дзы нæй, æцæг нæмттæ аивтон. Эллæ Мæди у. Иннæ бинонты æмæ хиуæтты дæр базондзынæ архайдмæ гæсгæ. Мæнæ дзы чысыл скъуыддзаг: «... Куыд нæ уыдта Мæдинæт, ныр æртыккаг аз, æрвылмæй, горæты ахуыргæнгæйæ, цы æрдзы хъæ- бысы фæцæуы, суанг ма фистæгæй дæр, уыцы комы рæсугъддзинæдтæ! Куыд нæ улæфыд æлутоны уæл- дæфæй?! Фæлæ ныр йæ зæрдæйы цыдæр æндæр цин гуырыд - æппындæр кæй никуыма федта, ахæм 121
^^С^, Дауырæ коммæ цыдис хуындзау. Цин кодта Мæдинæт, бирæ æнæзонгæ хъæутæ æмæ адæмы кæй фендзæн, ууыл. Цин кодта, æхсæз азы цы фыдыхойы нæ федта, уымæн канд йæхи нæ, фæлæ ма йæ дыууæ фырты дæр кæй фендзæн, ууыл дæр. «Налхъуыт мæ, чи зоны, зонгæ дæр нæ бакæндзæн, уымæн æмæ мæ фæстаг хæтт, фæндзæм къласмæ куы цыдтæн, уæд федта!» Дымгæ хъазыд, Мæдийæн йæ нарæг астæуæй бирæ дæлдæрмæ чи хæццæ кодта, уыцы даргъ, сау, хъуымбыл дыууæ дзыккуйæ, æмæ йæ тæнæг къабайы дымджытæй. Рустæ æмæ былтæ сыгъдысты дымгæйы батæй, уымæн æмæ машинæ комы афтæ тагъд уадис, æмæ йыл цæст нæ хæцыд. Уайтагъд æрхæццæ сты Джызæлы сæрмæ, æмæ Додотти, сыхæгты лæг, архайдта Нанайы курдиат сæххæст кæныныл: Алагиры ’рдæм цы стæм маши- нæтæ цыд, уыдонмæ йæ къух дардта, фæлæ, марадз- зæгъай, кæд дзы иу дæр баурома! Дыууæ сахатæй фылдæр фæлæууыдысты Джы- зæлы хъæуы сæр Мæди æмæ Додотти. - Постмæ мæ хъæуыбынмæ цæуын хъæуы. Уыр- дыгæй фæстæмæ фистæгæй нæ хъæумæ, уымæн æмæ нæ хъæуы цы иунæг машинæ ис, уымæн йæ шо- фыр йæ хорз зондыл куынæ уа, уæд никæмæ уромы... - Уæд та мæ ныууадзис? - йæ балалайкæ йæ хуыныл æрæвæргæйæ загъта Мæди. - Æмæ ма уæд дæ бинонтæм цы цæсгом равдисдзынæн? Ды зоныс, æз дæ фыдæн йæ хуыз- дæр æрдхорд уыдтæн, уый? Дæуыл æртæ мæйы куы цыдис, уæд мах Никъалаимæ хæстмæ дæр 122
Уды рыст оУ^ иумæ ацыдыстæм. Рухс дзæнæты бадæнт дыууæ æфсымæрæй дæр! Тынг хорз лæппутæ уыдысты!.. Мæдинæт йæ фыд æмæ йæ фыды æфсымæры кой хъæуы цæрджытæй афтæ арæх хъуыста, æмæ йæм Додоттийы ныхæстæ ницы диссаг фæкастысты. - Уæртæ иу автобус æрбацæуы! Сдар-ма йæм дæ къух! Додотти йæ дыууæ къухы дæр тилын райдыдта, автобусы размæ æрлæугæйæ. - Цы кæныс, хорз лæг? Дæ цардæй сфæлмæ- цыдтæ? - Кæдæм цæуыс, æфсымæр? - Æмæ сымах кæдæм цæут? - Æз никуыдæм! Мæнæ ацы чызджы Буронмæ баласын хъæуы. - Æз Алагирмæ цæуын, - машинæ йæ’бынатæй фезмæлын кодта шофыр. - Фæлæуу-ма! Бауром-ма! - шофырмæ иннæрды- гæй базгъордта Мæди, йæ балалайкæ йæ къухы, афтæмæй. - Æмæ Алагирæй Буронмæ машинæ нæ вæййы? - Уæлладжыры коммæ цы машинæтæ цæуы, уыдонæй бирæтæ баздæхынц Алагиры автобусты станцæмæ. Сæрмагондæй Буронмæ чи цæуы, ахæмтæ дæр дзы вæййы, - загъта, Мæдинæтмæ комкоммæ кæсгæйæ, шофыр, уымæн æмæ йæ тынг фæндыд, ахæм рæсугъд чызг йæ машинæйы куы сбадтаид, уый. - Уæдæ æз сымахимæ цæуын. Кæд уæм бынат нæй, уæд æз лæугæ дæр акæндзынæн. Додотти, æрбадæтт-ма мын мæ хуын! 123
^^^,, Дауырæ Шофыр йæ цæст нæ иста Мæдинæтæй. Фырдис- сагæй йæ машинæ ахуыссыд, æмæ дынджыр здухæн дæгъæлимæ куы рахызт, автобус ногæй скусын кæнон, зæгъгæ, уæддæр ма Мæдимæ касти. - Уæллæй, сырддонцъиутæ сæ ахстæттæй тæхын райдыдтой! Иннæ бæлццæттæм дæр тынг хорз фæкаст æры- гон рæсугъд чызджы сæрæндзинад: цæсты фæны- къуылдмæ йæ хуынæн бынæттæ ссардта æмæ зæронд усы арфæтæ райдыдта кæнын Додоттийæн. Машинæ куы араст, æмæ Мæди Додоттимæ рудзынгæй йæ къух куы атылдта, уæд бæлццæттæй чидæртæ дзырдæппарæн райдыдтой чызгмæ: - Уæдæ хуындзау дæ, нæ? - 0, хуындзау. - Æмæ дæ хуындзау æмбæлттæ нæ хъæуы? Мæдинæт ницы дзырдта. Йæ иу къухæй балалай- кæйыл хæцыд, иннæмæй, сеткæйы цы даргъхъуыр арахъхъы четверт уыд, ууыл. Хуыны тæбæгъ кæйдæр къæхты цур сæвæрдта æмæ-иу уымæ дæр æркаст. Фæлæ йын йæ цыхтыты баст йæ зæрдæйы кард атъыста - уайтагъд сæ сылы амызти. - Хорз чызг! Уым дуары цур лæууыны бæсты рауай æмæ мæнæ мæ фарсмæ æрбад, мæлæты стыртæ куынæ дæ! - рахъæр æм кодта фæстаг бынæттæй иу æрыгон ус. - Æмæ мæ хуын та? - тыхстхуызæй афарста Мæдинæт. - Дæ хуынæн ницы у. Разæй бадджытæ йæм сæ цæст фæдардзысты. - Æццæй? - раззаг бадджытыл афæлгæсгæ- 124
Уды рыст ^кь йæ, сывæллонау сыгъдæгзæрдæйæ афарста Мæди- нæт. - Æри-ма дæ четверт мæнмæ! - йæ тыппыр къухæй четверты хъуырыл æрхæцыд иу ацæргæ лæг. - Æз та дын мæнæ дæ тæбæгъ æмæ дæ бынмиз цыхтыты хъахъхъæндзынæн, - худгæйæ загъта, лæджы фарсмæ цы саулагъз, урссæр ус бадтис, уый. Адæмыл худæг бахæцыд. Чи цы дзырдта, чи цы. Сæйраг худæджы хос уыдысты цыхтытæ. Худтис Мæди дæр. - Рацу-ма ардæм æмæ нын дæ балалайкæйæ ацæгъд, - бадзырдта та йæм, бынат ын цы ус сцæттæ кодта, уый. Мæди, автобусы рудзынгæй æддæмæ кæсгæйæ, фæстаг бынæттæм ахæццæ, æмæ ныр бæстон федта, усы фарсмæ дыууæ лæппуйы кæй бады, уый. Сæ иуыл афицеры дарæс - йæ пъагæттæ æмæ йæ худы нысанæй бæрæг уыдис, лæппу танчыты хайады кæй ис, уый. Мæди йæ даргъ дзыккутæ фæстæрдæм аппар- гæйæ æрбадт усы фарсмæ. - Бузныг! Стыр бузныг! Цы хъæумæ æрхæццæ стæм, уымæн та йæ ном цы хуыйны? - Майрæмадаг. Æвæццæгæн, фыццаг хатт цæуыс ацы фæндагыл? -О, фыццагхатт. - Æмæ дæхæдæг та кæцæй дæ? - афарста афицеры фарсмæ бадæг лæппу. - Мæхæдæг?.. Иу гыццыл хохаг хъæуæй! - Æмæ йын ном нæй дæ гыццыл хъæуæн? - Ис... Фæлæ йын йæ ном нæ дзурын... Мæ дзыхы 125
^^З^ Дауырæ нæ бады,- сарæхстис чызг йæ хъæуы ном не схъæр кæнынмæ, æмæ та цæуджытæ худын райдыдтой. - Æмæ дæ мыггаджы ном дæр нæ бады дæ дзыхы? - Мæ мыггаг?.. Мæ мыггаг - картофы мыггаг! - худгæйæ та загъта Мæди. - Дæ ном та? - Мæ ном та карчы ном - Мæди!.. Гуыбындихтæ кодтой адæм чызджы дзырдарæхст дзуаппытыл. Шофыры дæр бæргæ фæндыдис, куклайы хуызæн рæсугъд, æмæ ма ноджы хьæлдзæг чызджы уынын, фæлæ уый йæ куыст кæнын хъуыд. Уæддæр ссардта фадат ныхас баппарынмæ: - Хорз чызг! Æмæ дæ мады сиахс нæ хъæуы, сиахс? - Сиахсæн нæ зонын, фæлæ нын нæ фиййау куыдзы бирæгъ бахордта! - Уæ, йæ цæрæнбон бирæ ’рбауа къуыбырхъу- сæн, мæнæн уæ хъæумæ фæндаг чи байгом кодта!.. Ацæгъд-ма нын дæ балалайкæйæ! - рахъæр та кодта шофыр, рулыл фидар хæцгæйæ. - Омæ аив у æнæзонгæ адæмæн цæгъдын? Уæд та кæйдæр нæ фæнды мæ цагьдмæ хъусын?! - стыхстис Мæди. Адæм æмхуызонæй куы æрхатыдысты Мæди- нæтмæ, уæд ма йын цы гæнæн уыдис - райдыдта цæгъдын «Хъуыбады». - Сæрдæй, зымæгæй, Гуыбыр, тызмæгæй, Йæкæрцы мидæг... Сындæггай базарыдис Мæди йæ диссаджы аив хъæлæсæй. 126
Уды рыст ■Зкь - Æвæдза, æрдз цы диссаджы сурæттæ сныв кæны! - разылдис, хуынмæ йæ цæст чи дардта, уый йæ фæстæбадæг усмæ. - Уæдæ, уæдæ! Æз дæр ма ууыл хъуыды кæнын. Цы сау къæлæт æрфгуытæ æмæ йын цæстытæ ис! Раст стъалытæ! - Æмæ рустæ та? Рустæй цы зæгъдзынæ? Ахуырсты хуызæн! - Æмæ асæй дæр куыд аив у! Æз сылгоймагæн йæ бæрзонд дæр нæ уарзын, æмæ йæ ныллæг дæр. - Асæй ма хъуамæ сырæза! Адæймаг, дам, фондз æмæ ссæдз азмæ рæзы!.. Мæдинæт кæрæй-кæронмæ азарыд «Хъуыбады», стæй æвиппайды афарста. - Дæлæ уый та цавæр хъæу у? Бирæтæ сæ армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл хостой, уыдонимæ Мæдийы фарсмæ бадæг ус дæр. - Уый та у Дзуарыхъæу. - Мæ фыдымады æфсымæр ам цардис, - загъта чызг æмæ райдыдта хонгæ кафты цагъд. «Хонгæ» рахызт тымбыл кафты цагъдмæ, æмæ адæмы афтæ сцыбæл кодта кафынмæ, æмæ чи йæ къухтæ бæрзонд иста тилгæйæ, чи йæ къæхтæй йæ бынаты кафыд. Шофыр та йæ рулыл ралæууыд - æмдзæгъд кодта. - Уе ’ппæты дæр Буронмæ ласын хуындзау! - фæгæпп кодта руль фæуадзгæйæ. - Рулыл хæц! Бабын нæ кæндзынæ! - бадзырдта йæм хуынхъахъхъæнæг ус. Мæдинæт цыбыр рæстæгмæ бæлццæттæн афтæ 127
^^с),, Дауырæ уарзон сси, цыма йæ рагæй зыдтой. Иууылдæр уыйæрдæм разылдысты æмæ йын йæ алы сныхас, йæ алы фезмæлдмæ дæр æнхъæлмæ кастысты. - Куыд хорз цæгъдыс балалайкæйæ! - загъта йæ фарсмæбадæгус. - Цæгъдын мæнæн мæ професси у. Дыууæ азы фæстæ музыкæйы ахуыргæнæгуыдзынæн. - Зарын та? - Заргæ уыйас хорз нæ кæнын... Нæ хæрæг мæнæй хуыздæр зары! - ныххудтис та Мæди, æмæ та цæуджытæ дæр худын райдыдтой. - Мæнæ ма мæ афицер æфсымæрæн баком æмæ йæ уым, дард бæстæйы, хъæлдзæг дардзынæ! - басхуыста Мæдинæты йæ фарсмæбадæг ус, йе ’ннæ фарс чи бадтис, уыцы афицермæ ацамонгæйæ. Мæди афицермæ бакаст æмæ федта, æнахуыр рæсугъд æрвхуыз цæстытæ йæм куыд æдзынæг æмæ уарзон каст кæнынц, уый. Афицеры цæсгом Мæдимæ хурты хуры хуызæн фæкаст, фæлæ та ныхас иннæрдæм аздæхта: - Сыбираг ма уа де’фсымæр? - Сыбираг нæ, фæлæ гермайнаг - ныр дыккаг аз Дрездены вæййы. Ныр та ус курынмæ ссыдис... Лæппу ныфсæрмы. Йæ сæр бынмæ æруагъта. Цæмæй ныхасы кæрон балхынцъ уа, уый тыххæй Мæдинæт, æнæ худгæйæ, лæппуйы хомæ комкоммæ кæсгæйæ, загъта: - Æз нырма мойгæнæг нæ дæн. Æхсæрдæс азы йедтæмæ мыл нæма цæуы. Стæй мæ уæле дыууæ хистæр хойы ис - Аминæт æмæ Замирæт. - Æмæ нæ зоныс, сырддонцъиу кауы михыл 128
Уды рыст ,.<2кс рæзы, уый! - йæ ныхас æрбаппæрста разæй бад- джытæй чидæр. - Чындздзон чызджы бынатмæ куы бæхæццæ уон, уæд æз дæр мæхи ныууæздан кæндзынæн Аминæты хуызæн. Иунæг æнæуæздан ныхас дæр мæ ничиуал фехъусдзæн, - загъта Мæди, ома ацы дзæбæх усгур лæппу афæрса, кæм фенæн ис дæ уæздан хо Аминæты, зæгъгæ. Фæлæ лæппуйы зæрдæйы пиллон арт Мадинæт ссудзын кодта. «Цас æмæ цас чызджытæ ис зæххыл, фæлæ дзы ай хуызæн зæрдæмæдзæугæ никуыма федтон!» - хъуыды кодта лæппу, Мæдийæ йæ дыууæ цæсты нæ исгæйæ. Йæ хойы хъусы цыдæртæ дзырдта, фæлæ сын Мæди сæ ныхас фæурæдта: - Цавæрдæр хъæумæ та æрхæццæ стæм! - Уый хъæу нæу, фæлæ, табу йæхицæн, Хетæджы къох! Бирæтæ сæ бынаты базмæлыдысты. - Тагъд уыдзæнис Хæтæлдон, уый фæстæ - Суа- даг, уый фæстæ - Бирæгъзæнг, уыб фæстæ та - Ала- гир, - ранымадта хъæуты нæмттæ ус. - Фæлæ-ма мын, Мæди, ды зæгъ: Буронмæ кæмæ цæуыс, уыдо- нæн сæ мыггаг кæмæй у, стæй дын цы хæстæг сты? Мæдинæт исдугмæ ницы сдзырдта. Афтæ сыгъдæгзæрдæйæ йæ кæй фарста йæ фарсмæ бадæг сылгоймаг, уымæ гæсгæ хабæрттæ иууылдæр радзырдта сывæллонау æргомæй: - Мæ фыдыхо йæ лæгимæ уым цæры. Æхсæз азы размæ йæ лæгимæ кæрæдзийы аскъæфтой, æмæ сæм мæ кадылмард фыдымад смæсты. Хъоды 129
ч^Э„ Дауырæ сыл бакодта, фæхудинаг, дам, нæ кодта Налхъуыт. Ныр сын дыууæ лæппуйы ис, æмæ сын Нана хуын рарвыста. Йæ маст ссыдис Нанайæн. - Æмæ сын уым хи хæдзар ис? - Нæ-æ-æ! Æмдзæрæны цæрынц, æртыккаг барачы. Афицер фæныфсджындæр æмæ, йæ хойы уæхскыл йæ сæр æрæвæргæйæ, Мæдимæ бынтон сабыр бадзырдта: - Мæдинæт! Демæ ма мæ хуындзау акæн. Æз дæр Бурон фенон. Мæдинæтмæ афицæр, аргъæутты цы лæппутæ вæййы, сызгъæринкоцораджынтæ, ахæм фæкаст, æмæ йæ дзырдарæхст дзыхы ныхас нал бадт. Æнæдзургæйæ кæрæдзимæ кастысты, иумæ афтæ хорз чи фидыдта, уыцы чызг æмæ лæппу. Афицеры хо куы бамбæрста, йе ’фсымæры зæр- дæмæ Мæдинæт фæцыд, уый, уæд йæхи ’нæхъусæг, ’нæуынæг скодта, уæдæ, кæрæдзийы бамбарой, зæгъгæ. - Фæнды дæ мемæ Германимæ, Мæдинæт? Уым бирæ диссæгтæ фендзындæ! Мæди йæ балалайкæйы фæсонтæ йæ цыппар æнгуылдзæй радыгай хоста сабырæй. Йæ риуы сыгъдис, ныронг кæй никуыма банкъардта, ахæм арт. Зæрдæ рацæйтыдта. Ферох дзы, кæм ис, кæдæм цæуы, сæ цуры ма чи ис, уыдæттæ иууылдæр. Кастис æнæфсæрм, уыйас æхсызгондзинад ын чи хаста, уыцы цæсгоммæ æнæ иунæг ныхас, уымæн æмæ йе ’взаг бандзыг, йæ дзых дзурын нал зыдта... 130
Уды рыст &с - Алагир! Æрхæццæ стæм! - хъæрæй загъта шофыр æмæ базылд автобусы лæууæнмæ. Мæдийæн фырмæтæй йæ уд сцæйхауд: иуæй, ууыл мæт кодта, æмæ ацы диссаджы лæппу ныртæккæ ахиздзæн æмæ йæ никуыуал фендзæн. Иннæмæй та йæ хуын куыд райсдзæн æмæ Буронмæ машинæйы куыд сбаддзæн. Автобус куы баурæдта æмæ бæлццæттæ хизын куы райдыдтой, уæд дзы ахæм нæ уыд, æмæ Мæдинæтæн чи нæ раарфæ кодта. - Дæ цæрæнбон бирæ! - Дæу цы мад ныййардта, уымæн мæ уд йæ фæхъхъау! - Дæ ныййарджыты фæндиаг дæ цард, мæ къона! - хызтысты иугай-дыгай автобусæй бæлццæттæ. Мæди сын лæугæйæ хъуыста сæ арфæтæм. - Рауай, хорз чызг, дæ хуын дæхæдæг райс! Æз дын дæ четверты æлутон хорз схъарм кодтон. - Бузныг! Стыр бузныг уе ’ппæтæн дæр. Ахизæм, цæй, мах дæр! - Мæди бакаст йæ фарсмæбадæг усмæ. Афицер та йæ хойы хъусы цыдæр бадзырдта, æмæ уый Мæдийы фæдджитыл æрхæцыд æмæ йæ фæстæмæ æрбадын кодта. Цыдæр бæстон ныхас райдыдтой автобусты станцæйы кæрты афицер æмæ шофыр. Фæстагмæ шофыр йæ сахатмæ æркаст, йæ сæр разыйы тылд бакодта æмæ билеттæ уæйгæнæн кассæмæ фæраст. Мæдинæт не ’мбæрста, ныхас цæуыл цæуы, уый. Йæ сырх туман йæ къухы дардта, уæдæ фæндаджы 131
л&_ Дауырæ аргъ бафидон, зæгъгæ. Æппæты тынгдæр уымæй тарс- тис, æмæ шофыр, сырх туманæй цас æмбæлы, уы- мæй фылдæр куы баурома, уымæн æмæ сæ мæгуыр хæдзары уыцы туман йедтæмæ иунæг сом дæр нæ уыд. Уæдмæ шофыр йæ къух афицермæ фæтылдта, æмæ дыууæйæ дæр машинæйы сбадтысты. - Мæдинæт! Мах ам, Алагиры, цæрæм, фæлæ дæ æрдæгфæндагыл куыд хъуамæ ныууадзæм!? Сфæнд кодтам мæнæ мæ хоимæ дæу суанг Буронмæ баласын. - Мæнæн дæр амæй цыппар сахатмæ куыст нæй! - рахъæр кодта хъæлдзæгæй шофыр, æвæццæгæн, афицер ын цы æхцатæй зæрдæ бавæрдта, уыдоныл цин кодта. - Мæнæ цы диссаджы адæмыл сæмбæлдтæн! Мæнæ мæ Хуыцау цы амондджын фæндагыл рауагъта! Уæ нæмттæ-ма мын уæддæр зæгъут! - Мæ ном - Верæ! Ме’фсымæр та - Ким! - Верæ æмæ Ким! Ныр уын куыд раарфæ кæнон? Æз куыд мæт кодтон, уый зонут! Утæппæт хæссинæгтæ, зæгъын, куыд хæсдзынæн иунæгæй! Цом-ма, Верæ, æмæ раздæр сбадæм! Мыййаг, мæ четверт куы афæлдæха! Машинæ Тæмискмæ куы фæцæйхæццæ кодта, æмæ сондоны тæф фындзыхуынчъытæ куы ахгæдта, уæд Мæди йæ цыхтытæ асгæрста, кæд уыдонæй у уыцы тæф, зæгъгæ. - Уый сондоны тæф у, Мæдинæт. Искуы фехъуыстай Тæмискы кой - зындгонд курорт. - Куыд нæ фехъуыстон, фæлæ афтæ тæф кæны, уый нæ зыдтон! - худгæйæ бакаст Мæди, йæ 132
Уды рыст комкоммæ чи сбадт æмæ йæм æдзынæг чи каст, уыцы Киммæ. Верæ куы сæ иумæ кастис, куы сæ иннæмæ. Фæстагмæ йæхи нæ баурæдта æмæ афтæ: - Мæдинæт! Мах Кимимæ знон горæтмæ цæмæ ацыдыстæм, уый зоныс? Чызг уынæг! Мæдинæтыл цыма исчи уазал дон бакалдта, уыйау фесхъиудта. - Æмæ цы хуызæн чызг у, уый зоныс, Мæдинæт? Бæрзонд, рæсугъд, ахуыргонд - мединститут фæцис. Мæдинæтæн цыма исчи йæ сыгъзæринты голлаг байста, уыйау уайдзæфгæнæджы каст бакодта Киммæ. - Æмæ ме ’фсымæры зæрдæмæ цæуыннæ фæ- цыдис уыцы диссаджы чызг, уый зоныс, Мæдинæт? - Цæуыннæ? - сонт фарст акодта Мæдинæт комкоммæ Верæмæ кæсгæйæ. - Иунæг ныхас иронау нæ дзуры, ирон уæвгæйæ. Уæдæ уырыссаг æвзаг та куыд зоны, зæгъгæ, йæ Ким фæрсы. - Ацы бæлас та уырыссагау куыд хуыйны? - амоны Ким донхæрисмæ. - Березæ! - зæгъта чызг. Дарддæр парчы цæуæм, æмæ та Ким фæрсы, тулдзмæ амонгæйæ: - Æмæ уæд ацы стыр къабузджын бæлас та цы хуыйны? - Липæ! - ныфсджынæй загъта чызг. - Дело - липовое! - загъта ме ’фсымæр, æмæ мæнæ нæхимæ рафардæг стæм. - Æмæ дæ цæмæн хъæуы, кæй ракурай, уый 133
^2^),, Дауырæ бæлæсты нæмттæ зона, уый? Хъæдгæсæй кусдзæн? - худгæйæ бафарста Мæдинæт. - Омæ сæ куынæ зонай, уæд «нæ зонын» зæгъын æнцондæр нæу? Æви ды дæр нæ зоныс бæлæсты нæмттæ? - Æмæ сæ ды дæхæдæг зоныс? Гъа-ма, уæдæ, сывылдз уырыссагу куыд у? - Карагач, кæнæ вяз! - Тæгæр та? - Тæгæр - клен - Тæрс та? - Тæрс та - бук! Фæлæ-ма ды зæгъ: вербæ иронау куыд у? - Вербæ - донхæрис. Полевая ива та - хæрис. - Æмæ уæд ольха та цы у? - Ольха та у фæрв - æппæты фыддæр бæласы мыггаг. Кад дзы нæй! - худы Мæди. - Æмæ уæд азалия та иронау куыд у? - схъæлдзæг ис Ким, Мæди афтæ хорз кæй зоны бæлæсты нæмттæ иронау дæр æмæ уырыссагау дæр, уый тыххæй. - 0, хæдæгай! Липæ иронау куыд у, уый куынæ загътай! - сцырен ис Мæди дæр. -Липа -сусхъæд! Мæдинæт йæхи Киммæ хæстæг баивæзта æмæ йæ, Верæ куыд нæ фехъуса, афтæ сындæггай бадзырдта: - Æмæ уæд сыдзылбырд дзабыр та уырыссагау куыд зæгъдзынæ? Дыууæйæ дæр худæгæй бакъæцæл сты. - Диссаджы зонындзинæдтæ равдыстат æрдззо- нæны! - худтис Верæ дæр. 134
Уды рыст ^^1 Верæ нырма ныр бамбæрста, дохтыр чызг бæлæсты нæмттæ кæй нæ зыдта, уый Кимæн афтæ хъыг цæмæн уыд, уый: дыууæ уды кæрæдзийы хъуамæ алы хъуыддаджы дæр æмбарой. Æрмæстдæр уæд тулы царды цалх размæ. Кастис Верæ иуфарсæй æмæ йæхинымæры ци- нæй мардис, йе ’фсымæр ахæм хорз чызгыл кæй сæмбæлд, ууыл. Гъе, æрмæст афтæ æрыгон кæй у, уый тыххæй тыхстис. «Уæвгæ, Мæдинæт йæ азтæй кардæр зыны, - ахъуыды кодта хинымæр. - Цымæ йын бинонтæ та цытæ ис?» - афæрсынмæ хъавыд Мæдийы, фæлæ йæ нæ фæндыд æрыггæты хъыгдарын. - Æфсымæр! Ам-ма нын чысыл бауром! Æз Мæдинæтæн æхсæрдзæн фенын кæнон! - Ким æмæ Мæдинæт рахызтысты æхсæрдзæны цур æмæ йæм хæрзхæстæг бацыдысты. Дымгæ хъазыд Мæдийы тæнæг къабайæ, йæ фæдджитæм ын фæлæбур- фæлæбур кодта, æмæ, йæхæдæг дæр маргъау куы стæха, уымæй тарстис Мæди. Тынг диссаг æм фæкастис фынккалгæ æхсæрдзæн, фæлæ йæм ноджы диссагдæр кастис, Ким куыд зæрдиагæй архайдта, цæмæй йын Уæлладжыры комы рæсугъддзинæдтæ фенын кæна, ууыл. - Æз æмæ ды, Мæдинæт, искуы æрбацæудзыстæм ацы коммæ æнæхъæн бон, æмæ дын уæд æз фенын кæндзынæн, æхсæрдзæн йæ райдиан кæцæй исы, уыйдæр... ... Фæндтæ иууылдæр Хуыцауы къухы сты. Фыццаг æмæ фæстаг уыдис Ким æмæ Мæдийы фембæлд... 135
^^Э^ Дауырæ К %• # æ зынаргъ, мæ сызгъæрин фыд! Æппæты зындæр мын уыдзæнис, ды æппæт сылгой- мæгтæй дæхицæн цардæмбалæн кæй равзæрс- тай, æмæ дын æртæ чызджы æмæ иу лæппу чи ныййардта, йæхæдæг цардæй чи ницы федта, уыцы æнамондТорчыноны кой ракæнын. Фæкардæр дæн ныййарæгæй дывæр, Уæддæр ма йæ æрæмысын ныр дæр... Йæ мæлæт йын мæ зæрдæмæ хæссын, Сæркъулæй йын йæ цахъхъæнтæм кæсын... 0, куыд зын у аххос зæрдæмæ хæссын! Удæгас адæймагæй ракурæн ис хатыр. Истыхуызы сраст кæнæн ис удæгас адæймаджы цур рæдыд дæр æмæ аххос дæр. Фæлæ мард адæймаджы цур та хъуамæ аххос цыхуызы сраст кæнай?! Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ мæ мадмæ кард систон æмæ йæ амардтон. Фæлæ карды цæфæй дæр риссагдæр чи у, ахæм зæрдæцæф райста нæ мад мæн æмæ нæ бинонты тыххæй. Цæвиттон, уæлдæр дын афтæ кæмæй загътон: «бæллæхты райдиан», зæгъгæ, уыцы рæстæджы кой дын ракæнон. Нæ мад горæтæй куы æрбацыд, куы нын фе- хъусын кодта, нæ пособи нын фидын райдай- дзысты, уый7 уæд цасдæры фæстæ Нанайæн афтæ м 136
Уды рыст зæгъы: «Нана, мæн демæ аныхас кæнын хъæуы царды тыххæй». Кæд сывæллæттæ уыдыстæм мах, уæддæр æмбæрстам, цыдæр сусæгдзинад дзурдзæн нæ мад Нанайæн. Мæ кæстæр хотимæ тыргъы бамбæхстыстæм æмæ ныхæстæм хъуыстам. - Нана! Нæ хъуыддæгтæ нын сарæзта, кæддæр Ленинграды куы ахуыр кодтон, уæд йæ зæрдæмæ тынг кæмæн цыдтæн, иу ахæм лæг. Ме ’фсымæр Мсойы æрдхорд у, ныр стыр бынаты кусы, - раст цыма йе ’мбал чызгæн дзырдта йæ кæддæры зонгæйы тыххæй, афтæ райдыдта йæ ныхас нæ мад. Мæ дыууæ кæстæр хомæ ныхæстæ нæ хъуысыдысты æмæ кæртмæ ацыдысты. Фæлæ æз мæ хъус дуары зыхъхъырыл нын- ныхæстон. Нанайы дзыхæй иунæг дзырд дæр нæ хаудис. Уый хыгъд нæ мад гæркъæраг фестадис: - Дыууæ сахатæй фылдæр фæбадтыстæм. Æрæ- мысыдыстæм нæ раздæры æмбæлтты Ленинграды. Куыд мын загъта, уый зоныс, Нана! Æз, дам, ус дæу тыххæй нæ ракуырдтон. Бауырнæд дæ, Нана, не’хсæн дзыхы дзырдæй уæлдай никуы ницы уыдис, фæлæ, æвæццæгæн, йæ зæрдæмæ тынг цыдтæн. Бафарста мæ, цал сывæллоны, дам, дын ис? Ноджы ма мын цы загъта, уый зоныс, Нана... Мæ гыццыл зæрдæ рацæйтыдта мæ риуæй. Цæттæ уыдтæн балæбурынмæ уатмæ æмæ мæ мадæн алывыд акалынмæ. - Цы, цы ма дын загъта? - бафарста Нана. - Кæд, дам, дæ сывæллæттæм фæкæсæг ис, уæд, дам, сæ ныууадз, æмæ нæ цард баиу кæнæм. Сывæллæттæм дæр нæ хъус дардзыстæм. 137
ч^ Дауырæ - Мæ бон бакалдис, мæнæ цытæ хъусын! - йæ дзыхыдзаг ныккуыдта Нана. Æз базгъордтон уатмæ æмæ Нанайы хъæбысмæ мæхи баппæрстон. Уый куыд куыдта, æз дæр афтæ куыдтон. - Ма кæут! Ма ку, Нана! Æз, мыййаг, куынæ сразы дæн! Æз мæнæ куы дæн! Æз мæ сывæллæтты уадзын? Æз Николайы сæр худинаг кæнын? - Æдзæсгом! Дæ сæрыхицауæй хабар куынæуал ис, уæд ды та мой кæнынвæнд скодтай! Æмæ дæ цъæх чызджыты та кæмæн уадзыс? Æз мæ цæргæс лæппутæм æнхъæлмæ кæсынæй фæллад куы дæн, мæ зæнгты хъару куынæуал ис, уæд сæ мæ бар уадзынмæ хъавыс? - куыдта, хъарджытæ кодта Нана... & •%• ■^ æ зынаргъ фыд! Ды, дæхæдæг ахуыргонд, хæрзуынд, хæрзконд адæймаг уæвгæйæ, уæздан, рæсугъд, фæлмæнзæрдæ Торчыноны кæй ракуырдтай, уымæй раст бакодтай. Нæ хъæуы ахæм адæймаг нæ уыд, æмæ нæ мад кæй зæрдæмæ нæ цыдис. Æрæджы дæр ма-иу чидæртæ дзырдта, Надяйы хуызæн аив чындз Хъобаны нæ уыд, зæгъгæ. Афтæ уæздан, дам, уыдис, æмæ фæндагæн йæ астæуты никуы цыдис. Йæ даргъ, рæсугъд къабаты, дам, паддзахы чызджы хуызæн уыдис. Æз тынг хорз хъуыды кæнын, бинонты æхсæн дæр, æмæ сыхæгты æхсæн дæр куыд уæздан, куыд сабыр уыдис, уый. Куы рахъомыл дæн, мæхæдæг мæ амонд куы м 138
Уды рыст иЗк* ссардтон (хатыр!), уæд бамбæрстон, цас диссаджы сылгоймаджы тых уыдис нæ мадмæ, уый! Хæсты рæстæджы мойгæнæг чызджыты курæг куынæуал уыдис, уæд æртæ сывæллоны мады, 27-аздзыды, кæддæрау уарзта Ирыстоны хуыздæр лæппутæй иу! Уымæй ма диссагдæр цы уа! Фæлæ æз азты сæрты ныр уыцы хъуыддагæн цы аргъ кæнын, уыйас æнæуынондзинад уыд уæд мæнмæ уыцы «усгурмæ» дæр æмæ мæ мадмæ дæр. Ме сæфт федтон мæ мадæй. Æмæ канд æз нæ. Айхъуыст хабар сыхыл дæр къæхтæ æмæ къухтимæ. - Æццæй, дæ мад мой кæны? - афарста мæ иу хатт ме’мбал чызг. Алыгъдтæн акъоппмæ æрхмæ æмæ бирæ фæкуыдтон, дæумæ хъæр кодтон: «Папа! Папа!» Никуы никæцы адæймаг бамбардзæн, сывæлло- нæн йæ мад, кæнæ йæ фыд æндæр къай агурынвæнд куы скæна, уæд уый рæзгæ зæрдæйæн куыд хъыг у, уый. Куыдтон дæуыл дæр æмæ мæ мадыл дæр, раст цыма абон амардыстут, афтæ. Суанг талынгмæ, цалынмæ мæм Нанаимæ сых фæфæдис сты, уæдмæ ме’мбæхсæн бынатæй нæ рацыдтæн, кæд мæ мады тарстхъæлæс уый размæ цалдæр хатты фехъуыстон, уæддæр. Уыцы бон ма уый тыххæй дæр бахъуыды кодтон, æмæ фыццагхатт базыдтон фыддæрадæн кæнын. Уыцы бонæй фæстæмæ, мæ хотæ æмæ мæ мадимæ цы уаты хуыссыдыстæм уый размæ, уырдæм нал бацыдтæн, Нанайы дæлфæдтæм-иу ныттымбыл дæн. 139
,4^®,, Дауырæ Мæйы фæстæ нын нæ мады йе’фсымæр акодта. Шурæ (Секерхан), дам, тыхст рынчын у æмæ йæм фæкæс. Æвæццæгæн, Мсо дæр фехъуыста, йæ хойы йын йæ кæддæры уарзон куры, уый. Кæй нæ бахъæудзæн хицау сиахс?! Аззадыстæм, мæ зынаргъ, мах æнæ фыд æмæ æнæ мадæй, нæ зæронд фыдымады æвджид. Рай- сомæй æмæ нын изæрæй кувгæ кодта, бон-изæр- мæ та - хъарджытæ, афтæмæй æртæ мæйы фæцар- дыстæм. Æз, йæ дæсæм азы цы чызг бацыд, уый, сфæнд кодтон мæ мадæй дæ маст райсын, мæ уарзон фыд. Хъуамæ йын, зæгъын, йæ чындзыцыд фехалон. Æмæ кæд мæ мады æфсымæры уынг горæты нæ зыдтон, уæддæр сын сæ хæдзармæ уæды Ирон театрæй фæндаг зыдтон,- кæддæр нæ нæ мад уыдонмæ уæвгæйæ Ирон театрмæ акодта. Рох мæ нæ уыдис уый дæр, æмæ мæ мады хистæр хо Лизæ Джызæлы, хъæуы сæр цæры, æмæ мын уый дæр баххуыс кæндзæн. Мæ кæстæр хотæн ныффæдзæхстон, Нана мæ куы агура, уæд-иу ын зæгъут, æз Джызæлмæ цæуын. Зыдтон æй, Нана мæ ницы хуызы ауаддзæн, уый. Рацыдтæн хъæуы кæронмæ æмæ ’нхъæлмæ кæ- сын райдыдтон, хохæй-иу быдырмæ цы галуæр- дæттæ цыдис, уыдонмæ. Бирæ ’нхъæлмæ кæсын мæ нæ бахъуыдис, уайтагъд дыууæ галуæрдоны кæрæдзийы фæдыл фæзындысты сæ цыхтыты боцкъатимæ. Ныллæгъстæ кодтон тæрæгæн, горæтмæ мæ Ирон театры цурмæ ныллас, зæгъгæ. - Кæй чызг дæ, кæ? - афарста мæ уый. 140
Уды рыст - Сланты Никъалайы. Æвæццæгæн, лæг дæу хорз зыдта. Рахызт уæрдонæй, йæ худ систа æмæ дын цæмæндæр «рухсаг» загъта. Æз фæныфсджын дæн, уæдæ мын кæд мæ фыды зоны, уæд мæ бынатыл сæмбæлын кæндзæн. Бон-изæрмæ фæцыдыстæм кæмтты, быдырты. Хурныгуылдмæ хæстæг бахæццæ стæм горæтмæ. Хохаг лæг мæ иу горæтаг ирон усыл бафæдзæхста, йæхицæн галуæрдоныл горæты астæумæ цæуæн нæ уыд. Ус мæ бахæццæ кодта театры цурмæ, æмæ æз уайтагъд ауыдтон, мæ мады æфсымæр цы стыр хæдзары цардис, уый. Схыстæн дыккаг уæладзыгмæ æмæ сын сæ дуар бахостон. Ракастис мæм иу рæсугъд чызг æрвхуыз къабайы. Сдзырдта мæм мæ номæй æмæ мæ йæ хъæбысы ныккодта. Йæ хъæлæс мæм цыдæр зонгæ фæкаст. Фæлæ æз мæ мады нал базыдтон. Чи зоны, Ленинграды цæргæйæ дæр ахæм барышняхуыз нæ уыд! Мæнæн тынг хъыг уыдис, мæ мад афтæ арæзт æмæ рæсугъд кæй у, уый. «Чи зоны, йæхи йæ курæгимæ фембæлдмæ рарæвдз кодта!» - хъуыды кодтон æз. Фæлæ йæ фæнд нæ рауад. Уыцы изæр æз мæ мадæн дæр æмæ йе’фсымæрæн дæр ахæм «концерт» сарæзтон, æмæ ныл сых æрæмбырд сты. Бамбæрста мын мæ маст, йæхæдæг дæр хæстæй цæфтæй чи ссыдис, уыцы хæстон лæг. Кæд æй «хицау» сиахс тынг хъуыдис, уæддæр мын райсомæй мæ мады мемæ рарвыста, ацу æмæ дæ сывæллæттимæ цæр, зæгъгæ. 141
^^®,, Дауырæ Уыцы рæстæг машинæ кæм уыдис, рацыдыстæм фистæгæй Джызæлмæ, мæ мады хо Лизæмæ. Ницы дзырдтам, кæрæдзимæ цæваг галты каст кодтам. Чи нæ кæмæ цæй тыххæй мæсты кодта, уый нæ алчидæр хорз æмбæрста. Лизæ ныл тынг бацин кодта, уайтагъд цыдæр хæринæгтæ фынгыл авæрдта, ахæрут, зæгъгæ. Мæ мад фынгмæ бавнæлдта, цыдæр æфсоны ныхæстæ кæнгæйæ, фæлæ æз хæринæгтæм кæсгæ дæр нæ фæкодтон, уымæн æмæ мæ мады хæстæджытæм се’ппæтмæ дæр мæсты уыдтæн. - Мæнгæ гæсгæ, дæ чызг тынг хивæнд уыдзæн! - загъта мæ мады хо, сæ кæрты дуарæй нæ фæстæ куы рахызт, уæд. Цасдæр рæстæджы фæстæ та нæ мад йæ фыццаг гаччы абадтис. Бирæ куыста хæдзары дæр æмæ скъолайы дæр, - ахуыргæнæг уыдис райдиан кълæстæн. Йе’фсымæры хæдзары йæ куыд рæсугъдæй федтон, уымæй фæд дæр нал аззад. Сыхæгтæ, хъæубæстæ куыд нæ фехъуыстой уыцы хабар, - уыдон дæр æм сæ ахаст аивтой. Йæхæдæг дæр, йæ аххос æмбаргæйæ, ныхкъуырд уыдис бинонты æхсæн дæр æмæ хъæубæсты дæр. Мæнмæ уæд афтæ кастис, æмæ мæ мад æппæты аххосджындæр мæн раз уыдис. Афтæ дæр мæм каст, æмæ йæ аххос сраст кæныныл тынг архайдта. Фæлæ йын æз никуы ныббарстон, ныууадзынмæ нæ кæй хъавыд æмæ йæхи уды цард саразынвæнд кæй кодта, уый. Тынг æм цыдтæн æз ныхмæ. Афтæ дæр- иу уыдис, æмæ-иу мын Нана лæгъстæ кодта: «Мауал 142
Уды рыст ч1«у æфхæр дæ мады. Ферох кæн уыцы хъуыддаг!» Фæлæ æз никуы басастæн. ...Бафæллад нæ мад адæмы уайдзæфтæй дæр æмæ мемæ тох кæнынæй дæр. Иуахæмы та йæм балæбурдтон, сæркъулæй цы уаты бадтис иунæгæй, уырдæм æмæ йын загътон: - Цæуыл та хъуыдытæ кæныс? Мой кæнын та дæ фæнды? Æви та мæнмæ мæсты кæныс, кæй дын фехæлдтон дæ чындзыцыд, уый тыххæй? Уый, мæгуыр, фесхъиудта... фесхъиудта, мæгуыр, æмæ мын афтæ: - Мæ гыццыл чызг! Мауал тох кæн! Æз мæнæ куы дæн! Куынæ ацыдтæн! Куынæ уæ ныууагътон! Сымах тыххæй куы тухæнтæ кæнын! - Чи дын загъта, нæ нæ ныууагътай?! - фæлæбурдтон æм æз. - Уый нæ уый тыххæй нæ ныууагътай, æмæ дæ æз фæстæмæ ’рбакодтон. Дæхæдæг ницæйтыххæй æрбацыдаис. - Нæ, мæ къона, нæ! Æрбаздæхтаин. Уый, ме’фсымæры ус рынчын кæй уыдис, уый тыххæй сæм афæстиатдæн. - 0, дæхи дæр де’фсымæры усы тыххæй рацарæзтай! Пæр-пæргæнгæ къабатæ дæр уый тыххæй скодтай! - нынных дæн æз мæ мадмæ, æмæ уæд... æмæ уæд... мæ зынаргъ фыд... мæ мад... мæ мад йæ дзыхыдзаг ныккуыдта! Ралæууыдис йæ сæрыл, йæ риуыл тымбыл къухæй æмæ мæм комкоммæ ныккаст æмæ мæ хорз фæнæмыны бæсты æлгъитын райдыдта: - Уæдæ мæ тæригъæдæй!.. Уæдæ мæ тæригъæ- 143
«^4 Ц|. Дауырæ дæй цард дæр ма фен, мæнау, цоты ад дæр макуы бавзар! Бынтондæр куы сналат дæ! Уд хæрынæн дæ ныййардтон! - уыйадыл йæ зæрдæ бахъарм. Æз ахæм разындтæн, æмæ мæм йæ зæрдæхъарм дæр нæ бахъардта. Рацыдтæн уатæй æмæ иунæг ныхас дæр бинонтæй никæмæн загътон. Къуыбырмæ ацыдтæн æмæ дардмæ фæндагмæ фæлгæсыдтæн. Хуыцау йæ зонæг, кæд æмæ куыд æрæмбæрста йæхи мæмад... ...Байдзаг ис йæ игæр мастæй æмæ дæргъвæтин рынчыны фæстæ 1960 азы сæрды доннизæй амард... Куыд нæ йæм цыдтæн рынчындонмæ, куыд нæ йын кодтон лæггад дæр, фæлæ дæуыл куыд фæрыстæн, афтæ йыл уæд нæ фæрыстæн, мæ зынаргъ, мæ уарзон фыд. Æргом дын куы зæгъон, уæд мыл йе ’лгъыстытæй кæцыдæртæ æрцыдысты... # *■ * Мæ уарзон фыд! Дурзæрдæ мæ ма схон! Æрмæстдæр йæ амарды фæстæ райдыдтон æмбарын мады ахадындзинад царды, мады фыдæ- бæттæ, мады зындзинад. Уæд мæныл 25 азы цыдис. Куыд диссаг у, æвæдза! Уыцы кары дæр æз бирæ цыдæртæ не ’мбæрстон. Раст фæзæгъынц: зындзинад адæймагæн йæ зонд æмæ йæ зæрдæ сыгъдæггæнæг у! Нæ мад рынчын куы хаста дæргъвæтин рæстæг, уæд-иу йæ фыдæ- бæттæ уынгæйæ мæхинымæр загътон: «Фæлтау куы æрæнцаид æмæ йæхæдæг дæр куынæуал удхар 144
Уды рыст кæнид, мах дæр тухæнæй куынæуал марид». Фæлæ уый фæстæ йæ уæлмæрды, кæугæйæ, бирæ хæттыты ахъуыды кодтон: «Рынчынæй дæр нын куы цардаис, æмæ нæм дæ рæсугъд цæстытæ хуыссæнæй куы ’рттывтаиккой!» Бирæ хъуыддæгты тыххæй хатыртæ куырдтон мæ мард мадæй. Фæндыдис мæ, чи йæ зыдта, уыдонмæ хъусын. Аивтон мæ ахаст, кæддæр æй æцæг уарзтæй чи уарзта, уыцы лæгмæ дæр, суанг ма йын йæ уырыссаг усы дæр бауарзтон. Адæймаг йæ тыхстæй цынæ æдылы митæ фæкæны! Иухатт дын æм йæ кусæнбынатмæ куы бацæуин, кæд мын, зæгъын, мæ мады хорз койтæ ракæнид. Фæбадтæн рæгъы æмæ мæ кæддæр-кæддæр бауагътой хицаумæ. - Мидæмæ! Сбад, дæ хорзæхæй! Хъусын дæм! - загъта, сыстгæйæ, бæрзонд, рæсугъд лæг. - Æз дæм æрбацыдтæн тынг ахсджиаг хъуыд- даджы тыххæй: курын дæ, æмæ мын радзур, мæ мад Ленинграды цæргæйæ дæ зæрдыл куыдæй лæууы, уый. - Æмæ чи у дæ мад? -Торчынты Надя! Мсойы хо. Лæг исдугмæ ницы дзырдта, стæй сыстад, ком- коммæ мæм ныккаст æмæ загъта: - Кæд дæм æндæр .курдиат нæй мæнмæ, уæд фæндараст. Иу цыбырдзырдæй, куыдзы тард мæ ракодта. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ мын мæ кæддæры налатдзинад нæ ныббарста. Уый та афтæ уыд: 1953 азы каст фæдæн Хъобаны астæуккаг скъола. Мæ аттестат мæ дæлармы, афтæмæй мæ Мсо 145 10 3аказ№51
^ч^С^ Дауырæ фæцæйкодта Маркусы уынгмæ, физматмæ, мæ гæххæттытæ дæттынмæ. Кировы уынг æмæ Проспекты тигъмæ куы бахæццæ стæм, уæд ныл иу лæг амбæлд. - 0, ме ’рдхорд! - ныццин ыл кодта Мсо. Кæрæдзийы кухтæ райстой, стæй лæг загъта: - Ленинграды уыдтæн! Торчынтæй дын бирæ салæмттæ сластон, уæлдайдæр та Алыксандырæй. Æз уайтагъд бамбæрстон, уыцы лæг, æз ме ’сæфт кæмæй уынын, уый у. Дыууæ хорз æрдхорды ’хсæн мæхи фæтъыстон æмæ мæстыйæ загътон: - А-а-а! Ды мæ мадæн йе ’ртæ сывæллоны чи уадзын кодта, уый дæ? - Чи у, чи? - фæуыргъуыйау лæг. - Надяйы хистæр чызг, - æфсæрмдзастæй загъта Мсо. - Надя была совсем другая!.. Мсойæ мыл ахæм маст ауад, æмæ мæм цалдæр боны дзургæ дæр нал кодта. # *• # ы зынаргъ, мæ уарзон фыд! Царды цаутæ иууылдæр радзурынæн мингай бонтæ хъæуы. Кæддæр дзæнæты куы сæмбæлæм, уæд нын рæстæг уыдзæн. Ныр та дын гæбазгай дзурдзынæн мæ ивгъуыд бонтæ. Нæ рынчын мад афтæ кæмæй загъта, «уый Ирыстоны лæппуты хуыздæр у», зæгъгæ, уыцы Харитон, Дауыраты Мырзабеджы (йæ ном ын м 146
Уды рыст бУ^ абон дæр нæ дзурын, фæлæ йæ фысгæ та куыд нæ ныккæнон) фырт Харитон, æцæг диссаджы адæймаг разындис. Фараст æмæ ссæдз азы дæргъы æз дæр æмæ мæ хотæ, мæ хиуæттæ уыдыстæм йемæ амондджын. Нæ кæнинаг хъуыддæгтæ уый æккойы уыдысты. Никуы нæ сфæлмæцыдис. Никуы ныл систа йæ къух. Рухс дзæнæты бада, 1986 азы 12 мартъийы, 53-аздзыдæй æвиппайды амард. Афтæ дæр нæ рабæрæг, инсульт ын уыдис æви инфаркт. Уæд æз мæхæдæг рынчын уыдтæн. Ам мын хос нал уыдис, æмæ мæ Харитон йе ’рдхордмæ, Чехословакимæ, Высоки Татрæмæ арвыста, - уым рæуджыты низтæн уæлдæф æвдадзыхос у. Куы сæм бахæццæ дæн, уæд дыккаг бон Харитоны фыдохы хабар байхъуыст Братиславæмæ, æмæ мæ уыцы рынчынæй фæстæмæ цæуын бахъуыд... Братиславæйы мах Харитонимæ бирæ хæттыты уыдыстæм, йе ’рхорд Ян Ней дæр Ирыстоны, Ки- словодскы, Мæскуыйы, суанг Сомихы дæр цалдæр- гай хæттытæ уыдис. Тынг мæ фæнды, дæ чызг, чырыстон уæвгæйæ, дæс æмæ ссæдз азы дæргъы католикон зæдтæм куыд куывта, уый дæуæн радзурын. Немыцагау «УаХет ип^ег», словакагау «01сепа5» - куывдтытæ къæр-къæргæнгæ дзырдтон. Цæвиттон, 1979 азы Ирыстоны ахуыргæнджыты къордимæ (Харитон Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл университеты доцент уыдис, аивæд- ты наукæты кандидат) æз æмæ Харитон уыдыс- тæм туристон балцы Чехословакийы. Уæд ма Чехи 147
*&. æмæ Словаки иу паддзахад уыдис. Нæ балц нæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Фæстаг бонмæ ныууагътам, туристты программæмæ чи нæ бацыд, уыцы дыууæ хъуыддаджы: аргъуан (костел) æмæ Гобеленты музей. Бацыдыстæм Братиславæйы стырдæр костелмæ. Органы музыкæ æмæ сæ куывдтытимæ зарджытæ мæ зæрдæмæ афтæ фæцыдысты, æмæ мæ ферох, чи дæн, æмæ кæм дæн. Æнæмæнг уыдтæн дзæнæты. Ме уæнгтæ æрлæмæгъ сты. Иннæ кувджытимæ куывтон. Мæ зæрдыл æрлæууыдысты мæ сауджын фыдыфыд - Дадайы куывдтытæ: «Табу фыд æмæ фыртæн, æмæ сыгъдæг удæн...» Мæхиуыл дзуæрттæ æфтыдтон. Иу ус мын ацамыдта, иннæрдæм, зæгъгæ, æмæ æз дæр рахизырдæм дзуар æфтауын райдыдтон. Слæууыдтæн рады æмæ сын сахуыстон сæ заробайæ. Сæмбырд кодтон, мæ чыссæйы ма цы лыстæг æхцатæ баззад, уыдон, æмæ сæ мысайнагæн сæвæрдтон асыччы. Афтæ базырджынæй рацыдтæн костелæй, æмæ мæм Харитон кæсгæйæ баззад. - Ма мыл фæхуд. Æз мæ райгуырдæй фæстæмæ динимæ рæзыдтæн. Тæхуды, æмæ мах бæстæйы дæр аргъуантæ куы уаид! Нæ дарддæры фæндаг уыдис Гобеленты музей- мæ. Хъуыддаг уый мидæг уыдис, æмæ Харитон университеты антикон литературæ лæвæрдта. Цæугæ дæр тынгдæр уый тыххæй акодта, æмæ уыцы диссаджы гобеленты грекъаг аргъæутты æмæ таурæгъты нывтæ фена. Музеймæ билеттæм рады куы ’рлæууыдыстæм, уæд рабæрæг, æхца нæм нал ис, уый. Æз сæ костелы ныууагътон. Харитон мыл ахæм хъæртæ скодта, æмæ 148
Уды рыст æз скуыдтон. Уæд нæ фæстæ чи лæууыд, иу ахæм ныллæг, ацæргæ лæг Харитоны цонгыл фæхæцыд, æмæ йын æрдæгуырыссагау загъта: «Цæмæн æм хыл кæныс, æз федтон, куыд куывта, уый дæр, цас æхца радта, уый дæр». Балхæдта нын уыцы лæг билеттæ, немæ гобелентыл фæзылд, радзырдта нын сæ истори - цыппар æнусы, дам, стыр къоппыты хуылфы фурдты фæленк кодтой. Æрцахстой, дам, сæ чехословакаг денджызон наутæ, æмæ, дам, уæдæй фæстæмæ мах хъæздыгдзинад систы. Музейы фæстæ нæ лæг кафемæ ахуыдта. Райста урс сæн æмæ цæхджын къафеттæ. Сæны фæстæ дыууæ лæджы балымæн сты. Бацамыдтой кæрæдзийæн сæ нæмттæ, сæ мыггæгтæ, сæ куысты бынæттæ. - Ней Ян (Ыеу ^п), - загъта лæг. Мæнмæ диссаг фæкастис йæ мыггаг. Æз исто- рийæ зыдтон, Наполеоны генералтæй иу Ней уыдис, уый. Уайтагъд æй афарстон: - Æмæ уæд, Наполеоны ныхмæ цы генералтæ фесты, уыдонæй иу Ней уыдис, уый нæ зоныс? - Æз уымæн дæн йæ комкоммæ байзæддæгтæй, - загъта Ян. - Мæн тынг фæнды искуы Советон Цæдис фенын. Æз хæсту немыцы ныхмæ хæцыдтæн. Фæуæлахизы мæн архайд дæр ис. Ирон лæг уазæгуарзаг кæд нæ уыд?! Харитон ын уайтагъд загъта: - Æз дæ хонын Кавказмæ уазæгуаты. Мæскуы дæр дын фенын кæндзыстæм æмæ нæ Цæдис дæр. - Ма сæрра у! Ацы зæронд искуы амæлдзæн, 149
Л&. Дауырæ æмæ кæйдæр паддзахады раз дзуапп дæтдзынæ, - загътон æз Харитонæн иронау. - Ян, а кто у словаков в доме командует? Женщи- на или мужчина? Ирыстонмæ куы ссыдыстæм, уæд нæ почтæйы асыккæй Яны дыууæ фыстæджы систам. Фыста нæм: «Цæттæ дæн сымахмæ цæуынмæ!» Фæлæ 1980 азы æппæтдунеон Олимпиадæ Мæскуыйы кæй уыд, уый тыххæй нын визæ нæ радтой. 1981 аз махæн зын аз уыдис - æвиппайды амард Харитоны мад. Мæскуымæ, Яны размæ, ацæуын бахъуыдис мæн æмæ Мараты - дæ аив дыууадæсаздзыд фæдоны. Дыууæ - æртæ боны фестæм Мæскуыйы. Фенын кодтам уазæгæн зындгонд, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы бынæттæ, стæй йæ сластам Ирыстонмæ. Уæ- дæй фæстæмæ ахæм аз нæ уыд, æмæ дыууæ æрд- хорды кæрæдзимæ уазæгуаты ма уой. Яныл уæд цыдис 75 азы. Уыдис ын æртæ хойы. Мария æмæ Аннæ йæхицæй хистæр уыдысты, Маргитæ та йæ кæстæр. Иу дæр дзы бинонджын нæ уыдис! Куыд дзырдтой, афтæмæй Францæй афтыдысты Австримæ, уырдыгæй Германмæ, уырдыгæй Венгримæ, стæй æрбæстон сты Братиславæйы, Фериенчиковы уын- джы 5-æм хæдзары. Ян æмæ йæ хотæ зыдтой, цы паддзахæдты цардысты, уыдоны æвзæгтæ. Се ’ппæт дæр уыдысты диныл хæст. Сæ хæдзар, сæ уаг - уæздан, пъланыл, афоныл сæ хæрд, сæ куывд. Мæ зæрдæмæ сæ цард тынг фæцыд. Æдыхст, сабыр, сæ фидæн - бæрæг. Дыккаг хатт сæм куы ацыдыстæм, уæд мыл, Яны фæндонмæ гæсгæ, саргъуыдтой, Австрийæ мын 150
Уды рыст у)^ гæххæтт æмæ лæвæрттæ æрбарвыстой. Райдыд- тон ахуыр кæнын немыцаг æмæ словакаг æвзæг- тæ, фæлæ сæ бынтон бæстон абон дæр нæ зонын. Харитон куы нæуал уыд, уæд мын Ян куыст ссардта Уæрæсейы консулы куыстуаты, фæлæ æз мæ сæрмæ не ’рхастон мæ кæсинаг хиуæтты ныууадзын æмæ кæйдæр бæстæм цæрынмæ ацæуын. Уыйадыл Яны бинонтимæ мæ ахастдзинæдтæ фесты, фæлæ сын сæ диныл 30 азы дæргъы мæ къух нæ систон. Уæд мын иубон мæ иу зонгæ загъта: ныр, дæхи фæндиаг цæр, фæлæ исты куы кæнай, уæд дæ дæ чырыстон сауджын фыдыфыды цур куыд баныгæндзыстæм? Уыцы ныхæстæ мын зонды хос фесты. Дыууæ азы размæ аргъуанмæ бацыдтæн, уавæр бамбарын код- тон, æмæ мыл ногæй саргъуыдтой. Ногæй та æз æмæ ды æмдин систæм, мæ зынаргъ. 7Г 7Г 7г ... Мады зæрдæйы хъæбулы рæзт Уагъта минзæл æхсæрдзæны зарæг... ... Бахордта мын мæ фыды дæр хæст, Ме стыр мады мын бадомдта хъарæг. Иунæгхатт дæр æнусты дæргъы Хæстракъахæг нæуыди сылгоймаг, Афтæмæй дзы дывыдон хъæрзы, Бадон вæййы йæ куыдæй дур-дойнаг. Уæд мыггагмæ дæр хъодыгонд хæст, Науæд афтидæй баззайдзæн авдæн, Авдæн - мады зæрдæйыл ныхæст... Афтид зæххы ма хур дæр куыд тавдзæн? 151
:л&. Дауырæ Мæ мæгуыр, мæ уарзон, ме ’намонд фыд! Æз ме ’взонг бонтæй фæстæмæ ме ’сæфт уынын нæ аив, нæ зыланггæнаг æвзаджы дзырдтæй иуæй - «хæст». Æлгъыст æмæ хъодыгонд уæд хæст. Тæхуды, тæхуды, æвзæгтæй уыцы ныхас ист куы ’рцæуид æмæ мыггагмæ куы фесæфид. Кæцыдæр дины уырнджытæ сæ къухмæ хæцæн- гарз нæ исынц. Уырны сæ, кæддæр æппæт зæххы къорийыл хæст нал уыдзæн, уый. Дин адæймаджы цæуыл нæ баууæндын кæндзæн! Хъыгагæн, цалынмæ зæххыл цæуæг уа, цалынмæ паддзахæдты ’хсæн ныхмæлæуд уа, уæдмæ хæстæн æнæуæвгæ нæй, æлгъыст фæуа. Хæсты фæстиуджытæ иу æмæ дыу- уæ фæлтæрыл нæ хицæн кæнынц. Нæмгуыты къуыз- зитмæ, сармадзанты гыбар-гыбурмæ цы фæлтæр схъомыл, уыдонæн сæ цæуæт куыд хъуамæ уой уæздан æмæ сабыр зондыл хæст? Суанг фæндзæм, æхсæзæм фæлтæр дæр... # # # Ныр та дын, мæ зынаргъ, дæ уарзон æфсы- мæры кой ракæнон. «Сланов Георгий Григорьевич, 1911г.р. Дата и место призыва: 10.05 1944г. Симферополь- ский РВК, Крымская АСС, Симферопольский район. Последнее место службы: 417сд. Воинское звание: мл. сержант. Причина выбытия:убит. Дата выбытия: 20.08. 1944г. Название источника информации: ЦАМО. 152
Уды рыст <ЭУ#^ Номер фонда источника информации: 58. Номер описи информации: 18002. Номер дела информации: 796. Воинское звание: младший сержант. Должность и специальность: командир отделе- ния. Похоронен: в 500 метрах южнее села Монгончай, Нагоранской области, Литовской ССР». Уый та дын, де ’намонд, дæ зынаргъ æфсымæр Георгийы фæстаг хабæрттæ. Куыд зоныс, афтæмæй уый хæстмæ дæуæй дыууæ мæйы фæстæдæр ацыдис, 1941 азы кæрон. 1944 азы райдианы уæззау цæфæй бахауд Симферополы госпитæлтæй иумæ. Куы сдзæбæх фондз мæйы фæстæ, уæд æй акодтой ногæй хæстмæ. Йæ иннæ хабæрттæ нын «ЦАМО» ныр фехъусын кодта. Бæргæ мæ фæнды уыцы иумæйаг ингæны цур мæ зоныгыл æрлæууын, фæлæ ныр Литва хицæн паддзахаду... Георгийы цот Гæмæт æмæ Риммæ куы рахъомыл сты, уæд уыдысты Хъобаны фæсивæды фидыц. Риммæ сахуыр кодта медицинон хойы дæсныйадыл. Смой кодта хорз мыггагмæ - Лянтæм, Алагирмæ. Ис ын дыууæ уæздан чызджы - Альбинæ æмæ Аллæ. Йæ сæрыхицау - Тамерлан - махæн у хорз æфсымæры хуызæн. Гæмæт уыдис бæрзонд, хæрзконд, уæздан лæппу. Æфсадæй куы сыздæхт, уæд бацыдис Джызæлдоны ГЭС-мæ кусынмæ. Райдыдта хуымæтæг кусæгæй æмæ сси инженер. Ракуырдтам йын, нæхи хъæуы фельдшерæй чи куыста рынчындоны, ахæм 153
^Ч^Э,, Дауырæ аив чызджы - Хъуппеты Уырысбийы чызг Азæйы. Байдзаг нæ хæдзар лæппу-бындарæй: Алик, Алан, Элик (Элисбар). Гæмæты фырттæ пылы йæстæ кæй уыдысты, уый тыххæй сæ скъолайы дæр, зонгæтæ дæр «Слон»-тæ хуыдтой. Хъыгагæн, абон Алик æмæ Алан нал сты, фæлæ сын ис хорз фæдонтæ: Аликкæн - Алан æмæ Аленæ, Аланæн - Элинæ. Ныр кæстæр Аланæн дæр ис фырт - йæ ном Алик. Нæ кæстæр æдзард æфсымæрты мысгæйæ нæ фæдонтæ дæр Алан æмæ Алик сты. Элик у нæ бинонты фидауц, йæ фыд Гæмæты цæрмæстыгъд бакодта, - бæрзонд, хæрзконд, дзуапджын. Йæ бинойнаг Светæ у Куындыхаты Валодя æмæ Валяйы уæздан чызг. Светæ нын балæвар кодта æртæ лæппуйы: Георгий, Артур æмæ Оледжы. Олегыл 5 азы цæуы, диссаджы дзыхарæхст. Æлгъитын дæр зоны - дыууæ ’взагыл. Джызæлдоны ГЭС автоматон куы скодтой, уæд кусджыты иууылдæр ОрджГэсмæ раивтой, æмæ Хъобаны æмбис горæтæгтæ баисты. Уыдонимæ Гæмæт дæр. Радтой йын фатер, слæууыдысты бинонтæ сæ къахыл. Фæлæ куыд æгъатыр у хъысмæт: цæрæнбонты, иунæг нын у, зæгъгæ, цы æфсымæрæн куывтам, уый нын 15 мартъийы 1996 азы æвиппайды амард. Уæд та ма стъалыйы хуызы фæзыи, Нæуарзон æфсымæр, нæ рухсхуры тын. Нæ цæгаты фидауц, нæ ныфсы мæсыг. Зон, фурд дæр нæ ныхсдзæн нæ зæрдæты хъыг... 154
Уды рыст * * 7Г Кæд Гæмæты байзæддæгтæй исчи сæрæн разына, уæд ды дæр æмæ Георгий дæр, кæм схъомыл стут, устытæ кæдæм æрхастат, цот кæм ныккодтат, хæстмæ уæ кæцæй акодтой, уæ зæнæг кæм схъомыл сты, Сланты уыцы цæрæнтæ фæстæмæ нæхи бауыдзысты. Дæ хоты кæстæр Мисурæт сайдæй йæ хорз цæгаты бæстыхай йæ фырттыл - Татратыл ныффыста, æмæ дзы уæ байзæддæгтæн бынат нал ис. Бæргæ хъавыдис Элик нæ цæхæрадоны кæрон, къуыбыры тигъыл Кады мæсыг сæвæрынмæ Гахайæн, Гигойæн, дæуæн æмæ Георгийæн, фæлæ нын нæ 50 сотыхы зæххæй Мисурæты байзæддаг 5 сотыхы дæр нæ радта!.. 7Г 7Г 7С æ зынаргъ! Мæн сæрмагондæй фæнды раппæлын Плион - Секуыгъайæ - дæ чындзæй, Георгийы бинойнагæй. Иухатт Нанайы бафарстон: - Нана! Мæ фыд хистæр куы уыдис, уæд йæ кæстæр æфсымæр Георгий ус раздæр цæмæн ракуырдта? - Тынг хорз чызг уыдис Плион. Цалдæр ранæй йæм хъавджытæ уыдис. Тарстыстæм, исчи йæм куы фæразæй уа! Тынг хорз чызгæй тынг хорз чындз рауадис, - цæрæнбонты фæлæггад кодта дæ мадæн дæр æмæ м 155
^Э^ Дауырæ æгас бинонтæн дæр. Рухс дзæнæты бада, уый цæй диссаджы адæймаг уыдис! Хорз лæгау хос карста, бæхыл бадтис, хъæдмæ цыдис, велосипедыл цæуын зыдта! Сылгоймаджы куыстæтæм се ’ппæтмæ дæр арæхстис, - хуыйынмæ, бийынмæ, чъырæй цæгъ- дынмæ. Йæ дыууæ гыццыл къухæй сæрдыгон гыццыл хæдзар сарæзта нæ тыргъы фарсмæ - абон дæр ма ис! Плион дын дæ мадæн бирæ фæлæггад кодта: ног дзаумæттæ-иу ын бахуыдта, цынадта-иу æй, йæ сæр- иу йын ныффаста. Уæвгæ, дзаумæттæ канд Нанайæн нæ хуыдта - хуыдта не ’ппæтæн дæр, суанг сыхæгтæн дæр. Æз Плионæй мады рæвдыд зонын, уыдонимæ цардтæн, Карцайæ куы ралыгъдтæн, уæд. Никуы мæ фæхъулон кодта Секуыгъа йæхи чызг Риммæйæ. Мæрдты фидтон мын ма фæуæнт йæ лæггæдтæ. Секуыгъа Хъобаны нымад адæймаг уыдис. Уарзтой йæ стырæй, чысылæй. Нæ хъæуы-иу циндзинад куы уыдис, уæд-иу Хуыдиаты Абран - нæ хъæуы кадджындæр лæгтæй иу, хъазты астæу йæ лæдзæг æрхоста: - Рахонут-ма мын мæ кафæг æмбалы! - æмæ- иу чъегъре Секуыгъайы агуырдта. Афтæ рæсугъд кафыдысты йæ гыццыл аив къæхтæ, æмæ сæм кæс æмæ кæс! Нал ис Секуыгъа дæр æмæ йæ фæлтæр дæр, æрмæст ма хъæуы баззад сæ фарн. 156
Уды рыст ### ^ь Фь/дь/ ном хæссын нæу æнцонтæй, нæу: Дæ фыды фарн дæ домдзæнис дæ хъæу Нæ дын ныббардзæн мисхал дæр рæдыд: «Нæ бакодтаид афтæтæ дæ фыд!» Фыды фарны цæйбæрц намыс ис, цæй! Иры дзыхъхъы æмбал гъеуымæн нæй!.. Мах, мæ зынаргъ, абон дæр дæ фарнæй цæрæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, дæ карæнтæй, хистæр фæлтæрæй, ничиуал ис, фæлæ мах - дæ цæуæты карæнтæн нæ хъæуы дæ ном табуйаг у æмæ уыдис. Ницы хъуыддаджы дын фæныллæгдæр кодтам дæ кадджын ном. Никуы æрхастам æртæйæ дæр нæ сæрмæ æгаддзинад. Куыд нын æмбæлдис, афтæ лæггад кодтам хиуæттæн дæр æмæ хъæубæстæн дæр, цардыстæм хи фæллойæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныр æртæйæ дæр кардзыд стæм, - Хуыцау нын бирæ цæрæнбон радта, æмæ Хуыцауæн дæр, дæуæн æмæ нæ мадæн дæр арфæйаг стæм. Æвæц- цæгæн, стыр уарзондзинадæй равзæры æнæниз, æнæсахъат, хæрззонд, хæрзконд байзæддаг. Ахæмтæ рауадысты мæ хотæ дæр. , Езæ сахуыр кодта кусæджы дæсныйадыл. Бирæ азты кадджынæй фæкуыста Ирыстоны стырдæр заводтæй иуы. Эллæ райста уæлдæр ахуыргонд- дзинад. Уыдис ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг. Ноджы ма йæм фæхæццæ нæ фыдæлты уарзондзинад аивадмæ. Фыссы зарджытæ, цæгъды 157
^^м, Дауырæ алыхуызон инструменттыл. Ис нын, мæ зынаргъ, æртæйæ иумæ кæй схъомыл кодтам, ахæм аив фæдонтæ. Уыдон дæр дæ фарны аккаг сты. * * * æ зынаргъ, мæ уарзон, мæ хъæбатыр фыд! Тæхуды, æз æмæ ды рог хæдтулгæйы куы бабадиккам æмæ Ирыстоны хъæутæ æмæ горæттыл куы æрзиликкам. Тæхуды, æмæ ды дæхи цæстæй куы фенис, хъæбатыртæ сæ цард цæй тыххæй радтой, уыцы Райгуырæн бæстæ куыд аивта 70 азы дæргъы. Дæу фæлтæр гал, кæнæ бæхуæрдоны цы зынвадат кæмтты цыдысты, уыдоны алыхуызон хæдтулгæтæ зыгъгъуытт кæнынц. Аивтой адæмы царды уавæртæ дæр. Сымах суг æмæ æвзалыйæ цы амайгæ пецты æндзæрстат арт, уыдонæн сæ кой дæр нал ис. Нал ис æртдзысгæн, нал ис гогон! Алы хæдзары дæр ис газ æмæ дон, суанг хæхбæсты дæр. Алы хæдзары дæр ис, сымах аргъæуттæй кæй зыдтат, уыцы арвайдæн - телевизор, компьютер, интернет. Раст зæгъын хъæуы, мæн карæнтæн нырыккон техникæ зын зонæн у, фæлæ уæддæр архайæм, - дугъы уайæм æрыгæттимæ. Бауырнæд дæ, мæ зынаргъ, сывæллон къахыл куы ауайы, дзурын бæстон куы нæма фæзоны, уæддæр кънопкæтæ нылхъивын æмæ хъазæнты техникæ фæзоны. Бынтон диссаг та дзыппыдаргæ телефонтæ сты. Зæрондæй, ногæй, сывæллонæй - алкæмæ дæр теле- фон! Йæ бон у зæххы къорийы кæцыфæнды ранмæ дæрадзурын... 158 м
Уды рыст # * # Æз дын иу диссаг радзурон. Иу нæ хъæуккаг (йæ ном ын нæ фыссын) йæ чызджы моймæ лæвæрдта. Йæ бинойнаг ын загъта: - Нæ лæг! Стыр хæрдзтæ кæныс, фæлæ нæ тæрсыс, нæ чызджы нын фæстæмæ куы рарвитой, уымæй? - Цы ’фсонæн? - Зивæггæнаг кæй у, уый æфсонæн. - Æмæ куыд рабæрæг уыдзæн, зивæггæнаг у, уый? Гæрзтæхсæн йæ бæсты æхсдзæн, рыгцъирæн йæ бæсты мæрздзæн, къустæ-тæбæгътæ ’хсæн дæр ын балхæндзыстæм. Арт кæнын æй нæ хъæуы, суг сæттын æй нæ хъæуы. Цæттæ хæринæгтæй дуканитæ се ’дзаг... Тынг аивта хорзырдæм цард, мæ зынаргъ. Уæ тугæй æмæ нын уæ цардæй балхæдтат сæрибар æмæ амондджын цард. Цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйас стырдæр аргъ кæнынц уæлахизæн дæр, æмæ хъæбатыртæн дæр. # * * æхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй фæс- тæмæ мæм диссаг кастис, тугмондаг, æлгъыстаг Гитлер цы адæмы ’хсæн райгуырд, сырæзт, уыцы адæмы истори. Хæрзæрыгонæй райдыдтон кæсын Гете, Гейне, Брехт æмæ иннæ немыцаг фысджыты уацмыстæ. Бакастæн Маркс м 159
^^Э^ Дауырæ æмæ Энгельсы цардыфыст, суанг сæ байзæддæгты хабæрттæ. Бафæндыд мæ се ’взаг базонын, æмæ йæ ахуыр кæнын райдыдтон æртыназдзыдæй. Цалдæр хатты уыдтæн туристон балцы Европæйы бæстæты, дыууæ хатты - Германы, фæлæ дзы тугмондаг адæмыл никуы сæмбæлдтæн. Куы-иу сын загътон, мæ фыд хæсты фæмард, уæд-иу сæ сæртæ аххосджынæй æруагътой. Афтæ дæр-иу уыдис, æмæ йæ фыд уыцы хæсты кæмæн фæмард, ахæмтимæ иумæ фæкуыдтам. Иу дзырдæй: «Адæмты фæдзæхст, макуыуал уæд хæст!» *• # * æнмæ дæр, æмæ дæ иннæ чызджытæм дæр, кæм цардыстæм, кæм куыстам, уым ном æмæ фыдыномæй дзырдтой адæм. Æвæццæгæн тынгдæр уый тыххæй фæкодтай не ’мцард. Цал хатты дын хъуыстон дæ ном, уал хатты дæ сæрыстыр æмæ хъал уыдтæн. Уæлдайдæр цалынмæ хистæртæ æгас уыдысты, уæдмæ. Мах, дæ чызджытæ, куынæуал уæм, уæддæр дæ ном мыггагмæ цæрдзæн. Иуæй, дын хорз фæдонтæ ис, иннæмæй та, хъæбатырты нæмттæ нæ мæлынц. # # # Æрхæццæ кæронмæ мæ фыстæг. Дыууæ азы дæргъы ахæм бон нæ уыд, мæ цард, мæ хъуыдытæ демæ баст кæд нæ уыдысты. Фидарæй мæ м 160
Уды рыст (с^^. уырны, дарддæр дæр афтæ уыдзæн. Фыд мысгæйæ чи фæцард, уыдон мæ бамбардзысты. Нæ! Уд нæ мæлы, Алцыдæр уындзынæ! Кæд не сыскъуына аланты хьæстæ, Уæд нæм, æнæмæнг, Ногæй ды зындзынæ, Ирон хорз лæгæй Мин азы фæстæ! 2015 азы мартъйы 72 азы сæххæст дæ амардыл! Рухс дзæнæты бад, мæ сызгъæрин фыд! Дæууарзгæйæ æмæ дæу мысгæйæ чи фæцард цæрæнбонты, дæ уыцы чызг Зоя-Дауырæ О, хæдæгай! Ныр та дын «Дауырæ» куыд сдæн, уый радзурон. 1957 азы, сæрды, уыдис Дауыраты Харитонимæ нæ чындзæхсæв Хъобаны. Мæскуымæ Щукины номыл театралон институтмæ 5-æм курсы ахуыр кæ- нынмæ куы ацыдыстæм, уæд Харитон ныллæууыдис, нæ къайад ам, Мæскуыйы сфидар кæнæм, зæгъгæ, ууыл. Уæд æмдзæрæны/ Трифоновская уынджы цардыстæм. Хæстæгдæр ЗАГС (№19) уыдис Вторая Мещанская уынджы. Бацыдыстæм уырдæм. Нысан- гонд бон та ногæй куы бацыдыстæм, уæд мæ ус бафарста: - Дæхи мыггаг уадзыс, æви дæ къайы мыггаг исыс? 161
^^®,, Дауырæ - Мæ фыды кадæн мæхи мыггаг уадзын! Харитон фæгæпп кодта æмæ тыргъмæ ахызтис. Ус йæ фæдыл ахъæр кодта: - Вернитесь! Вы не хотите с ней расписываться? - Уый та куыд? Æз ын йæ мыггаг дæр æмæ йæ ном дæр ивгæ кæнын! Уыдзæнис Дауыраты Дауырæ! - фидарæй загъта Харитон. Аивадон уацмыстæ фыссын куы райдыдтон, уæд мыл Харитон цы ног ном сæвæрдта - Дауырæ - уый фæсномыгæн райстон. 162
Мæ зынаргъ фыд! Ныр та дын дæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн, кæй зыдтай, уыдоны сурæттæ, базонгæ дæ кæндзынæн, кæй нæ зыдтай, нæ уыцы бинонтимæ æмæ хиуæттимæ. Амондзынæн дын сæ, дæумæ æмæ мæнмæ цы бар дарынц, уый фысгæйæ.
Уды рыст ^^1 Дæ фыдыфыд - зындгонд кадæггæнæг Сланты Гаха. 165
^®§1 Дауырæ Дæ фыд Гиго, дæ мад Уæликæ, де ’фсымæр Георгий (галиуырдыгæй) æмæ ды (1915 азы Гуры аргъуаны). 166
Уды рыст .&с 167
^^®,, Дауырæ Ацы къам, дæ хорзы кой кæм кодтой, ахæмзæронд газетæй систон. 168
Уды рыст ■Э* Сланты Георгий Гигойы фырт, мæ уарзон фыды ’фсымæр. 169
*а~ Дауырæ > оз о ъ оз оз I °- 5 оз ^ ° о о 03 8 3 з ;>< « я 2 в й ь §§ 05 )^ --§ ^! О со о. « о « о. 170
Уды рыст 6 Нана: «Хæст куы фæцис, уæд, цымæ, кæм ыстут?!» Ацы хуызист фенын дын уæлдай æхсызгон уыдзæн: дæ хо Маруся æмæ дæ цардæмбал Надя. 1938 аз. 171
ч^Ф Дауырæ Дæ хорз æрдхæрдтæ Тедтойты Дзамболат (бады дæ фарсмæ) æмæ Коцты Димитъыр. Иннæйы нæ зонын. Мæ мæгуыр мад Надя (Торчынон). 1958 аз. 172
Уды рыст (5 Разæй, рахизырдыгæй - ды, Джызæлдоны районы разамонджытимæ. 1940 аз. Ногæй та нæ сыгъзæрин Нана. 173
^^Э^ Дауырæ Ацы къам, дам, дæхæдæг систай. Уæд мæныл цыдис афæдз æмæ æрдæг. Нæ бинонтæ: Езæ, Нана, Мисурæт, Марат, Зоя (Мисурæты чызг) æмæ Оля (Зояйы чызг) (æвæццæгæн, 1980 аз). 174
Уды рыст ^кь Дæхо Мисурæт. Сыхæгтæ, хиуæттæ мæ чындзæхсæвы: Алыккаты Сидо, Хæдзарæгаты Сæли, Томайты Мæдинæт, Къомайты Дукка, Хъаныхъуаты Клавдя (Гуыбиаты Исламы хо), Гуыбиаты Маруся æмæХъодзаты-Торчынты Лизæ (мæ мадыхо). Къам систа ме ’мкурсонХæбæлатыОлег. 1957аз, 11 август. 175
^Э„ Дауырæ Михаил Калинин Ирыстоны хуыздæртæн хæрзиуджытæ дæтгæйæ (1939 аз). Ды - раззаг рæнхъы кæройнаг (рахизырдыгæй). Сланты Никъала (бады рахизырдыгæй) Ирыстоны хуыздæр ахуыргæнджытимæ. 1939 аз. 176
Уды рыст 6\#^ Ныджджихта и Нана, сымах мысгæйæ! Нæ мад - Торчынон - рынчындоны. 1959 аз. 177
Л&. Дауырæ Æз ме ’мкъласонтимæ Карцайы скъолайы (3-æм кълас): Кокуаты Замирæт æмæ Еленæ, Есиаты Фатимæ. 1945 аз. Мæ 70-ай азы бон. 178
Уды рыст 6У^ Езæ æмæ Марат. Дæ чызг Езæ, дæ сиахс Харитон æмæ дæ хæрæфырт Калоты-Бæгъиаты Эммæ (Марусяйы чызг). 179
л&. Дауырæ Æз æмæ Езæ. Езæ æмæ Эллæ. 180
Уды рыст ^^1 Эллæ æмæ Марат. Мæгæмæт æмæ нæ хъæуккæгтæ Татраты Алихан, Плиты Муссæ, Гæбæраты Илуш, Челæхсаты Гаврилимæ. 181
Л&- Дауырæ къола о ккаг > 8 о 03 X ъоба X æдæн! ■е- о 03 з 0) 03 со ю -æз). 1 йнаг о о. ^ >з; « 1_ -0 о. _а || рахиз хъь X я о. 1_ 03 I X _а О) \0 182
Уды рыст *2^1 Езæ, Марат æмæ æз. Грозна, 1987 аз. 183
^... Дауырæ Марат 4-аздзыдæй, Анапæйы. «Матæрсут! Уе ’ппæты дæр баныгæндзынæн !» - загьта Марат, куы сфæлмæцыдис нæ ныстуантæй, уæд. 184
Уды рыст &с Марат - ногдзау. Маратæфсады. 1987аз. 185
Дауырæ Дæ хорз фæдон Марат (æмбырды дзургæйæ). Эллæ йæ чызг Эльмирæимæ. 186
Уды рыст ^ке Езæ нын кусын дæр зоны æмæ йæ фæллад уадзын дæр. Эльмирæ - Эллæйы чызг. 187
^^>|§ Дауырæ Эльмирæ йæ фыд Исмаилов Сабиримæ. Езæ, Марат, Дауыраты Алан æмæ Татраты Гермæн Анапæйы. 1973 аз. 188
Уды рыст ^^1 Дæ хо Марусяйы чызджытæ Бæгъиаты Эммæ æмæ Земфирæ. Мæхъиты Давиды чызг Женя, Мæгæмæт æмæ æз. 1953 аз. 189
*»а~ Дауырæ Мæ75азы бон. Ирон æвзаг бæстон чи зоны, уыцы итайлаг лæппу - Витторио æмæ æз. 2010 аз. 190
рЬ1СТ аа*2ке» /Ез æмæ Алешæ сидзæрты хæдзар «Виктория»-йы бæрæгбоны. Эллæ. Ды, мæ зынаргь, æртæмæйдзыдæй авдæны кæй ныууагътай, уымæй диссаджы хорз чызг рауадис - ахуыр дæр скодта, фæдонтæ дæр нын ныййардта, зарджытæ æмæ æмдзæвгæтæ дæр фыссы. 191
*&.- Дауырæ Æрæмбырд та стæм иуахæмы Нанамæ. Астæуæй Азæ (Мæгæмæты бинойнаг), хæцы Зифæ æмæ Эммæйыл (Марусяйы чызджытыл), фæстейы лæууы Татраты Мая (Газаччы чызг). Æз æмæ Коцойты Азæ - педтехникумы студенттæ. 1954 аз. 192
Уды рыст Лвь Эллæ æмæ йæ чызг Эльмирæ. 1986 аз. 193
^..., Дауырæ Марат, Ней Ян (Харитоны славакаг æрдхорд) æмæ æз Мæскуыйы. 1981 аз. 194
Уды рыст ■Зкъ Харитон æмæ æз нæ чындзæхсæвы фæстæ. 195
^®,„ Дауырæ ДауыратыХаритон, йе ’фсымæр Анатолий æмæ æз Мæскуыйы. 1958 аз, уалдзæг. Æз ме ’мкурсонтæ: Дауыраты Харитон, Лохаты Хаджи æмæ Торчынты Эммæимæ. 1955 аз. 196
Уды рыст .&с Ме ’мкурсонтимæ спектакль «Бэллæ»-йы: Томайты Къоста, Дауыраты Харитон, Торчынты Эммæ, Тыбылаты Чермен, æз æмæ Мæхъиты Ирæ. 1958 аз. Мæ уарзон æмкусджытæ. Цæгат Ирыстоны телеуынынады. 197
^^^,, Дауырае Ирон театры труппæ. 1952 аз. (Харитон раззаг рæнхъы бады галиуырдыгæй дыккаг). Харитон йæ хорз æрдхорд Борис Муравьевимæ. 1958 аз. 198
Уды рыст ?^1 Гадзыгыз æмæ Хъалмыхъ - Икъаты Серафин æмæ Дауыраты Харитон. «Дыууæ чынзæхсæвы». 1959 аз. 199
л&- Харитон Советон Цæдисы хуыздæр диктортимæ Мæскуыйы (лæууы галиуырдыгæй). Ирон театрмæ ирон студийы фыццаг бакъахдзæф: Хуыгаты Верæ, Икъаты Серафин, Тæбæхсæуты Бало, Дауыраты Харитон, Тæбæхсæуты Зая æмæ æз. 1958 аз, сентябрь. 200
Уды рыст ^^1 Татраты Гермæн - Мисурæты кæстæр фырт. Алешæ - дæ хорз фæдонтæй иу. 201
ч^)„ Дауырæ Дæ уарзон æфсымæр Сланты Георгий. Сланты-Плиты Секуыгъа (Плион) - Плиты Плиткайы хорз чызджытæй иу, Георгийы бинойнаг. 202
Уды рыст Э*. Сланты Георгийы фырт Мæгæмæт (Гæмæт), йæ бинойнаг Азæ æмæ йæ фырт Алик. 1979 аз. Георгийы чындз æмæ чызг Азæ æмæ Риммæ. 203
а&- Дауырæ Нæ уæздан, нæ сыгъзæрин чындзХъуыппеты Уырысбийы чызг Азæ - Мæгæмæты бинойнаг. 204
Уды рыст -■$* Секугъа æмæ Алик. Мæгæмæты фырт Алан, йæ бинойнаг Маринæ æмæ сæ чызг Элинæ. 1987 аз. 205
^ч^Э^ Дауырæ Сланты Мæгæмæты фыртЭлисбар (Элик). Нæ ныфсы мæсыг. Нæ лæггадгæнаг, нæ сæрæн чындз Куындыхаты Валодяйы чызг Светæ (Эликкы бинойнаг). 206
Уды рыст Элик йæ фыдыфыды кадæн йæ фыртыл «Георгий» ном сæвæрдта. Артур - Эликкы фырт. 207
*&.. Дауырæ Эликкы кæстæр фырт Олег. 5 азы йыл цæуы ныр! Нæ уарзон чындз - Аликкы бинойнаг Сланты-Бæтæгаты Фатимæ Эликкы фырт Артуримæ. 208
Уды рыст ...^ Сланты Элинæ - хистæр Аланы чызг. Сланты Алан - Аликкы фырт. (Алик йæ фыртыл йæ зынгхуыст æфсымæры ном сæвæрдта). 209
^^),, Дауырæ Сланты Алинæ - Аланы бинойнаг. Сланты Алик (Алан йæ фыртыл йæ уарзон фыды ном сæвæрдта). 210
Уды рыст пёк* Мæ мадымад Торчынты-Дзуццаты Борæндæх (Дзыцца). Мæ мады ’фсымæр Торчынты Вася. 211
*!&.. Дауырæ Нæ арфæйаг мады ’фсымæр Торчынты Мсо йæ бинонтимæ: Фатимæ, Алик, Заур æмæ Даухан (Фатимæйы хо). Торчынты Мсохæсты. 1944аз. 212
Уды рыст &с Торчынты Алик, Фатимæ æмæ Цæлыккаты Заур (Мсойы бинонтæ) Урс хæдоны - Мсо. 1949 аз. 213
;^Э|( Дауырæ Æз, ме ’мхæрæфыртХъодзаты Зарæ æмæ мæ мады ’фсымæры чызгТорчынты Эммæ. 1950 аз. Мæ мады хистæр хо Гуыбиаты Тамарæ, йæ чызджытæ Риммæ æмæ Тамæт. Гуыбиатæн, мæ зынаргъ фыд, уæлдай арфæйаг стæм: нæ мады дæр нын уыдон баныгæдтой... 214
Уды рыст ^А* Ме ’мхæрæфырт Датиты-Гуыбиаты Зоя Исламы чызг. Йæ хъæбысы Гуыбиаты Мурат (Мишæйы фырт). Ме ’мхæрæфырт Гуыбиаты Исламы чызг Эльмæимæ чындзæхсæвы. 2013 аз. 215
,4^,, Дауырæ Ме ’мхæрæфырттæХъодзаты Казбек, Митя æмæ Зарæимæ. Митя æфсадæй куы сыздæхт, уыцы бон. Æз галиуырдыгæй. 1953 аз. Уæлдай арфæйагдæр кæмæн стæм, нæ уыцы æмхæрæфырт Гуыбиаты Ленæ Исламы чызг. 216
Уаы рыст ^^1 Æз, Цæруаты Цæрайы чызг Райкæ (бады) æмæ РаисæХасанова. 1951 аз. Ирыстоны фысджытæ. 2010 аз. Æз дæр, мæ зынаргъ фыд, семæ! 217
^^Э,, Дауырæ Æдзухдæр нын æххуыс чи кодта, нæ уыцы ’рвадæлтæ Сланты Къоста æмæ Кочысаты Зоя. Сланты Къоста Мысосты ролы, спектакль «Пæсæйы фæндон». 218
Уды рыст ^^1 Æз Матильдæйы ролы «Ныфсы мæлæт»-ы (дипломон спектакль). 1958 аз. Мæ хъæбысы Гаджиты Виктор æмæ Нинæйы 15-æм сывæллон Фатимæ (1979 азы Кировыхъæуæй телеравдыст цæттæ кæнгæйæ). 219
чь(с> Дауырæ Фысджыты æмбырды Брытъиаты Аслæнбег загъта: «Дауырæ, цæй, æмæ мах дæр нæ хуыз сисæм!» Туркаг ирон фыссæгХоситы Бурханимæ. 220
Уды рыст —Зкь Хорздзинад нæ рох кæны! Мæскуыйы ахуыр кæнгæйæ кæмæ цардыстæм, уыцы фæрныг бинонтæ: Февронья Матвеевнæ Завьялова, йæ фырт Геннадий, йæ чындз Катеринæ, сæ чызг Наташæ æмæ Катеринæйы мад. Мæ хорз æрдхæрдтæ, ирон фысджытæ: Джыгкайты Шамил, Цгьойты Хазби æмæ Дзасохты Музафер. 221
Л&. Дауырæ «Нарты кадожытæ» æмбырдгæнджытæ Сланты Гаха, Томайты Хъылци (бадынц), Дзагуырты Губади, Гуыриаты Гагуыдз æмæ Гахайы фырт Сланты Гиго. 1922 аз. Индийы туристон балцы. Æз кæронæй урс дарæсы. 1988 аз. 222
Уды рыст ...^ Ней Ян, йæ чызджы фырт Æз фондзаздзыдæй. Карол Вехтер æмæ æз Кисловодскы. 1983аз. Ней Яны хотæ: Маргитæ, Мария æмæ Аннæ. Æз - фæсте. Братислава, 1984 аз. 223
Литературно-художественное издание Даура БОЛЬ ДУШИ Редактор З.У. Дзуцева Технический редактор Е.Н Маслов Дизайн обложки Е.Н. Макарова Компьютерная верстка С.А. Булацева Подписано в печать 24.06.15. Гарнитура шрифта "Мупаё ". Усл.п.л. 13,0. Печать цифровая. Формат 60x84 71б. Тираж 200 экз. Заказ №51. Отпечатано ИП Цопановой А.Ю. 362000, г. Владикавказ, пер. Павловский, 3.